Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆСТДÆСÆМ СÆР. Даргъ æвзаг кæмæн уыд, уыцы Тюлень



Сырддоны иу сыбыртт никæ цæ й хъуыст.

Хъахъхъæ нæ г хуыссыди пылдоны. Базы бæ сты йæ нывæ рзæ н пылы хæ тæ лфындз бакодта æ мæ тарф фынæ й баци. Чиполлино æ мæ Арс пылдоны дуар куы бахостой, суанг уæ д дæ р нæ райхъал.

Пыл хъахъхъæ нæ джы сæ р арæ хстгай хъæ мпыл æ рæ вæ рдта, æ мæ йæ хæ тæ лфындз феуæ гъд. Йæ бынатæ й дæ р нæ фезмæ лыд, афтæ мæ й дуар байгом кодта æ мæ, йæ хи мидæ г бахъуырхъуыргæ нгæ йæ, загъта:

— Рацæ ут.

Нæ хæ лæ рттæ фæ йнæ рдæ м аракæ с-бакæ с кодтой æ мæ мидæ мæ бацыдысты.

— Де ’зæ р хорз, синьор Пыл! — салам радта Чиполлино. — Стыр хатыр курæ м, æ нафоны дæ кой батыхсын кодтам, уый тыххæ й.

— Ницы кæ ны, — загъта Пыл. — Æ з нæ ма бафынæ й дæ н. Мæ хъахъхъæ нæ г цавæ р фын уыдта, уый базонынмæ хъавыдтæ н. Адæ ймаг хорз у æ ви æ взæ р, уый, цавæ р фынтæ уыны, уымæ гæ сгæ раиртасæ н вæ ййы.

Пыл уыди зæ ронд индиаг философ, æ мæ -иу æ нахуыр хъуыдытæ йæ сæ рмæ арæ х æ рцыд.

— Мах дæ умæ æ ххуысагур æ рбацыдыстæ м, — дзырдта дарддæ р Чиполлино, — уымæ н æ мæ зонæ м, ды зондджын кæ й дæ, уый. Мæ нæ ацы Арс ме ’рдхорд у. Йæ ныййарджыты йын уацарæ й куыд фервæ зын кæ нæ м, уый нын нæ бацамондзынæ?

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бауынаффæ кæ нын уын мæ бон у, фæ лæ цымæ уый истæ мæ н хъæ уы? Хъæ ды къалатийæ хуыздæ р нæ у, къалатийы та хъæ дæ й æ взæ рдæ р нæ у... Раст дæ н æ ви нæ, уый æ з нæ зонын, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, чи кæ м ис, уым куы баззаид, уæ д хуыздæ р уаид... Фæ лæ уæ м кæ д се ссæ рибар кæ нын хуыздæ р кæ сы, уæ д, къалатийы дæ гъæ лтæ кæ м сты, уый уын бацамондзынæ н: мæ нæ хуыррыттæ й чи фынæ й кæ ны, уыцы хъахъхъæ нæ джы дзыппы. Æ з бафæ лвардзынæ н, нæ райхъал уыдзæ н, афтæ мæ й дæ гъæ лтæ йæ дзыппæ й сисыныл. Тарф фынæ й у æ мæ хъуамæ ма райхъал уа.

Æ ргом дзургæ йæ, Чиполлино æ мæ Арс, хъахъхъæ нæ г куы райхъал уа, уымæ й тынг тарстысты, фæ лæ Пыл йæ тасаг æ мæ коммæ гæ с хæ тæ лфындзæ й афтæ арæ хстгай архайдта, æ мæ хъахъхъæ нæ г æ ппындæ р ницы бамбæ рста.

— Мæ нæ уын дæ гъæ лтæ, — загъта Пыл, йæ хæ тæ лфындз хъахъхъæ нæ джы дзыппæ й сласгæ йæ. — Æ рмæ ст сæ фæ стæ мæ ’рбахæ ссын кæ й хъæ уы, уый уæ ма ферох уæ д.

— Уымæ дæ зæ рдæ ма ’хсайæ д, — загъта Чиполлино. — Бузныг, стыр бузныг дæ уæ здандзинадæ й. Махимæ алидзын дæ нæ фæ нды?

— Æ з лидзынмæ куы хъавыдаин, уæ д сымах æ рбацыдмæ кæ й не ’нхъæ лмæ кастаин, уый уæ бауырнæ д. Цæ угæ ут, уæ хъуыддаг кæ нут.

