Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





10 СÆР. ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ЛÆВАР МИССИС СНОУÆН



Поллианнæ миссис Сноумæ ногæ й бæ рæ ггæ нæ г куы ацыд, уæ д æ й раздæ рау баййæ фта талынг уаты.

— Мамæ, ацы чызджы мисс Полли ’рбарвыста, — фехъусын кодта Милли фæ лладхуызæ й æ мæ ацыди. Поллианнæ йы рынчынимæ хибарæ й ныууагъта.

— Уый ды дæ! — райхъуысти хуыссæ нæ й мæ сты хъæ лæ с. — Хъуыды дæ кæ нын. Мæ нмæ гæ сгæ, дæ у чифæ нды дæ р бахъуыды кæ ндзæ н, иу хатт дæ куы фена, уæ д. Тынг хъыг мын у, знон кæ й не ’рбацыдтæ, уый. Знон куы ’рбацыдаис, уый мæ ахæ м тынг фæ ндыд.

— Æ цæ г? Уæ дæ мын æ хсызгон у, знон абонæ й тынг дард кæ й нæ у, уый, — ныххудти Поллианнæ. Хуыссæ ны размæ цæ рдæ г бауад æ мæ чыргъæ д арæ хстгай бандоныл æ рæ вæ рдта. — Ногæ й та дæ м талынг куы у! Æ ппындæ р дæ нæ уынын! — фæ хъæ р ласта чызг. Рудзынджы размæ бацыд æ мæ æ мбæ рзæ нтæ аиуварс кодта. — Мæ н фæ нды фенын, амæ й размæ дын дæ сæ р куыд ныффастон, афтæ фаст у æ ви нæ... Охх, афтæ фаст нæ у! Цæ й, ницы кæ ны, уый ма мын æ хсызгон дæ р у, уымæ н æ мæ мын, чи зоны, бар раттай... чысыл фæ стæ дæ р. Ныр та мæ фæ нды, цæ мæ й дын цы ’рбахастон, уый фенай.

Сылгоймаг тыхстызмæ лд бакодта.

— Цыма æ ддаг бакастæ й хæ ринаджы ад хуыздæ р свæ ййы, — фелхыскъ æ й кодта рынчын, фæ лæ уæ ддæ р йæ цæ стытæ чыргъæ ды ’рдæ м сарæ зта.

— Цæ й, цы дзы ис?

— Базон æ й! Цы дæ хъæ уид? — Поллианнæ цингæ нгæ чыргъæ ды размæ багæ пп ласта.

Рынчын йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Æ ппындæ р мæ зæ рдæ ницы зæ гъы, — ныуулæ фыд миссис Сноу. — Хæ ринæ гтæ иууылдæ р иу ад кæ нынц.

Поллианнæ ныххудти.

— Нæ, нæ! Базон æ й! Цы бахæ рын дæ фæ ндид?

Миссис Сноу, цы зæ гъа, уый нæ зыдта. Йæ хæ дæ г дæ р æ й нал æ мбæ рста, афтæ мæ й бирæ азты дæ ргъы, цы йын нæ й, уымæ бæ ллын сахуыр ис. Уымæ гæ сгæ йæ м афтæ фæ каст, цыма, цы йæ хъæ уы, уымæ н уайтагъд зæ гъæ н дæ р нæ уыди, цалынмæ, цы йæ м ис, уый базона, уæ дмæ. Фæ лæ исты зæ гъын хъуыдис. Ацы æ нахуыр сывæ ллон æ нхъæ лмæ касти дзуапмæ.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фысы бас...

— Æ з дын æ рбахастон бас! — ныхъхъæ р кодта цингæ нгæ Поллианнæ.

— Фæ лæ мæ цыма уый нæ хъуыдис, — ногæ й ныуулæ фыд рынчын, ныр, цы йæ хъуыдис, уый бæ лвырд зонгæ йæ. — Мæ н хъуыди карчы цъиу.

— Уый дæ р æ рбахастон, — ныххудти Поллианнæ.

Миссис Сноу дисгæ нгæ разылд.

