Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 8 страница



— Кæ д ссыдтæ?

— Дыууæ азы цæ уы, кусын куы райдыдтон, уæ дæ й нырмæ.

— Джантурин Алыбег та кæ м ис?

— Нæ зонын. Æ з æ й ам не ’рбаййæ фтон. Памиры кæ мдæ р, дам, автобазæ йы сæ йраг механикæ й кусы...

«Лæ г дæ, Алыбег! Саг лæ г! » — бацин кодтон мæ хинымæ р. Йæ бæ ллиц сæ ххæ ст. Æ фсады ма куы уыди, уæ ддæ р фæ саууонмæ автомобильты фæ ндæ гты техникумы ахуыр кодта, фæ саууонмæ институт фæ уынмæ дæ р хъавыд.

— Хицау ма Аманжолов у?

— Нæ, æ ндæ р ис йæ бæ сты, Аманжоловы министрадмæ стырдæ р бынатмæ аивтой.

— Куыд дæ м кæ сы, кусынмæ мæ райсдзысты?

— Цæ уылнæ, райсдзысты дæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Дæ сны шофыр дæ. Суанг ма æ фсады дæ р хуыздæ ртимæ нымад куы уыдтæ.

— Кæ ддæ р цыдæ ртæ уыди, — бахъуыр-хъуыр кодтон æ з. — Джантайы нæ зоныс?

— Ахæ м нæ м нæ кусы. Йæ кой дæ р ын никуы фехъуыстон.

«Чысыл ивддзинæ дтæ не ’рцыд автобазæ йы... » — скарстон мæ хинымæ р, стæ й йæ бафарстон:

— Сыфцæ йласгæ гуыффæ тимæ æ фцæ джы сæ рты цæ ут?

— Æ нцонæ й, — хуымæ тæ г дзуапп радта Эрмек. — Цавæ р уæ зæ гтæ ласай, уымæ й дæ р бирæ аразгæ у. Куы бахъæ уы, уæ д ма дыл æ гæ р дæ р бавгæ ндзысты æ мæ йын цы ’нæ ласгæ ис. Машинæ тæ ныртæ ккæ домбай сты.

Уыцы гуыффæ ты тыххæ й цы бæ ллæ хтæ бавзæ рстон, уый Эрмек цæ мæ й зыдта.

Иу ныхасæ й, фæ стæ мæ мæ уарзон автобазæ мæ æ рбаздæ хтæ н. Эрмек мæ сæ химæ бахуыдта, хорз мæ федта, нæ фембæ лды тыххæ й мын нуазын дæ р кодта, фæ лæ æ з нæ бакуымдтон, раджы йæ ныууагътон.

Автобазæ йы дæ р мæ м хорз цæ стæ й ракастысты. Ме ’мбæ лттæ й ма дзы чи куыста, уыдонæ й се ’ппæ тæ й дæ р бузныгæ й баззадтæ н, дзæ гъæ л рафæ рс-бафæ рс мæ кæ й нæ кодтой, уый тыххæ й. Стæ й мæ фæ рсын дæ р цæ мæ н хъуыд. Уыдтой мæ. Дæ рдтыл фæ зылдтæ н æ мæ та фæ стæ мæ æ рыздæ хтæ н. Куыстон. Æ нæ зæ рдæ худтæ й. Æ мæ ма мын уый фæ стæ мæ хъæ дгом цæ мæ н агайдтаиккой. Æ з мæ хæ дæ г дæ р архайдтон ивгъуыд хабæ рттæ ферох кæ ныныл, æ ппындæ р сæ куыд никуыуал æ рымысон, афтæ. Кæ ддæ р мæ бинонтимæ кæ м цардтæ н, уыцы базæ йы рæ зты-иу куы фæ цæ йцыдтæ н, уæ д-иу мын фæ рсæ рдæ м фæ кæ сыны фадат куыннæ фæ уа, машинæ -иу афтæ тагъд аскъæ рдтон. Суанг ма-иу колонкæ йы цур бензин ныккæ ныны тыххæ й дæ р никуы æ рлæ ууыдтæ н. Фæ лæ уæ ддæ р нæ аирвæ зтæ н. Мæ хи асайын нæ бафæ рæ зтон.

Дзæ вгар рæ стæ г фæ куыстон, адæ мимæ фæ цахуыр дæ н, мæ машинæ йы хъару бирæ ауайæ нты бавзæ рстон. Цыбыр дзырдæ й, мæ хъуыддаг зыдтон...

