Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆХСÆРДÆСÆМ СÆР. Мистер Моркоу æмæ куыдз Лæбур-Хæцы æнахуыр хабæрттæ



Мистер Моркоу...

Фæ лæ уут-ма, фæ лæ уут: мистер Моркоу чи у? Уый тыххæ й нæ м ныхас куы нæ ма уыди, уæ д кæ цæ й фæ зынди? Стæ й йæ цы хъæ уы? Стыр у æ ви гыццыл? Нард æ ви мæ ллæ г?

Тагъд ма кæ нут. Ныртæ ккæ уын æ з алцыдæ р бамбарын кæ ндзынæ н.

Ахст адæ м кæ й алыгъдысты, уый принц Лимоны куы бауырныдта, уæ д бардзырд радта, цæ мæ й иу къуым дæ р æ нæ басгаргæ мауал ныууагътаиккой. Лимоныхъотæ халамæ рзæ нтæ райстой æ мæ быдыртæ æ мæ уыгæ рдæ нтæ, хъæ дтæ æ мæ къохтæ сæ рвасæ нæ й фасæ гау ныккодтой, сæ зæ рды уыд нæ хæ лæ ртты ссарын. Салдæ ттæ куыстой æ хсæ в дæ р æ мæ бон дæ р. Цы гæ ххæ ттытæ, уистæ æ мæ кæ лмыты хус хæ рвытæ æ рæ мбырд кодтой, уыдонæ й æ нæ хъæ н рагъ рауад, фæ лæ Чиполлино æ мæ йе ’рдхæ рдтæ н сæ аууæ ттыл дæ р нæ фæ хæ ст сты.

— Лæ вархортæ! — цæ хæ ртæ калдта сæ хицау. — Халамæ рзæ нтæ й иуыл дæ ндаг нал ныууагътой. Уый тыххæ й уын уæ хи дæ ндæ гтæ ныссæ ттын хъæ уы.

Салдæ ттæ фыртæ ссæ й æ мризæ джы рызтысты. Цыма их уарыд, уыйау сæ дæ ндæ гты къæ рцц-къæ рцц цыди.

Лимоныхъотæ й иу, фæ ныфсджындæ р уæ вгæ йæ, сдзырдта:

— Мæ нмæ гæ сгæ, лидзæ г адæ мы ахсынмæ дæ сны чи у, ахæ ммæ фæ дзурын хъæ уы.

— Уый цавæ р маргъы мыггаг у?

— Хуымæ тæ г æ взагæ й дзургæ йæ, — фæ дысгарæ г. Зæ гъæ м, дæ иууылбæ рзонддзинад, дæ уæ н дæ цæ ппæ р куы ахауа, уæ д фæ дысгарджыты бюромæ фæ дзур, æ мæ дын æ й фæ дысгарæ г уайтæ ккæ дæ р райардзæ н. Иннæ ахæ м, дæ иууылбæ рзонддзинады салдæ тты батальон куы фесæ фа кæ нæ ахст адæ м куы алидзой, уæ д дæ р — афтæ. Куыддæ р фæ дысгарæ г сæ рмагонд кæ сæ нцæ стытæ бакæ ны, афтæ, цы фесæ фы, уый цæ сты фæ ныкъуылдмæ райары.

— Кæ д æ цæ г афтæ у, уæ д уыцы фæ дысгарæ гмæ арвитут.

— Æ з зонын иу ахæ м фæ сарæ йнаг фæ дысгарæ джы, — йæ ныхас дарддæ р кодта Лимоныхъо. — Йæ ном — мистер Моркоу.

Мистер Моркоу... Уæ дæ уый уыцы мистер Моркоу у. Цалынмæ галуанмæ нæ ма ’рбацыди, уæ дмæ уын æ з ныртæ ккæ радзурдзынæ н, цавæ р уæ лæ дарæ с ыл уыдзæ н æ мæ йæ рихитæ цы хуызæ н уыдзысты, уый. Уæ вгæ уын йæ рихиты тыххæ й ницы зæ гъын мæ бон бауыдзæ н, уымæ н æ мæ къæ схуыр бурхил мистер Моркоу рихитæ нæ дары. Уыйхыгъд æ м ис фæ дысмудæ г куыдз, йæ ном Лæ бур-Хæ ц. Уый йын æ ххуыс кæ ны йæ кусæ н дзаумæ ттæ хæ ссынæ н. Мистер Моркоу искуыдæ м куы фæ цæ уы, уæ д æ нæ мæ нг йемæ райсы дыууадæ с кæ сæ нцæ стытæ æ мæ бинокльтæ, фондзыссæ дзæ й фылдæ р хъыбыллæ тæ, дæ сгæ йттæ та хуызисæ н аппараттæ. Уымæ й уæ лдай йæ м вæ ййы микроскоп, гæ лæ бутæ ахсæ н хыз æ мæ цæ ххы дзæ къул.

— Цæ хх та дæ цæ мæ н хъæ уы? — бафарста фæ дысгарæ джы хицау.

— Цæ хх та мæ, дæ иууылбæ рзонддзинад, уымæ н хъæ уы, æ мæ, йæ фæ дыл цы сырд кæ нæ маргъæ н бафтын, уымæ н æ й йæ къæ дзилыл ныккæ нын æ мæ йæ уый фæ стæ гæ лæ бутæ ахсæ ны æ нгæ с стыр хызæ й æ рцахсын.

Принц Лимон, арф ныуулæ фгæ йæ, загъта:

— Тæ рсын, ацы хатт дæ цæ ххы сæ р куы нæ бахъæ уа, уымæ й, уымæ н æ мæ, мæ нымадмæ гæ сгæ, ахæ стонæ й чи алыгъд, уыдонæ й иуыл дæ р къæ дзил нæ й.

— Уыцы хъуыддаг уавæ р уæ лдай вазыгджындæ р кæ ны, — сагъæ схуызæ й бафиппайдта мистер Моркоу. — Кæ д сыл къæ дзилтæ нæ й, уæ д сæ сæ къæ дзилтæ й куыд хъуамæ æ рцахсон? Стæ й сын цæ хх кæ м хъуамæ ныккæ нон? Бахатыр кæ н, дæ иууылбæ рзонддзинад, фæ лæ æ ргом куы дзурæ м, уæ д хъуамæ сымах ахстыты лидзын ма бауагътаиккат. Æ ппынфæ стаг сыл алидзыны размæ къæ дзилтæ уæ ддæ р хъуамæ баныхæ стаиккат, цæ мæ й сæ мæ куыдзы бон æ рцахсын бауыдаид.

