Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





8 СÆР. ПОЛЛИАННÆ УАЗÆГУАТЫ АЦЫД



Мисс Харрингтоны хæ дзары бæ лвырд фæ тк фæ зынди. Кæ д уый, мисс Полли фыццаг кæ й снысан кодта, ахæ м фæ тк нæ уыдис, уæ ддæ р. Поллианнæ хуыйын райдыдта, гаммæ тæ цагъта, хъæ рæ й касти æ мæ къæ бицы хæ ринаг кæ ныныл ахуыр кодта; фæ лæ уыцы куыстытæ й иуыл дæ р, мисс Поллийы цас фæ ндыд, уыйбæ рц сахаттæ нæ хардз кодта. Бирæ рæ стæ г ын-иу баззад «æ нæ уи цардæ н», уымæ н æ мæ сихоры фæ стæ йæ рæ стæ г иууылдæ р, зæ гъæ н ис, йæ хи куыд фæ ндыд, афтæ ’рвыста. Æ рмæ ст дзырдæ й: мисс Полли бар цæ мæ н нæ ратта, ахæ мæ й хъуамæ мацы бакæ на.

Æ ниу, зын зæ гъæ н уыдис, улæ фыны рæ стæ г фылдæ р Поллианнæ йы хъуыд æ ви мисс Поллийы. Уымæ н æ мæ июлы мæ йы фыццаг бонты мисс Полли иу æ мæ дыууæ хатты нæ загъта: «Мæ нæ цы ’нахуыр сывæ ллон ис! » Алы хуыйыны æ мæ кæ сыны урочы фæ стæ дæ р-иу иуырдыгæ й стыр дисы бафтыд, иннæ мæ й та-иу тынг сфæ лмæ цыдис.

Ненсийæ н йæ хъуыддæ гтæ хуыздæ р цыдысты. Уый нæ дæ р фæ лмæ цгæ, нæ дæ р дис кодта. Æ ртыццæ гтæ æ мæ сабаттæ йын æ цæ г бæ рæ гбонтæ систы.

Харрингтонты хæ дзармæ хæ стæ г, Поллианнæ кæ имæ хъаза, ахæ м чызджытæ æ мæ лæ ппутæ нæ уыди. Хæ дзар æ рбынат кодта горæ тгæ рон, æ мæ кæ д иннæ хæ дзæ рттæ тынг дард нæ уыдысты, уæ ддæ р дзы йæ карæ нтæ нæ уыд. Æ ниу, чызг цыма ууыл æ ппындæ р нæ хъынцъым кæ ны, афтæ зынди.

— Æ з ууыл нæ маст кæ нын, — дзырдта Поллианнæ Ненсийæ н. — Æ з амондджын дæ н, мæ бон уынгты цæ уын, хæ дзæ рттæ м æ мæ адæ ммæ кæ сын кæ й у, уымæ й. Æ з уарзын адæ мы. Ды та, Ненси?

— Уарзын сæ, зæ гъгæ, нæ зæ гъдзынæ н... се ’ппæ ты уарзæ н куыд ис? — дзуапп радта Ненси.

Райдзаст бон у, зæ гъгæ, уæ д-иу Поллианнæ лæ гъстæ кодта, цæ мæ й йын «аразгъор-базгъор» кæ нынæ н бар радтой æ мæ горæ ты уынгты атезгъо кæ на. Ахæ м тезгъоты рæ стæ г-иу арæ х сæ мбæ лдис иу Нæ лгоймагыл. Йæ хинымæ р æ й афтæ хуыдта, уыцы бон-иу суанг дæ с лæ гыл куы фембæ лд, уæ ддæ р.

Нæ лгоймаг дардта даргъ сау сюртук æ мæ æ рттиваг цилиндр «æ нæ уи нæ лгоймæ гтæ » ахæ м дзаумæ тты никуы цыдысты. Йæ цæ сгом уыди хæ рз даст æ мæ фæ лурс, цилиндыры бынæ й зындысты урс сæ рыхъуынтæ. Йæ фæ сонтæ -иу уыцы æ мрастæ й хаста. Цыдис тагъд, фæ лæ кæ ддæ риддæ р иунæ гæ й, æ мæ йын Поллианнæ цæ мæ ндæ р тæ ригъæ д кодта. Чи зоны, уымæ н æ м сдзырдта иуахæ мы.

