Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 7 страница



Фæ стаг хатт ма мыл Асель сæ мбæ лд хъæ лдзæ гæ й, зæ рдæ рухсæ й. Йæ рустæ — сырх-сырхид, йæ цæ стытæ æ рттывтой. Мæ кæ рц æ мæ цырыхъхъытæ дæ р нæ ма раивтон, афтæ мæ йæ фæ дыл комкоммæ уатмæ ахуыдта.

— Кæ с-ма, Илас! Сæ мæ т йæ къахыл ауад!

— Æ цæ г? Кæ м и?

— Дæ лæ стъолы бын!

— Æ мæ йæ цыппæ ртыл куы быры.

— Ныртæ ккæ йæ фендзынæ. Цæ й-ма, мæ гæ бул, гаккыл слæ уу æ мæ дæ папæ дæ р фена! Цæ й-ма, Сæ мæ т! Рауай, рауай, рауай!

Сæ мæ т йæ мады ныхас цыдæ р æ гъдауæ й бамбæ рста, стъолы бын худгæ йæ цыппæ ртыл рабырыд æ мæ сынтæ гыл хæ цгæ слæ ууыд. Йæ хи ныхъхъæ ддых кодта, афтæ мæ й йæ фæ лмæ н къæ хтыл иучысыл алæ ууыд, стæ й йе ’мбæ рцæ гæ й размæ бахауд. Æ з æ м батахтæ н, мæ хъæ бысы йæ фелвæ стон æ мæ йæ мæ риумæ нылхъывтон. Мæ цæ сгомыл æ мбæ лд сывæ ллоны сыгъдæ г комулæ фт. Уый мын Аселау уыди уарзон æ мæ адджын.

— Дæ хъæ бысы йæ ныцъцъист кæ ндзынæ, Илас, арæ хстгай йæ м æ внал. — Æ мæ йæ йæ химæ айста. — Исты ма зæ гъдзынæ? Дæ дзаумæ ттæ ралас. Тагъд бынтондæ р адынджыр уыдзæ н, æ мæ уæ д мамæ дæ р кусын райдайдзæ н. Хъуыддæ гтæ иууылдæ р адуду уыдзысты, æ ццæ й, нæ, гæ бул? Ды та! — Асель мæ м худæ нбылæ й бæ ргæ æ рбакаст, фæ лæ йæ цæ сгом цыдæ р æ нкъард уыд. Æ з бандоныл мæ хи æ руагътон. Асель мын цыма уыцы дыууæ дзырды фæ стаг бонты цыдæ риддæ р ныхæ стæ зæ гъынмæ хъавыд, уыдоны хъуыды нывæ рдта, афтæ мæ м фæ каст. Уыцы дыууæ дзырды уыди курдиат дæ р, уайдзæ ф дæ р, æ ууæ нк дæ р. Æ з ын хъуамæ хабæ рттæ иууылдæ р радзырдтаин, кæ нæ та нæ хицæ й æ вæ стиатæ й ацыдаин. Радзурыны бæ сты ацæ уын хуыздæ р уыд. Асель тынг амондджын у, гуырысхо дæ р ницæ уыл кæ ны. Бандонæ й сыстадтæ н.

— Æ з цæ уон.

— Кæ дæ м цæ уыс? — фестъæ лфыд Асель. — Абон дæ р та нæ химæ нæ уыдзынæ? Цай уæ ддæ р бацым.

— Нæ мæ ’вдæ лы. Цæ уын мæ хъæ уы, — бахъуыр-хъуыр кодтон æ з. — Дæ хæ дæ г æ й куы зоныс, куыст ныртæ ккæ — къубалмæ.

Нæ, нæ, мæ куысты тыххæ й нæ цыдтæ н нæ хицæ й. Рейсмæ мæ райсом цæ уын хъуыд.

Кабинæ йы мæ хи бадæ ныл уæ ззаугай æ руагътон æ мæ рынчынау ныхъхъæ рзыдтон. Дæ гъæ лы бынат нал æ мæ нал ардтон. Уый фæ стæ фæ ндагмæ рахызтæ н æ мæ, цалынмæ нæ хæ дзары рудзынджы рухс нæ фæ аууон, уæ дмæ машинæ скъæ рдтон. Цырæ гътæ ахуыссын кодтон. Хъуамæ ме ’хсæ в ам арвыстаин. Бапъирозтæ систон. Къоппы ма æ рмæ стдæ р иу спичкæ разынд. Иу тæ пп фæ кодта æ мæ ахуыссыд. Æ з спичкæ ты къопп бапъирозтимæ иумæ рудзынгæ й фехстон, бадæ ныл æ рхуыссыдтæ н æ мæ мæ кæ рцæ й мæ хи æ рæ мбæ рзтон.

