Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





З СÆР. ПОЛЛИАННÆ ÆРБАХÆЦЦÆ



Поллианнæ Белдингсвиллмæ дыууын фæ ндзæ м июны цыппар сахатыл кæ й æ рбахæ ццæ уыдзæ н, уыцы хабар цы фыстæ джы ’рвыст уыд, уый афоныл райстой. Мисс Полли йæ бакаст æ мæ йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта. Уый фæ стæ асинтыл, цары цы уат уыд, уырдæ м схызти. Йæ алфамбылай куы акаст, уæ д йæ зæ рдæ нæ барухс.

Биноныг уатгонд сынтæ г, æ мраст, хъæ бæ ркъух дыууæ бандоны, хихсæ н, къамод æ нæ кæ сæ нæ й æ мæ чысыл стъол. Уаты нæ уыди нæ дæ р рудзынгæ мбæ рзæ нтæ, нæ дæ р нывтæ. Хур-иу бон дæ ргъы уæ лхæ дзар сырхзынг скодта, æ мæ -иу гыццыл уат пецау стæ вд ис. Рудзгуытыл хызæ гтæ кæ й нæ уыд, уымæ гæ сгæ сæ нæ гом кодтой. Дынджыр бындз, мæ сты гуывгуывгæ нгæ, рудзгуытæ й иуыл йæ хи хоста æ мæ дæ лæ мæ -уæ лæ мæ кодта. Дзæ гъæ лы архайдта уынгмæ раирвæ зыныл.

Мисс Полли бындзы амардта æ мæ йæ рудзынгæ й фехста, фæ лгæ т иучысыл фегом кодта æ мæ бандæ ттæ й иу йæ бынатæ й фессыдта, афтæ мæ й. Фæ стæ мæ та йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта æ мæ уатæ й рацыдис.

— Ненси, — загъта сылгоймаг чысыл фæ стæ дæ р, къæ бицы кæ сæ рыл æ рлæ угæ йæ. — Уæ ле Поллианнæ йы уаты бындз ссардтон. Æ вæ ццæ гæ н, рудзынг байгом кодтой. Рудзгуытæ н хызæ гтæ саразын бафæ дзæ хстон, фæ лæ, цалынмæ нæ ма сцæ ттæ сты, уæ дмæ дæ хъус дар, æ хгæ д куыд уой, уымæ. Мæ хæ рæ фырт райсом цыппар сахатыл æ рбахæ ццæ уыдзæ н. Мæ н фæ нды, цæ мæ й станцæ мæ йæ размæ ацæ уай. Тимоти дæ уæ рдоныл аласдзæ н. Телеграммæ йы загъд ис: ирд дзыккутæ, сырх чырынтæ къаба кæ ттаг хъуымацæ й, хъæ мпын худ. Æ ндæ р дзы ницы зонын, фæ лæ йæ уыдæ ттæ м гæ сгæ дæ р базондзынæ.

— Хорз, æ хсин... Фæ лæ... ды...

Ненси цæ мæ н æ рлæ ууыд, уый мисс Полли, æ вæ ццæ гæ н, бамбæ рста, уымæ н æ мæ фидарæ й загъта:

— Нæ, æ з нæ ацæ удзынæ н. Уый дзы ницæ мæ н хъæ уы. Фæ дæ н мæ ныхас. — Фæ зылдис æ мæ ацыд. Ууыл ахицæ н мисс Поллийы мæ т йæ хæ рæ фырты æ нцойдзинадыл.

Къæ бицы Ненси тынг мæ стыйæ хисæ рфæ ныл иту æ вæ рдта.

— Ирд дзыккутæ, кæ ттаг хъуымацæ й сырх чырынтæ къаба, хъæ мпын худ... Уыдонæ й уæ лдай ницы зоны! Æ мæ æ цæ гæ йдæ р афтæ у! Æ з та æ фсæ рмы кæ нин, æ фсæ рмы! Йæ иунæ г хæ рæ фырт, зæ ххы кæ ронæ й ардæ м чи цæ уы, уый!

