Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ИУ ÆМÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Мистер Моркоуы сæвæрдтой фæсарæйнаг æфсæддон уынаффæгæнæгæй



Куы ’ризæ р, æ мæ галуан тары куы аныгъуылд, уæ д хæ лæ рттæ й чидæ ртæ сагъæ сы бацыдысты.

— Дарддæ р нын цыгæ нгæ у? — бафарста Гыццыл Куысыфтæ г. — Ам кæ дмæ цæ рдзыстæ м? Нæ хи хæ дзар, мыййаг, куы нæ у. Махæ й алкæ мæ н дæ р ис йæ хи хæ дзар, йæ хи сагъæ стæ, йæ хи куыст.

— Махæ й ам æ нусмæ цæ рынмæ ничи хъавы, — дзуапп ын радта Чиполлино. — Не знæ гтæ м баныхас кæ ныны тыххæ й фæ дзурдзыстæ м æ мæ сæ бадомдзыстæ м, цæ мæ й не ’ппæ ты дæ р ссæ рибар кæ ной. Иуы дæ р нæ нæ бахъыгдардзысты, ууыл куы баууæ ндæ м, уæ д æ вæ стиатæ й галуанæ й ацæ удзыстæ м.

— Æ мæ нæ хи бахъахъхъæ нын нæ бон бауыдзæ н? — ныхас йæ химæ айста синьор Хохаг Хъæ дур. — Галуан бахъахъхъæ нын вазыгджын æ фсæ ддон операци у. Зонын хъæ уы стратеги, тактикæ, баллистикæ.

— Баллистикæ та цы у? — бафарста Гыццыл Куысыфтæ г. — Дæ хорзæ хæ й, синьор æ вдакат, мах кæ й не ’мбарæ м, ахæ м дзырдтæ й нæ ма тæ рсын кæ н.

Хохаг Хъæ дур, фæ сырх уæ вгæ йæ, загъта:

— Æ з уын уæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нынмæ хъавын, не ’хсæ н иунæ г инæ лар дæ р кæ й нæ й, уый. Æ фсады сæ ргъы инæ лар куы нæ лæ ууа, уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, афтæ мæ й знаджы ныхмæ зын хæ цæ н у.

— Ацы хъæ ды ныртæ ккæ дыууиссæ дз инæ ларæ й фылдæ р ис, — загъта Чиполлино, — фæ лæ не ’рцахсын сæ бон нæ баци.

— Хорз, фæ уæ д афтæ, — арф ныуулæ фгæ йæ, бахъуыр-хъуыр кодта Хохаг Хъæ дур. — Бакæ сæ м, цы уыдзæ н, уымæ.

Дарддæ р æ м быцæ у кæ ныны зонд нал уыд, фæ лæ йæ нæ уырныдта, стратеги, тактикæ æ мæ баллистикæ чи нæ зоны, æ нæ ахæ м инæ лар галуан бахъахъхъæ нын сæ бон бауыдзæ н, уый.

— Махмæ сармадзантæ нæ й, — йæ ныхас баппæ рста Куысыфтæ г.

— Нæ й нæ м нæ мыгызгъалæ нтæ дæ р, — йæ фарс рахæ цыд Хъæ дындз Порей.

— Уæ дæ нæ м хæ цæ нгæ рзтæ дæ р нæ й, — йæ хъуыды загъта мастер Сæ нæ фсир дæ р.

— Цыдæ риддæ р хъæ уы, уыдон нæ м иууылдæ р уыдзысты, — зæ рдæ тæ æ вæ рынмæ сын фæ ци Чиполлино. — Ууыл æ ппындæ р ма тыхсут. Фæ лтау уæ алчидæ р баулæ фыныл бацархайæ д.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ иууылдæ р сæ фæ ллад уадзынмæ ацыдысты.

Барон Апельсины уæ рæ х сынтæ джы авдæ й бацыдысты. Суанг ма дзы æ стæ мæ н дæ р бынат баззад. Саунæ мыг æ мæ Куысыфтæ г та паркмæ, сæ хи хæ дзар кæ м лæ ууыд, уырдæ м ацыдысты.

