Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆХСÆЗ ÆМÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Ныхас дзы цæуы, арифметикæ чи нæ зыдта, уыцы Лимоныхъойы тыххæй



ФОНДЗ Æ МÆ ССÆ ДЗÆ М СÆ Р. Къуылых хæ луарæ г æ мæ Авд æ мæ ’рдæ г хæ луарæ джы æ нахуыр хабæ рттæ

Уæ дæ цы баци постхæ ссæ г хæ луарæ г?

Ныртæ ккæ уын йæ хабæ рттæ сæ рæ й бынмæ ракæ ндзынæ н.

Ахæ стонæ й куы рацыд, уæ д уынджы йæ хи тротуармæ хæ стæ гдæ р байста, уымæ н æ мæ тæ ссаг уыд, уæ рдæ ттæ кæ нæ йæ къареттæ сæ быны куы фæ кæ ной, уымæ й. Фæ лæ йыл, чысыл ма бахъæ уа, æ мбисонд ма ’рцæ уа: иуварс куы нæ агæ пп ластаид, уæ д æ й велосипед ацъæ л кодтаид.

«Мæ нæ куыд фæ цæ йсæ фтæ н! — ахъуыды кодта йæ хинымæ р. — Чысыл ма бахъæ уа, мæ балц йæ тæ ккæ райдайæ ны ма фæ уа».

Йæ амондæ н, зæ ххы бын æ хсæ нтæ дон кæ уылты калд, уыцы къанауы сæ р дзыхъхъ ауыдта æ мæ уым фæ мидæ г. Куыддæ р бынмæ ныххызт, афтæ йæ м чидæ р йæ номæ й фæ дзырдта. Хæ луарæ г æ м фæ каст æ мæ дын йæ дард хæ стæ джы куы ауынид. Уый раздæ р цард графы галуаны цæ лгæ нæ ны. Хуыдтой йæ Авд æ мæ ’рдæ г, уымæ н æ мæ йын уыди авд къахы æ мæ ’рдæ г. Æ стæ м къахы æ рдæ г ын ахауд, пъолтæ сæ рфæ ны бын куы фæ ци, уæ д.

Къуылых хæ луарæ г йæ рагон зонгæ йæ н уæ здан салам радта æ мæ ныхæ стæ гæ нгæ иумæ араст сты. Авд æ мæ ’рдæ г фылдæ р дзырдта, йе стæ м къахы æ мбис ын куыд ахауын кодтой, уый тыххæ й, фæ лæ Къуылыхмæ уыцы ныхæ стæ уыйас тынг нæ хъардтой æ мæ йæ цыды кой кодта.

— Афтæ тынг кæ дæ м тагъд кæ ныс? — бафарста йæ Авд æ мæ ’рдæ г.

— Ме ’мхæ рæ фыртмæ, — æ нæ бары дзуапп радта Къуылых.

Ахæ стоны сусæ гдзинæ дтæ æ мбæ хсын сахуыр æ мæ йын, Чиполлинойы писмотæ Гыццыл Бал æ мæ Куырм Мыстмæ кæ й хæ ссы, уый не схъæ р кодта.

— Де ’мхæ рæ фыртмæ? — ногæ й та йæ бафарста Авд æ мæ ’рдæ г. — Галуаны чи цæ ры, уымæ? Рагæ й мын дзуры, мæ нимæ, дам, иу къуыри уæ ддæ р ацæ р. Æ вæ ццæ гæ н, æ з дæ р демæ фæ раст уыдзынæ н. Уæ ддæ р мын ныртæ ккæ ницы куыст и.

Къуылых нæ зыдта, æ мбал ын кæ й фæ ци, ууыл цин кæ на æ ви нæ, уый. Фæ лæ æ рæ джиау æ рцыд ахæ м хъуыдымæ: дыууæ йæ сын хъæ лдзæ гдæ р уыдзæ н, стæ й йæ зæ рдæ дардта, йе ’нæ нхъæ лæ джы æ мбæ лццон, искуы фыдбылызы куы бахауа, уæ д ын истæ мæ й кæ й баххуыс кæ ндзæ н, ууыл.

— Æ мæ уымæ й цы мæ нг зæ гъыс, — бацингæ нæ гау кодта Къуылых. — Цом æ мæ йæ иумæ бабæ рæ г кæ нæ м. Фæ лæ, кæ д гæ нæ н ис, уæ д дæ цыдыл бафтау. Æ з ахсджиаг хъуыддаджы фæ дыл цæ уын æ мæ мын æ рæ джыгæ нæ н нæ й.

— Ахæ стоны ма постхæ ссæ гæ й кусыс? — бафарста йæ Авд æ мæ ’рдæ г.

— Нæ -а. Ацыдтæ н уырдыгæ й.

Кæ д Авд æ мæ ’рдæ г йæ хæ лар уыди, стæ й канд йæ хæ лар нæ, фæ лæ йæ хæ стæ г дæ р, уæ ддæ р ахæ м хъуыддæ гтæ ис, дæ хуыздæ р æ рдхордæ н дæ р кæ й нæ зæ гъдзынæ.

Афтæ ныхæ стæ гæ нгæ, горæ тæ й ахызтысты. Афон уыди дондзон хæ тæ лæ й схизынæ н. Къуылых йæ риуы дзаг сулæ фыд, уымæ н æ мæ, æ хсæ нтæ дон цы хæ тæ лы калд, уым смагæ й лæ г хуыдуг кодта.

Иучысыл ма ауадысты æ мæ тыгъд быдырмæ бахæ ццæ сты. Уыди диссаджы райдзаст бон. Дымгæ астæ умæ кæ рдæ гыл уылæ нтæ й хъазыд. Авд æ мæ ’рдæ г йæ дзых афтæ тынг ныххæ лиу кодта, цыма уæ лдæ ф уыцы иу улæ фт скæ нынмæ хъавыд, уый хуызæ н.