Уыцы бон æ нæ мæ тæ й æ рбацæ йцыдтæ н. Ницы сагъæ с мæ уыд. Мæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н машинæ скъæ рдтон. Алырдæ м фæ лгæ сыдтæ н. Уалдзæ г ралæ ууыд æ мæ быдырты уындæ й зæ рдæ ради. Дæ рддзæ фгомау иуæ й-иу рæ тты цатыртæ æ рцарæ зтой: фосдарджытæ уалдзыгон хизæ нуæ ттæ м рацыдысты. Цатырты сæ рмæ фыццаг фæ здæ джы уадздзæ гтæ фæ зынди. Дымгæ -иу йемæ æ рбахаста бæ хты æ нæ нцой мыр-мыр. Фосы дзугтæ хызтысты фæ ндагмæ хæ стæ г. Мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд мæ сабидуг, æ рæ нкъард дæ н... Æ мæ æ васт цадмæ фæ зилæ ны фестъæ лфыдтæ н — доныхъазтæ!

Мæ цæ рæ нбонты Иссык-Кулы дыккаг хатт уалдзæ джы федтон доныхъазтæ. Цъæ х-цъæ хид Иссык-Кулы сæ рмæ зылдысты урс мæ ргътæ. Цæ мæ н, уый мæ хæ дæ г дæ р нæ зонын, фæ лæ та кæ ддæ ры хуызæ н мæ машинæ фæ ндагæ й цæ хгæ р фæ зылдтон æ мæ зæ рæ стоны комкоммæ цадмæ аскъæ рдтон.

Иссык-Куль, Иссык-Куль — ме ’рдæ гконд зарæ г! Доны сæ рмæ уæ лбыл Аселимæ куы ’рлæ ууыдыстæ м, уыцы бон та цæ мæ н æ рлæ ууыд мæ зæ рдыл? Кæ ддæ рау та урсбарц цъæ х уылæ нтæ цыма кæ рæ дзийы къухтыл ныххæ цыдысты, уый хуызæ н бур былгæ ронмæ фæ д-фæ дыл тахтысты. Хур фæ схох æ рцæ йныгуылд æ мæ фæ стаг тынтæ й дард уылæ нтæ сырхбын дардтой. Доныхъазтæ цинæ мхæ ццæ сагъæ сæ фтауæ г зарджытимæ уæ лдæ фы зылдысты. Сæ хи-иу бæ рзонд систой, сæ базыртæ й æ хситгæ нгæ -иу сæ хи цадмæ рауагътой æ мæ -иу доны фыцгæ зиллæ ччытæ фæ йнæ рдæ м фæ цыдысты. О, æ ппæ т дæ р уыди кæ ддæ ры хуызæ н. Æ рмæ ст Асель мемæ нæ уыди. Цымæ кæ м дæ ныртæ ккæ, мæ сырхсæ рбæ ттæ нджын гæ дыбæ лас, мæ зæ рдæ йы уидаг?

Æ з былгæ рон бирæ фæ лæ ууыдтæ н. Уый фæ стæ автобазæ мæ раздæ хтæ н. Æ мæ та мæ хиуыл фæ хæ цын нал бафæ рæ зтон... Хæ рæ ндонмæ та бацыдтæ н мæ сагъæ стæ нозты басудзынмæ. Уырдыгæ й æ нафон раздæ хтæ н. Арв уыди сау-сауид. Мигътæ й æ рбахгæ дта. Комæ й дымдта тыхджын дымгæ. Хуыр цæ сгомыл цавта. Цад абухта, хъæ рзыдта. Тыххæ йты ма æ мдзæ рæ нмæ бахæ ццæ дæ н. Æ д дзаумæ ттæ хуыссæ ны бафæ лдæ хтæ н.

Райсомæ й мæ сæ р тъæ ппытæ хауд. Фæ снозт мæ м фезмæ лын дæ р нæ цыд. Æ дде уарыд митæ мхæ ццæ къæ вда. Иу-æ ртæ сахаты ма фæ хуыссыдтæ н, куыстмæ цæ уын мæ нæ фæ ндыд. Фыццаг хатт мыл ахæ м хабар æ рцыд. Уымæ й размæ мæ куыстыл афтæ никуы сыстырзæ рдæ дæ н. Фæ лæ фæ стагмæ мæ хицæ й фефсæ рмы дæ н æ мæ ацыдтæ н.