Мæ й уазал æ мæ тар хæ хты сæ рмæ уыцы хъуынтызæ й каст. Комæ й къуыззитгæ нгæ тахт æ нкъард дымгæ æ мæ кабинæ йы гом дуарæ й хъазыд. Мæ химæ уæ ды хуызæ н иунæ г никуыма фæ кастæ н. Фæ хицæ н дæ н адæ мæ й, мæ бинонтæ й, ме ’мбæ лттæ й. Афтæ мæ й дарддæ р цæ рæ н нал уыд. Æ з мæ хицæ н дзырд радтон, куыддæ р автобазæ мæ æ рбаздæ хон, афтæ Кадичайæ хатыр ракурдзынæ н æ мæ йын зæ гъдзынæ н, цæ мæ й, не ’хсæ н цыдæ риддæ р уыд, уыдон ферох кæ на. Уый уыдзæ н æ ппæ тæ й растдæ р.

Фæ лæ цардмæ æ ндæ р уынаффæ тæ уыд. Уый æ нхъæ л ницы хуызы уыдтæ н. Æ ртыккаг бон райсомæ й базæ мæ æ рбацыдтæ н. Нæ химæ ничи уыд. Дуар гомæ й æ рбаййæ фтон. Раздæ р æ нхъæ лдтон, Асель донмæ кæ нæ сугтæ м ауади, зæ гъгæ. Мæ алыварс ахъахъхъæ дтон. Уат цыдæ р æ нæ фснайд уыд. Пецæ н мæ м йæ уазал тæ ф ракалд. Сæ мæ ты гыццыл сынтæ гмæ бауадтæ н. Уый дæ р — афтид.

— Асель! — сдзырдтон æ з удаистæ й.

«Асель! » — сындæ ггай райхъуыст уаты къуымтæ й азæ лд.

Æ з адæ ргæ й дуарыл мæ хи ныццавтон.

— Асель!

Дзуапдæ ттæ г мын нæ фæ ци. Нæ сыхæ гтыл азылдтæ н, бензинæ вгæ нæ нмæ дæ р ныууадтæ н, фæ лæ мын бæ лвырд ннчи ницы загъта. Знон, дам, æ нæ хъæ н бон ам нæ уыд, йæ сывæ ллоны, дам, йæ зонгæ тæ м ныууагъта. Изæ рæ й æ рбацыд. «Ацыди, æ вæ ццæ гæ н, хъуыддæ гтæ иууылдæ р базыдта! » — мæ хъуыдыйæ мæ хæ дæ г фестъæ лфыдтæ н.

Уыцы æ намонд боны хуызæ н тагъд Тянь-Шаны хæ хтыл машинæ никуыма скъæ рдтон. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м афтæ каст, цыма йæ фæ зилæ ны, комы кæ нæ фæ ндагыл æ ндæ р искуы баййафдзынæ н. Цæ ргæ сау-иу мæ разæ й цæ уæ г машинæ йы баййæ фтон, йæ цуры-иу мæ цыд фæ сабырдæ р, йæ кабинæ мæ -иу ын бакастæ н, гуыффæ йыл-иу мæ цæ ст ахастон æ мæ та-иу дарддæ р аскъæ рдтон. Шофырты цæ сгæ мттыл бæ рæ г уыд, тынг мæ кæ й æ лгъитынц. Афтæ æ нæ рлæ угæ йæ æ ртæ сахаты бæ рц фæ цыдтæ н. Уалынмæ мæ радиаторы дон рафыхт. Кабинæ йæ рагæ пп ластон æ мæ радиаторыл мит калын райдыдтон, уый фæ стæ дон æ рбахастон. Радиаторæ н йæ тæ ф йæ сæ рмæ фæ здæ гау сбадт. Машинæ дугъы æ руайæ г бæ хау тыхулæ фт кодта. Куыддæ р фæ стæ мæ сбадынмæ хъавыдтæ н, афтæ дын кæ сын, æ мæ Алыбег йæ сыфцæ йласгæ гуыффæ имæ мæ комкоммæ æ рбацæ уы. Мæ лæ ты æ хсызгон мын уыди. Кæ д кæ рæ дзимæ нæ дзырдтам, суанг ма салам дæ р нæ лæ вæ рдтам, уæ ддæ р Асель уыдонмæ куы уа, уæ д мын æ й зæ гъдзæ н. Æ з фæ ндагмæ ратахтæ н, мæ къух сдардтон:

— Æ рлæ уу, бауром, Алыбег! Бауром!

