Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРДÆСÆМ СÆР. Ныхас дзы цæуы, синьор Хохаг Хъæдур ауындзæнмæ куыд схызт, уый тыххæй



Æ РТЫНДÆ СÆ М СÆ Р. Хохаг Хъæ дур, нæ йæ фæ ндыд, афтæ мæ й кавалер Помидоры мæ лæ тæ й куыд фервæ зын кодта

Хохаг Хъæ дур куы ’рчъицыдта, уæ д йæ алыварс афтæ талынг уыд, æ мæ цæ сты къух фæ тъыстæ уыд, зæ гъгæ, уæ д æ й нæ федтаид. «Æ вæ ццæ гæ н, мæ æ рцауыгътой, — ахъуыды кодта йæ хинымæ р æ вдакат, — æ мæ зындоны балæ ууыдтæ н. Диссаг у, арт дзы куыд чысыл ис, уый. Растдæ р зæ гъгæ йæ та дзы арт уæ вгæ дæ р нæ й. Æ мæ мæ м диссаг дæ р куыннæ хъуамæ кæ са: зындон æ нæ артæ й кæ д фендæ уыд! »

Уыцы уысм йæ хъустыл ауад цыдæ р дзыгъал-мыгъул. Хохаг Хъæ дур бамбæ рста, чидæ р камерæ йы дуары дæ гъæ л кæ й атъыста, уый. Алидзæ н ын кæ й никæ дæ м уыд, уымæ гæ сгæ Хохаг Хъæ дур йæ хи къуыммæ нылхъывта æ мæ тарстхуызæ й каст, дуар куыд гом чындæ уыд, уымæ. Ахæ стон хъахъхъæ нæ г Лимоныхъотæ æ мæ сæ ркъуыр йеддæ мæ чи хъуамæ æ рбахызтаид къæ сæ рæ й!

Æ цæ гæ йдæ р, къæ сæ рыл фæ зындысты Лимоныхъотæ. Семæ уыди, сымахмæ гæ сгæ чи? Кавалер Помидор, ноджы, йæ къæ хтæ æ мæ къухтæ баст, афтæ мæ й.

Синьор Хохаг Хъæ дуры къухтæ æ васт æ рбатымбыл сты, хъавыдис ыл йæ хи ныццæ вынмæ, фæ лæ, йæ хиуыл фæ хæ цгæ йæ, ахъуыды кодта: «Цы кæ нын дæ зæ рды ис, мæ нæ й уый? Дæ хи хуызæ н ахстмæ лæ бурынмæ хъавыс? »

Хохаг Хъæ дур, кæ д йæ раздæ ры хицауæ н æ ппындæ р ницæ мæ й тæ ригъæ д кодта, уæ ддæ р кавалеры уæ здан хуызæ й бафарста:

— Уæ дæ дæ у дæ р æ рцахстой, нæ?

— Æ рцахстой, зæ гъыс? Растдæ р уыдзæ ни «марыны тæ рхон мын рахастой» зæ гъын. Æ рцауындздзысты мæ райсом раджы, куыддæ р дæ у æ рцауындзой, афтæ. Ды, æ вæ ццæ гæ н, марыны тæ рхон кæ мæ н рахастой, ахæ мты камерæ йы кæ й стæ м, уый дæ р нæ зоныс.

Æ вдакаты дисæ н кæ рон нал уыд. Марыны тæ рхон ын кæ й рахастой, уый та куыннæ зыдта, фæ лæ сæ кавалеримæ иумæ ауындздзысты, уый йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд.

— Принц Лимон, — дзырдта дарддæ р синьор Помидор, — тынг смæ сты, аххосджынты кæ й нæ базыдта, уый тыххæ й. Æ мæ æ ппынфæ стаг цы ’рхъуыды кодта, уый зоныс? Æ хсинтæ, уазджытæ æ мæ æ ххуырстытæ иууылдæ р йæ цуры уыдысты, афтæ мæ й мæ н, кавалер Помидоры, рахуыдта сусæ гвæ ндгæ нджыты амидингæ нæ г. Æ мæ мын уый тыххæ й рахаста ауындзыны тæ рхон. Бауырнæ д дæ, ауындзыны тæ рхон.

Хохаг Хъæ дур нæ зыдта, кавалерæ н ахæ м карз тæ рхон кæ й рахастой, уый тыххæ й цин кæ на æ ви хъыг. Æ рæ джиау загъта:

— Гæ нæ н нæ й, кавалер, хъæ ддых лæ ууын хъæ уы! Иумæ нæ мæ лæ т ссардзыстæ м.

