Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФАРАСТ ÆМÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Банцайыны хъомыс кæмæн нал ис, уыцы къæвда



Мах принцы фаджысы афтæ бирæ рæ стæ г хуымæ тæ джы нæ фæ дардтам: уым ын горæ тæ й бирæ æ дасдæ р уыд.

«Ам у сабыр, хъарм, иу хъыгдарæ г дæ р мæ нæ й, — хъуыдытæ кодта йæ хинымæ р лæ г æ мæ та-иу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ, йæ дзыхы цы фаджысы муртæ бахауд, уыдон рату кодта. — Цалынмæ мæ хъахъхъæ нджытæ горæ ты æ гъдау æ вæ рой, уæ дмæ ардыгæ й никæ дæ м ацæ удзынæ н».

Ацы æ нæ рвæ ссон, æ гъатыр æ мæ уыцы иу рæ стæ г тæ ппуд принц тæ рхъусау лидзæ г кæ й фæ ци, уымæ гæ сгæ нæ зыдта, йæ хъахъхъæ нджытæ адæ мы фарс кæ й фесты, йæ дæ лдæ ртæ ахæ стонмæ кæ й бахаудысты æ мæ йæ бæ стæ йы сæ рибар республикæ кæ й расидтысты.

Фæ лæ тæ рккъæ вда куы ныккалдта æ мæ фаджысы обаумæ уазал хъарын куы байдыдта, уæ д йæ фæ нд аивта.

«Ацы уымæ лы бирæ йы фаг не суыдзынæ н, — скарста принц. — Хъармдæ р бынат мæ бацагурын хъæ уы».

Йæ хи базмæ лын кодта, йæ къабæ зтæ батылдта æ мæ тыххæ йты фаджысæ й рахылди.

Йæ цæ стæ нгас йæ алыварс куы ахаста, уæ д бамбæ рста, æ хсинтæ Балты галуан йæ тæ ккæ фарсмæ кæ й ис.

«Гъер æ з сæ рхъæ н нæ дæ н! — йæ цæ сгомы чъизитæ сæ рфгæ йæ, йæ хицæ н уайдзæ фтæ кæ нынмæ фæ ци принц. — Мæ тæ ккæ фарсмæ хъарм æ мæ райдзаст галуан, æ з та фаджысы мæ сæ р нытътъыстон».

Принц йæ рыгтæ æ рцагъта æ мæ галуанмæ араст. Цалдæ р къахдзæ фы куы акодта, уæ д йæ хъустыл ауад хъæ рæ й дзурын. Хосы мæ къуылы фæ стæ æ рæ мбæ хст, æ мæ йæ рæ зты ацыдысты цавæ рдæ р хъæ лæ багæ нджытæ (чи уыдысты, уый уын амонын нæ хъæ уы). Куы фæ аууон сты, уæ д принц асинтыл схызт æ мæ галуанмæ бадзæ нгæ рæ г кодта. Дуар ын бакодта гыццыл Æ рыскъæ ф.

— Бахатыр кæ н, дæ иууылбæ рзонддзинад, мæ хицæ уттæ мæ гуыргуртæ н ницы фæ дæ ттынц! — загъта чызг, æ мæ принцы тæ ккæ фындзы бын дуары гуыпп фæ цыд.

Принц йæ тымбылкъухтæ й дуар ныххоста:

— Дуар бакæ н! Кæ й хоныс ды мæ гуыргур? Æ з ацы бæ стæ йы хицау принц Лимон дæ н.

Гыццыл Æ рыскъæ ф дуар базыхъхъыр кодта æ мæ, лæ гыл йæ тæ ригъæ ддаг цæ стæ нгас æ рхæ сгæ йæ, загъта:

— Мæ гуырæ г! — æ мæ арф ныуулæ фыд. — Фырмæ гуырæ й, æ вæ ццæ гæ н, дæ сæ ры зонд дæ р фæ цыд.

— Цавæ р мæ гуыр? Æ з хъæ зныг дæ н, тынг хъæ зныг!

— Дæ бакастмæ гæ сгæ дын хъæ зныг рахонæ н нæ й, — загъта, йæ сæ р дыууæ рдæ м тилгæ йæ, гыццыл Æ рыскъæ ф.

— Рахон-бахонтæ ныууадз, фæ лæ тагъд ме ’рбацыд æ хсинтæ н фехъусын кæ н.