Дыккаг бон ссæ дз минуты хъуаг цыппарыл Тимоти æ мæ Ненси гом уæ рдоны ацыдысты станцæ мæ, цæ мæ й, цы уазæ гмæ ’нхъæ лмæ кастысты, ууыл сæ мбæ лой. Тимоти уыди Зæ ронд Томы фырт. Горæ ты-иу дзырдтой: кæ д Том мисс Поллийæ н йæ рахиз къух у, уæ д Тимоти та — йæ галиу къух.

Тимоти уыди зæ рдæ хæ лар æ мæ бакастджын лæ ппу. Æ мæ кæ д Ненси мисс Поллийы хæ дзары æ рæ джы фæ зынд, уæ ддæ р йемæ балымæ н ис. Фæ лæ йæ м абон йæ хæ с уыйбæ рц ахсджиаг каст, æ мæ дзы суанг, цас дзураг у, уый дæ р ферох ис. Станцæ йы онг, зæ гъæ н ис, æ мæ ницы дзырдта. Уæ рдонæ й рахызт æ мæ перронмæ рацыди. Йæ хинымæ р, фæ лхатгæ нгæ, дзырдта: «Ирд дзыккутæ, кæ ттаг хъуымацæ й сырх чырынтæ къаба, хъæ мпын худ». Æ мæ та-иу афæ лвæ рдта Поллианнæ йы сурæ т йæ цæ стытыл ауайын кæ нын.

— Мæ зæ рдæ дарын, сабыр æ мæ зондджын чызг кæ й у, ууыл — йæ хи пайдайæ н; стæ й кæ рдтæ йæ къухæ й кæ й нæ фæ хауынц æ мæ дуæ рттæ гуыппытæ кæ й нæ фæ кæ ны, — ныуулæ фгæ йæ загъта Тимотийæ н.

— Æ мæ кæ д ахæ м нæ у, уæ д махмæ не ’ппæ тмæ дæ р цы ’нхъæ лмæ кæ сы, уый бæ рæ г нæ й, — бахудти Тимоти. — Дæ цæ стытыл ма ауайын кæ н: мисс Полли æ мæ тæ лфаг сывæ ллон... О-о, поезды æ хситт! Хъусыс æ й?

— Охх, Тимоти, мæ нмæ гæ сгæ, йæ хæ дæ г кæ й нæ рацыд, фæ лæ мæ н кæ й рарвыста, уый аив нæ у, — хъуыр-хъуыр кодта Ненси æ мæ æ васт фæ тарсти. Фæ зылд æ мæ рæ вдз, чысыл станцæ йы цы бæ лццæ ттæ рахызт, уыдоны размæ атындзыдта.

Уалынмæ йæ ауыдта Ненси — къæ схуыр ныллæ г чызг кæ ттаг хъуымацæ й сырх чырынтæ къабайы. Йæ фæ сонтыл — гæ нхуыз дыууæ ставд дзыккуйы. Хъæ мпын худы бынæ й зындис хъæ лдзæ г дзыгъуыр цæ сгом. Куы рахизæ рдæ м каст, куы галиуæ рдæ м, бæ рæ г уыди, кæ йдæ р кæ й агуры, уый.

Ненси йæ уайтагъд базыдта, фæ лæ иуцасдæ р йæ уæ рджыты рызт басабыр кæ нын йæ бон нæ уыд, æ мæ йæ бынатæ й не змæ лыдис. Æ ппынфæ стаг æ м æ рбахæ стæ г, уæ дмæ чызг платформæ йы аззадис иунæ гæ й.

— Ды... Поллианнæ дæ? — къуызгæ сдзырдта Ненси, æ мæ йыл иннæ уысм чызджы мæ ллæ г къухтæ ныттыхстысты.