Машинæ скъæ рдта йе ’ххуысгæ нæ г, Алыбегмæ фæ рсæ гау бакаст. Уый æ лхынцъæ рфыгæ й иуварс азылд. Машинæ мæ иувæ рсты аивгъуыдта. Йæ дымгæ мыл митрыг æ рбакалдта. Мæ къух хæ рдмæ хъилæ й фæ ндаджы астæ у лæ угæ йæ баззадтæ н. Уый фæ стæ мæ цæ сгом æ рсæ рфтон. Йæ маст мæ райста. Фæ лæ мæ н уыдæ ттæ м не ’вдæ лд. Асель уыдонмæ дæ р нæ й. Уый ноджы æ взæ рдæ р уыд. Куыд æ й бамбæ рстон, афтæ мæ й хъæ умæ ацыд, йæ цæ гатмæ йеддæ мæ кæ дæ м хъуамæ ацæ уа. Цымæ йæ ныййарджыты хæ дзары къæ сæ рæ й куыд бахызт? Цы сын загъта? Цы цæ стæ й йæ м ракастысты, фæ стæ мæ сæ м æ гадæ й куы раздæ хт, уæ д? Иунæ гæ й, йæ сывæ ллон йæ хъæ бысы!

Уыцы минут мын хъæ умæ æ нæ цæ угæ нæ уыд.

Тагъд-тагъд мæ машинæ равдæ лон кодтон, мæ хæ дæ г диспетчермæ мæ гæ ххæ ттытæ аскъæ фтон. Тæ ккæ бахизæ ны Джантайыл мæ хи скъуырдтон — йæ цъаммар, æ нæ уынон мидбылхудт та йæ разæ й фæ ци!

Æ з диспетчеры рудзынгæ й мæ сæ р куы бадардтон æ мæ стъолмæ путевкæ куы баппæ рстон, уæ д мæ м Кадича æ нахуыр каст æ рбакодта.

Йæ цæ стæ нгасыл ын цыдæ р мæ т бафиппайдтон, стæ й цыма мæ цуры цыдæ р къæ мдзæ стыг уыд, афтæ мæ м фæ каст.

— Рæ вдздæ р мын айс мæ гæ ххæ ттытæ! — загътон æ з.

— Мæ лæ ты удаист дæ. Исты хабар ис?

— Нæ химæ йæ нал баййæ фтон. Асель ацыд!

— Цытæ дзурыс? — Кадича сыстад, афæ лурс, йæ былтæ æ хсынгæ йæ, сдзырдта: — Ныххатыр мын кæ н, ныххатыр мын кæ н, Илас! Уый æ з уыдтæ н, æ з...

— Цы? Æ ргомдæ р дзур, дзур, цыдæ риддæ р уыд, уый! — æ мæ дуарыл мæ хи ныццавтон.

— Куыд рауад, уымæ н мæ хæ дæ г дæ р ницы бамбæ рстон. Æ цæ гæ й дын зæ гъын, Илас. Знон мын мæ рудзынг дуаргæ с æ рбахоста, æ дде, дам, иу чызджы дæ фенын фæ нды. Æ з Аселы уайтагъддæ р базыдтон. Æ нæ дзургæ йæ мæ м æ рбакаст æ мæ бафарста: «Уый æ цæ г у? » Æ з... æ з ницыуал ахъуыды кодтон, афтæ мæ й сдзырдтон: «О, æ цæ г у. Алцыдæ р æ цæ г у. Мемæ вæ ййы! » Уайтагъд фæ стæ мæ фæ зылд. Æ з стъолыл æ рхаудтæ н æ мæ ныккуыдтон, сæ рхъæ нау дзырдтон æ мæ дзырдтон: «Мæ н у! Мæ н! » Уый фæ стæ йæ нал федтон... Бахатыр мын кæ н!