— Цы ’рцыдис ам? — бафарста синьор Басгæ рдæ г, сæ рæ зты фæ цæ йцæ угæ йæ, æ мæ йæ чырынтæ къухмæ рзæ нмæ йæ фындз хъæ рæ й ныххиртт кодта.

— Мæ нæ цавæ рдæ р мæ гуыргур æ рбахоста æ мæ афтæ зæ гъы, æ з, дам, принц дæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, хъуаг у.

Кæ д принц æ нцон базонæ н нæ уыд, уæ ддæ р æ й синьор Басгæ рдæ г базыдта.

— Мæ дарæ с барæ й аивтон, — афсон кодта принц. — Фæ нды мæ мæ адæ мы хæ стæ гдæ р базонын.

— Табуафси, табуафси, дæ иууылбæ рзонддзинад, дæ хи нын кæ й фенын кодтай, уымæ й нæ хи амондджын хонæ м, — фæ хъæ р кодта Басгæ рдæ г æ мæ йын хъавыди йæ фаджысæ йдзаг къухæ н апъа кæ нынмæ.

Хицау дуарæ й бахызт æ мæ тызмæ г цæ стæ й бакаст гыццыл Æ рыскъæ фмæ. Æ хсинтæ, æ нахуыр уазæ джы ауынгæ йæ, фæ уыргъуыйау сты, фæ лæ йæ куы базыдтой, уæ д дзы, ныхас кæ рæ дзийы дзыхæ й исгæ йæ, йæ дæ лдæ ртыл афтæ тынг кæ й ауды, уый тыххæ й æ ппæ лынмæ фесты.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, уый къахæ й сæ рмæ куы ныххуылыдз дæ. Ахæ м æ взæ р рæ стæ г иу принц дæ р уынгмæ нæ рахызтаид.

— Мæ адæ м куыд цæ рынц, уый базонын мæ фæ ндыд æ мæ уый тыххæ й рацыдтæ н æ ддæ мæ, — йæ цæ ст дæ р не ’рныкъулгæ йæ, загъта принц. Уый бынаты æ ндæ рæ н, æ ппын ницы, фæ лæ йæ цæ сгом сырх уæ ддæ р фæ уыдаид, фæ лæ принц æ ндæ рхуызон дæ р нæ фæ ци, уымæ н æ мæ лимонтæ сырх никуы фæ кæ нынц.

— Æ мæ дæ м куыд фæ кастысты адæ м, дæ иууылбæ рзонддзинад? — бафарста йæ Хистæ р æ хсин.

— Мæ адæ мæ й амондхъуаг ничи у, æ мæ мын уый иттæ г æ хсызгон у, — загъта принц. — Мæ адæ мæ й амондджындæ р адæ м нæ й. Чысыл раздæ р дзы иу къорд мæ рæ зты афтæ хъæ лдзæ гæ й фæ цæ йцыд, æ мæ сæ мæ зæ рдæ барухс... Суанг сыл къæ вда дæ р никæ цырдыгæ й фæ зынд.

Принцæ н йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд, рæ стдзинад кæ й дзуры, уый: уыцы бон йæ адæ м æ цæ г амондджын уыдысты, уымæ н æ мæ фервæ зтысты сæ хицауæ й.

— Кæ д, мыййаг, галуанмæ цæ уынмæ хъавыс, уæ д дын бæ хтæ м фæ дзурон? — бафарста йæ синьор Помидор.

— Цытæ дзурыс? Ницæ й тыххæ й! — уыцы тыхстхуызæ й йын дзуапп радта принц. — Цалынмæ ацы æ нæ хайыры къæ вда банцайа, уæ дмæ никæ дæ м цæ уинаг дæ н.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, æ з дын фехъусын кæ нынмæ хъавын, — загъта иуцасдæ р сагъæ схуызæ й алæ ууыны фæ стæ синьор Помидор, — къæ вда раджы банцад, хур дæ р ма ракаст.

— Хур? Ракаст? — тызмæ гхуызæ й фæ хъæ р кодта принц. — Æ нхъæ лдæ н, æ мæ мæ ныхмæ дзурынмæ хъавыс.

— Дæ къæ йныхдзинад мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы, синьор, — ныхас йæ химæ айста барон Апельсин. — Иугæ р йæ иууылбæ рзонддзинад, къæ вда уары, зæ гъгæ, зæ гъы, уæ д æ цæ гæ йдæ р кæ й уары, уый дызæ рдыггаг кæ дæ й нырмæ сси? Æ ви йын йæ сæ х-сæ х нæ хъусыс?!