Мастинойы уый хæ дразмæ ногæ й хæ дзары бакодтой, æ мæ сæ м дзæ бæ х цæ стæ й нæ ракаст. Куыдз, кæ д цыфæ нды хъыхъхъаг уыд, уæ ддæ р закъонæ н аргъ кæ нын зыдта, æ мæ йæ м, цы гæ ххæ ттытæ равдыстой, уыдон куы федта, уæ д бамбæ рста, хæ дзар уый кæ й нæ у, æ мæ йæ хи куыдздонмæ ацыди.

Куысыфтæ г рудзынджы цур æ рбадт æ мæ æ ддæ мæ каст. Саунæ мыг йæ къæ хты бын æ рхуыссыд.

— Цы диссаджы æ хсæ в у, — загъта Саунæ мыг. — Ахæ м ма дзы цъæ х-цъæ хид арв уыдзæ н! Кæ с-ма, кæ с, уæ лæ цыдæ р фæ тæ хы. Ракетæ ма уæ д...

Æ цæ гæ йдæ р, принц Лимон хъæ ды фейерверк сарæ зта. Фæ ндыди йæ æ хсинты зæ рдæ тæ бахъæ лдзæ г кæ нын.

Уый хуымæ тæ джы фейерверк нæ уыди. Ракетæ ты бæ сты сармадзантæ й æ хста дыгай Лимоныхъоты. Йе ’рхъуыдыйæ хуымæ тæ джы разы уыди!..

Синьор Помидор æ м иудзæ вгар фæ кæ сыны фæ стæ хæ стæ гдæ р бацыд æ мæ йын йæ хъусы бадзырдта:

— Ныххатыр мын кæ н, дæ иууылбæ рзонддзинад, фæ лæ афтæ мæ й де ’фсад цагъды фæ уыдзысты!

Æ рмæ стдæ р уыцы ныхæ сты фæ стæ баурæ дта Лимоныхъотæ й æ хсын принц. Арф ныуулæ фгæ йæ ма загъта:

— Ахæ м хъазт мæ зæ рдæ мæ тынг цæ уы!

— Фейерверк фæ ци! — загъта Куысыфтæ г.

Принц, йæ салдæ ттæ й ма чи баззад, уыдон нымайынмæ февнæ лдта. Йæ хъуыдымæ гæ сгæ ма лидзджыты асурыны фаг уыдысты. Фæ лæ уæ ддæ р уыцы хъуыддаг дыккаг бонмæ аргъæ втой.

Принц бардзырд радта, цæ мæ й дыууæ æ хсинæ н хæ рзаив цатыр æ рцарæ зтаиккой. Дыууæ сылгоймаджы схуыссын кодтой фæ лмæ н хуыссæ нты, фæ лæ æ нахуыр уавæ рты æ рæ гмæ бафынæ й сты.

Фыццаг кæ ркуасæ нтæ м хæ стæ г уыдаид, афтæ кавалер Помидор йæ нервытæ æ рсабыр кæ ныны тыххæ й хъæ дмæ йæ хи айста. (О, хæ дæ гай, фейерверчы фæ стæ кавалерыл фыркатайæ зыр-зыр кæ й бахæ цыд, уый зæ гъын мæ фæ цæ йрох кодта).

«Ахæ м ма дзы æ дылы ми æ рымысгæ уыдзæ н! — йæ хинымæ р хъуыдытæ кодта кавалер. — Уыйбæ рц домбай салдæ тты ницæ й тыххæ й бабын кæ н! »

Хъæ ды, бæ рзонддæ р цы обау уыд, уырдæ м схызт æ мæ алырдæ м фæ лгæ сыд, кæ д искуы лыгъд адæ м арт скодтой, æ мæ йæ фенин, зæ гъгæ.

Фæ лæ уый бæ сты федта: галуаны рудзгуытæ й се ’ппæ тæ й дæ р калд рухс.

