Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТÆ ’МÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Чиполлино базонгæ постхæссæг хæлуарæгимæ



Мæ нæ н сымах асайын мæ бон нæ у: урс тырыса не сфæ йлыдта кулдуары дыууæ быцæ уы астæ у. Уый бæ сты тохы быдырмæ фæ зынд Лимоныхъоты æ нæ хъæ н дивизи. Уый фæ дисы рарвыстой сæ йраг горæ тæ й. Не ’рдхæ рдтæ н кæ нæ сæ хи уацары раттын хъуыд, кæ нæ хъуамæ лыгъд раттаиккой.

Чиполлино хъавыд ныккæ нды уылты алидзынмæ, фæ лæ, хъæ дмæ чи хуыдта, зæ ххы бынты уыцы фæ ндаг бацахстой принцы æ фсæ дтæ. Зæ ххы бынты цы сусæ г фæ ндаг уыд, уый Лимоныхъотæ й куы ничи зыдта, уæ д сын æ й цымæ чи бацамыдта?

Уый дæ р уæ нæ бамбæ хсдзынæ н: гадзрахатæ йцæ уæ г разынд синьор Хохаг Хъæ дур.

Чиполлино æ мæ йе ’рдхæ рдтæ цъысымы куы бахаудысты, уæ д æ вдакат æ васт знæ гты фарс фæ ци, уымæ н æ мæ тарсти, дыккаг хатт æ й куы сауындзой, уымæ й.

Синьор Помидор Чиполлинойы куы ’рцахста, уæ д фырцинæ й иннæ уацайрæ гты се ’ппæ ты дæ р суæ гъд кодта. Бафхæ рдтой æ рмæ стдæ р Гыццыл Балы: цармæ йæ схизын кодтой æ мæ йыл дуæ рттæ сæ хгæ дтой. Чиполлинойы та Лимоныхъоты æ нæ хъæ н ротæ акодтой ахæ стонмæ æ мæ йæ зæ ххыбыны камерæ йы баппæ рстой.

Ахæ стоны кусæ г Лимоныхъо йын-иу бон дыууæ хатты дзулы къæ бæ р æ мæ тæ стытæ къусы дон æ рбахаста, æ мæ афтæ мæ й бонæ ддæ дæ р кодта. Чиполлино-иу уайтагъд хæ рынмæ февнæ лдта. Цы хæ ры, уымæ -иу кæ сгæ дæ р не ’ркодта, — фыццаджыдæ р уымæ н, æ мæ тынг æ ххормаг уыд, дыккаджы та уымæ н, æ мæ ныккæ нды талынг уыд æ мæ, цыфæ нды каст куы кодтаид, уæ ддæ р, цы хæ ры, уый нæ федтаид.

Иннæ рæ стæ г Чиполлино иууылдæ р æ рвыста сынтæ джы. Хуыссыди æ мæ хъуыдытæ кодта: «Тæ худы, æ мæ мæ фыды иу хатт уæ ддæ р куы фенин! Иу ахæ стоны кæ й стæ м, уый исты хуызы зонгæ уæ ддæ р куы бакæ нин».

Æ хсæ вæ й-бонæ й хъахъхъæ нæ г Лимоныхъо йæ камерæ йы рæ зты дыууæ рдæ м кодта æ мæ Чиполлинойы йæ цырыхъхъыты къупп-къупп хуыссын нæ уагъта.

— Дæ цырыхъхъыты зæ вæ ттыл резинæ уæ ддæ р бахуый! — рахъæ р-иу æ м кодта Чиполлино, фæ лæ йын ахæ стоны хъахъхъæ нджытæ йæ ныхæ стæ ницæ мæ дардтой.

Къуырийы фæ стæ йæ м фæ зындысты.

— Кæ дæ м мæ кæ нут? — бафарста Чиполлино.

«Æ вæ ццæ гæ н мæ ауындзынмæ кæ нынц», — ахъуыды кодта йæ хинымæ р, фæ лæ фæ рæ дыд, уымæ н æ мæ йæ рахуыдтой тезгъомæ. Æ ддæ мæ рахизæ н дуар уыд дæ ргъæ й-дæ ргъмæ тыргъы кæ рон, æ мæ, цалынмæ уырдæ м цыдысты, уæ дмæ йæ хинымæ р хæ цыд йæ къæ хтимæ, цæ уын чи нал зыдта, æ мæ йæ цæ стытимæ, рухсыл ахуыр кæ й нал уыдысты æ мæ сæ сыг кæ й калди, уый тыххæ й.