— Æ з иу кино федтон, — ныхас йæ химæ айста, фæ дысмудæ гмæ фæ дзурын хъæ уы, зæ гъгæ, чи загъта, уыцы Лимоныхъо æ мæ фæ дысмудæ гмæ бакаст, — æ мæ уырдыгæ й базыдтон, иуæ й-иу хатт лидзджыты æ нæ цæ ххæ й дæ р кæ й æ рцахсынц.

— Уыцы мадзалæ й абон ничиуал пайда кæ ны, — йемæ не сразы мистер Моркоу æ мæ йæ м æ нæ уынон цæ стæ й бакаст.

— Уый æ цæ гæ й афтæ у! Уый тынг зæ ронд мадзал у, — йæ хицауы фарс рахæ цыд куыдз.

Мокроуы куыдзмæ уыди ахæ м миниуæ г: йæ хицау-иу цыдæ риддæ р загъта, уый-иу сфæ лхат кодта. Æ рмæ ст ма-иу æ м йæ хицæ й ахæ м ныхæ стæ бафтыдта: «Уый æ цæ г у, æ цæ г! », «Раст зæ гъыс, раст! », «Æ нæ мæ нг афтæ! »

— Уæ вгæ ма æ з зонын лыгъд адæ мы ахсыны æ ндæ р мадзал, — загъта мистер Моркоу.

— Æ нæ мæ нг афтæ, æ нæ мæ нг афтæ! Махмæ ахæ м мадзæ лттæ бирæ ис, — йæ къæ дзил сæ рыстыр тылд кæ нгæ йæ, бафиппайдта куыдз.

— Цæ ххы бæ сты спайдагæ нæ н ис цывзыйæ.

— Тынг раст зæ гъыс, — фæ хъæ лдзæ гдæ р уæ вгæ йæ, бафиппайдта принц Лимон. — Сæ цæ стыты сын цывзыйы ссад ныккæ н, æ мæ уайтæ ккæ дæ р сæ гæ рзтæ æ рæ вæ рдзысты. Æ з ууыл æ ппындæ р дызæ рдыг нæ кæ нын.

— Æ з дæ р афтæ хъуыды кæ нын, — хъавгæ йæ бафиппайдта кавалер Помидор. — Фæ лæ ралидзæ г адæ мы цывзыйæ фæ хъæ стæ кæ ныны размæ ссарын хъæ уы. Раст нæ зæ гъын?

— Уый иуцасдæ р зындæ р у, — загъта мистер Моркоу. — Фæ лæ æ з мæ кусæ нгæ рзты фæ рцы ууыл бацархайдзынæ н.

Мистер Моркоу ахуыргонд фæ дысмудæ г уыди æ мæ æ нæ йæ кусæ нгæ рзты æ ххуысæ й ницы кодта. Фынæ й кæ нынмæ -иу куы цыди, уæ ддæ р-иу æ ртæ хъыбыллæ йы æ нæ райсгæ никуы фæ ци: иуæ й — æ ппæ ты стырдæ рæ й — пайда кодта асинтæ агургæ йæ, уымæ й къаддæ рæ й — кæ м хуыссыди, уый агургæ йæ, æ ппæ ты къаддæ рæ й та — уаты, йæ сынтæ г кæ м ис, уый базоныны тыххæ й.

Гыццыл Бал йæ хи тыргъы цæ уæ г акодта. Фæ ндыди йæ зындгонд фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдзмæ бакæ сын. Мистер Моркоу æ мæ йæ куыдзы хъыбыллæ мæ кæ сгæ йæ зæ ххыл дæ ргъæ й куы баййæ фта, уæ д йæ дисæ н кæ рон нал уыд.

— Хатыр бакæ нут, кадджын синьортæ, фæ лæ -ма зæ гъут, зæ ххыл хуысгæ йæ цы кусут? Кæ д, мыййаг, гауызыл алидзджыты фæ дтæ агурут æ мæ, кæ цырдæ м ныййарц сты, уый хъыбыллæ йы æ ххуысæ й базонынмæ хъавут?

— Иу дæ р нæ æ мæ иннæ дæ р. Дæ лæ мæ дæ р, уæ лæ мæ дæ р æ з агурын мæ сынтæ г. Хуымæ тæ джы цæ стыты æ ххуысæ й йæ сынтæ г чифæ ндыдæ р ссардзæ н, фæ лæ, йæ дæ сныйад фæ д сгарын кæ мæ н у, уый хъуамæ алы хъуыддагмæ дæ р наукон цæ стæ й кæ са. Уый тыххæ й та пайда кæ нын хъæ уы сæ рмагонд техникæ йæ. Куыд зонут, афтæ мæ й хъыбыллæ йы магнитхъæ стæ фатæ г æ дзухдæ р амоны цæ гат. Йæ уыцы миниуæ г мæ нæ н фадат дæ тты, мæ сынтæ г кæ м ис, уый æ нæ рæ дыдæ й ссарынæ н.

Фæ лæ фæ дысгарæ г, йæ хъыбыллæ йы амындтыты фæ дыл цæ угæ йæ, йæ сæ р кæ сæ ныл сцавта, æ мæ айдæ н фондзыссæ дз згъæ лæ ны баци, уымæ н æ мæ мистер Моркоу хъæ бæ рныхты мыггагæ й уыд.

Уыимæ æ ппæ ты тынгдæ р хъыгдард баййæ фта йæ куыдз. Кæ сæ ны сæ стытæ й иу йæ къæ дзилыл сæ мбæ лд æ мæ йын йæ фылдæ р æ мбис ахауын кодта.

— Æ вæ ццæ гæ н, кæ мдæ р рæ дыд æ руагътам, — загъта мистер Моркоу.

— Æ нæ мæ нг афтæ, æ нæ мæ нг афтæ! — йæ хицауимæ сразы куыдз æ мæ йæ къæ дзилы хъæ дгом асдæ рдта. — Кæ мдæ р кæ й фæ рæ дыдыстæ м, уый бæ лвырд у.

— Иугæ р афтæ у, уæ д æ ндæ р фæ ндаг агурын хъæ уы, — загъта фæ дысгарæ г.

— Æ нæ мæ нг афтæ, æ нæ мæ нг афтæ! Æ ндæ р фæ ндаг агурын хъæ уы, — срæ йдта куыдз. — Чи зоны, иннæ фæ ндæ гтыл кæ сæ нтæ ма уа.

Мистер Моркоу йæ хъыбыллæ иуварс æ рæ вæ рдта æ мæ йæ дардмæ кæ сæ н денджызон хæ тæ лтæ н сæ тыхджындæ р райста, акасти дзы, стæ й йæ разил-базил кæ нын райдыдта.

— Цы дæ м дзы зыны, мæ хицау? — бафарста йæ куыдз.

— Уынын рудзынг: сырх æ мбæ рзæ нтæ й æ хгæ д, йæ алы фæ лгæ т дæ р цыппæ рдæ с хуызы авгæ й æ хгæ д.

