Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





4 СÆР. УАТ ЦАРЫ



Мисс Полли Харрингтон йæ хæ рæ фыртæ н нæ сыстад. Æ цæ г чиныгæ й йæ цæ стæ нгас фæ иртæ ста, Ненси æ мæ Поллианнæ уаты къæ сæ рыл куы ’рлæ ууыдысты, уæ д. Чызгмæ йæ къух бадардта, фæ лæ уыцы къухы уазал æ нгуылдзтæ й алкæ уыл дæ р ставдæ й фыст уыди дзырд «хæ с».

— Куыд дæ, Поллианнæ? Æ з... — Æ ндæ р исты зæ гъынæ н ын фадат нал фæ цис. Поллианнæ фатау уаты сæ рты батахт. Йæ мæ сты æ мæ тызмæ г мадыхойы хъæ бысмæ йæ хи фехста.

— О, мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли! Æ з ахæ м цин кæ нын, кæ й мæ суазæ г кодтай, ууыл! — кæ угæ йæ, дзырдта чызг. — Ды йæ зонгæ дæ р нæ кæ ныс, уый цы диссаджы хорз у, ды, Ненси æ мæ æ ппæ т адæ ттæ кæ й ис! Раздæ р мын, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ й фæ стæ мæ, ничи уыди...

— Уырны мæ... кæ д семæ æ хсызгонæ й нæ базонгæ дæ н, уæ ддæ р, — дзуапп радта тызмæ гæ й мисс Полли, йæ хи чызджы гыццыл æ нгуылдзтæ й суæ гъд кæ ныныл архайгæ йæ. Йе ’лхынцъ æ рфгуыты бынæ й Ненсимæ касти. Уый лæ ууыди дуары къæ сæ рыл. — Дæ бон у, æ мæ ацæ уай, Ненси. Поллианнæ, дæ хорзæ хæ й, раст слæ уу, куыд æ мбæ лы, афтæ. Æ з нырма, цыхуызæ н дæ, уый дæ р нæ федтон.

Поллианнæ уайтагъд иуварс алæ ууыд, фыртыхстæ й ныххудти.

— Нæ федтай, бæ гуы. Фæ лæ мæ м уыйбæ рц уынинагæ й ницы ис, æ мæ алцыдæ р мæ нæ ацы дзыгъуырты аххосæ й. Хæ дæ гай, æ з дын хъуамæ ацы сырх къабайы, стæ й, йæ рæ мбыныкъæ дзтыл урс тæ ппытæ цы сау хъæ дабæ къабайæ н уыди, уый тыххæ й алцыдæ р бамбарын кæ нон. Æ з Ненсийæ н дзырдтон, мæ фыд мын афтæ кæ й загъта...

— Дæ фыд цы загъта, уый мæ нæ хъæ уы, — йæ ныхас ын цæ хгæ р аскъуыдта мисс Полли. — Æ нхъæ лдæ н, чумæ дан дæ м ис?

— О, мæ мадыхо. Рæ сугъд гыццыл чырын мæ м ис, комитеты сылгоймæ гтæ мын æ й балхæ дтой. Дзаумæ ттæ дзы бирæ нæ й, ома мæ хи чи сты, ахæ мтæ... Фæ стаг рæ стæ джы, аргъуанæ н-иу кæ й рауæ лдай кодтой, уыдоны ’хсæ н чызджы дарæ с нæ уыди; фæ лæ мæ фыды чингуытæ иууылдæ р уым сты, чырыны. Миссис Уайт афтæ загъта, зæ гъгæ, хуыздæ р уыдзæ н, цæ мæ й сæ æ з ахæ ссон. Æ мбарыс, мæ фыд...

— Поллианнæ, — ногæ й та йæ цæ хгæ р фæ урæ дта мадыхо, — ды хъуамæ райдианæ й бамбарай: мæ н нæ фæ нды, цæ мæ й æ дзух дæ фыды кой кæ най.

