Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 5 страница



— Райсом цафон кусыс, Кадича?

— Фæ ссихор. Цы кæ ныс?

— Ахсджиаг хъуыддаджы тыххæ й мæ демæ аныхас кæ нын фæ нды. Дæ уæ й аразгæ у...

Раздæ р мæ сдзырд дæ р нæ уагъта. Æ з мæ тых, мæ бонæ й архайдтон. Цæ хгæ рмæ уынджы цырагъ кæ м сыгъд, уым æ рлæ ууыдыстæ м.

— Ныууадз дæ митæ, Илас, — сдзырдта уыцы тыхстхуызæ й Кадича æ мæ мын мæ цæ стытæ м ныккаст. — Барæ й дæ хи фыдбылызы æ ппарыс!

Кæ д цыфæ нды дзырдта, уæ ддæ р æ й бамбæ рстон, мæ фæ ндыл кæ й сразы уыдзæ н. Æ з ын йæ къухыл фæ хæ цыдтæ н:

— Мæ ныл не ’ууæ ндыс? Æ ппындæ р мацæ мæ й тæ рс. Бафидыдтам?

Кадича арф ныуулæ фыд:

— Цы бакæ нон, дæ ныхмæ ’рлæ ууын мæ бон нæ у! — æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта...

Æ з ын фырцинæ й æ рбахъæ быс кодтон.

— Лæ г дæ, æ мæ дæ хæ дæ г, Кадича! Цæ й, хæ рзæ хсæ в. Райсом фембæ лдзыстæ м! — Йæ къух ын фидар нылхъывтон. — Гæ ххæ ттытæ иууылдæ р изæ рмæ рæ вдз куыд уой, ууыл бацархай, бамбæ рстай?

— Фæ сте дæ исчи суры, кæ дæ м тæ хыс? — сдзырдта уый, мæ къух йæ къухы даргæ йæ. Стæ й æ нæ нхъæ лæ джы фæ зылд. — Цу, уæ дæ... Ахсæ в æ мдзæ рæ ны уыдзынæ?

— О, Кадича!

— Хæ рзæ хсæ в!

Дыккаг бон уыдис машинæ ты техникон цæ ттæ дзинадмæ кæ сæ н бон. Автобазæ йы адæ м тыхстысты: лæ гæ н йæ уд йæ хъуырмæ куы схæ ццæ вæ ййы, ацы инспектортæ н дæ р уæ д æ нæ фæ зынгæ нæ й. Уыимæ чысыл ницæ й тыххæ й дæ р акт аразынмæ фæ вæ ййынц. Адæ ймаг сæ сфæ лмæ цы, хурхæ й йæ амарынц. Фæ лæ уыдонмæ цы хъары!

Мæ машинæ мæ ницæ мæ й мæ зæ рдæ æ хсайдта. Уæ ддæ р сæ м хæ стæ г нæ цыдтæ н. Цыма йæ м зилинæ гтæ ис, уый хуызæ н мæ хи дардтон. Цалынмæ Кадича кусынмæ рацыдаид, уæ дмæ мæ мæ хи истæ уыл ирхæ фсын хъуыд. Мемæ дзурынвæ нд никæ мæ уыд, зноны хабæ рттæ мын мæ цæ стмæ ничи бадардта. Æ з мæ хæ дæ г дæ р зыдтон, адæ мы мæ нмæ кæ й не ’вдæ лд: алчидæ р архайдта инспектортæ й фервæ зыныл æ мæ тагъддæ р машинæ ты сбадыныл, уымæ н æ мæ æ нæ уи дæ р, æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ, бирæ рæ стæ г фесæ фтой. Мæ нæ н та мæ маст мæ риуы æ мдымбылæ й лæ ууыди.

