Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 6 страница



Бон-сауизæ рмæ уынгты æ нæ сæ рфат лекка фæ кодтон. Наулæ ууæ нмæ дæ р бацыдтæ н. Цъиуызмæ лæ г дæ р дзы нæ уыд. Иссык-Кулы дымдта уад. Знæ т уылæ нтæ былгæ роны сыфцæ йласгæ науты хостой.

Уый фæ стæ хæ рæ ндоны февзæ рдтæ н. Мæ разы фынгыл уыдис арахъхъы авг æ мæ тæ бæ гъы цыдæ р ахуыйæ н. Фыццаг агуывзæ йы фæ стæ фæ къуырмагонд дæ н æ мæ мæ къæ хты бынмæ гуымыдза каст кодтон.

— Дæ фындз цы ’руагътай, сахъгуырд? — мæ тæ ккæ цурæ й райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с. Æ нæ барыгомау мæ сæ рыл схæ цыдтæ н: Кадича.

— Иунæ гæ й дæ хъуыры нæ цæ уы? — бахудт йæ мидбылты æ мæ мæ фарсмæ æ рбадт. — Уæ д иумæ баназæ м!

Кадича дыууæ нуазæ ны рауагъта. Иу дзы мæ цуры æ рæ вæ рдта.

— Райс! — сдзырдта уый æ мæ мæ м йæ цæ ст æ рныкъуылдта, цыма ардæ м нæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н абадын æ мæ бануазыны тыххæ й æ рбацыдыстæ м, уыйау.

— Æ рцардтæ? — бафарстон æ й æ з мæ стыхуызæ й.

— Уæ дæ мæ хи дæ р цæ уыл амарон? — Дæ уимæ мын æ ппындæ р ницæ мæ й тас у, Илас! Æ з дын хъæ ддыхдæ р æ нхъæ л уыдтæ н. Сæ фт, дыууæ сæ фты! — сабыргай бахудт, хæ стæ гдæ р мæ м æ рбабадт, йæ нуазæ н мæ агуывзæ йыл æ рбакъуырцц кодта æ мæ мæ м йæ сау-сауид рæ вдаугæ цæ стытæ й ныккаст.

Нæ нуазæ нтæ анызтам. Æ з сдымдтон. Цыма мын иучысыл фенцондæ р, абон фыццаг хатт мæ мидбылты бахудтæ н!

— Лæ г дæ, æ мæ лæ джы митæ кæ ныс! — загътон æ з æ мæ йын йæ къух нылхъывтон.

Уый фæ стæ уынгмæ рацыдыстæ м. Æ рталынг. Цадæ й дымдта, æ мæ бæ лæ стæ æ мæ цырæ гътæ змæ лыдысты. Зæ хх мæ быны зылди. Кадича мæ дæ ларм бацыд æ мæ мæ хауын нæ уагъта. Ме ’фцæ ггот дæ р ма мын сфæ лдæ хта, суазалæ й мын тарст.

— Дæ разы аххосджын дæ н, Кадича! — сдзырдтон æ з. Иуæ й дзы азымджын уыдтæ н, иннæ мæ й та — бузныг. — Фæ лæ дæ æ фхæ рын никæ мæ н бауадздзынæ н... Мæ хæ дæ г дзуапп ратдзынæ н...

— Уый тыххæ й мауал дзур, мæ ахсджиаг! — сдзырдта Кадича. — Æ нæ нцой адæ ймаг дæ. Æ дзухдæ р абухыс, размæ лæ гæ рдыс, мæ нæ н та маст у. Æ з мæ хæ дæ г дæ р ахæ м уыдтæ н. Цард зын аййафæ н у. Цæ уыл дзы хæ ст кæ ныс, уый æ гъгъæ дыл нымай... Дæ хуыцауы хайы ма къах!..

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — йæ ныхмæ фæ лæ ууыдтæ н æ з, уый фæ стæ ахъуыды кодтон æ мæ загътон: — Чи зоны, æ мæ ды раст дæ...

Кадича кæ м цард, уыцы хæ дзары дуармæ æ рлæ ууыдыстæ м. Рагæ й дæ р иунæ гæ й цардис. Цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ лæ гæ й ахицæ н.

— Æ рбахæ ццæ дæ н, — загъта Кадича.