Æ мæ та хъахъхъæ нæ джы сæ р йæ хæ тæ лфындзыл æ рæ вæ рдта. Ацы хатт æ й дыууæ рдæ м узæ гау кодта, цæ мæ й йæ фынæ й тарфдæ р уыдаид æ мæ афонæ й раздæ р ма райхъал уыдаид.

Чиполлино æ мæ Арс пылдонæ й сæ ных Арсы ныййарджыты къалатимæ сарæ зтой. Æ нæ уынæ рæ й цæ уыныл бæ ргæ архайдтой, фæ лæ куыддæ р иуцалдæ р къахдзæ фы акодтой, афтæ сæ м чидæ р фæ дзырдта:

— Синьор! Синьор!

— С-с-с.. — тарстхуызæ й сдзырдта Чиполлино. — Мæ нмæ исчи дзура?

— С-с-с! — сфæ змыдта йæ фæ сус хъæ лæ с. — Мæ нмæ исчи дзура?

— Хъæ рæ й ма дзур, хъахъхъæ нæ г райхъал уыдзæ н.

Æ рдæ боны хъæ лæ с та йæ сфæ змыдта:

— Хъæ рæ й ма дзур, хъахъхъæ нæ г райхъал уыдзæ н. Ах! Æ з сæ рхъæ н дæ н, сæ рхъæ н! — бафтыдта ма йæ ныхæ стæ м. — Алцыдæ р сæ мхæ ццæ кодтон.

— Уый Тути куы у! — Арсы хъусы бадзырдта Чиполлино. — Цы хъусы, уыдон иууылдæ р фæ лхат кæ ны. Фæ лæ, цы хъусы, уымæ н ницы ’мбары æ мæ бæ стæ сæ мхæ ццæ кæ ны. Уæ вгæ йæ зæ рдæ ’взæ р нæ у, никæ й хъыгдары.

Арс Тутийæ н йæ сæ рæ й акуывта æ мæ йæ бафарста:

— Синьор Тути, ам æ рсыты къалати кæ м и, уый нын нæ зæ гъдзынæ?

Тути йæ сфæ змыдта:

— Синьор Арс, ам тутиты къалати кæ м и, уый нын нæ зæ гъдзынæ? Гъер æ з сæ рхъæ н нæ дæ н: бæ стæ та сæ мхæ ццæ кодтон!

Тутийæ ницы пайда ис, уый куы бамбæ рстой, уæ д дарддæ р араст сты.

Къалатийæ сæ м Маймули рахъæ р кодта:

— Чысыл-ма мæ м байхъусут, синьортæ.

— Тынг æ нæ вдæ лон стæ м, — дзуапп радта Арс. — Тагъд кæ нæ м.

— Уæ хорзæ хæ й, æ рмæ стдæ р мæ м иунæ г уысм байхъусут. Дыууæ боны иу æ нгуз асæ ттын нæ фæ разын, æ мæ -ма мын баххуыс кæ нут!

— Чысыл нæ м банхъæ лмæ кæ с. Фæ стæ мæ куы раздæ хæ м, уæ д дын æ нæ мæ нг баххуыс кæ ндзыстæ м, — загъта Чиполлино.

— Уый сымах дзургæ афтæ кæ нут! — загъта Маймули æ мæ йæ сæ р дыууæ рдæ м батыддта. — Уæ вгæ уæ м афтæ æ нæ уи сдзырдтон, æ ндæ р мæ н æ хсæ р цæ мæ н хъæ уы? Иу æ хсæ р нæ, фæ лæ, дунейы цыдæ риддæ р æ хсæ рæ й ис, уыдон иууылдæ р. Уый бæ сты мæ уарзон хъæ ды куы фестин, уæ д къалиуæ й къалиумæ ратæ х-батæ х кæ нин æ мæ искæ цы хæ лиудзых бæ лццоны сæ рыл кокосы æ хсæ р фехсин. Хъæ ды маймулитæ кокосы æ хсæ ртæ искæ й сæ рыл куы нæ ’хсой, уæ д ма зайгæ та цæ мæ н кæ нынц? Æ з сымах фæ рсын: кокосы æ хсæ ртæ сын сæ сæ ртыл куы нæ цæ вай, уæ д ахæ м бæ лццæ ттæ цæ мæ н хъæ уынц? Фæ стаг хатт ма къопдаст сырх сæ рыл кокосы æ хсæ р кæ д ныццавтон, уый хъуыды дæ р нал кæ нын... Æ хсæ р-иу даст къоппайыл куы ауад, уæ д мын-иу уæ йбæ рц циндзинад æ рхаста... Мæ зæ рдыл ма лæ ууы, иу хатт...

