Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 3 страница



— Кæ с-ма, Асель! Доныхъазтæ!

Иссык-Кулы сæ рмæ доныхъазтæ фæ зыны æ рмæ стдæ р фæ ззæ г æ мæ зымæ г. Уалдзæ г искуы иу хатт йеддæ мæ не ’рбатæ хынц. Уыдон хуссайраг доныхъазтæ фæ хонынц, цæ гатмæ тæ хæ г доныхъазтæ. Уый, дам, амонды нысан у.

Доныхъазтæ изæ рон цады сæ рмæ зилдух систой. Мæ ргътæ -иу куы хæ рдмæ фæ цыдысты, куы та-иу бынмæ сæ хи рауагътой, сæ базыртæ ныттынг кæ нгæ йæ. Доны сæ р-иу абадтысты, сæ базыртæ -иу сцагътой, сæ алыварс-иу сырсыргæ наг урс-урсид зиллæ ччытæ фæ йнæ рдæ м дард фæ цыдысты, стæ й та-иу фæ стæ мæ стахтысты.

Уый фæ стæ рæ хысы цæ гтау кæ рæ дзийы фæ стæ ныххал сты. Суанг ма сæ базырты змæ лд дæ р баиу, афтæ мæ й цады змисджын былгæ ронмæ æ хсæ виуат кæ нынмæ атахтысты.

Мах кабинæ йы бадтыстæ м æ мæ сæ фæ дыл æ нæ дзургæ йæ кастыстæ м. Æ рæ джиау, цыма ныхасгонд уыдыстæ м, уый хуызæ н æ з сдзырдтон:

— Уа-артæ, уыныс, былгæ рон цы хæ дзары сæ ртæ зынынц, уый мах автобазæ у. Ай та, — æ з мæ къух кабинæ йыл ахастон, — нæ хæ дзар! — æ мæ ныххудтæ н. Æ ндæ р æ й кæ дæ м аластаин, уый нæ уыди.

Асель мын мæ цæ стытæ м æ рбакаст, мæ риумæ йæ хи нылхъывта, хъæ быс мæ кæ ны, афтæ мæ й кæ уы æ мæ худы:

— Мæ зынаргъ, мæ уарзон! Мæ н æ ппындæ р хæ дзар ницæ мæ н хъæ уы. Æ рмæ стдæ р мæ мæ мад æ мæ мæ фыд куы бамбариккой, искуы уæ ддæ р. Фæ хæ рам мæ м уыдзысты, цæ рæ нбонты, зонын æ й... Фæ лæ æ з цы аххосджын дæ н?..

Мæ лæ ты тагъд æ рталынг. Мигътæ арв æ рбахгæ дтой. Донмæ сæ хи быноз æ руагътой. Цад ныссабыр, фæ тардæ р. Хæ хтæ м цыма электросварщик схызт, уый хуызæ н-иу куы иу ран ферттывта, куы — иннæ ран. Тæ рккъæ вдайы райдайынмæ бирæ нал уыд. Доныхъазтæ былгæ ронмæ сæ хи хуымæ тæ джы нæ байстой. Рагацау бамбæ рстой: æ взæ р рæ стæ г сæ хæ хты сæ рмæ æ рцахстаид.

Арв ныннæ рыд. Къæ вда ныккалдта. Уынæ ргæ наг, æ гæ нон. Цад схъуыр-хъуыр кодта, рафыхт, æ мæ уылæ нтæ сæ хи былгæ роныл цæ вын райдыдтой. Уый уыдис уалдзыгон фыццаг арвнæ рд. Стæ й нæ фыццаг æ хсæ в дæ р. Кабинæ йы фæ рстæ æ мæ рудзгуытыл фæ дисонау згъордтой доны цыхцырджытæ. Арвæ рттывды цæ хæ ртæ -иу сау цады гом хъæ бысы аныхстысты. Мах кæ рæ дзимæ нæ хи нылхъывтам æ мæ сусæ гæ й ныхас кодтам. Асель ризын райдыдта, уый æ нкъарын: кæ нæ — тæ ссæ й, кæ нæ — ихæ нæ й. Æ з ыл мæ пинджак æ рбаппæ рстон, мæ хъæ бысмæ йæ ноджы тынгдæ р нылхъывтон. Уымæ й мæ химæ мæ лæ ты тыхджын æ мæ дынджыр фæ кастæ н. Никуы мæ бауырныдтаид, мæ бон уыйбæ рц буц уæ вын у, уый. Искæ й хъахъхъæ нын, искæ уыл узæ лын афтæ хорз у, уый нæ зыдтон. Йæ хъусы йын бадзырдтон: «Æ з дæ у æ фхæ рын никуы никæ мæ н бауадздзынæ н, мæ сырхсæ рбæ ттæ нджын гæ дыбæ лас, мæ зæ рдæ йы уидаг!.. »