— Фæ лæ уу-ма, цæ мæ й йæ базыдта?

— Уый Джантайы дзых у. Уый мæ м æ ртхъирæ н кодта сардауынæ й. Уыцы цъаммары дæ хæ дæ г нæ зоныс! Ацу йæ м, Илас, æ мæ йæ ссар. Æ з уæ никуал бахъыгдардзынæ н, искуы мæ сæ р фесафдзынæ н...

Машинæ скъæ рдтон зымæ гон быдыртыл. Зæ хх уыди салд, цъенгæ дæ вдæ г. Дымгæ -иу миты хъæ пæ нтыл йæ хи рауагъта, арыхъхъытæ й-иу гæ рзæ хсæ нтæ рамарзта æ мæ -иу сæ йæ разæ й айста. Дардæ й зындысты самандур бырутæ æ мæ быгъдæ г дыргъдæ ттæ.

Изæ рæ й хъæ умæ æ рбацыдтæ н. Мæ зонгæ хæ дзары дуармæ æ рлæ ууыдтæ н. Цæ мæ й мын фенцондæ р уа, уый тыххæ й тагъд-тагъд сдымдтон, стæ й мæ тамако ахуыссын кодтон æ мæ машинæ йы дутгæ нæ н нылхъывтон. Аселы бæ сты мæ м йæ мад куы рацæ уид, йæ бæ мбæ джджын йе уæ хсчытыл æ ппæ рст. Æ з машинæ мæ схизæ ныл слæ ууыдтæ н æ мæ сабыргай сдзырдтон:

— Дæ бон хорз, нæ мады хай!

— А-а, уый ды куы дæ, ды! — тызмæ гæ й мын дзуапп радта ус. — «Нæ мады хай» сдзурын та ма мæ м дæ цæ сгом куыд бахъæ цыд? Фесæ ф мæ цурæ й, куыд никуыуал дæ фенон, афтæ! Дзæ гъæ лхæ тæ г! Æ нæ хæ дзар! Мæ буц хъæ булы мын асайдта, йæ хæ дæ г ма мæ м уый фæ стæ æ рбасхъæ л! Æ дзæ сгом! Нæ цард нын фенад кодтай!..

Зæ ронд ус мын мæ дзых схæ лиу кæ ныны бар дæ р нæ лæ вæ рдта. Дарддæ р мæ ныхмæ дзырдта æ мæ дзырдта. Æ мæ мын цы нæ æ фхæ рæ н ныхас загъта! Сыхæ гтæ йæ хъæ рмæ æ мбырд кæ нын райдыдтой.

— Дæ гуырыконд ардыгæ й айс, цалынмæ адæ ммæ нæ фæ дзырдтон, уæ дмæ. Мæ цæ сты кæ ронæ й дæ р дæ куыд никуыуал фенон, афтæ! Мах тæ ригъæ дæ й дыл хуыцау йæ уæ ззау бæ ллæ х сæ вæ рæ д! — Æ мæ мæ м, йæ бæ мбæ джджын зæ хмæ æ рæ ппаргæ йæ, гурæ й-гурмæ æ рбацæ йцыд.

Мæ нæ н æ ндæ р гæ нæ н нал уыд æ мæ машинæ мæ схызтæ н. Æ цæ гæ йдæ р мæ мæ гуыры конд айсын хъуыд, иугæ р мæ м кæ д Асель ныхасмæ дæ р нал цыд, уæ д. Мæ машинæ йыл сыхы гыццыл лæ ппутæ дуртæ æ мæ лæ дзджытæ æ хсын райдыдтой...

Уыцы æ хсæ в Иссык-Кулы былгæ рæ тты бирæ фæ рацу-бацу кодтон. Цад мæ йы рухсмæ уынæ ргъыдта. Иссык-Куль, Иссык-Куль, æ дзухдæ р цæ джджинагау куы фыцыс! Уæ д уыцы æ хсæ в дæ фыцынæ й цæ мæ н банцадтæ æ мæ ихы къæ ртт цæ мæ н фестадтæ?! Уæ ды хуызæ н тарæ рфыг æ мæ хъуынтъызæ й дæ никуыма федтон. Æ з бадтæ н дæ лгоммæ фæ лдæ хт бæ лæ гъыл. Уылæ нтæ былгæ ронмæ знæ тæ й лæ бурдтой, мæ цырыхъхъытыл-иу атыхстысты æ мæ та-иу, уæ ззау сулæ фгæ йæ, фæ стæ мæ лидзæ г фесты...

