Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 4 страница



Иу æ мхæ рд схизæ ны ма нæ суайын хъуыд æ мæ уый фæ стæ фæ уæ лахиз стæ м. Уыцы заман Байтемыр рудзынтæ й æ рбадзырдта:

— Дæ химæ кæ с, нæ комкоммæ машинæ æ рбацæ уы! Рахизæ рдæ мдæ р здах.

Æ з рахизæ рдæ м азылдтон. Бæ рзондæ й æ рцæ йцыд машинæ, Джантайы машинæ! Ныр мæ м дзы, зæ гъын, техникæ йы æ дасдзинады инженер ратдзæ н. Джантай йæ дзыхыл хæ цын ницы хуызы бафæ раздзæ н. Хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кæ ны. Йæ къухтæ рульмæ сбыцæ у кæ нгæ йæ, уырдыджы æ рцæ уы, йæ æ рфгуыты бынæ й кæ сы. Кæ рæ дзимæ хæ стæ г-хæ стæ г æ рбацыдыстæ м. Йæ машинæ мæ къухæ й баххæ ссæ н дæ р уыд. Мæ тæ ккæ цурмæ куы æ рбахæ ццæ, уæ д мæ м рудзынгæ й ракаст æ мæ йæ сæ р батылдта.

«Кæ д дæ де ’взаг хæ ры, — ахъуыды кодтон мæ хинымæ р, — уæ д цыфæ нды дæ р дзур. Ницæ мæ й дæ тæ рсын».

Фæ стаг бæ рзæ ндмæ схæ ццæ стæ м. Бынæ й уыд цæ хгæ р фæ уырдыггæ нæ н, стæ й лæ гъз фæ ндаг æ мæ фæ ндаггæ сты бæ стыхаймæ фæ зилæ н. Æ з дæ р уыцырдæ м азылдтæ н. Цыфæ ндыйæ дæ р æ й æ рбаластам! Мотор ахуыссын кодтон. Мæ хъустæ й ницыуал хъусын. Афтæ мæ м кæ сы, цыма æ з нæ, фæ лæ æ рдз багомыг. Иунæ г сыбыртт дæ р никæ цæ й хъуысы. Кабинæ йæ рахылдтæ н æ мæ машинæ мæ схизæ ныл æ рбадтæ н. Хуыдуг кæ нын, бастадтæ н, ноджы æ фцæ джы зындæ р улæ фæ н у. Байтемыр мæ м æ рбатахт, мæ цъында хæ дон мын ме уæ нтыл æ рбаппæ рста, мæ худ мын мæ сæ рыл арф æ ркодта. Иннæ машинæ йæ шофыр цудгæ æ рбацыд. Ныффæ лурс, йæ дзыхæ й ныхас нæ хауд. Мæ комкоммæ дзуццæ джы æ рбадт æ мæ мæ м сигаретты къопп æ рбадардта. Æ з дзы иу тамако систон. Мæ къухы зыр-зыр цыд. Æ ртæ йæ дæ р сдымдтам æ мæ не ’муд æ рцыдыстæ м. Мæ туджы та уыцы хъæ ддаг тых схъазыд.

— Афтæ -гъе! — хъæ рæ й сдзырдтон æ з. — Федтай! — шофыры уæ хск афтæ тынг æ рцавтон æ мæ бар-æ нæ бары зæ ххыл æ рбадт. Стæ й æ ртæ йæ дæ р фестадыстæ м æ мæ кæ рæ дзийы фæ сонтæ æ мæ уæ хсчытæ хойыныл фестæ м. Нæ хæ дæ г худæ м, хъæ лдзæ гæ й цыдæ р æ нæ хъола хъæ ртæ кæ нæ м.

Æ рæ джиау æ рсабыр стæ м. Ногæ й та тамако сдымдтам. Æ з мæ дарæ с скодтон. Мæ сахатмæ æ ркастæ н. Куы мын байрæ джы уа, уымæ й фæ тарстæ н æ мæ сдзырдтон:

— Цæ й, мæ нæ н афон у!

Байтемыры æ рфгуытæ æ рбалхынцъ сты:

— Нæ, афтæ мæ й дын ауадзæ н нæ й, мидæ мæ нæ м цом.

Мæ нæ н иу минут дæ р рæ стæ г нал уыд.

