Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППАР ÆМÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Чиполлино йæ зæрдæ ницæуылуал дары



Уыцы бон Чиполлино йæ хæ доны фæ дджийæ иу гæ баз ратыдта æ мæ йæ цалдæ р дихы акодта.

«Уый дын гæ ххæ тт, — йæ хицæ н дзурæ гау загъта Чиполлино. — Ныр мæ чернилæ æ рбахæ ссынмæ æ нхъæ лмæ кæ сын бахъæ удзæ н».

Лимоныхъо йын аходæ н куы ’рбахаста, уæ д дзы нæ бахордта. Уидыгæ й агуыридур ахафта, доныл æ й ныккодта æ мæ йæ дзæ бæ х сызмæ ста. Уый фæ стæ уидыджы чъылдымæ й ныффыста цалдæ р писмойы.

«Мæ зынаргъ баба! — дзырдæ уыд фыццаг писмойы. — Хъуыды ма кæ ныс, цæ мæ й дын зæ рдæ æ вæ рдтон, уый? Уæ дæ уыцы рæ стæ г æ рбахæ ццæ кæ ны. Æ з алцæ уыл дæ р бæ стон ахъуыды кодтон. Мæ хъæ бысы дæ кæ нын. Дæ фырт Чиполлино».

Куырм Мыстмæ цы писмо ныффыста, уым та фыста: «Мæ зынаргъ Куырм Мыст. Афтæ дæ м ма кæ сæ д, æ мæ дæ ферох кодтон. Ахсты уæ вгæ йæ мын ницы куыст и æ мæ æ дзухдæ р мæ зæ рдæ мæ зæ ронд хæ лæ рттимæ дзуры. Бирæ фæ хъуыды кодтон æ мæ æ рцыдтæ н ахæ м хатдзæ гмæ: дæ уæ н, æ вæ ццæ гæ н бауыдзæ н мæ нæ н æ мæ мæ фыдæ н баххуыс кæ нын. Зонын: уый æ нцон хъуыддаг нæ у. Фæ лæ иу-фондзыссæ дз куырм мысты æ рæ мбырд кæ нын дæ бон куы бауа, уæ д иумæ йаг хъарутæ й æ ппæ т цæ лхдурты сæ рты дæ р ахиздзыстут. Тагъд рæ стæ джы дæ м дзуапмæ æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н. Æ ргомдæ р дзургæ йæ та дæ м æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ камерæ йы. Афтæ мæ й уал хæ рзбонтæ рау. Дæ рагон æ рдхорд Чиполлино.

Хæ дæ гай, цы ма дын зæ гъынмæ хъавыдтæ н: ам дæ цæ стытæ н мацæ мæ й тæ рс. Мæ ныккæ нды чернилæ донæ й талынгдæ р у».

Æ ртыккаг писмойы фыста: «Мæ зынаргъ Гыццыл Бал. Кæ м дæ, уый дæ р нæ зонын, фæ лæ мæ уырны, нæ хъуыддаг кæ й нæ фæ рæ стмæ, уый дын дæ ныфс кæ й нæ асаста. Дзырд дын дæ ттын, рæ хджы кавалер Помидорæ й нæ маст кæ й райсдзыстæ м, уый тыххæ й. Сæ рибар куы уыдтæ н, уæ д мæ не ’вдæ лди, фæ лæ ам бирæ цæ уылдæ рты ахъуыды кодтон. Æ нхъæ лмæ кæ сын де ’ххуысмæ. Куырм Мыстмæ цы писмо ныффыстон, уый дæ м æ рвитын æ мæ йæ бæ лвырд бынаты сæ вæ р. Тагъд та дæ м писмо арвитдзынæ н. Салæ мттæ уе ’ппæ тæ н дæ р. Чиполлино».

Писмотæ йæ базы бын бамбæ хста. Афтид къус Лимоныхъомæ радта æ мæ схуыссыд.

