Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НУДÆСÆМ СÆР. Балц хъæлдзæг поезды



Чиполлино Гыццыл Балимæ сырддонæ й куы рацыдысты, уæ д поезды сбадтысты.

Уыцы поезды тыххæ й уын ницыма радзырдтон, афтæ мæ й та æ нахуыр поезд уыд. Æ нахуыр та уыд, иунæ г вагон йеддæ мæ дзы кæ й нæ уыд, уымæ й. Æ ппæ т бынæ ттæ дæ р уыдысты рудзгуыты цур, æ мæ бæ лццæ ттæ й алкæ мæ дæ р хорз зындысты быдыртæ, хъæ дтæ, хæ хтæ, станцæ тæ, стæ й, сæ фæ рсты цы поездтæ згъордтой, уыдон. Уый та уæ лдай æ хсызгондзинад хаста, поезды цы сывæ ллæ ттæ цыд, уыдонæ н. Дæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н рудзынджы цур бад æ мæ дæ цас фæ нды, уыйбæ рц кæ с æ мæ кæ с.

Хæ рзхуыз бæ лццæ ттæ н поезды уыди хицæ н бынæ ттæ. Сæ дынджыр гуыбынтæ -иу сæ рмагонд тæ рхæ джытыл æ рæ вæ рдтой, æ мæ сæ хицæ н дæ р удæ нцой уыд, хъыгдаргæ дæ р никæ й кодтой.

Чиполлино æ мæ Гыццыл Бал поездмæ куы сцæ йхызтысты, уæ д сæ хъустыл ауад бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г Хъæ дуры хъæ лæ с:

— Ныфсджындæ рæ й æ внал, синьор барон. Иу хатт ма дæ тыхтæ æ рбамбырд кæ н æ мæ вагоны балæ удзыстæ м!

Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й поездмæ хызти барон Апельсин. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, вагонмæ йæ дынджыр гуыбынимæ зын схизæ н уыд. Мæ гуыр бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г йæ тых, йæ бонæ й архайдта бароны вагонмæ сæ ргъæ выныл. Йæ бон ын куы ницы уыд, уæ д æ м уаргъхæ сджытæ дыууæ йæ фæ зындысты, фæ лæ йæ æ ртæ йæ дæ р сæ бон нæ баци вагоны дуары мидæ г фæ кæ нын. Æ ппынфæ стаг сæ м æ ххуысмæ фæ зынди станцæ йы хицау æ мæ йæ дыууæ къухы бароны фæ сонтæ м фæ быцæ у кодта. Станцæ йы хицауæ й ферох, йæ дзыхы æ хситгæ нæ н кæ й ис, уый æ мæ дзы æ нæ нхъæ лæ джы ныхситт кодта.

Машинист афтæ фенхъæ лдта, ацæ уыны бар ын радтой, зæ гъгæ, æ мæ поезд йæ бынатæ й фезмæ лыд.

— Фæ лæ уу! Фæ лæ уу! — йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта станцæ йы хицау.

— Баххуыс мын кæ нут! — скæ уæ гау кодта барон Апельсин. Фыртæ ссæ й йæ цæ сгом цикъæ йау афæ лурс.

Фæ лæ йæ сины саст фæ рæ стмæ. Поезд куы фенкъуысыд, уæ д ахæ м риуыгъд акодта, æ мæ барон æ васт вагоны дуарæ й фæ мидæ г. Æ хсызгон улæ фт скæ нгæ йæ, йæ гуыбын тæ рхæ гыл æ рæ вæ рдта æ мæ, æ нæ хъæ н уæ рыкк физонæ ггонд кæ м уыд, уыцы тыхтон халынмæ фæ ци.

Цалынмæ адæ м баронмæ кастысты, уæ дмæ Гыццыл Бал æ мæ Чиполлино, ничи сæ федта, афтæ мæ й вагоны фæ мидæ г сты. Барон хæ рынмæ куы бавнæ лдта, уæ д, йæ алыварс цытæ цæ уы, уымæ кæ сынмæ йæ нал æ вдæ лд. Раст зæ гъын хъæ уы, Хъæ дур сæ уайтæ ккæ дæ р ауыдта, фæ лæ Гыццыл Бал йе ’нгуылдз йæ былтыл авæ рдта, ома мацы сдзур, зæ гъгæ. Бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г йæ сæ ры фæ тылдæ й ацамыдта, бамбæ рстон дæ æ мæ мæ дзыхыл хæ цдзынæ н, зæ гъгæ.