— Цы диссаджы дзæ бæ х у ам! — фæ хъæ р кодта уый. — Æ з та æ нæ хъæ н æ ртæ азы уыцы дондзон хæ тæ лæ й уæ лæ мæ не скастæ н. Ныр мын фæ стæ мæ уырдæ м здæ хæ н нал и. Æ вæ ццæ гæ н, ацы сабыр ран цæ ргæ йæ баззайдзынæ н.

— Мæ нмæ гæ сгæ, ам тынг бирæ цæ рджытæ ис, — загъта йын Къуылых, мæ лдзыджытæ хъæ ндилы мард куыд фæ цæ йластой, уымæ кæ сгæ йæ.

— Горæ таг синьортæ н, æ вæ ццæ гæ н, хъæ уы цæ рджытæ сæ зæ рдæ мæ нæ цæ уынц, — хинæ йдзаг худт бакæ нгæ йæ, бафиппайдта, йæ хуынчъы был цы цъырцъыраг бадт, уый.

Авд æ мæ ’рдæ джы бафæ ндыд æ рлæ ууын æ мæ, хъæ ууон цæ рджыты тыххæ й цы хъуыды кæ ны, уый зæ гъын æ мæ сæ загъта. Цъырцъыраг ын дзуапп радта. Авд æ мæ ’рдæ г йемæ не сразы. Цъырцъыраг цыдæ ртæ батыр-тыр кодта, фæ лæ та Авд æ мæ ’рдæ г йемæ не сразы.

Сæ ныхас ныддæ ргъвæ тин, рæ стæ г та æ нхъæ лмæ нæ каст.

Быцæ угæ нджыты алыварс æ рæ мбырд бирæ адæ м: цъырцъырæ гтæ, хъæ ндилтæ, майрæ мыкæ рчытæ æ мæ — уыдонæ й дзæ вгар дарддæ р — цалдæ р хъæ батыр сасчы. Сырддонцъиу раздæ р йæ хи афтæ дардта, цыма уынджы змæ лдæ н разамынд дæ тты, фæ лæ, уыйбæ рц адæ мы æ мбырдæ й куы федта, уæ д сæ м хæ стæ гдæ р батахт, цæ мæ й сæ ныппырх кодтаид, фæ лæ Авд æ мæ ’рдæ джы куы ауыдта, уæ д базарыд:

— Чик-чирик! Мæ лæ ппынтæ н замманай сихор!

Хуыцау хорз, æ мæ йæ сасчытæ й кæ цыдæ р ауыдта æ мæ фæ дис систа:

— Уæ хи хъахъхъæ нут! Пъæ лицæ!

Цæ сты фæ ныкъуылдмæ хъæ ндилтæ, майрæ мыкæ рчытæ зæ ххы скъуыды ныххауæ гау æ рбайсæ фтысты. Авд æ мæ ’рдæ г æ мæ Къуылых цъырцъыраджы хуынчъы фæ мидæ г сты. Цъырцъыраг йæ дуар ахгæ дта æ мæ къæ сæ рыл æ фсæ ддонау алæ ууыд.

Авд æ мæ ’рдæ гыл фыртæ ссæ й ризæ г бахæ цыд. Къуылыхмæ фæ смон æ рцыд, ахæ м бирæ дзурагимæ кæ й баиу, уый тыххæ й. Дзæ гъæ л дзæ нгæ дайыл куы нæ схæ цыдаид, уæ д пъæ лицæ йы сæ химæ не ’ркæ сын кодтаиккой.

«Мæ фæ дыл бафтыдысты, — йæ хинымæ р ахъуыды кодта зæ ронд постхæ ссæ г. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, сырддонцъиу мæ йæ химæ фæ нысан кодта. Иугæ р йæ чиныгмæ бахаудтæ, уæ д дзы хорзæ й мацæ мæ ’нхъæ лмæ кæ с! »

Къуылых, Авд æ мæ ’рдæ гмæ разилгæ йæ, загъта:

— Куыд кæ сын, мæ хæ лар, афтæ мæ й нæ балц тæ ссагæ й-тæ ссагдæ р кæ ны. Куы фæ хицæ н уаиккам, уæ д цыма хуыздæ р уаид, афтæ мæ м кæ сы.

— Дæ ныхæ стæ мæ дисы бафтыдтой! — фæ хъæ р кодта Авд æ мæ ’рдæ г. — Раздæ р мæ демæ цæ уыныл сразы кодтай, ныр, зын уавæ ры куы бахаудтæ н, уæ д та мæ иунæ гæ й ныууадзынмæ хъавыс? Æ рдхорд ма дзы хуыздæ р цы уа!

— Мемæ цæ уын дæ хи куы ’рфæ ндыди, уæ д æ й мæ н æ фсон цæ мæ н кæ ныс? Уæ вгæ хъуыддаг уый мидæ г нæ й. Мæ н галуанмæ ахсджиаг хъуыддаджы фæ дыл цæ уын хъæ уы æ мæ æ нæ хъæ н бон ам бадын мæ зæ рды нæ й. Цъырцъырагæ й, кæ й нæ бауазæ г кодта, уый тыххæ й, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бузныг дæ н.

— Хорз, æ з демæ ацæ удзынæ н, — загъта Авд æ мæ ’рдæ г. — Де ’мхæ рæ фыртæ н бабæ рæ г кæ нынæ й зæ рдæ бавæ рдтон æ мæ хъуамæ мæ ныхасæ н хицау разынон.

— Уæ дæ мауал фæ стиат кæ н! — загъта Къуылых.

— Чысыл-ма банхъæ лмæ кæ сут, синьортæ, — æ рхатыд сæ м цъырцъыраг.

Сырддонцъиу нæ ма атахт. Ныллæ джыты-иу йæ хи рауагъта æ мæ, кæ рдæ джы цы змæ лджытæ уыд, уыдонмæ æ дзынæ г каст.