— Ахæ м цин кæ нын, ахæ м цин кæ нын, цин кæ нын, кæ й дæ уынын, ууыл! — ныззæ лланг кодта йæ хъусы райгонд хъæ лæ с. Æ з Поллианнæ дæ н! Ахæ м цин кæ нын, мæ размæ кæ й рацыдтæ, ууыл! Кæ й мæ м æ рбацæ удзынæ, уый зыдтон!

— Зы... зыдтай? — сдзырдта Ненси æ мæ хорзау нал фæ цис. Поллианнæ йæ куыд базыдта æ мæ йыл цин цæ мæ н кæ ны, уый не ’мбæ рста. — Зыдтай? — сдзырдта ногæ й, фæ рсырдæ м цы худ ныкъкъул ис, уый сраст кæ ныныл архайгæ йæ.

— О! Æ нæ хъæ н фæ ндаг архайдтон мæ цæ стытыл дæ сурæ т ауайын кæ нын! — хъæ рæ й загъта чызг. Йæ къахфындзтыл æ ркаф-æ ркаф кодта æ мæ къæ мдзæ стыг Ненсийыл сæ рæ й къæ хты онг йæ цæ ст æ рхаста. — Ныр та йæ зонын! Æ мæ мын æ хсызгон у, дæ бакаст, куыддæ риддæ р дæ, раст ахæ м кæ й у, уый.

Поллианнæ йы ныхæ стæ й Ненси бынтон ныфсæ рмы ис, фæ лæ сæ м йæ амондæ н уыцы рæ стæ г Тимоти æ рбацыд.

— Уый Тимоти у. Чумæ дан дæ м ис, мыййаг? — æ нæ уæ ндонæ й бафарста Ненси.

— О, ис. — Поллианнæ райгондæ й йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Ног чырын мæ м ис. Хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ мын æ й балхæ дтой. Тынг хорз нæ бакодтой, куыд уæ м кæ сы? Уыцы ’хцайæ сæ аргъуанæ н гауыз балхæ нын ахæ м тынг фæ ндыди! Æ з æ й бæ лвырд нæ зонын, чырыны аргъæ й цавæ р гауыз балхæ нæ н ис, уый... Фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, ис, зæ гъæ м, бандæ тты рæ нхъы ’хсæ н æ мбисмæ айтауыны фаг, куыд дæ м кæ сы? Мæ нæ мæ м ам, мæ хызыны, ис гыццыл гæ ххæ т, мистер Грей йæ «чек» схуыдта. Дæ мадыхомæ йæ ратт, зæ гъгæ, мын бафæ дзæ хста, цæ мæ й дæ бон чырын райсын уа, уый тыххæ й. Мистер Грей миссис Грейы лæ г у, пастор Карры усæ н йæ хæ стæ джытæ сты. Скæ сæ нырдæ м цыдысты, æ мæ мæ н дæ р семæ ракодтой, уымæ н æ мæ уыдон тынг дзæ бæ х адæ м сты! Æ мæ... мæ нæ ис чек, — фæ цис чызг йæ ныхас. Бирæ йæ фæ цагуырдта æ мæ йæ кæ ддæ р йæ хызынæ й сласта.

Ненси арф ныуулæ фыдис. Ахæ м дæ ргъвæ тин ныхасы фæ стæ исчи хъуамæ кæ й ныуулæ фа, уый йæ хи мидæ г банкъардта. Уый фæ стæ сусæ гæ й Тимотимæ бакаст, фæ лæ уый аивæ й йæ хи хызта йæ цæ стæ нгасæ й.

Æ ппынфæ стаг Поллианнæ имæ сæ фæ ндагыл араст сты, чырын уæ рдоныл фæ сте бабастой, афтæ мæ й. Уый та Ненси æ мæ Тимотийы ’хсæ н дзæ бæ х сбадти. Чызг йæ дзурынæ й æ ппындæ р не ’нцад. Йæ хабæ рттæ н æ мæ йæ фæ рстытæ н кæ рон нæ уыди, цалынмæ Ненси фырдисæ й, чызджы аййафынмæ тырнгæ йæ, йæ хъару кæ й басаст, уый нæ бамбæ рста, уæ дмæ.

