Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫУУАДÆСÆМ СÆР. Хъæдындз Порей æрцыд хорзæхджынгонд æмæ æфхæрд



Дыккаг бон райсомæ й, принц Лимон сæ сæ ргъы, афтæ мæ й дыууиссæ дз Лимоны æ мæ Лимоныхъоты æ нæ хъæ н батальон хъæ уы æ рбалæ ууыдысты. Куыд зонут, афтæ мæ й принц Лимоны лæ ггадгæ нджытæ сæ худтыл хастой дзæ нгæ рджытæ. Лæ ггадгæ нджытæ æ мæ -иу æ фсæ дтæ фæ ндагыл куы фæ цæ йцыдысты, уæ д-иу хъуццытæ сæ хизын фæ уагътой. Афтæ -иу сæ м каст, цыма кæ цæ йдæ р ног рæ гъау æ ртардæ уыд æ мæ -иу æ нахуыр музыкæ мæ хъусыныл фесты.

Хъæ дындз Порей уыцы рæ стæ г уыд йæ тæ ккæ рихитæ фасгæ йæ, фæ лæ æ нахуыр музыкæ айхъусгæ йæ, кæ сæ ны раз йæ куыст фæ уагъта æ мæ рудзынгæ й йæ гуыр радардта. Лимоныхъотæ йæ куы ауыдтой, уæ д йæ хæ дзармæ бакалдысты, æ рцахстой йæ æ мæ йæ рихийы иу кæ рон хæ рдмæ хъил, йе ’ннæ кæ рон та зæ бул, афтæ мæ й ахæ стонмæ акодтой.

— Мæ рихийы рахиз кæ рон ныффасын ма мæ уæ ддæ р бауадзут, — æ рхатыди Хъæ дындз Порей хъахъхъæ нджытæ м, ахæ стонмæ йæ куы фæ цæ йкодтой, уæ д.

— Ныхъхъус у! Кæ ннод дын раздæ р дæ рихийы галиу хай ачъепп кæ ндзыстæ м, уый фæ стæ та — рахиз, æ мæ дæ сæ фасыны мæ т нал уыдзæ н.

Хъæ дындз Порей ныхас дæ р нал скодта, уымæ н æ мæ фæ тарст, йæ иунæ г хъæ здыгдзинадæ й æ нæ хай куы фæ уа, уымæ й.

Æ рцахстой æ вдакат Хохаг Хъæ дуры дæ р. Уый бæ стæ йæ сæ рыл систа, ахæ стонмæ сын нæ куымдта. Йæ ныхæ стæ хохаг хъæ дуры нæ мгуытау йæ дзыхæ й гæ р-гæ р кодтой.

— Уый рæ дыд у! Æ з ам кавалер Помидормæ æ вдакатæ й кусын. Чидæ р уæ фæ рæ дийын кодта. Ныртæ ккæ мæ суæ гъд кæ нут!

Фæ лæ йын йæ дзырдтæ м хъусæ г нæ уыд.

Салдæ ттæ -Лимоныхъотæ æ рфистæ г сты парчы. Иуцасдæ р рæ стæ г сæ хи ирхæ фстой синьор Басгæ рдæ джы хъусынгæ нинæ гтæ кæ сыныл. Цæ мæ й æ нкъард ма кæ ной, уый тыххæ й ссæ стой кæ рдæ г æ мæ дидинджытæ, ахстой сызгъæ рин кæ сæ гтæ, æ хстой оранжерейы æ вгтæ. Хъуыды кодтой æ ндæ р хиирхæ фсæ нтæ.

Æ хсинтæ згъордтой иу хицауæ й иннæ мæ, фырадæ ргæ й сæ сæ рыхъуынтæ м лæ бурдтой.

— Курæ м уæ, зынаргъ синьортæ, уæ адæ мæ н зæ гъут, æ мæ сæ хи æ рæ мбарой, кæ ннод нын нæ парк гæ ндон фестын кæ ндзысты!

Фæ лæ сæ хицæ уттæ хъуыды дæ р не ’ркодтой.

— Нæ хъæ батыр хæ стонтæ хъуамæ тугкалæ н тохты фæ стæ сæ хи истæ уылты аирхæ фсой, — загътой сын хицæ уттæ. — Уæ сабырдзинад уын кæ й хъахъхъæ нынц, уый тыххæ й сæ хъуамæ бузныг уаиккат.

Хъæ дындз Порей æ мæ синьор Хохаг Хъæ дуры æ рцахсын ницы уыйас хъæ батырдзинад у, зæ гъгæ, сын куы загътой, уæ д сæ м афицер бартхъирæ н кодта:

— Кæ д афтæ у, уæ д уын уæ хи дæ р æ рцахсдзыстæ м, уымæ н æ мæ мызд исынц, семæ разы чи нæ у, уыдон кæ й ахсынц, уый тыххæ й.