... Чидæ р мæ м æ рбацыд, арæ хстгай мын ме уæ хскыл йæ къух æ рæ вæ рдта: Кадича.

 

***

Цалдæ р боны фæ стæ Фрунземæ ацыдыстæ м æ мæ кусын райдыдтам Анархайы фосхизæ нтæ сгарæ г экспедицийы. Æ з шофырæ й, Кадича та — сау кусæ гæ й. Афтæ райдыдта нæ ног цард.

Экспедициимæ Анархайæ н йæ тæ ккæ рæ бинагдæ р къуымы балæ ууыдыстæ м. Балхашмæ нæ бирæ нал хъуыд. Иугæ р ивгъуыд царды уаргъ де ’ккойæ æ ппарыс, уæ д — æ нусмæ.

Фыццаг рæ стæ г мæ сагъæ стæ куысты бын фесты. Кусинаг та бирæ уыд. Æ ртæ азы æ мæ æ рдæ гмæ Анархайæ н йæ кæ цы къуымы нæ балæ ууыдыстæ м, ахæ м нал баззад. Цъайтæ къахтам, фæ ндæ гтæ æ мæ базæ тæ арæ зтам. Иу ныхасæ й, ныртæ ккæ уый фыццаджы хуызæ н æ дзæ рæ г Анархай нал у. Уæ д-иу дзы бон-сихорафон дæ р адæ ймаг фæ дзæ гъæ л уыдаид æ мæ -иу æ нæ хъæ н мæ йы дæ ргъы скъæ лдзойæ æ мбæ рзт обауджын быдырты фæ рацу-бацу кодтаид. Ныртæ ккæ та у фосдарджыты бæ стæ, культурон центртæ æ мæ æ ппæ т фадæ ттæ дæ р кæ м ис, ахæ м хæ дзæ рттимæ Мæ нæ у дзы тауынц, суанг ма дзы хос дæ р æ ркæ рдынц. Анархайы ныр дæ р куыст бирæ ис, уæ лдайдæ р шофыртæ н. Фæ лæ æ з фæ стæ мæ раздæ хтæ н. Ома æ дзæ рæ г бынæ тты æ гæ р зын уыдис, уый тыххæ й нæ. Уыдон рæ стæ гмæ йы хъуыддæ гтæ уыдысты. Мах Кадичаимæ ницæ мæ й тарстыстæ м, стæ й, раст зæ гъгæ йæ, æ взæ р дæ р нæ цардыстæ м, кæ рæ дзийæ н аргъ кодтам. Фæ лæ иу хъуыддаг аргъ кæ нын у, иннæ хъуыддаг та — уарзын. Иу куы уарза, иннæ куы нæ уарза, уæ д уый, мæ нмæ гæ сгæ, æ цæ г цард нæ у. Кæ нæ адæ ймагæ н йæ конд афтæ у, кæ нæ та удыхъæ дæ й æ з ахæ м дæ н, фæ лæ æ дзухдæ р цыдæ р хъуаг уыдтæ н. Куыст дæ р мын не ’ххуыс кодта, уарзон сылгоймаджы хæ лардзинад æ мæ узæ лд дæ р — афтæ. Æ з рагæ й дæ р мæ хинымæ р мæ химæ хæ цыдтæ н, æ гæ р рæ узонд кæ й разындтæ н, Аселы фæ стæ мæ раздахыныл ма иу хатт уæ ддæ р цæ уылнæ бацархайдтон, зæ гъгæ. Мæ фырт æ мæ Аселы уæ лдай арæ хдæ р фæ стаг æ хсæ з мæ йы мысыдтæ н. Æ хсæ в мæ м хуыссæ г хæ стæ г нал цыд. Мæ цæ стытыл уади Сæ мæ т — йæ мидбылты-иу худт, йæ лæ мæ гъ къæ хтыл-иу мæ нгæ фсон лæ уд кодта. Йæ сыгъдæ г æ мæ зынаргъ комытæ ф мæ никуыуал ферох уыдзысты. Цæ рæ нбонты мæ туджы ахъардтой. Тянь-Шаны хæ хтæ, мæ хи цъæ х Иссык-Куль, мæ фыццаг æ мæ фæ стаг уарзондзинадыл кæ м сæ мбæ лдтæ н, уыцы быдыртæ мæ сæ химæ ластой.