Машинæ уыцы уæ нгмардæ й цыд, уæ вгæ уый нæ, фæ лæ æ з уыдтæ н уæ нгмард. Ноджы рæ стæ г дæ р хъуынтъыз. Мæ комкоммæ -иу чи ’рбацæ йцыд, уыцы машинæ тæ уыдысты митæ й æ мбæ рзт: æ вæ ццæ гæ н, æ фцæ гыл æ руарыд. Цыфæ нды дæ р уæ д! Мæ фыдæ нæ н тымыгъ дæ р сыстæ д, ницæ мæ й дзы тæ рсын, сæ фт — дыууæ сæ фты!

Мæ чемы нæ уыдтæ н. Кæ сæ нмæ -иу мæ химæ куы скастæ н, уæ д-иу мæ зæ рдæ бамæ гуыр: æ нæ даст, цæ сгом рæ сыд, æ нцъылдтæ, цыма фæ стинон уыдтæ н, уыйау. Искуы мæ иу комдзаг скæ нын хъуыд, райсомæ й нырмæ хойраджы хъæ стæ нæ уыдтæ н, фæ лæ мæ м хæ рын дæ р мæ цыд, æ цæ г нуазгæ акодтаин. Иу хатт дæ хиуыл фæ хæ цын куынæ бафæ разай, уæ д уый фæ стæ фæ зын вæ ййы. Ацаходæ ны цур æ рлæ ууыдтæ н. Фыццаг агуывзæ йы фæ стæ мæ ныфсыл бафтыд, дзæ вгар мын фенцондæ р. Уый фæ стæ ма фæ ндагыл кæ мдæ р иу сыкъа банызтон, стæ й ма йæ м уый фæ стæ дæ р бафтыдтон. Машинæ тагъддæ р згъорын райдыдта. Рудзынгсæ рфæ нтæ мæ цæ стыты акомкоммæ сдыууæ рдæ м сты. Æ ргуыбыр кодтон, мæ сигарет мæ дæ ндæ гты æ хсæ н æ ууилын. Мæ ныхмæ цы машинæ тæ цæ уы, уыдон ауынын, мæ рудзгуытыл мын цъыф дон куыд æ рбакалынц, уый дæ р базонын, æ ндæ р ницыуал æ мбарын. Æ нафон уыд, æ мæ машинæ ноджы тынгдæ р бацагайдтон. Хæ хты мыл æ рæ хсæ в. Мæ йдар æ хсæ в. Цæ сты къух фæ тъыссæ н нæ уыд, ахæ м талынг æ хсæ в. Мæ нозт мыл æ ртæ фст. Фæ ллайын райдыдтон. Мæ цæ стыты размæ -иу сау зиллæ ччытæ февзæ рд. Кабинæ йы æ нуд уыд æ мæ мæ зæ рдæ хæ ццæ кæ нын райдыдта. Цæ рæ нбонты афтæ расыг никуыма уыдтæ н. Мæ цæ сгомы хид калд. Афтæ мæ м каст, цыма машинæ йы нæ цыдтæ н, фæ лæ мæ разæ й цы дыууæ цырагъы рухсы уыд, уыдоныл тахтæ н. Уыцы рухсытимæ -иу уырдыджы бынмæ ныххаудтæ н, тынтимæ -иу зырзыргæ нгæ хохы фахсыл балæ ууыдтæ н, куы та-иу рухсыты фæ стæ фæ ндаггæ рæ тты æ рзылдтæ н. Минутæ й минутмæ дæ р-иу мæ тых фæ къаддæ р, фæ лæ уæ ддæ р машинæ нæ урæ дтон, уымæ н æ мæ зыдтон, куыддæ р мæ къухтæ рулæ й фæ хицæ н уой, афтæ йæ фæ стæ мæ æ рцахсын мæ бон нал бауыдзæ н. Кæ уылты цыдтæ н, уый дæ р бæ лвырд нал зонын — кæ мдæ р æ фцæ гыл. Уастæ н дын цы загъдæ уа, Долон, кæ д дæ уимæ хъæ бысæ й хæ цæ н нæ й, уæ д! Уæ лдайдæ р æ хсæ выгон, расыг шофырæ н.

