Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ССÆДЗÆМ СÆР. Герцог Мандарин æмæ бур авг



Æ хсинтæ принцимæ къареты куы ацыдысты, уæ д галуаны барон Апельсин æ мæ герцог Мандаринæ й хицаудæ р нал уыд. Уыцы дыууæ кадджын лæ г йеддæ мæ уаты ничиуал баззад. Лæ ггадгæ нæ г, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нымады нæ уыд.

Галуаны цъиуызмæ лæ г дæ р кæ й нал баззад, уый фыццагдæ р герцог бафиппайдта. Куыд ахуыр уыд, афтæ дæ лрудзынгмæ схызт æ мæ хъæ р кæ нын райдыдта, уырдыгæ й йæ хи кæ й раппардзæ н æ мæ кæ й ныппырх уыдзæ н... Фæ лæ йын йæ ныхæ стæ м хъусæ г куы нæ уыд, уæ д йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Диссагæ й цы кæ ныс! Иннæ хæ ттыты-иу æ хсинтæ мæ хъæ рмæ дыууæ йæ дæ р куы фæ зындысты, уæ д сыл ныр цы ’рцыди? Кæ д мæ, мыййаг, тынгдæ р хъæ р кæ нын хъæ уы».

Герцог ма иу хатт ныцъцъæ хахст кодта, стæ й арæ хстгай дæ лрудзынгæ й æ рхызт æ мæ баронмæ бацыд.

— Мæ зынаргъ хæ стæ г... — райдыдта къæ сæ рæ й бахизгæ йæ.

— М-м-м... — загъта барон æ мæ, йæ хъуыры цы карчы сгуы нынныхст, уый рату кодта.

— Ногдзинад нæ ма фехъуыстай?

— Кæ ркдонмæ кæ рчытæ ’рбаластой? — афарста йæ Апельсин. Бароны уыцы бон бауырныдта, галуан æ мæ хъæ уы цыдæ риддæ р карчы мыггагæ й уыд, уыдон ын хæ рд кæ й фесты æ мæ ма фæ стаг гæ лхæ рд цъиуы кæ й æ хсыдта.

— Кæ рчытæ та цы сты! — дзуапп ын радта герцог. — Дыууæ йæ баззадыстæ м. Иунæ гæ й нæ ныууагътой. Галуаны цъиуызмæ лæ г дæ р нал и...

Барон тыхстхуызæ й бафиппайдта:

— Уæ дæ нын æ хсæ вæ р чи ’рцæ ттæ кæ ндзæ н?

— Дæ у æ рмæ стдæ р æ хсæ вæ ры мæ т и! Нæ фæ лæ ма, уæ рмы цы ис, уый басгарæ м. Мæ хъустыл æ рцыди, цыма алыхуызон зынаргъ сæ нтæ й йедзаг у.

— Æ цæ г зæ гъыс? — фæ хъæ р кодта барон. — Махæ н та цыдæ р æ нхъызт сæ н æ рæ вæ рынц. Куы дзы фæ хъæ стæ вæ ййын, уæ д цалдæ р боны изгард фæ кæ нын.

— Дæ уæ н уый загъдæ уа, — сдзырдта герцог. — Махæ н дзымари фæ дæ ттынц, сæ хæ дæ г та, хуыздæ р нæ й, ахæ мтæ фæ нуазынц. Ды куы ацæ уай, уæ д æ й фынгыл æ вæ рын дæ р райдайдзысты.

Раст зæ гъгæ йæ, герцоджы сæ ны мæ т нæ уыди, уымæ н æ мæ, куыд фехъуыста, афтæ мæ й æ хсины галуаны къултæ й иуы æ мбæ хст уыдысты, зæ ронд граф Балæ й йæ м цы хæ знатæ баззад, уыдон.

— Кæ д хъуыддаг, ды куыд дзурыс, æ цæ гæ йдæ р афтæ у, — загъта мæ стыхуызæ й барон, — уæ д нæ ныххизын хъæ уы уæ рммæ æ мæ дзы цы ис, уый нæ хи цæ стытæ й фенæ м. Кæ д нæ нæ хæ стæ джытæ æ цæ гæ йдæ р хорз сæ нтæ æ мбæ хсынц, уæ д сæ хи тæ ригъæ дджын кæ нынц. Цæ мæ й сæ тæ ригъæ дтæ й фервæ зой, уый тыххæ й сын сæ сæ ны боцкъатæ байгом кæ нын хъæ уы. Уый, мæ нмæ гæ сгæ, махæ н нæ хæ с у.

