Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АВД ÆМÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Цæлхдурты сæрты дугътæ



Иуахæ мы æ лдары бафæ ндыд бæ рæ гбон саразын.

— Мæ дæ лдæ ртæ хъуамæ сæ рæ стæ г хъæ лдзæ гæ й æ рвитой, — уынаффæ рахаста принц Лимон. — Уæ д сæ мæ т æ мæ сагъæ стæ м не ’вдæ лдзæ н.

Уый тыххæ й сфæ нд кодта бæ хты дугътæ саразын. Хъуамæ дзы архайдтаиккой Лимоныхъоты фыццаг, дыккаг æ мæ æ ртыккаг кълæ стæ.

Уыцы ерыстæ м уыди иу хицæ ндзинад: бæ хтæ хъуамæ ифтыгъд уыдаиккой, уромæ нтæ кæ мæ н нæ й, ахæ м уæ рдæ тты.

Принц ерысты размæ йæ хæ дæ г сбæ рæ г кодта, æ ппæ т уæ рдæ тты дæ р уромæ нтæ ис æ ви нæ й, уый. Уыдон ахæ м хъæ ддых разындысты, æ мæ цæ лхыты æ ппындæ р зилын нæ уагътой. Афтæ мæ й бæ хтæ н сæ ласын фондзыссæ дз хатты зындæ р уыд.

Дугътæ райдайыны тыххæ й æ лдар бардзырд куы радта, уæ д бæ хтæ зæ ххы сæ сæ фтджытæ фæ сагътой, цæ фхæ дтæ цæ хæ р акалдтой, фæ лæ уæ рдæ ттæ й иу дæ р йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд. Барджытæ бæ хтыл ехсытæ й ралæ ууыдысты. Уæ рдæ ттæ сæ бынатæ й фезмæ лыдысты, фæ лæ бирæ нæ: æ рмæ стдæ р цалдæ ргай сантиметртæ. Уый ауынгæ йæ, æ лдар æ мдзæ гъд кæ нынмæ фæ ци. Стæ й йæ хæ дæ г бæ хты радыгай ехсæ й нæ мынмæ февнæ лдта. Ахæ м куыст йæ зæ рдæ мæ кæ й цыд, уый йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, мæ бæ хы дæ р-ма мын ныццæ в! — йæ зæ рдæ балхæ ныны тыххæ й йæ м алырдыгæ й хъæ р кодтой Лимоныхъотæ.

Æ лдар ехсæ й цæ выныл нал ауæ рста. Барджытæ уæ рдæ тты уырдыг слæ ууыдысты æ мæ бæ хты хостой æ мæ хостой. Ехсы алы цæ фы фæ стæ дæ р-иу бæ хы рагъыл дæ ргъæ й-дæ ргъмæ урс тæ лм абадт, фæ лæ уый принцмæ нымады дæ р нæ уыд. Уый нæ, фæ лæ йæ хицæ й уыд тынг сæ рыстыр, ахæ м диссаджы хъазт кæ й æ рхъуыды кодта, уый тыххæ й.

— Бæ хы хъыгдарæ г куы нæ уа, уæ д кæ й тæ хдзæ н, уый алчидæ р зоны, фæ лæ йæ уромæ г куы уа, уæ д дæ р цымæ тæ хдзæ н? — дзырдта принц.

Бæ хтæ, мæ гуырæ г, афтæ бафæ лладысты, æ мæ ма сæ къæ хтыл тыххæ й лæ ууыдысты.

Адæ м мæ сты кодтой, ахæ м хиирхæ фсæ нмæ кæ сгæ йæ, фæ лæ цы сæ бон уыд: æ лдары цы бафæ нда æ мæ цы нæ бакæ ндзæ н?!

Фæ лæ æ васт æ лдары къух æ д ехс йæ сæ рмæ ауыгъдæ й аззад. Йæ цæ стытæ фырдиссагæ й сасиры йæ стæ аисты. Сæ къæ лæ ттæ й рахауынмæ сæ бирæ нал хъуыд. Йæ зæ нгты зыр-зыр ссыд, йæ цæ сгом, цы бур уыд, уымæ й фæ бурдæ р, йæ сæ рыхъуынтæ арц абадтысты æ мæ йæ бур худыл хæ рдмæ схæ цыдысты, йæ сызгъæ рин хъуытаз базмæ лыд æ мæ йæ дзæ нгæ рæ г райхъуыст.