Æ з барæ й сындæ г кодтон, нæ химæ нæ цыдтæ н. Цыма нæ кæ рæ дзиуыл цыдæ р баста, афтæ мæ м каст. Стæ й мæ ацы хуызæ нæ й æ мдзæ рæ нмæ цæ уын дæ р нæ фæ ндыд. Рæ стдзинад хорз у, фæ лæ, иуæ й-иу хатт æ гæ р карз вæ ййы æ мæ адæ ймагмæ йæ иувæ рсты ацæ уын хуыздæ р фæ кæ сы.

— Дæ химæ хъусыныл цы фæ дæ, мæ удлæ ууæ н? — бафарста мæ Кадича. — Бафæ лладтæ? Æ ви дæ дард цæ уын кæ й хъæ уы, ууыл тыхсыс?

— Мур дæ р мын нæ у, исты хуызы ныххæ ццæ уыдзынæ н. Хæ рзæ хсæ в.

Кадича мын мæ къух райста.

— Мæ н-нн-æ куыд басыд! Фæ лæ уу-ма, æ з дын æ й ахъарм кæ нон! — сдзырдта Кадича æ мæ мын мæ къух йæ палтойы роны атъыста æ мæ йæ йæ риумæ нылхъывта. Æ з мæ къух фæ стæ мæ райсын нæ бауæ ндыдтæ н, уыцы узæ лды ныхмæ æ рлæ ууын мæ бон нæ баци. Мæ къухы бын зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп цыди, цыма рагæ й нырмæ цæ мæ ’нхъæ лмæ каст, уый домдта. Æ з афтæ расыг нæ уыдтæ н, æ мæ мæ хи мауал æ мбарон. Арæ хстгай мæ къух фæ стæ мæ райстон.

— Фæ цæ уыс? — сдзырдта Кадича.

— О.

— Уæ дæ хæ рзæ хсæ в! — Кадича арф ныуулæ фыд æ мæ тагъдгомау ацыд. Талынджы дуары гуыпп райхъуыст. Æ з дæ р араст дæ н, фæ лæ цалдæ р къахдзæ фы фæ стæ æ рлæ ууыдтæ н. Куыд рауад, уымæ н мæ хæ дæ г дæ р ницы зонын, фæ лæ уайтагъд фæ стæ мæ дуары цур февзæ рдтæ н. Кадича мæ м æ нхъæ лмæ каст. Ме ’фцæ гыл ацауындзæ г, хъæ быстæ æ мæ мын пъатæ кæ нынмæ фæ ци.

— Æ рбаздæ хтæ! — сдзырдта сабыргай уый, стæ й мын мæ къухыл фæ хæ цыд æ мæ мæ сæ химæ бахуыдта.

Æ хсæ вы райхъал дæ н. Кæ м дæ н, уый бынтон æ рæ джиау æ рлæ ууыд мæ зæ рдыл. Сæ р тъæ ппытæ хауд. Мах хуыссыдыстæ м фæ рсæ й-фæ рстæ м. Кадичайы æ рдæ гбæ гънæ г тæ вд буар æ нкъардтон. Йæ комулæ фт ме уæ хскыл æ ндзæ выд. Æ з сыстынмæ рахъавыдтæ н, цæ мæ й æ вæ стиатæ й ацыдаин. Базмæ лыдтæ н. Кадича йæ цæ стытæ й дæ р нæ ракаст, афтæ мæ й мæ йæ хъæ бысы æ рбакодта.

— Ма ацу! — сдзырдта лæ гъстæ гæ нæ гау. Уый фæ стæ йæ сæ р схъил кодта æ мæ мын талынджы мæ цæ стытæ м ныккаст æ мæ сындæ ггай къуызгæ йæ сдзырдта: — Нырæ й фæ стæ мæ æ нæ дæ у мæ бон цæ рын нал бауыдзæ н... Ды мæ н дæ! Ды æ дзухдæ р мæ н уыдтæ!.. Уымæ й дарддæ р мæ ницыуал зонын фæ нды. Æ рмæ стдæ р мæ уарз, æ ндæ р дæ ницы домын!.. Цы фæ ндагыл ныллæ ууыдтæ н, уымæ й мын фæ стæ мæ здæ хæ н нал ис... Никæ мæ нуал дæ ратдзынæ н! — Кадича ныккуыдта, йæ цæ ссыгтæ мæ цæ сгомыл æ рызгъæ лдысты.

