Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





7 СÆР. ПОЛЛИАННÆ ÆФХÆРД ÆЙЙАФЫ



Дыккæ гæ мы ’рдæ гыл Тимоти мисс Поллийы йæ хæ рæ фыртимæ аласта æ ппæ ты стырдæ р дзаумæ тты дуканитæ й фондзмæ. Уыдон уыдысты горæ тæ й цыппар километры дарддæ р.

Поллианнæ йы ног дарæ сæ й сифтонг кæ нын разынди уæ ззаугомау фæ лварæ н, уыцы хъуыддаджы чидæ риддæ р архайдта, уыдонæ н. Мисс Полли уыцы фæ лварæ нæ й рацыд, адæ ймаг, зынгсахайы тæ нæ г цъарыл тæ ссаг балцы куы ацæ уы æ мæ йын уый фæ стæ, фидар мæ рыл фестгæ йæ, куыд фенцондæ р вæ ййы, афтæ. Дыууæ ’лхæ нæ гæ н цы уæ йгæ нджытæ лæ ггад кодтой, уыдон та фæ лварæ нæ й рацыдысты сырх-сырхид цæ сгæ мттимæ. Æ мæ уый фæ стæ Поллианнæ йы тыххæ й уыйбæ рц хъæ лдзæ г хабæ рттæ дзырдтой, æ мæ се ’мбæ лттæ æ нæ хъæ н къуыри худæ гæ й мардысты. Поллианнæ дзы йæ хæ дæ г та рацыди мидбылты худгæ æ мæ тынг райгондæ й. Уæ йгæ нджытæ й иуæ н загъта: «Никуы мын ницы уыд дзаумайæ, кæ й мын-иу балæ вар кодтой, кæ нæ -иу мæ м хæ рзгæ нæ г комитетæ й цы къабатæ ’рбахауд, уыдонæ й уæ лдай. Æ мæ мын ныр дуканийы ног дзаумæ ттæ ’лхæ нын тынг æ хсызгон у. Уыдон нæ хъæ уы нæ дæ р цыбырдæ р кæ нын, нæ дæ р сыл æ фтуан хуыйын».

Дуканитыл балц ахаста æ нæ хъæ н бон. Уый фæ стæ та уыдис æ хсæ вæ р æ мæ æ хсызгон ныхас Зæ ронд Томимæ дыргъдоны. Фæ стæ дæ р дæ лбазыры ныхас кодта Ненсиимæ, къустæ ’хсад куы фесты, мадыхо Полли та сыхæ гтæ м уазæ гуаты куы ацыдис, уæ д.

Зæ ронд Том Поллианнæ йæ н йæ мады тыххæ й радзырдта диссаджы хабæ рттæ, æ мæ чызг æ цæ г амондджын сси. Ненси та кодта, мисс Поллийы хæ дзарæ й авд километры дарддæ р, Алвæ ндаджы цы фермæ уыдис, уый кой. Уым цардысты йæ уарзон мад, йе ’фсымæ р æ мæ йæ хотæ. Ненси йын зæ рдæ бавæ рдта, кæ д мисс Полли бар ратта, уæ д Поллианнæ йы йемæ кæ й акæ ндзæ н, цæ мæ й йæ семæ базонгæ кæ на.

— Мæ хотæ н тынг рæ сугъд нæ мттæ ис. Мæ н дæ р исты рæ сугъд ном хъæ уы, — ныуулæ фыд Ненси. — Уыдон хуыйнынц Элджерон, Флорабеллæ æ мæ Эстеллæ. Æ з... мæ нæ н та мæ ном æ нæ уынон у!

— О, Ненси, уый цытæ дзурыс! Цæ мæ н дын у æ нæ уынон?

— Уымæ н æ мæ уый ахæ м рæ сугъд нæ у. Æ мбарыс, æ з фыццаг сывæ ллон уыдтæ н, æ мæ уæ д мæ мад, рæ сугъд нæ мттæ кæ м ис, ахæ м таурæ гътæ уыйбæ рц нæ ма каст.

— Мæ нæ н цæ уы мæ зæ рдæ мæ ном Ненси, æ рмæ ст уый ды кæ й дæ, уый тыххæ й, — расидти Поллианнæ.

— Гъым! Мæ нмæ гæ сгæ, дæ зæ рдæ мæ ном Клариссæ Мабеллæ дæ р афтæ фæ цæ уид, — загъта Ненси, — æ з та бирæ амондджындæ р уаин! Уый диссаджы ном у!

— Цæ й, ницы кæ ны, — худгæ йæ загъта Поллианнæ, дæ уæ н дæ бон цин кæ нын у, Хадшибæ дæ кæ й не схуыдтой, ууыл.

— Хадшибæ?