Кадича уыцы хабæ рттæ иууылдæ р зыдта, фæ лæ мæ м никуы ницы азым æ рхаста. Мах æ ппынфæ стаг бамбæ рстам, иумæ цæ рын нæ бон кæ й нæ у, уый.

Уыцы аз уалдзæ г Анархайы мæ лæ ты раджы ралæ ууыд. Уайтæ ккæ дæ р мит атади, обæ уттæ асыгъдæ г сты æ мæ цъæ х-цъæ хид адардтой. Быдыр райхъал, хуры хъармæ й фæ цардхуыз, уымæ л йæ химæ æ лвæ ста. Æ хсæ выгæ тты уæ лдæ ф фæ сыгъдæ гдæ р, арвыл стъалытæ бирæ гæ йттæ й зынын райдыдтой.

Мах хуыссыдыстæ м нефтцъирæ ны цур цатыры. Иуы дæ р нæ хуыссæ г нæ ахста. Быдыр уыди сабыр. Уалынджы кæ цæ йдæ р мæ хъустыл ауад паровозы уасын. Хъусгæ та йæ куыд фæ кодтон, уый диссаг уыд. Махæ й æ фсæ нвæ ндагмæ райсомæ й сихормæ цæ уын хъуыд. Æ ви мæ мæ хъустæ фæ сайдтой, уæ ддæ р нæ зонын. Базыртæ мыл базад. Цæ уыны фæ нд мын мæ зæ рдæ срæ хуыста. Æ мæ загътон:

— Кадича, дарддæ р афтæ цæ рын мæ бон нал у.

— Ацу, ацу, Илас. Мах хъуамæ фæ хицæ н уæ м, — дзуапп радта уый.

Æ мæ фæ хицæ н стæ м. Кадича ацыди Цæ гат Казахстанмæ зæ рæ стон зæ ххытæ м.

Амондджын куы уаид, уый мæ тынг фæ нды. Кадичайæ н, чи зоны, йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ й, афтæ мæ й йæ кæ д, мыййаг, агурæ г ис, уæ д мæ фæ нды, кæ рæ дзийы куы ссариккой æ мæ æ ппынфæ стаг уæ ддæ р амондджынæ й куы цæ рид. Йæ фыццаг лæ гимæ йæ цард нæ ацыд, мæ нимæ дæ р — афтæ. Чи зоны, æ з йемæ цæ ргæ йæ баззадаин, æ цæ г уарзондзинад цы у, кæ рæ дзийы уарзын цæ йбæ рц бирæ мары, уый куынæ зыдтаин, уæ д. Уый ахæ м хъуыддаг у, æ мæ йæ ныхæ стæ й нæ радзурдзынæ.

Æ з Кадичайы станцæ мæ аластон, поезды йæ сæ вæ рдтон. Вагоны фарсмæ фæ тахтæ н, цалынмæ нæ адард, уæ дмæ. «Фæ ндараст фæ у, Кадича, æ взæ рæ й мæ макуы æ рымыс!.. » — сдзырдтон ма сабыргай фæ стаг хатт йæ фæ дыл.

Хърихъуппытæ Анархайы сæ рты тахтысты хуссармæ, æ з та цыдтæ н цæ гатмæ, Тянь-Шаньмæ...

 

***

Куыддæ р æ рхæ ццæ дæ н, афтæ æ вæ стиатæ й ацыдтæ н хъæ умæ. Фæ ндагыл иу уæ зласæ н машинæ æ рурæ дтон æ мæ гуыффæ йы сбадтæ н. Хъуыды кæ нын мæ ницæ уыл фæ ндыд. Мæ зæ рдæ йы æ мхæ ццæ йæ гуырыдысты тас æ мæ цин. Мах цыдыстæ м быдыртыл, Аселимæ -иу кæ м æ мбæ лдыстæ м, уыцы фæ ндагыл. Фæ лæ уый кæ ддæ ры уæ рдонвæ ндаджы хуызæ н нал уыд. Кæ рæ й-кæ ронмæ йыл хуыр ныккодтой, бетон хидтæ дзы сарæ зтой, фæ ндагамонæ н нысантæ дзы сæ вæ рдтой. Кæ ддæ р мæ машинæ кæ м ныссагъд, уыцы арыхъхъ дæ р нал базыдтон. Асель цы дурыл бадт, уый дæ р нал ссардтон.

