Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





20 СÆР. ÆЦÆГДЗИНАД РАБÆРÆГ



Хыцаубоны-иу Поллианнæ райсомæ й ацыд аргъуанмæ æ мæ дины скъоламæ, сихоры фæ стæ та Ненсиимæ тезгъо кодтой. Мистер Пенделтонмæ уазæ гуаты куы уыди, уый фæ стæ дæ р хуыцаубоны хъавыди атезгъо кæ нынмæ. Фæ лæ дины скъолайæ хæ дзармæ куы фæ цæ йцыд, уæ д æ й фæ ндагыл йæ дыдзæ лхыгыл æ рбаййæ фта мистер Чилтон æ мæ бæ хы баурæ дта.

— Хæ дзармæ дæ баласон? Ахæ м бар мын дæ ттыс, Поллианнæ? — бафарста дохтыр. — Ныхасаг мын ис демæ. Ныр дæ р дæ умæ фæ цæ йцыдтæ н, аныхас кæ нынмæ, — загъта дохтыр Чилтон, Поллианнæ йæ цурмæ куы сцæ йхызти, уæ д. — Мистер Пенделтон лæ гъстæ кæ ны, цæ мæ й йæ м абон уазæ гуаты ’рбацæ уай. Куыд зæ гъы, афтæ мæ й уый тынг ахсджиаг у.

Поллианнæ хъæ лдзæ гæ й йæ сæ р батылдта.

— О, зонын æ й, æ рбацæ удзынæ н.

Дохтыр æ м дисхуызæ й бакаст.

— Фæ лæ мæ сразы хъæ уы, ууыл фидарæ й не ’ууæ ндын, — загъта дохтыр Чилтон æ мæ йæ цæ стытæ хинæ йдзаг æ рттывд фæ кодтой. — Знон, мæ зынаргъ, мæ нмæ гæ сгæ, рынчыны фылдæ р тыхсын скодтай, сабыр нæ, фæ лæ.

Поллианнæ ныххудти:

— Уый мæ н тыххæ й нæ уыд, æ цæ гæ й... ома мæ н тыххæ й уыйбæ рц нæ уыди, фылдæ р — мæ мадыхо Поллийы.

Дохтыр фестъæ лфыд æ мæ чызгмæ разылдис.

— Мадыхо... Полли! — ныхъхъæ р кодта лæ г.

Поллианнæ фырцинæ й йæ бандоныл хæ рдмæ фæ хауди.

— О, уый ахæ м æ хсызгон, ахæ м диссаг у, раст чиныджы куыд вæ ййы афтæ, æ мбарыс? Æ з дын æ й радзурдзынæ н! — срæ цыгъта чызг, æ виппайды фæ ныфсджындæ р ис. — Мистер Пенделтон мын лæ гъстæ кодта, цæ мæ й йæ макæ мæ н зæ гъон, фæ лæ йæ ды кæ й базондзынæ, уый ныхмæ, æ нæ мæ нг, ницы зæ гъдзæ н. Уый афтæ зæ гъынмæ хъавыд, цæ мæ й йæ уымæ н ма зæ гъон.

— Уымæ н?

— О, мæ мадыхо Поллийæ н. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый фæ нды, цæ мæ й йын æ й йæ хæ дæ г зæ гъа, æ з нæ, фæ лæ. Уарзæ ттæ сты, æ мæ уæ дæ куыд!

— Уарзæ ттæ! — Дохтыр уыцы дзырд куы сдзырдта, уæ д бæ х агъуыдау йæ хи размæ фехста, цыма йын йæ рохтæ цæ хгæ р раивæ зтой, уый хуызæ н.

— О, — цингæ нгæ йæ сæ р батылдта Поллианнæ. — Хъуыддаг уый мидæ г ис, æ мбарыс? Цалынмæ мын æ й Ненси нæ загъта, уæ дмæ йæ нæ зыдтон. Уый афтæ зæ гъы, бирæ азты размæ мæ мадыхо Поллийæ н уыди уарзон, фæ лæ фæ хыл сты, зæ гъгæ. Райдианы, чи уыди, уый нæ зыдта. Фæ лæ йæ ныр мах сбæ рæ г кодтам. Уый у мистер Пенделтон!

Дохтырыл бæ рæ г уыд, йе уæ нгтæ кæ й æ рлæ мæ гъ сты, уый. Рохтыл цы къухæ й хæ цыд, уый æ нæ бары йæ уæ рджытыл æ рхауди.

— О! Æ з... уый нæ зыдтон, — загъта сабырæ й.

Поллианнæ йæ ныхасыл фæ тагъд кодта, уымæ н æ мæ Харрингтонты хæ дзармæ ’рбахæ стæ г сты.

