Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





9 СÆР. НÆЛГОЙМАГ



Поллианнæ Нæ лгоймагыл ногæ й куы сæ мбæ лд, уæ д къæ вда уарыд, фæ лæ йын уæ ддæ р хъæ лдзæ г мидбылхудтæ й салам радта.

— Абон зæ рдæ боныхъæ дæ й нæ райы. Ды та куыд хъуыды кæ ныс? — хъæ лдзæ гæ й загъта чызг. — Къæ вда æ дзух кæ й нæ фæ уары, уый мæ нæ н æ хсызгон у!

Ацы хатт Нæ лгоймаг ницы сдзырдта, стæ й йæ м кæ сгæ дæ р нæ ракодта. Поллианнæ мæ афтæ фæ каст, цыма йæ нæ фехъуыста. Уымæ гæ сгæ, иннæ хатт (уый та уыдис дыккаг бон) салам радта ноджы хъæ рдæ рæ й. Йæ химæ гæ сгæ, афтæ бакæ нын хъуыди æ нæ мæ нг, уымæ н æ мæ Нæ лгоймаг цыди, йæ къухтæ йæ фæ сонтыл сæ вæ ргæ йæ, æ мæ касти зæ хмæ. Фæ скъæ вда ракаст диссаджы хур, райсомы уæ лдæ ф уыди сыгъдæ г æ мæ сатæ г. Уыцы райдзаст нывы раз Поллианнæ мæ Нæ лгоймаджы хуыз фæ касти тынг æ нахуыр. Уыцы бон ын сæ рмагонд хорзæ хы хуызы радтой бар райсомæ й атезгъо кæ нынæ н.

— Куыд дæ? — цъыбар-цъыбур кодта Поллианнæ. — Æ з тынг цин кæ нын, абон знон кæ й нæ у, ууыл, ды та?

Нæ лгоймаг цæ хгæ р фæ лæ ууыд. Йæ цæ сгом уыди мæ стджын æ мæ хъуынтъыз.

— Байхъус-ма, чызг, ацы фарст ныртæ ккæ хъуамæ кæ ронмæ алыг кæ нæ м, — райдыдта мæ стыгæ рæ й. — Боныхъæ дæ й уæ лдай, мæ нæ н бирæ хъуыддæ гтæ ис. Æ з, хур кæ сы æ ви нæ, уый зонгæ дæ р нæ кæ нын.

Поллианнæ йы цæ сгом ныррухс ис:

— Æ з дæ р дын уый зæ гъын, сэр. Æ з æ й афтæ дæ р зыдтон, кæ й ницы зоныс, уый, æ мæ дын æ й зæ гъгæ дæ р уымæ н кодтон.

— О... — сдзуырнмæ хъавыдис лæ г, фæ лæ æ васт фæ хъус ис, йæ ныхæ сты мидис æ м куы бахъардта, уæ д. — Э? Цы?

— Æ з дæ р дын æ й уымæ н загътон, цæ мæ й хур кæ й кæ сы, уый фенай, стæ й æ ндæ р ахæ мтæ. Æ з æ й зыдтон, куыддæ р æ рлæ ууай æ мæ йыл ахъуыды кæ най, афтæ бацин кæ ндзынæ. Науæ д æ ппындæ р бæ рæ г нæ уыд, кæ й йæ зоныс, уый!

— Кæ й зыдтон, уыцы сывæ ллæ ттæ й... — ныхъхъæ р кодта Нæ лгоймаг æ мæ æ нæ бонæ й йæ къух ауыгъта. Размæ фæ цæ йцыд, фæ лæ дыууæ къахдзæ фы куы акодта, уæ д æ лхынцъæ рфыгæ й разылди. — Байхъус-ма, дæ хицæ н ныхасæ мбалæ н, дæ хи карæ н чи у, ахæ м искæ й цæ уылнæ ссарыс?

— Бæ ргæ, сэр, фæ лæ Ненси афтæ зæ гъы, нæ алфамбылай сывæ ллæ ттæ нæ й, зæ гъгæ. Æ мæ йыл тынг нæ маст кæ нын. Æ з ас адæ мы къаддæ р нæ уарзын, чи зоны, æ мæ фылдæ р, уымæ н æ мæ хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтыл сахуыр дæ н.

— Гъым! Хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ... уый дын гъе! Æ мæ мæ н дæ р уыдонæ й иуыл нымайыс? — Нæ лгоймаджы былтыл мидбылхудт сцæ йхъазыд.