Машинæ тыххæ йты цавæ рдæ р хæ рдыл схызт, стæ й фæ уырдыг кодта. Сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ талынджы смидæ г дæ н. Мæ къухтæ мæ коммæ нал кастысты. Машинæ фæ ндагыл уырдыгмæ тынгæ й-тынгдæ р тахт. Стæ й райхъуыст æ мыр гуыпп, хъыррыст, цырæ гътæ ахуыссыдысты, æ ппындæ р ницыуал ауыдтон. Мæ зонд ма ацахста: цæ уылдæ р сцавтон машинæ!

Афтæ мæ й цас фæ хуыссыдаин, хуыцау нæ зонæ г, фæ лæ мæ м иу заман дард кæ цæ йдæ р дзурæ гау æ рбайхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с: «Дæ рухс-ма ардæ м æ рбадар! » Кæ йдæ р къухтæ мын мæ сæ р, уæ хсчытæ æ мæ риу сгарынц: «Æ гас у, æ рмæ ст расыг», — сдзырдта та æ рдæ боны хъæ лæ с. Иннæ йын дзуапп радта: «Фæ ндаг асыгъдæ г кæ нын хъæ уы».

— Æ фсымæ р, чысыл-ма фалдæ р бабад æ мæ машинæ ардыгæ й атæ рæ м, — æ мæ мын аивæ й ме уæ хск басхуыстæ уыд.

Æ з ныхъхъæ рзыдтон, тыххæ й-фыдæ й мæ сæ рыл схæ цыдтæ н. Мæ ныхы туг цæ сгомыл дæ лæ мæ калд. Мæ риуы мæ цыдæ р хъыгдардта. Мæ бон рабадын нæ уыд. Спичкæ ссыгъта. Æ рбакасти мæ м. Стæ й ма ноджыдæ р иу спичкæ ссыгъта æ мæ та мæ м æ рбакаст, цыма йæ цæ стытыл нæ баууæ ндыд, уый хуызæ н...

— Ай цытæ бакуыстай, мæ лымæ н? Куыд рауади уый? — хъыггæ нгæ йæ мæ м сдзырдта талынджы.

— Машинæ... тынг ныцъцъæ л? — бафарстон æ з, туг ату кæ нгæ йæ...

— Уыйас нæ. Фæ ндагыл ныццæ хгæ рмæ æ рмæ ст.

— Уæ дæ ныртæ ккæ ацæ удзынæ н, ауадзут мæ, — мæ зырзыргæ наг къухтæ мæ коммæ нал кастысты, афтæ мæ й машинæ скусын кæ ныныл æ мæ стартер нылхъивыныл афæ лвæ рдтон.

— Фæ лæ уу! — йæ къухтæ й мыл фæ хæ цыд. — Хынджылæ гæ н æ гъгъæ д у. Рахиз-ма. Ахсæ в уал дæ фæ ллад суадз, райсом бæ рæ г уыдзæ н...

Кабинæ йæ мæ райстой.

— Машинæ фæ ндагæ й иуварс атæ р, Кемель, æ мæ йæ м уым æ ркæ сдзыстæ м!

Мæ къух мын йе уæ хсчы сæ рты байста æ мæ мæ талынджы иуварс кæ дæ мдæ р аласта. Дзæ вгар фæ цыдыстæ м, цалынмæ цавæ рдæ р хæ дзары дуармæ не ’рлæ ууыдыстæ м, уæ дмæ. Хæ дзармæ дæ р уый æ ххуысæ й бацыдтæ н. Æ ддаг уаты сыгъди фæ тæ гены цырагъ. Бандоныл мæ сбадын кодта æ мæ мын мæ кæ рц ласынмæ фæ ци. Æ з дæ р æ м бакастæ н. Базыдтон æ й. Уый уыди фæ ндæ гты мастер Байтемыр, кæ ддæ р æ фцæ гыл машинæ сыфцæ й кæ имæ фæ ластам, уый. Худинаг мæ м æ ркаст, фæ лæ мын æ хсызгон дæ р уыд, хатыр ракурынмæ дзы хъавыдтæ н, стæ й йын раарфæ кæ нын дæ р мæ зæ рды уыд, фæ лæ уыцы рæ стæ г сугты гæ р-гæ р зæ ххыл фæ цыд æ мæ уыдон уынæ рмæ фæ стæ мæ фæ кастæ н. Фæ кастæ н æ мæ мын цыма исчи ме уæ хсчытыл уæ ззау уаргъ баппæ рста, уыйау сабыргай мæ бадæ нæ й тыхамæ лттæ й сыстадтæ н. Къæ сæ ргæ рон пырх сугты уæ лхъус лæ ууыди Асель. Цыдæ р æ нахуыр æ мраст лæ ууыд æ мæ мæ м цавддурау каст.