Иууылдæ р бароны ныхæ стыл уайтагъддæ р аразы сты.

— Уыцы къæ вда никуы банцайдзæ н! — загъта Хистæ р æ хсин, рудзынгæ й кæ сгæ йæ. Дидинджыты къусджыты æ рттывтой, æ рæ джы чи банцад, уыцы къæ вдайы æ ртæ хтæ.

— Ахæ м ма дзы тæ рккъæ вда уа! Æ мæ куыд сæ х-сæ х кæ ны, уый та?! — загъта Кæ стæ р æ хсин, цады цы кæ сæ гтæ уыд, уыдонимæ хуры тынтæ куыд хъазынц, уымæ кæ сгæ йæ.

— Арв куыд нæ ры, уый хъусут? — йæ ныхас баппæ рста герцог Мандарин æ мæ, йæ цæ стытæ бацъынд кæ нгæ йæ, йæ армытъæ пæ нтæ й йæ хъустæ ахгæ дта.

— Гыццыл Æ рыскъæ ф! Гыццыл Æ рыскъæ ф! — мæ ллæ г хъæ лæ сæ й фæ дзырдта Хистæ р æ хсин чызгмæ. — Ныртæ ккæ ставнæ тæ сæ хгæ н. Æ ппæ т ставнæ тæ дæ р.

Гыццыл Æ рыскъæ ф ставнæ тæ ахгæ дта, æ мæ уат ныккæ ндау нытталынг.

Уалынмæ сойын цырæ гътæ ссыгътой, æ мæ стыр аууæ ттæ къултыл хъазынмæ фесты. Хистæ р æ хсин, арф ныуулæ фгæ йæ, загъта:

— Æ хсæ выгон ахæ м тæ рккъæ вда рацæ уæ д!

Принц Лимон æ цæ гæ йдæ р старст.

— Æ хсæ в нæ, фæ лæ — фыдфын! — сдзырдта уый, æ мæ йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с ссыд.

Иннæ тыл дæ р сæ уæ здандзинад фæ тых, æ мæ сыл тæ фсæ гæ й рынчынтау ризæ г бахæ цыд.

Синьор Помидор хъуызæ гау рудзынджы цурмæ бацыд æ мæ, ставнæ базыхъхъыр кæ нгæ йæ, загъта:

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, хатыр дæ курын, фæ лæ цыма уарын банцайынмæ хъавы, афтæ мæ м кæ сы.

— Цытæ дзурыс? Куыд хъуамæ банцайа? — фæ хъæ р ыл кодта принц, ставнæ йы зыхъхъырæ й цы хуры тын æ рбакаст, уый ауынгæ йæ.

Синьор Помидор, ставнæ ахгæ нгæ йæ, загъта, къæ вда нæ ма банцад, къæ ртайæ калæ гау, дам, калы æ мæ калы.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, сихор скæ нын... ома æ хсæ вæ р скæ нын дæ зæ рды нæ ма и? — хъавгæ бафарста барон Апельсин, уымæ н æ мæ тынг сæ ххормаг.

Фæ лæ йæ иууылбæ рзонддзинадмæ сихор кæ нын дæ р нæ цыд æ мæ æ хсæ вæ р кæ нын дæ р.

— Ахæ м рæ стæ г мæ нмæ хæ рын нæ фæ цæ уы.

Бароны бон бамбарын нæ уыд, рæ стæ г хæ рынмæ цы бар дары, уый, фæ лæ иннæ тæ принцимæ куы сразы сты, уæ д ма уымæ н дæ р цы гæ нæ н уыд:

— Æ з дæ æ рмæ ст фæ рсгæ бакодтон, æ ндæ р ахæ м заман хæ рын кæ й зæ рдæ ’рцагурдзæ н?! Уыцы арвæ рттывд æ мæ мын арвнæ рд мæ хурхыуадындзтæ афтæ æ рбалвæ стой, æ мæ иу карк аныхъуырын дæ р мæ бон нæ бауид!

Уæ вгæ та афтæ æ ххормаг уыди, æ мæ йæ иууылбæ рзонддзинад йæ цуры куы нæ уыдаид, уæ д бандæ ттæ æ хсыныныл дæ р нæ бацауæ рстаид.