— Дыууæ дæ р? — бафарста уый.

— О, стæ й дын роды къæ хтæ й фых холодец дæ р æ рбахастон, — цин кодта Поллианнæ. — Æ з сфæ нд кодтон: иу хатт хъуамæ, цы дæ хъæ уы, уый райсай. Æ мæ мах Ненсиимæ ууыл бацархайдтам. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, алцæ мæ й дæ р фæ йнæ гыццылы... фæ лæ алцыдæ р ис! Мæ нæ н ахæ м æ хсызгон у, карчы цъиу дæ кæ й æ рхъуыдис, уый, — дзырдта райгондæ й чызг, йæ чыргъæ дæ й æ ртæ гыццыл къусы сисгæ йæ. — Зоныс, æ з фæ ндагыл хъуыды кодта, стуры ахсæ н, хъæ дындз кæ нæ мæ м цы нæ й, ахæ м æ ндæ р исты куы ’рцагурай, уæ д цы уыдзæ нис, ууыл... Уый тынг æ взæ р уыдаид, уымæ н æ мæ æ з ахæ м зæ рдиагæ й архайдтон! — Поллианнæ хъæ лдзæ гæ й ныххудти.

Рынчын хъусæ й лæ ууыд. Афтæ зынди, цыма йæ хинымæ р, цы фесæ фта, ахæ м цыдæ р агуры.

— Мæ нæ! Иууылдæ р дын сæ уадзын, — фехъусын кодта Поллианнæ, йе ’ртæ къусы стъолыл рæ нхъæ й равæ ргæ йæ. Чи зоны, дæ райсом фысы бас æ рхъæ уа. Абон та дæ хи куыд хатыс? — уæ здан фарстæ й фæ ци йæ ныхас.

— Бузныг, тынг æ взæ р, — схъуыр-хъуыр кодта миссис Сноу, æ мæ, фылдæ р хатт куыд уыд, афтæ та æ рæ нкъард ис. — Райсомæ й мæ бон фынæ й кæ нын дæ р нæ баци. Мæ сыхаг Нелли Хиггинс музыкæ йы уроктæ исын райдыдта, æ мæ мын йæ гаммæ тæ мæ сæ рызонд фæ цæ йцæ уын кодтой. Æ нæ хъæ н райсом мæ удхарæ й амардта, иу минут дæ р не ’рлæ ууыди! Цы кæ нон, уымæ н ницыуал зонын!

Поллианнæ тæ ригъæ дгæ нгæ йæ сæ р батылдта.

— Æ мбарын дæ, уый тынг зын у! Миссис Уайт дæ р иу хатт ахæ м уавæ ры уыди. Уый сылгоймæ гты хæ рзгæ нæ г комитеты уæ нг у. Уыцы рæ стæ г ноджы стæ гнизæ й хъæ рзыдта, æ мæ йæ бон хуыссæ ны рафт-бафт кæ нын дæ р нæ уыд. Æ мæ дзырдта, зæ гъгæ, разил-базил куы кæ нид, уæ д ын бирæ ’нцондæ р уаид, зæ гъгæ. Дæ уæ н дæ бон у?

— Мæ бон у... цы?

— Рафт-бафт кæ нын, ома змæ лын, цæ мæ й уыцы гаммæ тæ й тынг куы стыхсыс, уæ д дæ буары уавæ р фæ ивай.

Миссис Сноу чызгмæ дисхуызæ й касти.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ бон змæ лын у, куыддæ риддæ р мæ фæ нды, афтæ, фæ лæ сынтæ джы, — дзуапп радта мæ стыгомау.

— Уæ дæ дæ бон ууыл уæ ддæ р у цин кæ нын, нæ? Миссис Уайтæ н та йæ бон нæ уыди. Стæ гнизы рыстæ й рафтбафтгæ нæ н нæ й. Уый фæ стæ мын дзырдта, йæ ходыгъды хъустæ нæ уыдысты, зæ гъгæ, уæ д æ нæ мæ нг сæ рра уыдаид... Уый æ ппындæ р хъусæ й нæ хъусы...