— Ехх! Мæ нæ цы хорз у! Дард цæ уын нæ хъæ уы? Дард куы уаид... Æ з фæ ндагыл цæ уын бирæ уарзын, — загъта Поллианнæ, цæ лхытæ куы фезмæ лыдысты, уæ д. — Æ ниу, кæ д дард нæ у, уæ ддæ р маст нæ кæ ндзынæ н, уымæ н æ мæ мын бынатыл тагъд сæ мбæ лын æ хсызгон уыдзæ н. Мæ нæ цы рæ сугъд уынг ис! Æ з æ й зыдтон, рæ сугъд кæ й уыдзæ н, уый, мæ фыд мын æ й дзырдта...

Чызг ныхъхъус ис, йæ кæ уын бауромыныл архайдта. Ненси йæ м тарстхуызæ й бакаст æ мæ бафиппайдта, йæ гыццыл роцъо зыр-зыр кæ й кæ ны, йæ цæ стытæ та доны кæ й зилынц, уый. Поллианнæ иучысыл хъусæ й фæ лæ ууыд, стæ й тагъд-тагъд дзырдта дарддæ р, хъæ батырæ й йæ сæ р хæ рдмæ сисгæ йæ:

— Мæ фыд мын алцыдæ р радзырдта, бахъуыды сæ кодта. Æ мæ... æ з дын уый хъуамæ раздæ р бамбарын кодтаин. Миссис Грей мын бафæ дзæ хста, цæ мæ й уый уайтагъд бакæ нон... мæ нæ ацы сырх къабайы тыххæ й, æ мбарыс? Ома сау цæ уылнæ дарын, уый. Ацы хъуыддаг дæ умæ, чи зоны, æ нахуыр фæ кæ са, зæ гъгæ, загъта. Фæ лæ фæ стаг хатт, аргъуанæ н цы рауæ лдай кодтой, уыдоны ’хсæ н сауæ й ницы разындис, сау хъæ дабæ къабайæ фæ стæ мæ. Æ мæ йæ пастор Карры ус мæ н аккагыл нæ банымадта. Ноджы уыцы къабайыл урс тæ ппытæ уыди... ома дæ рдджын уыди, æ мбарыс... йæ рæ мбыныкъæ дзтыл æ мæ æ ндæ р рæ тты. Комитеты сылгоймæ гтæ й иуæ й-иуты фæ ндыд, сау къаба æ мæ сау худ мын куы балхæ никкой, уый, фæ лæ иннæ ты хъуыдымæ гæ сгæ, уыцы ’хца ныууадзын хъуыдис, цы сырх гауыз балхæ нынмæ хъавыдысты... аргъуанæ н, æ мбарыс? Æ мæ миссис Уайт загъта, ацы къаба тынг хорз кæ й у, уымæ н æ мæ сывæ ллæ ты сау дарæ сы нæ уарзы... ома æ з уый зæ гъынмæ хъавын, æ мæ, æ нæ мæ нг, сывæ ллæ ты уарзы, фæ лæ сау дарæ сы нæ.

Поллианнæ иу уысм уæ лдæ ф сулæ фынмæ ’рлæ ууыд, æ мæ Ненси ныхас баппæ рста:

— Хорз у алцыдæ р... æ нæ мæ нг.

— Афтæ кæ й хъуыды кæ ныс, уый мын æ хсызгон у. Мæ нмæ дæ р афтæ кæ сы, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Поллианнæ, ногæ й йæ кæ уын бауромыныл архайгæ йæ. — Сау къабайы цин кæ нын бæ лвырд зындæ р уыдаид...