Ам уал иуцасдæ р нæ дыууæ хæ лары фæ уадзæ м æ мæ, иннæ рæ тты цытæ цæ уы, уымæ бакæ сæ м.

Поезд нæ зонгæ хъæ ды рæ зты куы фæ цæ йтахт, уыцы рæ стæ г цавæ рдæ р хъæ ддзау бæ ласы сæ р ауыдта фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдзы æ мæ сын æ ххуыс кæ нынмæ фæ ци. Цыбыр рæ стæ гмæ, бæ ласы къалиутыл дыууæ боны дæ ргъы ауындзæ гæ й чи фæ лæ ууыд, уыцы ахстыты ссæ рибар кодта.

Фæ дысгарæ г æ мæ куыдз, куыддæ р зæ ххыл андзæ выдысты, афтæ се ’ндзыг къабæ зтæ айвæ зтой æ мæ лыгъд адæ мы агурынмæ фæ цагайдтой.

Хъæ ддзау иуцасдæ р сæ фæ дыл дисгæ нгæ фæ каст æ мæ, тулдз бæ лас калынмæ бавналынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ уæ лхъус алæ ууыд Лимоныхъоты æ нæ хъæ н æ фсад, йæ сæ ргъы афицер Лимон, афтæ мæ й.

— Æ мраст алæ уу! — скъаманды кодта афицер. — Дæ къухтæ дæ лæ мæ ’руадз!

Хъæ ддзау йæ фæ рæ т феуæ гъд кодта æ мæ йæ къухтæ йæ уæ рджыты фæ рсты дæ лæ мæ ’руагъта.

— Ам куыдз æ мæ йæ хицауы нæ федтай?

Хъуыддаг уый мидæ г уыдис, æ мæ фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдз æ виппайды куы фæ тар сты, уæ д галуаны катайы бацыдысты, цы фæ уыдаиккой, зæ гъгæ, æ мæ сæ м агурæ г пъæ лицæ йæ гты взвод арвыстой. Хъæ ддзау иннæ мæ гуыр адæ мы хуызæ н пъæ лицæ йæ гтыл тынг не ’ууæ ндыд. Бæ ласыл ауыгъдæ й цы лæ г æ мæ куыдзы ’рбаййæ фта, уыдон сæ хи æ нахуыр дард кодтой. Куыддæ р сæ суæ гъд кодта, афтæ зæ ххыл ахуыссыдысты, дардæ й цы уынæ ртæ цыд, уыдонмæ байхъуыстой æ мæ æ рраты хуызæ н згъорынмæ фесты. Куыд бамбæ рста, афтæ мæ й пъæ лицæ йæ гтæ уыдоны агуырдтой. Хъæ ддзауы та сæ пъæ лицæ йæ гты къухмæ раттын нæ фæ ндыди.

— Лæ г æ мæ куыдз ам уыдысты æ мæ уартæ уыцырдæ м ацыдысты, — загъта хъæ ддзау æ мæ сын, кæ цырдæ м атахтысты, уыцырдæ м нæ, фæ лæ иннæ рдæ м ацамыдта.

— Иттæ г хорз! — фæ хъæ р кодта афицер Лимон. — Ныртæ ккæ сæ аййафдзыстæ м... Æ мраст алæ уу!

Хъæ ддзау та æ мраст алæ ууыд. Уыдон куы ацыдысты, уæ д йæ ныхы хид асæ рфта æ мæ дарддæ р йæ тулдз калыны куыст кодта. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу Лимон æ мæ Лимоныхъоты фæ стæ акаст æ мæ -иу федта, кæ й агуырдтой, уыдонæ й алы къахдзæ фæ н дæ р дарддæ рæ й-дарддæ р куыд кæ нынц, уый.