«Æ вæ ццæ гæ н, барон æ мæ герцог, — йæ маст йæ хъуырмæ схæ ццæ, афтæ мæ й ахъуыды кодта кавалер, — сæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н рæ стæ г æ рвитынц. Додой мын сæ сæ р кæ ны! Лыгъд адæ мы куы ’рцахсæ м æ мæ, Чиполлинойæ н, цы хъæ уы, уый куы бакæ нæ м, уæ д уыцы дыууæ лæ вархоры федде кæ нын хъæ удзæ н! »

Галуанмæ куыд фылдæ р каст, афтæ йæ маст тынгæ й-тынгдæ р фыхт.

«Магусатæ! — цæ хæ ртæ калдта йæ хи мидæ г. — Ахæ м дзы фыдгæ нджытæ нæ ма фендæ уыд! Дыууæ æ нæ сæ рымагъз æ хсины ныггаффутт кæ ндзысты.

Сæ рхъæ н чъебретæ н ма ныууадздзысты æ рмæ стдæ р сæ ны афтид æ вгтæ, стæ й рæ уæ дтæ æ мæ карчы стджыты рæ дзæ гъдтæ! »

Галуаны рудзгуытæ радыгай хуысгæ цыдысты. Æ ппынфæ стаг ма дзы рухс калд æ рмæ стдæ р иуæ й.

— Ничи йæ м кæ сы! — йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с цыд, афтæ мæ й йæ маст схæ лбурцъ кодта синьор Помидорæ н. — Герцог Мандаринæ н æ нæ цырагъы рухсæ й йæ бон фынæ й кæ нын нæ у. Талынджы тæ рсгæ кæ ны. Фæ лæ уый цытæ кусы? Йæ сæ ры зонд бынтон фæ цыд æ ви? Цырагъ ахуыссын кæ ны æ мæ та йæ ссудзы. Хорз хъазæ н ссардта! Афтæ мæ й хуыссынгæ нæ н фехалдзæ н. Кæ нæ та телтæ кæ рæ дзиуыл аныдзæ вдзысты æ мæ хæ дзарыл арт бафтаудзæ н. Ныууадз де ’рра митæ! Æ з кæ мæ дзурын: ныууадз!

Синьор Помидор, йæ хъæ лæ сыдзаг кæ й ныхъхъæ р кодта, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ бамбæ рста. Иу уысм æ нæ дзургæ йæ алæ угæ йæ, хъуыдытыл фæ ци.

«Кæ д искæ мæ н исты хъусынгæ нинæ гтæ æ рвитынц, уæ д та? — ахъуыды кодта йæ хинымæ р синьор Помидор, — цырагъ хуымæ тæ джы ссудз-ахуысс нæ кæ ны. Хъусынгæ нинæ гтæ? Фæ лæ цавæ р? Цæ й охыл? Кæ мæ н сæ æ рвыстæ уы? Уыцы митæ цы амонынц, уый мын чи зæ гъид, уымæ н сызгъæ ринтæ дæ р нæ бавгъау кæ нин. Æ ртæ хатты цырагъ ссыгъди тагъд-тагъд, æ ртæ хатты та — дæ ргъвæ тиндæ р... Æ ртæ хатты та — ноджыдæ р тагъддæ р. Иуцасдæ р талынджы ницыуал разынд. Ногæ й та райдыдта: æ ртæ хатты — тагъд-тагъд, æ ртæ хатты — дæ ргъвæ тиндæ р... Ногæ й та æ ртæ хатты — тагъд-тагъд. Герцог, æ вæ ццæ гæ н, радиомæ хъусы æ мæ музыкæ йы мыртæ фæ змгæ йæ куы цырагъ хуыссын акæ ны, куы та йæ ссудзы. Хæ снаг кæ нын, æ цæ гæ й афтæ кæ й, у, уый тыххæ й. Магуса дын йæ хицæ н куыст не ссардзæ н! »

Синьор Помидор лагермæ куы ’рбаздæ хт, уæ д фæ сдзæ уинтæ й иуыл амбæ лд. Бирæ чи зоны, ахæ мыл æ й нымадта æ мæ йæ афарста, азбукæ имæ зонгæ у æ ви нæ, уымæ й.

— Куыннæ ма! — дзуапп ын радта Лимоныхъо. — Æ з дæ н сигнализацийы доктор æ мæ профессор, уый æ дде ма каст фæ дæ н сæ рмагонд факультет.

