Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆВДДÆСÆМ СÆР. Чиполлино балымæн диссаджы зæрдæмæдзæугæ Арсимæ



Чингуыты куыд фæ фыссынц, афтæ иучысыл фæ стæ мæ раздæ хæ м. Чысыл, зæ гъгæ, — дыууæ боны размæ йы цаутæ м, кæ ннод, лæ гæ ты цы хабæ рттæ ’рцыд, уыдон нæ базондзыстæ м.

Куысыфтæ г æ мæ Саунæ мыг хæ дзары сæ фтыл сæ хи мардтой.

Уыцы сæ дæ æ стдæ с агуыридурыл афтæ фæ цахуыр сты æ мæ цыма сæ сæ дæ æ стдæ с фыртæ й бавдæ лон сты, афтæ сæ м каст. Æ намонд хабар сæ афтæ балымæ н кодта, æ мæ кæ рæ дзийæ иу уысм дæ р нал хицæ н кодтой. Куысыфтæ г ма йæ фырхæ ларæ й цы акодтаид, уый нал зыдта æ мæ Саунæ мыгæ н зæ рдæ бавæ рдта:

— Куыддæ р нæ хæ дзар ссарæ м, афтæ дзы иумæ цæ рдзыстæ м.

Уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, Саунæ мыджы цæ стытæ доны разылдысты. Куыд уынут, афтæ мæ й Саунæ мыг йæ хæ дзар «мæ » хæ дзар нал хуыдта, фæ лæ «нæ » хæ дзар, афтæ мæ й уыцы хæ дзары тыххæ й æ нæ хай фæ ци, йæ фыды фыды фыдæ й йын цы зынаргъ хæ сгарды æ мбис, згæ хæ рд сæ рдасæ н æ мæ æ ндæ р хæ знатæ баззад, уыдонæ й.

Иу хатт ма дыууæ хæ лары хыл дæ р фесты. Иу дæ р афтæ загъта, æ з хæ дзар фылдæ р уарзын, иннæ дæ р. Куысыфтæ гмæ куыд каст, афтæ мæ й Саунæ мыгæ н йæ бон хæ дзар уымæ й фылдæ р уарзын ницы хуызы уыд.

— Цæ рæ нбонты уый саразыныл куы фæ куыстон. Дуртæ иугай куы фембырд кодтон.

— О, фæ лæ дзы цæ ргæ бирæ нæ фæ кодтай, æ з та дзы æ нæ хъæ н къуыри фæ цардтæ н.

Фæ лæ сын уыцы быцæ утæ дæ ргъвæ тин нæ хастой. Уæ дмæ -иу баизæ р, изæ рыгон та сæ м уымæ й ахсджиагдæ р хъуыддаг æ нхъæ лмæ каст: лæ гæ т тугдзых бирæ гътæ й хъахъхъæ нын хъуыд.

Уыцы хъæ ды цардысты бирæ гътæ, æ рсытæ æ мæ æ ндæ р хъæ ддаг сырдтæ. Уымæ гæ сгæ -иу хъуамæ алы изæ р дæ р арт скодтаиккой, цæ мæ й сæ м сырдтæ хæ стæ г ма уæ ндыдаиккой. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, арты рухс галуанæ й куы бафиппайдтаиккой, уымæ й дæ р тæ ссаг уыд, фæ лæ сæ хи сырдтæ н дæ р куыд бахæ рын кодтаиккой!..

Бирæ гътæ -иу лæ гæ тмæ хæ стæ г-хæ стæ г бацыдысты æ мæ -иу, Куысыфтæ джы ставд усы куы ауыдтой, уæ д-иу сæ комыдæ ттæ æ руадысты. Цæ мæ дæ р гæ сгæ сæ м иннæ тæ й адджындæ р каст.

— Ахæ м цæ стытæ й кæ сын мæ м ницæ мæ н хъæ уы! — схъæ ртæ -иу сыл кодта Куысыфтæ джы ус. — Ме ’нгуылдзы ’мбис дæ р уæ къухы никуы бафтдзæ н!

Бирæ гътæ афтæ æ ххормаг уыдысты æ мæ -иу сæ тæ ригъæ ддаг ниуын райхъуыст.

— Зынаргъ Куысыфтæ джы ус, — арты алыварс зилгæ йæ -иу сдзырдтой бирæ гътæ, — де ’нгуылдзтæ й нын иу уæ ддæ р ратт. Цы сыл ауæ рдыс, дæ къухтыл дæ р дзы дæ с куы ис æ мæ дæ къæ хтыл дæ р. Дыууæ тæ иумæ æ нæ хъæ н ссæ дз куы сты!

