Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





6 СÆР. ХÆС



Поллианнæ йе ’рбацыдæ й дыккаг райсом райхъал ис авд сахатыл. Йæ уаты рудзгуытæ арæ зт уыдысты хуссар æ мæ ныгуылæ нырдæ м, æ мæ йæ м хур нæ разынди. Фæ лæ йæ м иучысыл мигъы фæ лмæ й æ мбæ рзт цъæ х арв зындис, æ мæ бамбæ рста, боныхъæ д хорз кæ й уыдзæ н, уый.

Уаты ныр сатæ гдæ р уыди, рог дымгæ йæ м уазал уæ лдæ фы хæ рздæ ф хаста. Дыргъдонæ й хъуыстис цъиуты хъæ лдзæ г цъыбар-цъыбур, æ мæ Поллианнæ рудзынгмæ базгъордта, цæ мæ й сын салам ратта. Бынæ й, дыргъдоны, ауыдта йæ мадыхойы. Уардиты къутæ рты цур тезгъо кодта. Поллианнæ йæ дзаумæ ттæ рæ вдз акодта æ мæ мисс Поллимæ фæ раст.

Цары асинтыл дæ лæ мæ ныййарц ис, йæ фæ стæ дыууæ дуары гомæ й ныууагъта. Тыргъы иу сæ ррæ т акодта, æ мæ уайтагъд бахизæ ны дуарæ н йæ гуыпп фæ цыд. Хæ дзары алыварс æ рзылдис æ мæ дыргъдоны февзæ рд.

Йæ мадыхо Полли лæ ууыд Зæ ронд Томы фарсмæ. Уардиты къутæ рмæ куыд æ ргуыбыр кодта, афтæ йын Поллианнæ йæ хъуырыл ныттыхсти, царды цин йæ риуы нал цыди.

— О, мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли, ехх, куыд тынг цин абон! Æ з цин кæ нын, кæ й цæ рын, ууыл!

— Поллианнæ! — тызмæ гхуызæ й загъта мисс Полли. Слæ ууыныл архайдта, фæ лæ йæ уæ лæ цы дыууиссæ дз килæ йы æ рдзедзыкка сты, уыдонимæ уый æ нцон нæ уыди. — «Дæ райсом хорз» æ дзухдæ р афтæ фæ зæ гъыс?

Поллианнæ йæ къахфындзтыл алæ ууыд æ мæ гæ ппытæ кæ нын райдыдта.

— Нæ, æ рмæ стдæ р искæ й тынг куы фæ уарзын, уæ д! Уæ д мæ бон æ ндæ рхуызон нæ вæ ййы! Æ з дæ мæ рудзынгæ й ауыдтон æ мæ ахъуыды кодтон: ды комитеты сылгоймæ гтæ й иу нæ, фæ лæ мæ хæ рз мадыхо дæ! Ахæ м зæ рдæ хæ лар мæ м фæ кастæ, æ мæ дæ м хъуамæ ’рбазгъордтаин æ мæ дын ныхъхъæ быс кодтаин!

Зæ ронд лæ г сæ м æ васт йæ чъылдым раздæ хта. Мисс Полли ма архайдта йе ’рфгуытæ нылхынцъ кæ ныныл, фæ лæ йын раздæ ры хуызæ н нал уади.

— Поллианнæ, ды... æ з... Томас, абон уал фаг у, мæ нмæ гæ сгæ, бамбæ рстай мæ... ацы уардиты тыххæ й, — загъта сæ рбæ рзондæ й æ мæ ацыд.

— Ды æ дзухдæ р дыргъдоны фæ кусыс, мистер... э... мистер?.. — бафарста Поллианнæ цымыдисхуызæ й.

Зæ ронд лæ г разылди. Йæ мидбылты худти, фæ лæ йæ цæ стытæ доны зылдысты.

— О, мисс. Æ з дæ н Зæ ронд Том, дыргъдонгæ с. — Æ нæ уромгæ тых ын йæ ризгæ къух систа æ мæ йæ иу уысммæ чызджы сызгъæ рин сæ рыхъуынтыл авæ рдта. — Дæ мады хуызæ н тынг дæ, мисс! Æ з æ й зыдтон, дæ уæ й къаддæ р куы уыдис, уæ д! Уыцы заман дæ р ам куыстон, дыргъдоны.