Фæ лæ уæ дмæ Чиполлино æ мæ Арс адард сты æ мæ йын йæ дзæ гъæ л дзæ нгæ да нал фехъуыстой.

— Маймулитæ, — загъта Чиполлино Арсæ н, — рæ узонд æ мæ æ дылыбын сты. Иу хъуыддагыл дзурын райдайдзысты, стæ й иннæ мæ агæ пп кæ ндзысты, æ мæ сæ æ ппынфæ стаг, цæ уыл фæ дзурынц, уый ферох вæ ййы. Фæ лæ, æ ргом дзургæ йæ, æ рдæ боны маймулийæ н тæ ригъæ д кæ нын. Цæ уылнæ фынæ й кæ ны? Дæ умæ гæ сгæ йе ’хсæ ры тыххæ й? Нæ, уымæ н йæ зæ рдæ йæ нæ хицæ н кæ ны йæ уарзон æ мæ уыцы иу рæ стæ г дард хуссар, йæ судзгæ хур, кокосы æ хсæ ртæ æ мæ банантæ.

Домбай дæ р нæ фынæ й кодта. Йæ рæ зты чи ’рцæ йцыд, уыдонмæ, йæ сæ р дæ р нæ разылдта, афтæ мæ й йæ цæ сты зулæ й ракаст. Нæ йæ бафæ ндыд, кæ дæ м цæ уынц, уый базонын дæ р.

Уый уыди уæ здан æ мæ сæ рыстыр сырд æ мæ йæ ницæ мæ н хъуыд, йæ рæ зты чи æ мæ кæ дæ м цæ уы, уыдæ ттæ зоныны сæ р.

Æ ппынфæ стаг Чиполлино æ мæ Арс бахæ ццæ сты æ рсыты къалатимæ.

Мæ гуыр зæ рæ дтæ уайтагъд базыдтой сæ хъуынджынагъд фырты. Къалатийæ йæ м сæ дзæ мбытæ радардтой, зыхъхъыртæ й йын пъатæ кодтой.

Цалынмæ кæ рæ дзиуыл цинтæ кодтой, уæ дмæ Чиполлино къалатийы дуар фегом кодта æ мæ сæ м дзуры:

— Уæ кæ уын фæ уадзут. Уæ къалати гом у. Уымæ й хъахъхъæ нæ джы райхъалы агъоммæ куы нæ фæ пайда кæ нат, уæ д уе ссæ рибар кæ ныныл хъуыды дæ р мауал кæ нут!

Æ ппынфæ стаг дыууæ уацайраджы къалатийæ куы рацыдысты, уæ д сæ зылынкъах фыртæ н хъæ быстæ кæ нынæ й нал æ нцадысты. Сæ хъуынджын рустыл сæ цæ ссыгтæ гæ р-гæ р кодтой.

Чиполлинойæ н дæ р йæ зæ рдæ суынгæ г.

«Мæ мæ гуыр фыд! — хъуыды кодта йæ хинымæ р. — Дæ ахæ стоны дуæ рттæ дын куы байгом кæ нон, уыцы бон дын æ з дæ р пъатæ æ мæ хъæ быстæ кæ ндзынæ н! »

— Цæ уын афон у! — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Чиполлино. — Фæ стиатгæ нæ н нæ й.

Фæ лæ зæ рæ дты бафæ ндыд раздæ р урс æ рсыты бинонтæ н хæ рзбон зæ гъын. Уыдон цардысты донуаты былгæ рон. Уый фæ стæ та сæ зæ рды уыд жирафмæ бакæ сын, фæ лæ уый уыцы рæ стæ г кодта тарф фынæ й.

Фынæ й уыдысты сырддоны иннæ цæ рджытæ дæ р, фæ лæ æ рсыты ацыды хабар уайтагъд се ’ппæ тмæ дæ р бахæ ццæ æ мæ сæ иууылдæ р райхъал кодта. Ам æ рсыты бирæ уарзтой. Уæ вгæ дзы знæ гтæ уыдонæ н дæ р разынд.

Зæ гъæ м, йæ цæ сты сындз уыдысты Тюленæ н, уымæ н æ мæ сæ хуыдта урс æ рсыты тугхæ стæ джытæ.

Æ рсытæ алыгъдысты, уый куы базыдта, уæ д ахæ м хъæ р ныккодта, æ мæ йæ уынæ ргъынмæ хъахъхъæ нæ г фехъал.