Дыккаг бон æ м постхæ ссæ г йæ фыдæ й ног писмо ’рбахаста. Зæ ронд Чиполлоне йæ м фыста, йæ фырт ын йæ хабæ рттæ куы хъусын кæ на, уæ д ын æ хсызгон кæ й уыдзæ н, фæ лæ дзы уыцы иу рæ стæ г куырдта, цæ мæ й йæ хæ доныл дæ р ауæ рда.

Чиполлино йæ хæ доны æ мбис раскъуыдта, зæ ххыл æ й райтыгъта, йе ’нгуылдз чернилæ йы атылдта æ мæ фыссын райдыдта.

— Цы кусыс? — æ рурæ дта йæ постхæ ссæ г. — Алы писмойыл дæ р ахæ м стыр сыф куы хардз кæ най, уæ д къуыримæ дæ хæ донæ й гæ баз дæ р нал баззайдзæ н.

— Тыхсгæ ма кæ н, — дзуапп ын радта Чиполлино. — Къуыримæ ам мæ нæ н мæ дымгæ дæ р нал уыдзæ н!

— Мæ нмæ гæ сгæ, рæ дийыс, мæ хъæ бул!

— Чи зоны, фæ лæ мын ахæ м ныхæ стæ кæ ныны бæ сты истæ мæ й куы феххуыс кæ нис, уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, бирæ хуыздæ р уаид.

— Мæ аст къахы дæ р дæ фарсмæ æ рбалæ ууынмæ цæ ттæ сты. Фæ лæ цы дæ зæ рды ис, уый мын бамбарын кæ н.

— Ахæ стоны пълан сныв кæ нынмæ хъавын. Йæ уæ ладзгуытæ, йæ къултæ, суанг ма йæ кæ рт дæ р.

— Уым зынæ й ницы ис. Æ з ахæ стонæ н йæ алы къуым дæ р зонын.

Зылынкъах хæ луарæ джы æ ххуысæ й Чиполлино сныв кодта ахæ стоны пълан, рохуаты дзы нæ баззад йæ кæ рт дæ р.

— Кæ ртыл та дзуар цæ мæ н сæ вæ рдтай? — бафарста Хæ луарæ г.

— Уый дын иннæ хатт зæ гъдзынæ н, — комкоммæ дзуапп дæ ттын нæ бафæ ндыд Чиполлинойы. — Ныр та уал дæ м дæ ттын æ ртæ писмойы: иу — мæ фыдмæ, мæ нæ ацы дыууæ писмойы æ мæ ахæ стоны пълан та ратдзынæ ме ’рдхордмæ.

— Ахæ стонæ й æ ддæ мæ цæ уын хъæ уы?

— О. Æ рыгон граф Гыццыл Балмæ.

— Æ мæ кæ м цæ ры?

— Графы галуаны, къуыбырыл.

— Зонын æ й. Уыцы галуаны цары кусы ме ’мхæ рæ фырт. Бирæ хæ ттыты мæ йæ химæ хуыдта, фæ лæ мæ йæ бабæ рæ г кæ нынмæ никуыма равдæ лд. Куыд дзурынц, афтæ мæ й дзы тынг рæ сугъд у. Æ з, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уырдæ м ацæ удзынæ н, фæ лæ мæ бæ сты писмотæ чи хæ сдзæ н?

— Кæ д дæ иу къахæ й къуылых цæ уыс, уæ ддæ р дæ ардыгæ й уырдæ м æ мæ фæ стæ мæ дыууæ бонæ й фылдæ р нæ бахъæ удзæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, дыууæ боны писмотæ куы нæ ахæ ссай, уæ д ницы ’рцæ удзæ н.

— Æ з мæ куыстæ й иу бон дæ р нæ фæ хицæ н уаин, фæ лæ кæ д ацы писмотæ æ вæ стиатæ й фæ хæ ццæ гæ нинаг сты, уæ д...

— Тынг æ вæ стиатæ й! — йæ ныхас ын фескъуыдта Чиполлино. — Ныхас цæ уы тынг ахсджиаг хъуыддагыл. Уымæ й аразгæ у ахстыты фервæ зын кæ нын.