— Куыд дæ, сэр? Хорз бон у, æ вæ дза! — загъта чызг хъæ лдзæ гæ й, куы йæ м баввахс ис, уæ д.

Нæ лгоймаг сонтæ й йæ алыварс акаст, стæ й æ рлæ ууыди.

— Уый ды... мæ нмæ дзурыс? — бафарста цъæ хснаг хъæ лæ сæ й.

— О, сэр, — йæ мидбылты бахудти Поллианнæ. — Æ з афтæ загътон: «Хорз бон у, æ вæ дза! »

— Æ? О! Гъым! — бахъуыр-хъуыр кодта нæ лгоймаг æ мæ дарддæ р ацыд.

Поллианнæ ныххудти. «Цы худæ г у», — ахъуыды кодта йæ хинымæ р.

Дыккаг бон та ногæ й хæ рхæ мбæ лд фесты.

— Абон зноны хуызæ н хорз бон нæ у, фæ лæ йын уæ ддæ р ницы у! — ныхъхъæ р кодта хъæ лдзæ гæ й Поллианнæ.

— Цы? Куыд? — бахъуыр-хъуыр та кодта лæ г, æ мæ Поллианнæ цингæ нгæ ныххудти.

Æ ртыккаг хатт та йæ м куы сдзырдта, уæ д нæ лгоймаг æ васт æ рлæ ууыди.

— Чызг, байхъус-ма, чи дæ, алы хатт мæ м цæ мæ н сдзурыс?

— Мæ ном хуыйны Поллианнæ Уиттиер, æ мæ мæ м ды ахæ м иунæ г фæ кастæ. Ныхасмæ мæ м кæ й æ рлæ ууыдтæ, ууыл æ з ахæ м цин кæ нын, æ мæ... Ныр базонгæ стæ м... æ рмæ ст дын æ з дæ ном нæ ма зонын.

— Хуыцауыстæ н, кæ й зыдтон... — Нæ лгоймаг йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ ци, афтæ мæ й йæ фæ ндагыл атындзыдта.

Поллианнæ йæ фæ дыл акаст æ мæ йæ цин бамынæ г ис, йæ худгæ былты кæ рæ ттæ дæ лæ мæ ’рцыдысты.

— Æ вæ ццæ гæ н мæ нæ бамбæ рста... фæ лæ нæ базонгæ дзинадæ н уый æ рмæ ст йæ райдиан уыди. Йæ ном ын нæ ма зонын, — йæ хинымæ р дзурæ гау загъта чызг, æ мæ дарддæ р ацыди йæ фæ ндагыл.

Уыцы бон миссис Сноуæ н роды къæ хтæ й фых холодец фæ цæ йхаста. Къуыри иу хатт-иу мисс Полли Харрингтон æ нæ мæ нг миссис Сноуæ н исты арвыста. Дзырдта-иу, зæ гъгæ, афтæ кæ нын йæ хæ сыл нымайы, уымæ н æ мæ миссис Сноу мæ гуыр æ мæ рынчын у. Уымæ й уæ лдай, иу аргъуаны уæ нгтæ сты, æ мæ аргъуанæ н йæ хæ с у рынчынæ н æ ххуыс кæ нын. Мисс Полли арæ хдæ р йæ хæ с дыццæ джы æ ххæ ст кодта, сихоры фæ стæ, стæ й йæ хæ дæ г нæ, фæ лæ -иу Ненсийы арвыста. Фæ лæ ацы бон ахæ м бар йæ хицæ н лæ гъстæ йæ ракуырдта Поллианнæ, æ мæ Ненси сразы ис, мисс Поллийы куы бафарста, уый фæ стæ.

— Кæ й дзы суæ гъд дæ н, уый ма мын æ хсызгон дæ р у, — загъта Ненси, Поллианнæ имæ хибарæ й куы баззадысты, уæ д, — кæ д ахæ м куыст де ’вджид бакæ нын аив нæ у, уæ ддæ р. Мæ гуырæ г, худинаг у, худинаг!