Поллианнæ ныуулæ фыд.

— Æ цæ г, зыдтай мæ мады... нырма уæ ларвон нæ, фæ лæ гыццыл зæ ххон зæ д куы уыдис, уæ д? Дæ хорзæ хæ й, исты ма мын радзур мæ мады тыххæ й! — Æ мæ Поллианнæ уайтагъд фæ ндаджы астæ у абадти.

Хæ дзарæ й дзæ нгæ рæ джы хъæ р райхъуыст, æ мæ сæ м Ненси чъылдымы дуарæ й цыппæ рвадыгæ й рауади.

— Поллианнæ, уыцы дзæ нгæ рæ г нысан кæ ны аходæ н, — срæ цыгъта Ненси. Рæ вдз кæ й згъордта, уымæ гæ сгæ тыхулæ фт кодта. Поллианнæ йы къухыл фæ хæ цыд æ мæ йæ хæ дзары ’рдæ м фæ цæ йласта. — Æ ндæ р рæ стæ джы та фæ нысан кæ ны сихор кæ нæ æ хсæ вæ р. Фæ лæ алы хатт дæ р нысан кæ ны: куыддæ р æ й фехъусай, афтæ, кæ мфæ нды куы уай, уæ ддæ р хъуамæ хæ рæ ндонмæ ныййарц уай. Куы нæ ’рбазгъорай, уæ д та, нæ дыууæ йæ зондджындæ р чи у, уый цин кæ нынæ н æ фсон ссарын бахъæ удзæ н! — загъта Ненси, æ гоммæ гæ с цъиуы кæ ркдонмæ куыд фæ цæ йсурынц, уыйау Поллианнæ йы хæ дзармæ кæ нгæ йæ.

Аходæ ны фыццаг фондз минуты ацыдысты æ нæ хъыпп-сыппæ й. Мисс Полли, стъолы сæ рмæ сæ рог базыртыл дыууæ рдæ м цы дыууæ бындзы кодтой, уыдонмæ касти, æ мæ æ ппынфæ стаг тызмæ гæ й бафарста:

— Ненси, ацы бындзытæ кæ цæ й фæ зындысты?

— Нæ йæ зонын, æ хсин. Къæ бицы иу бындз дæ р нæ уыди. — Уый размæ бон Ненси æ гæ р тыхст уыдис, æ мæ нæ бафиппайдта, Поллианнæ йы уаты рудзгуытæ æ мбисбоны фæ стæ гом кæ й уыдысты, уый.

— Мæ мадыхо, мæ нмæ гæ сгæ, уыдон мæ бындзытæ сты, — уæ зданæ й бафиппайдта Поллианнæ. — Абон тынг бирæ уыдысты, мæ уаты сæ рæ стæ г дзæ бæ х æ рвыстой.

Ненси фæ дис уад акодта. Йемæ æ рбатар сты, стъолыл цы тæ вд адджын гуылтæ æ рæ вæ рынмæ хъавыди, уыдон дæ р.

— Дæ бындзытæ?! — ныддис кодта мисс Полли. — Цы зæ гъынмæ хъавыс уымæ й? Кæ цæ й фæ зындысты?

— Ау, куыд кæ цæ й, мæ мадыхо? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уынгæ й. Рудзгуытæ й æ рбатахтысты. Мæ хæ дæ г æ й федтон, куыд тахтысты, уый.

— Федтай! Афтæ зæ гъынмæ хъавыс, æ мæ рудзгуытæ байгом кодтай, хызæ гтæ сыл нæ ма ис, афтæ мæ й?

— О, нæ й сыл хызæ гтæ, мæ мадыхо.

Уыцы рæ стæ г Ненси ногæ й æ д гуылтæ æ рбахызт. Йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт, æ мæ уымæ й, тынг кæ й стыхст, уый бæ рæ г уыди.