Æ з нал ацыдтæ н. Боныцъæ хтыл та нæ хуыссæ г йæ быны æ рнорста. Куы райхъал стæ м, уæ д бынтон æ рбарухс. Æ з тагъд-тагъд мæ дзаумæ ттæ акодтон. Мæ зæ рдæ мын цыдæ р æ нахуыр уазал æ рбалвæ ста. Мæ кæ рц ме уæ хсчытыл æ рдæ гæ ппæ рст уыд, цæ угæ -цæ уын дзы мæ къухтæ атъыстон æ мæ рæ вдзгомау уынгмæ рахызтæ н. Мæ тæ ккæ комкоммæ иу лæ г æ рбацæ йцыд. Йæ сæ рыл рувасдзармæ й пæ лæ хсар хъусджын худ. Мæ цæ стытæ нæ мгуытæ куы фестадаиккой, уæ д æ й бæ ргæ багæ рах ластаин. Джантай ардæ м хæ стæ г цард æ мæ йæ куыстмæ рацæ йцыд. Иуцасдæ р дыууæ йæ дæ р фæ уыргъуыйау стæ м. Æ з æ й цыма нæ федтон, уый хуызæ н цæ хгæ р фæ зылдтæ н æ мæ базæ йы ’рдæ м фæ цагайдтон. Джантай барæ й мæ фæ дыл схуыфыд. Мæ чъылдыммæ митыл йæ къахдзæ фты хъыс-хъыс цыди. Афтæ автобазæ йы онг мæ фæ стæ гурæ й-гурмæ фæ цыд.

Гаражмæ дæ р нал баздæ хтæ н, афтæ мæ й комкоммæ къантормæ ацыдтæ н. Сæ йраг инженермæ та иннæ хæ ттыты хуызæ н уыди æ мбырд. Адæ мы хъæ лæ ба дзы хъуысти. Тæ худы, ныр уым фест. Фыццагау рудзынджы цур искуы æ рбад, дæ иу къах иннæ уыл сæ вæ р, тамако сдым æ мæ, шофыртæ куыд быцæ у кæ нынц, уымæ дæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н хъус. Искуы ахæ м хъуыддагмæ бæ лдзынæ н, уый æ нхъæ л та кæ д уыдтæ н. Мидæ мæ бацæ уынмæ мæ ныфс нæ хастон. Ома тæ рсгæ истæ мæ й кодтон? Æ ппындæ р нæ! Мæ маст фыццагау мæ риуы фыхти æ мæ мæ хивæ нддзинадыл ардыдта. Ноджы ма йыл, дысон Кадичаимæ цы æ хсæ в арвыстон, уый дæ р бафтыди... Стæ й, куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й адæ мæ й æ фцæ джы хабæ рттæ нæ ма ферох сты. Уыцы минут ныхас цыди мæ н тыххæ й. Уатæ й райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с:

— Тæ рхондонмæ йæ раттын хъæ уы, уый дын иу æ мæ дыууæ! Кæ дмæ йын дыги-дыги кæ ндзыстут? Ничи йæ м хъусы, йæ цæ сгом ма цытæ хъæ цы, уымæ? Мæ фæ нд, дам, раст уыд. Гуыффæ дæ р æ фцæ гыл уымæ н ныууагъта?..

Æ ндæ р хъæ лæ с ныхас йæ химæ айста:

— Тынг раст зæ гъыс! Мах ахæ м зондджынтæ бирæ федтам. Преми йæ æ рхъуыди. Автобазæ йы хардзæ й. Æ мæ йæ фарсы тæ нæ гæ й дзæ бæ х куы фæ ци!

Быцæ у ноджы фæ тынгдæ р. Æ з иуварс ацыдтæ н: дуары зыхъхъырæ й кæ дмæ хъуыстаин, стæ й аив дæ р нæ уыд.

Мæ чъылдыммæ хъæ лæ ба фæ тынгдæ р. Æ з мæ цыдыл бафтыдтон.

Лæ ппуты ныхас хъæ рдæ рæ й райхъуыст. Алыбег цæ угæ -цæ уын кæ мæ ндæ р зæ рдиагæ й дзырдта:

— Гуыффæ тæ н уромæ нтæ нæ хи базæ йы дæ р сараздзыстæ м, бирæ йын куынæ хъæ уы, мыййаг... Уый Илас нæ у, дæ хорзæ хæ й? Илас, фæ лæ уу-ма! — фæ дзырдта мæ м.

Æ з не ’рлæ ууыдтæ н. Гаражмæ мæ ных сарæ зтон. Алыбег мæ баййæ фта æ мæ мын ме уæ хскыл фæ хæ цыд.