Æ лдары бын зæ хх базмæ лыд.

Зæ хх цалдæ р раны аскъуыд, стæ й дзы иу ран фæ зынд, куырм мыстытæ быдыры кæ й ныууадзынц, ахæ м чысыл обаугонд. Уый фæ стæ обауы сæ р февзæ рд хуынкъ. Уый стырæ й-стырдæ ргæ нгæ цыд. Фыццаг дзы скасти сæ р, уый фæ стæ фæ зындысты уæ хсчытæ. Цавæ рдæ р цæ рæ гой, йæ хицæ н рæ мбыныкъæ дзтæ æ мæ уæ рджытæ й æ ххуысгæ нгæ йæ, зæ ххы бынæ й сбырыд. Уый уыди Чиполлино.

Хуынкъæ й сыхъуыст зæ ронд Куырм мысты тарст хъæ лæ с:

— Фæ стæ мæ раздæ х, Чиполлино, фæ дзæ гъæ л стæ м! Æ ндæ руылты нæ цæ уын хъуыд. Фæ стæ мæ раздæ х!..

Фæ лæ Чиполлиномæ йæ ныхæ стæ нал фехъуыстысты. Йæ тæ ккæ цур, хиды ’ртæ хтæ кæ уыл фæ зынд, æ лдары уыцы фæ лурс цæ сгом куы ауыдта, уæ д Чиполлино фырмæ стæ й цæ хæ ртæ акалдта. Æ лдар, йæ къухы ехс, афтæ мæ й цавддурау лæ угæ йæ баззад.

Лæ ппу æ нæ ахъуыдыгæ нгæ йæ æ лдарыл йæ хи ныццавта, йæ ехс ын йæ къухæ й ратыдта æ мæ йын æ й йæ синтыл æ руагъта. Бæ сты хицау фæ уыргъуыйау. Суанг йæ хи бахъахъхъæ нын дæ р йæ бон нал баци, æ рмæ ст йæ хъæ лæ сыдзаг ныууæ уу кодта. Чиполлино та ехс дард фæ хаста, æ мæ фыццагæ й ноджы тынгдæ р цæ ф принцыл ауад.

Дыккаг цæ фы фæ стæ принц лидзынмæ фæ ци.

Уый адæ мы зæ рдæ йы ныфс бауагъта. Чиполлинойы фæ стæ зæ ххы бынæ й гæ ппытæ кæ нын райдыдтой, ахæ стонæ й чи ралыгъд, уыцы адæ м. Дзыллæ йы цинæ н кæ рон нал уыд. Дардмæ хъуыст сæ хъæ р. Фыдæ лтæ цин кодтой сæ фырттыл, сылгоймæ гтæ та сæ лæ гтыл.

Цæ сты фæ ныкъуылдмæ пъæ лицæ йæ гты цæ г арæ мыгътой, æ мæ адæ м уацайрæ гты сæ къухтыл ахастой.

Æ лдары дæ лдæ ртæ сæ уæ рдæ тты алидзынмæ хъавыдысты, фæ лæ, кæ д сæ бæ хты цыфæ нды хост кодтой, уæ ддæ р цæ лхытæ й иу дæ р йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд. Принцы дæ лдæ рты сæ уæ рдæ ттæ й æ ристой æ мæ сын сæ къæ хтæ ’мæ къухтæ сбастой.

Фæ лæ æ лдарæ н йæ къареты абадын бантыст, уымæ н æ мæ уый дугъты нæ архайдта. Бæ стæ йы хицауæ н рагацау алидзын бантыст, фæ лæ йæ галуанмæ бацæ уынæ й фæ тарст æ мæ тыгъд быдырмæ ныццавта. Йæ бæ хты, æ рра хъæ р кæ нгæ йæ, афтæ хоста, æ мæ æ ппынфæ стаг къарет цалдæ р сæ рбихъуыройы акодта. Йæ хицауæ н та йæ тъæ пп, хъацæ нæ н кæ й раластой, уыцы фаджысы рагъыл фæ цыд.

Чиполлино уыцы ныв куы федтаид, уæ д загътаид: «Цы аккаг уыд, уыцы бынат ссардта! »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.