Сахаты цыппæ рæ мхай дæ р нæ ма рацыд, афтæ хъæ ддзауы хъустыл ауад къæ хты уынæ р. Уайтагъд лæ флæ фгæ нгæ фæ лладæ й йæ цуры алæ ууыдысты мастер гыццыл Сæ нæ фсир, Куысыфтæ г, Саунæ мыг, æ вдакат Хохаг Хъæ дур, хъисфæ ндырæ йцæ гъдæ г Кæ рдо æ мæ Гыццыл Куысыфтæ г. Чысыл сæ улæ фт куы фæ нывылдæ р, уæ д хъæ ддзауы бафарстой:

— Ам гыццыл лæ ппуйы нæ федтай? Йæ ном Чиполлино.

— Æ з уæ Чиполлинойы нæ зонын, — тыхстхуызæ й дзуапп радта хъæ ддзау. — Стæ й иу лæ ппуйыл дæ р мæ цæ ст не ’рхæ цыд.

— Мыййаг, Чиполлино ацырдæ м куы ’рбафта, уæ д-ма-иу ын, дæ хорзæ хæ й, зæ гъ, дыууæ боны дæ ргъы, зæ гъ, мах дæ у агурæ м, — загъта мастер Гыццыл Сæ нæ фсир. Æ вæ ццæ гæ н, уый экспедицийы разамонæ г уыд.

Уыцы адæ м дæ р та æ рдæ боныуæ тты хуызæ н уайтагъд кæ дæ мдæ р атындзыдтой.

Сахаты бæ рц рацыдаид, бæ лас афæ лдæ хынæ ввонг уыдис, афтæ хъæ ды арфæ й рацыдысты Чиполлино æ мæ Гыццыл Бал. Гыццыл Бал цалынмæ Чиполлинойæ н йе ’мбæ лтты ссарынæ н нæ баххуыс кодтаид, уæ дмæ йæ м сæ химæ раздæ хыны зонд нæ уыд. Хъæ ддзау, лæ ппутæ й иуы ном Чиполлино хуыйны, уый куы базыдта, уæ д ын мастер Гыццыл Сæ нæ фсиры ныхæ стæ, куыддæ риддæ р уыдысты, афтæ рафæ змыдта. Лæ ппутæ бамбæ рстой, лыгъд адæ м лæ гæ тæ й Чиполлинойы агурæ г кæ й рацыдысты, уый.

Афтæ рабæ рæ г, цæ мæ н фæ цыдæ р сты, уый сусæ гдзинад.

Лæ ппутæ хъæ ддзауæ н хæ рзбон загътой, æ мæ та хъæ ддзау иунæ гæ й баззад. Фæ лæ ма йын изæ ры ралæ удмæ бирæ фембæ лдтытæ уыд, бирæ æ нахуыр хабæ рттæ н уыд æ вдисæ н.

Фыццаг фæ зындысты Мæ ймæ булкъ æ мæ, Чиполлинойы чи агуырдта, уыдон. Уый фæ стæ синьор Басгæ рдæ гимæ æ рбалæ сти синьор Помидор. Агуырдтой Гыццыл Балы. Уыдоны хъуыдымæ гæ сгæ йæ адавтой, хъæ ды чи æ мбæ хст, уыцы лыгъд адæ м.

Æ ппынфæ стаг, хур æ рныгуылынмæ хъавыд, афтæ хъæ ддзауы хъустыл ауад дзæ нгæ рджыты æ нæ хъæ н оркестры хъæ р. Фыццаг æ м афтæ фæ каст, цыма йæ райсомæ й хынцфарст чи кодта, уыцы пъæ лицæ йæ гтæ фæ стæ мæ раздæ хтысты. Фæ лæ ацы хатт хъæ д бабæ рæ г кæ нын сфæ нд кодта принц Лимон йæ хæ дæ г.

Йæ хъахъхъæ нджытæ куы нæ æ мæ куы нæ зындысты, уæ д принц сфæ нд кодта сæ размæ рацæ уын. Къареты йемæ бадтысты дыууæ æ хсинтæ Балы. Принц сын ахæ м æ гъдау кæ й скодта, уый сæ хицæ н нымадтой стыр кадыл æ мæ, цыма хъуыддаджы фæ дыл нæ, фæ лæ цуаны цыдысты, сæ хи афтæ хъæ лдзæ г дардтой.