Хъæ угæ ронмæ куы фæ цæ йхæ ццæ кодтам, уæ д кабинæ æ рхостон.

— Цы кæ ныс? — йæ сæ р радаргæ йæ мæ м сдзырдта шофыр.

— Бауром, æ з ам хизын.

— Тыгъд быдыры? Ныртæ ккæ бахæ ццæ уыдзыстæ м.

— Бузныг. Ардыгæ й мæ дард цæ уын нал хъæ уы, — æ мæ зæ хмæ æ ргæ пп кодтон. — Фистæ гæ й бауайдзынæ н, — сдзырдтон æ з æ мæ йæ м æ хца бадардтон.

— Ныууадз! Нæ хиуæ ттæ й нæ фæ исын.

— Айс, цæ й, мæ ныхыл фыст нæ у, кæ цытæ й дæ н, уый.

— Дæ митæ м гæ сгæ йæ базыдтон.

— Цæ й уæ дæ, дæ салам бирæ. Дзæ бæ хæ й цæ р!

Машинæ ацыд. Æ з фæ ндагыл сагъдауæ й баззадтæ н. Дымгæ мæ мæ чъылдым сарæ зтон æ мæ мæ тамако ссыгътон. Мæ сигарет мæ дзыхмæ куы сцæ йхастон, уæ д ме ’нгуылдзтæ сæ зыр-зырæ й нал æ нцадысты. Иуцалдæ р хатты дзы сулæ фыдтæ н, стæ й йæ мæ къахы бын аууæ рстон æ мæ араст дæ н. «Æ рхæ ццæ дæ н! » — сдзырдтон сабыргай мæ хицæ н. Мæ зæ рдæ йы дзæ хст-дзæ хст хъустыл æ мбæ лди, цыма мын исчи мæ сæ р дзæ бугæ й хоста, уыйау.

Хъæ у зынгæ йæ хуыз аивта. Фæ уæ рæ хдæ р, фæ зынди дзы шиферæ й æ мбæ рзт бирæ ног хæ дзæ рттæ. Телтæ уынгты сæ хи айвæ зтой. Колхозы правленийы цур телыхъæ дыл дзырдта радио. Сывæ ллæ ттæ скъоламæ уадысты. Хистæ ртæ иумæ бакъорд сты æ мæ сæ ахуыргæ нæ гимæ цæ уылдæ р зæ рдиаг ныхасгæ нгæ фæ цæ йцыдысты. Чи зоны, æ мæ мæ ныл кæ ддæ р дуртæ æ мæ лæ дзджытæ чи æ хста, уыдонæ й дæ р дзы исчитæ уыди... Рæ стæ г цæ уы æ мæ цæ уы, бауромæ н ын нæ й.

Æ з мæ цыдыл бафтыдтон. Мæ нæ мæ зонгæ хæ дзар. Йæ кæ рты хæ рис бæ лæ стæ, йæ алыварс самандур быру. Хæ стулæ фтгæ нгæ æ рлæ ууыдтæ н. Фыртæ ссæ й мæ сур хид акалд, афтæ мæ й хъуызæ гау кулдуармæ фæ цæ уын. Бахостон. Мæ размæ гыццыл чызг рауад. Йæ пъартфел йæ къухы. Кæ ддæ р мæ м йе ’взаг чи фелвæ ста, уый ныр скъоламæ цæ уын райдыдта. Чызгæ н уроктæ м æ рæ джы кодта. Дызæ рдыггæ нгæ мæ м æ рбакаст æ мæ загъта:

— Нæ химæ ничи ис!

— Æ ппындæ р?

— О. Нана уазæ гуаты ацыд хъæ ды хæ дзарадмæ. Баба та трактортæ н дон аласта.

— Асель та кæ м и? — тæ рсгæ -ризгæ йæ афарстон æ з æ мæ мæ ком ахус.

— Асель? — ныддис кодта чызг. — Асель раджы куы ацыд...

— Æ мæ уæ дæ й нырмæ иу хатт дæ р нæ ма æ рцыд?