— Ходыгъды хъустæ? Цæ й кой кæ ныс?

Поллианнæ ныххудти.

— О, хæ дæ гай, æ з дын алцы куы нæ ма радзырдтон. Ферох мæ ис, миссис Уайты кæ й нæ зоныс, уый. Хъуыддаг уый мидæ г ис, æ мæ йæ ходыгъд, мисс Уайт, уыди къуырма... бынтон къуырма. Цæ рынмæ та сæ м уымæ н æ рбацыд, цæ мæ й хæ дзары куыстытæ м фæ кæ са æ мæ рынчын миссис Уайтмæ зила. Уый æ вирхъау цыдæ р уыд! Цæ мæ й йын исты бамбарын кæ на, уый тыххæ й-иу æ й ахæ м хъæ р кæ нын бахъуыд! Æ мæ -иу уый фæ стæ уынджы иннæ фарс пианинойыл цæ гъдын куы райдыдтой, уæ д-иу миссис Уайтæ н æ хсызгон уыди, йæ бон музыкæ йы зæ лтæ хъусын кæ й у, уый; æ мæ йын-иу уæ д, кæ й йæ нæ хъусы, уый тыххæ й ахæ м зын нал уыди. Уымæ н æ мæ -иу йæ цæ стытыл ауад, йæ ходыгъды хуызæ н къуырма у, зæ гъгæ, уæ д уый стыр бæ ллæ х уаид. Зоныс, уый дæ р хъазгæ кодта, æ з æ й сахуыр кодтон.

— Хъазгæ?

Поллианнæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта.

— Хæ дæ гай! Бынтондæ р мæ ферох ис, æ з уæ ддæ р æ рхъуыды кодтон, дæ бон цин кæ нын цæ уыл у, уый, миссис Сноу!

— Мæ бон цин кæ нын у? Цы зæ гъынмæ хъавыс уымæ й?

— Æ з дын зæ рдæ куы бавæ рдтон! Ферох дæ ис? Ды мæ куырдтай, цæ мæ й дын зæ гъон, дæ бон цин кæ нын цæ уыл у, уый... ома цин кæ нын, кæ д æ дзух хуыссæ ны хуыссыс, уæ ддæ р.

— А-а, уый! — загъта сылгоймаг. — О, уыди ахæ м ныхас, фæ лæ æ з уый æ нхъæ л нæ уыдтæ н, æ мæ ды ууыл мæ хицæ й фылдæ р фæ хъуыды кæ ндзынæ.

— О, æ з бирæ хъуыды кодтон, — сцин кодта Поллианнæ, — æ мæ ссардтон. Фæ лæ уый æ нцон нæ уыди. Цас зындæ р, уыйас хъæ лдзæ гдæ р. Раст куы зæ гъон, уæ д мæ бон бирæ рæ стæ г æ рхъуыды кæ нын ницы уыд, фæ лæ уæ ддæ р æ рымысыдтæ н!

— Æ цæ г? Уый цы у цымæ?

Поллианнæ арф ныуулæ фыди.

— Æ з хъуыды кодтон... Ды хъуамæ цин кæ най, иннæ адæ м дæ уавæ ры кæ й не сты, ууыл... ома, иууылдæ р рынчын кæ й не сты æ мæ хуыссæ ны кæ й нæ хуыссынц, æ мбарыс? — загъта чызг.

Миссис Сноу æ м мæ стыйæ ныдздзагъыр.

— Æ цæ г? — ныхъхъæ р кодта уый, тынг æ хсызгон чи нæ уыдис, ахæ м хъæ лæ сы уагæ й.

— Ныр та дын хъазты тыххæ й радзурдзынæ н, — ныфсджынæ й загъта Поллианнæ. — Ды дзы æ хсызгонæ й хъаздзынæ, уымæ н æ мæ дын тынг зын уыдзæ н! Цас зындæ р, уыйас хъæ лдзæ гдæ р! Кæ с-ма, хъуыддаг уый мидæ г ис... — Æ мæ райдыдта дзурын æ нцойгæ нæ н лæ дзджыты æ мæ куклайы хабар.

