Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 10 страница



Æ з ын дзырдтон, Байтемыры хуызæ н хорз кусджытæ делегацийы æ нæ мæ нг кæ й хъæ уынц, иу ныхасæ й, бирæ фæ цархайдтон, цæ мæ й сразы уа, ууыл. Байтемыр мæ м хъуыста йæ фыруæ зданæ й, фæ лæ мын разы не сси.

Æ з смæ сты дæ н, æ ппæ ты фыццаг мæ химæ. Йемæ дзурын нæ базыдтон, æ ндæ руылты йæ м бацæ уын хъуыд. Ныр хъуамæ фæ стæ мæ афтид къухæ й аздæ хтаин, редакцийы хæ с нæ сæ ххæ ст кодтон.

— Цы бачындæ уа, Баке, бахатыр кæ н, æ з цæ уын. Ныртæ ккæ машинæ фæ зындзæ н, æ мæ уым абаддзынæ н...

Байтемыр мæ м йæ зондджын сабырæ нгæ с цæ стытæ й лæ мбынæ г æ рбакаст æ мæ, йæ рихиты бын бахудгæ йæ, сдзырдта:

— Горæ таг киргизтæ й не ’гъдæ уттæ рох кæ нын райдыдтой. Мæ нæ н ис хæ дзар, бинонтæ, уазджыты цæ мæ й сбуц кæ нон, уый. Кæ д мæ нмæ æ рцыдтæ, уæ д райсом мæ хæ дзарæ й ацæ удзынæ. Фæ ндагæ й аздæ хын та аив нæ у. Цом, æ з дæ мæ ус æ мæ мæ фыртмæ бахæ ццæ кæ ндзынæ н. Ма мæ м фæ хæ рам у, цалынмæ рухс у, уæ дмæ ма мæ н фæ ндæ гтыл азилын хъæ уы. Тагъд фездæ хдзынæ н. Мæ куыст ахæ м у...

— Цæ й æ мæ æ з дæ р демæ ацæ уон, — загътон æ з.

Байтемыр мын мæ горæ таг дарæ смæ æ рбакаст, йæ цæ стытæ хин цъынд æ ркæ нгæ йæ.

— Цыма дын мемæ зилын аив нæ у, афтæ мæ м кæ сы. Зын фæ ндæ гтыл нæ дæ рдтыл æ рзилын бахъæ удзæ н.

— Мур дæ р мын нæ у!

Æ мæ араст стæ м. Алы хид, алы фæ зилæ н, алы къардиу æ мæ -иу алы къæ дзæ хы цур дæ р æ рлæ ууыдыстæ м. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ныхас нын бацайдагъ. Абоны онг дæ р æ й нæ зонын, Байтамыры зæ рдæ цæ мæ й балхæ дтон, уый, фæ лæ мын йæ царды, йæ бинонты хабæ рттæ кæ рæ й-кæ ронмæ фæ дзырдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.