— Хæ йрæ джы мыггаг дæ, уæ ллæ й! Баууæ ндыдтæ н дыл. Æ фцæ джы сæ рты гуыффæ имæ ацæ уæ н ис. Дæ хи цæ ттæ дар, Илас! Дыууæ йæ иумæ цæ уæ м! Фæ лварæ н рейсы! Гуыффæ имæ!

Тынг æ м рамæ сты дæ н. Мæ зæ рдæ мын балхæ нынмæ хъавыд. Йе ’рдхорды къуырццæ вæ нæ й ракæ ныныл архайы, йæ фæ дыл æ й сыфцæ й аласдзæ н. Æ з ын йæ къух ме уæ хскæ й асхуыстон.

— Фесæ ф мæ цурæ й, дæ гуыффæ тæ дæ р демæ, афтæ мæ й!..

— Цæ уыл цæ хæ ртæ калыс? Аххосджын дæ хæ дæ г куы дæ... О, хæ дæ гай, мæ рдырох мыл куыд бахæ цыд... Ширяев Володя дын ницы дзырдта?

— Нæ йæ федтон. Æ мæ мын цы хъуамæ дзырдтаид?

— Куыд цы? Кæ м фесæ фтæ? Асель фæ ндаджы былмæ рацыд æ мæ нæ хиуæ тты фæ рсы. Дæ умæ йæ зæ рдæ æ хсайы. Ды та!..

Мæ зæ нгтæ мæ быны фæ дыдагъ сты. Мæ химæ ахæ м æ гад æ ркастæ н, æ мæ зæ ххы скъуыды куы ныххаудаин, уый дæ р мæ фæ ндыди. Алыбег та ма мын мæ дыс айваз-айваз кæ ны æ мæ мын гуыффæ тæ н цыдæ р аразæ нты тыххæ й дзуры. Джантай чысыл дарддæ р лæ ууыд æ мæ нæ м хъуыста.

— Иуварс ацу! — мæ къух атыдтон æ з. — Цы мæ м ныккомкоммæ стут, уый бæ рæ г уын нæ й? Æ гъгъæ д фæ уæ д! Иу гуыффæ дæ р мæ нал хъæ уы! Стæ й уæ иуимæ дæ р никæ дæ м ацæ удзынæ н!.. Бамбæ рстай?!

Алыбег ныхъхъуынтъыз, йæ русы фыдтæ базмæ лыдысты.

— Халон, дам, зиу ракодта, йæ хæ дæ г уæ лкъуыпп сбадти. Раст нæ зæ гъын?

— Куыддæ риддæ р дæ фæ нды, афтæ йæ æ мбар.

Машинæ мæ бацыдтæ н. Мæ къухты зыр-зыр нал æ нцайы. Сæ ррамæ мæ бирæ нал хъæ уы. Цæ мæ дæ р гæ сгæ машинæ йы бын дзыхъхъы мæ сæ р фæ цавтон. Сатæ джы мын чысыл фенцондæ р.

— Хъус-ма, Илас! — мæ тæ ккæ чъылдыммæ райхъуыст кæ йдæ р ныллæ г хъæ лæ с.

Æ з мæ сæ р схъил кодтон, чи у, зæ гъгæ. Джантай йæ дынджыр пæ лæ хсар худы мæ цуры дзуццæ джы æ рбадт æ мæ мæ м йæ хинæ йдзаг цæ стытæ й ныккаст.

— Тынг раст ын загътай, Илас!

— Кæ мæ н?

— Алыбегæ н. Йæ хицæ й мын дзы активист чи нæ ацараздзæ н! Цыма йын йæ дзыхыл цъутта сæ вæ рдæ уыд, уый хуызæ н æ васт дзæ бæ х куы фæ хъус. Новатор!

— Гъер дæ у та цы гуыбынниз тилы?

— Цы гуыбынниз, цы! Ды йæ дæ хæ дæ г дæ р бамбæ рстай, шофырты гуыффæ тæ дыууæ сау капеккæ н дæ р кæ й ницæ мæ н хъæ уынц. Цы сæ зæ рды ис, уый хорз зонæ м: фæ ндагыл къаддæ р рæ стæ г уæ вгæ йæ, хæ слæ вæ рдтыл бафтдзæ н, километр ацæ уæ ггаг та нын къаддæ р фидын райдайдзысты æ мæ нын дзы пайда та цы ис? Иу бон нæ раппæ лдзысты, уый фæ стæ та? Махæ й дыл иуы зæ рдæ дæ р нæ фæ худти. Дарддæ р дæ р сын мацы ком ратт...