— Æ мæ мæ нæ н уыцы хæ с мæ зæ рдæ мæ цæ уы, Ненси.

— Уырдæ м иу хатт куы ацæ уай, уæ д дæ зæ рдæ мæ нал фæ цæ удзæ н, — загъта Ненси æ нкъардæ й.

— Цæ уылнæ?

— Уымæ н æ мæ уый никæ й зæ рдæ мæ фæ цæ удзæ н. Адæ м ын тæ ригъæ д куы нæ кæ никкой, уæ д райсомæ й изæ рмæ йæ разы иу уд дæ р нæ фæ лæ ууид, ахæ м зындзæ рæ н у. Йæ чызг тæ ригъæ д у, уый йæ м кæ сы.

— Цæ мæ н, Ненси?

Ненси йе уæ нгтыл хæ рдмæ схæ цыд æ мæ загъта:

— Æ ргомæ й дын куы зæ гъон, уæ д, цыфæ нды ма ’рцæ уæ д, миссис Сноуы хъуыдымæ гæ сгæ, алцыдæ р раст нæ у. Суанг къуыритæ дæ р, уый куыд фæ нды, ахæ м фæ ткыл нæ цæ уынц. Кæ д къуырисæ р вæ ййы, уæ д æ й фæ фæ нды, цæ мæ й уа хуыцаубон. Холодец ын куы ’рбахæ ссай, уæ д æ нæ мæ нг зæ гъдзæ н, карчы цъиу кæ й бахæ рид, зæ гъгæ. Карчы цъиу ын куы ’рбахастаис, уæ д та дын загътаид, фысы бас тынг арæ х кæ й æ рымысы!

— Цы худæ г ус у, — ныххудти Поллианнæ. — Æ з æ м æ хсызгонæ й ацæ удзынæ н, фæ нды мæ йæ фенын. Æ вæ ццæ гæ н, тынг диссаг... æ мæ æ нахуыр у. Æ з уарзын æ нахуыр адæ мы.

— Гъым! Миссис Сноу æ нахуыр кæ й у, уый бæ лвырд у... Мæ зæ рдæ дарын, ахæ мтæ кæ й нал ис, ууыл... хорз æ мæ! — загъта Ненси мæ стыйæ.

Гыццыл æ мæ фыдуынд хæ дзары кулдуарæ й бахизгæ йæ, Поллианнæ хъуыды кодта Ненсийы ныхæ стыл. Йæ цæ стытæ цæ хæ р калдтой, «æ нахуыр» миссис Сноуы фенынмæ нал хъæ цыд.

Дуар ын фæ лладхуызæ й фæ лурс æ рыгон чызг байгом кодта.

— Дæ бон хорз, — райдыдта Поллианнæ уæ зданæ й. — Мисс Полли Харрингтон мæ ’рбарвыста, миссис Сноуы фенын мæ тынг фæ нды.

— Æ цæ г зæ гъыс? Йæ фенын тынг кæ й фæ нды, ахæ м ды фыццаг дæ, — загъта чызг мынæ г хъæ лæ сæ й, фæ лæ Поллианнæ уыцы ныхæ стæ нæ фехъуыста. Чызг фæ зылд æ мæ, бахизæ ны кæ рон цы дуар уыди, уый цурмæ бацыд. Поллианнæ йы рынчыны уатмæ бауагъта æ мæ уайтагъд дуар ахгæ дта.

Чызг исдуг хорзау нал фæ ци. Йæ цæ стыты уæ лтъыфылтæ тыбар-тыбур кодтой, цалынмæ йын уаты дыдзырухсыл фæ цахуыр сты, уæ дмæ. Æ ппынфæ стаг уаты иннæ кæ рон ауыдта сылгоймаджы. Уый хуыссæ ны рабадти. Поллианнæ йæ м тагъдгомау бауад.