— О, афтæ хуыйны миссис Уайт. Йæ лæ г æ й хоны «Ха», æ мæ уый йæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы. Афтæ зæ гъы, «Ха, Ха! », зæ гъгæ, йæ м куы сдзуры, уæ д æ м афтæ фæ кæ сы, цыма ныртæ ккæ ныккæ л-кæ л кæ ндзæ н. Æ мæ йæ æ ппындæ р нæ фæ нды, цæ мæ й йыл худой, уый.

Ненсийы æ нкъард цæ сгом æ виппайды мидбылхудтæ й срухс.

— Уый дын гъе! Цы, уый зоныс? Æ з-иу ныр алы хатт дæ р «Ненси», зæ гъгæ, куы фехъусон, уæ д-иу уыцы «Ха, Ха» æ рымысдзынæ н æ мæ худæ гæ й мæ лдзынæ н. Уырнгæ дæ р мæ нæ кæ ны, цин кæ й кæ нын... — æ виппайды фæ хъус æ мæ Поллианнæ мæ дисгæ нгæ бакасти. — Байхъус-ма, ды... ды ныр уыцы хъазтæ й хъазыдтæ... ома хъуамæ цин кæ нон, мæ ном Хадшибæ кæ й нæ хуыйны, ууыл?

Поллианнæ йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æ мæ ныххудти.

— О, Ненси, афтæ у! Æ з хъазын уыцы хъазтæ й, фæ лæ ацы хатт тынг æ нцонæ й. Æ мбарыс, афтæ арæ х рауайы; сахуыр вæ ййыс... цин кæ нынæ н æ фсон агурыныл. Æ мæ йæ фылдæ р хатт цæ мфæ нды дæ р ссарæ н вæ ййы, æ нувыдæ й йæ бирæ рæ стæ г куы агурай, уæ д.

— Æ вæ ццæ гæ н, — сразы ис Ненси, йæ дызæ рдыгдзинад не ’мбæ хста, афтæ мæ й.

Иуæ ндæ сæ м сахатыл Поллианнæ фынæ й кæ нынмæ ацыди. Рудзгуыты хызæ гтæ цæ ттæ нæ ма уыдысты, æ мæ къуындæ г гыццыл уат æ хгæ д рудзгуытимæ, сырхызынг пецау, стæ вд ис. Поллианнæ æ рхæ ндæ гæ й бакаст рудзгуытæ м, фæ лæ сæ нæ байгом кодта. Йæ дзаумæ ттæ раласта, бæ стон сæ бафснайдта, бакуывта, сойын цырагъ ахуыссын кодта æ мæ хуыссæ ны абырыд.

Тæ вд æ мæ къуындæ г сынтæ джы æ гъуыссæ г цас фæ ци æ мæ иу фарсæ й иннæ мæ разил-базил цас фæ кодта, уый зын зæ гъæ н уыд. Афтæ йæ м фæ каст, цыма рацыди бирæ сахаттæ. Æ ппынфæ стаг хуыссæ нæ й сыстад, уырзæ й сгаргæ йæ, уатæ й рахызт æ мæ дуар фегом кодта.

Цары уыди саудалынг. Æ рмæ стдæ р, уæ лхæ дзары скæ сæ нварс цы уат уыдис, уымæ н йæ рудзынджы цур мæ йы рухс пъолыл даргъ æ взист уадздзаг ауагъта. Поллианнæ арф ныуулæ фыди. Йæ алыварс цы тæ ссаг саудалынг уыд, уый ницæ мæ дарыныл архайгæ йæ, ныфсджынæ й атындзыдта уыцы рухс уадздзагмæ, йæ сæ рты та — рудзынгмæ.

Иучысыл йæ зæ рдæ дардта, уыцы рудзынгыл хызæ гтæ кæ й ис, ууыл, фæ лæ йыл нæ разынди. Рудзынджы æ дде уыди парахат, аргъауау рæ сугъд дуне. Ноджы дзы уыд, чызг æ й зыдта, хæ рздæ фгæ наг æ мæ сатæ г уæ лдæ ф. Йæ тæ вд рустæ н æ мæ къухтæ н уый ахæ м æ хцон уаид!

Хæ стæ гдæ р балæ ууыд æ мæ æ нкъардæ й акасти рудзынгæ й. Цы федта, уымæ й йæ цæ стытæ æ виппайды цинæ й байдзаг сты: рудзынджы дæ ле зынди тыргъы уæ лхæ дзар, хæ дзары дуары раз цы ’рбацæ уæ н уыди, уый сæ рмæ. Уыцы ныв фенгæ йæ, ноджы тынгдæ р æ рæ нкъард ис. Ехх, уым куы фестид!