— «Мах» кæ й хоныс? — хиуыл хæ цгæ йæ, бафарстон æ з. — «Мах» — уый ды дæ?

— Канд иунæ г æ з нæ, — йæ цæ стытæ стыбар-тыбур кодтой Джантайæ н.

— Сайыс, сыстбæ рзæ й! Дæ фыдæ нæ н уæ ддæ р цæ удзынæ н гуыффæ имæ. Мæ хи дæ р амардзынæ н, уæ ддæ р мæ фæ нд сæ ххæ ст уыдзæ н. Ныр та мæ цурæ й фесæ ф! Нырма мæ дæ умæ нæ ма æ вдæ лы!

— Сабыр, сабыр, æ гæ ртæ дæ химæ ма ис! — фæ стæ мæ фæ лæ бурдта Джантай. — Дæ хъуыддæ гтæ зонын æ нхъæ л никæ мæ н дæ!.. Дæ хицæ й зæ д аразынмæ ма хъав... Уæ вгæ уал фыдуаг митæ кæ н, цалынмæ фадат ис, уæ дмæ...

— Æ -æ, мæ нæ!.. — ныхъхъæ рзыдтон æ з æ мæ йын тымбылкъухæ й йе ’фсæ рæ н иу радтон.

Уый дзыхъхъы сæ рмæ куыд бадт, афтæ уæ лгоммæ афæ лдæ хт. Æ з уæ лæ мæ стахтæ н æ мæ йыл мæ хи ныццæ вынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ уæ дмæ Джантай фестад, иуварс агæ пп ласта æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныццарыдта:

— Æ наккаг! Фыдгæ нæ г! Ноджы ма хыл дæ р къахыс? Хосгæ нæ г дын уыдзæ н! Йæ къухтæ хъилæ й дары! Дæ маст мæ ныл калыс?!

Алырдыгæ й адæ м æ рбакалдысты. Алыбег дæ р æ рбатахти.

— Цы ’рцыди? Цæ мæ н æ й нæ мыс?

— Рæ стдзинады тыххæ й, — фæ цырд Джантай. — Комкоммæ йын рæ стдзинад кæ й загътон, уый тыххæ й!... Йæ хæ дæ г гуыффæ асæ рфта, кæ мдæ р æ й æ фцæ гыл афæ лдæ хта, бæ стæ цъыфæ й сызмæ ста, ныр ын йæ рæ дыд сраст кæ нынмæ куы хъавынц, уæ д æ взидынмæ фæ ци! Уыцы хъуыддаг йæ хи къухы кæ й нæ бафтыд, ууыл цæ хæ ртæ калы!..

Алыбег мæ нмæ фæ ци. Ныффæ лурс, фырмæ стæ й йыл къæ зæ нæ г бахæ цыд:

— Цъаммар! — æ мæ мæ асхуыста. — Дæ маст исыс? Ницы кæ ны! Æ нæ дæ у дæ р æ фцæ джы сæ рты ахиздзыстæ м. Æ нæ дæ хуызæ н хъæ батыртæ й!..

Æ з ныхъхъус дæ н. Иу ныхас сдзурын дæ р мæ бон нал уыд. Джантайы хахуыртæ й цавддурау фæ дæ н. Ме ’мбæ лттæ мæ м тарæ рфыгæ й кастысты.

Лидзгæ, лидзын хъæ уы ардыгæ й... Стæ й цас тагъддæ р, уыйас хуыздæ р. Машинæ мæ багæ пп ластон... — дарддæ р, дарддæ р автобазæ йæ.

Фæ ндагыл банызтон. Фæ ндаггæ рон дуканимæ бауадтæ н. Нæ мæ м бахъардта. Ноджыдæ р ма иу ран æ рлæ ууыдтæ н. Æ нæ хъæ н агуывзæ дзы ныххуыфыдтæ н. Уый фæ стæ хидæ й, машинæ йæ, фæ ндагæ й чи кæ цы уыд, уый нал æ взæ рстон. Кæ рæ дзийы сæ рты хауын райдыдтой. Фæ хъæ лдзæ гдæ р дæ н, мур дæ р ын нæ у! «Сæ фт, дыууæ сæ фты, — дзурын мæ хицæ н. — Дæ быны — машинæ. Цы ма дæ хъæ уы! Кадича... Иннæ тæ й цæ мæ й æ взæ рдæ р у? Æ рыгон, рæ сугъд. Уарзы дæ. Æ рхъæ цмæ дæ р дыл нæ хъæ цы. Дæ у тыххæ й йæ хи мæ лæ тмæ дæ р ратдзæ н... Уæ ддæ р дын бæ сты ницы цæ уы, æ дылы къоппа! »