— Æ ппæ т ахстыты фервæ зын кæ нын?

— О, — загъта Чиполлино.

— Уæ дæ куыддæ р ацы писмотæ уæ рст фæ уон, афтæ араст уыдзынæ н.

— Мæ зынаргъ хæ лар, дæ уæ н раарфæ кæ ныны фаг дзырдтæ æ з аргæ дæ р не скæ ндзынæ н.

— Арфæ мын ракæ най, æ з уый тыххæ й нæ цæ уын. Ахæ стоны куы ничиуал уа, уæ д мæ нæ н дæ р хъæ уы æ рцæ рыны фадат фæ уыдзæ н.

Писмотæ йæ хызыны нывæ рдта, йе ’фцæ гыл æ й æ рцауыгъта æ мæ къуылых-къуылых фæ рссагмæ фæ цæ йхылд.

— Хæ рзбон! — йæ фæ дыл ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Чиполлино. — Рæ ствæ ндаг фæ у!

Хæ луарæ г куыддæ р рудзынджы æ дде фæ ци, уыцы уысмæ й фæ стæ мæ Чиполлино нымайын райдыдта минуттæ æ мæ сахæ ттæ. Рæ стæ г цыд тынг сындæ г: иу сахат, дыууæ, æ ртæ, цыппар...

Суткæ куы рацыд, уæ д Чиполлино йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Афонмæ галуанмæ фæ хæ ццæ кæ ны. Фæ лæ цымæ фæ ндаг ссардзæ н? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ссардзæ н. Галуаны алыварс хæ луарæ гæ й йе ’дзаг у, æ мæ дзы исчи куы базона, галуаны цары цы хæ луарæ г ис, уый йе ’мхæ рæ фырт у, уый, уæ д æ й æ нæ мæ нг бынатмæ фæ хæ ццæ кæ ндзæ н».

Чиполлинойы цæ стытыл ауадысты, зæ ронд, халассæ р хæ луарæ г къуылых-къуылых цармæ куыд схилдзæ н, йе ’мхæ рæ фырты руаджы, Гыццыл Балы уат кæ м ис, уый куы базона, уæ д æ й куыд райхъал кæ ндзæ н æ мæ йæ м писмо куыд ратдзæ н, уыдæ ттæ.

Чиполлино йæ хицæ н бынат нал ардта, постхæ ссæ джы æ рбацæ уынмæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ. Рацыд иу бон, дыууæ боны, ралæ ууыд æ ртыккаг, фæ лæ постхæ ссæ г зынæ г нæ уыд. Ахст адæ м писмотæ куынæ уал истой, уæ д сагъæ сы бацыдысты. Хæ луарæ г, цы сусæ г хæ слæ вæ рды бæ рны бацыд, уый тыххæ й никæ мæ н ницы загъта, æ рмæ ст сын бамбарын кодта, дыууæ боны отпуск кæ й райста. Куы нæ æ мæ куы нæ зынди, уæ д Чиполлино фæ тарст, кæ д ахæ стоныл йæ къух систа æ мæ цæ рынмæ хъæ умæ ацыд, зæ гъгæ. Ахст адæ м та хабæ рттæ н æ ппындæ р ницы зыдтой.

Цыппæ рæ м бон ахстыты кæ ртмæ тезгъо кæ нынмæ ракодтой. Чиполлино ракæ с-бакæ с фæ кодта, фæ лæ дзы йæ фыдыл йæ цæ ст не ’рхæ цыд. Цæ уылнæ рацыд, уымæ н ничи ницы зыдта. Кæ рты цалдæ р хатты æ рзилыны фæ стæ Чиполлино фæ стæ мæ йæ камерæ мæ бацыд æ мæ йæ хуыссæ ныл æ нæ бон хауд бакодта. Йæ фыд тезгъо кæ нынмæ кæ й нæ фæ зынд, уый йын йæ ныфс асаста. Зæ гъæ н ис, æ мæ йæ зæ рдæ ницæ уылуал дардта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.