Æ хсинтæ н æ ндæ р гæ нæ н нал уыд, æ мæ сæ хъаст принц Лимонæ н йæ химæ бахастой. Принц йæ дыууиссæ дз фæ сдзæ уинимæ æ рбынат кодтой, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, галуаны хуыздæ р уæ тты. Сæ цæ рæ нбынæ ттæ й рацæ уын кодтой кавалер Помидоры, бароны, герцоджы, синьор Басгæ рдæ джы, суанг ма æ хсинтæ н сæ хи дæ р.

Барон Апельсин катайы бацыд.

— Кæ сгæ -иу кæ нут, — загъта ныллæ г хъæ лæ сæ й уый, — кæ ддæ ра нын уыцы Лимон æ мæ Лимоныхъотæ нæ хæ ринæ гтæ иууылдæ р нæ бахæ риккой. Уæ д нын æ нæ сыдæ й амæ лгæ хос нæ уыдзæ н. Цалынмæ галуаны хæ ринаг уа, уæ дмæ ам фæ уыдзысты, стæ й нæ уæ д уæ зæ джы къæ йыл фæ уадздзысты. Ахæ м ма дзы бæ ллæ хы бахаугæ уыдзæ н! Бæ ллæ х нæ, фæ лæ бæ сты сæ фт!

Хицау Хъæ дындз Порейы æ рбахуыдта æ мæ йæ фæ рсын байдыдта.

Синьор Басгæ рдæ г йæ чырынтæ къухмæ рзæ нмæ дзæ бæ х йæ фындз ныммарзта æ мæ аххосджыны дзуаппытæ фыссынмæ бавнæ лдта. Кавалер Помидор та хицауы фарсмæ сбадт æ мæ йын амыдта, цавæ р фæ рстытæ дæ ттын хъæ уы, уый.

Хъуыддаг уый мидæ г уыд, æ мæ кæ д принц Лимон йæ сæ рыл сызгъæ рин дзæ нгæ рæ г хаста, уæ ддæ р ахæ м хъуыддæ гтæ ’взарынмæ уыйас дæ сны нæ уыд, стæ й дзы алцыдæ р рох кодта. Мæ нæ ныр дæ р, куыддæ р уацайраджы уатмæ æ рбакодтой, афтæ фæ хъæ р кодта:

— Уæ ртæ йын цы диссаджы рихитæ ис! Ард хæ рын, мæ дæ лбар цыдæ риддæ р зæ ххытæ ис, уым æ з ахæ м рæ сугъд, даргъ æ мæ аив фаст рихитæ никæ уыл ма федтон!

Зæ гъын хъæ уы уый, æ мæ Хъæ дындз Порей ахæ стоны кодта æ р-мæ стдæ р йæ рихитæ фасын æ мæ лæ гъз кæ ныны куыст.

— Бузныг, дæ иууылбæ рзонддзинад! — æ фсæ рмытæ гæ нгæ уæ зданæ й загъта уый.

— Уый тыххæ й дæ хъуамæ схорзæ хджын кæ нон Æ взист Рихийы орденæ й. Лимонтæ, иууылдæ р-ма мæ цурмæ рацæ ут!

Лæ ггадгæ нджытæ æ вæ стиатæ й йæ алыварс амбырд сты.

— Æ взист Рихийы орденхæ ссæ джы худ-ма рахæ ссут!

Æ рбахастой худ. Худ, зæ гъгæ, дидинджытæ й быд зиллаччы хуызæ н сæ рыл тухгæ дæ ргъæ й-дæ ргъмæ хæ мпус рихи. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, рихи уыди сыгъдæ г æ взистæ й.

Хъæ дындз Порей фæ уыргъуыйау: хонгæ йæ фæ рсынмæ æ рбакодтой, афтæ мæ й та йын орден дæ ттынц.

Хицауы раз йæ сæ р æ ргуыбыр кодта, æ мæ йын уый йæ хи къухæ й йæ сæ рыл уыцы худ æ ркодта. Уый фæ стæ йæ йæ хъæ бысы нылхъывта æ мæ йын йæ дыууæ рихийæ н дæ р аба кодта — раздæ р — рахизæ н, уый фæ стæ та — галиуæ н. Стæ й принц сыстад æ мæ рацæ уынмæ хъавыд. Рохгæ наг кæ й уыд, уымæ гæ сгæ æ нхъæ лдта, йæ куыстытæ конд фесты, зæ гъгæ.