Поллианнæ хæ ларзæ рдæ йæ ныххудти:

— Нæ, сэр, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гты хуызæ н æ ппындæ р нæ дæ... кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уыдонæ й æ взæ рдæ р нæ дæ... чи зоны, æ мæ хуыздæ р. Мæ н фидарæ й уырны, ды, куыд зыныс, уымæ й бирæ хуыздæ р дæ.

Нæ лгоймаджы хъуырæ й цыдæ р æ нахуыр зæ л сирвæ зт.

— Кæ й зыдтон!.. — ныхъхъæ р та кодта уый; йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ ци, фæ зылд æ мæ дарддæ р ацыди.

Сæ иннæ фембæ лды йын хынджылæ ггæ нæ гау комкоммæ йæ цæ стытæ м бакаст. Поллианнæ мæ афтæ фæ касти, цыма уымæ й йæ цæ сгом зæ рдæ мæ дзæ угæ дæ р фæ цис.

— Дæ бон хорз, — салам ын радта лæ г æ нæ рвæ ссонæ й. — Æ вæ ццæ гæ н, абон хур кæ й кæ сы, уый зæ гъын хуыздæ р уыдзæ н, æ цæ г?

— Æ мæ дæ уый дзурын дæ р нæ хъæ уы, — хъæ лдзæ гæ й йæ сæ р батылдта Поллианнæ. — Куыддæ р дæ федтон, афтæ йæ бамбæ рстон, кæ й йæ зоныс, уый!

— Æ цæ г?

— О, сэр. Дæ цæ стыты йæ ауыдтон, æ мбарыс... дæ мидбылхудты.

— Гъым! — загъта Нæ лгоймаг æ мæ дарддæ р ацыдис.

Уый фæ стæ -иу Поллианнæ йæ н алы хатт дæ р дзуапп радта æ мæ -иу йемæ фыццаг дæ р сдзырдта, кæ д-иу, «дæ бон хорз» зæ гъгæ йæ, иннæ рдæ м азылд, уæ ддæ р. Фæ лæ суанг уый дæ р Ненсимæ стыр диссаг фæ каст, иу хатт Поллианнæ имæ тезгъо куы кодта æ мæ уыцы салам куы фехъуыста, уæ д.

— Поллианнæ! — ныддис кодта уый. — Ацы адæ ймаг демæ ныхас кодта!

— О, уый алы хатт дæ р сдзуры... ныр, — бахудти Поллианнæ.

— Алы хатт дæ р? О, Хуыцау! Зоныс æ й, чи у, уый? — бафарста Ненси.

Поллианнæ йæ н йæ цæ сгом ныттар æ мæ йæ сæ р батылдта.

— Мæ нмæ гæ сгæ, чи у, уый зæ гъын æ й ферох. Æ мбарыс, æ з ын мæ хи бацамыдтон, уый та нæ.

Ненси йæ цæ стытæ ныдздзагъыр кодта.

— Уый никуы никæ имæ фæ дзуры... æ мæ афтæ кæ ны бирæ азты дæ ргъы. Æ рмæ стдæ р ын гæ нæ н куы нал вæ ййы, уæ д... хъуыддаджы фæ дыл кæ нæ æ ндæ р исты ахæ м. Уый у Джон Пенделтон. Цæ ры хæ рз иунæ гæ й, Пенделтон-Хиллы къуыбырыл цы стыр хæ дзар ис, уым. Суанг æ м хæ ринаггæ нæ г дæ р нæ й, æ мæ бон æ ртæ хатты фысымуатмæ фæ цæ уы. Æ з зонын Салли Майнеры, хæ рæ ндоны кусæ джы, уым ын лæ ггад уый фæ кæ ны. Куыд зæ гъы, афтæ мæ й цы йæ хъæ уы, уый зæ гъынæ н дæ р йæ дзых тыххæ й байгом кæ ны. Салли йæ æ нæ уи дæ р фæ зоны æ рмæ ст исты аслам хæ ринаг уæ д! Йæ бон у, æ мæ йæ зæ гъгæ дæ р ма кæ на, афтæ дæ р æ й фæ зоны!

Поллианнæ йæ сæ р æ мбаргæ тылд бакодта.

— Зонын æ й. Мæ гуыр куы уай, уæ д аслам истытæ й ирвæ зын фæ хъæ уы. Мах-иу мæ фыдимæ хæ рæ ндоны арæ х хордтам. Арæ хдæ р истам хъæ дур æ мæ кæ саг. Æ мæ -иу кæ рæ дзийæ н дзырдтам, хъæ дур бирæ кæ й уарзæ м... афтæ -иу дзырдтам, гогызмæ кæ сгæ йæ. Æ мбарыс, йæ аргъ уыдис æ ртиссæ дз центы! Мистер Пенделтон хъæ дур уарзы?