— Ненси, — тызмæ гæ й загъта мисс Полли, — гуылтæ стъолыл æ рæ вæ р æ мæ гъертæ ккæ мисс Поллианнæ йы уатмæ уайгæ кæ н. Йæ уаты рудзгуытæ йын сæ хгæ н, стæ й дуæ рттæ дæ р. Уый фæ стæ, дæ райсомы куыстытæ куы фæ уай, уæ д алы уатмæ дæ р пырхгæ нæ нимæ бацу. Лæ мбынæ г бакæ с алы къуыммæ дæ р. — Йæ хæ рæ фыртмæ разылди. — Поллианнæ, дæ уаты рудзгуытæ н æ з хызæ гтæ саразын кæ ндзынæ н. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый мæ хæ с у. Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, дæ уæ й дæ хæ с ферох ис.

— Мæ... хæ с? — Поллианнæ фырдисæ й йæ цæ стытæ ныййирд кодта.

— Æ з æ й зонын, дæ уаты тынг тæ вд кæ й у, уый, фæ лæ дæ уæ н дæ хæ с уыди рудзгуытæ æ хгæ дæ й дарын, цалынмæ сыл хызæ гтæ нæ бакодтой, уæ дмæ. Бындзытæ, Поллианнæ, æ рмæ ст чъизи æ мæ фæ лмæ цынгæ наг сасчытæ не сты, фæ лæ ма не ’нæ низдзинадæ н дæ р сты тынг тæ ссаг. Аходæ ны фæ стæ дын æ з чиныг ратдзынæ н.

— Бакæ сынмæ? О, бузныг, мæ мадыхо Полли! Æ з кæ сын бирæ уарзын.

Мисс Полли къæ хты бынæ й ныуулæ фыд æ мæ йæ былтæ фидар нылхъывта. Поллианнæ йын йæ цæ сгомы тызмæ г æ нгас бафиппайдта, æ мæ хъуыдыты аныхъуылд, йæ ных нынцъылдтæ ис.

— Мæ мадыхо Полли, мæ нæ н тынг хъыг у, мæ хæ с мæ кæ й ферох ис, уый, — загъта чызг хатыркурæ г хуызæ й, — æ з рудзгуытæ нал байгом кæ ндзынæ н.

Мадыхо йын дзуапп нæ радта. Аходæ ны кæ ронмæ ницыуал сдзырдта. Уый фæ стæ сыстад, уазджыты уаты цы чингуыты скъапп уыд, уый размæ бацыд, иу гыццыл чиныг дзы райста æ мæ, йæ хæ рæ фырты размæ бацæ угæ йæ, загъта:

— Поллианнæ, мæ нæ ис, кæ й кой дын кодтон, уыцы чиныг. Гъертæ ккæ дæ уатмæ ацу æ мæ йæ бакæ с. Сахаты ’рдæ джы фæ стæ дæ м ссæ удзынæ н, хъуамæ дын дæ дзаумæ ттæ м æ ркæ сон.

Поллианнæ, бындзы сæ р бирæ стырдæ р цы нывыл уыди, уымæ кæ сгæ йæ, фырцинæ й ныхъхъæ р кодта:

— Бузныг, мæ мадыхо! — Æ мæ, гæ ппытæ гæ нгæ, уатæ й разгъордта, йæ фæ дыл дуар ныггуыпп ласта, афтæ мæ й.

Мисс Полли исдуг æ лхынцъæ рфыгæ й алæ ууыд, уый фæ стæ сæ рыстыр цыдæ й хæ рæ ндоныл араст æ мæ тыргъы дуар байгом кодта. Фæ лæ Поллианнæ нал зынди, æ рмæ стдæ р ма цары асинтæ й йæ къæ хты сæ пп-сæ пп хъуысти.

Æ рдæ гсахаты фæ стæ мисс Полли дæ р уыцы асинтыл хæ рдмæ ссыд æ мæ Поллианнæ йы уатмæ бацыди. Йæ цæ сгомы алы хаххы дæ р зынди хæ сы тызмæ г фæ д, фæ лæ йæ м уаты æ нхъæ лмæ каст æ гæ рон цины ног срæ мыгъд:

— О, мæ мадыхо Полли, æ з мæ царды мидæ г ахæ м диссæ гтæ никуыма федтон! Ацы чиныг мын бакæ сынмæ кæ й радтай, ууыл æ з ахæ м цин кæ нын! Æ з æ й зонгæ дæ р нæ кодтон, бындзытæ н сæ бон сæ къæ хтыл уыйбæ рц цыдæ ртæ хæ ссын кæ й у...