Уый бафиппайгæ йæ йæ м кавалер Помидор æ ргуыбыр кодта æ мæ йын йæ хъусы бадзырдта:

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, дæ зæ рдыл дын лæ ууын кæ нын, фыдгæ нджытæ н сæ бынæ йласгæ дæ ры кæ й схорзæ хджын кодтай, уый. Фæ лæ йæ фæ рсгæ уæ ддæ р бакæ нæ м.

— Æ з ын орден куы радтон, — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта принц Лимон, — уыцы уысмæ й фæ стæ мæ уый фыдгæ нæ г нал у. Фæ рсгæ та йæ бакæ ндзыстæ м.

Æ мæ Хъæ дындз Пореймæ раздæ хгæ йæ, бафарста, уацайрæ гтæ кæ дæ м алыгъдысты, уымæ й. Хъæ дындз Порей йын загъта, ницы, дам, сын зонын. Уый фæ стæ йæ бафарстой, Куысыфтæ джы хæ дзар кæ м æ мбæ хст и, уымæ й, фæ лæ та уымæ н дæ р ницы дзуапп радта.

Синьор Помидор фырмæ стæ й цæ хæ ртæ акалдта:

— Дæ иууылбæ рзонддзинад, ацы адæ ймаг фæ ливгæ кæ ны! Мæ нмæ гæ сгæ йын фыдмитæ кæ нын райдайын хъæ уы. Цалынмæ æ цæ гдзинад зæ гъа, уæ дмæ уадзгæ нæ у!

— Иттæ г раст, иттæ г раст! — йæ фарс рахæ цыд принц Лимон æ мæ йæ армытъæ пæ нтæ й йæ уæ лкъухтæ æ ууæ рдынмæ фæ ци.

Чысыл раздæ р Хъæ дындз Порейæ н орден кæ й радта, уый дзы æ рбайрох æ мæ бацин кодта, адæ ймаджы хъизæ марæ й марыны фадат ын кæ й фæ ци, ууыл, уымæ н æ мæ бирæ уарзта, искæ мæ н-иу фыдмитæ куы кодтой, уымæ кæ сын.

— Цавæ р хъизæ марæ й райдайæ м? — бафарста сæ ркъуыр. Уый принцмæ фæ зынд йæ кусæ нгæ рзтимæ: фæ рæ т, аркъау æ мæ спичкæ ты къоппимæ.

Спичкæ тæ, цæ мæ й арт скæ на, уымæ н.

— Йæ рихитæ йын стонут! — бардзырд радта хицау. — Мæ нмæ гæ сгæ, æ ппæ ты хъалдæ р уыдонæ й у.

Сæ ркъуыр рихитæ тонынмæ февнæ лдта, фæ лæ уыдон дзаумæ тты уæ зæ й афтæ сфæ лтæ рдтой, æ мæ дзы сæ ркъуыр иу хил ратонын дæ р нæ бафæ рæ зта. Йæ хид къоппæ й калд, уæ ддæ р рихитæ н ницы йæ бон баци. Ноджы Хъæ дындз Порей æ ппындæ р рис не ’нкъардта.

Æ ппынфæ стаг сæ ркъуыр афтæ бафæ ллад, æ мæ тыххæ стæ й йæ зæ рдæ бахъарм, æ мæ уæ лгоммæ ахауд. Хъæ дындз Порейы сусæ г камерæ мæ акодтой æ мæ, æ гас у, мард у, уый ничиуал зыдта. Цæ мæ й цардаид, уый йын нæ уыд, мыстытæ ахста æ мæ сæ хомæ й хордта. Йæ рихитæ афтæ ныддаргъ сты, æ мæ сæ йæ фæ дыл ласта.

Хъæ дындз Порейы фæ стæ фæ рсынмæ æ рбакодтой синьор Хохаг Хъæ дуры.

Æ вдакат йæ зонгуытыл æ рхауд æ мæ, хицауы къæ хтæ н пъатæ кæ нгæ йæ, лæ гъстæ кодта:

— Бахатыр мын кæ н, дæ иууылбæ рзонддзинад, æ з ницы аххосджын дæ н.

— Æ взæ р, тынг æ взæ р, синьор æ вдакат! Ды куы ницы аххосджын уаис, уæ д дæ æ з ныртæ ккæ дæ р суæ гъд кæ нин. Кæ д ды ницы аххосджын дæ, уæ д дæ уавæ р ноджы фыддæ р уыдзæ н. Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу... Ды зоныс, уацайрæ гтæ кæ дæ м алыгъдысты, уый?