— Уарзы? Цы уæ лдай у, уарзы йæ æ ви нæ? Уый æ ппындæ р мæ гуыр нæ у. Джон Пенделтонмæ бирæ ’хца ис — йæ фыдæ й йын баззад. Æ гас горæ ты дыккаг ахæ м хъæ здыг адæ ймаг нæ й. Куы йæ бафæ ндид, уæ д доллæ ртæ дæ р хæ рид...

Поллианнæ ныккæ л-кæ л кодта:

— Цыма искæ мæ н йæ бон у гæ ххæ ттын доллæ ртæ хæ рын æ мæ уый не ’мбарын! Аууилын уал сæ бафæ лварæ д!

— Ха! Æ з æ рмæ стдæ р, хъæ здыг кæ й у, уый зæ гъынмæ хъавыдтæ н, — йе уæ хсчытæ базмæ лын кодта Ненси. — Фæ лæ йе ’хца нæ хардз кæ ны, афтæ гъе. Æ мбырд сæ кæ ны!

— Æ вæ ццæ гæ н, муртаккæ гтæ н, — ахъуыды кодта Поллианнæ. Уый тынг хорз у! Ахæ м адæ ймæ гтæ алцæ мæ й дæ р сæ хи æ нæ хай фæ кæ нынц æ мæ сæ ныхы фыстæ й разы вæ ййынц. Æ з æ й зонын, мæ нæ н æ й мæ фыд дзырдта.

Ненсийæ н æ васт йæ дзых фегом ис, цыма дзы мæ стыгæ р дзырдтæ рацæ йирвæ зт, уыйау, фæ лæ Поллианнæ йы æ нæ хин æ мæ рухс цæ сгом куы федта, уæ д ницыуал загъта.

— Гъым! — æ рмæ стдæ р ма афтæ бакодта. Фæ лæ уый фæ стæ, цымыдисаг æ м цы каст, уымæ ногæ й раздæ хтис æ мæ дзырдта дарддæ р: — Демæ кæ й дзуры, уый тынг диссаг у, æ цæ гдæ р, æ нахуыр цыдæ р у. Уый никæ имæ фæ ныхас кæ ны, йæ диссаджы стыр хæ дзары иунæ гæ й цæ ры, æ мæ йын, куыд дзурынц, афтæ мæ й алы зынаргъ дзауматæ й йедзаг у. Иуæ й-иуты хъуыдымæ гæ сгæ, æ дылыдзæ ф у, иннæ тæ м гæ сгæ — ’нæ дзæ рин, чидæ ртæ та зæ гъынц, йе скъаппы стæ гдар ис, зæ гъгæ.

— О, Ненси, — ныккæ рзыдта Поллианнæ. — Ахæ м æ лгъаджы йæ бон йе скъаппы дарын куыд у? Аппарæ д æ й, æ мæ фæ цис!

Ненси ныххудти. Бамбæ рста, Поллианнæ «скъаппы стæ гдар» комкоммæ кæ й бамбæ рста, уый, фæ лæ йæ рæ дыд барæ й не сраст кодта.

— Иууылдæ р дзурынц, цыдæ р сусæ г кæ ны, зæ гъгæ, — дарддæ р кодта йæ ныхас. — Цалдæ ргай азты балцы ацæ уы — къуыри уым, къуыри ам, — æ мæ æ рмæ стдæ р алы муртаккаг бæ стæ тæ м... Мысырмæ, Азимæ, цыдæ р æ дзæ рæ г быдырмæ — Сахарæ мæ... Æ мбарыс, цæ й кой кæ нын, уый?

— О, миссионер у, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Поллианнæ. Ненси æ нахуыр худт ныккодта.

— Æ з афтæ нæ загътон... Куы ’рыздæ хы, уæ д та чингуытæ фæ фыссы... цыдæ р диссæ гтæ, æ нахуыр цыдæ ртæ... уыцы бæ стæ ты цы бибитæ ссары, уыдоны тыххæ й цыма. Ам та йæ капекк бахардз кæ нын дæ р нæ фæ нды, æ нæ уи цæ рынæ н уæ д та.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, кæ д сæ муртаккæ гтæ н æ мбырд кæ ны, уæ д, — загъта Поллианнæ. — Фæ лæ уый тынг худæ г æ мæ æ нахуыр лæ г у, миссис Сноуы хуызæ н, æ цæ г æ ндæ рхуызон æ нахуыр.

— Чи зоны, æ мæ афтæ у... чи зоны, — худгæ йæ загъта Ненси.

— Æ з ныр ноджы тынгдæ р цин кæ нын, мемæ кæ й сдзуры, ууыл, — ныуулæ фыди Поллианнæ райгондæ й.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.