Чызг ныуулæ фыд, фæ уыргъуыйау.

— Мæ мадыхо Полли, ды... афтæ зæ гъынмæ хъавыс...

Фæ дызæ рдыг, фæ лæ мисс Полли фæ рæ вдз:

— Цом, ацæ уæ м уæ лæ мæ, дæ уатмæ. Дæ гыццыл чырын афонмæ уым ис. Æ з Тимотийæ н бафæ дзæ хстон, цæ мæ й дын æ й уæ лæ мæ схæ сса... куы дæ м разына, уæ д. Цом мæ фæ дыл, Поллианнæ.

Поллианнæ хъыпп-сыпп не скодта, афтæ мæ й фæ зылд æ мæ йæ мадыхойы фæ дыл уатæ й рацыди. Йæ цæ стытæ доны разылдысты, фæ лæ йæ сæ р не ’руагъта.

«Цæ й, мæ нæ н æ хсызгон дæ р ма у, мæ фыды кой кæ нон, уый йæ кæ й нæ фæ нды, — хъуыды кодта Поллианнæ. — Чи зоны, афтæ мын æ нцондæ р уыдзæ н... йæ кой куы нæ кæ нон, уæ д. Чи зоны, уымæ н мæ нæ уадзы йæ кой кæ нын». Æ мæ Поллианнæ, йæ мадыхо зæ рдæ хæ лар кæ й у, ууыл фидарæ й æ ууæ ндгæ йæ, йæ цæ ссыгтæ асæ рфта æ мæ цымыдисæ й йæ алыварс акасти.

Уыцы рæ стæ г асинтыл уыди. Йæ разæ й сыф-сыф кодта йæ мадыхойы рæ сугъд сау зæ лдаг къаба. Гом дуæ рттæ й зындысты гауызтæ æ мæ æ рттивгæ хъуымацæ й нывæ зт къæ лæ тджынтæ. Къæ хты бын, фæ лмæ н кæ рдæ гхуыз хъуынайау, диссаджы гауыз айтыгъд и. Куы-иу йæ рахизфарс, куы — йæ галиуфарс, цæ стытæ къахгæ, ферттывтой нывты фæ лгæ ттæ æ мæ хуры рухсы ризгæ тæ ппытæ; уыцы рухс æ мбæ рзæ нты хызтæ й мидæ мæ хъардта.

— О, мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли! — мынæ г хъæ лæ сæ й дзырдта фырцинæ й Поллианнæ. — Цы диссаджы рæ сугъд хæ дзар у! Ды, æ вæ ццæ гæ н, тынг цин кæ ныс, ахæ м хъæ здыг кæ й дæ, ууыл!

— Поллианнæ! — ныхъхъæ р кодта мадыхо, цæ хгæ р фæ зилгæ йæ. — Мæ нæ стыр диссаг! Дæ бон мын афтæ зæ гъын куыд у?!

— Цæ уылнæ, мæ мадыхо! Ау, цин нæ кæ ныс? — бафарста Поллианнæ æ нæ хинæ й.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ кæ нын. Æ мæ мæ зæ рдæ дарын, уыйбæ рц сæ рцух кæ й никуы разындзынæ н, цæ мæ й, Хуыцау мæ цы хорзæ хы аккаг скодта, уымæ й тæ ригъæ дджынау мæ сæ р бæ рзæ ндты хæ ссон, — загъта мисс Полли. — Æ з хъæ здыгдзинадæ й сæ рыстыр никуы уыдзынæ н!