Мæ нмæ рад æ рхауд фæ ссихор. Инспектортæ ацыдысты. Иу змæ лæ г никæ цæ йуал зынд. Бæ стæ ныссабыр. Кæ рты мидæ гоз лæ ууыдысты гуыффæ тæ. Хæ стæ г балцыты-иу дзы иуæ й-иу хатт быдырон фæ ндæ гтыл дæ р пайда кодтой. Иу дзы мæ хицæ н равзæ рстон. Уæ вгæ иннæ тæ й æ ндæ рхуызон нæ уыд. Хуымæ тæ джы гуыффæ, цыппар цалхимæ. Афтæ мæ й мын уый фæ стæ цæ йбæ рц масты хос фæ ци. Уæ д нæ ма зыдтон, цы фыдбылызтæ мæ м æ нхъæ лмæ кæ сы, уый æ мæ æ нцад-æ нцойæ мæ хицæ н æ мдзæ рæ нмæ цыдтæ н. Мæ хи хъуамæ хорз федтаин, стæ й зæ рдæ йы фæ ндиаг мæ фæ ллад суагътаин, уымæ н та фынæ йæ хуыздæ р хос нæ уыд. Фæ лæ мæ м, марадз-зæ гъай, кæ д хуыссæ г хæ стæ г æ рцыд. Мæ сынтæ джы фæ рафт-бафт кодтон. Талынггæ рæ тты автобазæ мæ æ рбацыдтæ н.

Кадича йæ куысты уыди. Алцыдæ р рæ вдзæ й æ рбаййæ фтон. Мæ гæ ххæ ттытæ райстон æ мæ гаражмæ атындзыдтон. Ныр ма уæ мæ бар бауадз! Машинæ разылдтон æ мæ йæ гуыффæ мæ батардтон. Мотор сабыргай кусгæ йæ ныууагътон, рахызтæ н, мæ алыварс ахъахъхъæ дтон. Никуы æ мæ ничи. Хъустæ ахстой æ рмæ ст цалцæ ггæ нæ н æ рмадзы станокты хъæ р æ мæ цады уылæ нты уынæ р. Арв цыма сыгъдæ г уыд, афтæ зынд, фæ лæ йыл иунæ г стъалы дæ р нæ ма ссыгъд. Мæ тæ ккæ цур мæ машинæ йы сабыр уынæ р хатын, стæ й хъусын мæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп. Тамако ссудзынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ мæ бапъироз иуварс фехстон, уый фæ стæ бадымдзынæ н, зæ гъгæ.

Æ рбацæ уæ ны мæ дуаргæ с баурæ дта:

— Фæ лæ уу-ма, кæ дæ м цæ уыс?

— Уæ зæ гтæ æ вгæ нынмæ, — загътон æ з сабыргай, — Мæ нæ дын гæ ххæ тт. Бар лæ вæ рд мын ис.

Зæ ронд лæ г гæ ххæ тмæ кæ сы, фæ лæ йын цырагъы рухсмæ ницы æ взары.

— Ма мæ фæ стиат кæ н! — нал æ м фæ лæ ууыдтæ н æ з. — Куыст мæ нмæ не ’нхъæ лмæ кæ сы.

Уæ зæ гтæ сæ вæ рдтон æ нæ къуылымпыйæ. Уæ гъд бынат мын дзы нæ баззад. Дыууæ асыччы — мæ хи гуыффæ йы, дыууæ та — сыфцæ й ласгæ гуыффæ йы. Ничи мæ м ницы сдзырдта. Æ з ма мæ хинымæ р дисы дæ р бацыдтæ н. Стыр фæ ндагмæ куы рахызтæ н, æ рмæ стдæ р уæ д сдымдтон. Бæ стондæ р æ рбадтæ н, цырæ гътæ ссыгътон æ мæ фæ цагайдтон. Æ хсæ вы тар цырæ гъты рухсæ й фæ йнæ рдæ м лыгъди. Фæ ндагыл цъиуызмæ лæ г нæ уыд æ мæ мæ куыд фæ ндыд, афтæ скъæ рдтон. Машинæ йыл цыма уæ лдай уаргъ нæ уыд, уый хуызæ н рогæ н згъордта. Раст зæ гъгæ йæ -иу мæ иуæ й-иу хатт фæ зилæ ны тæ ссармæ фæ цæ йхаста æ мæ мын-иу уæ д здахынмæ дзæ вгар фæ зындæ р, фæ лæ уый — æ нахуырæ й; мæ хицæ н зæ рдæ тæ æ вæ рдтон, фæ цалх уыдзынæ н, зæ гъгæ. «Сар мын дæ сæ р кæ ны, Долон! Сар мын дæ сæ р кæ ны, Атбаши! » — ныхъхъæ р кодтон æ з æ мæ рулыл ныггуыбыр дæ н, цыма бæ хæ н уайгæ -уайын йæ рохтыл хæ цыдтæ н, уыйау. Цалынмæ фæ ндаг лæ гъз уыд, уæ дмæ тагъддæ р цæ уыныл архайдтон. Æ мбисæ хсæ вмæ хъуамæ Долоны фæ хæ рдгæ нæ нмæ бахæ ццæ уыдаин.