Авд æ мæ ’рдæ г, уæ ззау ныуулæ фгæ йæ, загъта:

— Ахæ м уавæ рты æ з иу къахдзæ ф дæ р никæ дæ м акæ ндзынæ н.

— Кæ д афтæ у, уæ д æ з иунæ гæ й дæ р ацæ удзынæ н! — хъæ ддыхæ й загъта Къуылых.

— Дæ цардæ н тæ ссаг кæ м у, æ з дæ ахæ м фæ ндагыл нæ ауадздзынæ н! — фидарæ й скарста Авд æ мæ ’рдæ г. — Æ з дæ фыды хорз зыдтон æ мæ, йæ ном хъуыды кæ нгæ йæ, хъуамæ дæ у мæ лæ тмæ фæ ндагыл цæ уынæ й бахизон.

Гæ нæ н нал уыд æ мæ æ нхъæ лмæ кæ сын райдыдтой. Фæ лæ Сырддонцъиу никуыдæ м тагъд кодта, æ мæ бæ лццæ ттыл сæ бон æ нхъæ лмæ кæ сынæ й аивгъуыдта. Æ рмæ стдæ р хурныгуылды фæ стæ ацыди пъæ лицæ йæ къазармамæ. Йæ къазарма та уыди, уæ лмæ рдты цы кипарис бæ лæ стæ зад, уыдоны сæ р. Нæ бæ лццæ ттæ н дæ р уæ д фадат фæ ци дарддæ р цæ уынæ н.

Къуылых йæ чемы нæ уыд, æ нæ хъæ н бон дзæ гъæ лы кæ й фесæ фт, уый тыххæ й.

Æ хсæ вы сæ бон уыд, бонæ й цы рæ стæ г фесæ фтой, уый баххæ ст кæ нын, фæ лæ Авд æ мæ ’рдæ г æ нæ нхъæ лæ джы фехъусын кодта, кæ й бафæ ллад, дарддæ р йæ бон цæ уын кæ й нал у æ мæ йæ баулæ фын кæ й хъæ уы.

— Уымæ н уæ вæ н нæ й, æ мæ йæ кой дæ р ма кæ н, — йæ хъуыры абадт Къуылых. — Æ з иунæ г уысм дæ р æ рлæ ууынмæ нал хъавын.

— Æ мбисæ хсæ в мæ æ рдæ гвæ ндагыл иунæ гæ й ныууадзынмæ хъавыс? Уæ дæ дæ фыды зæ ронд æ рдхордæ н хуыздæ р цы фæ уай! Мæ гуыр зæ ронд лæ г æ гас куы уаид, уæ д дын, цы хъæ уы, уый бæ ргæ бакæ нид. Исчи ма йæ хæ стæ джытæ м ахæ м цæ стæ й кæ сы?!

Ацы хатт дæ р та Къуылыхы фæ ндæ й ницы рауад. Цавæ рдæ р аргъуаны цур дондзон хæ тæ лы фарсмæ æ рбынат кодтой æ мæ сæ фæ ллад уагътой. Уæ вгæ йæ фæ ллад уагъта æ рмæ ст Авд æ мæ ’рдæ г. Къуылых æ хсæ в-бонмæ йæ цæ ст не ’рцъынд кодта, уымæ н æ мæ Авд æ мæ ’рдæ г йæ хуыр-хуырæ й нæ банцад.

«Ацы тæ ппуд дзæ нгæ дадзæ гъдæ г куы нæ уыдаид, уæ д афонмæ фæ стæ мæ дæ р ма раздæ хтаин! » — ахъуыды кодта Къуылых.

Куыддæ р бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, афтæ Авд æ мæ ’рдæ джы хъал кæ нынмæ фæ ци.

— Цæ уын афон у! — бардзырддæ ттæ гау загъта Къуылых.

Фæ лæ цалынмæ уый йæ хи дзæ бæ хтæ кодта, уæ дмæ ма йæ иуцасдæ р æ нхъæ лмæ кæ сын бахъуыд. Зæ ронд магуса йæ авд къахы æ мæ ’рдæ г дзæ бæ х ныссыгъдæ г кодта æ мæ æ рмæ ст уый фæ стæ загъта, балцмæ цæ ттæ кæ й у.

Боны фыццаг æ мбис ницы хабар æ рцыдис. Сихормæ ’ввахс бахæ ццæ сты, дзæ бæ х кæ й ныннадæ уыд, ахæ м фæ змæ. Уыдис дзы бирæ æ нахуыр фæ дтæ.

— Диссаджы бынат, — загъта Авд æ мæ ’рдæ г. — Цыма дзы æ нæ хъæ н æ фсад ацыд, уый хуызæ н у. Фæ зы кæ рон уыдис хæ дзаргонд æ мæ дзы хъуыстис хъæ рæ й ныхас.

— Цымыдис нæ дæ н, — йæ фындзы бын багуым-гуым кодта Авд æ мæ ’рдæ г, — фæ лæ ме стæ м къахы æ мбис лыгмæ раттин, кæ м стæ м æ мæ дæ лæ уыцы хæ дзаргонды чи цæ ры, уый базоныны тыххæ й.

Фæ лæ Къуылыхы дзæ гъæ л ракæ с-бакæ смæ не ’вдæ лд: цыди æ мæ цыди. Уæ вгæ фæ ллайгæ тынг бакодта. Иуæ й, æ нæ хуыссæ г уыди, иннæ мæ й та — æ нуды йæ сæ р риссын райдыдта. Йæ хицæ н галуанмæ бахæ ццæ уæ вын æ нхъæ л нал уыд. Афтæ йæ м каст, цыма дзы дарддæ рæ й-дарддæ р кодта. Иуахæ мы йæ м, цыма фæ дзæ гъæ л сты, афтæ дæ р фæ каст. Йæ нымадмæ гæ сгæ сæ м хъуамæ галуаны мæ сгуытæ разындаиккой, фæ лæ уыдонæ н сæ кой дæ р нæ ма уыд... Цыфæ ндыйæ дæ р фæ дзæ гъæ л сты. Дыууæ йæ дæ р зæ ронд сты, фæ лæ дзы кæ сæ нцæ стытæ ничи дары, уымæ н æ мæ хæ луарæ джы кæ сæ нцæ стытæ даргæ никуыма ничи федта.