Мисс Полли фæ зылд æ мæ, асинтæ й цармæ цы дуар уыд, уый цурмæ бацыди. Ныр ын æ хсызгон дæ р ма уыд, чызгæ н бынат ацы ран кæ й скодта, уый. Раздæ р йæ хъуыды уый мидæ г уыди, цæ мæ й йæ м чызг æ гæ р æ ввахс ма уа. Стæ й сывæ ллон æ нæ рхъуыды у, æ мæ хæ дзары зынаргъ дзаумайæ н цæ мæ й мацы знаггад ракæ на, ууыл архайдта. Фæ лæ ныр уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, мисс Поллимæ бирæ хуыздæ р фæ каст, цы уат ын рахицæ н кодта, уый хуымæ тæ г кæ й у æ мæ дзы уæ лдай дзаумайæ кæ й ницы ис.

Поллианнæ йы гыццыл къæ хтæ цæ рдæ г сæ пп кодтой йæ мадыхойы фæ дыл. Йе стыр æ рвгъуыз цæ стытæ ноджы цæ рдæ гдæ рæ й алфамбылай сгæ рстой, цæ мæ й ацы диссаджы хæ дзары цы рæ сугъд дзаумæ ттæ ис, уыдонæ й иу дæ р æ нæ фенгæ ма баззайа. Уæ лдай цæ рдæ г куыста йæ фантази. Иу фарст æ й тынг цымыдис кодта: ацы алæ мæ ты дуæ рттæ й йæ кæ цы бакæ ндзæ н йæ хи уатмæ — зынаргъ æ мæ рæ сугъд уатмæ, æ мбæ рзæ нтæ, гауызтæ æ мæ нывтæ й йедзаг чи у, ахæ ммæ, нырæ й фæ стæ мæ йæ хи чи хъуамæ суа, уымæ? Уыцы рæ стæ г йæ мадыхо æ виппайды цавæ рдæ р дуар фегом кодта æ мæ ’ндæ р асинтыл хæ рдмæ фæ цæ йцыди.

Ам, цæ ст цæ уыл æ рæ вæ рай, ахæ мæ й ницы уыд. Фæ йнæ рдыгæ й — æ рмæ ст бæ гънæ г къултæ. Уæ ле — талынг æ мæ уæ рæ х фæ зуат. Йæ фаллаг къуымты цар пъолыл ныдзæ выд, алырдыгæ й кæ рæ дзийыл амад уыдысты æ нæ нымæ ц чумæ дантæ æ мæ къоппытæ. Ам уыдис тæ вд æ мæ æ нуд. Поллианнæ æ нæ бары йæ сæ р хæ рдмæ систа афтæ йæ м каст, цыма йын улæ фын дæ р зын у. Уалынмæ мадыхо рахизæ рдыгæ й дуар фегом кодта.

— Мæ нæ дæ уат, Поллианнæ, дæ гыццыл чырын дæ р ам ис. Дæ гъæ л дæ м ис?

Поллианнæ æ нæ дзургæ йæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Йæ цæ стытæ фыртæ ссæ й фæ хъоппæ г сты.

Мисс Полли йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Поллианнæ, æ з-иу дæ истæ мæ й куы бафæ рсон, уæ д мæ фæ нды, цæ мæ й мын дзуапп радтай хъæ рæ й, дæ сæ р ма тилай, фæ лæ.

— Хорз, мæ мадыхо.

— Бузныг, афтæ хуыздæ р у. Мæ нмæ гæ сгæ, ам ис, цыдæ риддæ р дæ хъæ уы, уый, — бафтыдта мисс Полли, хисæ рфæ н ауыгъд кæ уыл уыд, уыцы ауындзæ нмæ æ мæ доны дурынмæ бакæ сгæ йæ. — Æ з Ненсийы æ рбарвитдзынæ н, цæ мæ й дæ м дæ дзаумæ ттæ ’фснайынмæ фæ кæ са. Æ хсæ вæ р уыдзæ н æ хсæ з сахатыл, — загъта мадыхо, уатæ й рахызт æ мæ сæ рыстырхуызæ й асинтыл дæ лæ мæ фæ раст.