— Цин кæ нын? — ныддис кодта Ненси. Фырдисæ й йæ ныфс бахаста чызджы ныхас аскъуынынмæ.

— О... цин кæ нын: мæ фыд уæ лæ рвтæ м кæ й ацыд, цæ мæ й уым мæ мад, ме ’фсымæ ртæ æ мæ мæ хотимæ уа, ууыл. Мæ фыд мын дзырдта, æ з хъуамæ цин кæ нон, зæ гъгæ. Фæ лæ уый тынг зын у... цин кæ нын, суанг сырх къабайы дæ р... уымæ н æ мæ мын... тынг зын у æ нæ уымæ й. Æ з æ дзухдæ р, куыд тынг мæ хъæ уы, уый æ нкъарын, уымæ н æ мæ мæ мадæ н æ мæ иннæ тæ н, уым, уæ ларвы, ис Хуыцау æ мæ æ ппæ т зæ дтæ. Мæ нæ н та, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ й уæ лдай, ничи ис. Фæ лæ мын ныр æ нæ мæ нг æ нцондæ р уыдзæ н, уымæ н æ мæ ды мемæ дæ, мæ мадыхо Полли. Æ з ахæ м цин кæ нын, мемæ кæ й дæ, ууыл!

Ненси, йæ разы чи бадт, уыцы мæ гуыр, иунæ г æ мæ сидзæ р чызгæ н тынг тæ ригъæ д кодта, фæ лæ йын йæ фæ стаг ныхæ стæ куы айхъуыста, уæ д æ виппайды фæ тарсти.

— Охх, мæ зынаргъ, тынг рæ дийыс, — зынæ й сфæ рæ зта Ненси. — Æ з Ненси дæ н. Æ з дæ мадыхо Полли нæ дæ н!

— Мæ мадыхо Полли... нæ дæ? — хорзау нал фæ ци чызг.

— Нæ дæ н, æ з Ненси дæ н. Ды мæ дæ мадыхо Полли кæ й фæ хондзынæ, уый æ нхъæ л нæ уыдтæ н. Махмæ... æ ппындæ р иумæ йагæ й ницы ис!

Тимоти сабыр бахудти, фæ лæ Ненси æ гæ р стыхст, æ мæ йын йæ цæ стыты хъæ лдзæ г цæ хæ ртæ нæ бафиппайдта.

— Уæ дæ ды чи дæ? — загъта Поллианнæ. — Хæ рзгæ нæ г комитеты цы сылгоймæ гтæ ис, уыдоны хуызæ н дæ р æ ппындæ р куы нæ дæ!

Ныр Тимоти хъæ лæ сыдзагæ й ныххудти.

— Æ з дæ н Ненси, лæ ггадгæ нæ г. Æ з хæ дзары кæ нын алы куыст дæ р, æ рмæ ст гæ рзтæ не ’хсын æ мæ хуыссæ ны цъæ рттыл иту не ’вæ рын. Уыцы куыстытæ миссис Дурджин кæ ны.

— Æ мæ мæ мадыхо Полли уæ вгæ ис? — тыхстхуызæ й бафарста чызг.

— Ууыл гуырысхо ма кæ н, ис, — загъта Тимоти.

Поллианнæ сулæ фыди, фенцондæ р ын ис.

— Уæ дæ уæ д алцыдæ р хорз у. — Иуцасдæ р хъусæ й фæ лæ ууыд, уый фæ стæ хъæ лдзæ гæ й дарддæ р дзырдта. — Цы, уый зоныс? Мæ мадыхо Полли мæ размæ кæ й нæ рацыд, уый мын æ хсызгон дæ р ма у, уымæ н æ мæ нæ фембæ лд нырма разæ й ис, дæ у та ныридæ гæ н базыдтон, Ненси.

Ненси ныссырх ис. Тимоти йæ м мидбылхудгæ разылд.

