Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫУУÆ ’МÆ ССÆДЗÆМ СÆР. Бароны нæ фæндыд, афтæмæй ссæдз инæлары куыд бабын кодта, уый тыххæй



Ныббырсты пъланы фыццаг хай уыдис ахæ м: фæ дысгарæ джы куыдз æ мæ графы куыдз Мастино æ рвадиуæ г кæ й кодтой, уымæ гæ сгæ сын хъуамæ фыццаг байгом кодтаид парчы дуар. Ардыгæ й паркмæ хъуамæ алæ гæ рстаид бæ хты эскадрон, сæ сæ ргъы синьор Басгæ рдæ г, афтæ мæ й. Фæ лæ сын уымæ й ницы рауад, уымæ н æ мæ парчы дуæ рттæ гом разындысты. Уыимæ хуымæ тæ джы гом нæ, фæ лæ — уæ рæ х гом. Кулдуарыл йæ къæ дзил тилгæ, æ фсæ ддон лæ уд кодта Мастино.

Фæ дысгарæ джы куыдз удаистæ й фæ стæ мæ фæ зылд æ мæ, цы федта, уый радзырдта.

— Йæ рахæ цæ н уым ис, йæ рахæ цæ н, — загъта мистер Моркоу. Уый хорз зыдта, фæ сарæ йнаг æ фсæ ддон уынаффæ гæ нджытæ ахæ м ныхæ стæ й кæ й фæ пайда кæ нынц.

— Æ нæ мæ нг афтæ, æ нæ мæ нг афтæ! Йæ рахæ цæ н уым ис! — йæ хицауы фарс фæ ци куыдз.

— Цавæ р рахæ цæ ны кой кæ нут, стæ й кæ м ис уыцы рахæ цæ н? — бафарста принц.

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, ам хъуыддаг рахæ цæ ны мидæ г нæ й. Змæ нтджытæ кулдуæ рттæ гомæ й хуымæ тæ джы нæ ныууагътой. Цыдæ р къæ ппæ г нын кæ й æ рцæ ттæ кодтой, уый бæ лвырд у.

— Кæ д æ цæ г афтæ у, уæ д паркмæ чъылдымæ рдыгæ й дуарыл цæ угæ у, — загъта принц.

— Уыцы дуар дæ р гом у!

Лимоны æ фсады инæ лæ рттæ хъуыдыты аныгъуылдысты. Растдæ р зæ гъгæ йæ та, цы хъуыды кодтаиккой, уый нæ зыдтой. Принц та ацы хæ стæ й тыхсын дæ р ма райдыдта æ мæ йæ хъаст синьор Помидорæ н ракодта:

— Æ гæ р ныддæ ргъвæ тин и ацы тох. Дæ ргъвæ тин æ мæ зын хæ ст у. Афтæ уыдзæ н, уый куы зыдтаин, уæ д æ й нæ райдыдтаин.

Цæ мæ й хъуыддаг фæ тагъддæ р уыдаид, уый тыххæ й принц сфæ нд кодта æ ппæ т операциты дæ р архайын. Йæ дыууиссæ дз инæ лары рæ нхъ слæ ууын кодта æ мæ сын бардзырд радта:

— Æ мраст слæ у-ут!

Дыууиссæ дз инæ лары æ мраст алæ ууыдысты.

— Размæ цæ угæ ут! Иу-дыууæ, иу-дыууæ...

Хъæ батырты къорд парчы кулдуарæ й бахызт æ мæ галуаны ’рдæ м араст. Куыд зонут, афтæ мæ й галуан уыдис чысыл обауы цъуппыл. Принцæ н хæ рдмæ цæ уын зын уыд æ мæ уайтагъд йæ лæ ф-лæ ф ссыд. Йæ хид къоппæ й кæ лын куы райдыдта, уæ д сфæ нд кодта фæ стæ мæ раздæ хын, разамынд дæ ттын та бабар кодта фыццæ гæ м къласы Лимонæ н.

— Размæ бырсыны куыст кæ нут, æ з та иумæ йаг ныббырсты пълан саразон. Мæ хæ дæ г дзы архайæ г кæ й уыдтæ н, уый фæ рцы хъахъхъæ нынады фыццаг хæ с æ ххæ стгонд æ рцыд. Дæ уæ н та дæ бæ рны кæ нын галуан байсын.