Поллианнæ иу минуты бæ рц æ нæ змæ лгæ йæ лæ ууыд æ мæ йæ фæ дыл касти. Уый фæ стæ рохстæ й бæ гънæ г къултыл, афтид пъолыл æ мæ гом рудзгуытыл йæ цæ ст ахаста. Æ ппынфæ стаг, йæ цæ стæ нгас гыццыл чырыныл андзæ выд. Æ рæ джы дæ р ма дард ныгуылæ йнаг хæ дзары йæ хи уаты лæ ууыди. Базгъордта йæ м, йæ уæ рджытыл æ рхауд æ мæ йæ цæ сгом йæ къухтæ й сæ хгæ дта.

Цалдæ р минуты фæ стæ йæ Ненси афтæ мæ й баййæ фта.

— Уæ, мæ гыццыл уæ рыкк, — рæ вдаугæ йæ м сдзырдта мынæ г хъæ лæ сæ й. Пъолыл æ рбадт æ мæ чызджы узæ лгæ æ рбахъæ быс кодта. — Æ з дæ р уымæ й куы тарстæ н... ам дæ кæ угæ йæ кæ й æ рбаййафдзынæ н... кæ угæ йæ!

Поллианнæ йæ сæ р батылдта.

— Ненси, æ з тынг цъаммар æ мæ ’взæ р чызг дæ н, — скуыдта чызг. — Мæ бон нæ у мæ хицæ н бамбарын кæ нын, мæ фыд Хуыцауы æ мæ зæ дты мæ нæ й фылдæ р кæ й хъуыдис, уый.

— Ницы сæ хъуыдис фылдæ р, — фидарæ й загъта Ненси.

— О, Ненси! — Поллианнæ йы цæ стыты цы тас ссыгъди, уымæ й йæ цæ ссыгтæ дæ р ахус сты.

Ненси фефсæ рмы ис, бахудти æ мæ сусæ гæ й йæ цæ ссыгтæ асæ рфта.

— Цæ й-ма, мæ хур, æ з афтæ нæ хъуыды кæ нын! — хъæ рæ й загъта Ненси. — Æ ри-ма дæ дæ гъæ л ардæ м, ацы чырынмæ ныккæ сæ м æ мæ дын дæ къабатæ фенæ м. Иу — дыууæ, иу — дыууæ!

Поллианнæ йы цæ стытæ нырма хуылыдз уыдысты, афтæ мæ й йæ м дæ гъæ л балæ вæ рдта.

— Бирæ не сты, — сдзырдта чызг ризгæ хъæ лæ сæ й.

— Гъемæ сæ уæ д ноджы тагъддæ р райхалдзыстæ м!

Æ нæ нхъæ лæ джы Поллианнæ йæ мидбылты бахудти.

— Тынг раст! Æ мæ мæ нæ н мæ бон ууыл цин кæ нын у, æ цæ г? — ныхъхъæ р кодта уый.

Ненси йæ м дисгæ нгæ бакаст.

— О, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, — дзуапп радта мынæ г хъæ лæ сæ й.

Ненсийы цырд къухтæ рæ вдз райхæ лдтой чингуытæ, æ мпъызт мидæ ггæ гтæ æ мæ цалдæ р лæ зæ рд, фыдуынд къабайы. Поллианнæ йе ’хсары муртæ æ рæ мбырд кодта æ мæ, мидбылты худгæ йæ, зилдух кодта йæ разы; къабатæ ауыгъта скъаппы, чингуытæ стъолыл æ вæ рдта, мидæ ггæ гтæ тъыста къамоды лæ гъзты.

— Мæ н фидарæ й уырны — ацы уат тынг дзæ бæ х уыдзæ н. Ды та куыд хъуыды кæ ныс? — æ ргом гуырысхоимæ сдзырдта чызг.

Дзуапп нæ райста. Ненси йæ сæ р чырыны нытътъыста, дзурынмæ йæ не ’вдæ лд. Поллианнæ къамоды раз лæ ууыд æ мæ афтид къулмæ æ нкъардæ й касти.