— Бузныг! — арфæ йын ракодтон æ з. — Нæ мæ ’вдæ лы. Нæ химæ ма бауайын мæ зæ рды ис, мæ бинойнаг мæ м æ нхъæ лмæ кæ сы.

— Уæ д та фæ лæ ууис? Фæ йнæ сыкъайы баназиккам! — лæ гъстæ мæ фæ ци мæ ног хæ лар-шофыр.

— Ныууадз æ й! — йæ ныхас ын айста Байтемыр. — Йæ ус æ м æ нхъæ лмæ кæ сы. Дæ ном ма нын уæ ддæ р зæ гъ.

— Илас.

— Мауал лæ уу, Илас. Бузныг дын фæ уæ д, феххуыс нын кодтай.

Байтемыр, машинæ мæ схизæ ныл лæ угæ йæ, мемæ фæ ндагмæ фæ цыд. Æ нæ дзургæ йæ мын мæ къух нылхъывта æ мæ рагæ пп ласта.

Хохмæ фæ хæ рдгæ нæ ны æ з кабинæ йæ ракастæ н. Байтемыр ма фæ ндагыл лæ ууыди: йæ худ йæ къухты æ ууæ рста æ мæ, йæ сæ р ныллæ г æ руадзгæ йæ, цыдæ р сагъæ сты аныгъуылд.

Уый дын мæ хабæ рттæ.

Аселæ н бæ лвырдæ й ницы радзырдтон. Æ рмæ стдæ р ын загътон, фæ ндагыл адæ мæ н феххуыс кæ нын хъуыд, æ мæ уый тыххæ й кæ й бафæ стиат дæ н. Мæ усæ й мæ м æ мбæ хст ницы уыд, фæ лæ мæ м уыцы хабæ рттæ радзурынмæ ныфс нæ разынд. Æ нæ уи дæ р мыл чысыл куынæ мæ т кодта, мыййаг. Стæ й дарддæ р ахæ м æ рра митæ кæ нынвæ нд дæ р мæ зæ рды нал уыд. Долонимæ иу хатт мæ хъару бафæ лвæ рдтон, æ мæ æ гъгъæ д фæ уæ д. Дыккаг бон ма мæ рох дæ р æ рбауыдаид, фæ стæ мæ цæ угæ йæ куынæ фæ рынчын уыдаин, уæ д. Уазал мæ бацыди. Тыххæ йты ма нæ химæ æ рбахæ ццæ дæ н æ мæ цалдæ р боны нал сыстадтæ н. Цы мыл æ рцыд, уымæ н ницы зонын. Сæ нттæ цагътон. Æ нæ сцухæ й мæ цæ стытыл уади, цыма Долоны æ фцæ гыл машинæ сыфцæ й ластон. Тымыгъ мын мæ цæ сгом хоста. Улæ фт мын-иу нал фаг кодта. Руль цыма бæ мбæ гæ й конд уыд, уый хуызæ н-иу мæ къухты æ хсæ н фæ тасыд. Æ фцæ г афтæ ныддаргъ, æ мæ йæ кæ рон дæ р æ мæ йæ райдайæ н дæ р никæ цæ йуал зынд. Машинæ йы радиатор арвмæ схæ ццæ. Хæ рдмæ фæ лæ сы, нæ ты, былæ й-иу фæ цæ йхауд... Æ вæ ццæ гæ н, уый мæ низы æ фцæ г уыд. Æ ртыккаг бон ыл фæ тых дæ н, фæ сæ рæ ндæ р дæ н. Уый фæ стæ ма дыууæ боны ахуыссыдтæ н æ мæ мæ ницыуал рыст. Сыстынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ мæ Асель сдзурын дæ р нæ бауагъта. Æ з æ м кæ сынтыл фæ дæ н: нæ дыууæ йæ рынчын чи уыд, уый нал æ мбæ рстон. Бынтондæ р фендæ рхуызон, бафæ лмæ цыд, йæ цæ сты бынтæ сцъæ х сты, скъæ схуыр, бафу йыл кæ н, æ мæ ахаудаид. Ноджы ма сывæ ллон йæ хъæ бысы. Нæ, скарстон æ з, афтæ мæ й хъуыддаг хорз нæ у. Æ рра митæ ныууадзын хъæ уы. Хъуамæ баулæ фа. Мæ хуыссæ ны рабадтæ н æ мæ мæ дзаумæ ттæ кæ нынмæ бавнæ лдтон.