Куыддæ р йæ ныхас фæ ци, афтæ Милли дуары цур февзæ рд.

— Поллианнæ, дæ мадыхо дæ м дзуры, — загъта хъуынтъызæ й æ мæ уазалæ нгасæ й. — Сыхы иннæ фарс Харлоуты хæ дзармæ телефонæ й æ рбадзырдта æ мæ загъта, цæ мæ й фæ рæ вдздæ р кæ най æ мæ, цалынмæ нæ баталынг ис, уæ дмæ гаммæ тæ ацæ гъдай.

Поллианнæ æ вæ ндонæ й сыстад.

— Хорз, — ныуулæ фыд чызг. — Фезгъорын. — Æ нæ нхъæ лæ джы ныххудти: — Æ вæ ццæ гæ н, æ з хъуамæ цин кæ нон, згъорынæ н мын къæ хтæ кæ й ис, ууыл. Афтæ нæ у, миссис Сноу?

Дзуапп нæ райста. Миссис Сноу хуыссыд, йæ цæ стытæ уыдысты æ хгæ д. Милли тынг бадис кодта, уымæ н æ мæ йæ мады хауд рустыл ауыдта цæ ссыгтæ.

— Хæ рзбон, — загъта Поллианнæ, къæ сæ ры цур фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ. — Тынг хъыг мын у, дæ сæ р ныффасын мын кæ й нæ бантыст, уый. Фæ лæ, чи зоны, иннæ хатт...

Июлы бонтæ кæ рæ дзи ивтой æ мæ Поллианнæ йæ н æ цæ г амондджын рауадысты. Йæ мадыхойæ н æ й цингæ нгæ йæ арæ х дзырдта. Фæ лæ йын-иу мисс Полли фæ лладæ й дзуапп радта:

— Тынг хорз, Поллианнæ. Мæ нæ н, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ хсызгон у, дæ бонтæ ахæ м амондджын кæ й сты, уый, фæ лæ мæ зæ рдæ дарын, æ нтыстджын дæ р ма кæ й сты, ууыл. Науæ д уый нысан кæ нид, æ з мæ хæ с кæ й ницæ мæ дарын.

Фылдæ р хатт ын-иу Поллианнæ уый фæ стæ хъæ быстæ æ мæ батæ кæ нын райдыдта, æ мæ та-иу мисс Полли хорзау нал фæ ци. Фæ лæ иу хатт Поллианнæ йæ хъуыды загъта. Уый уыди, уазджыты уаты иумæ куы хуыдтой, уæ д.

— Мæ мадыхо Полли, уæ дæ ды афтæ зæ гъынмæ хъавыс, æ мæ бонтæ амондджын кæ й сты, уый фаг нæ у? — бафарста сагъæ схуызæ й.

— Раст уый зæ гъынмæ хъавын.

— Хъуамæ ма ноджы æ нтыстджын дæ р уой?

— Æ нæ мæ нг.

— Æ нтыстджын та цы нысан кæ ны?

— Уый... æ нæ уи хъуамæ уой æ нтыстджын... Хъуамæ исты пайда хæ ссой, исты фæ стиуæ г сæ разына. Цавæ р æ нахуыр сывæ ллон дæ!

— Уæ дæ æ нæ уи цин кæ нын пайда нæ у? — стыхсти Поллианнæ.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ у.

— Мæ нæ цы ’взæ р у! Уæ дæ дæ уæ н мæ хъазт дæ зæ рдæ мæ нæ фæ цæ удзæ н, æ мæ тæ рсын, кæ й никуы дзы хъаздзынæ, уымæ й.

— Нæ хъаздзынæ н? Цæ мæ й?

— Уыцы хъазтæ й, мæ фыд мæ цæ мæ й... — Поллианнæ йæ былтæ йæ армæ й нытътъæ пп ласта. — Нæ, ницы...