Чи зоны, галуан нæ федтой æ мæ йæ рæ зты рахызтысты.

Къуылых уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ цъæ х-цъæ хид къуыдыргалм йæ рæ зты хъæ ргæ нгæ асыффытт ласта:

— Кæ мæ н куыд йæ бон у, афтæ йæ хи бахъахъхъæ нæ д: кæ рчытæ!

— Фесæ фтыстæ м! — мынæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Авд æ мæ ’рдæ г. Уыцы æ нæ фсис мæ ргъты кой рагæ й хъуыста æ мæ йын емынæ йы ад кодтой. Куыддæ р къуыдыргалмы ныхæ стæ айхъуыста, афтæ йæ авд къахы лидзынмæ фесты. Æ стæ м къахы æ рдæ г дæ р, цы йæ бон уыд, уымæ й йæ хиуыл нæ ауæ рста æ мæ фæ чепп-фæ чепгæ нгæ сæ фæ дыл згъордта.

Йæ Къулых æ мбæ лццон афтæ рæ вдз нæ тахт. Иуæ й, йæ хъуыдыты арф аныгъуылд, иннæ мæ й, кæ рчытыл никуыма фембæ лд, æ мбæ лгæ нæ, фæ лæ сын сæ кой хъусгæ дæ р никуы фæ кодта, фæ лæ уыцы æ нæ зонгæ тæ ссаг мæ ргътæ й иуы бырынкъ йæ сæ рмæ куы ауыдта, уæ д ма йе ’фцæ гæ й писмоты хызын фелвасын йæ къухы бафтыд, йе ’мбалмæ йæ баппæ рста æ мæ йын афæ дзæ хста:

— Фæ хæ ццæ -иу æ й кæ н...

Фæ лæ йæ кæ мæ хæ ссын хъуыд, уый зæ гъын йæ бон нал баци: карк æ й цæ сты фæ ныкъуылдмæ аныхъуырдта.

Мæ гуыр къуылых постхæ ссæ г! Ныр æ й иу камерæ йæ иннæ мæ писмотæ хæ ссын нал бахъæ удзæ н, нал аныхæ стæ кæ ндзæ н ахстытимæ дæ р. Ничиуал æ й фендзæ н къуылых-къуылых ахæ стоны уымæ л къултыл хилгæ...

Къуылыхы мæ лæ т уыди Авд æ мæ ’рдæ джы ирвæ зынгæ нæ г. Цалынмæ карк Къуылыхы ахста, уæ дмæ Авд æ мæ ’рдæ г, кæ ркдонæ й фæ зы ’хсæ н цы хызæ г быру уыди, уый фале фæ ци, æ мæ, карк уый æ рдæ м куы фæ зылд, уæ дмæ уыдис æ дас ран. Уый фæ стæ йæ зæ рдæ бахъарм, æ мæ дзæ вгар рæ стæ г йæ уд йе ’муд нал æ рцыд. Куы ’рчъицыдта, уæ д, кæ м ис, уый рахатын иуцасдæ р йæ бон нæ уыд. Хур æ рныгуылынмæ хъавы, уый куы федта, уæ д бамбæ рста, уадзыгæ й цалдæ р сахаты кæ й фæ хуыссыд.

Йæ хицæ й дыууæ къахдзæ фы дарддæ р ауыдта карчы æ ндæ рг. Уый архайдта телæ й конд хызы хуынчъы йæ бырынкъ атъыссыныл æ мæ Авд æ мæ ’рдæ гмæ баххæ ссыныл.

Уыцы тæ ссаг бырынкъ ауынгæ йæ, йæ цæ стытыл ауад Къуылыхы мæ лæ т æ мæ йæ зæ рдæ йы тугтæ ныккалдысты. Йæ бынатæ й фезмæ лыныл ацархайдта, фæ лæ æ рмæ стдæ р нырма ныр бафиппайдта, йе стæ м къах ын уæ ззау цыдæ р кæ й нылхъывта. Уый уыдис, Къуылых æ м йе сæ фты размæ кæ й фехста, уыцы хызын.

«Мæ хъæ батыр æ мбал мын фæ дзæ хста писмотæ кæ мæ дæ р фæ хæ ццæ кæ нын, — ахъуыды кодта Авд æ мæ ’рдæ г. — Фæ лæ кæ мæ? Стæ й кæ дæ м?.. Цымæ ацы хызын æ хсæ нтæ доны хæ тæ лы ныппар æ мæ фæ стæ мæ дæ цæ рæ н бынатмæ аздæ х, уæ д хуыздæ р нæ уаид? Уым нæ сырддонцъиу ис, нæ — карк. Раст зæ гъын хъæ уы, хæ тæ лы сулæ фæ н нæ й, фæ лæ дзы уыйхыгъд тас ницæ мæ й у. Нæ фæ лæ ’мæ хызын байгом кæ нон».

Писмотæ кæ сын райдыдта æ мæ йæ цæ ссыгтæ бауромын йæ бон нæ баци. Йæ цæ ссыгтæ -иу асæ рфта æ мæ та-иу дарддæ р писмотæ касти.

— Æ мæ мын йæ хæ слæ вæ рды тыххæ й иу ныхас дæ р куыннæ загъта! Æ з ницы зыдтон æ мæ йæ мæ дзæ гъæ л дзæ нгæ дайæ хъыгдардтон, афтæ мæ й уый та тагъд кæ нын хъуыд. Ныр мын алцыдæ р æ мбæ рстгонд у. Мæ н аххосæ й фæ мард Къуылых. Йæ фæ стаг фæ дзæ хст сæ ххæ ст кæ нын мæ нæ н хæ с у. Мæ лгæ куы кæ нон, уæ ддæ р хъуамæ, мæ бон цы у, уый бакæ нон.