— Диссаджы æ рхъуыды, диссагдæ р æ рхъуыдыйæ н уæ вæ н нæ й! — фæ хъæ р кодта куыдз. — Цыппæ рдæ с æ мæ цыппæ рдæ с уыдзысты аст æ мæ ссæ дз. Ацы фæ ндагыл куы ацæ уæ м, уæ д ныл ихуарæ гау æ ркæ ндзысты æ хсæ рдæ с æ мæ дыууиссæ дз нæ мыджы. Мæ хи кой куы кæ нон, уæ д ма мæ къæ дзилæ й цы баззайдзæ н, уый хæ йрæ г дæ р нæ базондзæ н.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, мистер Моркоу йæ дардмæ кæ сæ н хæ тæ л æ ндæ рæ рдæ м фæ царæ зта.

— Ныр та дæ м цы разынд, хицау? — бафарста куыдз тыхстхуызæ й.

— Цавæ рдæ р згъæ рæ й конд бæ стыхай дзы уынын. Цыдæ р æ нахуыр конд у. Дæ цæ стыл ма ахæ м ныв ауайын кæ н: æ ртæ къахы уæ ле баиу кодта згъæ р зиллак, йæ сæ р та урс цæ мæ йдæ р æ мбæ рзт, æ вæ ццæ гæ н, эмалæ й сæ рст.

Куыдзы йæ хицауы ныхæ стæ дисы бафтыдтой.

— Синьор, — загъта куыдз, — кæ д нæ рæ дийын, уæ д мах размæ эмалæ й æ мбæ рзт бæ стыхай ничима ссардта. Раст нæ зæ гъын?

— Иттæ г раст! — сæ рыстырхуызæ й загъта синьор Моркоу. — Æ цæ г фæ дысгарæ гæ н хуымæ тæ г уавæ рты дæ р, хуымæ тæ г рахонæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м хъуыддæ гтæ фенын йæ бон бавæ ййы.

Хицау æ мæ куыдз хъуызгæ -хъуызгæ фæ цагайдтой, сæ р кæ мæ н уыд, уыцы бæ стыхаймæ. Иу-дæ с къахдзæ фы бæ рц рауадаиккой, афтæ баввахс сты æ нахуыр конструкцимæ. Сæ зæ рды уыди йæ бынты балæ сын, фæ лæ арæ хстгай нæ архайдтой, æ мæ сыл эмалæ й сæ рст сæ р ныккалд.

Цы ’рцыди, ууыл ахъуыды кæ нынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сыл уазал къæ вда ныккалдта.

Фæ дысгарæ г æ мæ куыдз фезмæ лынхъом нал уыдысты. Тарстысты, исты ног фыдбылызы та куы бахауой, уымæ й. Ныр уазал доны цыхцырджытæ згъордтой мистер Моркоуы цæ сгомыл, йæ фæ сонтæ, фæ рстæ æ мæ гуыбыныл. Зыбыты хуылыдз ныцци куыдз дæ р.

— Мæ нмæ гæ сгæ, — бахъуыр-хъуыр кодта мистер Моркоу, — мах афæ лдæ хтам, хихсæ ны цы эмалæ й сæ рст тас уыд, уый.

— Æ з куыд хъуыды кæ нын, — бафтыдта йын йæ ныхæ стæ м куыдз, — афтæ мæ й уыцы тасы уыди би-рæ, тынг би-рæ дон.

Æ ппынæ рæ джиау мистер Моркоу сыстад æ мæ æ нахуыр къæ вдайы фæ стæ йе уæ нгтæ батылдта. Йæ иузæ рдион æ мбæ лццон дæ р æ й бафæ змыдта. Уый фæ стæ фæ дысгарæ г æ нцонæ й ссардта сынтæ г, уымæ н æ мæ йæ м дыууæ санчъехы йеддæ мæ нæ уыд. Йæ цурмæ бацыд æ мæ арфхъуыдыджын ныхæ стыл схæ цыд:

— Гæ нæ н нæ й! Нæ куыст ахæ м у. Алы уысм дæ р нæ м фыдбылыз гæ ппæ ввонгæ й лæ ууы, фæ лæ фæ разын хъæ уы. Кæ д ныл уазал доны уылæ нтæ сæ хи ныццавтой, уæ ддæ р, цы агуырдтам, уый ссардтам: сынтæ г нæ тæ ккæ раз ис.

— Раст зæ гъыс. Уазалдæ р нæ й, ахæ м доны уылæ нтæ ныл рауагъдæ уыд! — йæ фарс радзырдта куыдз.

Уыцы изæ р куыдзы хъуыддæ гтæ зæ рдæ зæ гъгæ нæ рауадысты: йæ сæ р йæ хицауы уымæ л туфлитыл æ рæ вæ рдта, афтæ мæ й, донластæ й ихæ нæ й зырзыргæ нгæ йæ, зæ ххыл схуыссыд. Мистер Моркоу æ хсæ в-бонмæ йæ хуыр-хуырæ й нæ банцад. Райхъал æ рмæ стдæ р хуры фыццаг тынтимæ.

— Лæ бур-Хæ ц, дæ куыстмæ бавнал! — фæ дзырдта йæ м йæ хицау.

— Æ з цæ ттæ дæ н, хицау, — фæ гæ пп кодта куыдз æ мæ йæ къæ дзилы æ рдæ гыл абадт.

Уыцы райсом мистер Моркоуæ н йæ бон йæ хи ныхсын нал баци, уымæ н æ мæ хихсæ ны дон иу æ ртах дæ р нал баззад. Куыдз йæ рихитæ асдæ рдта, афтæ бакодта йæ хицауы цæ сгомæ н дæ р. Цыма сæ хи æ цæ гæ й ныхсадтой, уый хуызæ н сæ рыстырæ й паркмæ бацыдысты æ мæ агурын райдыдтой.

Зындгонд фæ дысгарæ г йæ хызынæ й систа, лотойæ хъазгæ йæ кæ мæ й фæ пайда кæ нынц, дæ с æ мæ цыппарыссæ дз ахæ м боцкъагонды кæ м уыд, ахæ м чъисса. Боцкъагæ ндтæ й алкæ цыйыл дæ р уыд номыр æ фтыд.

Куыдзæ н загъта, цæ мæ й дзы сиса иу. Куыдз йæ къах чъиссайы ауагъта æ мæ дзы æ вдæ м номыр фелвæ ста.

— Уый амоны афтæ: рахизæ рдæ м нæ абарын хъæ уы авд къахдзæ фы, — загъта мистер Моркоу.

Рахизæ рдæ м авд къахдзæ фы абарстой æ мæ пысыраты стæ лфыдысты.