Кæ рт уыди тымбыл. Ахстытæ н се ’ппæ тыл дæ р уыдис æ мхуызон хъулон дарæ с. Хъазы лæ ппынтау кæ рæ дзийы фæ дыл ныххал уæ вгæ йæ, зылдысты зиллаккыл.

Ныхас кæ ныны бар никæ мæ н уыд. Зиллаччы астæ у лæ ууыди Лимоныхъо æ мæ, гуымсæ г хойгæ йæ, хъæ р кодта:

— Иу-дыууæ! Иу-дыууæ!..

Чиполлино дæ р тезгъогæ нджытимæ баиу. Йæ разæ й цыд, йæ сæ рыхъуынтæ халас кæ мæ н адардтой, ахæ м гуыбыр зæ ронд лæ г. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ йыл-иу хуыфæ г бахæ цыд, æ мæ -иу йе уæ хсчытæ хæ рдмæ сгæ пп-сгæ пп кодтой.

«Мæ гуырæ г, — ахъуыды кодта Чиполлино. — Афтæ зæ ронд куы нæ уаид, уæ д мæ фыды хуызæ н тынг у! »

Иуцасдæ р ма куы фæ цыд, уæ д та зæ ронд лæ г ногæ й схуыфыд, æ мæ дарддæ р йæ бон цæ уын нал уыд. Рæ нхъæ й рахызти æ мæ, цæ мæ й ма ахауа, уый тыххæ й къулыл банцой кодта. Чиполлино йæ м батахт æ мæ йын фыццаг хатт федта, æ нцъылдты бын чи фæ ци, йæ уыцы цæ сгом. Ахст æ м бакаст, рухсы цъыртт кæ м нал баззад, йæ уыцы цæ стытæ й, æ мæ, лæ ппуйы уæ хсчытыл фæ хæ цгæ йæ, сдзырдта:

— Чиполлино, мæ хъæ бул!

— Баба! Куыд тынг базæ ронд дæ!..

Фыд æ мæ фырт, цæ ссыг калгæ йæ, кæ рæ дзиуыл ныттыхстысты.

— Ма ку, мæ ахсджиаг, — йæ цæ ссыгтæ ныхъуыргæ йæ, загъта фыд. — Фидар лæ уу, Чиполлино!

— Кæ угæ нæ кæ нын, баба. Зын мын у дæ у афтæ лæ мæ гъ æ мæ рынчынæ й уынын. Æ з та дын суæ гъд кæ нынæ й зæ рдæ æ вæ рдтон!

— Ма тыхс, хуыздæ р бонтæ ныл скæ ндзæ н.

Уыцы рæ стæ г гуымсæ гæ йцæ гъдæ г Лимоныхъо, йæ гуымсæ г тынгдæ р ныццæ вгæ йæ, фæ хъæ р кодта:

— Уæ ртæ дыууæ лæ джы! Рæ нхъ фехæ лдтат, уый нæ уынут? Тагъд уæ бынæ ттæ м!

Зæ ронд Чиполлоне йæ фырты феуæ гъд кодта æ мæ ахстыты æ хсæ н йæ бынат бацахста. Дыууæ зылды ма æ ркодтой, стæ й кæ рæ дзийы фæ дыл тыргъы алчи йæ камерæ мæ фæ цагайдта.

— Æ з дæ м хабар кæ ндзынæ н, — Чиполлинойы хъусы бадзырдта зæ ронд лæ г.

— Куыдæ й?

— Уый фендзынæ. Фидар лæ уу, Чиполлино!

— Хорзæ й баззай, баба!

Зæ ронд йæ камерæ йы фæ мидæ г. Чиполлинойы камерæ уыди дыууæ уæ ладзыджы дæ лдæ р, зæ ххы бын. Чиполлино йæ фыды куы федта, уæ д æ м йæ камерæ афтæ талынг нал каст. Уæ вгæ, камерæ йæ тыргъмæ цы гыццыл рудзынг уыд, уымæ й мидæ мæ цыдæ р рухсы цъыртт калд, фæ лæ уый афтæ мынæ г уыд, æ мæ тыххæ йты иртæ ста, дыууæ рдæ м чи рацу-бацу кодта, уыцы хъахъхъæ нджыты топпыты æ рттиваг джебогътæ.