Мисс Полли йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Абон уал фаг у, Поллианнæ, — загъта сылгоймаг, æ мæ хуыйыны урок ууыл ахицæ н ис.

Уыцы бон Поллианнæ, йæ уатæ й асинтыл куы ’рцæ йцыд, уæ д æ рдæ гфæ ндагыл амбæ лди йæ мадыхойыл.

— Мæ мадыхо Полли, мæ нæ цы хорз у! — ныхъхъæ р кодта чызг. — Мæ нмæ цæ уыс! Рацу! Æ з уазджытæ уарзын! — Асинтыл хæ рдмæ ныййарц ис æ мæ йæ уаты дуар уæ рæ х байгом кодта.

Мисс Поллийæ н æ ппындæ р йæ хæ рæ фыртмæ бацæ уын йæ зæ рды нæ уыд. Уый фæ цæ йцыдис цармæ, йæ урс фæ смын кæ лмæ рзæ нмæ, уыдис æ вæ рд рудзынджы раз, нæ зыйæ конд асыччы. Йе стыр дисæ н, нæ зыйæ конд асыччы цур нæ, фæ лæ Поллианнæ йы гыццыл уаты æ мрасткъух дæ рзæ г бандæ ттæ й иуыл февзæ рдис. Поллианнæ куы фæ зынд, уæ дæ й фæ стæ мæ мисс Полли бирæ хæ ттытты бафиппайдта, æ васт, цы кæ нынмæ хъавыд, уый кæ й нал бакæ ны.

— Æ з уарзын уазджытæ, — уаты пæ ррæ стытæ гæ нгæ дзырдта Поллианнæ, цыма паддзахы чызгуазæ джы йæ галуаны суазæ г кодта, уыйау. — Уæ лдайдæ р та мын мæ хи уат куы ис, уæ дæ й фæ стæ мæ, æ гасæ й дæ р мæ н, æ мбарыс? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уат мын алы хатт дæ р уыди, фæ лæ -иу уый æ ххуырст уат уыди. Æ мæ ахæ м уæ ттæ хи уаты хуызæ н адджын не сты, æ цæ г? Ай та мæ хи уат у, æ цæ г?

— О, — загъта мисс Полли, стгæ кæ й не скæ ны æ мæ йæ кæ лмæ рзæ нмæ кæ й нæ цæ уы, ууыл дис кæ нгæ йæ.

— Æ мæ ныр ацы уат бауарзтон, кæ д дзы гауызтæ, æ мбæ рзæ нтæ, нывтæ æ мæ, афтæ тынг цæ мæ бæ ллыдтæ н, уыдон нæ й, уæ ддæ р... — Поллианнæ æ виппайды фæ хъус æ мæ къæ мдзæ стыгæ й асырх. Ныхас иннæ рдæ м аздахыныл бафæ лвæ рдта, фæ лæ йæ мадыхо цæ хгæ р фæ урæ дта.

— Цы загътай, Поллианнæ?

— А-ахæ мæ й ницы... мæ мадыхо Полли, æ цæ гæ й. Афтæ мæ æ нæ уи схауди.

— Чи зоны, — тызмæ гæ й дзуапп радта Мисс Полли, — фæ лæ кæ д райдыдтай, уæ д дын, мæ нмæ гæ сгæ, дæ ныхасы иннæ хай дæ р фехъусдзынæ н.

— Уым уадиссагæ й ницы ис, æ з æ нæ уи афтæ ’нхъæ лдтон, гауызтæ, хызгонд æ мбæ рзæ нтæ æ мæ алы ахæ м цыдæ ртæ мын кæ й уыдзæ н, æ мбарыс... Фæ лæ, æ нæ мæ нг...

— Афтæ ’нхъæ лдтай?! — цæ хгæ р æ й фæ урæ дта мисс Полли. Фырæ фсæ рмæ й Поллианнæ ноджы тынгдæ р ныссырх ис.