— Цин кæ ндзынæ н, ам кæ сæ н кæ й нæ й, ууыл, уымæ н æ мæ мæ дзыгъуыртæ нæ уындзынæ н.

Ненсийы хъуырæ й æ нæ нхъæ лæ джы цыдæ р æ нахуыр мыр сирвæ зт, фæ лæ йæ м Поллианнæ куы ракаст, уæ д йæ сæ р фæ стæ мæ чырыны февзæ рдис. Цалдæ р минуты фæ стæ, рудзгуытæ й иуы раз æ рлæ угæ йæ, Поллианнæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта æ мæ йæ цины хъæ р райхъуыст:

— О, Ненси, æ з та йæ фыццаг нæ федтон! Кæ с-ма... ардыгæ й алцыдæ р зыны — бæ лæ стæ, хæ дзæ рттæ, стæ й диссаджы аргъуаны цъупп! Цæ угæ дон цæ хæ ртæ калы, æ взистау! Ненси, рудзынгæ й ахæ м ныв куы зына, уæ д ма нывтæ дæ р цæ мæ н хъæ уынц. Ехх, куыд тынг цин кæ нын ныр, мæ мадыхо мæ ацы уаты кæ й æ рцæ рын кодта, ууыл!

Поллианнæ дисы бафтыд æ мæ фæ тарсти, уымæ н æ мæ Ненсийæ н йæ цæ ссыгтæ фемæ хстысты. Чызг æ м базгъордта.

— Ненси, цы кæ ныс?.. Ненси, цы ’рцыди? — ныхъхъæ р кодта Поллианнæ, æ мæ уый фæ стæ тарстхуызæ й бафтыдта: — Ацы уат дæ у уыди, мыййаг?

— Мæ уат! — йæ маст рафыхти Ненсийæ н, йæ цæ стысыгтæ ныхъуырдта. — Ды гыццыл зæ д дæ, раст арвæ й чи ’рцыдис, ахæ м... æ мæ чидæ р йæ азымыл куы нæ басæ тта æ мæ куы нæ ’рбацæ уа, цалынмæ... Мæ нмæ гæ сгæ, уый дзæ нгæ рæ г у!

Уыцы диссаджы ныхæ сты фæ стæ Ненси фæ гæ пп ласта, фатау ратахти уатæ й, сæ псæ пгæ нгæ, асинтыл дæ лæ мæ ныййарц.

Поллианнæ иунæ гæ й куы аззад, уæ д раздæ хти йæ «нывмæ ». Рудзынгæ й цы рæ сугъд æ рдзы ныв зынди, уый йæ хинымæ р афтæ схуыдта. Цасдæ р рæ стæ джы фæ стæ хъавгæ бавнæ лдта рудзынджы фæ лгæ тмæ. Афтæ йæ м касти, цыма уыцы тæ вд æ мæ æ нудæ н дарддæ р бафæ разæ н нал уыд. Йæ амондæ н фæ рсаг æ нцонæ й базмæ лыд. Поллианнæ рудзынг уæ рæ х байгом кодта æ мæ дзы суанг йæ астæ умæ рабырыди. Дыргъдоны хæ рздæ ф цы сатæ г уæ лдæ фы ахъардта, уый зыдæ й улæ фыд.

Уый фæ стæ базгъордта иннæ рудзынгмæ. Уый дæ р байтыгъта. Дынджыр бындз йæ тæ ккæ фындзы бын атахт æ мæ уаты ныггуыв-гуыв кодта. Уый фæ стæ ма ’рбатахтис иу, стæ й ноджыдæ р; фæ лæ сæ м Поллианнæ йæ хъус не ’рдардта. Уымæ н раргом ис диссаджы ногдзинад: рудзынджы бакомкоммæ сæ хи айтыгътой стыр бæ ласы тыхджын къалиутæ, раст цыма йæ сæ хъæ бысмæ хуыдтой, уыйау.