Рагацау куыд скъæ рынмæ хъавыдтæ н, уымæ й ма ноджы тагъддæ р дæ р скъæ рдтон. Æ рмæ ст хæ хтæ м куы бахæ ццæ дæ н, уæ д мæ сындæ гдæ р цæ уын бахъуыд. Ома мотор лæ мæ гъ уыд, уый тыххæ й нæ. Фæ хæ рдгæ нæ нтæ мæ уыйбæ рц нæ къуылымпы кодтой. Фылдæ р рæ стæ г уырдыгмæ цæ угæ йæ сæ фтон. Гуыффæ -иу бынмæ цæ угæ йæ сдыууæ рдæ м, дзыгъалмыгъулгæ нгæ -иу йæ хи машинæ йыл рауагъта æ мæ -иу æ й фæ рсæ рдæ м фæ цæ йхаста. Раздæ р хъæ ддых лæ ууыдтæ н, цыма йæ нæ хатын, уый хуызæ н мæ хи дардтон. Фæ лæ куыдфæ стæ мæ тынгæ й-тынгдæ р кодта æ мæ мæ нæ н дæ р мæ маст фыцын райдыдта. Фæ ндагыл цал фæ хæ рдгæ нæ ны æ мæ уырдыджы ис, уыдон нымад чи фæ уыдзæ н! Æ з уæ ддæ р мæ хи ныффидар кодтон. Æ ппындæ р ницæ мæ й тарстæ н, фæ лæ куыдфæ стæ мæ тыхтæ ихсийын райдыдтой. Хъæ ддыхдæ р фæ лæ уу, мæ нæ й уый — зæ рдæ тæ æ вæ рдтон мæ хицæ н. Æ фцæ гмæ схизæ ны мæ фæ ллад суадздзынæ н. Долоны сæ рты та æ нæ ахизгæ нæ й. Фæ ззæ джы машинæ мæ фæ дыл сыфцæ й куы ластон, уæ димæ абаргæ йæ мын ныр зындæ р цæ мæ н уыд, уымæ н ницы ’мбæ рстон.

Æ фцæ гмæ бирæ нал баззад. Комы-иу машинæ йы цырæ гътæ хохрæ дзæ гъдтыл ферттывтой, фæ ндаджы сæ рмæ -иу разындысты митæ мбæ рзт къæ дзæ хтæ. Мит ставд тъыфылтæ й уарын райдыдта. Æ з раздæ р афтæ фенхъæ лдтон, уæ ле сæ рындзæ й дымгæ рамарзта, зæ гъгæ, фæ лæ рудзынджы авгыл афтæ тынг ныхæ стысты æ мæ ма мын уый фæ стæ цы базонын хъуыд, æ цæ гæ йдæ р мит уарын кæ й райдыдта, уый. Мит уыдис донæ мхæ ццæ. «Гъер ма дæ у хъуаг уыдтæ н! » — бахъуыр-хъуыр кодтон мæ хинымæ р æ з. Рудзынгсæ рфæ нтæ скуыстой.

