Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





2 СÆР. ЗÆРОНД ТОМ ÆМÆ НЕНСИ



Цары гыццыл уаты Ненси мæ стыйæ пъол сæ рфта æ мæ хафта, уæ лдай тынгдæ р йæ хъус дардта къуымтæ м. Кæ й зæ гъын æ й къæ уы, хаттæ й-хатт-иу йæ куысты, æ нувыд ыл кæ й уыд, уый тыххæ й не сцырен ис, фæ ндыдис-иу æ й йе ’нкъарæ нтæ скалын. Йе ’хсинæ й тарстис æ мæ йæ м хъуыста, фæ лæ, зæ дау фæ разон нæ уыди.

— Фæ ндид мæ... йæ уды... къуымтæ... ныссыгъдæ г кæ нын! — хъуыр-хъуыр кодта схъиугæ ныхæ стæ й, æ мæ -иу йæ алы дзырд дæ р йæ хъæ бæ р пъолæ хсæ ны змæ лдæ й фæ хъæ ддых кодта. Бæ гуы сæ хъæ уы расыгъдæ г кæ нын, афтæ гъе! Хорз хъуыды у, ницы зæ гъæ н ис, мæ гуыр сабийы, хур кæ й сзынг кодта, уыцы гыццыл къуымы батъыссын! Зымæ гон та йæ м хъарм хæ ццæ дæ р нæ кæ ны! Афтæ мæ й хæ дзар — дзæ бæ х уæ ттæ й йедзаг, æ рмæ стдæ р дзы равзар! Чи нæ хъæ уы, ахæ м сывæ ллæ тæ! Ничи йæ м кæ сы! — Хæ цъил ахæ м лæ мæ рст ныккодта, æ мæ йе ’нгуылдзтæ срыстысты. — Мæ нмæ гæ сгæ та, æ ппын чи нæ хъæ уы, уыдон сывæ ллæ ттæ не сты, сывæ ллæ ттæ не сты!

Иуцасдæ р куыста æ нæ дзургæ йæ. Уый фæ стæ, йæ куыст куы фæ цис, уæ д уатыл æ лгъгæ нгæ йæ цæ ст ахаста.

— Цæ й алцыдæ р цæ ттæ у, цыфæ нды уæ д, — æ з мæ куыст бакодтон, — ныуулæ фыд Ненси. — Ныр дзы рыг нал ис... стæ й дзы æ нæ уи дæ р, зæ гъæ н ис, ницыуал ис! Мæ гуырæ г! Йæ къона чи мысы, уыцы иунæ г æ мæ сидзæ р чызгæ н ахæ м уат равзар!

Уыцы хъуыдытимæ дуар нытътъæ ппп ласта æ мæ рацыди.

— Охх! — фæ хъæ р кодта æ васт, æ мæ йæ былыл фæ хæ цыд. Фæ лæ уый фæ стæ мæ стыгæ рæ й бафтыдта: — Фæ уæ д афтæ, мæ нæ н уæ лдай нæ у! Кæ й мæ фехъуыста, уый та ноджы хуыздæ р! О, ноджы хуыздæ р!

Сихоры фæ стæ Ненсийæ н фадат фæ цис Зæ ронд Томимæ, дыргъдонгæ симæ, аныхас кæ нынæ н. Том рагæ й куыста ацы хæ дзары, рывта дидинджытæ, лæ гъз кодта дыргъдоны фæ ндæ гтæ.

— Мистер Том, — тагъдгомау райдыдта Ненси, фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ — исчи йæ хъахъхъæ ны æ ви нæ, уый базонынæ н ардæ м иу гыццыл чызг кæ й æ рбацæ удзæ н æ мæ мисс Поллийы хæ дзары кæ й цæ рдзæ н, уый зоныс?

— Æ... чи? — бафарста зæ ронд лæ г, йæ хи зынæ й сраст кæ нгæ йæ.

— Чызг... мисс Поллиимæ цæ рдзæ н.

— Ахæ м ныхæ стæ æ ндæ р искæ мæ н кæ н, — дызæ рдыггæ нгæ бахудти Том. — Æ ххæ ст ма мын, хур райсом скæ сæ ны кæ й аныгуылдзæ н, уый дæ р фехъусын кодтаис.

— Уый æ цæ г у, мисс Поллимын йæ хæ дæ г загъта, — ныллæ ууыди Ненси. — Чызг йæ хæ рæ фырт у, иуæ ндæ с азы йыл цæ уы.

Зæ ронд лæ гæ н фырдисæ й йæ дзых бахæ лиу.

— Уый дын гъе!.. Диссаг у, — загъта лæ г, цыма йæ хинымæ р дзырдта, уыйау. Æ мæ æ виппайды йæ хуызивд цæ стытæ уарзæ гой рухсæ й сæ рттывтой. — Уый гæ нæ н нæ й... фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, уый мисс Дженнийы чызг у! Хотæ й чындзы æ рмæ стдæ р уый ацыд. О, о, Ненси, уый, æ вæ ццæ гæ н, мисс Дженнийы чызг у. Табу Хуыцауæ н! Уый æ нхъæ л чи уыд, æ мæ зæ рондæ й ахæ м диссаг фендзынæ н!

— Мисс Дженни та чи у?