— Уæ дæ ахæ м сигнал цы амоны, уый мын нæ зæ гъдзынæ? — бафарста йæ синьор Помидор æ мæ йын радзырдта, æ вдисæ н цæ мæ н уыд, уыцы нывы бæ лвырддзинæ дтæ.

— С... О... С... Уый у тæ ссаг уавæ р æ вдисæ г сигнал. Чидæ р кæ мæ йдæ р æ ххуыс куры.

«Æ ххуыс? — сагъæ сы аныгъуылгæ йæ, ахъуыды кодта синьор Помидор. — Уæ дæ уый хъазт нæ у! Герцог нæ м цæ йдæ р тыххæ й æ ххуысмæ сиды. Æ вæ ццæ гæ н, тæ ссаг уавæ ры бахауд, æ ндæ р æ ххуыс нæ агурид».

Синьор айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, фæ лæ галуанмæ атындзыдта.

Паркмæ куы бахæ ццæ, уæ д Мастиномæ фехситт кодта. Синьор Помидор æ нхъæ л уыди, куыдз æ м райдзаст хæ дзарæ й ратæ хдзæ н, зæ гъгæ, фæ лæ уый хъусхаудæ й йæ зæ ронд бынатæ й рахылд.

— Цы ’рцыди? — бафарста йæ синьор Помидор.

— Æ з закъонылхæ ст дæ н, — æ нæ бары дзуапп радта куыдз. — Хæ дзары хицæ уттæ мæ м æ нæ дызæ рдыггаг гæ ххæ ттытæ куы равдыстой, уæ д сын бынат æ нæ суæ гъдгæ нгæ нæ уыдис, æ мæ æ з дæ р мæ зæ ронд цæ рæ нуат бацагуырдтон.

— Чи сты уыцы хæ дзары хицæ уттæ?

— Цавæ рдæ р Куысыфтæ г æ мæ Саунæ мыг.

— Æ мæ ныртæ ккæ кæ м сты?

— Сæ хи хæ дзары фынæ й кæ нынц. Уый мæ нмæ гæ сгæ. Фæ лæ зын бауырнæ н у, ахæ м къуындæ джы куыд бахсæ виуатгæ нæ н ис, уый. Æ вæ ццæ гæ н, сын галуаны бынат нал сфаг.

— Галуаны та чи æ рфысым кодта?

— Тынг бирæ адæ м дзы ис. Уыимæ алыхуызон: цырыхъгæ нджытæ, музыканттæ, мæ ймæ булчъытæ, хъæ дындзтæ. Иу дзырдæ й, алыхуызон хъылма.

— Чиполлино дæ р уым ис?

— О, мæ нмæ гæ сгæ, дзы иуы ном афтæ хуыйны. Æ з куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й герцоджы зæ рдæ мæ нæ фæ цыдысты, йæ хиуыл дуæ рттæ сæ хгæ дта æ мæ изæ рсарæ й йæ хи нал равдыста.

«Уæ дæ уый, æ вæ ццæ гæ н, уацары бахаудта, — скарста йæ хинымæ р Помидор. — Уавæ р фыддæ рæ й-фыддæ ргæ нгæ цæ уы! »

— Апельсины тыххæ й та афтæ зæ гъдзынæ н, — дзырдта дарддæ р куыдз, — йæ хиуыл дуæ рттæ сæ хгæ дта йæ хи уаты нæ, фæ лæ ныккæ нды. Ныр цалдæ р сахаты дæ ргъы мæ хъустыл уайы æ вгты къæ рмæ джыты тъуппытæ.

— Кæ с-ма уыцы къупримæ! — йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта Помидор.

— Фæ лæ мæ нæ н мæ бон бамбарын нæ у, — загъта Мастино, — нæ хи Гыццыл Бал графы ном кæ й хæ ссы, уый дзы куыд ферох æ мæ йæ хицæ й бирæ дæ лдæ ртимæ куыд сæ мдзæ хтон, уый!

Синьор Помидор уайтагъд хъæ ды балæ ууыд, принц æ мæ дыууæ æ хсины райхъал кодта æ мæ сын хабæ рттæ радзырдта. Æ хсинтæ галуанмæ батагъд кæ нынмæ хъавыдысты, фæ лæ сæ м принц æ рхатыди, банхъæ лмæ кæ сын, дам, хуыздæ р уыдзæ н.