Æ фцæ джы фыццаг фæ хæ рдгæ нæ нтæ райдыдтой. Моторы зонгæ зарæ г райхъуыст. Уæ ззау фæ ндагыл ын æ дзухдæ р ахæ м хъæ лæ с вæ ййы: иугæ ндзон тæ ригъæ ддаг. Уæ дмæ фæ уæ ле стæ м. Ныр та нæ дзæ вгар рæ стæ г уырдыгмæ цæ уын бахъæ удзæ н. Руль мæ къухты сдыууæ рдæ м. Æ нæ фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ дæ р æ мбарын, сыфцæ й ласгæ гуыффæ куыд скатай, уый. Куы машинæ йыл йæ хи ныццæ вы, куы та мæ тæ ссармæ фæ цæ йхæ ссы. Ноджы мын йæ æ нахуыр уынæ р мæ тых сæ тты. Мæ фæ сонтæ сриссынц, ме уæ хсчытæ сдудынц. Цæ лхытæ уромæ нты коммæ нал кæ сынц, ногуард митыл нывыл нæ хæ цынц. Машинæ фæ рсæ рдæ м фæ быры, æ нæ хъæ нæ й дæ р змæ лы, руль мын мæ къухтæ й скъæ фы, афтæ мæ й фæ ндагыл ныццæ хгæ рмæ, йæ цæ лхытæ ривадæ й зилынц. Æ з æ й иннæ рдæ м фæ зылдтон æ мæ æ рлæ ууыдтæ н. Дарддæ р мæ бон цæ уын нал у, мæ хъарутæ фесты. Цырæ гътæ æ мæ мотор ахуыссын кодтон. Мæ къухтæ ницыуал æ мбарынц, цыма мæ хицæ й не сты. Кабинæ йы мæ хи фæ стæ уæ з ауагътон æ мæ мæ м мæ хæ рхæ рæ мхæ ццæ улæ фт райхъуыст. Афтæ иуцалдæ р минуты абадтæ н, ме ’муд æ рцыдтæ н, тамако сдымдтон. Ныр — талынг. Цæ сты къух атъысс, уæ д æ й нæ федтаис. Æ рмæ стдæ р кабинæ йы зыхъхъыртæ й æ рбайхъуысы дымгæ йы æ хситт. Дарддæ р цы уыдзæ н, ууыл ахъуыды кæ нынæ й тæ рсыг, уымæ н æ мæ фæ ндаг разæ й ноджы æ взæ рдæ р у. Мотор дæ р хурхæ й амардзынæ н, стæ й мæ хи дæ р. Фæ ндаг — æ мхæ рд, къæ дз-мæ дзытæ. Уæ вгæ мын бирæ рахъуыды-бахъуыдыйæ н рæ стæ г нæ й. Мит тынгæ й-тынтдæ р уары.

Мотор скусын кодтон. Машинæ уынæ ргъгæ йæ бынатæ й фезмæ лыд. Фыр тыхстæ й мæ дæ ндæ гтæ нылхъывтон, суанг ма-иу мæ улæ фт дæ р ныуурæ дтон, афтæ мæ й иу фæ зилæ нæ й иннæ мæ цыдтæ н. Æ рæ джиау къæ дз-мæ дзытæ фæ сте аззадысты. Ныр та мæ æ муырдыг цæ уын хъæ уы. Фæ ндаггæ сты бæ стыхаймæ фæ зилæ ны онг лæ гъз у. Уый фæ стæ ма дзы иу фæ хæ рдгæ нæ н ис, æ мæ уæ д æ фцæ г фæ сте аззад. Тыххæ й-фыдæ й дæ лæ мæ æ рхæ ццæ дæ н. Æ мраст фæ ндаг уыд иу-цыппар километры æ мæ, мæ бон цас уыд, машинæ уыйбæ рц тынг аскъæ рдтон, уæ лбылмæ æ нцондæ рæ й куыд схизон, афтæ. Фæ цæ уы, фæ цæ уы, ноджыдæ р ма... Машинæ лæ гъзыл цы стырындз, уый йын бирæ йы фаг не сси. Йæ цыд æ рмынæ г. Мæ хи бадæ ныл фæ стæ мæ аппæ рстон æ мæ рулыл ныззæ гæ л дæ н. Мигъты скъуыдтæ й мæ м разындысты стъалытæ. Машинæ йæ бынатæ й нал змæ лы. Цæ лхытæ уæ гъд зылд кæ нын райдыдтой, иуварсæ рдæ м мæ фæ хæ ссынц. Акселератор йæ тæ ккæ къубалмæ нылхъывтон.

— Цæ й, иугыццыл-ма! Бирæ дæ нал хъæ уы! Хъæ ддых фæ лæ уу! — ныхъхъæ р кодтон æ нахуыр хъæ лæ сæ й.

