Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





5 СÆР. ХЪАЗТ



— Поллианнæ, мæ нæ мæ куыд фæ тæ рсын кодтай, — лæ ф-лæ ф кодта Ненси, чысыл раздæ р Поллианнæ фæ смонгæ нгæ кæ цæ й æ рцъыгъгъуытт ласта, уыцы стыр къæ дзæ хы цурмæ сцæ йхизгæ йæ.

— Фæ тæ рсын? Ненси, бахатыр кæ н, фæ лæ мын дзæ гъæ лы тарстæ. Мæ фыд æ мæ комитеты сылгоймæ гтæ дæ р афтæ тарстысты, цалынмæ, æ дзух дзæ бæ хæ й кæ й æ рыздæ хын, уый бæ лвырд нæ базыдтой, уæ дмæ.

— Æ мæ æ з, хæ дзарæ й рацыдтæ, уый зонгæ дæ р куы нæ кодтон! — ныцъæ хахст кодта Ненси. Чызджы къух йæ рæ мбыныкæ дзы бын атъыста æ мæ рæ вдз къуыбырæ й æ рцæ йхызтызты. Æ з, куыд ацыдтæ, уый нæ федтон, стæ й дæ ничи федта! Афтæ фенхъæ лдтон, цыма уæ лхæ дзарæ й арвмæ атахтæ, æ ндæ р уæ дæ куыд, æ ндæ р уæ дæ куыд...

Поллианнæ фырцинæ й хæ рдмæ сгæ пп ласта:

— О, æ з ратахтæ н... æ цæ г хæ рдмæ нæ, фæ лæ дæ лæ мæ. Бæ ласыл æ рхызтæ н.

Ненси цавддурау фæ ци.

— Цы бакодтай?

— Рудзынгæ й бæ ласыл дæ лæ мæ ’рхызтæ н.

— О, мæ Хуыцау! — Ненсийæ н йæ улæ фт ахгæ дта æ мæ та ногæ й хæ дзары ’рдæ м рæ вдз атындзыдта. — Мæ нæ диссаг, дæ мадыхо уыдæ ттæ н цы зæ гъид цымæ?

— Диссаг дæ м кæ сы? Хорз, æ з ын æ й зæ гъдзынæ н, æ мæ йæ базондзынæ, — зæ рдæ бавæ рдта чызг.

— О, Хуыцау, баххуыс кæ н æ мæ ныббар! — сдзырдта Ненси. — Нæ, нæ!

— Цæ уылнæ? Æ нхъæ лыс, хъыг ын уыдзæ н? — ныхъхъæ р кодта Поллианнæ тыхстхуызæ й.

— Нæ... о... æ ниу, уæ лдай нæ у. Мæ н... ахæ м тынг нæ фæ нды, цы загътаид, уый базонын, — загъта Ненси. Ныр ын æ рмæ стдæ р иу хъуыддаг уыд ахсджиаг: Поллианнæ йæ маст аздахын, кæ д фыддæ р исты нæ, уæ д. — Фæ лæ, куы фæ тагъд кæ никкам, уæ д хуыздæ р уаид, къустæ нæ ма цæ хсадтон.

— Æ з дæ м фæ кæ сдзынæ н, — цæ ттæ йæ зæ рдæ бавæ рдта Поллианнæ.

— Ох, цытæ дзурыс, цытæ дзурыс! — нæ разы кодта Ненси.

Иуцасдæ р æ нæ дзургæ йæ згъордтой. Арв тагъд талынг кодта. Поллианнæ йæ ног æ мбалы къухыл ноджы фидардæ р ныххæ цыд.

— Æ мæ мын уæ ддæ р, иучысыл дæ кæ й фæ тæ рсын кодтон, уый æ хсызгон у, уымæ н æ мæ мæ фæ дыл рацыдтæ. — Уыцы ныхæ стæ зæ гъгæ йæ, чызг фестъæ лфыд.

— Уæ, мæ гыццыл уæ рыкк! Æ нхъæ лдæ н, æ ххормаг дын у. Мемæ дæ къæ бицы æ хсыр æ мæ дзул хæ рын бахъæ удзæ н. Дæ мадыхо смæ сты, æ мбарыс, æ хсæ вæ рмæ кæ й не ’рбацыдтæ, уый тыххæ й.

— Мæ бон нæ уыд. Æ гæ р бæ рзонд уыдтæ н.