Йæ алыварс сагъæ схуызæ й акаст. Кæ мдæ р фæ сте аззад æ нуд æ мæ тæ вд уат, ноджы тæ вддæ р — йæ сынтæ г. Фæ лæ Поллианнæ йы уыцы сынтæ гæ й хицæ н кодта афтид æ мæ тæ ссаг саудалынг, æ мæ уыцы талынджы цæ уын хъуыдис размæ ивæ зт къухтимæ, уырзæ й сгаргæ йæ. Афтæ мæ й та йæ разы рудзынджы ’дде уыди, мæ йы рухс кæ мæ калд, уыцы уæ лхæ дзар, æ хсæ вы сатæ г уæ лдæ ф.

Ехх, æ мæ йæ хуыссæ н уым куы фестид, рудзынджы æ дде! Иуæ й-иутæ уынджы куы фæ фынæ й кæ нынц! Зæ гъæ м, йæ райгуырæ н горæ ты, ныгуылæ ны, чехоткæ йæ рынчын чи уыдис, уыцы Джоель Хартлийы хъуыди сатæ г уæ лдæ фы фынæ й кæ нын.

Æ виппайды Поллианнæ йы зæ рдыл æ рлæ ууыд, боныгон цары рудзынджы цур зæ гæ лтыл ауыгъдæ й æ нæ хъæ н рæ гъ голлæ гтæ кæ й федта, уый. Ненси дзырдта, сæ рды сæ зымæ гон дзаумæ ттæ бафснайынц, зæ гъгæ. Поллианнæ, уырзæ й сгаргæ йæ, бахæ ццæ ис голлæ гтæ м. Иу дзы равзæ рста, æ хсызгон нæ рст æ мæ фæ лмæ н чи уыдис, ахæ м (уым уыди мисс Поллийы сæ рак кæ рц), æ мæ уый хуыссæ нæ н сбæ ззыдаид. Стæ й ма иу, тæ нæ гдæ р, йæ дыууæ ’мбисы йын кæ рæ дзиимæ баиу кæ нгæ йæ, уымæ й уыди баз саразæ н. Æ мæ ма ноджыдæ р иу хъæ ццулы бæ сты. Ахæ м тæ нæ г уыд, æ мæ, цыма афтид уыдис, афтæ зынди. Фырцинæ й йæ хи дæ р нал æ мбæ рста, афтæ мæ й ныфджынæ й асæ пп-сæ пп ласта мæ йы рухсæ й дзаг рудзынгмæ. Фегом æ й кодта, йæ уаргъ æ ддæ мæ асхуыста æ мæ йæ фæ дыл йæ хæ дæ г дæ р рабырыд. Арæ хстгай рудзынг сæ хгæ дта. Сæ диссаджы къæ хтыл уыйбæ рц цыдæ ртæ цы бындзытæ хæ ссынц, уыдон дзы нæ ферох сты!

Цы алæ мæ ты сатæ г уыди уæ лхæ дзар! Поллианнæ фырцинæ й, чысыл ма хъæ уа, гæ ппытæ кæ нын ма райдайа. Йæ риуы дзаг арф улæ фыди сатæ г уæ лдæ ф. Тасмачъийæ конд уæ лхæ дзар йæ къæ хты бын тасыд, йæ къæ с-къæ сæ й буар цыма хуынчъытæ кодта, фæ лæ уый Поллианнæ йы зæ рдæ мæ фæ цыдис. Æ ртæ хатты уæ лхæ дзарыл иу кæ ронæ й иннæ мæ ацыди. Тæ вд гыццыл уаты фæ стæ æ хсызгонæ й банкъардта гом æ мæ уæ рæ х тыгъдад. Уæ лхæ дзар ахæ м уæ рæ х, стæ й ахæ м тъæ пæ н уыдис, æ мæ дзы Поллианнæ æ ппындæ р ахауынæ й нæ тарсти. Æ ппынфæ стаг райгондæ й сулæ фыд æ мæ сæ рак кæ рцæ й конд гобаныл йæ хи дзæ бæ х ауагъта. Иннæ голлаг базы бæ сты йæ сæ ры бын бакодта. Æ ртыккагæ й йæ хи æ рæ мбæ рзта æ мæ йæ хи фынæ й кæ нынмæ ’рцæ ттæ кодта.

— Цы хорз у, хызæ гтæ кæ й нæ ма ’рбаластой, уый, — загъта Поллианнæ, кодта, хуыссæ нхъæ лдзæ гæ й стъалытæ м кæ сгæ йæ, — науæ д ам нæ фынæ й кæ нин.