Фыццæ гæ м къласы Лимон принцæ н арфæ ракодта æ мæ командыгæ нынад йæ химæ райста. Фондз метры куы ауадысты, уæ д æ фсæ ддонтæ н радта фондз минуты аулæ фыны бар. Уырдыгæ й ма галуанмæ уыдис дæ лæ мæ дæ р уæ лæ мæ дæ р фондзыссæ дз санчъехы бæ рц. Командыгæ нæ джы зæ рды уыдис фæ стаг ныббырсты тыххæ й бардзырд раттын, фæ лæ æ васт райхъуыст, тæ ссагдæ р нæ й, ахæ м уынæ р, æ мæ обауы сæ рæ й инæ лæ ртты ныхмæ рацæ йтахт æ нахуыр дынджыр сармадзаны нæ мыг. Дыууиссæ дз инæ лары йæ куы ауыдтой, уæ д, фыццæ гæ м къласы Лимоны бардзырдмæ дæ р нал банхъæ лмæ кастысты, афтæ мæ й фæ стæ мæ фæ зылдысты æ мæ бынмæ фæ цагайдтой. Фæ лæ æ нахуыр стыр нæ мыг уыдонæ й бирæ цырддæ р тахт, цалдæ р уысммæ сæ æ рæ ййæ фта. Цыма цæ ттæ чылауитæ уыдысты, уый хуызæ н иу-ссæ дз инæ лары йæ быны ацъæ л кодта æ мæ дарддæ р атахти. Кулдуары æ дде йæ быны ныцъцъист кодта синьор Басгæ рдæ джы бæ хджынты. Афæ лдæ хта æ хсинтæ Балты къарет. Куы ’рлæ ууыд, уæ д иууылдæ р федтой, уый магнитон минæ дæ р кæ й нæ уыд, стæ й динамиты боцкъа дæ р, фæ лæ — барон Апельсин.

— Мæ зынаргъ хæ стæ г, уый ды дæ? — фæ хъæ р кодта Хистæ р æ хсин, къареты бынæ й рацæ йбыргæ йæ.

Æ хсин рыгæ й нал зынд. Йæ пыхцыл дзыккутæ й йын дымгæ хъазыд, йæ цæ сгом та алайæ нæ зынд.

— Æ з дæ нæ зонын, синьорæ. Африкæ йы мæ фыны дæ р никуы уыдтæ н, — бахъуыр-хъуыр кодта барон.

— Уый æ з дæ н, нал мæ зоныс, Хистæ р æ хсин?

— Æ мæ дæ цæ сгомæ н цы бакуыстай?

— Уый барæ й афтæ бакодтам. Не знæ гты фæ тæ рсын кæ нынмæ хъавыдыстæ м, барон. Уый бæ сты-ма мын зæ гъ, дæ хи ныл цæ мæ н рауагътай?

— Сымахæ н æ ххуыс кæ нынмæ фæ зындтæ н. Раст зæ гъын хъæ уы, æ нахуыр мадзалы фæ рцы, фæ лæ мын æ ндæ р гæ нæ н нæ уыд. Уыцы фыдгæ нджытæ мыл ныккæ нды дуар сæ хгæ дтой. Æ хсæ в-бонмæ йæ мæ дæ ндæ гтæ й фехсыдтон æ мæ афтæ мæ й раирвæ зтæ н.

Синьор Помидорæ н йæ тарст нæ ма ’рцыд, фæ лæ йын уæ ддæ р бауайдзæ ф кодта:

— Ды дыууадæ с боцкъайы сæ ртæ дæ р бахсынис!

— Куыддæ р ныккæ ндæ й фервæ зтæ н, афтæ обауы сæ рæ й ратылдтæ н æ мæ, æ нхъæ лдæ н, мæ фæ ндагыл негрты æ нæ хъæ н къорд цъæ лгæ нгæ рацыдтæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, уæ галуан уын чи байста, уыдонæ н æ ххуыс кæ нынмæ фæ цæ йцыдысты.

Хистæ р æ хсин ын куы бамбарын кодта, уыдон негртæ нæ, фæ лæ Лимоны инæ лæ рттæ кæ й уыдысты, уый, уæ д ын тынг хъыг уыд, йæ мид-зæ рдæ йы та йæ уæ з æ мæ йæ тыхæ й хъал уыд.

Уыцы рæ стæ г принц Лимон йæ хи надта йæ цатыры. Йæ разагъды æ фсæ ддонты мæ лæ т куы базыдта, уæ д æ м раздæ р афтæ фæ каст, цыма сыл знаг æ васт йæ хи ныццавта æ мæ сæ афтæ мæ й йæ быны акодта.

Фæ лæ йын, æ намонд хабары æ нæ бары аххосджын йæ цæ дисон кæ й уыд, уый куы бамбарын кодтой, уæ д фырмæ стæ й цæ хæ ртæ акалдта.