— Цы ’рцыди? — бафарста, йæ ком ивазгæ йæ, Пылы.

— Раст дын куы зæ гъон, уæ д ын ницы зонын, — дзуапп радта зæ ронд куырыхон зонды хицау. — Уæ вгæ цæ угæ та цы хъуамæ ’ркæ на? Дунейы ногдзинадæ й ницы ис. Уæ дæ дысон цы ’рцыди, уый дæ р ногдзинадыл банымайæ н нæ й. Уый кинойы æ рцæ уы алы дæ с минутæ й дæ с минутмæ дæ р исты æ нахуыр хабар.

— Чи зоны, æ мæ рæ стытæ дзурыс, — загъта хъахъхъæ нæ г, — фæ лæ уæ ддæ р сырддоныл æ рзилын хъæ уы.

Куыддæ р пылдонæ й рацыд, афтæ лидзджытыл хæ рхæ мбæ лд фæ цис æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Фæ дис! Тагъд æ ххуысмæ фæ зынут!

Йе ’ххуысгæ нджытæ иууылдæ р фехъал сты æ мæ цалдæ р минутмæ сырддоныл æ рхъула сты. Алидзæ н никæ уылтыуал уыд.

Чиполлино æ мæ æ ртæ арсы цадмæ ныггæ ппытæ ластой æ мæ уым бамбæ хстысты. Донæ й зындысты æ рмæ стдæ р сæ мукъутæ. Се ’намондæ н, уый уыди, Тюлень кæ м цард, уыцы цад.

— Хи-хи-хи! — мæ стæ ймарæ н худт бакодта чидæ р сæ чъылдыммæ.

Уый уыди Тюлень йæ хæ дæ г.

— Мæ нмæ куыд кæ сы, афтæ мæ й мын синьортæ сæ хиуыл ахудыны бар ратдзысты. Абон мæ зæ рдæ уæ лдай хъæ лдзæ гдæ р у.

— Синьор Тюлень, — разылди йæ м, ихæ нæ й зырзыргæ нгæ, Чиполлино. — Дæ цины сæ р цæ уыл у, уый æ з хорз æ мбарын. Фæ лæ дæ худынæ н, мах куы агурынц, уымæ й хуыздæ р рæ стæ г не ссардтай?

— Агургæ уæ кæ й кæ нынц, цин дæ р уымæ н кæ нын. Æ з ныртæ ккæ хъахъхъæ нæ гмæ фæ дзурдзынæ н, æ мæ уæ цадæ й кæ саджы ласт скæ ндзысты.

Æ мæ æ цæ гдæ р, Тюлень цады иннæ фарсмæ хъахъхъæ нæ г æ мæ йæ ’ххуысгæ нджытæ м дзурынмæ фæ цæ уæ г. Æ рсыты уайтæ ккæ дæ р донæ й сластой, уыимæ дыууæ йы нæ, фæ лæ æ ртæ йы. Уыцы хъуыддаг хъахъхъæ нæ джы дисы бафтыдта. Ноджы тынгдæ р дисы та бацыд, æ рсытимæ цавæ рдæ р æ нахуыр мыггаг цæ рæ гой кæ й разынд æ мæ адæ ймаджы хъæ лæ сæ й куы сдзырдта, уæ д.

— Синьор хъахъхъæ нæ г, мæ нмæ гæ сгæ, ам цыдæ р рæ дыд æ руагъдæ уыд, — загъта Чиполлино. — Куыд уынут, афтæ мæ й æ з арс нæ дæ н!

— Уый æ з дæ р уынын, фæ лæ цады цы куыстай?

— Мæ хи надтон.

— Уæ д хъуамæ æ ппæ ты фыццаг дæ у фæ ивар кæ нон, уымæ н æ мæ æ хсæ надон бынæ тты хи найæ н нæ й.

— Мемæ ’хца нæ рахастон, фæ лæ...

— Фæ лæ тæ -йедтæ мæ н ницæ мæ н хъæ уынц. Цалынмæ ивар бафидай, уæ дмæ дæ маймулитимæ къалатийы абадын бахъæ удзæ н. Ахсæ в уым фæ уыдзынæ, стæ й райсом фендзыстæ м, цы кæ нгæ дын у, уый.

Маймули уазæ гмæ ракаст хæ лар цæ стæ й æ мæ æ васт дзæ нгæ да цæ гъдынмæ фæ ци, фæ лæ, йæ ныхæ стæ й цы зæ гъынмæ хъавыд, уый бамбарæ н нæ уыд.