— Асель, — сдзырдтон æ м æ з ныллæ г хъæ лæ сæ й: лæ ппу фынæ й уыд. — Сæ мæ ты сыхæ гтыл бафæ дзæ хс, æ мæ нæ хæ дæ г киномæ цом.

Уый мæ сынтæ гмæ æ рбатахт, базыл мæ уæ лгоммæ афæ лдæ хта æ мæ мæ цыма фыццаг хатт уыны, уый хуызæ н мæ м ныккаст. Йæ цæ ссыгтæ уромыныл архайдта, фæ лæ йын нæ бантыст: йæ цæ стыхаутыл ферттывтой, стæ й йæ былтæ дæ р æ нахуыр зыр-зыр бакодтой. Асель мæ риуы йæ сæ р анорста æ мæ скуыдта.

— Цы кæ ныс, Асель? Ы? — тарстхуызæ й йæ афарстон æ з.

— Афтæ æ нæ уи, кæ й сдзæ бæ х дæ, уый мын æ хсызгон у.

— Мæ хицæ н дæ р æ хсызгон у, фæ лæ цæ уыл тыхсыс? Рынчын саг дæ р кæ ны. Иучысыл ахуыссыдтæ н, æ мæ уым диссагæ й цы ис? Дæ цуры кæ й уыдтæ н, уый та цæ й аргъ у?! Кæ ннод Сæ мæ тимæ кæ й фæ хъазыдтæ н, уый та?! — Нæ фырт йæ тæ ккæ дзæ бæ хæ й уыд: йæ цыппæ ртыл бырын фæ цахуыр, цæ уыныл дæ р фæ лвæ рдта. — Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д ма æ з иу хатт афтæ фæ рынчын уаин, — ныхас хъазыны ’рдæ м аздæ хтон æ з.

— Ныууадз-ма, цæ й! Мæ н нæ фæ нды! — фæ хъæ р мыл кодта Асель.

Нæ лæ ппу фехъал. Уыцы хъармæ й йæ фыны хъæ бысæ й раскъæ фта. Æ ртæ йæ дын махмæ бакæ сын. Хуыссæ ныл нæ хи ауагътам æ мæ хынджылæ г скъæ рæ м, худæ м, хъазæ м. Сæ мæ т арсы лæ ппыны хуызæ н йæ цыппæ ртыл куы иуæ рдæ м алæ гæ рды, куы — иннæ рдæ м, йæ быны нæ ассæ нды.

— Кæ сыс, куыд хорз у, уымæ! — дзурын Асельмæ. — Ды та кæ уынмæ фæ дæ. Мæ нæ тагъд хъæ умæ дæ ныййарджытæ м ацæ удзыстæ м, æ мæ ма немæ ма балымæ н уæ нт. Сæ мæ ты куы феной, уæ д сæ сæ мæ стытæ иууылдæ р æ рбайрох уыдзысты.

Æ цæ гæ йдæ р нæ м хъæ умæ ацæ уыны фæ нд уыд. Хъуамæ зæ рæ дтимæ бафидыдтаиккам. Ныхас дæ р ыл нæ й, йæ ныййарджытæ йæ м тынг фæ хæ рам сты. Сæ хъæ уккæ гтæ й Нарынмæ чи цыд, уыдонæ й иуæ н бафæ дзæ хстой, нæ чызгæ н, дам, никуы ныххатыр кæ ндзыстæ м, куыд цæ ры, уый зоныны сæ р дæ р, дам, нæ ницæ мæ н хъæ уы. Фæ лæ мах нæ зæ рдæ дардтам, зæ рæ дтæ м куы æ рцæ уæ м æ мæ сæ хатыр куы ракурæ м, уæ д кæ й балымæ н уыдзыстæ м.

Уый тыххæ й та раздæ р отпуск райсын хъуыд, цæ мæ й фæ ндагмæ нæ хи срæ вдз кодтаиккам. Æ ппæ т хæ стæ джытæ н дæ р лæ вæ рттæ балхæ нынмæ хъавыдтæ н. Афтид къухæ й ацæ уын мæ нæ фæ ндыд.