— Тынг хорз зæ рдæ лхæ нæ н ныхас у, ницы зæ гъæ н дзы ис. Гыццыл æ хсинæ н бузныг цæ уылнæ зæ гъыс?

— Æ з... хъуыды кодтон мисс Поллийыл, — загъта Ненси.

Поллианнæ райгондæ й сулæ фыд.

— Æ з дæ р. Цыхуызæ н у, уый базонын мæ тынг фæ нды. Æ мбарыс, уый мæ иунæ г мадыхо у, æ з та йæ бирæ рæ стæ г зонгæ дæ р нæ кодтон, кæ й мын ис, уый. Стæ й мын æ й мæ фыд загъта. Уый мын дзырдта, къуыбырыл стыр æ мæ рæ сугъд хæ дзары цæ ры, зæ гъгæ.

— О, афтæ у. Ныридæ гæ н зыны ардыгæ й, — загъта Ненси. — Уый, уæ ртæ разæ й чи ис, уыцы урс хæ дзар у, кæ рдæ гхуыз рудзынгæ мбæ рзæ нтæ кæ уыл ис, уый.

— Цы рæ сугъд у! Йæ алыварс цас бæ лæ стæ æ мæ кæ рдæ г ис! Мæ нмæ гæ сгæ, уыйбæ рц цъæ х кæ рдæ г никуыма федтон. Ненси, мæ мадыхо Полли хъæ здыг у?

— О.

— Цы ’хсызгон мын у! Бирæ ’хца дæ м куы уа, уæ д уый, æ вæ ццæ гæ н, диссаджы хорз у. Мистер æ мæ миссис Уайтæ й фæ стæ мæ, бирæ ’хца кæ мæ ис, ахæ м адæ мы нæ зыдтон, æ мæ уыдон тынг хъæ здыг сты. Сæ алы уаты дæ р ис гауызтæ, алы хуыцаубон дæ р сæ м — æ хсырысæ рты сæ лдæ г. Мæ мадыхо Поллимæ дæ р хуыцаубонты æ хсырысæ рты сæ лдæ г вæ ййы?

Ненси йæ сæ р батылдта, йæ мидбылхудт йæ былгæ рæ тты бадти. Тимотиимæ кæ рæ дзимæ хъæ лдзæ гæ й бакастысты.

— Нæ, мæ хур. Мæ нмæ гæ сгæ, дæ мадыхо æ хсырысæ рты сæ лдæ г нæ уарзы; растдæ р зæ гъгæ йæ та, никуы йæ федтон сæ лдæ г хæ ргæ.

Поллианнæ æ рæ нкъард ис.

— Нæ уарзы?! Мæ нæ мын цы хъыг у! Æ з æ й не ’мбарын, æ хсырысæ рты сæ лдæ г уарзæ н куыд нæ ис, уый. Фæ лæ... цæ й, ууыл дæ р цин кæ нын, уымæ н æ мæ сæ лдæ г куы нæ хæ рай, уæ д дзы дæ гуыбын не срисдзæ н, миссис Уайты сæ лдæ гæ й-иу куыд срысти, афтæ... ома сæ лдæ г-иу æ гæ р бирæ куы бахордтон, уæ д. Чи зоны, мæ мадыхо Поллимæ ис гауызтæ?

— О, ис.

— Алы уаты дæ р?

— Зæ гъæ н ис, алы уаты, — дзуапп радта Ненси. Цары цы гыццыл æ мæ афтид уат уыди, стæ й гауызæ н йæ кой дæ р кæ м нæ уыд, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д йæ цæ сгом ныттар.