— Цы у уый? — базмæ лыдысты йæ былтæ.

Æ з чысыл ма бахъæ уа ма ныхъхъæ р кæ нон: «Асель! », фæ лæ мæ йæ химæ хæ стæ г бацæ уын чи нæ уагъта, уыцы æ цæ гæ лон цæ стæ нгас иу ныхас сдзурын дæ р нæ бауагъта, худинаджы арты ссыгъдтæ н æ мæ мæ сæ р æ руагътон. Уаты иуцъусдуг афтæ сабыр уыди, æ мæ мæ хинымæ р фыртæ ссæ й барызтæ н. Байтемыр куынæ уыдаид, уæ д хъуыддаг цæ уыл ахицæ н уыдаид, уый нæ зонын. Цыма æ ппындæ р ницы æ рцыд, уый хуызæ н мæ фæ стæ мæ мæ бынаты æ рбадын кодта.

— Тæ ссагæ й дзы ницы ис, Асель, — сабыргай загъта уый. — Шофыр иучысыл фæ цъæ ррæ мыхст, баулæ фдзæ н... Уый бæ сты нын йод куы раттис.

— Йод? — йæ хъæ лæ с фæ фæ лмæ ндæ р, батыхст. — Йод нæ сыхæ гтæ ахастой... Æ ртæ ккæ йæ æ рбадавдзынæ н! — æ мæ уайтагъд федде.

Æ з æ нæ змæ лгæ йæ бадтæ н, мæ был мæ дæ ндæ гтæ й æ хсыдтон. Мæ нозт цыдæ р фæ ци, цæ стыфæ ныкъуылдмæ дзы сæ ры ницыуал аззад. Æ рмæ ст мæ туджы дзæ хст-дзæ хст къæ мисæ нтæ й æ ддæ мæ лæ бурдта.

— Раздæ р æ й ныхсын хъæ уы, — загъта Байтемыр, мæ ныхы цъæ ррæ мыхстмæ кæ сгæ йæ. Бедра йемæ райста æ мæ æ ддæ мæ рацыд. Иннæ уаты дуарæ й бæ гъæ ввадæ й айдагъ хæ доны ракаст, иу-фондз азы кæ уыл цыдаид, ахæ м лæ ппу. Йæ дынджыр цæ стытæ й мæ м цымыдисæ й касти. Æ з æ й уайтагъддæ р базыдтон. Куыдæ й, уымæ н ницы зонын, фæ лæ йæ мæ зæ рдæ базыдта.

— Сæ мæ т! — ныллæ г хъæ лæ сæ й йæ м бадзырдтон æ з æ мæ мæ хъæ булмæ мæ хи байвæ зтон. Уыцы заман Байтемыр къæ сæ ргæ рон фæ зынд, æ мæ дзы цæ мæ дæ р гæ сгæ фæ тарстæ н. Мæ фыртмæ йæ номæ й кæ й сдзырдтон, уый, æ нхъæ лдæ н, фехъуыста. Цыма мæ давгæ йæ æ рцахстæ уыд, афтæ мæ м фæ каст. Цæ мæ й мæ уавæ рæ й фервæ зон, уый тыххæ й æ з, мæ къух мæ ныхы цæ фыл авæ ргæ йæ, æ нæ нхъæ лæ джы бафарстон:

— Уый дæ фырт у? — Цымæ йæ цæ мæ н бафарстон? Абоны онг дæ р æ й мæ хицæ н нæ ма ныббарстон.

— О! — фидарæ й загъта Байтемыр. Бедра зæ ххыл æ рæ вæ рдта, Сæ мæ ты та йæ хъæ бысмæ фелвæ ста. — Мæ фырт у, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ хи хъæ бул, æ ццæ й нæ, Сæ мæ т? — сдзырдта уый, сывæ ллонæ н пъа кæ нгæ йæ, æ мæ йын йæ рихитæ й йæ рус æ мæ йæ бæ рзæ й хъыдзы кæ нгæ йæ. Йæ хъæ лæ с æ мæ йæ фезмæ лдтыты иу кæ нгæ ми дæ р нæ уыди. — Цæ уылнæ бафынæ й кæ ныс? Æ, мæ гыццыл байраг, хъуамæ иу хъуыддаг дæ р æ нæ базонгæ йæ ма ныууадзай, тæ хгæ марадз хуыссæ нмæ!