— Хорз зæ рдæ тæ мын æ вæ рыс: «Иумæ нæ мæ лæ т ссардзыстæ м! », — сбустæ гæ нæ гау ыл кодта синьор Помидор. — Дæ у куы фарстой, уæ д дæ уыл кæ й нæ хъуыды кодтон, уый тыххæ й дæ хатыр курын. Куыд зоныс, афтæ мæ й уыцы рæ стæ г мæ хи хъысмæ т дæ р лыггонд цыд.

— Цы уыд, ууыл ма цы дзурæ м? — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта синьор Хохаг Хъæ дур. — Не ’намонддзинад нæ бахæ лар кодта. Ныр нæ архайын хъæ уы кæ рæ дзийæ н баххуыс кæ ныныл.

— Æ з дæ р афтæ хъуыды кæ нын, — чысыл фæ хъæ лдзæ гдæ р уæ вгæ йæ, йемæ сразы синьор Помидор. — Кæ й мæ м нæ фæ хæ рам дæ, уый мын æ хсызгон у.

Йæ дзыппæ й тъорты карст систа, дыууæ дихы йæ акодта æ мæ дзы иу хай æ вдакатæ н радта. Æ вдакат йæ цæ стытыл нæ баууæ ндыд: кавалер ахæ м рæ дау æ мæ хæ ларзæ рдæ разындзæ н, уый æ нхъæ л нæ уыди.

— Хъыгагæ н мын дзы æ ндæ р нал ныууагътой, — загъта синьор Помидор, йæ сæ р батилгæ йæ.

— Ахæ м у ацы мæ нг дуне! Знон дæ р ма галуаны дæ уæ й стырдæ р хицау нæ уыд, абон та дæ уацайраг рауади.

Кавалер Помидор æ нæ дзургæ йæ тъорт хæ рыны куыст кодта.

— Цы, уый зоныс, — загъта æ ппынфæ стаг уый, — уыцы æ нæ нтыст Чиполлино мын цытæ бакодта, уый, иуæ й, мæ зæ рдæ мæ цæ уы. Æ ргом куы дзурæ м, уæ д сæ рæ н лæ ппу у. Хæ ларзæ рдæ кæ й у, уый бæ рæ г у, мæ гуыртæ н баххуыс кæ нынмæ кæ й тырны, уымæ й.

— Раст зæ гъыс, — йемæ сразы синьор Хохаг Хъæ дур.

— Цымæ, ахæ стонæ й чи алыгъд, уыцы адæ м ныртæ ккæ кæ м сты, уый чи зондзæ ни? — бафарста Помидор. — Баууæ нд мыл, æ з сын исты хорздзинад скæ ныныл нæ бацауæ рдин.

— Æ мæ сын дæ ныртæ ккæ йы уавæ ры цы хорздзинад дæ бон фæ уын у?

— Уымæ й дæ р цы мæ нг зæ гъыс? Ныртæ ккæ сын мæ бон ницæ мæ й баххуыс кæ нын у. Ноджы, кæ м сты, уый дæ р нæ зонын.

— Æ з дæ р æ й нæ зонын, — цы уыд, уый загъта синьор Хохаг Хъæ дур. — Æ з зонын æ рмæ стдæ р, Куысыфтæ джы хæ дзар кæ м æ мбæ хст ис, уый.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, кавалер йæ улæ фт ныуурæ дта.

«Помидор, — загъта йæ хæ дæ г йæ хицæ н лæ г, — лæ мбынæ г хъус, ацы æ дылыбын цыдæ риддæ р дзура, уымæ. Чи зоны, æ мæ ма мæ лæ ты дзæ мбытæ й фервæ зай».

— Æ цæ г зæ гъыс? — бафарста Помидор.

— Куыннæ ма йæ зонын? Фæ лæ йæ никуы никæ мæ н зæ гъдзынæ н. Уыцы мæ гуыр адæ мы тæ ригъæ ды бацæ уынмæ нал хъавын.

— Ахæ м зондыл хæ ст кæ й дæ, уый дын æ нæ мæ нг дæ кадыл æ фтауы, æ вдакат. Ахæ м сусæ гдзинад куы зонин, уæ д æ й æ з дæ р не схъæ р кæ нин. Мæ н аххосæ й уыцы мæ гуыр адæ м ног хъизæ мæ рттæ бавзарой, уый мæ н дæ р нæ бафæ ндид.