— Куыд дæ, миссис Сноу? Мæ мадыхо Полли йæ зæ рдæ дары, ацы бон дзæ бæ хдæ р кæ й дæ, ууыл, æ мæ дын мæ нæ холодец æ рбарвыста.

— Холодец? — схъуыр-хъуыр кодта мæ сты хъæ лæ сæ й сылгоймаг. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бузныг, фæ лæ мæ абон фысы бас хъуыди.

Поллианнæ йе ’рфгуытæ уæ лиау систа.

— Æ цæ г? Æ з та афтæ ’нхъæ лдтон, æ мæ дын холодец куы ’рбахæ ссынц, уæ д дæ карчы цъиу фæ хъæ уы, — загъта чызг.

— Цы? — Рынчын цæ хгæ р фæ зылд йæ хуыссæ ны.

— Нæ, ницы, — хатыр курынмæ фæ ци Поллианнæ. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бирæ уæ лдай дзы нæ й. Ненси мын дзырдта, холодец дын куы ’рбахæ ссынц, уæ д дæ карчы цъиу фæ хъæ уы, зæ гъгæ, фысы бас та — карчы цъиу дын куы ’рбахæ ссæ м, уæ д. Фæ лæ, чи зоны, Ненси исты фæ хæ ццæ кодта.

Рынчыл йæ хиуыл схæ цыд æ мæ хуыссæ ны рабадти. Уый йын стæ м хатт æ нтыст, фæ лæ йæ Поллианнæ нæ зыдта.

— Зæ гъ-ма мын, мисс Налат, ды чи дæ? — бафарста рынчын.

Поллианнæ хъæ лдзæ гæ й ныххудти.

— Мæ нæ н мæ ном бынтон æ ндæ р у, миссис Сноу... æ мæ æ з ууыл цин кæ нын! Де ’вæ рд ном та Хадшибæ йæ фыддæ р у. Мæ ном хуыйны Поллианнæ Уиттиер, æ з дæ н мисс Поллианнæ Харрингтоны хæ рæ фырт, æ мæ ныр йемæ цæ рын. Абон дын холодец æ з уымæ н æ рбахастон.

Уыцы ныхæ стæ м рынчын байхъуыста раст бадгæ йæ, уый дзурæ г уыдис йæ цымыдисдзинадыл. Фæ лæ та холодецы кой куы фехъуыста, уæ д æ нæ бонæ й базтыл æ рхауд.

— Хорз, бузныг. Дæ мадыхо, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уæ здан адæ ймаг у, фæ лæ мæ м абон æ ппындæ р хæ рын нæ цæ уы, стæ й мæ фысы бас хъæ уы... — æ васт фæ хъус ис. Уый фæ стæ дарддæ р дзырдта, йæ ныхасы сæ р цæ хгæ р фæ ивгæ йæ. — Ацы ’хсæ в мæ цæ стытæ æ ппындæ р не ’рцъынд кодтон!

— Ехх, æ з афтæ куы уаин, — ныуулæ фыди Поллианнæ. Холодец гыццыл стъолыл æ рæ вæ рдта æ мæ бандоныл бæ стон бадт æ ркодта. — Цас рæ стæ г сæ фы фынæ й кæ нгæ йæ! Афтæ дæ м нæ кæ сы?

— Рæ стæ г сæ фы, фынæ й кæ нгæ йæ? — Миссис Сноуы хъæ лæ сы хъуысти дызæ рдыгдзинад.

— О, афтæ мæ й та уыцы рæ стæ г уаид цæ рæ н! Ахæ м хъыг мын у, нæ бон æ хсæ в дæ р цæ рын кæ й нæ у!

Рынчын ногæ й йæ хи сраст кодта æ мæ хуыссæ ны сбадти.

— Стыр диссаг мæ м кæ сыс! Бауай-ма рудзынджы размæ æ мæ ’мбæ рзæ н аиуварс кæ н, — барджынæ й загъта рынчын. — Цыхуызæ н дæ, уый фенын мæ фæ нды.

Поллианнæ, худгæ йæ, сыстад, фæ лæ тынг хъæ лдзæ г нæ уыди.