Поллианнæ æ васт хъæ рæ й ныххудти.

— Æ нæ мæ нг, бауыдзæ н мæ бон, — загъта чызг, æ мæ рæ вдз рудзынджы тæ рхæ гмæ сбырыди. Уырдыгæ й бæ ласы æ ввахсдæ р къалиумæ акъахдзæ ф кæ нын æ нцондæ р уыд. Уый фæ стæ, маймулийау къалиутыл хæ цгæ йæ, бæ ласы дæ ллаг цонгмæ ’рхызти. Уырдыгæ й зæ хмæ ’ргæ пп кæ нын тынг тæ ссаг уыди, суанг бæ лæ стыл бырын ахуыр Поллианнæ йæ н дæ р. Фæ лæ йæ гыццыл къухтыл æ рдзедзыкка кодта æ мæ уæ ддæ р æ ргæ пп ласта. Иу уысм йæ улæ фт фæ урæ дта æ мæ фæ лмæ н кæ рдæ гыл февзæ рдис. Цæ рдæ г фестад æ мæ акасти йæ алыварс. Йæ разы уыди дыргъдон, иу зæ ронд лæ г дзы гуыбырæ й куыста. Дыргъдоны фале зындис нарæ г фæ ндаг, уæ рæ х быдырыл уырдыглæ ууæ г къуыбырмæ ахæ ццæ. Йæ сæ рыл, стыр къæ дзæ хмæ ’ввахс, хъахъхъæ нæ гау лæ ууыдис иунæ г нæ зы бæ лас. Уыцы рæ стæ г Поллианнæ мæ афтæ фæ каст, цыма зæ ххыл ис æ рмæ стдæ р иу бæ ллиццаг бынат — уыцы айнæ джы цъупп.

Йæ размæ цы цæ лхдуртæ уыд, уыдоны сæ рты арæ хстджынæ й хизгæ йæ, Поллианнæ, дидинджытæ м цы зæ ронд лæ г æ ргуыбыр кодта, уый цурты, къудзиты æ мæ бæ лæ сты рæ зты азгъордта. Тыхулæ фтгæ нгæ, быдыры нарæ г фæ ндагмæ бахæ ццæ ис. Уый фæ стæ уæ ндонæ й къуыбырмæ бырын райдыдта. Æ рмæ ст ныр бамбæ рста, уыцы хох дард кæ й у, афтæ мæ й йæ м рудзынгæ й тынг хæ стæ г фæ каст.

Фынддæ с минуты фæ стæ дæ р, Харрингтоны хæ дзары тыргъы цы сахат ауыгъд уыд, уый æ хсæ з сахаты ныццагъта. Йæ фæ стаг æ рцæ фы фæ дыл Ненси дзæ нгæ рæ гæ й ныззæ лланг кодта, æ хсæ вæ рмæ сидгæ йæ.

Рацыдис иу минут, дыууæ, æ ртæ... Мисс Полли æ лхынцъæ рфыгæ й касти æ мæ тыхстхуызæ й пъол æ ртъæ пп-æ ртъæ пп кодта йæ дзабыры зæ вæ тæ й. Уый фæ стæ цæ хгæ р фестад, уазджыты уатæ й тыргъмæ рацыд æ мæ, нæ хъæ цгæ йæ, асинты уæ ллаг фæ зуатмæ скасти. Минуты бæ рц æ дзынæ г байхъуыста, стæ й фæ зылд æ мæ сæ рыстырхуызæ й хæ рæ ндонмæ араст.