— Кæ д æ цæ г афтæ хъуыды кæ ныс, — загъта синьор Хохаг Хъæ дур, — уæ д дын æ з æ хсызгонæ й дæ къух нылхъивдзынæ н!

Синьор Помидор æ м йæ къух бадаргъ кодта, æ мæ йын æ й синьор Хохаг Хъæ дур йæ тых, йæ бонæ й нылхъывта. Æ ппынфæ стаг æ вдакаты зæ рдæ афтæ ’рфæ лмæ н, æ мæ йæ бафæ ндыд, йе ’намонддзинад кæ имæ баиу кодта, уыимæ зæ рдиаг ныхæ стæ м рахизын.

— Кæ д æ мæ уыцы хæ дзар бамбæ хстой, — ныллæ г хъæ лæ сæ й дзурын райдыдта Хохаг Хъæ дур, — галуанæ й дыууæ санчъехы дарддæ р. Мах иууылдæ р æ дылы къоппатæ уыдыстæ м, æ мæ йæ уым бацагурын никæ й сæ р æ рцахста.

— Æ мæ йæ уæ ддæ р кæ м бамбæ хстой? — цыма йæ йæ базонын уыйас ницæ мæ н хъуыд, ахæ м хъæ лæ сæ й бафарста синьор Помидор.

— Ныр дын æ й мæ бон зæ гъын у. Уæ ддæ р райсом нæ дыууæ йы дæ р ауындзгæ кæ ндзысты, æ мæ уыцы сусæ гдзинад немæ мæ рдтæ м ахæ сдзыстæ м.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Хорз æ й куы зоныс, райсом нæ кæ й æ рцауындздзысты æ мæ нын не ’ртхутæ г дымгæ мæ кæ й сдардзысты, уый.

Уыцы рæ стæ г Хохаг Хъæ дур йе ’мныхасгæ нæ гмæ хæ стæ гдæ р бабадт æ мæ йын ныллæ г хъæ лæ сæ й йæ хъусы бадзырдта, Куысыфтæ джы хæ дзар хъæ ды кæ й ис æ мæ йæ м йæ цæ ст Саунæ мыг кæ й дары.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, кавалер, æ вдакаты ныхъхъæ быс кæ нгæ йæ, фæ хъæ р кодта:

— Мæ зынаргъ хæ лар, уыцы ахсджиаг хабар мын кæ й фехъусын кодтай, уый тыххæ й дæ æ нæ кæ рон бузныг дæ н. Дæ фæ рцы мæ лæ тæ й фервæ здзынæ н.

— Æ з дæ мæ лæ тæ й ирвæ зын кæ нын? Хынджылæ г ма скъæ р!

— Æ ппындæ р нæ хынджылæ г кæ нын, — загъта Помидор æ мæ йæ бынатæ й фæ гæ пп ласта.

Дуарыл йæ хи ныццавта æ мæ йæ дыууæ къухæ й хойын райдыдта. Йæ хойынæ й нæ банцад, цалынмæ йæ ахæ стон хъахъхъæ нæ г Лимоныхъотæ нæ байгом кодтой, уæ дмæ.

— Ныртæ ккæ мæ йæ иууылбæ рзонддзинад Лимонмæ фæ хæ ццæ кæ нут! — йæ ныхмæ лæ ууæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м барджын хъæ лæ сыуагæ й загъта синьор Помидор. — Тынг ахсджиаг хабар фехъусын кæ нинаг ын дæ н.

Кавалеры цæ сты фæ ныкъуылдмæ галуаны бамидæ г кодтой. Уый принцæ н, Хохаг Хъæ дурæ й цы фехъуыста, уыдæ ттæ радзырдта, æ мæ Лимон йæ тæ рхон аивта. Уымæ н тынг æ хсызгон уыд уыцы хабæ рттæ фехъусын æ мæ йæ Лимоныхъотæ н бардзырд радта, цæ мæ й райсом, куыддæ р синьор Хохаг Хъæ дуры æ рцауындзой, афтæ хъæ дмæ ацæ уой æ мæ Куысыфтæ джы хæ дзар æ рбаласой.