— Æ гъгъæ д, Поллианнæ, — сæ рбæ рзондæ й фæ урæ дта чызджы мисс Полли. — Ныр дæ дзаумæ ттæ сис, æ мæ дын сæ м æ ркæ сон. Дæ у аккаг дзы цы нæ у, уыдон, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Сулливантæ н ратдзынæ н.

Поллианнæ æ вæ ндонæ й, бындзыты кой цы чиныджы уыд, уый иуварс авæ рдта, æ мæ скъапмæ бацыди.

— Мæ дзаумæ ттæ дæ зæ рдæ мæ нæ фæ цæ удзысты, комитеты сылгоймæ гтæ сæ тынг æ взæ р рахуыдтой, — ныуулæ фыд чызг. — Фæ лæ аргъуанæ н фæ стаг æ ртæ хатты цы дзаумæ ттæ радтой, уыдон фылдæ р лæ ппутæ н æ мæ зæ ронд лæ гтæ н уыдысты, æ мæ... Искуы ды, аргъуанæ н кæ й раттынц, ахæ м дзаумæ ттæ райстай?

Уыцы фарст æ рмæ ст дæ тгæ кæ й ракодта, уымæ дæ р мадыхо кæ й смæ сты ис, уый йæ цæ стæ нгасыл бæ рæ г уыди. Поллианнæ йæ рæ дыд раст кæ нынмæ фæ ци.

— Нæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ. Ды ахæ м дзаумæ ттæ никуы райстай, мæ мадыхо! — тагъд-тагъд дзырдта чызг æ мæ та йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт. — Мæ н ферох ис, хъæ здыг адæ м уыдон хъуаг кæ й не сты. Фæ лæ мæ иуæ й-иу хатт ферох вæ ййы, хъæ здыг кæ й дæ, уый... ам, ацы уаты.

Мис Поллийы былтæ фырмæ стæ й иучысыл фегом сты, фæ лæ дзургæ ницы скодта. Поллианнæ та, цы загъта, уый йæ мадыхойæ н кæ й фæ хъыг уыдзæ н, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодта, æ мæ æ нæ рлæ угæ йæ дарддæ р дзырдта:

— Æ з уый зæ гъынмæ хъавыдтæ н, æ мæ рагацау базонæ н нæ вæ ййы, кæ й рауæ лдай кæ нынц, уыдоны ’хсæ н цы бахаудзæ нис... цы хъæ уы, уый дзы кæ й нæ разындзæ н, уымæ й фæ стæ мæ... Алы хатт дæ р-иу уыцы дзаумæ ттæ ахæ мтæ разындысты, æ мæ -иу хъазын тынг зын уыди, уымæ н æ мæ æ з мæ фыдимæ...

Поллианнæ афоныл æ рлæ ууыд. Мадыхо йын йæ фыды кой кæ нынæ н бар кæ й нæ радта, уый дзы нæ ферох. Уымæ гæ сгæ уайтагъд скъаппы хуылфы февзæ рд æ мæ дзы йæ бызгъуыртæ хъæ бысыдзагæ й райста.

— Тынг фыдуынд сты, — загъта æ фсæ рмхуызæ й чызг, — æ мæ аргъуанæ н сырх гауыз æ лхæ нын куы нæ хъуыдаид, уæ д сау уаиккой, фæ лæ мын æ ндæ ртæ нæ й.

Мисс Полли уыцы æ нахуыр дарæ с, йе ’нгуылдзыты кæ рæ ттæ й сыл гæ зæ мæ ныдзæ выд, афтæ мæ й февзæ рста. Поллианнæ йы аккаг кæ й нæ уыдысты, уый гуырысхойаг нæ уыд. Тарæ рфыгæ й æ ркаст, къамоды лæ гъзты цы æ мпъызт мидæ ггæ гтæ уыд, уыдонмæ.