— Ныр мын мæ дзыгъуыртæ фендзынæ, — ныуулæ фыд чызг, рудзынджы цурмæ бацæ угæ йæ. — Æ з та цин кодтон, талынг кæ й у æ мæ кæ й нæ зынынц, ууыл. Ныр дæ бон у... О-о! — фæ хъæ р кодта Поллианнæ, хуыссæ ны ’рдæ м куы разылдис, уæ д. — Мæ фенын дæ кæ й бафæ ндыд, уый мын ахæ м æ хсызгон у, уымæ н æ мæ дæ ныр æ з дæ р уынын! Ахæ м рæ сугъд дæ, уый мын ничи загъта!

— Æ з? Рæ сугъд? — бафарста сылгоймаг æ нкъард мидбылхудтимæ.

— О, нæ йæ зыдтай?

— Нæ зыдтон, — дзуапп радта миссис Сноу.

Миссис Сноу рацарди дыууиссæ дз азы, æ мæ уыдонæ й фынддæ с азы дæ ргъы ’рмæ стдæ р уымæ бæ ллыд, цæ мæ й, йæ алыварс цыдæ риддæ р ис, уыдон, цавæ р сты, ахæ мтæ ма уой. Цинагæ й сæ ницы уыдта, цин кæ нынæ н та йын рæ стæ г нæ уыди.

— Цы стыр сау цæ стытæ дын ис, дæ дзыккутæ та — сау æ мæ къæ бæ лдзыг! — цъыбар-цъыбур кодта Поллианнæ. — Æ з сау æ мæ къæ бæ лдзыг дзыккутæ бирæ уарзын, уæ ларвмæ куы атæ хон, уæ д райсын æ нхъæ л цæ мæ н дæ н, уыцы хæ рзтæ й иу сты. Стæ й дæ уадултæ ахæ м диссаджы фæ лмæ н сырх сты! О, о, миссис Сноу, тынг рæ сугъд дæ! Мæ нмæ гæ сгæ, дæ химæ кæ сæ нмæ куы бакæ сис, уæ д æ й бамбарис.

— Кæ сæ нмæ! — бахъуыр-хъуыр кодта рынчын, базтыл æ рхаугæ йæ. — О, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фæ стаг рæ стæ джы мæ хи кæ сæ ны раз арæ х нæ рæ сугъдтæ кодтон... стæ й мæ нау æ нæ хъæ н бон дæ фæ сонтыл æ нæ змæ лгæ йæ куы хуыссис, уæ д дæ дæ хи аразыны мæ т нæ уаид.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, — сразы ис Поллианнæ, тæ ригъæ дгæ нгæ йæ. — Фæ лæ -ма фæ лæ уу... бар ратт, æ мæ дын дæ хи фенын кæ нон! — ныхъхъæ р кодта чызг.

Гæ ппытæ гæ нгæ, къамоды размæ базгъордта æ мæ дзы къухыдаргæ гыццыл кæ сæ н райста. Фæ стæ мæ хуыссæ ны ’рдæ м куы фæ цæ йцыди, уæ д æ рлæ ууыд æ мæ рынчыныл аргъгæ нæ гау йæ цæ ст æ рхаста.

— Кæ д дæ фæ нды, уæ д дын дæ сæ р æ ндæ рхуызон ныффасдзынæ н, — загъта Поллианнæ. — Дæ хорзæ хæ й, бар мын ратт!

— Æ з... кæ д дæ фæ нды, уæ д, — загъта миссис Сноу хъуырхъуыргæ нгæ йæ, — фæ лæ не сбаддзысты мæ дзыккутæ...

— Бузныг. Æ з бирæ уарзын искæ й дзыккутæ фасын, — ныццин кодта Поллианнæ. Хъавгæ кæ сæ н æ рæ вæ рдта æ мæ сæ рвасæ н райста. — Æ нæ мæ нг, абон мын бирæ нæ бантысдзæ н... куыд рæ сугъд дæ, уый равдисынмæ нал хъæ цын. Фæ лæ дын искуы дæ дзыккутæ иууылдæ р зæ рдиагæ й ныффасдзынæ н, куыд æ мбæ лы, афтæ сыл бакусдзынæ н! — зæ рдæ бавæ рдта чызг, йæ фæ лмæ н æ нгуылдзтæ й сылгоймаджы ныхы сæ рмæ цы къæ бæ лдзгуытæ уыди, уыдонмæ ’вналгæ йæ.