— Æ мæ мамæ кæ м и? — бафарста Сæ мæ т.

— Ныртæ ккæ æ рбацæ удзæ н. Уæ ртæ. Ауай, ауай, мæ хъæ бул.

Асель æ рбатахт, æ нæ дзургæ йæ ныл йæ цæ стæ нгас æ рбаппæ рста. Байтемырмæ йод радта æ мæ лæ ппуйы хуыссынмæ ахуыдта.

Байтемыр хисæ рфæ н ныххуылыдз кодта æ мæ мын дзы мæ цæ сгомы туг ныссæ рфта.

— Фæ разынæ й хуыздæ р хос ын нæ й! — сдзырдта хъазгæ йæ æ мæ ма, мæ цъæ ррæ мыхстытæ йодæ й судзгæ йæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ахæ м хъуыддаджы тыххæ й дæ ноджы тынгдæ р басудзын хъæ уы, фæ лæ дын уазæ джы хатыр фæ уæ д... Гъер хорз у, байгас уыдзæ н. Асель, цай нын куы рахæ ссис.

— Ныртæ ккæ.

Байтемыр мын нымæ тыл бæ мбæ джджын хъæ ццул байтыдта, баз ыл æ рæ вæ рдта.

— Мæ нæ ам æ рбад, иучысыл баулæ ф, — загъта уый.

— Ницы кæ ны, бузныг!

— Сбад, сбад, цыма уæ химæ дæ, афтæ дæ м кæ сæ д, — æ рхатыд та мæ м Байтемыр.

Раст цыма мæ фыны уыдтæ н, афтæ мæ м каст. Мæ зæ рдæ мын чидæ р мæ риуы фидар нылхъывта æ мæ йæ сызмæ лын нал уагъта. Дарддæ р цы уыдзæ н, зæ гъгæ, сагъæ сты ацыдтæ н. Фæ лтау куынæ райгуырдаин.

Асель рацыд, цæ мæ й махæ рдæ м ма ракæ са, ууыл архайдта, афтæ мæ й цайфыцæ нимæ кæ ртмæ ахызт.

— Æ з дын ныртæ ккæ феххуыс кæ ндзынæ н, Асель, — йæ фæ дыл адзырдта Байтемыр. Уый дæ р тагъд-тагъд уынгмæ йæ фæ стæ фæ цæ йцыд, фæ лæ та Сæ мæ т мидæ ггаг уатæ й рауад. Уый хуыссыны мæ т нæ уыд.

— Уæ ддæ р нæ й, Сæ мæ т! — сдзырдта йæ м фæ лмæ нхуызæ й Байтемыр æ мæ йæ сæ р батылдта.

— Ды, кинойы цы лæ г хъазыд, уый нæ дæ? — æ цæ гæ й мæ бафарста мæ фырт æ мæ мæ м хæ стæ гдæ р æ рбацыд.

Хъуыддаг цæ й мидæ г ис, уый уайтагъддæ р фембæ рстон, Байтемырыл та худæ г бахæ цыд.

— Æ, мæ нæ æ дылы чи у, уый! — худти Байтемыр, сывæ ллоны цур дзуццæ джы æ рбадгæ йæ. — Худæ гæ й мæ амардтай. Айфыццаг æ рзæ ткъахæ нмæ киномæ ацыдыстæ м, — мæ нæ рдæ м раздæ хгæ йæ, дарддæ р дзырдта Байтемыр. — Ацы азмæ ц дæ р немæ...

— О, æ з кинойæ рацыдтæ н! — дзуапп радтон Сæ мæ тæ н.

— Раст нæ зæ гъыс! — фæ хъуынтъыз Сæ мæ т.

— Цæ уылнæ?

— Уæ дæ, цы æ хсаргардæ й хæ цыдтæ, уый кæ м ис?

— Нæ химæ йæ ныууагътон...

— Равдисдзынæ мæ м æ й? Райсом мæ м æ й равдисдзынæ?

— Равдисдзынæ н. Ардæ м-ма рауай. Дæ ном цы хуыйны, Сæ мæ т хуыйны дæ ном?

— Сæ мæ т. Дæ ном та?

— Мæ ном... — æ з ныхъхъус дæ н. — Мæ ном та — Илас, — тыххæ йты сфæ рæ зтон æ з.