— Се ’ппæ ты хуыздæ р мæ уæ лæ ис, — басасти Поллианнæ къæ мдзæ стыгæ й. — Комитеты сылгоймæ гтæ мын ног дарæ с балхæ дтой. Миссис Джонс сæ рдар у, æ мæ загъта, афтид фæ ндаг суанг цæ рæ нбонты зæ вæ ттæ й хойын куы бахъæ уа, уæ ддæ р мын хъуамæ дзаумæ ттæ балхæ ной, зæ гъгæ. Фæ лæ сæ хабар уымæ не ’рцæ удзæ н. Мистер Уайт уынæ рмæ хъусын нæ фæ разы. Йæ бинойнаг куыд зæ гъы, афтæ мæ й йæ нервытæ лæ мæ гъ сты. Фæ лæ йæ м æ рмæ ст нервытæ нæ, фæ лæ æ хца дæ р ис, æ мæ сæ зæ рдæ дарынц, уыцы гауыз балхæ ныны фаг æ хца кæ й бафтаудзæ н... йæ нервыты тыххæ й, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Мæ нмæ гæ сгæ, уый цин кæ ны, уымæ н æ мæ йын канд нервытæ нæ й, фæ лæ йæ м æ хца дæ р ис. Ды та куыд хъуыды кæ ныс?

Мисс Полли цыма ницы фехъуыста, афтæ, мидæ ггæ гтæ æ взæ рст фæ цис, стæ й Поллианнæ мæ цæ хгæ р фæ зылди.

— Поллианнæ, скъоламæ цыдтæ, æ нхъæ лдæ н.

— О, уымæ й уæ лдай, мæ фыд... хæ дзары дæ р ахуыр кодтон.

Мисс Полли иучысыл йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта.

— Хорз. Фæ ззæ джы, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, скъоламæ цæ уын райдайдзынæ. Мистер Холл, скъолайы сæ ргълæ ууæ г, æ нæ мæ нг, бацархайдзæ н æ мæ сбæ лвырд кæ ндзæ н, кæ цы къласмæ дæ бакæ нын хъæ уы, уый. Ныр та уал мын алы бон дæ р сахаты ’рдæ г хъæ рæ й кæ сдзынæ.

— Æ з уарзын кæ сын, фæ лæ дæ кæ д мæ нмæ хъусын нæ фæ нды, уæ д æ з æ хсызгонæ й кæ сдзынæ н мæ хæ дæ г... æ цæ г, мæ мадыхо! Æ мæ мæ цин кæ нынæ н æ фсон агурын дæ р нæ хъæ удзæ н, уымæ н æ мæ æ з кæ сын фылдæ р мæ хинымæ р уарзын, хъæ рæ й нæ, фæ лæ... даргъ дзырдты тыххæ й, æ мбарыс?

— Æ з ууыл гуырысхо нæ кодтон, — дзуапп радта мисс Полли тызмæ г хъæ лæ сы уагæ й. — Музыкæ йы уроктæ дын лæ вæ рдтой?

— Иучысыл. Мæ хæ дæ г цæ гъдын нæ уарзын, фæ лæ... иннæ ты цагъдмæ хъусын уарзын. Иучысыл пианинойыл цæ гъдын ахуыр кодтон. Мисс Грей аргъуаны фæ цæ гъды, æ мæ мæ уый ахуыр кодта. Фæ лæ, цæ гъдыныл ахуыр кæ нон æ ви нæ, уый мын уæ лдай нæ у. Æ цæ г, мæ мадыхо Полли?

— Æ вæ ццæ гæ н, — загъта мисс Полли, йе ’рфгуытæ хæ рдмæ сисгæ йæ. — Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, мæ хæ с у бамæ т кæ нын ууыл, цæ мæ й музыкæ йæ райдианы зонындзинæ дтæ уæ ддæ р райсай. Æ вæ ццæ гæ н, хуыйын дæ р зондзынæ?

— О, — Поллианнæ ныуулæ фыди. — Комитеты сылгоймæ гтæ мæ ахуыр кодтой, фæ лæ уый æ вирхъау цыдæ р уыд. Мисс Джоунсы хъуыдымæ гæ сгæ, сæ хтæ джытæ кæ рæ дзийыл хуыйгæ йæ, судзиныл, иннæ сылгоймæ гтæ йыл куыд хæ цыдысты, афтæ хæ цын нæ хъуыди. Миссис Уайтмæ гæ сгæ, «фæ сасынк» кæ й хонынц, ууыл æ рхуыйæ н сынкæ й раздæ р ахуыр кæ нын хъæ уы, науæ д та иннæ рдæ м. Миссис Харриманы хъуыдымæ гæ сгæ та, хæ цъилтæ кæ рæ дзиуыл хуыйыныл æ ппындæ р ахуыр кæ нын нæ хъæ уы.