Авд æ мæ ’рдæ джы фынæ й кæ нын кæ й хъæ уы, уый дæ р дзы ферох, афтæ мæ й галуанмæ атындзыдта. Бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, афтæ бахæ ццæ. Цармæ æ нцонæ й фæ ндаг ссардта. Йæ хæ стæ г хæ луарæ г ыл тынг бацин кодта. Хабæ рттæ йын куы радзырдта, уæ д писмотæ Гыццыл Балмæ радтой. Змæ стыты кæ й архайдта, уый тыххæ й Гыццыл Балæ н тæ рхонгонд уыди цары бадын. Фæ стæ дæ р, галуаны цы хæ луарæ г царди, уый Авд æ мæ ’рдæ гмæ ’рхатыд, цæ мæ й йемæ æ нæ хъæ н сæ рд фæ цæ ра. Уый æ нцонæ й сразы: фæ стæ мæ фæ ндаг æ м тынг тæ ссаг фæ каст.

Æ ХСÆ З Æ МÆ ССÆ ДЗÆ М СÆ Р. Ныхас дзы цæ уы, арифметикæ чи нæ зыдта, уыцы Лимоныхъойы тыххæ й

Иу хатт Лимоныхъо Чиполлинойæ н райсомæ й хæ ринаг æ рбахаста; хъæ рмхуыппы тæ бæ гъ ын зæ ххыл йæ разы æ рæ вæ рдта æ мæ, Чиполлиномæ тызмæ г каст бакæ нгæ йæ, загъта:

— Дæ зæ ронды хабар сæ хæ рзтæ й нæ у: уæ ззау рынчын фæ ци.

Чиполлинойы йæ фыды тыххæ й бæ лвырддæ р хабæ рттæ базонын бæ ргæ фæ ндыд, фæ лæ йын Лимоныхъо, Чиполлоне афтæ слæ мæ гъ, æ мæ йæ бон камерæ йæ рацæ уын дæ р нал у, зæ гъгæ, йеддæ мæ ницы загъта.

— Мæ ныхæ стæ куыд никæ мæ н радзурай, афтæ, — йæ ныхасмæ ма бафтыдта Лимоныхъо, — кæ ннод мæ бынатæ й фæ хаудзынæ н æ мæ мын бинонтæ даринаг ис.

Чиполлино йын зæ рдæ бавæ рдта йæ дзыхыл хæ цынæ й. Уæ вгæ æ нæ зæ рдæ вæ рдæ й дæ р, лимоныхъойы уæ лæ дарæ с кæ уыл уыд æ мæ йæ бинонтæ кæ мæ ’нхъæ лмæ кæ сынц, уыцы ацæ ргæ лæ гыл комдзог рацæ уын йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыди. Бæ рæ г уыд, йæ бон хуыздæ р куыстыл фæ хæ ст уæ вын кæ й не сси æ мæ ахæ стон хъахъхъæ нæ гæ й дæ р уымæ н кæ й бацыд.

Уыцы бон та хъуамæ ахстыты тезгъо кæ нынмæ ракодтаиккой. Æ цæ гæ йдæ р, иууылдæ р кæ ртмæ рацыдысты æ мæ та зиллаккыл зилдух кæ нын райдыдтой. Гуымсæ гæ йцæ гъдæ г сын сæ къахдзæ фтæ иу кодта:

— Иу-дыууæ, иу-дыууæ!

«Иу-дыууæ! — йæ хинымæ р фæ лхат кодта Чиполлино. — Мæ постхæ ссæ г зæ ххы скъуыды ныххауд. Дæ с боны размæ ацыд, фæ лæ йе ’рбаздæ хыныл зæ рдæ дарæ н нал ис. Мæ писмотæ никæ мæ радта, æ ндæ р афонмæ Куырм Мыст æ нæ мæ нг фæ зындаид. Иу-дыууæ!.. Мæ фыд кæ й фæ рынчын, уый аххосæ й нæ алидзыны хъуыддаг дыууæ йыл у. Рынчынæ й йæ ахæ стонæ й куыд ахастæ уа? Науæ д æ й дзæ бæ х та куыд чындæ уа? Кæ м бахсæ виуат кæ нæ м, уый дæ р куы нæ уыдзæ н, уæ д хъæ д кæ нæ цъымарайы æ нæ дохтыр, æ нæ хостæ й цы фæ уыдзыстæ м? Ноджы нæ цас рæ стæ г æ мбæ хсын бахъæ удзæ н, уый дæ р куы нæ зонæ м... Нæ фæ лæ ’мæ, Чиполлино, ссæ рибар уæ выны хъуыдыйыл дæ къух ауигъ æ мæ дæ хи ахæ стоны дзæ вгар рæ стæ г фæ уынмæ, чи зоны, æ мæ дæ царды кæ ронмæ дæ р, æ рцæ ттæ кæ н. Стæ й куы амæ лай, уæ ддæ р ам баззайдзынæ: сæ уæ лмæ рдты ныгæ д æ рцæ удзынæ, — рудзынгæ й цы уæ лмæ рдтæ зынд, уыдонмæ фæ комкоммæ уæ вгæ йæ ма йæ мидхъуыдытæ м бафтыдта Чиполлино.

Уыцы бон тезгъогæ нджытæ уыдысты уæ лдай æ нкъарддæ р. Ахстытæ сæ хъулон къурткæ тæ æ мæ хæ лæ фты кæ рты цыдысты уæ нтæ хъилæ й. Уымæ й размæ -иу куыд уыд, афтæ дзы йе ’мбалимæ ныхас кæ нын дæ р никæ й зæ рдæ æ рцагуырдта.