— Мæ нæ н, æ нæ мæ нг, афтæ ’нхъæ лын не ’мбæ лд, — рæ стытæ кодта йæ хи. — Фæ лæ уый афтæ ’рмæ ст уымæ н уыди, æ мæ сæ м æ дзухдæ р бæ ллыдтæ н... фæ лæ мын никуы уыдысты. Аргъуанæ н кæ й рауæ лдай кæ нынц, уыдонимæ нæ м, æ цæ г, дыууæ гыццыл гауызы ’рбахауд, фæ лæ уыдон гыццылтæ уыдысты, æ мбарыс, стæ й дзы иуыл милы тæ ппытæ уыди, иннæ та — хуынчъытæ. Нывтæ дæ р нæ м дыууæ уыди æ рмæ стдæ р; иу дзы мæ фыд... ома хорз дзы чи уыди, уый ауæ й кодтам, æ взæ р та алæ бырыд. Афтæ куы нæ уыдаид, уæ д, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фыццаг бон, тыргъы æ мæ асинтыл фæ цæ йцæ угæ йæ, æ з афтæ ’нхъæ л нæ уыдаин, цыма мын ам рæ сугъд уат уыдзæ н... æ мæ... æ мæ... Фæ лæ, æ цæ гæ й, мæ мадыхо Полли, уый иу минутæ й фылдæ р нæ ахаста, чи зоны, цалдæ р минуты, уый фæ стæ та æ з цин кодтон, къамодыл кæ сæ н кæ й нæ й æ мæ мæ дзыгъуыртæ кæ й нæ уындзынæ н, ууыл. Стæ й, мæ рудзынгæ й цы ныв зыны, уымæ й ма рæ сугъддæ р цы ис, æ мæ ды ахæ м зæ рдæ хæ лар уыдтæ, æ мæ...

Мисс Полли æ васт сыстади. Йæ цæ сгом артау сыгъди.

— Æ гъгъæ д у, Поллианнæ, — карзæ й загъта мадыхо, — фаг фæ дзырдтай.

Уый фæ стæ сæ рыстырхуызæ й бынмæ ныццыд æ мæ æ рмæ ст фыццаг уæ ладзыджы æ рлæ ууыд йæ зæ рдыл, цармæ йæ урс фæ смын кæ лмæ рзæ нмæ кæ й фæ цæ йцыди, уый.

Суткæ дæ р нæ ма рацыди, афтæ мисс Полли фидарæ й Ненсийæ н загъта:

— Абон Поллианнæ йы дзаумæ ттæ дæ лæ мæ ’рхæ сдзынæ, кæ м вæ ййы, уый бынмæ цы уат ис, уырдæ м. Æ з ахæ м уынаффæ рахастон: нырæ й фæ стæ мæ мæ хæ рæ фырт уым фынæ й кæ ндзæ н.

— Хорз, æ хсин, — загъта Ненси, йæ хинымæ р та ахъуыды кодта: «Мæ нæ цы хорз у! » Æ мæ минуты фæ стæ цингæ нгæ Поллианнæ мæ хъæ р кодта:

— Поллианнæ, æ хсызгон хабар! Иу уæ ладзыг дæ лдæ р фынæ й кæ ндзынæ, ацы уатæ н йæ бынмæ цы уат ис, уым... о, о!

Поллианнæ йæ н йæ цæ сгомы хуыз фæ лыгъди:

— Ды афтæ зæ гъынмæ хъавыс... Ненси, уымæ н уæ вæ н нæ й... Æ цæ г? Æ цæ гдæ р?

— Фендзынæ йæ, æ цæ г, æ цæ гдæ р афтæ кæ й у, уый, — зæ рдæ бавæ рдта Ненси, скъаппæ й къабатæ исгæ йæ. — Дæ дзаумæ ттæ мын дæ лæ мæ ахæ ссын бафæ дзæ хстой, æ мæ уыцы хъуыддаг мæ зæ рды ис тагъддæ р бакæ нын, цалынмæ йæ фæ нд нæ аивта, уæ дмæ.