— Ахæ м зындзинæ дтæ нал æ взардзынæ. Æ з дæ мæ хæ дæ г хуыйын сахуыр кæ ндзынæ н. Хæ ринаг кæ нын, æ нхъæ лдæ н, нæ зоныс.

Поллианнæ æ васт ныххудти.

— Нырма мæ сæ рды райдыдтой ахуыр кæ нын. Фæ лæ уыцы хъуыддаджы дард нæ ацыдтæ н. Ам сæ хъуыдытæ ноджы тынгдæ р фæ хицæ н сты. Сæ зæ рды уыди дзулæ й райдайын, фæ лæ, дзул æ мхуызон чи кодта, ахæ мтæ се ’хсæ н дыууæ дæ р нæ разынд. Уымæ гæ сгæ, уыцы фарстыл иумæ æ рныхас кодтой æ мæ ахæ м уынаффæ рахастой: алчидæ р мæ къуыри иу хатт ахуыр кæ нæ д йæ хи къæ бицы. Мæ ахуыр мæ ныууадзын куы бахъуыдис... уæ дмæ базыдтон фæ лмæ н шоколадæ й къафеттæ кæ нын, стæ й тъортт инжиримæ, — загъта чызг ризгæ хъæ лæ сæ й.

— Шоколадæ й къафеттæ æ мæ тъортт инжиримæ! Æ цæ гдæ р ма! — былысчъилæ й загъта мисс Полли. — Мæ нмæ гæ сгæ, уыцы уавæ р æ нцонæ й сраст кæ ндзыстæ м. — Ахъуыды кодта, стæ й, ныхæ стæ ’взаргæ йæ, дарддæ р дзырдта. — Алы райсом дæ р мын фараст сахатыл хъæ рæ й кæ сдзынæ æ рдæ гсахат. Уый размæ -иу дæ уат бафснайдзынæ. Æ ртыццæ джы æ мæ сабаты дæ фараст сахаты æ мæ æ ртын минутæ й æ мбисбоны онг Ненси къæ бицы ахуыр кæ ндзæ н хæ ринаг кæ нын. Иннæ бонты райсомæ й мемæ хуыйдзынæ. Афтæ мæ й фæ ссихор дын цы сахаттæ ис, уыдон баззайдзысты музыкæ йы уроктæ н. Æ з дын, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ахуыргæ нæ г ссардзынæ н, балхынцъ кодта мисс Полли, бандонæ й сыстгæ йæ.

Поллианнæ сонт хъæ р фæ кодта:

— Мæ мадыхо! Цæ рынæ н мын рæ стæ г нæ ныууагътай!

— Цæ рынæ н? Уымæ й цы зæ гъынмæ хъавыс? Цыма афтæ мæ й цæ ргæ нæ кæ ндзынæ, уыйау!

— О, улæ фгæ кæ ндзынæ н, уыдæ ттæ куы кæ нон уæ д, фæ лæ цæ ргæ нæ кæ ндзынæ н. Улæ фгæ фынæ йæ дæ р фæ кæ нынц, фæ лæ цæ ргæ нæ фæ кæ нынц! Æ з цардыл нымайын, цы мæ фæ нды, уый кæ нын: кæ рты хъазын, кæ сын (мæ хицæ н, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы), къуыбыртæ м хизын, дыргъдоны мистер Том æ мæ Ненсиимæ ныхас кæ нын, хæ дзæ ртты, адæ мы, стæ й алкуы æ мæ алцæ й, знон цы диссаджы уынгты фæ цæ йцыдтæ н, æ ппæ т уыдоны тыххæ й алцы базонын. Æ з цард уый хонын, мæ мадыхо! Æ рмæ ст улæ фын та цард нæ у!