Уæ дмæ зымæ г ралæ ууыд. Тяньшайнаг зымæ г хъызт у, тымыгъджын, мит арф æ руары, зæ йтæ ракæ лынц. Шофырты сагъæ стыл бафты, фæ ндæ гтыл кусджытæ н та ноджы зындæ р вæ ййы. Уæ лдай тынгдæ р сæ хъус фæ дарынц зæ йтæ м, уымæ н æ мæ фæ ндæ гтæ арæ х фехалынц. Зæ й рацæ уынæ й æ ппæ ты тæ ссагдæ р кæ м у, уым рагацау миты рæ дзæ гъдтæ срæ мудзынц æ мæ фæ ндаг асыгъдæ г кæ нынц. Уыцы зымæ г æ нцаддæ р уыд. Æ ви йæ м æ з мæ хъус не ’рдардтон, уæ ддæ р нæ зонын. Шофырæ н йæ иннæ сагъæ стæ дæ р фаг сты. Ноджы ма нын æ нæ нхъæ лæ джы нæ хæ слæ вæ рдтыл бафтыдтой. Растдæ р зæ гъгæ йæ та, мах, шофыртæ, нæ хæ дæ г ныфс бавæ рдтам пълан фылдæ рæ й сæ ххæ ст кæ нынæ й. Æ ппæ ты фыццаг уыцы ныхас мæ нæ й рацыд. Ууыл æ з ныртæ ккæ дæ р нæ фæ смон кæ нын, фæ лæ мæ фыдбылызтæ иууылдæ р ардыгæ й райдыдтой. Хъуыддаг уыди афтæ.

Иу изæ р базæ мæ æ рбацæ йздæ хтæ н. Асель мын мемæ Джантурин Алыбеджы усæ н цыдæ р тыхтон рарвыста. Сæ хæ дзары цурмæ мæ машинæ баздæ хтон. Машинæ йы уынæ рмæ Алыбеджы ус мæ размæ рауад. Гъе æ мæ уымæ й базыдтон, Атбашийы ГЭС-æ й, дам, базæ мæ тел æ рбацыд заводæ н кусæ нгæ рзтæ тагъддæ р рарвитыны тыххæ й.

— Алыбег та кæ м и? — афарстон æ й æ з.

— Куыд кæ м и? Æ вдæ лонгæ нæ н станцæ йы адæ м иууылдæ р уым сты. Эшелонтæ, дам, æ рбахæ ццæ сты.

Æ з дæ р уырдæ м фæ рæ вдз дæ н. Хъуыддæ гтæ бæ лвырддæ р базонынмæ. Æ рбахæ ццæ дæ н. Æ вдæ лонгæ нæ н станцæ комы уыди, цадмæ рацæ уæ н фæ ндаджы цур. Æ фсæ нвæ ндаджы кæ ройнаг станцæ. Алырдыгæ й мынæ г рухс кæ лы, хаттæ й-хатт комæ й дымгæ радымы, телыхъæ дтыл цырæ гътæ бауигъы, миты рыгтæ йæ разæ й ахæ ссы. Вагæ ттæ æ взаргæ йæ, паровозтæ сдыууæ рдæ м сты. Кæ ройнаг фæ ндаджы сæ рмæ уæ зисæ н краны фат платформæ йæ исы тасмачъийæ тæ лм æ вæ рд асыччытæ. Уыдон, Атбашийы ГЭС-ы арæ зтадмæ тагъд арвитын кæ й хъæ уы, ахæ м уæ зæ гтæ сты. Уым тынг стыр арæ зтад уыд. Мах æ м ныронг дæ р кусæ нгæ рзтæ ластам.

Машинæ йæ дзы базмæ лæ н нал уыд, фæ лæ æ вгæ нын нæ ма райдыдтой. Цыма цæ мæ дæ р æ нхъæ лмæ кастысты. Бадтысты кабинæ ты, машинæ тæ м схизæ нтыл. Иуæ й-иутæ та сæ хи дымгæ йæ асыччыты фæ стæ бамбæ хстой. Мæ саламæ н мын адæ мымыггаг дзуапп ничи радта. Иууылдæ р ныхъхъус сты, тамако дымынц. Алыбег иуварсæ рдыгæ й лæ ууыд, æ мæ æ з дæ р уымæ мæ хи байстон.