— Фæ лæ, — дзырдта дарддæ р герцог, бароны хъусмæ æ ргуыбыр кæ нгæ йæ, — мæ нмæ гæ сгæ, абон дæ... куыд æ й хонынц? Хъæ дур... Мæ нмæ гæ сгæ, йæ абон ауадзын бахъæ удзæ н. Уæ рммæ æ нæ уымæ й ныххизæ м. Дæ тачкæ дын æ з аласдзынæ н.

Барон уайтагъд сразы. Хъæ дуры æ нæ хъæ н изæ р йæ куыстой суæ гъд кодта.

Кæ д герцог æ мбæ хст хæ знатæ ссарынмæ хъавыд, — бафæ рсдзыстут сымах, — уæ д уæ рммæ иунæ гæ й цæ уылнæ ныххызт? Уымæ н æ мæ сæ уым куы баййæ фтаиккой, уæ д аххос иууылдæ р барон Апельсиныл баххуырстаид. Йæ дзуапп рагацау цæ ттæ уыд: «Нæ мæ фæ ндыд, фæ лæ бароны фæ ндон æ ххæ ст кодтон. Йæ дойны сæ нæ й суадзынмæ хъавыд».

Уыцы хъуыддæ гтыл хорз бæ ргæ ахъуыды кодта, фæ лæ уæ рммæ ныххизын йæ хицæ н дæ р æ мæ баронæ н дæ р æ нцон хъуыддаг нæ разынд. Барон тыхулæ фт кодта, герцогæ н, бароны гуыбын цы тачкæ йы уыд, уый бынмæ уадзгæ йæ йæ хид къоппæ й акалд. Тачкæ тынг уæ ззау уыд. Хуыцау хорз, æ мæ йæ хæ рдмæ нæ, фæ лæ бынмæ ласын хъуыд, стæ й къæ пхæ нтæ дæ р уыйас бирæ нæ уыдысты. Хæ рдмæ куыд хиздзысты, уый тыххæ й йæ хинымæ р йæ хицæ н зæ рдæ тæ æ вæ рдта: «Исты хуызы йæ сласдзынæ н».

Гуыбыны уæ зæ й тачкæ бынмæ ахæ м тахт акодта, æ мæ уæ рмы дуар æ хгæ д куы разындаид, уæ д герцог дæ р æ мæ барон дæ р хуртуаны пырх ныууыдаиккой, фæ лæ сæ амондæ н, йæ кæ рæ ттыл æ рхуы таг хуыд кæ мæ н уыд, уыцы дуар гом разынд. Куыддæ р тачкæ фæ уырдыг кодта, афтæ герцог æ мæ барон дæ р къæ пхæ нтыл дæ лæ мæ дугъ радтой æ мæ æ нæ рлæ угæ йæ уæ рæ х тыргъы дзæ вгар фæ тахтысты. Тыргъы фæ йнæ фарс лæ ууыдысты сæ ны дынджыр боцкъатæ. Уыдоныл фæ рсæ й-фæ рстæ м лæ ууыдысты мингай сæ нæ й дзаг æ вгтæ. Цавæ р сты, уый фыст кæ м уыд, уыцы гæ ххæ ттытыл рыг æ рбадти. Æ вæ ццæ гæ н, уым рагæ й лæ ууыдысты.

— Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу! — хъæ р кодта барон. — Кæ с-ма, кæ с, уыцы хæ знайæ дзы цæ йбæ рц ис, уымæ!

— Дарддæ р, дарддæ р! — дзуапп ын лæ вæ рдта герцог. — Разæ й ноджы хуыздæ р сæ нтæ ис.

Барон æ нæ нымæ ц боцкъатæ, æ вгтæ æ мæ гыццыл тырысаты æ хсæ нты згъоргæ йæ, æ нкъардхуызæ й хъæ р кодта:

— Хæ рзбонтæ, хæ рзбонтæ! Сымахæ й мæ нæ н ницы пайда ис. Æ ндæ ртæ уæ байгом кæ ндзысты.

Æ ппынфæ стаг герцог бафиппайдта тачкæ йы тахт сындæ гдæ ргæ нгæ кæ й цæ уы æ мæ æ ппынфæ стаг кæ й æ рлæ удзæ н. Галиуæ рдыгæ й цы боцкъатæ уыд, уым ауыдта нарæ г бацæ уæ н, йæ рæ бинагдæ р къуымы та — гыццыл дуар.