Нæ химæ æ рбацыдтæ н изæ рæ й. Дуары цур лæ ууын. Куы иуæ рдæ м ныццудын, куы — иннæ рдæ м. Ме уæ хскыл мæ кæ рц æ рзæ бул. Иуæ й-иу хатт мæ рахиз дыс суадзын, цæ мæ й мын машинæ скъæ рын æ нцондæ р уа, уый тыххæ й. Чысылæ й фæ стæ мæ афтæ сахуыр дæ н, суанг ма дуртæ куы æ хстон, уæ дæ й нырмæ.

Асель мыл йæ хи æ рбаппæ рста.

— Илас, цы кæ ныс? — Уый фæ стæ йæ, æ нхъæ лдæ н, бамбæ рста, цы кодтон, уый. — Цæ й, ам цы лæ ууыс? Бафæ лладтæ? Ихæ н дын у? Дæ дзаумæ ттæ ласгæ!

Феххуыс кæ нынмæ мын хъавыд, фæ лæ йæ æ з æ нæ дзургæ йæ ассыдтон. Мæ худинаг гуымиры миты бын фæ кæ нынмæ хъавыдтæ н. Цудтытæ гæ нгæ мидæ мæ бацыдтæ н. Цыдæ р афæ лдæ хтон æ мæ уæ ззаугай мæ хи бандоныл æ руагътон.

— Исты фыдбылыз, мыййаг, æ рцыд, Илас? — Асель мæ расыг цæ стытæ м уыцы тыхстхуызæ й ныккаст.

— Æ мæ йæ нæ зоныс? — Æ з мæ сæ р ныллæ г æ руагътон — афтæ хуыздæ р уыд. Комкоммæ кæ сын æ м нæ фæ рæ зтон. Æ з бадтæ н æ мæ æ нхъæ лмæ кастæ н, Асель уайдзæ фтæ м фæ уыдзæ н, хъысмæ тæ й хъаст кæ ндзæ н, æ лгъитдзæ н æ й, зæ гъгæ. Алцæ мæ дæ р цæ ттæ уыдтæ н, мæ аххос зыдтон æ мæ алцæ имæ дæ р сразы уыдаин. Фæ лæ Асель ныхъхъус, цыма уаты уæ вгæ дæ р нæ уыд, уыйау. Æ з æ м аивæ й бакастæ н. Асель лæ ууыди рудзынджы цур. Йæ чъылдым — мæ нæ рдæ м. Кæ д ын йæ цæ сгом нæ уыдтон, уæ ддæ р æ й базыдтон, кæ угæ кæ й кæ ны. Фыртæ ригъæ дæ й мæ зæ рдæ ныррызт.

— Цы дын зæ гъынмæ хъавын, уый зоныс, Асель? — райдыдтон къуызгæ йæ æ з. — Æ з дын зæ гъынмæ хъавын... — æ мæ ныхъхъус дæ н. Мæ митыл басæ ттыны фаг ныфс мæ м нæ разынд. Ахæ м цæ ф ныккæ нын ын мæ бон нæ уыд. Тæ ригъæ д мæ м фæ каст, фæ лæ дзæ гъæ лы... — Махæ н, æ вæ ццæ гæ н, дæ цæ гатмæ ацæ уын тагъд нæ бантысдзæ н, — ныхас æ ндæ рæ рдæ м аздæ хтон æ з. — Фæ стæ дæ рмæ йæ аргъæ вæ м. Ныртæ ккæ фадат нæ й...

— Аргъæ вæ м, цæ уыл тагъд кæ нæ м... — сдзырдта Аселы йæ цæ ссыгтæ асæ рфта æ мæ мæ цурмæ æ рбацыд. — Ныртæ ккæ ууыл ма хъуыды кæ н, Илас. Уырдæ м дæ р ацæ удзыстæ м. Фæ лтау уал дæ хи кой бакæ н. Бынтондæ р аивтай. Дæ хи хуызæ н нал дæ, Илас...

— Цæ й, хорз! — йæ ныхас ын фескъуыдтон æ з. Мæ химæ та смæ сты дæ н, тæ ппуддзинад кæ й равдыстон, уый тыххæ й. — Бафæ лладтæ н, хуыссын мæ м цæ уы.