Иууылдæ р бæ ллыдысты ссæ рибар уæ вынмæ, фæ лæ сæ м сæ рибардзинад уыцы бонæ й дарддæ р никуы фæ каст. Къæ вда бон хур мигъты фæ стæ куыд дард вæ ййы, уымæ й дæ р дарддæ р. Ноджы ма фыдæ нæ ны хуызæ н лыстæ г сæ лфынæ г кæ нын дæ р райдыдта. Ахстытæ суазал сты æ мæ гæ ртт-гæ ртт кæ нын райдыдтой, фæ лæ, ахæ стоны æ гъдæ уттæ м гæ сгæ, алы бон дæ р тезгъо æ нæ мæ нг кæ нгæ хъуыддагыл нымад уыд. Уалынмæ Чиполлиномæ чидæ р йæ номæ й сдзырдта, — æ ви йæ м кæ сгæ афтæ фæ кодта, уæ ддæ р бæ рæ г нæ й.

— Чиполлино! — ацы хатт хъæ рдæ рæ й айхъуыста йæ ном, — иннæ зылды-ма-иу ам чысыл фæ фæ стиат у.

«Куырм Мыст, — йæ хинымæ р ахъуыды кодта Чиполлино æ мæ фырцинæ й йæ туг иууылдæ р цæ сгоммæ ныццавта. — Уый у! Æ рбацыди! »

Фæ лæ йæ фыды камерæ йыл гуыдыр æ вæ рд куы ис, уæ д ын цы акæ на?

Чиполлино, Куырм Мысты хъæ лæ с кæ цæ й райхъуыст, уырдæ м тагъддæ р бахæ ццæ уæ вынмæ афтæ тынг тырныдта æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы, йæ разæ й чи уыди, уыцы ахсты зæ вæ тыл фæ лæ ууыди. Уый фæ стæ мæ фæ каст æ мæ йыл сбустæ кодта:

— Дæ къæ хты бынмæ кæ с!

— Ма мæ сты кæ н, — йæ хъусы йын бадзырдта Чиполлино. — Дæ разæ й чи цæ уы, уыдонæ й алчи йе ’мбалæ н фехъусын кæ нæ д, фынддæ с минуты фæ стæ, зæ гъ, иууылдæ р ахæ стонæ й фервæ здзыстæ м.

— Æ рра фæ дæ? — ныддис кодта ахст.

— Цы дын загътон, уый бакæ н. Иууылдæ р цæ ттæ цæ мæ й уой, уый сын бамбарын кæ н. Нæ тезгъо кæ ронмæ нæ ма фæ уыдзæ н, афтæ алидздзыстæ м.

Ахст йæ хинымæ р ахъуыды кодта æ мæ йын, цы зæ гъынц, уый куы бакæ на, уæ д йæ фæ стæ кæ й ницы фыдбылыз расайдзæ н, ууыл баууæ ндыд.

Цалынмæ сæ радон зылд кæ ронмæ хæ ццæ кодта, уæ дмæ сæ къахдзæ ф фæ сæ рæ ндæ р. Сæ астæ утæ сраст сты. Гуымсæ гæ й чи цагъта, уыцы Лимоныхъо дæ р банкъардта ахстыты уавæ р æ мæ сæ раппæ лыди:

— Уый æ ндæ р хъуыддаг у! Афтæ, гъе! Уæ риутæ размæ, уе уæ хсчытыл уæ лдæ р схæ цут!.. Иу-дыууæ! Иу-дыууæ!..

Ныр сæ цыд ахстыты цыды хуызæ н нал уыд. Парады цæ уджыты зæ рдыл тынгдæ р лæ ууын кодтой.

Чиполлино, Куырм Мысты хъæ лæ с кæ цæ й райхъуыст, уырдæ м куы бахæ ццæ, уæ д йæ цыд фæ сабырдæ р кодта æ мæ йæ алыварс айхъуыста.

— Зæ ххы бынты фæ ндаг цæ ттæ у, — сыхъуыст æ м бынæ й. — Иу къахдзæ ф галиуæ рдæ м рагæ пп кæ н æ мæ зæ хх дæ быны ныттондзæ н. Уæ ле лыстæ г тæ лм йеддæ мæ нал ныууагътам...

— Бамбæ рстон дæ, фæ лæ иннæ зылдмæ банхъæ лмæ кæ сæ м, — ныллæ г хъæ лæ сæ й йын дзуапп радта Чиполлино.

Куырм Мыст ма цыдæ р сдзырдта, фæ лæ йæ Чиполлино нал фехъуыста, афтæ мæ й йæ рæ зты ахызт.

Йæ разæ й цæ уæ джы зæ вæ тыл та ныллæ ууыд æ мæ йын йæ хъусы бадзырдта:

— Иннæ зылдæ н, ардæ м куы ’рбахæ ццæ уæ м, уæ д дæ æ з мæ къахæ й бакъуырдзынæ н, галиуæ рдæ м-иу иу къахдзæ ф фæ зил æ мæ -иу хæ рдмæ бæ рзонд сгæ пп кæ н.

Ахст ма йæ цæ мæ йдæ р афæ рсинаг уыд, фæ лæ уыцы уысм гуымсæ гæ йцæ гъдæ г уыдоны ’рдæ м фæ каст.

Исты хуызы йæ æ ндæ рæ рдæ м акæ сын кæ нын хъуыд. Æ нæ хъæ н зылдыл сусу-бусу кæ рæ й-кæ ронмæ куы ахæ ццæ, уæ д ахстытæ й иу фæ хъæ р кодта:

— Уауу!

— Цы ’рцыди? — фæ тъæ лланг ыл кодта гуымсæ гæ йцæ гъдæ г Лимоныхъо.

— Мæ риссаг къахыл мын ныллæ ууыди! — хъæ рзгæ -ризгæ йæ дзуапп радта ахст.