Уыцы рæ стæ г бынæ й, тыргъимæ æ мкъул уаты, мисс Полли фæ дисæ й йæ уæ лæ акодта йæ халат æ мæ йæ къæ хтæ туфлиты нытътъыста. Йæ цæ сгом уыди фæ лурс æ мæ тарстхуыз. Иу минут раздæ р телефонæ й Тимотимæ адзырдта æ мæ ризгæ хъæ лæ сæ й загъта:

— Сыстут рæ вдздæ р!.. Тагъддæ р рацу дæ фыдимæ! Фанартæ райсут! Чидæ р уæ лхæ дзары рацу-бацу кæ ны. Уардиты хызæ гыл кæ нæ æ ндæ р искуыд сбырыдис, æ вæ ццæ гæ н, æ мæ ныр йæ бон у цары скæ сæ йнаг рудзынгыл хæ дзармæ ’рбахизын. Цары дуар сæ хгæ дтон, фæ лæ... рæ вдздæ р, рæ вдздæ р!

Цасдæ р рæ стæ джы фæ стæ Поллианнæ æ рфынæ й ис, фæ лæ йæ уалынмæ фанарты рухс æ мæ кæ йдæ р хъæ лæ ба райхъал кодтой. Йæ цæ стытæ байгом кодта æ мæ ауыдта Тимотийы. Уый лæ ууыди, тыргъы сæ рмæ цы асин æ рбавæ рдтой, ууыл. Ноджы ма федта Зæ ронд Томы. Уый цары рудзынгæ й рацæ йхызт, йæ фæ стæ та зынди йæ мадыхо.

— Поллианнæ, уый цы хуыйны? — ныхъхъæ р ласта мисс Полли.

Чызг хуыссæ нхъæ лдзæ гæ й йæ цæ стытæ æ ууæ рдгæ рабадтис.

— О, мистер Том... мæ мадыхо Полли! — къуызгæ сдзырдта Поллианнæ. — Цæ мæ й фæ тарстыстут? Чехоткæ мыл нæ й... Джоель Хартлийы хуызæ н. Ахæ м тæ вд мын уыди... уаты. Фæ лæ æ з рудзынг сæ хгæ дтон, мæ мадыхо Полли, æ мæ бындзытæ... уыцы микробты хæ дзармæ нæ бахæ сдзысты.

Тимоти æ виппайды фæ цыдæ р ис. Зæ ронд Том дæ р фæ дисонау фанар мисс Поллийы къухы фæ сагъта æ мæ йæ фырты фæ дыл фæ раст. Мисс Полли йæ хи тыхæ й баурæ дта æ мæ, нæ лгоймæ гтæ куы ацыдысты, уæ д карзæ й загъта:

— Поллианнæ, ныртæ ккæ уыцы дзаумæ ттæ æ ри æ мæ ардæ м рацу!.. Цавæ р æ нахуыр сывæ ллон дæ! — ныхъхъæ р кодта сылгоймаг фæ стæ дæ р. Йæ иу къухæ й фанарыл хæ цыд, иннæ мæ й Поллианнæ йы йæ фæ дыл кодта, афтæ мæ й цары асинтæ м фæ цæ йцыд.

Æ хсæ вы сатæ г уæ лдæ фы фæ стæ тæ вд цар Поллианнæ мæ фæ каст ноджы æ нуддæ р, фæ лæ ницы сдзырдта, æ рмæ ст арф ныуулæ фыди. Асинты уæ ллаг къæ пхæ ныл мисс Полли карзæ й загъта:

— Поллианнæ, æ хсæ вæ й ма цы баззад, уый мемæ арвитдзынæ. Хызæ гтæ ’рбаласдзысты райсом, фæ лæ дæ уæ дмæ мæ цæ ст нал сисдзынæ н. Æ з уый мæ хæ сыл нымайын.

Поллианнæ фырдисæ й, цингæ нгæ, ныхъхъæ р кодта:

— Демæ? Дæ хуыссæ ны? Мæ н афтæ тынг фæ ндыд искæ имæ фынæ й кæ нын... комитеты сылгоймагимæ нæ, фæ лæ, хион мын чи у, ахæ м искæ мæ! Уыдон мæ царды фагæ й фылдæ р уыдысты. Ехх! Ахæ м цин кæ нын, уыцы хызæ гтæ кæ й нæ ма ’рбаластой, ууыл! Ды нæ цин кæ нис?

Дзуапп нæ райста. Мисс Полли размæ цыди. Раст зæ гъгæ йæ, йæ хи æ нкъардта æ нахуыр æ дыхæ й. Поллианнæ куы ’рбацыд, уæ дæ й фæ стæ мæ йæ мисс Полли бафхæ рдта æ ртыккаг хатт æ мæ та ’ртыккаг хатт дæ р стыр диссаг федта: чызг та йын йе ’фхæ рд ногæ й стыр хорзæ хыл банымадта. Уымæ гæ сгæ, йæ хи ахæ м æ дыхæ й кæ й æ нкъардта, уым диссагæ й ницы уыди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.