Поллианнæ йæ м кæ ронмæ нал байхъуыста. Тæ ссаг уыди, йæ сæ р кæ й ныппырх кæ ндзæ н, уымæ й, уымæ н æ мæ асинтыл дæ лæ мæ ныййарц ис, дыгай къæ пхæ ны сæ рты гæ пп кодта, афтæ мæ й; дыууæ дуары ныггуыпп ласта æ мæ бандон сфæ лдæ хта. Æ ппынфæ стаг бахæ ццæ йæ нысанмæ — йæ мадыхо Поллимæ.

— О, мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли! Уый æ цæ г у? Уыцы уаты алцыдæ р куы ис: гауыз, æ мбæ рзæ нтæ, æ ртæ нывы, æ дде чи ис, уый нæ нымайгæ йæ, уымæ н æ мæ уым дæ р рудзгуытæ уыцырдæ м арæ зт сты! О, мæ мадыхо Полли!

— Тынг хорз, Поллианнæ. Æ хсызгон мын у, уыцы ивддзинадæ й разы кæ й дæ, уый. Фæ лæ кæ д уыцы дзаумæ ттæ дæ зæ рдæ мæ афтæ тынг цæ уынц, уæ д сæ кæ й хъахъхъæ ндзынæ, ууыл мæ зæ рдæ дарын. Æ ндæ р ницы зæ гъын. Поллианнæ, дæ хорзæ хæ й, бандон сис. Стæ й дуар фæ д-фæ дыл дыууæ хатты ныггуыпп ластай. — Мисс Полли ныхас кодта карз хъæ лæ сы уагæ й, фæ лæ цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ цæ стытæ доны разилынмæ кæ й хъавынц, уый æ мбæ рста. Мисс Полли та ахæ м æ нкъарæ нтыл ахуыр нæ уыди.

Поллианнæ бандон систа.

— О, зонын æ й, дуар нытътъæ пп кодтон, уый, — басасти, цингæ нгæ йæ. — Æ мбарыс, уаты тыххæ й нырма æ рдæ бон базыдтон æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, ды дæ р æ й нытътъæ пп кодтаис, куы... Поллианнæ йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ цис æ мæ та йæ мадыхомæ дисгæ нгæ бакаст. — Мæ мадыхо Полли, дæ царды мидæ г дуар никуы нытътъæ пп ластай?

— Мæ нмæ гæ сгæ, никуы! — Бæ рæ г уыди, Мисс Полли тынг кæ й смæ сты ис.

— Мæ мадыхо Полли, уый æ вирхъау цыдæ р у! — Поллианнæ йы цæ сгомыл зынди, йæ мадыхойæ н тынг кæ й тæ ригъæ д кæ ны, уый.

— Æ вирхъау цыдæ р? — йæ фæ дыл сдзырдта мисс Полли. Ноджы ма исты загътаид, фæ лæ дисы бафтыди.

— О, æ мбарыс, ахæ м æ нкъарæ н дæ м куы фæ зындаид, цыма æ нæ мæ нг дуар нытътъæ пп кæ нын хъæ уы, зæ гъгæ, уæ д æ й ныггуыпп ластаис. Кæ д æ й нæ ныггуыпп кодтай, уæ д уый та нысан кæ ны, дæ царды мидæ г ахæ м тынг цин кæ й ницæ уыл кодтай... науæ д æ й нытътъæ пп кодтаис, дæ бон не суыдаид дæ хи бауромын. Мæ нæ н тынг хъыг у, афтæ тынг цин кæ й ницæ уыл кодтай, уый!

— Поллианнæ! — тыхулæ фтгæ нгæ ныхъхъæ р кодта мисс Полли. Фæ лæ Поллианнæ уæ дмæ уым нал уыди, æ мæ уыцы хъæ рæ н дзуапп радта æ рмæ стдæ р дуары гуыпп. Поллианнæ азгъордта Ненсимæ, цæ мæ й йын йæ дзаумæ ттæ дæ лæ мæ хæ ссын феххуыс кæ на.

Мисс Полли уазджыты уаты бадгæ йæ баззад. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, йæ ивгъуыд царды... зыдта цин кæ нын!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.