— Æ з ахæ м цин кæ нын! Алцыдæ р тынг хорз у! Мистер Пенделтон мæ м хатыди, цæ мæ й йæ хæ дзары цæ рыныл сразы уон, фæ лæ æ з мæ мадыхо Поллийы нæ ныууагътаин... уый мемæ тынг хæ ларзæ рдæ уыди. Уый фæ стæ мын сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ йы кой ракодта, æ мæ æ з базыдтон, ныр дæ р ма уыдонмæ кæ й бæ ллы, уый. Æ мæ æ з ахæ м цин ныккодтон! Уымæ н æ мæ йæ кæ д йемæ бафидауын фæ нды, уæ д алцыдæ р хорз уыдзæ н, æ мæ йæ м æ з æ мæ мæ мадыхо Полли иумæ ацæ удзыстæ м цæ рынмæ... науæ д та нæ м уый æ рбацæ удзæ н. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ мадыхо Полли нырма ницы зоны, стæ й нын нырма алцæ уыл баныхас кæ нын нæ ма бантыст, æ мæ йæ, æ вæ ццæ гæ н, уымæ н фæ нды абон мæ н фенын.

Дохтыр æ васт йæ мидбылты бахудти.

— Мистер Пенделтоны æ нæ мæ нг дæ у фенын цæ мæ н фæ нды, уый æ з тынг хорз æ мбарын, — загъта лæ г æ мæ бацæ уæ ны раз бæ хы баурæ дта.

— Уæ ртæ мæ мадыхо рудзынджы раз лæ ууы! — хъæ рæ й загъта Поллианнæ, фæ лæ уайтагъд йæ ныхасмæ бафтыдта. — Нæ, æ вæ ццæ гæ н, мæ м афтæ фæ каст. Кæ й йæ уынын, ууыл гуырысхо нæ кодтон.

— Нæ, нал ис уым... ныр, — загъта дохтыр. Мидбылхудт æ виппайды фæ цыдæ р ис йæ цæ сгомæ й.

Уыцы бон Поллианнæ мистер Пенделтоны баййæ фта тынг тыхстхуызæ й.

— Поллианнæ, — уайтагъд райдыдта лæ г. — Æ нæ хъæ н æ хсæ в, знон мын цы загътай, ууыл хъуыды кодтон... бирæ азты дæ мадыхо Поллийы къух æ мæ зæ рдæ райсынмæ кæ й бæ ллыдтæ н... Цы зæ гъынмæ хъавыдтæ уымæ й?

— Кæ ддæ р кæ рæ дзийы нæ уарзтат? Æ з тынг цин кодтон, дæ раздæ ры æ нкъарæ нтæ кæ й бахъахъхъæ дтай, ууыл.

— Уарзтам? Дæ мадыхо Полли æ мæ æ з?

Нæ лгоймаджы хъæ лæ сы æ ргом дис фехъусгæ йæ, Поллианнæ йæ цæ стытæ ныдздзагъыр кодта:

— Мистер Пенделтон, уый мын Ненси загъта!

Нæ лгоймаг ныххудти:

— Уый дын гъе! Тæ рсын, Ненси... фæ рæ дыдис!

— Уæ дæ сымах... кæ рæ дзийы нæ уарзтат? — зæ рдæ састæ й бафарста Поллианнæ.

— Никуы!

— Æ мæ хъуыддаг æ ппындæ р, чиныджы куыд вæ ййы, афтæ нæ у?

Нæ лгоймаг ныхъхъус, хъуыдытæ гæ нгæ рудзынгмæ касти.

— Афтæ мæ й алцыдæ р ахæ м хорз уыди, — кæ уын хъæ лæ сæ й загъта Поллианнæ. — Мæ н афтæ тынг фæ ндыд, цæ мæ й ардæ м цæ рынмæ ’рбацæ уон... мæ мадыхо Поллиимæ.

— Æ мæ дæ иунæ гæ й æ рбацæ уын нæ фæ нды? — бафарста нæ лгоймаг, йæ сæ р æ м нæ разылдта, афтæ мæ й.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ фæ нды. Æ з мæ мадыхойы дæ н.

Нæ лгоймаг æ м тызмæ гхуызæ й разылд:

— Цалынмæ дæ мадыхойы нæ уыдтæ, уæ дмæ та дæ мады уыдтæ. Æ мæ æ з дæ мады уарзтон бирæ азты размæ.

— Мæ мады?