Фондз минуты бæ рц Поллианнæ архайдта цæ рдæ г æ мæ рæ вдз. Хивæ нд бецыкк-иу куы сæ рвасæ нæ й афæ лмæ н кодта, куы-иу къæ бутыл чи ныппыхцыл, уыцы дзыккутæ хæ рдмæ сфаста, куы та-иу базыл уæ лдæ р схæ цыд, цæ мæ й сæ р хуыздæ р зына, уый тыххæ й.

Рынчынæ н-иу йе ’рфгуытæ тынг нылхынцъ сты æ мæ -иу чызджы митыл мæ сты худт бакодта. Нæ йæ уырныдта, йæ фыдæ бонæ й исты рауайдзæ н, уый.

— Фæ дæ н! — ныуулæ фыд Поллианнæ. Йæ разы цы дурын уыд, уырдыгæ й дидинæ г фелвæ ста æ мæ йæ сау сæ рыхъуынты, йæ химæ гæ сгæ, æ ппæ ты хуыздæ р кæ м сфидаудзæ н, уым ныссагъта. — Ныр цæ ттæ стæ м æ мæ нæ м бакæ сæ н ис! — Æ мæ йæ м цингæ нгæ кæ сæ н балæ вæ рдта.

— Гъым! — схъуыр-хъуыр кодта миссис Сноу, йæ химæ лæ мбынæ г кæ сгæ йæ. — Æ з сырх дидинджытæ фылдæ р уарзын. Æ ниу, уæ ддæ р изæ рмæ бахус уыдзæ н, æ мæ цы уæ лдай у!

— Мæ нмæ гæ сгæ, кæ й бахус уыдзæ н, ууыл хъуамæ цин кæ най, — ныххудти Поллианнæ, — уымæ н æ мæ дын уæ д ног ныссадзын æ хсызгон уыдзæ н. Мæ нæ н мæ зæ рдæ мæ тынг цæ уы, дæ дзыккутæ афтæ фаст кæ й сты, уый, — хатдзæ г скодта чызг, райгондæ й йæ куыстмæ кæ сгæ йæ. — Дæ уæ н та?

— М-м, чи зоны. Фæ лæ... бирæ нæ фæ лæ удзысты, уымæ н æ мæ æ з æ дзухдæ р хуыссæ ны дыууæ рдæ м здыхсын.

— Афтæ у, фæ лæ æ з ууыл дæ р цин кæ нын, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Поллианнæ, — уымæ н æ мæ дын сæ уæ д мæ бон уыдзæ н ногæ й ныффасын. Стæ й, мæ нмæ гæ сгæ, ды хъуамæ цин кæ най, сау кæ й сты, ууыл. Саутæ урс базыл бур сæ рыхъуынтæ й хуыздæ р зынынц, мæ нæ мæ н хуызæ ттæ й.

— Чи зоны, фæ лæ сау сæ рыхъуынтæ никуы уарзтон — сæ урсытæ тынг раджы разынынц, — не сразы ис миссис Сноу. Ныхас кодта мæ стыгæ рæ й, фæ лæ раздæ рау кæ сæ н дардта йæ разы.

— Æ з та сау сæ рыхъуынтæ ахæ м бирæ уарзын! Æ з саулагъз куы уаин, уæ д тынг цин кæ нин, — ныуулæ фыди Поллианнæ.

Миссис Сноу кæ сæ н æ руагъта æ мæ мæ стыйæ разылдис:

— Мæ бынаты куы уаис, уæ д цин нæ кæ нис... сау дзыккутыл, стæ й æ ндæ р истæ уыл дæ р... мæ нау дæ ам æ нæ хъæ н бон хуыссын куы хъæ уид, уæ д!

Поллианнæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, арф хъуыдыты аныгъуылд.