Куыдзы къæ дзилы хъæ дгом цыма æ хсидавыл андзæ выд, уыйау æ й асыгъта. Хуыздæ р уавæ ры нæ уыд мистер Моркоу дæ р: йæ фындз туркаг цывзыйау асырх.

— Æ нхъæ лдæ н æ мæ та кæ мдæ р фæ рæ дыдыстæ м, — загъта ахуыргонд фæ дысгарæ г.

— Æ нæ мæ нг фæ рæ дыдыстæ м! — æ нкъардхуызæ й бафиппайдта куыдз.

— Æ ндæ р номыр бафæ лварæ м.

— Бафæ лварæ м! — сразы куыдз.

Ацы хатт сласта аст æ мæ ссæ дзæ м номыр. Мистер Моркоуы хъуыдымæ гæ сгæ аст æ мæ ссæ дз метры абарын хъуыд галиуæ рдæ м.

Абарстой галиуæ рдæ м аст æ мæ ссæ дз метры æ мæ, сызгъæ рин кæ сæ гтæ кæ м ленк кодтой, уыцы донуаты ныххаудысты.

— Дæ лдон кæ нын! Фервæ зын мæ кæ нут! — йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта мистер Моркоу, йæ гæ ндзæ хтæ тилгæ йæ. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, сызгъæ рин кæ сæ гтæ фæ йнæ рдæ м лидзынмæ фесты.

Чи зоны, æ цæ гæ йдæ р фæ дæ лдон уыдаид, фæ лæ йæ м куыдз афоныл фæ царæ хст, йе ’фцæ гготыл ын дæ ндæ гтæ й фæ хæ ст æ мæ йæ тыххæ й-фыдæ й сурмæ раласта.

Донуаты былгæ рон æ рбадтысты, æ мæ иу йæ дзаумæ ттæ хус кодта, иннæ — йæ царм.

Мистер Моркоу, цыма æ ппындæ р ницы ’рцыд, уый хуызæ н райдыдта:

— Ацы донуаты рахатыдтон диссаджы ногдзинад.

— Æ нæ мæ нг уый диссаджы ногдзинад у! — йæ фарс та рахæ цыд куыдз.

— Æ з æ мæ ды раргом кодтам, дон тынг хуылыдз кæ й у, уый.

— Æ з æ ндæ р цыдæ р зæ гъынмæ хъавын. Æ з æ рцыдтæ н ахæ м хъуыдымæ: мах цы уацайрæ гты агурæ м, уыдон аныгъуылдысты ацы донуаты, йæ быны фæ ндаг айгæ рстой æ мæ афтæ мæ й сæ сурджытæ й сæ хи бамбæ хстой.

Мистер Моркоу фæ дзырдта синьор Помидормæ æ мæ йын загъта, цæ мæ й малы дон ауадзой, йæ бын ын скъахой æ мæ афтæ мæ й базоной, кæ уылты алыгъдысты, уый. Фæ лæ синьор Помидор йемæ не сразы. Уый хъуыдымæ гæ сгæ ахæ стонæ й ралидзджытæ равзæ рстой хуымæ тæ гдæ р æ мæ æ нцондæ р фæ ндаг. Мистер Моркоуæ й ракуырдта, цæ мæ й йæ агурыны куыстытæ н ссара æ ндæ рхуызон фæ ндаг.

Зындгонд фæ дысгарæ г арф ныуулæ фыд æ мæ, йæ сæ р æ руадзгæ йæ, загъта:

— Хорз ма ракæ н æ мæ фыд ма ссарай. Диссаг мæ м кæ сы, бæ сты куыд никæ мæ н ницы цæ уы, уый. Дæ удæ й арт цæ гъдыс, иу уазал цыхцырæ гæ й иннæ йы бынмæ лæ бурыс, бынæ ттон хицæ уттæ та дын баххуыс кæ ныны бæ сты дæ размæ алыхуызон цæ лхдуртæ æ вæ рынц.

Йæ амондæ н уыцы рæ стæ джы донуаты рæ зты æ рцæ йцыд Гыццыл Бал. Фæ дысгарæ г æ й фæ урæ дта æ мæ йæ бафарста, ахæ стонæ й ралидзджытæ бынты цы фæ ндаг акъæ ртт кодтой, уый йеддæ мæ ма донуатæ й æ ддæ мæ ацæ уæ н æ ндæ р фæ ндаг зоны æ ви нæ, уымæ й.

— Куыннæ ма зонын, — дзуапп радта Гыццыл Бал. — Чысыл дуары уылты.

Мистер Моркоу зæ рдиаг арфæ ракодта лæ ппуйæ н æ мæ йæ куыдзимæ, æ дзухдæ р йемæ кæ й хаста, уыцы хъыбыллæ йы фæ рцы чысыл дуар агурынмæ фæ ци.

Цыма йæ хуымæ тæ г цымыдисдзинад сразæ нгард кодта, уый хуызæ н Гыццыл Бал дæ р семæ фæ раст.

Фæ дысгарæ г æ ппынфæ стаг паркæ й куы рахызт æ мæ хъæ ды ’рдæ м йæ ных куы сарæ зта, уæ д лæ ппу йæ дыууæ ’нгуылдзы йæ дзыхы фæ цавта æ мæ йæ тых, йæ бонæ й ныхситт кодта.

Мистер Моркоу æ м цæ хгæ р фæ зылд æ мæ йæ бафарста:

— Кæ мæ къуыззитт кæ ныс, лæ ппу? Æ вæ ццæ гæ н, мæ куыдзмæ?

— Нæ -а, мистер Моркоу, уый æ з мæ зонгæ сырддонцъиуæ н бамбарын кодтон, дæ лрудзынг ын кæ рдзыны муртæ кæ й ныккалдтон, уый.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й, синьорино, хæ ларзæ рдæ дæ. — Уыцы ныхæ сты фæ стæ мистер Моркоу Гыццыл Балæ н йæ сæ рæ й акуывта æ мæ дарддæ р йæ фæ ндаг дардта.

Куыд бамбæ рстат, афтæ мæ й Гыццыл Балы æ хситтæ н чидæ р хъуамæ дзуапп раттаид. Æ мæ æ цæ гæ йдæ р, æ хситт фæ цыд, æ рмæ ст афтæ хъæ рæ й нæ. Йæ хæ дфæ стæ хъæ ды æ рдузы фæ дысгарæ джы рахизфарсæ рдыгæ й къудзитæ базмæ лыдысты. Гыццыл Бал йæ мидбылты бахудт. Æ хсызгон ын уыд, йе ’мбæ лттæ н, мистер Моркоу йæ куыдзимæ фæ цæ уы, зæ гъгæ, кæ й бамбарын кодта, уый.

Фæ дысгарæ г дæ р бафиппайдта, къудзиты цыдæ р кæ й базмæ лын кодта, уый. Æ васт зæ ххыл ахуыссыд æ мæ æ нæ змæ лгæ йæ æ нхъæ лмæ каст, дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ. Йæ хицауы бафæ змыдта куыдз дæ р.