— Цы ’рцыди? Тел райстой?

— О. Станцæ æ мгъуыдæ й раздæ р скусын кæ нынмæ хъавынц.

— Æ мæ цы?

— Хъуыддаг махæ й аразгæ у... Кæ сыс, цæ йбæ рц уæ зæ гтæ æ рбаластой, уымæ? Ноджыдæ р ма æ рбаласдзысты. Уыдон ласт кæ д фæ уыдзыстæ м? Адæ м та махмæ кæ сынц, сæ зæ рдæ ныл дарынц!.. Алы бон дæ р сын зынаргъ у!..

— Мæ нæ рдæ м цы фæ дæ? Æ з дзы цы аххосджын дæ н?

— Уый та дын цавæ р ныхас у? Æ ви ды æ ндæ р паддзахадæ й дæ? Кæ нæ хъуыддаг не ’мбарыс?

— Хуыцауæ й дын ард хæ рын, дæ сæ ры зонд фæ цыд! — загътон дисхуызæ й æ з æ мæ мæ хи иуварс айстон.

Уыцы рæ стæ г æ рбацыд автобазæ йы хицау Аманжолов, æ нæ дзургæ йæ, шофыртæ й кæ мæ дæ р йæ тамако ссыгъта. Не ’ппæ тыл дæ р йæ цæ ст ахаста.

— Афтæ, æ мбæ лттæ, — сдзырдта уый, — министрадмæ телефонæ й сдзурдзынæ н æ мæ нын, чи зоны, æ ххуысгæ нджытæ æ рæ рвитой. Фæ лæ ууыл зæ рдæ дарæ н нæ й. Цы чындæ уа, уымæ н мæ хæ дæ г дæ р ницыма зонын.

— Раст зæ гъыс, æ мбал Аманжолов, — райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с, — ахæ м уæ зæ гтæ аласын æ нцон хъуыддаг нæ у. Иу машинæ йы дзы дыууæ -æ ртæ асыккæ й фылдæ р нæ бацæ удзæ н. Æ хсæ в-бонмæ сæ куы ласæ м, уæ ддæ р нын уалдзæ гæ й раздæ р нæ фæ уыдзысты.

— Уый дзы и, уый! — дзуапп радта Аманжолов. — Аласын та сæ æ нæ мæ нг хъæ уы. Ныр уал уæ хæ дзæ рттæ м ацæ ут æ мæ æ мхуызонæ й дæ р ахъуыды кæ нут.

Йæ хæ дæ г «газиччы» абадт æ мæ ацыд. Махонтæ й иу дæ р йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд. Талынг къуымæ й райхъуыстысты кæ йдæ р ныхæ стæ:

— Цæ уылнæ? Иу кусартæ й дыууæ цармы нæ астигъдзынæ. Ууыл раздæ р ахъуыды кæ нын хъуыди! — йæ бынатæ й сыстад, йæ æ рдæ гдымд тамако ахуыссын кодта æ мæ йæ машинæ мæ араст.

Чидæ р йæ фарс рахæ цыд. Махмæ, дам, æ дзухдæ р афтæ вæ ййы: къуырццæ вæ нмæ куы бацæ уынц, уæ д та шофыртыл сæ тъæ пп фæ цæ уы, фервæ зын нæ кæ нут, сæ фæ м, зæ гъгæ. Иннæ тæ дын уый айхъуыстой, цы — фæ лæ бурдтой йæ м:

— Уый ахсджиаг хъуыддаг у, Исмаил, ды та æ взæ р сылгоймагау дзæ нгæ да цæ гъдыс!

Æ з сæ м ницы дзурынмæ хъавыдтæ н. Фæ лæ æ васт мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, айфыццаг æ фцæ гыл машинæ сыфцæ й куы ластон, уыцы хабар æ мæ та уайтагъд ратæ вд дæ н:

— Бирæ хъуыды йыл ницæ мæ н хъæ уы! — астæ умæ рагæ пп ластон æ з. — Машинæ тыл гуыффæ тæ бабæ ттынæ й хуыздæ р хос ын нæ й.

Иу дæ р дзы йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд. Иуæ й-иутæ мæ м суанг се ’ргом дæ р нæ раздæ хтой. Ахæ м ныхас сæ рхъæ н йеддæ мæ никæ мæ й сирвæ зтаид.