— О, фæ лæ йæ уый нæ зыдта, — йæ худын фæ уромгæ йæ, бафиппайдта Ненси уынгæ г хъæ лæ сæ й. — Мæ нæ н тынг хъыг у, дзул æ мæ æ хсыр йеддæ мæ дын кæ й ницы уыдзæ н, уый, тынг хъыг, тынг!

— Мæ нæ н та нæ у. Æ з цин кæ нын.

— Цин кæ ныс? Цæ уыл?

— Æ з уарзын дзул æ мæ æ хсыр, æ мæ сæ демæ куы хæ рон, уæ д мын ноджы ’хсызгондæ р уыдзæ н. Мæ нæ н ууыл цин кæ нын зын нæ у.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й дæ уæ н цин кæ нын æ ппындæ р зын нæ у, — загъта Ненси, фыртыхстæ й схæ ц-æ рхæ ц кæ нгæ йæ. Поллианнæ хъæ батырæ й йæ афтид уат бауарзыныл куыд архайдта, уый йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд.

Поллианнæ ныххудти.

— Уымæ н æ мæ уый ахæ м хъазт у.

— Хъазт?

— О, цин кæ ныны хъазт.

— Уый цытæ дзурыс?

— Зæ гъын дын, уый хъазт у. Мæ н мæ фыд сахуыр кодта. Мах дзы алы хатт дæ р хъазыдыстæ м, суанг бынтон гыццыл куы уыдтæ н, уæ д дæ р. Æ з комитеты сылгоймæ гтæ н йæ кой кодтон, æ мæ дзы уыдон дæ р хъазыдысты... иуæ й-иутæ.

— Æ мæ уый цавæ р хъазт у? Æ з хъæ зтытæ н уыйбæ рц ницы ’мбарын.

Поллианнæ та ногæ й ныххудти, фæ лæ стæ й арф ныуулæ фыд. Изæ рдалынгты йæ цæ сгом зынди къæ схуыр æ мæ æ нкъардхуызæ й.

— Мах хъазын райдыдтам, аргъуанæ н цы дзаумæ ттæ радтой, уыдонимæ нын сывæ ллоны æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ куы ’рбарвыстой, уæ д.

— Æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ?!

— О, æ мбарыс, мæ н тынг хъуыди кукла, æ мæ мæ фыд аргъуаны комитетмæ писмо ныффыста, фæ лæ йын уыдон дзуапп радтой, аргъуанæ н цы рауæ лдай кодтой, уыдоны ’хсæ н кукла кæ й нæ разынд, фæ лæ — сывæ ллоны æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ. Æ мæ сæ махæ н æ рбарвыстой, кæ д исты сахъат сывæ ллон бахъæ уиккой, зæ гъгæ. Æ мæ уæ д хъазын райдыдтам.

— Æ ргом зæ гъгæ йæ, уæ хъазты уын хорзæ й ницыма уынын! — мæ стыйæ загъта Ненси.

— Уый хорз хъазт у! Йæ хорздзинад уый мидæ г ис, æ мæ хъуамæ алкæ ддæ р æ мæ цæ мфæ нды дæ р, цин кæ нæ н цæ уыл ис, уый ссарай; цы у, уый уæ лдай нæ у, — дзырдта дарддæ р Поллианнæ. — Мах райдыдтам раст уыцы æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ й.

— О Хуыцау! Æ з ам, цин цæ уыл кæ най, ахæ мæ й æ ппындæ р ницы уынын: дыууæ æ нцойгæ нæ н лæ дзæ джы дæ м æ рхауæ д, кукла дæ хъæ уæ д, афтæ мæ й!

Поллианнæ фырцинæ й йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта.

— Ис уæ дæ... ис! — цин кодта чызг æ мæ йæ ныхæ стæ м сыгъдæ гзæ рдæ йæ бафтыдта: — Æ з дæ р æ й райдианы нæ уыдтон, æ мæ мын æ й мæ фыд бамбарын кодта.

— Æ мæ мын æ й уæ д ды дæ р, чи зоны, бамбарын кæ ндзынæ! — тæ ргайхуызæ й фæ хъæ р ласта Ненси.

— Тынг хуымæ тæ г у! Цин кæ н, кæ й дæ... нæ хъæ уынц, ууыл! — уæ лахизæ й загъта Поллианнæ. — Уыныс, куыд æ нцон у... куы йæ зонай, уæ д!