— Æ рхъулайы бахаудтам, — йæ дзыхы цы рыгтæ бакалд, уыдон ту кæ нгæ йæ, ныллæ г хъæ лæ сæ й бафиппайдта фæ дысгарæ г.

— Æ нæ мæ нг афтæ, æ нæ мæ нг афтæ! — бахъырнæ гау кодта куыдз. — Æ рхъулайы бахаудыстæ м!

— Нæ уавæ р, — сдзырдта уыцы ныллæ г хъæ лæ сæ й мистер Моркоу, — алы къахдзæ фæ н дæ р кæ ны зындæ р æ мæ тæ ссагдæ р. Фæ лæ нын цыфæ ндыйæ дæ р ахæ стонæ й ралидзджыты æ нæ рцахсгæ нæ й.

— Æ нæ мæ нг сæ æ рцахсын хъæ уы! — йæ рæ йынæ мхæ ццæ хъæ лæ сæ й йæ хъуыды бамбарын кодта куыдз.

Фæ дысгарæ г йæ дардмæ кæ сæ нтæ фелвæ ста æ мæ сæ, къудзитæ кæ м базмæ лыдысты, уырдæ м фæ царæ зта.

— Цыма къудзиты ничиуал ис, афтæ мæ м кæ сы, — загъта уый. — Фыдгæ нджытæ фæ цыдæ р сты.

— Цавæ р фыдгæ нджытæ? — бафарста куыдз.

— Къудзиты чи ’мбæ хст æ мæ къалиутæ чи змæ лын кодта, уыдон. Сæ фæ д-сæ фæ д цæ уын нæ бахъæ удзæ н. Афтæ мæ й ссардзыстæ м, се ’мбæ хсæ н бынат кæ м ис, уый.

Куыдз йæ хинымæ р дисы бацыд, йæ хицау алцыдæ р развæ лгъау куыд базоны, ууыл.

Къудзиты чи ’мбæ хст, уыцы адæ м æ цæ гæ йдæ р сæ хи бафæ свæ д кæ ныныл бацархайдтой. Пыхсыты, кæ мæ н куыд йæ бон уыд, афтæ размæ лæ гæ рста. Уæ вгæ сæ уынгæ ничи кодта, фæ лæ, кæ цырдæ м цæ уынц, уый равзарæ н уыд цъыхырыты змæ лдæ й. Мистер Моркоу дызæ рдыг нал кодта, ахæ стонæ й ралидзджыты фæ дыл кæ й бафтыд, ууыл æ мæ сфæ нд кодта се ’рцахсын.

Иу-фондзыссæ дз санчъехы фæ стæ мистер Моркоу æ мæ йæ куыдзы къахвæ ндаг æ рбахуыдта хъæ дмæ. Мистер Моркоу æ мæ ма йæ куыдз цалдæ р санчъехы акодтой æ мæ, сæ улæ фт суадзыны æ мæ дарддæ р куыд кæ нгæ у, ууыл ахъуыды кæ ныны тыххæ й æ рлæ ууыдысты тулдз бæ ласы аууон.

Фæ дысгарæ г йæ хызынæ й микроскоп систа æ мæ æ дзынæ г кæ сын райдыдта фæ ндаджы рыгмæ.

— Ницавæ р фæ дыл дзы дæ цæ ст æ рхæ цыд, хицау? — цымыдисхуызæ й йæ афарста куыдз.

— Ницавæ р.

Уыцы рæ стæ г райхъуыст дæ ргъвæ тин æ хситт, йæ хæ дфæ стæ та æ мыр хъæ ртæ:

— О-го-го-го-го!

Мистер Моркоу æ мæ та куыдз зæ ххыл фæ тъæ пæ н сты.

Хъæ ртæ ма ноджыдæ р цалдæ р хатты райхъуыстысты. Æ нæ зонгæ адæ м кæ рæ дзийæ н цыдæ р æ мбарынгæ нæ нтæ кæ й хъусын кодтой, уый æ нцон раиртасæ н уыд.

— Нæ уавæ р сæ хæ рзтæ й нæ у, — загъта мистер Моркоу æ мæ йæ хызынæ й систа гæ лæ бутæ ахсæ н хызы хуызæ н цыдæ р прибор.

— Тæ ссаг уавæ ры бахаудтам! — йæ хицауы сфæ змæ гау кодта куыдз.

— Фыдгæ нджытæ нын нæ фæ стæ мæ цæ уæ н фæ ндæ гтæ æ рæ хгæ дтой. Сæ зæ рды ис чъылдымæ рдыгæ й æ рбабырсын. Дæ цывзыйы ссад цæ ттæ йæ дар. Куыддæ р фæ зыной, афтæ сын æ й сæ цæ стыты бакалдзыстæ м æ мæ сæ хызы бын анорддзыстæ м.

— Тынг диссаджы зондджын фæ нд, — срæ йæ гау кодта куыдз. — Фæ лæ, куыд фехъуыстон, афтæ мæ й фыдгæ нджытæ й иуæ й-иутæ м хæ цæ нгæ рзтæ дæ р разыны... Уацары бахаугæ йæ, æ хсын куы райдайой, уæ д куыд кæ ндзыстæ м?

— Æ лгъыст фæ уинаг! — фæ хъæ р кодта мистер Моркоу. — Ууыл нæ ахъуыды кодтон.

Уыцы рæ стæ г фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдзæ й цалдæ р къахдзæ фы æ ддæ дæ р райхъуыст мынæ г хъæ лæ с:

— Мистер Моркоу! Мистер Моркоу!

— Сылгоймаджы хъæ лæ с... — загъта фæ дысгарæ г æ мæ йæ алыварсыл йæ цæ стæ нгас ахаста.

— Ардæ м рацу, мистер Моркоу! Мæ нмæ рацу! — райхъуыст та æ рдæ боны хъæ лæ с.

Куыдзмæ разынд йæ хъуыды зæ гъыны ныфс:

— Мæ нмæ гæ сгæ, ам цыдæ р æ нахуыр хъуыддæ гтæ цæ уы. Æ вæ ццæ гæ н, сылгоймаг зын уавæ ры бахауд. Чи зоны, фыдгæ нджытæ йæ æ рцахстой æ мæ йæ амынæ ты акæ нынмæ хъавынц. Мæ нымадмæ гæ сгæ йæ æ нæ мæ нг фервæ зын кæ нын хъæ уы.