— Нæ зонын, дæ иууылбæ рзонддзинад, — зырзыргæ нгæ йæ дзуапп радта синьор Хохаг Хъæ дур. Уый хъуыддагæ н æ цæ гæ йдæ р ницы зыдта.

— Кæ сыс! — фæ хъæ р кодта принц Лимон. — Æ ппындæ р куы ницы зоныс, уæ д дæ куыд хъуамæ суæ гъд кæ нон?

Синьор Хохаг Хъæ дур лæ гъстæ гæ нæ джы каст бакодта синьор Помидормæ. Фæ лæ кавалер, цыма хъуыдыты аныгъуылд, уый хуызæ н йæ цæ стытæ царæ й нал иста.

Синьор Хохаг Хъæ дур бамбæ рста, хæ рзбын кæ й кæ ны, уый. Ноджы ма, бирæ азты дæ ргъы æ нæ зæ рдæ худт лæ ггад кæ мæ н фæ кодта, йæ уыцы хицау ыл йæ къахæ й ахæ цыд, уый куы федта, уæ д æ й сæ рра уæ вынмæ бирæ нал хъуыд.

— Уæ д та мын, — бафарста йæ принц Лимон, — æ ппынфæ стаг, цыфыддæ р фыдгæ нæ г Куысыфтæ джы хæ дзар кæ м æ мбæ хст ис, уый зæ гъ.

Æ вдакат уый зыдта, уымæ н æ мæ йæ рæ стæ джы, Чиполлино йæ хъæ уккæ гтимæ цы ныхæ стæ кодта, уыдон фехъуыста.

«Сусæ гдзинад куы раргом кæ нон, — ахъуыды кодта уый йæ хинымæ р, — уæ д мæ суæ гъд кæ ндзысты. Æ мæ цы? Мæ раздæ ры æ рдхæ рдтæ æ мæ æ мкусджытæ цы сты, уый базыдтон. Иннæ ты сайынæ н сæ мæ сæ р æ мæ мæ зонындзинæ дтæ куы хъуыдысты, уæ д æ нæ мæ н сихор дæ р æ мæ æ хсæ вæ р дæ р нæ хордтой, зын уавæ ры куы бахаудтæ н, уæ д та мыл сæ хи атигъ кодтой. Ардыгæ й фæ стæ мæ сын никуыуал ницæ мæ й баххуыс кæ ндзынæ н. Цыфæ нды мын куы кæ ной, уæ ддæ р мæ нæ й ницыуал базондзысты! »

Хъæ рæ й та загъта:

— Принц, æ з æ ппындæ р ницы зонын.

— Сайыс! — фæ хъæ р ыл кодта синьор Помидор. — Алцыдæ р тынг хорз зоныс, фæ лæ дæ дзурын нæ фæ нды.

Ам синьор Хохаг Хъæ дуры маст срæ мыгъта. Цæ мæ й бæ рзонддæ р зына, уый тыххæ й йæ къахфындзтыл алæ ууыд, тызмæ г цæ стытæ й Помидормæ бакаст æ мæ хъæ рæ й загъта:

— Раст зæ гъыс, алцыдæ р зонын. Зонын, хæ дзар кæ м æ мбæ хст ис, уый дæ р, фæ лæ уын æ й нæ зæ гъдзынæ н!

Принц Лимон ныхъхъуынтъыз.

— Дзæ бæ хдæ р ахъуыды кæ н, — загъта уый. — Сусæ гдзинад куы нæ раргом кæ най, уæ д дæ æ рцауындздзынæ н!

Хохаг Хъæ дуры зæ нгтæ фыртæ ссæ й базыр-зыр кодтой. Цыма ауындзæ ны бæ ндæ нæ й йæ хи фервæ зын кæ нынмæ хъавыд, уыйау йæ дыууæ къухы йæ бæ рзæ йыл æ рбатыхта, фæ лæ йæ бынаты фидар лæ угæ йæ баззад.

— Æ рцауындзут мæ, — загъта уый сæ рыстырæ й. — Ныртæ ккæ мæ æ рцауындзут.

Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ, кæ д йæ хуыз хохаг хъæ дуры хуызæ н цъæ х уыди, уæ ддæ р цикъæ йау афæ лурс æ мæ уадзыгæ й æ рхауд.

Синьор Басгæ рдæ г протоколы ныффыста: «Зылынджын, цы худинаджы уавæ ры бахауд, уый бамбæ рста æ мæ бауадзыг».

Уый фæ стæ та йæ чырынтæ къухмæ рзæ нмæ ныххиртт кодта æ мæ йæ чиныг бахгæ дта. Уый та дзурæ г уыд, йæ куыст фæ удыл кæ й банымадта, ууыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.