— О, демæ уый тыххæ й ныхасгæ нинаг нæ уыдтæ н, фæ лæ, чи зоны, куы йæ зонай, уæ д хуыздæ р... — Джон Пенделтонæ н йæ цæ сгом ныффæ лурс, зынæ й кæ й дзуры, уый йыл бæ рæ г уыд. Поллианнæ йæ м хæ лиудзыхæ й каст. — Æ з уарзтон дæ мады, фæ лæ уый... мæ н нæ уарзта. Цасдæ р рæ стæ джы фæ стæ ацыд... дæ фыдимæ. Æ мæ ’рмæ ст уæ д бамбæ рстон, куыд тынг æ й уарзтон, уый. Афтæ мæ м фæ каст, цыма æ гас дуне дæ р фесæ фти мæ нæ н... фæ лæ уый ахсджиаг нæ у... Бирæ азты дæ ргъы æ з уыдтæ н мæ стыгæ р, мæ стыгæ наг, уарзын чи нæ зыдта æ мæ кæ й ничи уарзта, ахæ м зæ ронд лæ г — кæ д мыл нырма æ хсай азы дæ р нæ цæ уы, уæ ддæ р, Поллианнæ. Фæ лæ иуахæ мы ды æ рбабырстай мæ цардмæ, афтæ бирæ кæ й уарзыс, уыцы дзæ нхъа дурты хуызæ н. Мæ зæ ронд æ мæ хъуынтъыз дунейы мын дæ райдзаст цины сæ нт сырх, сырх-сырхид æ мæ сызгъæ рин тæ ппытæ ныппырх кодтай. Иуцасдæ р рæ стæ джы фæ стæ, чи дæ, уый базыдтон, æ мæ... уæ д ахъуыды кодтон, дæ фендмæ никуыуал бабæ лдзынæ н, зæ гъгæ. Мæ н нæ фæ ндыд, цæ мæ й мын исты мысын кæ на... дæ мады. Фæ лæ... дæ хæ дæ г æ й зоныс, цы дзы рауад, уый. Хъуамæ дæ м фæ дзырдтаин. Ныр мæ хъæ уыс кæ ддæ риддæ р. Поллианнæ, æ рбацæ удзынæ мæ м цæ рынмæ... ныр?

— Мистер Пенделтон, æ з... — Поллианнæ йы цæ стытæ доны разылдысты. — Æ мæ мæ мадыхо Полли та!

Нæ лгоймаг йæ къух ауыгъта:

— Æ мæ æ з та цы фæ уыдзынæ н? Куыд дæ м кæ сы, æ нæ дæ у мæ бон истæ уыл «цин кæ нын» суыдзæ н? Мæ царды ды куы фæ зындтæ, æ рмæ ст уæ д райдыдтон цин кæ нын! Фæ лæ кæ д мæ хи гыццыл чызг суыдзынæ, уæ д æ з цин кæ ндзынæ н... алцæ уыл дæ р. Æ мæ дæ у дæ р амондджын скæ ныныл бацархайдзынæ н, мæ зынаргъ! Дæ уæ н æ нæ ххæ ст бæ ллицтæ нæ уыдзæ н. Ме ’хца иууылдæ р фæ стаг центы онг ацæ удзысты ууыл, цæ мæ й дæ у амондджын скæ ной.

Поллианнæ йæ н уыди мæ сты хуыз.

— Мистер Пенделтон, æ мæ, ау, æ з ууыл сразы уыдаин, цæ мæ й... мæ гуыртæ н кæ й фембырд кодтай, уыцы ’хцатæ иууылдæ р мæ ныл бахардз кæ най!

Нæ лгоймаджы цæ сгом фæ сырх. Цыдæ р зæ гъынмæ хъавыд, фæ лæ Поллианнæ дарддæ р дзырдта:

— Стæ й, дæ умæ цас æ хца ис, уыйбæ рц кæ мæ ис, уый æ з нæ хъæ уын, цæ мæ й цин кæ на æ мæ амондджын уа, уымæ н. Ды иннæ ты дæ лæ вæ рттæ й ахæ м амондджын скæ ныс! Æ мæ æ рмæ ст уый тыххæ й дæ р дæ бон цин кæ нын у! Æ рмæ ст уыцы дзæ нхъа дуртыл куы ахъуыды кæ най, мæ нæ н æ мæ миссис Сноуæ н кæ й балæ вар кодтай... Стæ й Ненсийæ н йæ гуырæ нбонмæ цы сызгъæ рин æ хца...