Мотор раздæ р ивазгæ хъæ рзыд, уый фæ стæ йыл зыр-зыр бахæ цыд, стæ й цалдæ р хатты ферхæ цыд, æ мæ ахуыссыд. Машинæ сабыргай сыдз-мыдзы ратылд. Уромæ нтæ дæ р ын нал æ ххуыс кодтой. Гуыффæ йы уæ з æ й фæ стæ мæ ласта æ мæ ласта. Æ рæ джиау къæ дзæ хыл йæ хи сцавта æ мæ дзыхълæ уд фæ кодта. Бæ стæ ныссабыр. Æ з дуар рассыдтон æ мæ кабинæ йæ ракастæ н. Мæ хæ дæ г дæ р уымæ й тарстæ н. Æ нæ байрайгæ дæ счындæ уа! Гуыффæ фæ ндаггæ рон къанаугонды ныххауд. Ныр ын раласæ н ницыуал хуызы ис. Мæ маст мæ хъуырмæ схæ ццæ, афтæ мæ й мотор скусын кодтон æ мæ размæ аггуырсыныл ацархайдтон. Цæ лхытæ цъилау ныззылдысты, машинæ йæ бынатæ й ацæ уыныл афæ лвæ рдта, фæ лæ йын нæ бантыст. Æ з фæ ндагмæ æ ргæ пп ластон, гуыффæ мæ бауадтæ н. Йæ цæ лхытæ арф аныгъуылдысты. Ныр цы чындæ уа? Æ ппындæ р ницыуал æ мбæ рстон, афтæ мæ й, цæ хæ ртæ калгæ, гуыффæ мæ фæ зылдтæ н æ мæ йæ архайын мæ къухæ й фесхойыныл, сынæ гæ й дæ р æ й сцæ вын. Стæ й та йæ бынмæ бахызтæ н, сырдау ныббогъ кодтон, мæ сæ ры тугдадзинтæ дæ р ма фæ цæ йтыдтой, афтæ мæ й йыл ме уæ хскæ й мæ тых, мæ бонæ й схæ цыдтæ н, кæ д æ й фæ ндагмæ ратулин, зæ гъгæ, фæ лæ кæ цæ й. Æ дых, æ нæ хъаруйæ дæ лгоммæ цъыф зæ ххыл æ рхаудтæ н æ мæ фырмæ стæ й ныккуыдтон. Уый фæ стæ сыстадтæ н. Цудгæ -цудгæ машинæ мæ бацыдтæ н æ мæ кабинæ мæ схизæ ныл æ рбадтæ н.

Дардæ й мæ м æ рбайхъуыст моторы уынæ р. Дыууæ цырагъы уырдыджы лæ гъз фæ ндагыл æ рцæ йцыдысты. Уыцы шофыр чи уыд, æ мбис-æ хсæ в æ й хъысмæ т кæ дæ м æ мæ цæ мæ н сырдта, уымæ н ницы зыдтон, фæ лæ дзы æ з фæ тарстæ н, цæ мæ ндæ р мæ м афтæ фæ каст, цыма уыцы рухсытæ мæ фæ дыл зилынц æ мæ мæ æ нæ мæ нг æ рцахсдзысты. Хуыснæ гау гуыффæ йыл мæ хи ныццавтон, машинæ йæ йæ феуæ гъд кодтон, кабинæ йы смидæ г дæ н æ мæ фæ ндагыл хæ рдмæ фæ цагайдтон. Гуыффæ уым ныууагътон.

Цыдæ р æ нахуыр тас мæ фæ дыл бафтыд. Афтæ мæ м каст, цыма гуыффæ мæ фæ стæ цæ уы æ мæ мæ ныртæ ккæ æ рбаййафдзæ н. Мæ машинæ йы тахтыл цæ ст нæ хæ цыд. Фæ ндæ гтæ хорз нæ зыдтон, зæ гъгæ, — былæ й мын æ нæ асхъиугæ ницы хуызы уыд.

Сæ умæ дæ вдæ гæ й базæ йы балæ ууыдтæ н. Æ ррайау дуар ныххостон. Дуар байгом. Асельмæ кæ сгæ дæ р нæ бакодтон, афтæ мæ й мидæ мæ бахызтæ н. Къахæ й сæ рмæ цъыфæ й нал зындтæ н. Мæ тыхулæ фт хъуыст. Цыдæ р хуылыдзыл æ рбадтæ н. Уыдон ногæ хсад дзаумæ ттæ уыдысты бандоныл. Бапъирозтæ м мæ дзыпмæ нывнæ лдтон, æ нæ нхъæ лæ джы мæ машинæ йы дæ гъæ лтæ систон. Иуварс сæ фехстон, мæ сæ р риуыл æ рхауд, æ мæ уыцы тыхсаст æ мæ чъизийæ цавддурау æ ндзыгæ й баззадтæ н. Асель стъолы уæ лхъус бæ гъæ ввадæ й лæ ууыди. Цы йын загътаин? Дæ гъæ лтæ систа æ мæ сæ стъолыл æ рæ вæ рдта.