Барон зæ ххыл бæ стон бадт æ ркодта, рæ стæ г дзæ гъæ лы нæ хардз кæ нгæ йæ, кæ дæ м æ ххæ ст, уырдыгæ й æ вгтæ иста æ мæ сæ, йæ фæ лтæ рд дæ ндæ гтæ й гом кæ нгæ йæ, йæ хъуыры уагъта. Йæ нуазынæ й-иу фенцад æ рмæ стдæ р арф сулæ фыны тыххæ й. Герцог æ м бирæ фæ каст, стæ й йыл йæ къух ауыгъта æ мæ уæ рмы арфдæ р къуыммæ бацыд.

— Кæ дæ м фæ цæ уыс, мæ зынаргъ хæ стæ г? Ацы диссаджы нозтмæ куыд æ цæ гæ лон цæ стæ й кæ сыс?

— Кæ й никуыма банызтон, ахæ м сæ н агурæ г цæ уын. Уый цыма арфдæ р æ мбæ хст и, афтæ мæ м кæ сы.

— Ды мын цы ’хсызгондзинад æ рхастай, уымæ н уæ лæ рвты аргъ скæ ндзысты. — Иу уысм йæ нуазын фæ уадзгæ йæ, сдзырдта барон. — Дойныйæ мæ лæ джы бафсæ стай æ мæ дæ хæ дæ г дойныйæ никуы амæ лдзынæ.

Фæ лæ йын герцог йæ ныхæ стæ нæ хъуыста. Уый æ ндæ р сагъæ стæ æ вдæ рзтой.

Дуарæ н ричъи дæ р нæ уыд, гуыдыр дæ р, стæ й, дæ гъæ л кæ м атъыстаис, ахæ м хуынкъ дæ р.

— Диссагæ й цы кæ ныс!.. — йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта герцог. — Кæ д дзы, мыййаг, искуы сусæ гæ й гомгæ нæ н ис...

Æ мæ дуары алы хай дæ р уырзæ й сгарынмæ фæ ци. Йæ зæ рды уыд, куыд гомгæ нгæ у, уый базонын, фæ лæ йæ къухы ницы бафтыд.

Уæ дмæ барон, йæ алыварс цыдæ риддæ р æ вгтæ уыд, уыдон нызт фæ ци, æ мæ боцкъаты æ хсæ нты куыддæ ртæ й герцоджы цурмæ бацыд. Герцог йæ ныхтæ й хыртт-хыртт кодта дуар, хоста йæ тымбылкъухæ й. Бæ рæ г уыд, кæ й смæ сты, уый.

— Цы кусыс, мæ зынаргъ хæ стæ г?

— Ацы дуар бакæ нын мæ зæ рды ис. Мæ нмæ гæ сгæ æ ппæ ты хуыздæ р сæ нтæ уым сты. Дæ зæ рдæ мæ кæ й фæ цæ удзысты, уый мæ уырны.

— Дæ хи дзæ гъæ лы тыхсын кæ ныс, — загъта йын барон. — Йæ ныхасы хъæ дыл бæ рæ г уыд, сæ н йæ сæ ры кæ й бацыд. — Уый бæ сты-ма мын, уæ ртæ бур гæ ххæ тт ныхæ ст кæ уыл ис, уыцы авг æ рбадæ тт. Уый, æ вæ ццæ гæ н, китайаг сæ н у. Æ з ахæ м никуыма банызтон.

Герцог йæ алыварс ахъахъхъæ дта, йæ цæ стытæ й агуырдта, барон ын цы авгмæ амыдта, уый. Æ ппынфæ стаг æ й ауыдта. Уый иннæ тæ й хицæ н кодта æ рмæ стдæ р йæ бур гæ ххæ ттæ й.

Иннæ æ вгтыл иууылдæ р уыдис сырх гæ ххæ ттытæ ныхæ ст, ууыл та — бур. Баронæ н бафсис кæ й нæ уыд, уый тыххæ й йæ м йæ хинымæ р мæ сты дæ р раци, фæ лæ йын уæ ддæ р авг райсынвæ нд скодта. Йæ къух æ м бадаргъ кодта, фæ лæ авг цыма тæ рхæ гмæ ныхæ ст уыд, уый хуызæ н йæ бынатæ й змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта.

— Цыма дзы зды ис, уый хуызæ н уæ ззау у, — сдзырдта дисгæ нгæ йæ герцог æ мæ йын йæ сæ рыл йæ тых, йæ бонæ й схæ цыд.

Куыддæ р æ й тæ рхæ гæ й стонын бафæ рæ зта, афтæ æ нахуыр дуар æ нæ уынæ рæ й сындæ ггай æ вдузæ нтыл æ рзылд. Барон æ м дисхуызæ й каст.

— Мæ зынаргъ хæ стæ г! Мæ зынаргъ хæ стæ г! — фæ хъæ р кодта уый. — Уый авг нæ у — уый дæ гъæ л у! Кæ с-ма: дуар дзы байгом кодтай!