— Мæ нæ цы хорз у! — ныццин кодта Поллианнæ. — Æ з гауызтæ бирæ уарзын. Махмæ гауызтæ нæ уыди, æ рмæ ст дыууæ гыццыл гауызы, аргъуанæ н кæ й радтой, уыдоны ’хсæ н чи разынд, ахæ мтæ. Иуыл дзы уыди милы тæ ппытæ. Миссис Уайтмæ нывтæ дæ р уыдис. Уыдон тынг рæ сугъд уыдысты: уардитæ; гыццыл чызджытæ, сæ уæ рджытыл лæ угæ йæ; гæ ды; уæ рыччытæ; домбай... æ рмæ ст домбай æ мæ уæ рыччытæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, иумæ нæ уыдысты. Библийы æ нæ мæ нг загъд ис, уый фæ стæ иумæ хиздзысты[1], зæ гъгæ, фæ лæ нырма нæ хизынц... ома миссис Уайтмæ нæ ма хизынц. Ды уарзыс нывтæ?

— Æ з... нæ йæ зонын, — дзуапп ратта Ненси æ нæ ныфсхастæ й.

— Æ з уарзын. Махмæ нывтæ нæ уыдис. Аргъуанæ н кæ й рахицæ н кæ нынц, уыдоны ’хсæ н стæ м хатт бахауынц. Фæ лæ нæ м уæ ддæ р дыууæ нывы уыдис. Иу дзы ахæ м хорз уыди, æ мæ йæ мæ фыд уайтагъд ауæ й кодта, цæ мæ й мын дзабыртæ балхæ на. Иннæ та ахæ м æ взæ р уыд, æ мæ йæ куыддæ р æ рцауыгътам, афтæ ныппырх ис. Йæ авг асасти, æ мбарыс? Æ з ма йыл кæ угæ дæ р фæ кодтон. Фæ лæ мын ныр æ хсызгон у, рæ сугъд дзаумайæ нæ м кæ й ницы уыди, уый. Афтæ мæ й мæ мадыхо Поллимæ цы рæ сугъд дзаумæ ттæ ис, уыдон мæ зæ рдæ мæ тынгдæ р фæ цæ удзысты. Уымæ н æ мæ æ з ахæ мтыл ахуыр нæ дæ н. Уый, цыма, аргъуанæ н кæ й рахицæ н радтой, уыцы зæ ронд æ мæ ивд дзаумæ тты ’хсæ н æ виппайды дæ дзыккутæ н рæ сугъд ног лентытæ ссардтай, афтæ у. Мæ нæ цы рæ сугъд хæ дзар ис! — зæ рдиагæ й ныхъхъæ р кодта чызг, уæ рдон, бæ лæ сты ’хсæ нты тыргъмæ цы уæ рæ х фæ ндаг цыд, уый онг куы бахæ ццæ ис, уæ д.

Тимоти чырын куы хæ лдта, уæ д ын Ненси йæ хъусы адзырдта:

— Ныр мын куыстæ й ацæ уыны кой мауал скæ н, Тимоти Дурджин! Ныр мæ н ардыгæ й цыфæ нды ’хцаты тыххæ й дæ р ничиуал ацæ уын кæ ндзæ н!

— Ацæ уын! Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ, — бахудтис Тимоти. Мæ н дæ р ныр ардыгæ й ничиуал атæ рдзæ н. Ам ныр тынг хъæ лдзæ г уыдзæ н ацы чызгимæ, киномæ цæ уын дæ р нал хъæ уы.

— Хъæ лдзæ г, хъæ лдзæ г! — сфæ змыдта йæ Ненси мæ стыйæ. Мæ нмæ гæ сгæ, ацы мæ гуырæ г не ’хсинимæ иу цары бын куы ацæ ра, уæ д ын хъæ лдзæ г нæ уыдзæ н. Æ мæ йæ фидар мæ сыг бахъæ удзæ н, уадтымыгътæ й æ мбæ хсæ н кæ м уа, ахæ м. Уæ дæ уыцы мæ сыг суыдзынæ н æ з, Тимоти, о, æ з, æ з! — расомы кодта Ненси, фæ зылдис æ мæ Поллианнæ йы дурæ й конд уæ рæ х къæ сæ ртыл уæ лæ мæ акодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.