— О, тынг зын уаид... ахæ м уавæ ры исты ссарын... — загъта чызг, цыма йæ хинымæ р дзырдта, уыйау.

— Цы ссарын?

— Цин цæ уыл кæ най, уый.

— Æ мæ цæ уыл ис цин кæ нæ н, алы бон дæ р хуыссæ ны рынчынæ й куы хуыссай, уæ д? Уым бирæ циндзинад нæ й, мæ стыйæ загъта миссис Сноу. — Кæ д дæ уæ н дæ хъуыды æ ндæ р у, уæ д ма мын æ й зæ гъ, дæ хорзæ хæ й, цæ уыл хъуамæ цин кæ нон?

Миссис Сноуы дисæ н кæ рон нал уыди, Поллианнæ куы фæ гæ пп ласта æ мæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл куы ’рцавта, уæ д.

— Тынг хорз! Уый тынг зын уыдзæ н, æ цæ г? Мæ нæ н цæ уын афон у, фæ лæ æ з фæ ндагыл хъуыды кæ ндзынæ н, æ мæ, чи зоны, иннæ хатт исты зæ гъдзынæ н. Хæ рзбон. Тынг æ хсызгон мын у, уазæ гуаты дæ м кæ й æ рбацыдтæ н, уый. Хæ рзбон, — загъта ногæ й къæ сæ ры раз.

— Уый дын гъе! Цымæ уымæ й цы зæ гъынмæ хъавыд? — хъæ рæ й загъта миссис Сноу æ мæ йæ химæ бакасти.

— Ацы чызг зоны дзыккутимæ архайын... бæ гуы, хъуыр-хъуыр кодта йæ фындзы бын. — Раст куы зæ гъон, уæ д æ й æ з зонгæ дæ р нæ кодтон, афтæ рæ сугъд уæ вæ н сын ис, уый. Фæ лæ уæ ддæ р цы пайда ис уымæ й? — ныуулæ фыд сылгоймаг. Гыццыл кæ сæ н йæ къухæ й хуыссæ нмæ ’рхауд æ мæ мæ стыйæ йæ сæ р азылдта.

Чысыл фæ стæ дæ р миссис Сноуы чызг Милли уатмæ куы бацыд, уæ д кæ сæ н нырма уыди хуыссæ ны, кæ д ныр хъæ ццулы бын арф æ мбæ хст æ рцыдис, уæ ддæ р.

— Мамæ... æ мбæ рзæ н гом куы у! — ныхъхъæ р кодта Милли. Дисгæ нгæ йæ, касти куы рудзынгмæ, куы та йæ мады дзыккуты цы дидинæ г сагъд уыдис, уымæ.

— Æ мæ цы? — загъта рынчын. — Уæ дæ рынчын кæ й дæ н, уый тыххæ й цæ рæ нбонты хъуамæ талынджы бадон?

— Нæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ, — тагъдгомау сдзырдта Милли æ мæ хосы авг райста. — Æ рмæ ст... ды йæ дæ хæ дæ г хорз зоныс, дæ уатмæ дын рухсы цъыртт æ рбауадзын бирæ архайдтон, фæ лæ не сразы дæ.

Миссис Сноу æ нæ дзургæ йæ йе ’хсæ вхуыссæ н хæ доны папаритæ м февнал-февнал кодта æ мæ хъуырхъуыргæ нгæ йæ загъта:

— Мæ нмæ гæ сгæ, хъуамæ искæ мæ н уый йæ хъуыдыйы ’рцыдаид æ мæ мын ног æ хсæ вхуыссæ н хæ дон балæ вар кодтаид... фысы басы бæ сты... исты ногдзинадæ н уæ д та!

— Мамæ!

Диссаг нæ уыди, Милли хорзау кæ й нал фæ цис æ мæ йæ улæ фæ нтæ кæ й ахгæ дтой, уый. Йæ чъылдыммæ къамоды æ вæ рд уыд дыууæ ног æ хсæ вхуыссæ н хæ доны, æ мæ цалдæ р мæ йы йæ мадæ н фæ лæ гъстæ кодта, цæ мæ й сæ йæ уæ лæ скæ на.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.