— Æ вæ ццæ гæ н, уымæ й æ нæ хъоладæ р æ рымысæ н ницы ис! — мынæ г хъæ лæ сæ й загъта Ненси æ мæ Поллианнæ мæ тарстхуызæ й бакаст.

— Ам æ нæ хъолайæ ’ппындæ р ницы ис... Уый диссаджы хъазт у, — ныллæ уыди Поллианнæ, цыма йыл базыртæ базад, уыйау. Мах дзы алы хатт дæ р хъазыдыстæ м, уæ дæ й фæ стæ мæ. Æ мæ цас зындæ р, уыйас уый фæ стæ хъæ лдзæ гдæ р вæ ййы, фæ стагмæ йæ куы фæ фиппайай, уæ д; æ рмæ ст... æ рмæ ст иуæ й-иу хатт тынг зын вæ ййы... мæ фыд уæ лæ рвтæ м куы ацыд, мæ нæ н та, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ й фæ стæ мæ куы ничиуал баззад, уæ д куыд уыдис, афтæ.

— О, стæ й ма дæ, фæ цæ рæ н кæ м нæ й, ахæ м гыццыл уаты уæ лхæ дзары бын куы батъыссой, æ мæ ма ноджы афтид куы уа, уæ д, — сбустæ кодта Ненси.

Поллианнæ арф ныуулæ фыд.

— Райдианы мын зын уыди, бæ гуы, — сразы ис чызг. Уæ лдайдæ р та уымæ н, æ мæ мæ хи ахæ м иунæ гæ й æ нкъардтон, суанг мæ хъазт дæ р æ рбайрох ис. Мæ зæ рдæ дардтон, рæ сугъд дзаумæ ттæ мын кæ й уыдзæ н, ууыл... Фæ лæ уый фæ стæ, мæ дзыгъуыртæ кæ сæ ны кæ й нæ уындзынæ н, ууыл ахъуыды кодтон, стæ й уыцы диссаджы ныв федтон — рудзынгæ й чи зыны, уый. Æ мæ уæ д бамбæ рстон, ам дæ р, цин кæ нæ н цæ уыл ис, уый кæ й ссардтон. Æ мбарыс, цæ уыл цин кæ най, уый куы агурай, уæ д дæ цыма, цы дæ хъуыд, уый ферох вæ ййы... мæ нæ куклайы хабар куыд уыдис, афтæ.

— Гъым! — ферхæ цыд Ненси, йæ хъуыры цы къуыбар ныббадт, уый аныхъуырыныл архайгæ йæ.

— Фылдæ р хатт уымæ н бирæ рæ стæ г нæ бахъæ уы, — æ ууæ ндын æ й кодта Поллианнæ. — Æ мæ ныр æ нцонæ й ссарын, цæ уыл цин кæ нон, уый, хъуыды дæ р ыл нæ акæ нын, æ мбарыс? Æ з сахуыр дæ н афтæ хъазын. Уый диссаджы хъазт у. Мах æ й мæ фыдимæ бирæ уарзтам, — ферхæ цыд чызг. — Фæ лæ мын ныр зындæ р уыдзæ н, уымæ н æ мæ, кæ имæ хъазон, уый нæ й. Чи зоны, мæ мадыхо Поллийы бафæ нддзæ н, — загъта, ахъуыды кæ нгæ йæ.

— О, мæ Хуыцау! — мынæ г хъæ лæ сæ й загъта Ненси, æ мæ уый фæ стæ бафтыдта ныфсджындæ рæ й: — Байхъус-ма, æ з дын зæ рдæ не ’вæ рын, хорз кæ й хъаздзынæ н, уымæ й, æ мæ, хъазын дзы куыд хъæ уы, уый дæ р нæ зонын, фæ лæ демæ, мæ бон куыд уа, афтæ хъаздзынæ н, хъаздзынæ н!

— О, Ненси! — ныццин кодта Поллианнæ æ мæ йæ фырцинæ й йæ хъæ бысы ныттыхта. — Мæ нæ цы хорз у! Махæ н иумæ хъæ лдзæ г уыдзæ н, нæ?

— Гъым, чи зоны, — загъта Ненси. — Фæ лæ мыл æ гæ р тынг дæ зæ рдæ ма дар. Æ з хъазынмæ тынг арæ хстджын никуы уыдтæ н, фæ лæ ацы хатт бацархайдзынæ н. Уыйхыгъд дын, кæ имæ хъазай, уый уыдзæ нис, — балхынцъ кодта йæ ныхас, къæ бицмæ куы фæ цæ йцыдысты, уæ д.