Дыккаг бон Чиполлино рæ стæ г цыбырдæ р кæ ныны тыххæ й, хъахъхъæ нджыты джебогътæ йæ рудзынджы рæ зты цал хатты ферттивынц, уый куыд нымадта, афтæ йæ м чидæ р йæ номæ й фæ дзырдта. Чи æ мæ йæ м кæ цæ й дзырдæ уыд, уый зын раиртасæ н уыд.

— Чи мæ м дзуры? — бафарста дисхуызæ й Чиполлино.

— Къулмæ -ма скæ с.

— Кæ сын, фæ лæ къул нæ уынын.

— Æ з мæ нæ дæ н, рудзынджы цур.

— О, ныр дæ ауыдтон. Хæ луарæ г, уым цы кусыс? Ам бындзæ н йæ кой дæ р куы нæ и.

— О, æ з хæ луарæ г дæ н. Мæ ном Къуылых хуыйны. Мæ тын уæ ллаг уæ ладзыджы камерæ йы ис. Куы сæ ххормаг вæ ййын, уæ д æ й абæ рæ г кæ нын æ мæ дзы алы хатт дæ р, цы ахæ рон, уый разыны.

Цавæ рдæ р Лимоныхъо дуар ныггуыпп ласта:

— Кæ имæ дзурыс уым? Ныртæ ккæ ныхъхъус у!

— Кувгæ кæ нын. Уыцы куывд мын мæ мад бацамыдта, — дзуапп ын радта Чиполлино.

— Кув, фæ лæ хъæ р ма кæ н, — бардзырд дæ ттæ гау фæ кодта хъахъхъæ нæ г, — кæ ннод нын нæ къахайст халыс.

Лимоныхъотæ ахæ м хуырым уыдысты, æ мæ сын цыфæ нды уынæ р дæ р сæ къахы æ мист хъыгдаргæ кодта.

Къуылых хæ луарæ г бындæ р æ рхылд æ мæ, йæ тынæ й лыстæ гдæ р чи уыд, ахæ м хъæ лæ сæ й загъта:

— Æ з дын дæ фыдæ й писмо ’рхастон.

Æ мæ йæ м æ цæ гæ йдæ р тынты тыхтæ й фыстæ г æ рæ ппæ рста. Уым фыст уыдис: «Зынаргъ Чиполлино, æ з дын дæ хабæ рттæ иууылдæ р зонын. Куыд æ нхъæ л уыдтæ, уымæ й æ взæ рдæ р кæ й цæ уынц, уый тыххæ й дæ хи ма хæ р. Дæ бынаты æ з дæ р мæ хи афтæ дардтаин. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ахæ стоны бадыны хорзæ й ницы ис, фæ лæ ды ам бирæ цæ уылдæ рты сахуыр уыдзынæ. Цы федтай æ мæ цы бавзæ рстай, уыдоныл ахъуыды кæ ныны фадат дын уыдзæ н. Писмо дæ м чи бахаста, уый ахæ стоны нæ постхæ ссæ г у. Мацæ мæ й дзы тæ рс. Æ ууæ нд ыл. Дæ хабæ рттæ мæ м цыбырæ й афысс æ мæ йæ м дæ фыстæ г ратт. Сæ мбæ лын мыл æ й кæ ндзæ н. Мæ хъæ бысы дæ кæ нын. Дæ фыд Чиполлоне».

— Кæ ронмæ йæ бакастæ? — бафарста йæ Къуылых.

— Бакастæ н.

— Гъемæ хорз. Ныр писмо дæ дзыхы баппар, аууил æ мæ йæ аныхъуыр. Хъуамæ хъахъхъæ нджыты къухмæ ма бахауа.

— Хорз, — загъта Чиполлино, фыстæ г æ ууилгæ йæ.

— Ныр уал хæ рзбон рау, — загъта Къуылых, — фенынмæ уал.

— Кæ дæ м цæ уыс?

— Почтæ уарынмæ.