Дыккаг бон, фæ стæ мæ здæ хгæ йæ, фæ сæ фцæ г сæ мбæ лдтæ н Алыбегыл. Йæ машинæ йыл гуыффæ баст. Долоны сæ рты ахызт.

Мæ н ауынгæ йæ, Алыбег тæ хгæ -тæ хын кабинæ йæ йæ сæ р радардта æ мæ мæ м йæ къух фæ тылдта. Мæ цыд фæ сындæ гдæ р. Алыбег фæ ндаджы астæ у лæ ууыди хъæ лдзæ гæ й, цинæ фсæ стæ й.

— Салам, Илас! Рахиз, фæ йнæ бадымæ м, — дзуры мæ м.

Æ з мæ цыд ноджы фæ сабырдæ р кодтон. Алыбеджы кабинæ йы шофыры бынаты бадти æ рыгон лæ ппу, дыккаг скъæ рæ г. Машинæ йы цæ лхытыл уыдис рæ хыстæ. Гуыффæ йыл — æ лхъывд уæ лдæ фæ й уромæ нтæ. Уый æ з уайтæ ккæ дæ р бафиппайдтон. Фæ лæ уæ ддæ р не ’рлæ ууыдтæ н. Дæ уæ н бантыст? Гъемæ тынг хорз! Мæ н та иу ран ныууадз!

— Æ рлæ уу, æ рлæ уу! — мæ фæ дыл ратахт Алыбег. — Ныхасæ н мæ хъæ уыс, Илас, бауром-ма. Гъер дæ у цы схуындæ уа?! Цæ й, уæ дæ!..

Æ з тынгæ й-тынгдæ р скъæ рдтон. Мæ фæ дыл цыфæ нды дзур, уæ ддæ р дæ нал фехъусдзынæ н. Иумæ йагæ й нын ницыуал ис. Æ з дзы раджы бахаудтæ н. Раст нæ бакодтон, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ хуыздæ р æ рдхордæ й æ нæ хай фæ дæ н. Ноджы ма мæ цуры иу мисхал зылын уæ ддæ р куы уыдаид. Уый ныртæ ккæ бамбæ рстон. Фæ лæ мын уыцы рæ стæ джы цæ мæ дæ р гæ сгæ хъыг уыд. Мæ нæ н бирæ тухитимæ дæ р мæ къухы чи нæ бафтыд, уыцы хъуыддаг Алыбегæ н æ нцонæ й кæ й бантыст, уый мын хъыг уыд.

Алыбег кæ ддæ риддæ р хæ д-зонд æ мæ æ мбаргæ лæ ппу уыд. Уый мæ хуызæ н æ фцæ гыл ахизыныл никуы сразы уыдаид. Тынг раст хатдзæ гмæ æ рцыд, йемæ, чи йæ раива, ахæ м æ мбал кæ й ахуыдта, уымæ й. Кæ рæ дзийы ивгæ цыдысты, æ мæ сын афтæ мæ й æ нцондæ р уыд æ фцæ джы сæ рты хизын. Ахæ м фæ ндагыл фæ уæ лахиз уæ вæ н ис мотор, адæ ймаджы ныфс æ мæ хъаруйы фæ рцы. Ноджы ма Алыбег æ мæ йе ’мбал фæ ндагыл рæ стæ г дыууæ хатты къаддæ р бахардз кодтой. Æ ппæ т уыдæ ттæ банымадта, стæ й машинæ йы уромæ нтæ компрессорæ й гуыффæ мæ бацарæ зта. Цæ лхытæ хуымæ тæ джы рæ хыстæ й сбæ ттын дæ р дзы нæ ферох. Цыбыр ныхасæ й, æ фцæ джы сæ рты ахизынмæ алцæ мæ й дæ р цæ ттæ уыд, мæ н хуызæ н æ м афтидармæ й нæ бацыд.

Алыбеджы фæ стæ æ фцæ джы сæ рты гуыффæ имæ цæ уын райдыдтой иннæ тæ дæ р. Алы хъуыддаджы дæ р сæ йрагдæ р райдайæ н у. Уалынмæ машинæ ты нымæ ц дæ р фæ фылдæ р, иннæ автобазæ тæ й нын æ рбарвыстой. Дæ с боны дæ ргъы æ хсæ вæ й-бонæ й Тянь-Шаны фæ ндаг уынæ ргъыдта машинæ ты уæ ззау цæ лхыты бын. Зын куыннæ уыди, фæ лæ нæ лæ ппутæ электростанцæ йы курдиат афоныл сæ ххæ ст кодтой, йæ куыст ницæ мæ й бакъуылымпы. Æ з дæ р куыстон...