— Мах æ ндæ р хъуыддæ гтæ м не ’вдæ лы, — йе ’нувыд æ ххуысгæ нæ гмæ рамæ сты уæ вгæ йæ, загъта мистер Моркоу. — Мах ардæ м ахсынмæ æ рбацыдыстæ м, кæ йдæ р сæ рибар кæ нынмæ нæ фæ лæ. Махæ н нæ хæ с бæ лвырд æ мæ æ мбæ рстгонд у. Æ хца нын цæ й тыххæ й фидынц, уый ныхмæ арæ зт хъуыддæ гтæ кæ нын нæ бон нæ у. Рох дæ ма уæ д, Лæ бур æ мæ дæ Хæ ц кæ й хонынц, уый.

Уыцы рæ стæ г та къудзитæ й райхъуыст тæ ригъæ ддаг æ мæ лæ гъстæ гæ нæ г хъæ лæ с:

— Мистер Моркоу! Дæ Хуыцауы хатырæ й, баххуыс мын кæ н!

Ацы хатт зындгонд фæ дысгарæ джы зæ рдæ нал фæ лæ ууыд æ мæ йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Сылгоймаг æ ххуыс агуры, æ мæ йыл мæ хи куыд атигъ кæ нон? Ау, мæ риуы зæ рдæ нал ис? »

Мистер Моркоу галиуæ рдыгæ й йæ риуыл йæ къух авæ рдта æ мæ æ хсызгонæ н сулæ фыд: зæ рдæ йæ бынаты разынд, ноджы гуыпп-гуыпп кодта, куыд æ мбæ лд, уымæ й тынгдæ р.

Уæ дмæ сылгоймаджы хъæ лæ с дарддæ рæ й-дарддæ р кодта. Хъæ лæ с кæ цæ й хъуыст, уыцырдыгæ й къудзиты змæ лд стынг, хъустыл уад къæ хты хъæ р æ мæ тохы æ мыр уынæ р.

Мистер Моркоу фæ гæ пп ласта æ мæ, куыдз дæ р йæ фæ стæ, афтæ мæ й, йæ хъыбыллæ йæ йæ цæ ст нæ исгæ йæ, цæ гатæ рдæ м фæ цагайдта.

Уалынмæ æ васт йæ чъылдымæ рдыгæ й райхъуыст кæ йдæ р худын.

Фæ дысгарæ джы маст рафыхт. Æ васт фæ лæ ууыд æ мæ, йæ фæ стæ афтæ æ нахъинон худт кæ нын чи бауæ ндыд, уый йæ цæ стытæ й агурынмæ фæ ци. Къудзиты æ хсæ н куы никæ й ссардта, уæ д йæ цæ стытæ мæ сты æ рттывд фæ кодтой, фырмæ стæ й рызт, афтæ мæ й ныхъхъæ р кодта:

— Худ, худ, æ наккаг фыдгæ нæ г! Фæ стагмæ чи худдзæ н, уый фендзыстæ м!

«Фыдгæ нæ г» ма иу пыррыкк ныккодта, стæ й йыл хуыфæ г бахæ цыд.

Хъуыддаг уый мидæ г уыд, æ мæ йын уыцы уысм Мæ ймæ булкъ, цæ мæ й йæ худынæ й банцайа, уый тыххæ й тымбылкъухæ й йæ фæ сонтæ ныццавта. Худгæ чи кодта, уыцы гыццыл лæ ппу та кæ д æ мæ уыди бызгъуыртæ æ мбырдгæ нæ г Хъæ дуры фырт Гыццыл Хъæ дур. Йæ хуыфынæ й куы банцад, уæ д йæ дзыхы къæ рмæ г атъыста æ мæ йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н, йæ уынæ р нæ хъуысти, афтæ мæ й дарддæ р худти.

— Нæ къухы цыдæ риддæ р бафтыд, уыдон нын иууылдæ р фехалынмæ хъавыс, — сбустæ йыл кодта Мæ ймæ булкъ. — Ныртæ ккæ дæ пыррыччытæ й банцай!

— Ахæ мтæ м адæ ймаг æ нæ худгæ йæ куыд фæ лæ удзæ н! — йæ худын уромгæ йæ, тыххæ й-фыдæ й йæ къухы сдзурын бафтыд Гыццыл Хъæ дурæ н.

— Худынæ н дын нырма фадæ ттæ уыдзæ н, — йæ хъусы йын бадзырдта Мæ ймæ булкъ. — Ныр та уал цом æ мæ фæ дысгарæ гмæ нæ цæ ст дарæ м, кæ ннод, куы фæ цыдæ р уа, уымæ й тæ ссаг у.

Мистер Моркоу æ мæ йæ куыдз раздæ рау згъордтой цæ гатæ рдæ м, дардæ й-дарддæ р чи кодта, къæ хты уыцы уынæ р æ мæ тохы хъæ р кæ цæ й хъуыст, уыцырдæ м. Уыдон æ нхъæ лдтой, къудзиты æ хсæ нты чи лидзы, фыдгæ нджыты ахæ м стыр къорды фæ дыл бафтыдысты. Уæ вгæ та сырдтой дыууæ сабийы. Чызджы ном хуынди Гыццыл Картоф, лæ ппуйы ном та — Гыццыл Помидор. Уыдон сæ хи æ вдыстой хылгæ нджытæ й. Чызг-иу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ фæ лæ ууыд æ мæ -иу лыстæ г хъæ лæ сæ й ныхъхъæ р кодта:

— Баххуыс мын кæ нут! Баххуыс мын кæ н, синьор фæ дысгарæ г! Мæ н фыдгæ нджытæ адавтой. Курын уæ: фервæ зын мæ кæ нут!

Сымах, æ вæ ццæ гæ н, бамбæ рстат, цъыхырыты размæ чи лæ гæ рста, уыдон иу нысанмæ кæ й тырныдтой: архайдтой, цæ мæ й, Чиполлино æ мæ йе ’мбæ лттæ цы лæ гæ ты бамбæ хстысты, уырдыгæ й дарддæ р асайой фæ дысгарæ г æ мæ йæ куыдзы. Уыдис ма сæ м æ ндæ р фæ ндтæ дæ р.

Фæ дысгарæ джы куыдз, къутæ рджыны размæ чи лыгъд, уыцы чызг æ мæ лæ ппуйы куы фæ цæ йæ ййæ фта æ мæ дзы иуы къахыл фæ хæ цынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл сæ мбæ лд æ нахуыр цау. Æ рмæ ст ма йæ бон ныхъхъæ р кæ нын баци:

— Æ ллæ х, фæ тæ хын! Хæ рзбон, мæ уарзон хицау!

Æ мæ æ цæ гæ йдæ р, куыдз хæ рдмæ фæ тахт. Удаист куыдзы бæ ндæ ны æ лхынцъ фелвæ ста, тæ рс бæ ласы цъуппыл æ й балæ ууын кодта æ мæ йæ къалиумæ фидар нылхъывта.