Куыддæ р Лимоныхъо, чи фæ хъæ р кодта, уый æ рдæ м акаст, афтæ Чиполлино Куырм Мыстыты дæ лзæ ххон фæ ндагмæ ныххизæ нмæ баввахс. Йæ разæ й цæ уæ джы фæ рæ хуыста. Уый иуварс йæ хи фехста, сгæ пп кодта æ мæ æ васт фæ цыдæ р. Зæ ххы февзæ рд, адæ ймаг кæ м ныццыдаид, ахæ м дзыхъхъ. Чиполлино зиллаккыл ауагъта йæ ног домæ н:

— Алы зылдæ н дæ р-иу æ рбайсæ фдзæ н, æ з-иу кæ й фæ рæ хойон, уый.

Æ цæ гæ йдæ р афтæ кодтой. Алы зылдæ н дæ р-иу ахстытæ й иу дзыхъхъы ныггæ пп кодта æ мæ -иу фæ дæ лдзæ хх. Цæ мæ й Лимоныхъо мацы бамбара, уый тыххæ й-иу ахстытæ й исчи фæ хъæ р кодта:

— Уауу!

— Цы та ’рцыди? — тызмæ гæ й-иу бафарста Лимоныхъо.

— Мæ риссаг къахыл мын ныллæ ууыди! — æ дзухдæ р-иу райхъуысти уыцы иухуызон дзуапп.

— Абон иууылдæ р кæ рæ дзийы риссаг къæ хтыл лæ уут æ ви цы?! Арæ хстгай цæ ут.

Фондз-æ хсæ з зылды фæ стæ Лимоныхъо ахстыты зиллакмæ дызæ рдыггаг цæ стæ й кæ сын райдыдта.

«Диссæ гтæ! — хъуыды кодта йæ хинымæ р, — ард дын хæ рын, ахстыты нымæ ц кæ й фæ къаддæ р, уый тыххæ й! »

Фæ лæ фæ стæ дæ р йæ хъуыды аивта, баууæ ндыди, кæ сгæ йæ м афтæ кæ й фæ кодта, ууыл. Цы хъуамæ фæ уыдаиккой: кулдуар — æ хгæ д, сис — бæ рзонд.

— Цыфæ ндыйæ дæ р, — йæ хицæ н дзурæ гау бакодта Лимоныхъо, — фæ къаддæ р сты.

Цæ мæ й, кæ й фæ рæ дыди, ууыл баууæ нда, уый тыххæ й ахстыты нымайын райдыдта, фæ лæ уыдон, зиллаккыл кæ й цыдысты, уый-иу æ й фæ рæ дийын кодта æ мæ йын-иу дзы кæ цыдæ ртæ дыууæ хатты нымад рауадысты. Йæ иу нымад-иу иннæ йы хузæ н никуы рауад, стæ й йын-иу рауадысты, цал уыдысты, уымæ й фылдæ р.

«Афтæ уæ вæ н куыд ис? Чидæ ртæ дзы дыгай дихтæ фæ уыдаиккой? Ацы арифметикæ цыдæ р сæ рхъæ н у! »

Куыд бамбæ рстат, афтæ мæ й Лимоныхъо арифметикæ йы сæ тыхджынтæ й нæ уыдис. Ногæ й та нымайынмæ бавнæ лдта, фæ лæ йын-иу ахстытæ куы фылдæ р рауадысты, куы — къаддæ р. Æ ппынфæ стаг куы сфæ лмæ цыд, уæ д йæ нымайын ныууагъта. Уыцы рæ стæ г зиллаккыл зилджытæ м бакаст æ мæ йæ цæ стытыл нæ баууæ ндыд: ахстытæ дыууæ хатты бæ рц къаддæ р фесты.

Арвыл йæ цæ ст ахаста, кæ д уæ лдæ фмæ стахтысты, зæ гъгæ. Раст уыцы рæ стæ г ахстытæ й иу дзыхъхъы ныггæ пп кодта æ мæ цæ сты фæ ныкъуылдмæ фæ тар.

Баззадысты ма æ рмæ стдæ р аст æ мæ ссæ дзæ й. Уыдонимæ уыдис Чиполлино дæ р. Уымæ н йæ хъуыдытæ иууылдæ р уыдысты йæ фыдимæ баст. Алы зылдæ н дæ р-иу йæ разæ й цæ уæ г куы фæ цыдæ р, уæ д-иу йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Тæ худы, уый мæ фыд куы уыдаид! »

Фæ лæ зæ ронд Чиполлонейы камерæ йы дуарыл уыди гуыдыр æ вæ рд æ мæ йæ ссæ рибар кæ ныныл хъуыдыйæ ницы пайда уыд.

Æ ппынфæ стаг Чиполлино æ рцыд ахæ м хъуыдымæ: цæ мæ й ахстытæ иууылдæ р алидзой, уымæ н сын баххуыс кæ ндзæ н, йæ хæ дæ г йæ фыдимæ ахæ стоны баззайдзæ н. Йæ фыдимæ кæ мæ й нæ пайда кæ на, ахæ м сæ рибардзинад æ й ницæ мæ н хъæ уы. Ахстытæ й ма баззад фынддæ с... дæ с, фараст, аст, авд...

Лимоныхъо фыртыхстæ й цы акодтаид, уый нал зыдта, æ рмæ ст йæ тых, йæ бонæ й гуымсæ г цавта æ мæ цавта.

«Цы хæ йрæ джы мыггаг мыл сагъуыд? — йæ хинымæ р дзырдта Лимоныхъо. — Алы зылдæ н дæ р сæ нымæ ц иу къаддæ р куыд фæ вæ ййы? Мæ сæ рæ н куы ницы хос зонын, уæ д цы чындæ уа? Тезгъойы кæ ронмæ ма баззад авд минуты. Æ гъдауæ н халæ н нæ й. Афтæ мæ й дзы тезгъойы кæ ронмæ иу дæ р куынæ уал баззайа, уæ д та? Цал ма дзы баззад? Иу, дыууæ, æ ртæ, цыппар, фондз, æ хсæ з... Цытæ дзурын: фондз йеддæ мæ нал сты! »

Чиполлино æ рæ нкъард. Куырм Мыстмæ фæ дзырдта, фæ лæ йын дзуапдæ ттæ г нæ фæ ци. Куыд тынг æ й фæ ндыди йæ иузæ рдион æ рдхордæ н, иннæ ты фæ дыл цæ й тыххæ й нæ ацыд, уый бамбарын кæ нын.