— Дæ хи æ хсыс? Хъарм дон дзы ис, — сабыргай загъта Асель.

Æ з сындæ ггай мæ сæ р хæ рдмæ систон. Асель мæ уæ лхъус айдагъ хæ доны лæ ууынæ й баргъæ фст, йæ чысыл къухтæ йæ риуыл сæ вæ рдта. Йæ тарст цæ стытæ мæ м сагъæ схуызæ й кастысты. Зын сын уыд, ахæ м уавæ ры мæ кæ й уыдтой, уый.

— Æ фцæ гыл мæ гуыффæ нынныхст, — сдзырдтон æ з æ цæ гæ лон фæ лмаст хъæ лæ сæ й.

— Цавæ р гуыффæ? — Нæ мæ бамбæ рста.

— Æ фсæ йнаг, кæ рдæ гхуызцъæ х, йæ номыртæ 02-38! Цавæ рфæ нды дæ р уæ д, цы уæ лдай у! — ныхъхъæ р кодтон æ з. — Адавтон æ й, æ мбарыс! Адавтон!

Асель сынтæ джы кæ рон æ рбадт.

— Цæ мæ н?

— Цы цæ мæ н? — кæ й мæ не ’мбары, уый мын мæ мастыл цæ хх кодта. — Æ фцæ гыл гуыффæ имæ ахизынмæ хъавыдтæ н! Бамбæ рстай? Мæ лæ гдзинад æ вдыстон... Æ мæ йæ равдыстон!..

Æ з мæ цæ сгом мæ армытъæ пæ нтæ й амбæ хстон. Иуцасдæ р рæ стæ г дыууæ йæ дæ р хъусæ й лæ ууыдыстæ м. Уалынмæ Асель тагъдгомау фестад æ мæ йæ дзаумæ ттæ кæ нынмæ фæ ци.

— Æ нцад цы сбадтæ? — тызмæ гæ й сдзырдта уый.

— Уæ дæ? — бахъуыр-хъуыр кодтон æ з.

— Автобазæ мæ аздæ х.

— Куыд? Æ нæ гуыффæ йæ?

— Хабар сын радзурдзынæ.

— Ницы хуызы! — срæ цыгътон æ з æ мæ уаты сдыууæ рдæ м дæ н. — Цы цæ сгомæ й баласдзынæ н гуыффæ? «Бахатыр мын кæ нут, фæ рæ дыдтæ н! » Мæ зонгуытыл æ рхауон, лæ гъстæ мæ сын фæ уон? Уый нæ уыдзæ н! Цы сæ фæ нды, уый кæ нæ нт. Æ ппындæ р мæ м никæ цæ й зыны!

Мæ хъæ рмæ сынтæ джы сывæ ллон райхъал. Скуыдта. Асель æ й йæ хъæ бысмæ систа. Йæ куыд ноджы фæ тынгдæ р.

— Ды тæ ппуд дæ! — сабыргай, фæ лæ хъæ ддыхæ й загъта Асель.

— Цы загътай? — цы фæ дæ н, уымæ н ницыуал бамбæ рстон, афтæ мæ й йæ м балæ бурдтон. Мæ тымбылкъухæ й йæ м февзыстон, фæ лæ йæ ныццæ вынмæ мæ ныфс нæ бахастон. Йæ тарст цæ стæ нгас мæ баурæ дта. Йæ цæ сты гагуыты ауыдтон мæ тасæ фтауæ г, зылын цæ сгом.

Иуварс æ й знæ т ассыдтон æ мæ æ ддæ мæ фæ цæ уæ г дæ н. Къæ сæ рæ й ахызтæ н æ мæ дуар мæ фæ стæ уыцы мæ сты гуыпп ныккодтон.

Уынджы бынтон æ рбарухс. Боны рухсмæ мæ м мæ дысоны хабæ рттæ ноджы ирддæ рæ й разындысты. Иунæ г хъуыды уал мæ сæ р ахста: машинæ йы цы уæ зæ гтæ уыд, уыдон уæ ддæ р аласын хъæ уы бынатмæ. Дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ н ницыма зыдтон.