«Мæ нæ кæ м ис дæ гъæ лы сусæ гдзинад!.. Ме ’дылы сæ р уый æ рцахсын нæ бафæ рæ зта», — йæ хинымæ р йæ хицæ н уайдзæ фтæ кæ нынмæ фæ ци герцог.

Афтæ ахъуыды кæ ныны хæ дфæ стæ дуар уæ рæ х байгом, йæ къæ сæ рыл лæ ппу алæ ууыд, герцог æ мæ баронæ н йæ сæ рæ й акуывта æ мæ уæ здан хъæ лæ сæ й загъта:

— Уæ бонтæ хорз, синьортæ! Арфæ гонд уæ дæ н, хорзы мын кæ й бацыдыстут, уымæ й. Æ ртæ сахаты бæ рц архайын ацы дуар бакæ ныныл, фæ лæ йын мæ бон ницы баци. Æ з ардæ м æ рбацæ удзынæ н, уый цæ мæ й базыдтат?

— Гыццыл Бал! — æ мхуызонæ й фæ хъæ р кодтой герцог æ мæ барон.

— Мæ зынаргъ Гыццыл Бал... — сдзырдта та барон. Бæ рæ г уыд, цы сæ н банызта, уый йæ хи тынгæ й-тынгдæ р кæ й æ вдыста. Бароны зæ рдæ бынтон кæ й æ рфæ лмæ н, уый йæ ныхæ стыл бæ рæ г уыд: — Мæ зынаргъ Гыццыл Бал... Рауай-ма, æ мæ дын æ з аба кæ нон!

Герцог æ нæ дзургæ йæ лæ ууыд.

«Ацы дзæ гъæ лхæ тæ г ам кæ цæ й февзæ рд? » — мæ стджынæ й ахъуыды кодта герцог. Фæ лæ йæ йæ зæ рдæ йыуаг равдисын нæ фæ ндыд æ мæ хъæ рæ й загъта:

— Зынаргъ Гыццыл Бал, махæ н дæ фæ ндон сæ ххæ ст кæ нын стыр циндзинад хæ ссы.

Гыццыл Бал, æ васт фенкъард уæ вгæ йæ, тызмæ гхуызæ й загъта:

— Галуанмæ сусæ г дуарыл æ рбацæ удзынæ н, уый сымахæ й никæ мæ н загътон, галуаны та ныртæ ккæ сымах йеддæ мæ ничи ис. Уымæ гæ сгæ сымах ардæ м хорз хъуыддаджы фæ дыл не ’рхызтыстут. Æ ргом дзургæ йæ та сымахæ н уæ зæ рды ис цыдæ р фыд ракæ нын. Уый тыххæ й нæ м ныхас фæ стæ дæ р уыдзæ н, ныр та уал базонгæ ут мæ хæ лæ рттимæ.

Гыццыл Бал иуварс алæ ууыд æ мæ фæ д-фæ дыл размæ ракодта йæ хæ лæ ртты: Чиполлино, Мæ ймæ булкъ, мистер Гыццыл Бал, Куысыфтæ г, æ вдакат æ мæ иннæ ты се ’ппæ ты дæ р.

— Уый æ рбабырстæ й хъауджыдæ р нæ у! — фæ хъæ р кодта фæ уыргъуыуæ вæ г герцог.

Уый æ цæ гæ йдæ р уыди æ рбабырст. Йæ амидингæ нæ г та уыди Гыццыл Бал.

Хъæ ды зилгæ йæ, Чиполлино æ мæ Гыццыл Бал æ ппынфæ стаг сæ мбæ лдысты сæ хæ лæ рттыл æ мæ уайтагъд базыдтой, сæ ныхмæ лæ уджытæ, герцог æ мæ баронæ й фæ стæ мæ, галуанæ й кæ й ацыдысты. Гыццыл Бал зыдта, хъæ дæ й ныккæ ндмæ сусæ г дуар кæ й ис, уый æ мæ йе ’мдзугæ нджытимæ сфæ нд кодта знаджы фидар бацахсын.

Куыд федтат, афтæ мæ й сæ фæ нд сæ ххæ ст кæ нын сæ къухы бафтыд. Герцогыл йæ уаты дуар сæ хгæ дтой. Хъахъхъæ нæ гæ й йын сæ вæ рдтой бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г Хъæ дуры.

Бароны та уæ рмы ныууагътой, уымæ н æ мæ уыцы фаджысæ й дзаг куыфы асинтыл хæ рдмæ ласын никæ й фæ ндыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.