— Хъæ ддаг сырдтæ уæ вгæ йæ, арифметикæ хорз зонут, — дзуапп сын-иу радта Куысыфтæ джы ус, — фæ лæ уын уый дæ р нæ баххуыс уыдзæ н.

Бирæ гътæ -иу фæ хъуыр-хъуыр кæ ныны фæ стæ сæ хи айстой æ мæ -иу тæ рхъустыл сæ пырх акалдтой.

Иу заманы арты рухсмæ фæ зынди Арс, æ мæ та уый дæ р йæ цæ ст Куысыфтæ джы усыл æ рæ вæ рдта.

— Тынг мæ зæ рдæ мæ фæ цыдтæ, синьорæ Куысыфтæ джы ус, — загъта йын Арс.

— Ды дæ р фæ цыдтæ мæ зæ рдæ мæ, синьор Арс, фæ лæ мæ зæ рдæ мæ уæ лдай тынгдæ р фæ цæ уид де сгуы.

— Цытæ дзурыс, синьорæ Куысыфтæ джы ус! Уæ дæ дæ æ з та æ нæ хъæ нæ й дæ р тынг зæ рдиагæ й ахæ рин.

Чиполлино Арсыл хом картоф фехста.

— Стыр зæ рдиагæ й-ма мæ нæ ацы картоф бахæ р.

— Уæ хæ дзарвæ ндагæ й æ з кæ ддæ риддæ р ме сæ фт уыдтон, — дзуапп ын радта Арс, рамæ сты уæ вгæ йæ. — Сымах æ рмæ стдæ р цæ ссыгтæ згъалын зонут. Иуæ й-иутæ хъæ дындзы хорзæ й цы ссардтой, уый мæ м диссаг кæ сы!

— Ардæ м-ма æ рбайхъус, Арс, — загъта Чиполлино. — Алы изæ р ныл уæ цæ ст дзæ гъæ лы æ рæ вæ рут. Махмæ спичкæ тæ цас ис, уый зоныс? Уæ дæ хъæ ды дæ р сугтæ къаддæ р нæ й. Махæ н нæ бон у алы изæ р дæ р арт кæ нын, цæ мæ й нæ м сымахæ й иу дæ р хæ стæ г цæ уын ма уæ нда. Фæ лтау знæ гтæ уæ выны бæ сты бахæ лар уæ выныл куы бацархаиккам, уæ д хуыздæ р нæ уаид?

— Арс æ мæ Чиполлино, ома хъæ дындз, бахæ лар сты, зæ гъгæ, искуы ахæ м диссаг фехъуыстай?

— Хъусгæ никуы фæ кодтон, фæ лæ йын уæ вæ н цæ уылнæ хъуамæ уа? Ацы дунейы хæ ларæ й цæ рæ н тынг дзæ бæ х дæ р ис. Зæ хх алкæ й фаг дæ р у: æ рсытæ н дæ р, хъæ дындзтæ н дæ р.

— Бынат дзы алкæ мæ н дæ р кæ й ис, уый раст у, фæ лæ нæ уæ д адæ м цæ мæ н ахсынц æ мæ нæ къалатиты цæ мæ н дарынц? Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д мæ нæ н мæ мад дæ р æ мæ мæ фыд дæ р галуаны хицауы сырддоны уацары сты.

— Уæ дæ мах иу уавæ ры стæ м. Мæ нæ н та мæ фыд ис галуаны хицаумæ уацары.

Чиполлинойы фыд ахст у, уый куы фехъуыста Арс, уæ д йæ зæ рдæ фæ фæ лмæ ндæ р.

— Рагæ й?

— Уæ дæ й нырмæ бирæ мæ йтæ рацыд. Цалынмæ цæ ра, уæ дмæ йын ахæ стоны бадыны тæ рхон рахастой. Фæ лæ, куы амæ ла, уæ ддæ р ын уырдыгæ й раласæ н нæ уыдзæ н, уымæ н æ мæ хицауы ахæ стæ тты уæ лмæ рдтæ дæ р ис æ мæ, чи амæ лы, уыдоны уым баныгæ нынц.