Хъæ ддзау бæ лæ сты аууон амбæ хсынмæ хъавыд, уымæ н æ мæ зыдта, мæ гуыр адæ мы уынд принцы ахсæ н æ мæ игæ ры куыстыл æ взæ рæ рдæ м кæ й зыны. Фæ лæ йæ лæ ггадгæ нджытæ й иу зæ ронд, æ нцъылдтæ Лимон къареты бадти йæ иууылбæ рзонддзинады рахизфарсæ рдыгæ й æ мæ хъæ ддзауы куы ауыдта, уæ д æ м фæ хъæ р кодта:

— Гъей, сæ мпæ рчъи!

— Цы хъæ уы йæ иууылбæ рзонддзинады? — бафарста йæ къуызгæ хъæ лæ сæ й хъæ ддзау.

— Ам пъæ лицæ йæ гты взводыл дæ цæ ст не ’рхæ цыд?

Куыд зонут, афтæ мæ й, хъæ ддзау уыцы пъæ лицæ йæ гты взводæ й уæ лдай бирæ кæ уылдæ рты фембæ лд. Фæ лæ принц Лимонимæ куы ныхас кæ най, уæ д æ ппæ ты хуыздæ р у «нæ федтон» зæ гъын.

Æ мæ йын хъæ ддзау дæ р ахæ м дзуапп радта: ницы зонын, никæ й федтон, зæ гъгæ йын загъта. Федтон, зæ гъгæ, куы загътаид, уæ д æ м, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бирæ æ ндæ р фæ рстытæ дæ р раттаиккой æ мæ йæ, чи зоны, ницæ й тыххæ й ахæ стоны смидæ г кодтаиккой.

Принц æ мæ йæ дæ лдæ ртæ фæ цагайдтой, пъæ лицæ йæ гтæ кæ цырдæ м ацыдысты, уыцырдæ м.

Уалынмæ æ ризæ р. Цæ мæ й нæ ныхас цыбырдæ р уа, уый тыххæ й зæ гъдзыстæ м афтæ: æ васт æ рталынг. Талынджы æ нахуыр хабæ рттæ адæ ймагмæ диссагдæ р фæ кæ сынц. Уæ лдайдæ р та, ныхас искæ й сурын æ мæ агурыныл куы фæ цæ уы, уæ д.

Хъæ д æ хсæ вы тары куы аныгъуылд, уæ д нæ радзырды архайджытæ та уыдысты сæ тæ ккæ сурын æ мæ агурыныл. Фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдз агуырдтой лигъдæ тты; полицæ йæ гтæ — фæ дысгарæ джы; мастер Гыццыл Сæ нæ фсир æ мæ йе ’мбæ лттæ — Чиполлинойы; Чиполлино æ мæ Гыццыл Бал — мастер Гыццыл Сæ нæ фсиры; Мæ ймæ булкъ агуырдта Чиполлинойы; кавалер Помидор æ мæ синьор Басгæ рдæ г та — Гыццыл Балы.

Зæ ххы бын та — æ вæ ццæ гæ н, сымах ууыл хъуыды дæ р нæ акодтат — Куырм Мыст агуырдта се ’ппæ ты дæ р. Уый размæ, уацайрæ гтæ кæ м æ мбæ хстысты, уыцы лæ гæ тмæ бацыд æ мæ дзы ссардта ахæ м фыст: «Чиполлино фæ цыдæ р. Агурынмæ йæ м фæ цæ уæ м. Йæ хъысмæ тæ н исты куы базонат, уæ д нын-иу фехъусын кæ нут».

Куыддæ р Куырм Мыст уыцы ныхæ стæ бакаст, афтæ алырдæ м фæ ндæ гтæ гæ рдынмæ февнæ лдта. Хъæ дмæ куы бахæ ццæ, уæ д кусгæ -кусын йæ хъустыл уад, йæ сæ рмæ адæ м иугæ йттæ æ мæ бирæ гæ йттæ й куыд разгъор-базгъор кодтой, уый. Фæ лæ уыдон афтæ цырд тахтысты, æ мæ -иу Куырм Мыст зæ ххы бынæ й куы скаст, уæ д-иу дзы никæ йуал ауыдта. Уыцы изæ р æ рмæ стдæ р бирæ гъты ниуын нæ хъуыст. Уыдон æ нхъæ лдтой, æ рхъула кæ нынмæ сыл хъавынц, зæ гъгæ, æ мæ хъæ ды арфы бамбæ хстысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.