Мисс Полли смæ сты æ мæ йæ сæ р хæ рдмæ фæ хъил кодта:

— Поллианнæ, мæ цæ рæ нбонты дæ уæ й æ нахуырдæ р сывæ ллон нæ федтон! Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, хъазынæ н дын рæ стæ г уыдзæ нис. Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, кæ д æ з мæ хæ с сæ ххæ ст кæ нынмæ æ мæ, цæ мæ й æ мбæ лгæ хъомылад æ мæ ахуырад райсай, ууыл бамæ т кæ нынмæ цæ ттæ дæ н, уæ д ды дæ р хъуамæ дæ хæ с сæ ххæ ст кæ нынмæ цæ ттæ уай, æ мæ дæ хъус æ рдарай уымæ, цæ мæ й мæ мæ т æ бузнæ й ма баззайа, стæ й дзæ гъæ лы ма фæ уа.

Поллианнæ мæ афтæ фæ каст, цыма йæ зæ рдæ йæ бынатæ й фæ иртæ ст.

— Мæ мадыхо Полли, æ з æ бузн никуы уыдзынæ н!.. Уарзгæ дæ куы кæ нын... ды комитеты сылгоймæ гтæ й иу нæ дæ, фæ лæ мæ хæ рз мадыхо!

— Тынг хорз. Æ мæ мын мæ хæ рзтæ хорзæ й бафидыныл бацархай, — дзуапп раттыны аккаг æ й скодта мисс Полли, дуары ’рдæ м фæ зилгæ йæ. Йæ фæ стæ æ нæ ныфс æ мæ къуызгæ хъæ лæ с куы фехъуыста, уæ д уыди асинты астæ у:

— Мæ мадыхо Полли, ды мын афтæ дæ р нæ загътай, мæ дзаумæ ттæ й мын кæ мæ ндæ р раттынмæ... кæ цытæ хъавыс, уый.

Мадыхо Полли фæ лмæ цыдæ й арф ныуулæ фыд. Уыцы сулæ фт Поллианнæ йы хъустыл андзæ выд.

— О, Поллианнæ, ферох мæ ис зæ гъын. Абон нæ иу сахат æ мæ æ ртын минутыл Тимоти аласдзæ н горæ тмæ. Уыцы къабатæ й иу дæ р уый аккаг нæ у, цæ мæ й йæ мæ хæ рæ фырт дара. Æ мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ з дæ разы мæ хæ с сæ ххæ ст кæ нынæ й тынг дард уыдаин, уыдонæ й дæ иу дæ р дæ уæ лæ скæ нын куы бауагътаин, уæ д.

Ныр та ныуулæ фыд Поллианнæ. Афтæ йæ м фæ каст, цыма йын дзырд «хæ с» æ нæ уынон фестад.

— Мæ мадыхо Полли, — сдзырдта та ногæ й æ нкъардæ й, — æ мæ уыцы «хæ сы», цингæ нæ н цæ уыл ис, ахæ мæ й ницы ис?

— Цы? — Мисс Поллийы цыма арв æ рцавта, уыйау уæ лæ мæ скасти. Уый фæ стæ фæ сырх æ мæ асинтыл дæ лæ мæ араст мæ стыйæ. — Къæ йных ма у, Поллианнæ!

Поллианнæ йæ тæ вд уаты, раст æ мæ дæ рзæ г къухтæ цы бандæ ттæ н уыдис, уыдонæ й иуыл йæ хи æ руагъта. Йæ царды бæ лвырд ницы уыдта, зындис æ м æ рмæ ст æ дзух æ ххæ стгæ нинаг хæ с.

— Нæ йæ зонын, къæ йныхæ й дзы цы ис, уый, — ныуулæ фыд чызг. — Æ з æ й æ рмæ ст бафарстон, уыцы «хæ с» æ ххæ ст кæ нгæ йæ, йæ бон мæ нæ н, цин цæ уыл кæ нон, ахæ м æ фсон бацамонын у æ ви нæ.

Цалдæ р минуты Поллианнæ бадти æ нæ дзургæ йæ. Хуыссæ ныл цы къабатæ ферох сты, уыдонмæ æ нкъардæ й касти. Уый фæ стæ сабыргай сыстад æ мæ сæ скъаппы ’фснайын райдыдта.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й ам цин кæ нæ н ницæ уыл ис, — загъта хъæ рæ й, — хæ с æ ххæ стгонд кæ й æ рцыд, уымæ й фæ стæ мæ! Æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы ныххудти.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.