Джантай сындæ ггай ныхситт кодта:

— Кæ сут? — Æ з æ й йæ хъæ лæ сæ й базыдтон.

Лæ ууын, мæ алыварсмæ афæ лгæ сын. Хабар сын радзурынмæ хъавын. Фæ лæ цавæ рдæ р дынджыр лæ ппу асыккæ й æ рхызт, йе ’рмкъухтæ феппæ рста æ мæ сæ йæ сыхагмæ авæ рдта. Мæ цуры æ рлæ ууыд. Мæ тæ рттыл мын фæ хæ цыд æ мæ мæ йæ химæ байвазгæ йæ сдзырдта:

— Æ рбаулæ ф-ма!

— Ха-а! — баулæ фыдтæ н ын йæ цæ сгоммæ.

— Æ вронг у! — ныддис кодта дæ ргъуынцъ æ мæ мын мæ тæ рттæ суагъта.

— Уæ д та зондхъуаг у! — бадзырдта йæ м йе ’мбал, æ мæ дыууæ йæ дæ р сæ машинæ ты сбадтысты æ мæ ацыдысты. Иннæ тæ дæ р æ нæ дзургæ йæ сыстадысты æ мæ цæ уынмæ рахъавыдысты. Ахæ м хынджылæ ггаг ран никуыма бахаудтæ н. Фыр æ фсæ рмæ й ма суанг мæ худ дæ р ныссырх.

— Фæ лæ уут-ма, кæ дæ м цæ ут! — шофырты æ хсæ н сдыууæ рдæ м дæ н. — Æ з уын æ цæ гæ й зæ гъын. Гуыффæ тæ хъæ уы.

Зæ ронд шофыртæ й мæ м иу мæ стджынæ й æ рбацыд:

— Æ з ам шофырæ й кусын куы райдыдтон, уæ д ма ды æ нæ хæ лафæ й цыдтæ. Тянь-Шань дын кафæ н фæ з нæ у. Тæ ригъæ д дын кæ нын, фæ лæ адæ мы мауал худæ гæ й мар...

Адæ м, мæ ныл худгæ йæ, сæ машинæ тыл апырх сты. Æ з дæ р æ ппæ т станцæ йыл мæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодтон:

— Сымах шофыртæ не стут, фæ лæ сылгоймæ гтæ æ мæ уæ сæ рыл сæ рбæ ттæ нтæ бабæ ттут!

Дзæ гъæ лы смæ сты дæ н. Мæ ныхæ стæ мæ хи ныхмæ рауадысты.

Иууылдæ р æ рлæ ууыдысты æ мæ æ мхуызонæ й дæ р мæ нæ рдæ м æ рбацæ йцыдысты.

— Цы дæ зæ рды ис? Æ ви искæ й бын кæ нын дæ умæ кæ сы?

— Ногдзинæ дтæ м тырнæ г! Преми йæ бахъуыд! — йæ фарс фæ хæ цыд Джантай.

Чи цы дзырдта, уымæ н ницыуал æ мбæ рстон. Асыччытæ м мæ нылхъывтой. Куы мæ ныффæ рак кæ ной, уымæ й фæ тарстæ н æ мæ зæ ххæ й иу фæ йнæ джы гæ баз фелвæ стон.

— Ныртæ ккæ -ма фæ пырх ут! — райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с, æ мæ сæ фæ йнæ рдæ м акалдта. Уый Алыбег уыд.

— Сыбыртт дæ р уæ макæ йуал дзыхæ й ссæ уæ д! — загъта та хъæ рæ й Алыбег. — Ды та, Илас, бæ лвырддæ р дзур! Стæ й рæ вдздæ р!

— Æ мæ ма цы дзурон? — дзуапп радтон тыхулæ фтгæ нгæ йæ æ з. — Цæ ппæ р мыл нал ныууагътой. Æ з æ фцæ гыл сыфцæ й машинæ фæ ндаггæ сты бæ стыхаймæ ластон. Сыфцæ й, мæ машинæ йедзаг уыди, афтæ мæ й. Æ ндæ р мæ м ницы зæ гъинаг ис.

Лæ ппутæ мæ ныхæ стыл нæ баууæ ндыдысты, фæ лæ дзургæ ницы скодтой.