ЦЫППÆ РДÆ СÆ М СÆ Р. Ныхас дзы цæ уы, синьор Хохаг Хъæ дур ауындзæ нмæ куыд схызт, уый тыххæ й

Хъæ уы бæ стастæ у æ рæ вæ рдтой ауындзæ н: хъуамæ уырдæ м схызтаид тæ рхонгонд. Ауындзæ ны бын уыдис слæ ууæ н. Слæ ууæ ны астæ у та, хæ рдмæ чи гом кодта, ахæ м дуаргонд. Хъуамæ уым аныгъуылдаид синьор Хохаг Хъæ дур, ауындзæ ны æ лхынцъ йæ хъуырыл, афтæ мæ й. Синьор Хохаг Хъæ дур фæ лтæ рдджын æ вдакат уыд, æ мæ йæ м фæ змæ ракæ ныны тыххæ й куы ’рбацыдысты, уæ д алы æ фсæ нттæ й архайдта рæ стæ г нытътъанг кæ ныныл. Закъоны алы статьятыл æ нцой кæ нгæ йæ, бадомдта, цæ мæ й раздæ р йæ хи ныддастаид, уый фæ стæ ныхсадтаид йæ сæ р. Фæ стæ дæ р рабæ рæ г, йæ къухы æ мæ къахы ныхтæ æ гæ р даргъ кæ й рацыдысты æ мæ сæ тæ рхоны размæ ракæ нын кæ й хъæ уы. Сæ ркъуыры рæ стæ г ахæ м хъуыддæ гтыл хардз кæ нын нæ фæ ндыд, фæ лæ йын æ ппынфæ стаг æ нæ бакоммæ кæ сгæ нал уыд. Рагон æ гъдаумæ гæ сгæ хъуамæ, марыны тæ рхон хаст кæ мæ н æ рцыд, уый фæ стаг фæ ндон æ ххæ стгонд æ рцыдаид. Уымæ гæ сгæ ахæ стонмæ ’рбахастой дурын тæ вд донимæ, тас, хæ сгард æ мæ сæ рдасæ н. Æ вдакат Хохаг Хъæ дур бавнæ лдта, йæ мæ лæ ты размæ йæ цы хъуыддæ гтæ бакæ нын хъуыд, уыдон æ ххæ ст кæ нынмæ. Уыдоныл та бирæ рæ стæ г бахардз кодта: йæ хи ныддаста, уый фæ стæ йæ хи ныхсадта, стæ й бавнæ лдта йæ ныхтæ кæ нынмæ. Æ нæ хъæ н дыууæ сахаты бахардз кодта уыцы куыстытыл. Цасфæ нды дæ лæ -уæ лæ кæ д фæ кодта, уæ ддæ р ын æ ппынфæ стаг ауындзæ нмæ æ нæ цæ угæ нæ уыд.

Хæ рдмæ куы фæ цæ йхызт, уæ д фыртæ ссæ й цы акодтаид, уый нал зыдта. Ныры хуызæ н æ м никуыма бахъардта, мæ лын æ й кæ й хъæ уы, уый. Ахæ м гыццыл, ахæ м тыппыр, ахæ м цъæ х-цъæ хид, йæ сæ р ногæ хсад, йæ ныхтæ къахæ й-къухæ й конд уæ нт, æ мæ йæ мæ лын хъæ уæ д!

Гуымсæ джыты фыдуацхæ ссæ г уынæ р ныццарыдта. Сæ ркъуыр æ вдакатæ н ауындзæ ны æ лхынцъ йæ хъуырыл бафтыдта, æ ртындæ сы онг банымадта æ мæ цæ ппæ р нылхъывта. Дуаргонд схъил, æ мæ синьор Хохаг Хъæ дур, йæ хъуырыл ауындзæ ны æ лхынцъ, афтæ мæ й тары аныгъуылд.

Уый хæ дразмæ ма йæ сæ ры аленк кодта ахæ м хъуыды: «Æ нхъæ лдæ н æ мæ ацы хатт æ цæ г амардтæ н! »

Фæ лæ уалынмæ йæ сæ рмæ райхъуыст кæ йдæ р æ мыр хъæ лæ с:

— Алыг æ й кæ н, тагъддæ р æ й алыг кæ н, Чиполлино! Ам афтæ рухс у, æ мæ æ з æ ппындæ р ницы уынын.

Æ вдакаты хъуыр цы бæ ндæ н æ лвæ ста, уый чидæ р фæ лыг кодта, æ мæ та æ рдæ боны хъæ лæ с ногæ й райхъуыст:

— Нæ картофы диссаджы донæ й-ма йын иу хуыпп авæ р. Мах, куырм мыстытæ, уыцы диссаджы хос æ дзухдæ р немæ хæ ссæ м!

Цы ’рцыди? Цавæ р диссаджы цау фервæ зын кодта мæ лæ тæ й æ вдакат Хохаг Хъæ дуры?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.