— Сæ мæ т, цæ угæ æ мæ схуысс, æ нафон у! — ныхас йæ химæ айста Байтемыр.

— Папæ, иугыццыл ма фæ лæ ууон? — лæ гъстæ хуызæ й загъта Сæ мæ т.

— Цæ й, хорз! — сразы Байтемыр. — Мах ныртæ ккæ цай æ рбахæ сдзыстæ м.

Сæ мæ т мæ м æ рбауад. Æ з ын йæ къух фæ лмæ н æ рсæ рфтон. Мæ хуызæ н тынг уыди. Цæ рмыстыгъд мæ бакодта. Суанг ма йæ къухтæ дæ р мæ къухты æ нгæ с уыдысты, худгæ дæ р мæ хуызæ н кодта.

— Куы сдынджыр уай, уæ д цы уыдзынæ? — бафарстон æ й æ з, цæ мæ й мын мæ фыртимæ исты хуызы ныхас бацайдагъ уыдаид, уый тыххæ й.

— Шофыр.

— Машинæ йы цæ уын уарзыс?

— Тынг бирæ... Æ рмæ ст мæ никуы ничи сæ вæ ры, мæ къух сæ м куы сдарын, уæ ддæ р...

— Æ з дæ райсом аласдзынæ н. Фæ нды дæ?

— Фæ нды. Æ з дын хъултæ ратдзынæ н! — æ мæ иннæ уатмæ батахт.

Рудзынгæ й мæ м хорз зынди цайфыцæ н. Йæ хæ тæ лæ й арты æ взæ гтæ æ ддæ мæ лæ бурдтой. Асель æ мæ Байтемыр цæ уылдæ р дзырдтой.

Сæ мæ т архары[5] цармæ й конд хызыны хъултæ рахаста.

— Дæ хицæ н дзы равзар! — йæ диссаджы рæ сугъд ахуырст хъултæ мæ цуры æ ркалгæ йæ, сдзырдта Сæ мæ т.

Æ з дзы иу хъул мæ хицæ н зæ рдылдарынæ н сисынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ нæ бауæ ндыдтæ н. Дуар байгом æ мæ Байтемыр тæ ф калгæ цайфыцæ нимæ æ рбахызт. Йæ фæ стæ фæ зынд Асель дæ р æ мæ цайгæ рдæ г фыцыныл балæ ууыд, Байтемыр та нымæ тыл тымбыл ныллæ г фынг æ рæ вæ рдта, йæ уæ лæ йын æ мбæ рзæ н æ рытыдта. Мах Сæ мæ тимæ хъултæ иу ранмæ æ рæ мбырд кодтам æ мæ сæ фæ стæ мæ хызыны ныккалдтам.

— Дæ хæ знатæ æ вдыстай? Нæ фæ лæ цы хиппæ лой дæ, — сдзырдта Байтемыр Сæ мæ тмæ æ мæ йын хъазгæ йæ йæ хъус сивæ зта.

Минуты фæ стæ иууылдæ р цайфыцæ ны уæ лхъус бадтыстæ м. Æ з æ мæ Асель нæ хи афтæ дардтам, цыма кæ рæ дзийы æ ппындæ р никуы зыдтам. Дыууæ йæ дæ р сабыр уæ выныл архайдтам æ мæ фылдæ р рæ стæ г, æ вæ ццæ гæ н, хъусæ й дæ р уымæ н лæ ууыдыстæ м. Сæ мæ т бадти Байтемыры хъæ бысы æ мæ йæ м йæ хи ноджы хæ стæ гдæ р ивæ зта, йæ сæ р разил-базилыл сси.

— Æ ллæ х, алы хатт дæ р мæ дæ рихитæ й ныххырхыс, папæ! — афтæ мæ й йын йæ рустæ нæ рихитыл йæ хæ дæ г хафта.