— Мæ н иу цæ дисон дæ р ницæ мæ н хъæ уы — æ з мæ хæ стытæ н мæ хæ дæ г лæ ууын сæ сæ ргъы! — фæ хъæ р кодта уыцы мæ стыйæ принц. Йæ хæ стонтæ й ма чи баззад, уыдон — инæ лæ ртты, салдæ тты, æ ххуысгæ нджыты, æ дæ ппæ т дæ с æ мæ ссæ дз адæ ймаджы рамбырд кодта æ мæ сын йæ хъуыдытæ загъта. Йæ фæ стаг ныхæ стæ уыдысты ахæ м: — Хуыцау, мæ хæ лæ рттæ й мæ фервæ зын кæ н, ме знæ гты мын мæ хи бар уадз!

Принц Лимон, æ вæ ццæ гæ н, раст уыд. Принцтæ н сæ хæ лæ рттæ се знæ гтæ й тæ ссагдæ р вæ ййынц. Принцтæ н ма сæ маст ссæ уы, æ мбисæ ндты цы зондджын ныхæ стæ вæ ййы, уыдоны фæ рцы.

Нымадæ й сахаты цыппæ рæ мхай рацыд, афтæ принцæ н йæ маст ссыд æ мæ бардзырд радта ног ныббырсты тыххæ й. Дæ с адæ ймагæ й, æ рра хъæ ртæ гæ нгæ, обауы сæ рмæ фæ цагайдтой. Сæ зæ рды уыди, галуаны уæ вæ г сывæ ллæ ттæ æ мæ сылгоймæ гты уæ ддæ р фæ тæ рсын кæ нын. Лæ бурджытыл сæ мбæ лдысты тынг хæ ларзæ рдæ йæ.

Уæ вæ н куыд нæ й, ахæ м хæ ларзæ рдæ йæ. Чиполлино сыгъдхуыссынгæ нджыты донцъирæ н хæ тæ лтæ гуыбынджын боцкъаты ауагъта æ мæ, лæ бурджытæ куы ’рбаввахс сты, уæ д бардзырд радта:

— Сæ нæ й знæ гтыл ралæ уут!

Лæ бурджытыл сæ ны цыхцырджытæ сæ хи ныццавтой. Хæ рздæ ф сæ ны пырхæ нтæ æ хсадтой цæ сгæ мттæ, калдысты æ фсæ донты цæ стыты, бахаудтой-иу сæ дзыхмæ, сæ фындзыхуынчъыты, сæ хъусты. Лимоныхъотæ хъуамæ кæ нæ хуыдуг фæ уыдаиккой, кæ нæ та фыррасыгæ й сæ сæ р сæ фат нал æ мбæ рстаиккой, фæ лæ афоныл лидзынмæ фесты.

Обауы рæ бынмæ куы ’рхæ ццæ сты, уæ д дзы иунæ г æ вронг Лимоныхъо дæ р нал уыд. Уый фенгæ йæ, дыууæ æ хсины тынг смæ сты сты. Уыдонæ й ноджы тынгдæ р сфыхт принц Лимон:

— Худинаг! Амæ лæ т! Сымах иууылдæ р лæ дзæ гæ й нæ минаг стут! Исчи сырх сæ н æ ххормагæ й нуазы? Йæ хицæ н аргъ кæ нын чи зоны, уый йæ сæ рмæ ахæ м ми не ’рхæ сдзæ н! Уынут, хæ цынхъом чи нал у, уыдоныл ма ноджыдæ р дæ с бафтыд!

Æ мæ æ цæ гæ йдæ р, принцы дæ с æ фсæ ддоны кæ рæ дзийы фæ дыл йæ къæ хты бын æ рфæ лдæ хтысты. Цыма сын исчи бардзырд радта, уый хуызæ н æ васт сæ хуыр-хуыр ссыд.

Уавæ р алы уысм дæ р æ взæ рæ й-æ взæ рдæ р кодта.

Синьор Помидор, йæ сæ рыхъуынтæ рæ дувгæ йæ, мистер Моркоуæ н лæ гъстæ кодта:

— Исты-ма æ рхъуыды кæ н. Æ ппынфæ стаг ды фæ сарæ йнаг æ фсæ ддон уынаффæ гæ нæ г дæ!

Галуаны та уыцы рæ стæ г адæ мы цинæ н кæ рон нал уыд. Сæ знæ гты фылдæ р хай хæ стхъом нал уыди. Бынæ й, кулдуары дыууæ сырх быцæ уы астæ у, урс тырыса куы сфæ йлаудзæ н, уымæ бирæ æ нхъæ лмæ кæ сын нал хъуыди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.