Поллианнæ зæ рдиагæ й бахордта дзул, банызта æ хсыр æ мæ, Ненсийы уынаффæ мæ байхъусгæ йæ, уазджыты уатмæ ацыди. Уым йæ мадыхо, къæ лæ тджыны бадгæ йæ, чиныг касти.

Мисс Полли йæ хæ рæ фыртмæ тызмæ г каст бакодта.

— Æ хсæ вæ р бахордтай, Поллианнæ? — бафарста йæ мадыхо.

— О.

— Поллианнæ, тынг хъыг мын у, дæ хи къæ бицмæ дзул æ мæ æ хсыр хæ рынмæ кæ й арвитын кодтай, уый.

— Мæ мадыхо, афтæ кæ й бакодтай, уый мæ нæ н æ хсызгон уыд. Æ з уарзын дзул æ мæ æ хсыр, стæ й Ненсийы дæ р уарзын. Хъуамæ дын æ ппындæ р хъыг ма уа.

Мисс Полли уый æ нхъæ л нæ уыд, æ мæ къæ лæ тджынæ й фестæ гау кодта.

— Поллианнæ, фынæ й афон дын у. Абон тынг бафæ лмæ цыдтæ. Райсом дын де ’рвылбоны куыстытæ ныффысдзыстæ м. Дæ дзаумæ ттæ м дын æ ркæ сдзыстæ м æ мæ дын æ лхæ нын цы хъæ уы, уый сбæ лвырд кæ ндзыстæ м. Ненси дын сойын цырагъ ратдзæ нис. Йемæ хъавгæ архай. Аходæ н — авд сахаты æ мæ æ ртын минутыл. Афоныл-иу фæ зын. Хæ рзæ хсæ в.

Цыма æ ппындæ р ницы ’рцыди, уыйау Поллианнæ йæ мадыхомæ базгъордта æ мæ йын зæ рдиагæ й ныхъхъæ быс кодта.

— Ацы бон тынг дзæ бæ х арвыстон, — амондджынæ й сулæ фыд чызг. — Æ з æ й зонын, демæ мын хорз уыдзæ н... Суанг ардæ м куы нæ ма ’рбацыдтæ н, уæ д дæ р æ й зыдтон... Хæ рзæ хсæ в! — цингæ нгæ загъта чызг æ мæ уатæ й разгъордта.

— Уый та цы хабар у? Мæ нæ диссаг! Цы ’нахуыр сывæ ллон у! — хъæ рæ й бадис кодта мисс Полли æ мæ йе ’рфыгуытæ уæ лиау систа. — «Æ хсызгон ын у», кæ й йæ бафхæ рдтон, уый, æ мæ мын «хъуамæ æ ппындæ р хъыг ма уа» æ мæ йын «мемæ тынг хорз уыдзæ н»! — Йæ дисæ н кæ рон нал уыди, афтæ мæ й мисс Полли ногæ й чиныг райста.

Фынддæ с минуты фæ стæ цары та гыццыл чызг иунæ гæ й базыл йæ цæ ссыг калдта:

— Мæ фыд, ныр æ ппындæ р хъазгæ нæ кæ нын... Фæ лæ суанг ды дæ р, цин цæ уыл кæ най, ахæ мæ й ницы ссарис, ахæ м талынджы иунæ гæ й куы хуыссис, уæ д. Ненси кæ нæ мæ мадыхо Поллийы раз ма куы уаин... кæ нæ суанг хæ рзгæ нæ г комитетæ й искæ имæ, уæ д мын æ нцондæ р уаид!

Ненси бынæ й йæ куыстытæ тагъддæ р фæ уыныл архайдта. Æ хсыр цы дурыны уыд, уым мæ стыйæ щёткæ нытътъыста æ мæ хъуыр-хъуыр кодта.

— Кæ д ацы æ дылы хъазтæ й хъазгæ йæ... кукла дæ хъæ уæ д, афтæ мæ й æ нцойгæ нæ н лæ зджытыл цин кæ н... кæ д мæ бон суа, уæ д ын ирвæ зынгæ нæ г къæ дзæ х фестдзынæ н, хъаздзынæ н йемæ... хъаздзынæ н!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.