Уыцы уысм Лимоныхъо йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта:

— Æ рлæ уу! Дæ бынатæ й мауал фезмæ л!

Чиполлино æ мæ йæ цыппар æ мбалы фæ лæ ууыдысты æ мæ кæ рæ дзимæ бакастысты.

— Тагъддæ р лидзгæ ут, — фæ хъæ р кодта Чиполлино, — цалынмæ Лимоныхъо фæ дис нæ систа, уæ дмæ.

Ахстытæ айтæ -уыйтæ нал фæ кодтой, фæ лæ кæ рæ дзийы фæ дыл дзыхъхъы гæ ппытæ кæ нынмæ фесты. Чиполлино сæ фæ дыл æ нкъардæ й каст, фæ лæ йын уыцы рæ стæ г чидæ р йæ къæ хтæ м фæ лæ бурдта. Йе ’мбæ лттæ, ахæ стоны зайынмæ кæ й хъавы, уый бамбæ рстой æ мæ йæ сæ фæ дыл бынмæ нылластой.

— Æ дылы ма у, — загътой уыдон. — Сæ рибар куы уай, уæ д дæ фыдæ н дæ бон тагъддæ р баххуыс кæ нын уыдзæ н. Цом ды дæ р махимæ, цалынмæ нæ байрæ джы, уæ дмæ!

— Мæ нмæ дæ р фæ лæ уут! — æ нæ нхъæ лæ джы фæ хъæ р кодта Лимоныхъо. Æ ппынфæ стаг хъуыддаг уый дæ р бамбæ рста. — Æ з дæ р сымахимæ цæ уын. Ам мæ ма ныууадзут: кæ й алыгъдыстут, уый тыххæ й мæ принц æ рцауындздзæ н.

— Хорз. Уадзæ м æ й немæ, — сразы Чиполлино. — Æ нцонæ й кæ й фервæ зтыстæ м, уым Лимоныхъойы фæ ллой дæ р ис.

— Фæ тагъддæ р кæ нут, — райхъуысти кæ йдæ р фæ сус хъæ лæ с. — Ам афтæ рухс у, æ мæ тæ рсын, куы бакуырм уон, кæ нæ мæ хур куы ныццæ ва, уымæ й.

— Мæ сыгъдæ гзæ рдæ Куырм Мыст, — загъта Чиполлино, — дæ хæ дæ г-ма ахъуыды кæ н, куыд хъуамæ алидзон, мæ рынчын фыдыл камерæ йы гуыдыр æ вæ рд куы ис, уæ д!

Куырм Мыст, йæ къæ бут аныхгæ йæ, загъта:

— Йæ камерæ кæ м ис, уый æ з зонын. Ды мын кæ й æ рбарвыстай, ахæ стоны уыцы пълан æ з хорз сахуыр кодтон.

Куырм Мыст фехситт кодта æ мæ цæ сты фæ ныкъуылдмæ йæ алыварс амбырд сты фондзыссæ дз куырм мысты бæ рц.

— Лæ ппутæ, зæ ххы бынты ма нæ ноджыдæ р иу фæ ндаг акъæ ртт кæ нын бахъæ удзæ н, ахæ стоны уартæ уыцы къуыммæ, — загъта зæ ронд Куырм Мыст. — Акъæ ртт кæ ндзыстæ м?

— Уый та чердыгон фарст у?! Фынддæ с минутмæ фæ ндаг цæ ттæ уыдзæ н.

Куырм мыстытæ уайтагъд къахынмæ февнæ лдтой. Цалдæ р минутмæ фæ ндаг, зæ ронд Чиполлоне кæ м уыд, уыцы уынгæ г къалатимæ бахæ ццæ. Фыццаг камерæ мæ схызт Чиполлино. Йæ фыд хуыссыд сынтæ джы æ мæ сæ нттæ цагъта. Куыддæ р зæ ронды дæ лзæ ххон фæ ндагмæ ныххастой, афтæ камерæ мæ æ рбакалдысты Лимоныхъотæ. Уыдон ахæ стоны къуымты æ рзылдысты: агуырдтой ахæ стонæ й алидзæ г адæ мы.

Æ ппынфæ стаг ахæ стон хъахъхъæ нджытæ, цы ’рцыди, уый куы бамбæ рстой, уæ д фæ тарстыты, принц Лимон сæ кæ й бафхæ рдзæ н, уымæ й, сæ хæ цæ нгæ рзтæ аппæ рстой æ мæ, куырм мыстытæ цы тыргъ скъахтой, уырдæ м гæ ппытæ кæ нын райдыдтой.

Быдырмæ куы схызтысты, уæ д зæ хкусджыты хæ дзæ ртты æ мбæ хсынмæ фесты. Лимоныхъоты дзаумæ ттæ феппæ рстой æ мæ кусæ н дарæ с скодтой.

Уæ д Чиполлино та цы баци?

Зæ ронд Куырм Мыст æ мæ Чиполлиномæ афтæ фæ каст, цыма сæ Лимоныхъотæ расырдтой æ мæ сæ хицæ н æ ндæ р фæ ндаг къæ ртт кæ нынмæ февнæ лдтой. Лимоныхъотæ сæ уый тыххæ й нал аййæ фтой.

Омæ уæ ддæ р ныртæ ккæ кæ м сты?

Чысыл багæ дзæ кæ нут, тагъд æ й базондзыстут.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.