Чиполлино нырма ныр ауыдта, хæ луарæ джы æ фцæ гыл тынтæ й конд хызын æ фтыд кæ й уыд, уый. Постхæ сджытæ м цы хызынтæ вæ ййы, уыдоны хуызæ н. Уый йедзаг уыди фыстæ джытæ й.

— Уыцы писмотæ камерæ тыл уаргæ ацæ удзынæ?

— Фондз азы дæ ргъы кæ нын ацы куыст. Алы райсом дæ р камерæ тыл зилгæ рацæ уын, писмотæ æ рæ мбырд кæ нын æ мæ сæ, кæ мæ æ рвыст вæ ййынц, уыдоныл байуарын. Хъахъхъæ нджытæ мыл иу хатт дæ р нæ ма фæ гуырысхо сты. Мæ фæ рцы ахстытæ кæ рæ дзиимæ бастдзинад дарынц. Сæ иуы писмо дæ р дзы никуыма фесæ фт.

— Æ мæ сын гæ ххæ тт та кæ м вæ ййы?

— Гæ ххæ ттыл дзы иу дæ р нæ фыссы. Алчи дзы йæ хæ донæ й иу гæ баз раскъуыны æ мæ ууыл ныффыссы.

— Нырма ныр бамбæ рстон, æ рдæ боны фыстæ г ахæ м ад цæ мæ н кодта, уый, — загъта Чиполлино.

— Чернилæ та кæ нынц, — дзырдта дарддæ р хæ луарæ г, — хæ ринагмæ агуыридуры ссад бафтаугæ йæ.

— Агуыридур та кæ м ссарынц?

— Ахæ стоны къултæ агуыридурæ й сты.

— Бамбæ рстон дæ, — загъта Чиполлино. — Райсом-ма-иу, дæ хорзæ хæ й, мæ камерæ мæ фæ зын. Æ з дæ м писмо ратдзынæ н.

— Æ нæ мæ нг дæ м æ рбацæ удзынæ н, — зæ рдæ йын бавæ рдта постхæ ссæ г æ мæ къуылых-къуылых араст йæ дарддæ ры фæ ндагыл.

— Дæ къах ныццавтай? — йæ фæ стæ адзырдта Чиполлино.

— Нæ -а. Уый стæ гниз у. Уымæ л ран цæ рын мын нæ бæ ззы. Æ з зæ ронд дæ н. Хъæ уы мæ æ рцæ рын хъæ уы. Ме ’фсымæ р уым нартхоры хуымы цæ ры. Алы бон дæ р йæ тынтæ нартхоры хъæ дтыл байтауы æ мæ бон-сауизæ рмæ йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н рæ стæ г æ рвиты хурмæ, сыгъдæ г уæ лдæ фы. Бирæ хæ ттыты мæ йæ химæ хуыдта, фæ лæ мæ куыст ныууадзын мæ бон нæ у. Иугæ р хъуыддаджы куы бацæ уай, уæ д æ й кæ ронмæ хæ ццæ кæ нын хъæ уы. Стæ й мæ принц Лимонæ й стыр маст ис. Йæ фæ сдзæ уин мын мæ фыды амардта: цæ лгæ нæ ны зæ ронд лæ джы ацъæ л кодта. Къулыл ма абон дæ р сау стъæ лф бæ рæ г дары. Хатгай уыцы фæ д фенынмæ бацæ угæ йæ, мæ хинымæ р фæ зæ гъын: «Принц Лимоны дæ р искуы афтæ ацъæ лчындæ уыдзæ н, æ рмæ ст уымæ й фæ д дæ р нал баззайдзæ н». Раст нæ зæ гъын?

— Мæ царды мидæ г ахæ м зæ рдæ хæ лар хæ луарæ гыл никуыма сæ мбæ лдтæ н, — дисхуызæ й бафиппайдта Чиполлино.

— Алчидæ р, кæ мæ н цы йæ бон у, уый кæ ны, — æ фсæ рмытæ гæ нгæ загъта чысыл постхæ ссæ г.

Къуылых-къуылых рудзынгмæ схылд æ мæ тыргъмæ рабырыд. Уыцы рæ стæ г хъахъхъæ нæ г дуары хуынкъæ й бакаст камерæ мæ, ахст йæ хи куыд дары, уый базоныны тыххæ й.

Къуылых йæ тыныл зæ хмæ ’рхылд æ мæ йæ хъуыддæ гты фæ дыл дарддæ р араст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.