— Æ мæ йæ баластай? — бафарста æ рæ джиау дызæ рдыггæ нгæ йæ чидæ р.

— О. Долоны сæ рты базæ мæ.

— Уый дын, гъе! — райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с.

— Рæ йын æ м цæ уы, — йæ ныхмæ фæ лæ ууыд дыккаг хъæ лæ с.

— Рæ йгæ куыйтæ фæ кæ нынц, Джантай мæ йæ хæ дæ г федта. Эй, Джантай, кæ м дæ? Зæ гъ-ма сын æ й! Куыд фембæ лдыстæ м, уый ма дæ зæ рдыл лæ ууы?..

Фæ лæ Джантай дзуапп нæ радта. Цыма зæ ххы скъуыды ныххауд, уый хуызæ н æ рбайсæ фт. Уæ вгæ, уæ ддæ р уымæ никæ й æ вдæ лд. Быцæ у райдыдта. Иуæ й-иутæ дзы мæ фарс фесты. Фæ лæ сын-иу æ нæ ууæ нк æ васт сæ зонд иннæ рдæ м фæ фæ лдæ хта.

— Гъер бирæ дзæ нгæ да цæ уыл цæ гъдæ м! — хъуынтъызæ й райдыдта уый. — Кæ мæ ндæ р цыдæ р иу хатт бантыст, æ мæ уым диссагæ й цы ис? Ахæ м хабæ рттæ иу æ мæ дыууæ вæ ййы? Мах сывæ ллæ ттæ не стæ м. Ацы фæ ндагыл гуыффæ тæ ласын нæ уадзынц. Стæ й дын амæ й фæ стæ мæ дæ р уый бар ничи ратдзæ н. Техникæ йы æ дасдзинады инженерæ н-ма йæ радзур, кæ ддæ ра дын цы зæ гъид. Сымах бæ сты йæ тæ рхондоны раз æ рлæ ууын нæ бафæ нддзæ н... Уæ д ма ууыл бирæ дзурын цæ мæ н хъæ уы!

— Ныууадз, дæ хорзæ хæ й! — йæ ныхмæ фæ лæ ууыд æ ндæ р. — Гуыффæ тæ ласын куыннæ бауадздзысты? Мæ нæ Иван Степаны фырт æ ртынæ м азы тонн æ мæ æ рдæ г чи ласы, ахæ м машинæ йыл æ ппæ ты фыццаг хатт æ фцæ гыл куы ахызт. Уый дæ р нæ уагътой. Хицауады æ вастæ й ацыд. Табуафси, мæ нæ йæ хæ дæ г цардæ гас...

— Уыдис ахæ м хабар, — загъта Иван Степаны фырт, — фæ лæ, æ ргом дзургæ йæ, æ з ацы хъуыддагыл дызæ рдыг кæ нын, уымæ н æ мæ Долоны æ фцæ гыл зымæ г нæ, фæ лæ сæ рд дæ р гуыффæ имæ никуы ничи ацыд... Ныр та зымæ г у...

Алыбег æ рдæ бонсарæ й æ нæ дзургæ йæ хъуыста, фæ лæ ныр ныхас йæ химæ айста.

— Дарддæ р нал быцæ у кæ ндзыстæ м. Кæ д æ фцæ гыл гуыффæ имæ никуыма ничи ахызт, уæ ддæ р ыл ахъуыды кæ нын æ мбæ лы. Æ рмæ ст, Илас, дæ хуызæ н нæ: рæ вдздæ р гуыффæ тæ бæ тгæ æ мæ тæ хгæ, уымæ й ницы рауайдзæ н. Рагацау алцæ уыл дæ р бæ стон ахъуыды кæ нын хъæ уы. Афтид ныхæ стæ й дæ бон ницы равдисын бауыдзæ н. Бафæ лварæ м уал æ й.

— Æ з уын æ й равдисдзынæ н! — дзуапп радтон æ з. — Цалынмæ сымах гуызавæ ты уацары уат, уæ дмæ уын мæ рæ стдзинад равдисдзынæ н! Уæ д уæ бауырндзæ н!