— Ненси, — загъта мисс Полли тызмæ гæ й, лæ ггадгæ нæ г куыддæ р фæ зындис, афтæ. — Мæ хæ рæ фырт æ хсæ вæ рмæ æ рæ джы кæ ны. Нæ, нæ, ма йæ м фæ дзур, — бафтыдта сылгоймаг, Ненси дуары ’рдæ м куы фæ цæ йцыдис, уæ д. — Æ з ын загътон, æ хсæ вæ р цафон уыдзæ н, уый, æ мæ йæ рæ дыдæ н хъуамæ дзуапп йæ хæ дæ г дæ тта. Райдианæ й хъуамæ ахуыр кæ на алцыдæ р афоныл æ ххæ ст кæ ныныл. Куы ’рцæ уа, уæ д ын-иу къæ бицы дзул æ мæ æ хсыр ратт.

— Æ нæ мæ нгæ й, æ хсин. — Хорз уыд, æ мæ мисс Полли уыцы рæ стæ г Ненсийы цæ сгоммæ нæ бакаст.

Æ хсæ вæ ры фæ стæ Ненси, куыддæ р ын фадат фæ цис, афтæ асины раз февзæ рди, уырдыгæ й та, цары цы уат уыд, уырдæ м сызгъордта.

— Дзул æ мæ æ хсыр! Æ цæ гæ йдæ р ма! Мæ гуырæ г, афонмæ йæ хи кæ уынæ й амардта æ мæ бафынæ й ис, — мæ стыйæ хъуыр-хъуыр кодта Ненси, сабыргай дуар байгом кæ нгæ йæ. Фæ лæ уайтагъд фыртæ ссæ й ныхъхъæ р ласта: — Кæ м дæ? Кæ дæ м алыгъдтæ? Цы фæ дæ?..

Фыртыхстæ й тыхулæ фт кæ нгæ йæ, Ненси бакасти скъапмæ, сынтæ джы бынмæ, суанг, доны дурыны фæ стæ цы чырын лæ ууыд, уый хуылфмæ дæ р ныккасти. Уый фæ стæ асинтыл ныййарц ис дыргъдонмæ, Зæ ронд Томмæ.

— Мистер Том, мистер Том, уыцы арфæ гонд саби фæ цыдæ р! — æ рдиаг кодта Ненси. — Фæ цыдæ р ис, атахти уæ ларвмæ, кæ цæ й æ рцыдис, уырдæ м... Мæ нæ н та бафæ дзæ хстой, цæ мæ й йын къæ бицы дзул æ мæ æ хсыр раттон... ныр зæ дты амбрози чи хæ ры, уымæ н! Сомы кæ нын, сомы кæ нын!..

Зæ ронд лæ г йæ астæ у зынæ й сраст кодта.

— Атахти? Уæ ларвмæ? — дызæ рдыггæ нгæ сдзырдта лæ г йæ фæ дыл, изæ рмилты цæ хæ ртæ цы арв калдта, ууыл афæ лгæ сгæ йæ. Иу уысм иу дард стъæ лфыл йæ цæ стæ нгас фæ урæ дта, уый фæ стæ чызгмæ, худгæ йæ, разылд. — Ненси, уæ ларвмæ æ ввахсдæ р фæ уыныл кæ й архайдта, уый æ цæ г у, — загъта Зæ ронд Том, йæ зылын æ нгуылдзæ й ацамонгæ йæ: егъау къæ дзæ хы сæ рмæ, изæ рмилты сырх арвы тыгъдады цыма æ нæ змæ лгæ йæ иу гуыр тахти, афтæ зынд; йæ алыварс рог уддзæ ф хъазыди.

— Хорз уæ дæ. Уый афтæ амоны, æ мæ ацы изæ р йæ зæ рды атæ хын нæ ма ис, кæ д уæ мæ хъуыды базонын фæ нды, уæ д, — загъта Ненси къæ йныхæ й. — Æ хсин куы фæ рса, уæ д ын-иу зæ гъ, къустæ мæ рох кæ й не сты, фæ лæ тезгъо кæ нынмæ кæ й ацыдтæ н, — загъта Томæ н, фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ, æ мæ, быдырыл цы нарæ г фæ ндаг цыд, уымæ азгъордта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.