— О, æ мæ дын, — йæ къæ дзилыл æ рцауындзæ г, афтæ мæ й лæ хурынмæ фæ ци Маймули, — даст сырхсæ рджыны кой кодтон. Кæ д ын йæ сæ р сырх æ мæ даст рахуыдтон, уæ д уый æ цæ гæ йдæ р афтæ уыд. Æ з гæ ды ныхæ стæ никуы фæ кæ нын. Куы фæ кæ нын, уæ д та мын æ ндæ р гæ нæ н кæ й нал вæ ййы, уымæ н. Уæ вгæ гæ ды ныхæ стæ кæ нын уарзын, уымæ н æ мæ адæ ймагæ н цыдæ р æ хсызгондзинад æ рхæ ссынц. Æ цæ гæ й дын зæ гъын, æ цæ гæ й... Иуæ й-иу хатт...

— Байхъус-ма... — æ рхатыд æ м Чиполлино. — Дæ дзуринæ гтæ н райсоммæ аргъæ вæ н нæ й? Ныртæ ккæ мæ хуыссæ г ахсы.

— Авдæ ны зарæ г дын акæ нон? — загъта йын Маймули. — Ало-ло-лотæ...

— Бузныг, нæ хъæ уы. Æ нæ уи дæ р бафынæ й уыдзынæ н.

— Хъæ ццул дыл бамбæ рзон?

— Ам хъæ ццултæ вæ ййы?

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ вæ ййы, — сбустæ йыл кодта Маймули. — Мæ фыруæ зданæ й дын загътон афтæ, фæ лæ уæ здан ма уон, уый дæ кæ д фæ нды, уæ д табуафси!

Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ Маймули иннæ рдæ м азылд æ мæ йæ м йæ чъылдым тæ ргайыздæ хт скодта.

Чиполлино, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уымæ й фæ пайда кодта æ мæ фынæ й кæ нынмæ фæ ци. Маймули æ нхъæ лмæ каст, Чиполлино йын, ацырдæ м раздæ х, зæ гъгæ, кæ д зæ гъдзæ н, уымæ, фæ лæ йæ м куы ницыуал дзырдта, уæ д æ м йæ хæ дæ г разылд æ мæ хъавыд йемæ дарддæ р ныхæ стæ кæ нынмæ, фæ лæ уæ дмæ лæ ппу бафынæ й, æ мæ маймулийы фæ ндтæ й ницыуал рауад.

Йæ тæ ргайыл ма ноджыдæ р бафтыд, къуымы батымбыл æ мæ фынæ йæ йæ цæ ст нал иста.

Чиполлино маймулиты къалатийы фæ ци æ нæ хъæ н дыууæ боны. Сæ мадæ лтæ æ мæ сывæ ллонгæ стæ сырддонмæ цы сабиты хуыдтой, уыдоны дисæ н кæ рон нал уыд. Уымæ й размæ, сæ хи хуызæ н дарæ с кæ уыл уыд, ахæ м маймули никуы федтой.

Йæ сыхаг маймули фырдзырдæ й йæ хъуырмæ кæ й скодта, уыцы мæ гуыр Чиполлинойæ н æ рмæ стдæ р æ ртыккаг бон баци Гыццыл Балмæ фыстæ г арвитын. Уый горæ тмæ æ рбацыд фыццаг поезды. Чиполлинойы бæ сты ивар бафыста æ мæ йæ уацарæ й фервæ зын кодта.

Хъахъхъæ нæ г æ хцатæ банымадта æ мæ йæ хъæ лдзæ гзæ рдæ йæ рафæ ндараст кодта. Суанг ма йын афтæ дæ р загъта, сырддон, дам-иу арæ хдæ р абæ рæ г кæ н.

— Хорз, хорз! — зæ рдæ йын бавæ рдта Чиполлино æ мæ поездмæ атагъд кодта.

Фæ ндагыл æ ппæ ты фыццаг Гыццыл Балы бафарста, лæ гæ ты чи баззад, йæ уыцы æ мбæ лттæ й. Цыдæ р фесты, зæ гъгæ йын куы фехъусын кодта, уæ д тыхстхуызæ й загъта:

— Уыцы лæ гæ ты сын æ ппындæ р тæ ссаг куы ницæ мæ й уыд, уæ д сæ æ ндæ р ранмæ цæ уыны сæ р цæ мæ н бахъуыд?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.