— Дысон нæ салдæ ттæ й бирæ фæ хъуыд, — загъта уый, — æ мæ галуан байсынмæ бынтон цæ ттæ не стæ м. Боны сцъæ хмæ фæ лæ ууæ м. Афтæ хуыздæ р уыдзæ н.

Басгæ рдæ гмæ фæ дзырдта — уый арифметикæ мæ дæ сны уыд — æ мæ йын бафæ дзæ хста, цæ мæ й ногæ й банымайа, йæ бæ рны ма цæ йбæ рц тыхтæ баззад, уый.

Басгæ рдæ г мел æ мæ чысыл фæ йнæ г райста æ мæ цатыртыл зилгæ ацыд. Салдæ тты мыггæ гты ныхмæ иугай дзуæ рттæ æ вæ рдта, инæ лæ ртты ныхмæ та — дыгæ йттæ. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й ма салдæ ттæ уыдысты æ стдæ с, дыууиссæ дз та инæ лæ рттæ, æ дæ ппæ т æ стдæ с æ мæ дыууиссæ дзы, синьор Помидор, синьор Басгæ рдæ г, принц Лимонæ н йæ хи, дыууæ æ хсины, фæ дысгарæ г йæ куыдзимæ æ мæ цалдæ р бæ хы куы нæ нымайæ м, уæ д.

Кавалер Помидоры хъуыдымæ гæ сгæ бæ хтæ й ницы пайда уыд, фæ лæ синьор Басгæ рдæ г куыд нымадта, афтæ мæ й галуанмæ бырсгæ йæ кавалерийæ н æ мбал нæ й, иуæ й-иу рæ тты та йæ сæ р æ нæ мæ нг фæ хъæ уы.

Бирæ фæ быцæ у кæ ныны фæ стæ принц Лимон сразы синьор Басгæ рдæ гимæ æ мæ йын йæ хи снысан кодта бæ хджын къорды разамонæ гæ й.

Ныббырсты пъланыл æ рныхас кодтой мистер Моркоуимæ. Уыцы æ мбырды Моркоуæ н радтой фæ сарæ йнаг æ фсæ ддон уынаффæ гæ нæ джы цин.

Æ фсæ ддон уынаффæ гæ нæ г æ вæ стиатæ й бавнæ лдта йæ хæ стæ æ ххæ ст кæ нынмæ.

Æ ппæ ты фыццагдæ р инæ лæ рттæ æ мæ салдæ ттæ н бауынаффæ кодта, цæ мæ й иууылдæ р галуаны бадджыты фæ тæ рсын кæ ныны тыххæ й сæ цæ сгæ мттæ сахуырстаиккой æ взалы кæ нæ милайæ. Уыцы хъуыды принцы зæ рдæ мæ тынг фæ цыд. Уый бардзырд радта, цæ мæ й цалдæ р авджы сæ н байгом кодтаиккой, æ мæ инæ лæ рттæ н йæ хæ дæ г сæ цæ сгæ мттæ къæ рмæ джы сыгъдонæ й ахорын райдыдта.

Инæ лæ рттæ м ахæ м кад кæ й æ рхаудта, уымæ й хуымæ тæ джы сæ рыстыр уыдысты.

Хурыскасты агъоммæ æ ппæ т инæ лæ рттæ æ мæ салдæ тты цæ сгæ мттæ дæ р сау-сауид адардтой. Йæ ахорæ нæ й ма бирæ баззад, æ мæ дыууæ æ хсин æ мæ синьор Помидорæ й бадомдта, цæ мæ й уыдоны цæ сгæ мттæ дæ р ахуырст æ рцыдаиккой.

Æ хсинты бæ ргæ нæ фæ ндыди сæ цæ сгæ мттæ ахорын, фæ лæ принцы ныхмæ сдзурын нæ бафæ рæ зтой æ мæ цæ ссыгкалгæ йæ йæ коммæ бакастысты.

Ныббырст райдыдта саумæ райсом, куыддæ р авд сахаты сси, афтæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.