— Уæ дæ мæ ныййарджытæ дæ р, цалынмæ цæ рой, уæ дмæ къалатийы уыдзысты. Уыдон дæ р ахæ стонæ й сæ мæ лæ ты фæ стæ дæ р нæ раирвæ здзысты: сырддоны кæ рты сæ баныгæ ндзысты... — Арс арф ныуулæ фыд. — Чи зоны, æ мæ дæ ныхæ стæ раст сты. Куы балымæ н уæ м, уæ д хуыздæ р уыдзæ н. Æ ргом дзургæ йæ нын знæ гтæ уæ вынæ н æ ппындæ р ницы æ фсон ис. Мæ фыды фыды фыд бур Арс куыд дзырдта, афтæ мæ й раджы, тынг бирæ азты размæ, зæ рæ дтæ й куыд фехъуыста, афтæ мæ й хъæ ды иууылдæ р цардысты хæ ларæ й. Адæ м æ мæ æ рсытæ уыдысты хæ лæ рттæ, иу дзы иннæ йы зæ рдæ худты никуы бацыд.

— Уыцы рæ стæ джытæ н раздахæ н ис, — загъта Чиполлино. — Искуы та мах иууылдæ р хæ ларæ й цæ рын райдайдзыстæ м. Адæ м æ мæ æ рсытæ балымæ н уыдзысты. Амбæ лгæ йæ -иу кæ рæ дзийæ н, сæ худтæ сисдзысты, афтæ мæ й салам дæ тдзысты.

Арс сагъæ сы бахауд æ мæ йæ катайы сæ р æ ргомæ й загъта:

— Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й мæ худ æ лхæ нын бахъæ удзæ н, уымæ н æ мæ мын худ нæ й.

Чиполлинойыл худæ г бахæ цыд.

— Уый афтæ ныхасæ н баззад. Куыддæ риддæ р дæ р фæ нда, афтæ салам дæ ттын дæ бон уыдзæ н. Кæ нæ дæ сæ рæ й акув, кæ нæ дæ дзæ мбы фæ хъил кæ н.

Арс йæ сæ рæ й акуывта, стæ й та йæ дзæ мбы батылдта.

Уый Сæ нæ фсирмæ афтæ диссаг фæ каст, æ мæ йæ туасмæ фæ лæ бурдта æ мæ дзы йæ къæ бут аныхгæ йæ загъта:

— Уыйбæ рц фæ цардтæ н æ мæ ахæ м уæ здан Арсыл никуыма сæ мбæ лдтæ н.

Синьор Хохаг Хъæ дур, æ вдакаты куыст кæ нгæ йæ, бирæ цаутæ н уыд æ вдисæ н æ мæ, ацы нывтæ уынгæ йæ, алцæ уыл дæ р дызæ рдыг кодта.

— Æ рсытимæ хæ лардинадыл тынг не ’ууæ ндын, — загъта æ вдакат. — Арс хин æ мæ кæ лæ н у. Æ ууæ нк ыл нæ й.

Фæ лæ Чиполлино æ вдакатимæ не сразы. Уый арт дыууæ дихы фæ кодта æ мæ дзы Арсæ н æ рбацæ уæ н фæ ндаг ацарæ зта. Арсмæ арты æ взæ гтæ й иу дæ р нæ бахæ ццæ, афтæ мæ й лæ гæ тмæ æ рбацыд. Иу хатт ма йæ дзæ мбыйы батылдæ й салам радта, æ мæ йæ Чиполлино йе ’мбæ лттимæ базонгæ кодта.

Уæ дмæ профессор Кæ рдо дæ р йæ инструмент цалцæ ггонд фæ ци æ мæ дзы Арсы кадæ н хъисфæ ндыры концерт радта.

Арс йæ ног хæ лæ ртты бахъæ лдзæ г кæ ныны тыххæ й кафыныл сразы, æ мæ лæ гæ ты цæ рджытæ æ мæ хъæ ддаг уазæ г сæ изæ р тынг хъæ лдзæ гæ й арвыстой.

Арс йæ фысымтæ н хæ рзæ хсæ в куы загъта æ мæ хуыссынмæ рацæ уынмæ куы рахъавыд, уæ д Чиполлино йæ фæ дыл рацыд, чысыл дæ дарддæ р ахæ ццæ кæ нон, зæ гъгæ.

Чиполлино мастæ н фидар уыд. Йæ судзгæ фыдтæ никуы дзырдта, фæ лæ уыцы изæ р æ гæ р тыппыр уыд. Йæ зæ рдыл та йæ зæ ронд фыд æ рлæ ууыд. Йæ цæ стытыл ауадысты, ахæ стоны цы хъизæ мæ рттæ ’взары, уыдон æ мæ йæ бафæ ндыд Арсæ н йæ хабæ рттæ ракæ нын.

Лæ гæ тæ й куы рацыдысты, уæ д Чиполлино йæ хъуынджынагъд уазæ джы бафарста:

— Цымæ афонмæ нæ ныййарджытæ цытæ кусынц?