— Алы аз дæ р джездеимæ [4] æ рцæ уынц. Нана афтæ зæ гъы, хорз адæ ймаг, дам, у!..

Æ ндæ р æ й ницæ мæ йуал бафарстон. Чызг скъоламæ атахт, æ з та фæ стæ мæ раздæ хтæ н.

Уыцы хабармæ афтæ фæ уыргъуыйау дæ н, æ мæ мын уæ лдай нал уыд, моймæ кæ мæ æ мæ кæ дæ м ацыд, уый. Цæ мæ н мæ хъæ уы йæ зонын? Асель æ ндæ р искæ мæ чындзы ацæ удзæ н, уыцы хъуыды цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ сæ ры никуы сæ взæ рд. Уымæ н та æ нæ уæ вгæ нæ уыд. Уал азы мæ нмæ куыннæ бадтаид æ мæ, кæ д фæ зындзынæ н, уымæ куыннæ ’нхъæ лмæ кастаид.

Æ з машинæ мæ дæ р нал фæ лæ ууыдтæ н æ мæ фæ ндагыл фистæ гæ й араст дæ н.

Цы фæ ндагыл цыдтæ н, уый йæ хуыз аивта. Хуыр ыл ныккалдтой, уый фæ стæ йæ дзæ бæ х ныннадтой. Æ рмæ стдæ р ма быдыр баззад йæ хи хуызæ нæ й. Хуымгæ нд дардмæ дæ р тар дардта, ранæ й-рæ тты дзы зындысты хурсыгъд æ мæ къæ вдайы хост хъæ мпы хæ лттæ. Быдыр хæ хтæ й арвгæ ронмæ айтынг фæ тæ н, æ мвæ з уадздзагæ й æ мæ -иу дард кæ мдæ р Иссык-Кулы былгæ рæ тты æ рбайсæ фт. Зæ хх уыцы быгъдæ гæ й лæ ууыд. Миты фæ стæ бынтондæ р æ руымæ л. Кæ цæ йдæ р тракторты хъæ р цыди. Уалдзыгæ нд фæ лдахын райдыдтой.

Æ хсæ выгон районы центрмæ бахæ ццæ дæ н. Райсомæ й скарстон: автобазæ мæ цæ уын хъæ уы. Зæ рдæ дарæ н ницæ уылуал уыд. Алцæ мæ й дæ р мæ бон базыдтон. Фæ лæ цæ рын æ мæ кусын хъæ уы. Дарддæ р та цы уыдзæ н, хуыцау йæ зонæ г...

Тянь-Шаны фæ ндаг æ мбу кодта. Машинæ тæ кæ рæ дзийы фæ дыл цыдысты æ нæ сыскъуыйгæ йæ. Нæ хиуæ ттæ й, ома автобазæ йы шофыртæ й искæ уыл куы фембæ лдаин, уымæ бæ ллыдтæ н. Æ рæ джиау мæ къух сдардтон.

Машинæ тагъд цыди æ мæ йын мæ цуры æ руромын нæ бантыст. Иудзæ вгар ма ауади, стæ й æ рлæ ууыд. Æ з мæ чумæ данмæ фæ лæ бурдтон, шофыр кабинæ йæ рахызт. Кæ сын, æ мæ æ фсады иумæ кæ имæ уыдыстæ м, уый — Эрмек, шофырыл дæ р æ й æ з ахуыр кодтон. Уæ д ма хæ рзæ рыгон лæ ппу уыд. Эрмек æ нæ дзургæ йæ лæ ууыди æ мæ йæ мидбылты худт.

— Нал мæ базыдтай?

— Сержант... Илас! Илас Алыбаев! — æ рæ джиау мæ æ рхъуыды кодта уый.

— Уый бæ ргæ дæ н! — бахудтæ н æ з æ мæ сагъæ стыл фæ дæ н. Хæ рзаг тынг аивта мæ хуыз, кæ д ма мæ адæ м тыххæ йты базонынц, уæ д.

Цæ уæ м, алы хабæ рттæ мысæ м, æ фсады кой дæ р нæ м рауад. Мæ царды хабæ рттæ й мæ куы афæ рса, уымæ й тарстæ н. Фæ лæ сын Эрмек, æ вæ ццæ гæ н, ницы зыдта, æ мæ мын фенцондæ р.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.