Фæ стæ мæ цæ угæ йæ нæ химæ нæ баздæ хтæ н. Аселимæ кæ й фæ хыл дæ н, уый тыххæ й нæ. Æ ппындæ р мæ цуры куы ничи уыдаид, уый мæ фæ ндыд. Иннæ тæ н нæ зонын, фæ лæ мæ нæ н ахæ м заман иунæ гæ й æ нцондæ р вæ ййы. Тыхстæ й мæ куы ничи уына, уæ д мæ м хуыздæ р кæ сы. Кæ й хъæ уы дæ мæ т, дæ сагъæ с? Бафæ раз, цалынмæ дæ маст байсыса, уæ дмæ.

Фæ ндагыл æ рцæ уæ г адæ мы хæ дзары бахсæ виуат кодтон. Диссаджы фын федтон. Цыма æ фцæ гыл гуыффæ агуырдтон. Фыдфын. Йæ фæ дтæ йын уынын, фæ лæ йын йæ хи ссарын мæ бон нæ у. Тыхсын, адæ мы фæ рсын, цы фæ ци, чи йæ аласта, зæ гъгæ...

Фæ стæ мæ куы здæ хтæ н, уæ д æ цæ гæ йдæ р гуыффæ йæ æ нæ хайыры бынаты нал разынд. Уый фæ стæ йæ базыдтон: Алыбег æ й автобазæ мæ æ рбаласта.

Йæ фæ стæ æ з дæ р æ рбацыдтæ н. Мæ лæ ты сау ныддæ н ацы фæ стаг бонты. Кабинæ йыл сагъд кæ сæ нмæ бакастæ н æ мæ мæ хи нал базыдтон.

Автобазæ уыди раздæ ры хуызæ н. Кæ д дзы исчи йæ хи æ цæ гæ лон хуыдта, уæ д уый æ з. Мæ машинæ уыцы æ нæ уынæ рæ й кулдуармæ батардтон, кæ ртмæ дæ р афтæ хъуызæ гау бацыдтæ н. Гаражæ н йæ тæ ккæ рæ бинаг къуымы æ рурæ дтон. Кабинæ йæ дæ р æ васт нæ рахызтæ н. Мæ алыварс ахъахъхъæ дтон. Адæ м сæ куыст ныууагътой æ мæ мæ нмæ ныккастысты. Ахæ м зонд мæ м æ рцыд, дæ машинæ фæ стæ мæ раздах æ мæ йæ аскъæ р, кæ дæ мдæ риддæ р дæ фæ нды, уырдæ м. Фæ лæ ма мын цы гæ нæ н уыд, æ мæ æ з дæ р кабинæ йæ рахызтæ н. Мæ хъарутæ амбырд кодтон æ мæ кæ рты астæ уты диспетчеры уатмæ араст дæ н. Цыма ницы ’рцыд, мæ хи уый хуызæ н дарыныл архайдтон, фæ лæ хъуыддаг æ цæ гæ й афтæ нæ рауад. Зыдтон æ й, иууылдæ р мæ м кæ й ныккастысты, сæ тызмæ г цæ стæ нгас сын æ нæ уынгæ йæ дæ р хатыдтон. Ничи мæ м дзы ницы сдзырдта, салам дæ р мын ничи радта. Уæ вгæ уыдоны бынаты æ з дæ р, æ вæ ццæ гæ н, мæ хи афтæ дардтаин.

Къæ сæ ргæ рон мæ къах скъуырдтон. Уыцы сахат æ рбаймысыдтæ н Кадичайы æ мæ мæ зæ рдæ срæ хуыста. Уый дæ р ма фыдбылызы баппæ рстон.

Тыргъты къулыл стыр дамгъæ тæ й фыстæ й ауыдтон молния-гæ ххæ тт «Худинаг». Йæ бынмæ йын снывчындæ уыд гуыффæ. Хæ хты фæ ндаггæ рон цæ хгæ рмæ лæ ууыд...

Æ з иннæ рдæ м азылдтæ н. Мæ цæ сгом мын цыма исчи ныццавта, уый хуызæ н сыгъди. Диспетчеры уатмæ бацыдтæ н. Кадича кæ имæ дæ р телефонæ й дзырдта. Мæ н куы ауыдта, уæ д хæ тæ л æ рæ вæ рдта.