— Мæ ныййарджыты тыххæ й мын цыдæ р хабæ рттæ рачындæ уыд, — загъта Арс. — Æ з горæ ты никуы уыдтæ н, фæ лæ мын ме ’рдхорд Сырддонцъиу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ мæ ныййарджытæ й исты уац æ рхæ ссы. Уый мын куыд радзырдта, афтæ мæ й мæ мад æ мæ мæ фыд сæ цæ стытæ иу уысм дæ р не ’рцъынд кæ нынц: æ хсæ вæ й-бонæ й хъуыды кæ нынц, куыд ссæ рибар уой, ууыл. Æ з та, сæ рибар цы у, уый зонгæ дæ р нæ кæ нын. Уый бæ сты мæ ныл куы хъуыды кæ никкой, уæ д бирæ хуыздæ р уаид. Æ ппынфæ стаг, сæ фырт уæ ддæ р дæ н.

— Сæ рибар уæ вын у, — загъта Чиполлино, — дæ хицауы цагъар куы нæ уай, уæ д уый.

— Фæ лæ хицау æ взæ р нæ у. Сырддонцъиу куыд зæ гъы, афтæ мæ й мæ мад æ мæ мæ фыдмæ къалатийы хорз цæ стæ й кæ сынц: сæ фаг сын хæ ринаг дæ ттынц. Сæ рæ зты, дам, адæ м куы фæ цæ уынц, уæ д, дам, уыдонмæ кæ сгæ йæ, сæ хи дæ р аирхæ фсынц. Хицау, дам, сын хорз бынат равзæ рста. Бæ рæ гбæ тты рæ стæ джы, дам, сæ рæ зты бирæ адæ м фæ цæ уы. Фæ лæ, дам, сæ уæ ддæ р хъæ дмæ фæ нды. Сырддонцъиу афтæ зæ гъы, уымæ н, дам, уæ вæ н нæ й: къалати æ фсæ йнагæ й у, æ мæ дзы рацæ уæ н ницы хуызы ис.

Чиполлино, уыцы ныхæ стæ м хъусгæ йæ, арф ныуулæ фыд:

— Ахстæ й раирвæ зын се ’нцонтæ й нæ у. Мæ фыды ахæ стоны куы бабæ рæ г кодтон, уæ д ын йæ къултæ м лæ мбынæ г æ ркастæ н, суанг ма сæ уырзæ й дæ р асгæ рстон. Уыдон асæ ттæ н дæ р нæ й, стæ й дзы хуынкъ акъæ ртгæ нæ н дæ р нæ й. Фæ лæ, уыдæ ттæ нæ нымайгæ йæ, æ з мæ фыдæ н зæ рдæ бавæ рдтон, кæ й йæ ссæ рибар кæ ндзынæ н, уый тыххæ й æ мæ мæ ныхас æ нæ мæ нг искуы сæ ххæ ст кæ ндзынæ н.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й ды хъæ батыр лæ ппу дæ, — загъта Арс. — Æ з дæ р мæ ныййарджыты бæ ргæ ссæ рибар кæ нин, фæ лæ горæ тмæ фæ ндаг нæ зонын æ мæ тæ рсын, куы фæ дзæ гъæ л уон, уымæ й.

— Цы, уый зоныс? — æ васт фæ хъæ р кодта Чиполлино. — Ардыгæ й боны срухсмæ нырма бирæ рæ стæ г ис. Де уæ хскыл мæ сæ вæ р æ мæ æ мбисæ хсæ вмæ горæ ты уыдзыстæ м.

— Æ мæ цы дæ зæ рды ис? — бафарста зырзыргæ нгæ хъæ лæ сæ й Арс.

— Дæ ныййарджыты бабæ рæ г кæ нæ м. Уыдон мæ фыдæ й æ нцондæ р фенæ н сты.

Арсмæ дыккаг хатт хатын нал бахъуыд. Æ ргуыбыр кодта æ мæ йе уæ хскыл Чиполлинойы сбадын кодта, æ мæ горæ тмæ атындзыдтой. Чиполлино йын фæ ндаг амыдта.

— Рахизæ рдæ м! — бардзырдтæ лæ вæ рдта Арсæ н. — Ныр та галиуæ рдæ м! Æ мраст! Ногæ й та рахизæ рдæ м!.. Гъер горæ ты кулдуармæ ’рбахæ ццæ стæ м. Ныр тагъддæ р цом, цæ мæ й ныл æ нæ нхъæ лæ джы мачи амбæ ла. Стæ й богътæ кæ нынвæ нд дæ р ма скæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.