— О, о... уыдæ ттæ ницы сты, — йæ ныхас ын аскъуыдта мистер Пенделтон. Уыцы рæ стæ г йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт, æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, уый диссаг нæ уыд, уымæ н æ мæ раздæ р Джон Пенделтон рæ дау лæ вæ рттæ й зындгонд нæ уыди горæ ты. — Уыдон æ дылы ныхæ стæ сты. Уый стæ м хатт уыди... цы уыдис, уый та — иууылдæ р дæ фæ рцы! Уыдæ ттæ ды лæ вар кодтай, æ з нæ, фæ лæ! О, ды, — загъта та нæ лгоймаг, чызджы мæ сты æ нгасæ н дзуапп ратгæ йæ. — Æ мæ уымæ й ноджы хуыздæ р зыны, куыд тынг мæ хъæ уыс, уый, мæ чызг, — бафтыдта лæ г узæ лгæ хъæ лæ сæ й: — Кæ д искуы... кæ д мæ искуы дæ «хъæ лдзæ г» хъазтæ й хъазын бахъæ уа, Поллианнæ, уæ д дæ у бахъæ удзæ нис ам цæ рын æ мæ мемæ хъазын.

Поллианнæ йы ныхыл æ нкъард æ нцъылдтæ фæ зынд.

— Мæ мадыхо Полли тынг хæ ларзæ рдæ уыд мемæ, — райдыдта чызг, фæ лæ йæ нæ лгоймаг цæ хгæ р фæ урæ дта.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый демæ хæ ларзæ рдæ уыди! Фæ лæ мæ сæ р лыгмæ дæ ттын, цæ мæ й ды мæ хæ дзары уай, уый мæ н куыд фæ нды, афтæ уымæ мисс Полли æ мбисы бæ рц дæ р нæ бæ ллы.

— Мистер Пенделтон, уый цин кæ ны, æ з æ й зонын...

— Цин кæ ны?! — аскъуыдта йын йæ ныхас лæ г. — Ард хæ рын, мисс Полли, цин кæ нын цы у, уый зонгæ дæ р нæ кæ ны! Уый æ рмæ ст йæ хæ с æ ххæ ст кæ ны. Æ з æ й зонын. Уый у хæ сы сылгоймаг. Æ мæ йæ хæ с цы нысан кæ ны, уый мæ хиуыл дæ р бавзæ рстон. Æ з сæ ттын, ацы фæ стаг фынддæ с æ ви ссæ дз азы нæ ахастытæ хорз нæ уыдысты. Фæ лæ йæ æ з зонын. Алчидæ р æ й зоны... Æ мæ «цин» чи кæ на, ахæ м сылгоймаг нæ у. Цин кæ нын цы у, уый зонгæ дæ р нæ кæ ны. Цæ мæ й мæ хæ дзары ’рцæ рай, уый кой куы кæ нæ м, уæ д та... æ рмæ ст ма йæ фæ рсгæ бакæ н, æ мæ фендзынæ, кæ дæ ра не сразы уаид!.. Ехх, мæ чызг, куыд æ хсызгон мæ хъæ уыс! — хъыгзæ рдæ йæ фæ ци йæ ныхас.

Поллианнæ йæ бынатæ й сыстад, арф ныуулæ фыди.

— Хорз, æ з æ й бафæ рсдзынæ н, — загъта æ нкъардæ й. — Афтæ зæ гъынмæ нæ хъавын, æ мæ мæ демæ цæ рын нæ фæ нды, мистер Пенделтон, фæ лæ... — йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ ци, ныхъхъус ис, стæ й бафтыдта: — Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р æ з цин кæ нын, знон ын кæ й ницы загътон, ууыл... уымæ н æ мæ уæ д уый дæ р бафæ ндыдаид.

Джон Пенделтон тарæ рфыгæ й бахудти:

— О, Поллианнæ, æ з дæ р афтæ хъуыды кæ нын. Тынг хорз у, знон ын кæ й ницы загътай, уый.

— Æ з æ й никæ мæ н загътон... æ рмæ стдæ р дохтырæ н; фæ лæ уый нымады нæ цæ уы.

— Дохтырæ н! — ныхъхъæ р кодта мистер Пенделтон, цырд фæ зилгæ йæ. — Дохтыр... Чилтонæ н?

— О, уымæ н. Абон мæ м, мæ фенын дæ кæ й фæ нды, уый зæ гъынмæ куы ’рбацыдис, уæ д.

— Кæ йдæ риддæ р... — схъуыр-хъуыр кодта нæ лгоймаг æ мæ къæ лæ тджыны йæ хи аппæ рста. Уый фæ стæ ногæ й раст сбадти æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы цымыдисхуызæ й бафарста. — Æ мæ цы загъта дохтыр Чилтон?

Поллианнæ йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Нæ йæ хъуыды кæ нын. Уадиссагæ й ницы, мæ нмæ гæ сгæ. О, хæ дæ гай, уый загъта, мæ фенын дæ цæ мæ н фæ нды, уый хорз кæ й æ мбары.

— Æ цæ г? — сдзырдта Джон Педелтон. Æ мæ Поллианнæ бадис кодта, уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, ахæ м æ нахуыр худт кæ й ныккодта, ууыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.