Дæ фырты фарсмæ бад æ мæ йæ дæ фырт схонын ма уæ нд. Уый мын тынг зын уыд. Ноджы ма æ ндæ р адæ ймаджы дæ хи цур йæ фыд хонæ д. Асель дæ фарсмæ бадæ д æ мæ дын æ м комкоммæ бакæ сыны бар ма уæ д. Уымæ й ма уæ ззаудæ р бæ ллæ х цы уыдзæ н! Цымæ ам куыд февзæ рд? Бауарзта æ мæ афтæ мæ й ацыдаид чындзы? Цы йын хъуамæ базыдтаин, кæ д æ мæ йæ хи нæ зонæ г скодта! Цыма йын бынтон æ цæ гæ лон, æ нæ зонгæ адæ ймаг уыдтæ н! Ау, ахæ м цæ стысындз ын фестадтæ н? Байтемыр та? Чи дæ н, уый æ цæ гæ й нæ зоны? Сæ мæ тимæ кæ рæ дзийы халдих кæ й стæ м, уый дæ р нæ рахатыдта? Иухатт æ фцæ гыл куы фембæ лдыстæ м, уый кой та цæ уылнæ скодта? Æ ви дзы æ цæ гæ й ферох?

Куы схуыссыдыстæ м, уæ д мын ноджы фæ зындæ р. Уат мын бакодтой нымæ тыл. Æ з къулы ’рдæ м азылдтæ н. Асель ма цырагъы мæ нг рухсмæ тæ бæ гътæ æ фснайдта.

— Асель! — фаллаг уаты гом дуарæ й йæ м ныллæ г хъæ лæ сæ й фæ дзырдта Байтемыр. — Йæ дзаумæ ттæ -ма йын ахс.

Мæ чырынтæ хæ дон тугæ й нал зынд. Асель æ й райста æ мæ йæ æ хсын райдыдта, фæ лæ уынæ рмæ гæ сгæ бамбæ рстон, Байтемырмæ кæ й бацыд.

— Радиаторы дон рауагътат? — сабыргай бафарста Асель. — Куы ныссæ ла...

— Рауагьтам, Кемель æ й рауагъта! — Сабырæ й йын дзуапп радта Байтемыр дæ р. — Машинæ йæ н ницы уыд... Райсом æ м фæ кæ сдзыстæ м...

Мæ нæ й ма рох дæ р фæ ци: радиатортæ æ мæ мæ мотортæ нал æ ндæ втой.

Асель хæ дон æ хсад фæ ци æ мæ йæ пецы сæ рмæ ауындзгæ йæ арф ныуулæ фыд. Цырагъ ахуыссын кодта æ мæ ацыди.

Бынтондæ р нытталынг. Æ з зонын, иуы дæ р нæ хуыссæ г нæ ахста. Алчидæ р нæ йæ хъуыдытимæ иунæ гæ й баззад. Байтемыр мæ фыртимæ хуыссыди иу сынтæ гыл. Сæ мæ т-иу йæ фыны базмæ лыд æ мæ та-иу æ й Байтемыр æ рæ мбæ рзта, цыдæ р фæ лмæ н ныхæ стæ -иу ын загъта. Асель-иу искуы иу хатт сындæ ггай арф ныуулæ фыд. Афтæ мæ м каст, цыма йын талынджы дæ р йæ уымæ л æ рттиваг цæ стытæ уыдтон. Уыдон, æ вæ ццæ гæ н, цæ стысыгтæ й сæ тæ ккæ дзаг уыдысты. Цымæ цæ уыл æ мæ кæ уыл уыди йæ сагъæ с? Ныр ын æ ртæ баистæ м... Чи зоны, æ мæ уымæ дæ р мæ хуызæ н хъуыдытæ уыд, йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты, нæ дыууæ йы æ хсæ н хорзæ й дæ р æ мæ æ взæ рæ й дæ р цы уыд, уыцы хабæ рттæ. Нæ, ныр æ з Асельмæ ницыуал бар дардтон, йæ химæ дæ р, йæ хъуыдытæ м дæ р. Асель фæ стаг азты фендæ рхуызон, фендæ рхуызон сты йæ цæ стытæ. Раздæ рау æ ууæ нкæ йдзаг, сыгъдæ г æ мæ хуымæ тæ г нал уыдысты. Фæ тызмæ гдæ р сты. Фæ лæ мын уæ ддæ р Асель фыццаджы хуызæ нæ й баззад, баззад мæ зæ рдæ йы уидагæ й. Йæ алы фезмæ лд, йæ алы ми дæ р мын цыдæ р уарзон æ мæ адджын уыдысты. Æ мæ мæ уый ноджы стырдæ р сагъæ с æ мæ мæ тыл æ фтыдта. Фыркатайæ базы кæ рон мæ дæ ндæ гтæ й фидар нылхъывтон, афтæ мæ й суанг боны срухсмæ мæ цæ стытæ æ ддæ гуæ лæ не ’рæ вæ рдтон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.