Фæ дысгарæ г цалдæ р къахдзæ фы фæ сте аззад æ мæ, къудзитæ й рахизгæ йæ куыдзæ н йæ кой дæ р куынал уыд, уæ д æ м йæ номæ й фæ дзырдта:

— Лæ бур-Хæ ц! Лæ бур-Хæ ц!

Дзуапдæ ттæ г ын нæ фæ ци.

— Æ вæ ццæ гæ н та уыцы æ гæ нон исты тæ рхъусы асырдта. Дæ с азы дæ ргъы йемæ тох кæ нын, фæ лæ йын йæ уыцы миниуæ г ныууадзын кæ нын мæ къухы нæ ма бафтыд.

Йæ ныхæ стæ йын хъусæ г куы нæ фæ ци, уæ д та йæ куыдзмæ фæ дзырдта:

— Лæ бур-Хæ ц!

— Æ з ам дæ н, хицау! Мæ нæ! — тæ ригъæ ддаг хъæ лæ сæ й йæ м æ рдзырдта уæ лейæ кæ цæ йдæ р куыдз.

Фæ дысгарæ г хæ рдмæ скаст æ мæ йæ м сыфтæ рты æ хсæ нæ й бæ ласы сæ рмæ хæ стæ г разынд йæ куыдз.

— Уым цы кусыс? — тызмæ г фарст æ й бакодта хицау. — Хорз рæ стæ г ссардтай бæ лæ стæ м хизынæ н! Дæ умæ гæ сгæ ардæ м гаккырисæ й хъазынмæ рацыдыстæ м? Тагъд дæ лæ мæ хизгæ! Фыдгæ нджытæ махмæ не ’нхъæ лмæ кæ сынц. Сæ фæ д нын куы фесæ фа, уæ д ма уацайраджы чи фервæ зын кæ ндзæ н?

— Мæ сты ма кæ н, хицау! Æ з дын ныртæ ккæ хабæ рттæ радзурдзынæ н... — хъысхъысгæ нгæ йæ загъта куыдз æ мæ ацархайдта къæ ппæ гæ й фервæ зыныл.

— Ницæ мæ н мæ хъæ уынц дæ хабæ рттæ! — уыцы мæ стджынæ й дарддæ р дзырдта мистер Моркоу. — Æ з æ й æ нæ дæ дзæ нгæ дайæ дæ р æ мбарын, фыдгæ нджыты фæ дыл цæ уын дæ кæ й нæ фæ нды, уый. Дæ умæ бирæ хуыздæ р кæ сы бæ лæ стыл æ хсæ рсæ тджыты фæ стæ ратæ х-батæ х кæ нын. Фæ лæ дын уый уæ лæ нгæ йтты нæ ауайдзæ н! Мæ н, Европæ æ мæ Америчы тæ ккæ зындгонддæ р фæ дысгарæ джы, дæ хуызæ н магуса, алы бæ ласы сæ рмæ сгæ пп кæ нынмæ дæ р йæ былы цъæ рттæ чи хæ ры, ахæ м æ ххуысгæ нæ г ницæ мæ н хъæ уы. Дæ хицæ н хорз бынат равзæ рстай! Фæ рнæ й дзы фæ бад. Абонæ й фæ стæ мæ куыстæ й уæ гъд дæ... Хæ рзбон!

— Хицау, иу ныхас зæ гъыны бар мын уæ ддæ р ратт!

— Цы дæ фæ нды, уый дзур, фæ лæ дæ м æ з хъусынмæ нæ хъавын. Мæ нмæ уымæ й ахсджиагдæ р хъуыддæ гтæ æ нхъæ лмæ кæ сы. Æ з хъуамæ мæ хæ с сæ ххæ ст кæ нон. Уырдæ м фæ ндагыл мæ ницы бакъуылымпы кæ ндзæ н. Ды та æ хсæ рсæ тджыты фæ стæ, цас дæ фæ нды, уыйбæ рц ратæ х-батæ х кæ н. Мæ зæ рдæ дын зæ гъы хуыздæ р куыст æ мæ, фæ лмæ ндæ р зæ рдæ кæ мæ н ис, ахæ м хицау ссарын. Æ з та бацагурдзынæ н, куыстыл æ нувыддæ р чи уа, ахæ м куыдзы. Знон парчы иу куыдз мæ зæ рдæ мæ фæ цыди. Йæ ном — Мастино. Уый у, мæ н цавæ р кусæ г хъæ уы, раст ахæ м: æ нæ хин, уæ здан, кады аккаг куыдз. Ахæ м бæ лæ стыл къуыдыргæ лмытæ агурыныл не схæ цдзæ н. Афтæ мæ й хæ рзбон рау, рæ учи æ мæ сайæ гой куыдз! Ардыгæ й фæ стæ мæ кæ рæ дзийы никуыуал фендзыстæ м.

Уыцы æ фхæ рæ н ныхæ стæ м мæ гуыр куыдзы цæ ссыгтæ фемæ хстысты:

— Хицау, хицау, дæ къæ хты бынмæ дзæ бæ х кæ с, кæ ннод дæ уыл дæ р мæ цау æ рцæ удзæ н!

— Уыцы æ дылыбын хъазæ н ныхæ стæ ныууадз, зæ ронд дзæ гъæ лрæ йдгæ нæ г. Æ з мæ райгуырдæ й фæ стæ мæ иу бæ ласмæ дæ р никуыма схызтæ н. Стæ й дæ у бафæ змынмæ дæ р нæ хъавын, ома, цы хæ стæ æ вæ рд мыл ис, уыдон никуы ферох кæ ндзынæ н...

Мистер Моркоу уыцы мæ стджын ныхæ стæ куы кодта, раст ын уыцы рæ стæ г йæ астæ у афтæ æ рбалхъывдæ уыд, æ мæ йæ улæ фт æ рдæ гыл фескъуыд.

Йæ хъустæ ацахстой, хъандзалы къæ рцц куыд фæ цыд, уый. Йæ бон ма бамбарын баци, йæ куыдз цы бæ ласы сæ р уыд, уый къалиуты ’хсæ нты хæ рдмæ куыд фæ цæ йцыд, уый. Йæ тæ хынæ й куы банцад, уæ д йæ акомкоммæ ауыдта йæ куыдзы къæ дзил. Фæ дысгарæ г дæ р куыдзы хуызæ н фидар баст уыд бæ ласы зæ нгмæ.

— Æ з дын нæ дзырдтон, нæ дын дзырдтон?! — йæ къæ дзилы æ рдæ г тилгæ йæ, тæ ригъæ ддаг хъæ лæ сæ й загъта куыдз. — Фæ лæ мæ м нæ байхъуыстай...

Мистер Моркоу архайдта, йæ хи ахæ м зын уавæ ры дæ р аккаг хуызы дарыныл.

— Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д мын ды æ ппындæ р ницы загътай! — æ нæ барыгомау бафиппайдта фæ дысгарæ г. — Дзæ гъæ л дзæ нгæ дайы бæ сты мын, къæ ппæ гæ й тæ ссаг кæ й уыд, уый зæ гъын хъуыд.

Куыдз йе ’взагыл фæ хæ цыд. Нæ йæ фæ ндыд уыцы æ нæ бындур уайдзæ фæ н дзуапп дæ ттын. Йæ хицауы уды катай æ мбæ рста æ мæ йæ м быцæ у кæ нын нæ цыд.

— Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й дыууæ йæ дæ р къæ ппæ джы бахаудтам, — загъта, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, мистер Моркоу. — Ныр нæ ахъуыды кæ нын хъæ уы, куыдæ й дзы фервæ зæ м, ууыл.

— Уый, сымах куыд æ нхъæ л стут, афтæ æ нцон нæ у! — сыхъуыст сæ м бынæ й кæ йдæ р лыстæ г хъæ лæ с.

«Цыдæ р зонгæ хъæ лæ с у, — ахъуыды кодта мистер Моркоу. — Уый, æ ххуысмæ мæ м чи сидти, уыцы уацайраджы хъæ лæ с у».

Бынмæ ныккаст. Æ нхъæ л уыд, ауындзæ н дзы æ гъатыр фыдгæ нджыты, сæ дзыхты кæ рдтæ, сæ астæ у уацайраг сылгоймаг, афтæ мæ й. Фæ лæ уый бæ сты федта, фырхудæ гæ й гуыбындихтæ чи кодта, уыцы сабиты.

Уыдон уыдысты Мæ ймæ булкъ, Гыццыл Картоф, Гыццыл Хъæ дур æ мæ Гыццыл Помидор. Сабитæ тæ рс бæ ласы бын худтысты, кæ рæ дзийæ н хъæ быстæ кодтой, кафыдысты, зарыдысты, сæ хæ дæ г кæ й æ рхъуыды кодтой, уыцы зарæ г:

Кæ нæ м ацы цауыл

Мах цин æ мæ дис:

Дыууæ куыдзы ауыгъд

Фæ рсæ й-фæ рстæ м ис...

— Синьортæ, — æ лхынцъæ рфыгæ й загъта зындгонд фæ дысгарæ г, — уæ хорзæ хæ й, бамбарын мын кæ нут, чи стут æ мæ цæ уыл цин кæ нут, уый.

— Мах синьортæ не стæ м, — дзуапп ын радта Гыццыл Хъæ дур. — Мах фыдгæ нджытæ стæ м!

— Ныртæ ккæ мын зæ хмæ ’рхизынмæ баххуыс кæ нут, кæ ннод уын, карздæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м æ фхæ рд бакæ ндзынæ н. Хъусут?

— Тынг раст зæ гъыс, тынг раст зæ гъыс! Тызмæ гдæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м æ фхæ рд, — йæ къæ дзилы æ рдæ г æ нахуыр тынг тилгæ йæ, срæ йдта куыдз.

— Æ з куыд хъуыды кæ нын, афтæ мæ й, цалынмæ сымах ахæ м уавæ ры уат, уæ дмæ уæ бон æ фхæ рын никæ й бауыдзæ н, — загъта Мæ ймæ булкъ.

— Мах бацархайдзыстæ м, сымах ахæ м уавæ ры, цас фылдæ р уæ вæ н ис, уыйбæ рц фæ дарыныл, — бафтыдта ма Гыццыл Помидор.

Мистер Моркоу цы загътаид, уый нæ зыдта æ мæ хъусæ й лæ ууыд. Уавæ р сæ хæ рзтæ й кæ й нæ у, уый йæ м хъарын райдыдта.

— Уавæ р æ мбæ рстгонд у, — йæ куыдзы хъусы бадзырдта мистер Моркоу, — æ мæ дзы цыма фервæ зæ н нал ис, афтæ мæ м кæ сы.

— Иттæ г раст зæ гъыс, — ныллæ г хъæ лæ сæ й йын дзуапп радта куыдз, — раст зæ гъыс, фервæ зæ н дзы кæ й нæ й, уымæ й дæ р.

— Мах стæ м фыдгæ нæ г сывæ ллæ тты уацары, — дзырдта дарддæ р мистер Моркоу. — Ахæ м æ гады уавæ ры никуыма уыдтæ н. Æ вæ ццæ гæ н, ацы сывæ ллæ ттæ ахæ стонæ й ралидзджытимæ ныхасгонд сты: сфæ нд кодтой мах къæ ппæ джытæ й æ рцахсын, цæ мæ й сæ фæ д фесæ фа æ мæ сæ æ рцахсын нæ бон мауал бауа.

— Æ нæ мæ нг афтæ. Ныхасгонд сты, — йæ разыйы хъуыды загъта куыдз. — Нæ размæ нын цы къæ ппæ джытæ сæ вæ рдтой, уыдон мæ стыр дисы бафтыдтой. Æ ппæ ты диссагдæ р та, куыннæ сæ федтам, уый у.

Фæ дысгарæ джы иузæ рдион æ ххуысгæ нæ джы ноджы стырдæ р дисы бафтыдтаид, къæ ппæ джытæ Гыццыл Бал йæ хи къухæ й кæ й сарæ зта, уый куы базыдтаид, уæ д. Уый цуанæ тты хиндзинæ дты тыххæ й бирæ чингуытæ бакаст æ мæ ахæ м къæ ппæ джытæ аразын хорз зыдта. Фæ дысгарæ джы æ рцахсыны йæ ацы хатт Чиполлинойы æ ххуыс дæ р нæ бахъуыд.

Куыд уынут, афтæ мæ й, цы йæ зæ рды уыд, уый йæ къухы бафтыд. Дыууæ тугдзыхы йæ хызы кæ й бахаудтой, уымæ сусæ гæ й къудзиты фæ сте каст æ мæ цин кодта, йе ’рхъуыды кæ й фæ рæ стмæ, ууыл.

«Нæ тæ ссагдæ р знæ гтæ й дыууæ йæ рæ стæ гмæ сæ дас стæ м», — ахъуыды кодта йæ хинымæ р æ мæ, фырцинæ й йæ къухтæ æ ууæ рдгæ, сæ химæ араст.

Мæ ймæ булкъ æ мæ иннæ сабитæ та ацыдысты лæ гæ тмæ, цæ мæ й хабæ рттæ Чиполлинойæ н радзурой. Фæ лæ лæ гæ ты никæ й баййæ фтой. Арты дæ р зынг нал уыд. Куыд бамбæ рстой, афтæ мæ й къонайы æ ппынкъаддæ р дыууæ боны бæ рц арт нал уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.