— Уæ ларвæ й чи ’ртахт, ахæ м зæ д, — зæ рдæ бынæ й, мынæ г хъæ лæ сæ й загъта зæ ронд лæ г, — раздæ ры хæ дзары хицауæ н æ мæ йæ бинойнагæ н уый уыди сæ хистæ р чызг. Мой куы скодта æ мæ ардыгæ й дард кæ дæ мдæ р цæ рынмæ куы ацыд, уæ д ыл цыди ссæ дз азы... бирæ азты размæ. Куыд фехъуыстон, афтæ мæ й йæ сывæ ллæ ттæ иууылдæ р амардысты, кæ стæ р сабийæ фæ стæ мæ. Æ мæ нæ м, æ вæ ццæ гæ н, уыцы чызг æ рбацæ удзæ н.

— Иуæ ндæ с азы йыл цæ уы.

— Æ вæ ццæ гæ н, — сразы ис зæ ронд лæ г.

— Фынæ й кæ нын та йæ цары бахъæ удзæ н... Худинаг æ м куыд нæ кæ сы! — смæ сты ис Ненси, хæ дзары ’рдæ м ма иу каст фæ кодта.

Зæ ронд Том йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта, фæ лæ стæ й йæ былтыл цыдæ р æ нахуыр мидбылхудт фæ зынди.

— Диссæ гтæ, — загъта лæ г, — цымæ мисс Полли сывæ ллонимæ цы кусдзæ н?

— Гъым! Мæ нмæ та диссаг уый кæ сы, æ мæ сывæ ллон цы кусдзæ н мисс Поллиимæ! — фæ къæ пп кодта Ненси.

Зæ ронд лæ г ныххудти:

— Æ нхъæ лдæ н, мисс Поллийы тынг нæ уарзыс.

— Æ мæ кæ й бон у уый уарзын! — æ нæ рвæ ссонæ й фæ хъæ р ласта Ненси.

Зæ ронд Томы былтыл æ мбæ хст мидбылхудт ахъазыд, æ ргуыбыр кодта æ мæ дарддæ р рывта.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й мисс Поллийы уарзты хабарæ н ницы зоныс, — æ нæ барыгомау сдзырдта зæ ронд лæ г.

— Уарзты хабар... уымæ н? Нæ, ницы фехъуыстон... æ мæ йæ чи фехъуыста, ахæ м уæ вгæ дæ р нæ й, мæ нмæ гæ сгæ.

— Фехъуыстой, фехъуыстой, — не сразы ис зæ ронд лæ г. — Уый ныр дæ р ам цæ ры, нæ горæ ты.

— Цымæ чи у?

— Уый дын нæ зæ гъдзынæ н, уый дзурæ н мын нæ й. — Зæ ронд лæ г та йæ астæ у сраст кодта. Йæ хуыздзыд æ рвгъуыз цæ стытæ кастысты хæ дзары ’рдæ м. Йæ цæ стæ нгасыл бæ рæ г уыд, бирæ азты дæ ргъы лæ ггад кæ мæ н кодта, уыцы бинонты кæ й уарзы, сæ рыстыр сæ кæ й у, уый.

— Стыр диссаг мæ м кæ сы... Уый æ мæ уарзон! — раздæ рау ныхъхъæ ддых ис Ненси.

Зæ ронд Том йæ сæ р банкъуыста.

— Ды мисс Поллийы, æ з æ й куыд зонын, афтæ нæ зоныс, — загъта лæ г. — Тынг рæ сугъд уыди. Æ мæ ма ныр дæ р уаид, куы йæ бафæ ндид, уæ д.

— Тынг рæ сугъд? Мисс Полли?

— О, зæ гъын дын! Æ рмæ ст йæ дзыккутæ куы ’руадзид, йæ сæ рыл дидинджытæ й фæ лыст худ, йæ уæ лæ та урс къаба куы скæ нид, уæ д æ й фенис, куыд рæ сугъд у, уый! Мисс Полли зæ ронд нæ ма у, Ненси.

— Зæ ронд нæ ма у? Ма ныхæ стæ кæ н! Уæ дæ йæ хи зæ рондæ й тынг хорз æ вдисы, тынг хорз! — æ ннæ вæ рсонæ й ныппыррыкк ласта Ненси.

— Афтæ у, — сразы ис зæ ронд Том. — Йæ уарзонимæ цы мæ стытæ бавзæ рста, уыдоны фæ стæ афтæ сси. Уæ дæ й нырмæ, цыма æ рмæ ст скъæ лдзойæ æ мæ какон сындзытæ й цæ ры, афтæ зыны. Ахæ м мæ стыгæ р у, судзинау афтæ рæ хойы, æ мæ йæ разы фæ лæ ууæ н дæ р нæ й.

— О, — загъта Ненси мæ стыйæ, — йæ зæ рдæ йын ницæ мæ й балхæ ндзынæ, йæ сæ рыл ын сой куы рауадзай, уæ ддæ р. Мызд æ мæ ме ’ххормаг бинонтæ куы нæ уаиккой, уæ д æ з ам иу уысм дæ р нæ фæ лæ ууин. Фæ лæ искуы, мæ зæ рдæ йы цы ис, уыдон иууылдæ р скалдзынæ н, æ мæ мæ уæ д, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ацы хæ дзарæ н хæ рзбон зæ гъын бахъæ удзæ нис. Афтæ уыдзæ н, афтæ.

Зæ ронд Том та ногæ й йæ сæ р банкъуыста.

— О, зонын æ й. Мæ нмæ дæ р афтæ каст. Уым диссагæ й ницы ис... фæ лæ уый хуыздæ р мадзал нæ у, мæ чызг, баууæ нд мыл. Æ мæ та йæ урс сæ р ногæ й динджытæ м æ ркъул ис.

— Ненси! — райхъуысти æ виппайды цъæ хснаг хъæ лæ с.

— О, о, æ хсин! — ферхæ цгæ йæ, дзуапп радта Ненси, æ мæ хæ дзары ’рдæ м атындзыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.