Æ ппынфæ стаг принцыл, бон-сауизæ рмæ цы хъизæ мæ рттæ бавзæ рста, уыдон æ ртыхстысты, æ мæ бандоныл æ рфынæ й. Хъæ ццул ыл æ рæ мбæ рзтой æ мæ цæ лгæ нæ нмæ хæ рынмæ ацыдысты. Уæ дмæ æ цæ гæ йдæ р æ рталынг.

Синьор Помидор фынджы уæ лхъус бирæ нæ бафæ стиат. Иуцъус ахæ рыны фæ стæ, хуыссæ г æ й кæ й ахста, уымæ гæ сгæ, æ хсинтæ й хатыр ракуырдта æ мæ фынгæ й сыстад.

Уæ вгæ та фынæ й кæ нын йæ зæ рды кæ рон дæ р нæ уыд æ мæ дыргъдоныл хъæ умæ ныццавта.

«Цыдæ р æ рцыди, фæ лæ цы? — фæ ндагыл хъуыдытæ кодта синьор Помидор. — Принц йæ чемы нæ й. Уый хуымæ тæ джы нæ у. Революци æ рцыди, зæ гъгæ, куы фехъусон, уæ д ыл нæ фæ дис кæ ндзынæ н».

Уыцы ныхасæ й йæ буар баризæ гау кодта. Тæ ссаг хъуыды йæ хицæ й сырдта, фæ лæ та-иу уайтагъд фæ стæ мæ сæ ры февзæ рд. Тызмæ г ныхас-иу йæ цæ стыты раз нывгондау фестад æ мæ йæ тæ рсын кодта йæ алы дамгъæ йæ дæ р: Революци!!! Р-Рим, Е-Европа, В-Венеци æ мæ афтæ дарддæ р. Революци...

Иуцасдæ р ма куы ауад, уæ д æ м афтæ фæ каст, цыма йæ фæ дыл чидæ р цæ уы. Иу æ мбонды дæ лбазыр йæ хи бааууон кодта æ мæ æ нхъæ лмæ кæ сын райдыдта. Минуты фæ стæ дардæ й æ рбазынд синьор Хохаг Хъæ дур. Уый афтæ хъавгæ цыд, цыма йæ фæ ндаг æ йчытæ й æ мбæ рзт уыд.

Синьор Помидор хæ рæ ндоны йæ хи куыд дардта, ууыл фæ дызæ рдыг. Кавалеры фынгæ й сыстгæ куы федта, уæ д уый дæ р йæ фæ дыл рацыд.

«Ам цыдæ р и, — хъуыды кодта уый. — Кавалеры фæ стæ мын æ нæ цæ угæ нæ й! »

Синьор Помидор йе ’мбæ хсæ нæ й рацæ уынмæ куыд хъавыди, афтæ та дæ рддзæ фгомау йæ цæ ст æ рхæ цыд æ ндæ р æ ндæ ргыл.

Кавалер дзуццæ джы æ рбадт, цæ мæ й та уый дæ р йæ рæ зты аивгъуыйа.

Хохаг Хъæ дуры фæ стæ цы адæ ймаг цыд, уый уыди синьор Басгæ рдæ г. Æ вдакат хæ рæ ндонæ й йæ хи куыд фæ тылиф кодта, уый федта æ мæ йæ бафæ змыдта. Чысыл Балы хъомылгæ нæ г йæ дынджыр фындзæ й банкъардта, цыдæ р кæ й æ рцыд, уый æ мæ сфæ нд кодта, цы ’рцыд, уый базонын.

Синьор Басгæ рдæ гæ н йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд, уымæ дæ р цæ стдарджытæ кæ й ис, уый. Йæ фæ д-йæ фæ д хъуызгæ цыди герцог Мандарин.

— Ныртæ ккæ барон Апельсин куы фæ зына, уæ д мæ м диссаг нæ фæ кæ сдзæ н, — йæ хицæ н дзурæ гау загъта синьор Помидор æ мæ æ мбондмæ йæ хи ноджы тынгдæ р нылхъывта.

Æ цæ гæ йдæ р, чысыл фæ стæ дæ р райхъуыст тачкæ йы гыбар-гыбур, æ мæ фæ зынд барон. Герцоджы ацæ угæ куы федта, уæ д æ м афтæ фæ каст, цыма йæ номдзыд хæ стæ г кадджын æ хсæ вæ рмæ хуынд у, æ мæ уый дæ р сфæ нд кодта йæ фарсмæ балæ ууын.

Бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г, мæ гуыр, йæ тых, йæ бонæ й архайдта тачкæ ласыныл. Талынджы ницы уыдта, æ мæ -иу цалх кæ м дзыхъхъы ныххауд, кæ м та-иу йæ хи дурыл скъуырдта. Лæ джы хид къоппæ й калд, фæ лæ йын æ ндæ р гæ нæ н нæ уыд æ мæ размæ лæ гæ рдыныл архайдта. Дынджыргуыбынджын барон-иу куы хæ рдмæ фæ цыд, куы та-иу дзыхъхъы ныххауд. Алы хатт дæ р-иу баронæ н йæ уд йæ къæ хты бынæ й ауад, йæ дæ ндæ гтæ -иу кæ рæ дзиуыл андæ гъдысты, фæ лæ -иу йæ хи ныхъхъæ бæ р кодта, æ мæ -иу йæ хъæ р дæ р нæ райхъуыст, йæ хъæ рзын дæ р.

Бароны фæ стæ ничиуал фæ зынд.

«Диссаг у, кæ дæ м цæ уынц, уый», — ахъуыды кодта синьор Помидор æ мæ йе ’мбæ хсæ нæ й рацыд.

Афтæ æ хсæ в-бонмæ цыдысты кæ рæ дзийы фæ дыл: синьор гыццыл Хохаг Хъæ дур талынджы агуырдта синьор Помидоры, афтæ мæ й уый цыди æ ппæ ты фæ стæ; синьор Басгæ рдæ г хъуызыди æ вдакаты фæ стæ; барон — герцоджы, Помидор та — бароны фæ стæ. Алкæ цыдæ р дæ р дзы æ дзынæ г каст йæ разæ й цæ уæ джы змæ лдтытæ м, йæ хи фæ стæ дæ р цæ уæ г кæ й ис, уый нæ зонгæ йæ.

Гыццыл Хохаг Хъæ дур æ мæ Басгæ рдæ г сæ бынæ ттæ баивтой: куы-иу синьор Басгæ рдæ г Хохаг Хъæ дурыл хинæ й рацыд æ мæ -иу йæ разæ й фæ ци, куы та-иу æ й Басгæ рдæ г афæ лывта æ мæ та-иу æ й йæ фæ стæ фæ уагъта. Афтæ æ хсæ в-бонмæ мамазила фæ кодтой, сфæ лмæ цыдысты, фæ лæ сæ бон базонын ницы баци.

Бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, афтæ иууылдæ р галуанмæ ’рбаздæ хтысты. Парчы куы фембæ лдысты, уæ д дзы иу иннæ йы йе ’нæ низдзинадæ й фæ рсынмæ фæ ци. Се ’хсæ вы хабæ ртты кой ракæ ныны бæ сты кæ рæ дзийæ н къорыппы дзаг гæ ды ныхæ стæ фæ кодтой.

— Дысон кæ м уыдта? — бафарста синьор Помидор Хохаг Хъæ дуры.

— Ме ’фсымæ рыл аргъуыдтой æ мæ уым.

— Диссагæ й цы кæ ныс? Æ хсæ выгон дæ р фæ аргъауынц?

— Боныгон ме ’фсымæ ры стырдæ р хъуыддæ гтæ й не ’вдæ лд.

Синьор Помидор йæ мидбылты бахудт, уымæ н æ мæ зыдта, синьор Хохаг Хъæ дурæ н æ фсымæ р кæ й никуы уыд.

Басгæ рдæ г загъта, раджы чи амард, йæ уыцы ныййарджытæ м почтæ мæ писмо арвитынмæ кæ й ацыд. Герцог æ мæ барон, ныхас нæ бакодтой, афтæ мæ й сæ дзуапп рауад æ мхуызон: кæ саг ахсынмæ, дам, уыдыстæ м. Уæ вгæ та дзы иумæ дæ р æ нгуыр нæ уыди.

— Ау, уæ д доны былгæ рон куыннæ фембæ лдыстæ м? — бафарста барон.

— Æ з дæ р ууыл дис кæ нын! — загъта герцог.

Иууылдæ р афтæ бафæ лладысты, æ мæ цыдысты цъындцæ стæ й. Æ рмæ стдæ р дзы иу федта, галуаны мæ сыджы сæ рмæ Сæ рибары тырыса кæ й фæ йлыдта.

Уый æ хсæ вы æ рцауыгътой Гыццыл Бал æ мæ Чиполлино. Дыууæ йæ дæ р бадтысты мæ сыджы сæ р æ мæ æ нхъæ лмæ кастысты, дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.