— Айс æ й! — стъолмæ баппæ рстон уыцы æ нæ хайыры путевкæ.

Кадича мæ м тæ ригъæ ддаг каст æ рбакодта. Загъд-замана куы сиса, йæ кæ уындзæ г куы фæ къæ ртт уа, уымæ й йын фæ тарстæ н æ мæ мæ хинымæ р скуывтон: «Æ ндæ р хатмæ йæ аргъæ в, ныртæ ккæ нæ хъæ уы, курын дæ, дæ хиуыл фæ хæ ц! » Æ мæ мæ бамбæ рста. Иу ныхас дæ р йæ дзыхæ й нал схауд.

— Хъæ лæ ба дзы уыди? — сындæ ггай йæ бафарстон æ з.

Кадича «уыди», зæ гъгæ, йæ сæ р батылдта.

— Хъуыды дæ р æ й ма кæ н! — сдзырдтон æ з æ нæ барыгомау зæ рдæ авæ рыны тыххæ й.

— Трассæ йæ дæ систой, — загъта уый.

— Систой? Бынтондæ р? — зулаив мидбылты бахудтæ н.

— Бынтондæ р сæ зæ рды уыд, цалцæ ггæ нджытæ м дæ арвитынмæ хъавыдысты, фæ лæ лæ ппутæ дæ фарс рахæ цыдысты... Хицаумæ бауай, дзырдта дæ м.

— Нæ сæ м бацæ удзынæ н! Æ нæ мæ н бауынаффæ кæ нæ нт. Фæ смон мæ м не ’рцæ удзæ н...

Æ з уатæ й рахызтæ н. Уæ нтæ хъилæ й тыргъты араст дæ н. Чидæ р мæ комкоммæ æ рбацæ йцыд. Æ з йæ иувæ рсты ахизынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ мын Алыбег мæ фæ ндаг æ рæ хгæ дта.

— Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу! — къуыммæ мæ батардта Алыбег. Мæ цæ стытæ м мын комкоммæ ныккаст æ мæ мæ стджын хъæ лæ сæ й сдзырдта: — Цæ й, куыд у, хъæ батыр? Куыдзы хъæ вдын кæ й дæ, уый равдыстай?

— Хуыздæ р цæ мæ й уа, ууыл архайдтон, — бахъуыр-хъуыр кодтон æ з.

— Сайыс! Фесгуыхынмæ хъавыдтæ! Иунæ гæ й! Æ рмæ стдæ р дæ хи гуылы бын æ ндзæ рстай. Ныр дæ у тыххæ й замманай хъуыддаг бабын. Кæ й ма бауырндзæ н, æ фцæ гыл гуыффæ имæ ахизæ н ис, уый? Хуырым!

Æ ндæ р искæ й, чи зоны, æ мæ уыцы ныхæ стæ сагъæ стыл бафтыдтаиккой, фæ лæ мæ нæ н уæ лдай нал уыд: ницы мæ м дзы бахъардта, мæ сагъæ с уыд, цæ сты кæ й бафтыдтæ н, æ рмæ ст ууыл. Дæ хи гуылы бын, дам, æ ндзæ рстай, кадмæ, дам, бæ ллыдтæ, фесгуыхынмæ, дам, хъавыдтæ. Уый раст нæ уыд!

— Иуварс! — ассыдтон Алыбеджы. — Æ нæ дæ у дæ р мастæ й мæ дыууæ хъусмæ дæ н.

Кæ ртмæ рахызтæ н. Уазал, буары иннæ рдæ м хъараг дымгæ митфæ лдзæ гъдæ н кодта. Адæ м мæ иувæ рсты цыдысты, иууылдæ р мæ м тигъмæ кастысты. Цы хъуамæ сарæ зтаин? Мæ тымбылкъухтæ мæ дзыппы фæ цавтон æ мæ уынгмæ мæ ных сарæ зтон. Цъыфдзæ стытæ ныссалдысты æ мæ сæ ртæ г их къæ хты бын цъæ л кодта. Тавотæ йдзаг банкæ йыл фæ цæ йкалдтæ н. Мæ тых, мæ бонæ й йæ къахæ й ныкъкъуырдтон æ мæ кулдуарыл атахт. Æ з дæ р йæ фæ дыл ацыдтæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.