Алчидæ р хицæ н зондыл хæ ст у. Хъуамæ лæ гæ н йæ хиуыл йæ бар цæ уа, фæ лæ алы хатт афтæ нæ вæ ййы. Æ з машинæ йыл сбадтæ н. Æ рмæ ст руль дæ р нал æ нкъардтон æ мæ фæ ндаг дæ р. Мæ масты дзæ къул ныддымст. Цас фылдæ р рæ стæ г цыд, уыйбæ рц мæ химæ æ гадæ й-æ гаддæ р кастæ н. Нæ, цыфæ нды куы фæ уа, уæ ддæ р сæ æ з мæ ныхæ стыл баууæ ндын кæ ндзынæ н. Адæ ймагыл не ’ууæ ндын, худын æ мæ йыл былысчъилтæ кæ нын цы у, уый уын æ з равдисдзынæ н, фæ лæ уут. Алыбег дæ р уыдонæ й бирæ дарддæ р нæ ацыд. Мæ зæ рдæ йыл тынг фæ худт: ахъуыды, дам, хъæ уы, бацæ ттæ кæ нын, бафæ лварын! Уый зондджын у, хъавгæ йæ архайы! Мæ н уыдон мурдæ р ницæ мæ н хъæ уынц! Кæ ддæ ра уе ’ппæ тæ н дæ р уæ фындзтæ нæ амæ рзин!

Машинæ гаражы сæ вæ рдтон, фæ лæ ма йемæ бирæ фæ цархайдтон. Мастæ й мæ дыууæ хъусмæ уыдтæ н. Мæ зæ рды уыдис æ рмæ стдæ р иу хъуыды: гуыффæ имæ æ фцæ гыл ахизын. Дуне иннæ рдæ м куы афæ лдæ хтаид, уæ ддæ р уыцы хъуыддагæ н ныууадзæ н ницы хуызы уыд. Фæ лæ гуыффæ кæ м ссарон?

Уыцы хъуыдытимæ кæ рты къуымты зылдтæ н. Банафон. Цырагъ ма сыгъд æ рмæ стдæ р диспетчеры уаты. Æ з æ рлæ ууыдтæ н: диспетчер! Диспетчеры бон алцыдæ р у! Абон, æ нхъæ лдæ н, Кадичайы рад у. Уый ноджы хуыздæ р. «Нæ » мын не сфæ раздзæ н. Хъуамæ мæ ныхмæ ма ’рлæ ууа. Æ ппынфæ стаг, фыдгæ нæ джы фæ ндаг, мыййаг, куынæ равзæ рстон. Баххуыс мын кæ ндзæ н, æ ппæ тæ н дæ р пайда чи фæ уыдзæ н, ахæ м хъуыддаджы.

Диспетчеры уаты цурмæ куы бахæ ццæ дæ н, уæ д мæ сæ ры февзæ рд æ нæ нхъæ лæ джы хъуыды: ацы къæ сæ рæ й рагæ й нал бахызтæ н. Мæ хъуыддæ гтæ иннæ тау æ з дæ р рудзынгæ й арæ зтон. Цæ мæ дæ р гæ сгæ фæ уыргъуыйау дæ н. Дуар байгом, Кадича лæ ууыд къæ сæ ргæ рон.

— Тынг æ хсызгон мæ хъæ уыс, Кадича. Цы хорз у, кæ й ма дæ æ рбаййæ фтон, уый.

— Æ з цæ уынмæ куы хъавыдтæ н.

— Цом, уæ химæ дæ бахæ ццæ кæ ндзынæ н.

Кадичайы æ рфгуытæ хæ рдмæ фæ цыдысты, æ нæ ууæ нк каст мæ м æ рбакодта æ мæ ныххудт:

— Цом.

Мах рацыдыстæ м. Уынджы уыди талынг. Цадæ й хъуысти уылæ нты уынæ р, дымдта уазал дымгæ. Кадича мын мæ цонгыл фæ хæ цыд, дымгæ йæ æ мбæ хсгæ йæ мæ м йæ хи æ рбалхъывта.

— Уазал дын у? — бафарстон æ й æ з.

— Дæ уимæ мæ м нæ бахъардзæ н, — мæ хъазæ н ныхас мын бамбæ рста Кадича.

Чысыл раздæ р дæ р ма фыр тыхстæ й цы фæ уыдаин, уый нæ зыдтон, фæ лæ мын ныр цæ мæ дæ р гæ сгæ фенцондæ р.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.