Уæ дæ й нырмæ бирæ рæ стæ г рацыд æ мæ афтæ æ нцадæ й уымæ н дзурын. Фæ лæ уыцы бонты фæ цудыдтон. Саргъы бæ хыл бадын чи нæ базоны æ мæ йæ æ фсургъ æ рдæ гфæ ндагыл кæ й аппары, уый хуызæ н...

О, æ мæ дын уый дзырдтон.

Алыбегимæ куы фембæ лдтæ н, уый фæ стæ автобазæ мæ æ рбахæ ццæ дæ н фæ сахсæ вæ р. Æ мдзæ рæ нмæ араст дæ н, фæ лæ та фæ ндагыл хæ рæ ндонмæ базылдтæ н. Уыцы бонты мæ м афтæ тынг нуазын цыд, æ мæ диссаг. Фæ ндыд мæ, цæ мæ й-иу æ ппындæ р мацыуал æ мбæ рстаин, мæ мæ стытæ -иу мæ иууылдæ р ферох уыдаиккой æ мæ -иу афтæ мæ й схуыссыдаин. Бирæ банызтон, фæ лæ мæ сæ рмæ æ ппындæ р нæ бацыд. Хæ рæ ндонæ й рацыдтæ н ноджы мæ стджындæ рæ й. Æ мбисæ хсæ в горæ ты уынгты араст дæ н, æ мæ мæ мæ къæ хтæ сæ хæ дæ г Былгæ роны уынджы Кадичамæ бахастой.

Афтæ алы изæ р дæ р. Дывыдон арты бахаудтæ н. Бонæ й куысты, машинæ йыл, изæ рæ й та — Кадичамæ. Уыимæ æ нцондæ р уыд, сабырдæ р. Цыма мæ хицæ й дæ р, адæ мæ й дæ р æ мæ рæ стдзинадæ й бамбæ хстæ н. Афтæ мæ м каст, цыма мæ Кадича йеддæ мæ ничи æ мбары, ничи уарзы. Нæ химæ та-иу бирæ лæ ууын нæ фæ рæ зтон, уайтагъд-иу федде дæ н. Асель, мæ зæ рдæ йы уидаг, Асель!

Йæ æ ууæ нк, йæ уды сыгъдæ гдзинадæ й мæ æ ддæ мæ кæ й сырдта, уый куы зыдтаид. Мæ нæ н æ й мæ бон сайын нæ уыд. Æ з æ мбæ рстон, йæ аккаг кæ й нæ дæ н, стæ й мæ н тыххæ й цыдæ риддæ р кæ ны, уыдон дæ р мын æ вгъау кæ й сты. Цалдæ р хатты нæ химæ нозтджынæ й æ рбацыдтæ н. Æ мæ мын æ фхæ рæ н ныхас дæ р никуы загъта. Цæ мæ н, уый абоны онг дæ р нæ ма бамбæ рстон. Кæ д мын тæ ригъæ д кодта, сдзурын мæ м нæ уæ ндыд, æ ви мæ м æ нхъæ лмæ каст, мæ хиуыл кæ д æ рхуддзынæ н, зæ гъгæ. Цыфæ ндыйæ дæ р æ ууæ ндыди, мæ митыл мæ м фæ смон кæ й æ рцæ удзæ н, æ мæ та фыццаджы хуызæ н кæ й суыдзынæ н, ууыл. Уый бæ сты-иу фæ лтау загъд-замана куы самадтаид æ мæ мæ æ ппæ т хъуыддæ гтæ радзурын куы ’рдомдтаид. Асель куысты хабæ рттæ йеддæ мæ ницы зыдта, æ ндæ р мæ, æ вæ ццæ гæ н, искуы бæ лвырддæ р бафарстаид. Нæ, Асель æ ппындæ р ницы зыдта. Æ з та йын тæ ригъæ д кодтон, мæ ныхас иу райсомæ й иннæ райсоммæ, иу хаттæ й иннæ хатмæ æ ргъæ втон. Æ мæ мæ къухы æ ппындæ р нал бафтыд. Зæ гъын та йæ æ нæ мæ нг хъуыд. Йæ хи тыххæ й, нæ уарзондзинады тыххæ й, нæ бинонты тыххæ й...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.