Тæ рккъæ вда куыд æ васт райдыдта, афтæ æ васт фенцад. Фæ лæ ма цады уæ лцъарыл знæ т уылæ нтæ кæ рæ дзийы сырдтой, хаудысты ма къæ вдайы иугай æ ртæ хтæ дæ р.

Æ з гыццыл радиоприемник райстон. Уыцы рæ стæ джы мæ м уымæ й зынаргъдæ р дзаума нæ уыд. Фæ зылдтон æ й. Абоны хуызæ н ма мæ зæ рдыл лæ ууы: горæ ты театрæ й лæ вæ рдтой балет «Чолпоп». Хæ хтæ æ мæ къæ дзæ хты фæ сте кабинæ мæ æ рбаивылд музыкæ, балеты кæ й æ вдыстой, уыцы уарзондзинадæ н йæ хи хуызæ н буц æ мæ тыхджын музыкæ. Зал нæ рыди, хъуыст къухæ мдзæ гъд, адæ м хъæ рæ й дзырдтой спектаклы архайджыты нæ мттæ, чи зоны, кафджыты къæ хты бынмæ дидинджытæ дæ р æ ппæ рстой, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, махмæ Иссык-Кулы знæ т былгæ рон кабинæ йы цы диссаджы зæ рдæ скъæ ф æ нкъарæ нтæ сæ взæ рд, ахæ м æ нкъарæ нтæ театрдзаутæ й иумæ дæ р нæ райгуырд. Уыцы балеты мах тыххæ й дзырдæ уыд, нæ уарзондзинадыл. Мах нæ зæ рдæ мæ хæ стæ г истам, йæ амондагурæ г чи ацыд, уыцы чызг Чолпоны хъысмæ т. Мæ хи Чолпон, мæ сæ ууон стъалы уыдис мемæ. Æ мбисæ хсæ в ме уæ хскыл бафынæ й, мæ нмæ та дзæ вгар рæ стæ г хуыссæ г æ мгæ рон не ’рцыд. Сындæ ггай йын мæ армытъæ пæ нæ й йæ цæ сгом сæ рфтон æ мæ Иссык-Куль бынозæ й куыд улæ фы, уымæ хъуыстон...

Райсомæ й автобазæ мæ æ рбацыдыстæ м. Дзæ бæ х мæ м дзы æ рлæ вæ рдтой. Фæ лæ хъуыддаг куы бамбæ рстой, уæ д мын ныххатыр кодтой. Æ рæ джиау дæ р ма сыл-иу худæ г бахæ цыд, æ вгæ нæ н краны бынæ й куыд адымдтон, уый-иу куы ’рымысыдысты, уæ д.

Мæ н Долоны сæ рты рейсы цæ уын хъуыд. Аселы дæ р мемæ аластон, фæ ндагыл æ й ме ’рдхорд Джантурин Алыбегмæ ныууадздзынæ н, зæ гъгæ. Алыбег йæ бинонтимæ базæ йы цард. Нарынмæ хæ стæ г. Уый та арæ нæ й афтæ дард нæ у. Сæ рæ зты цæ угæ йæ -иу сæ м алы хатт дæ р бауадтæ н. Алыбеджы бинойнаг диссаджы хорз сылгоймаг уыд. Æ з ын тынг аргъ кодтон.

Мах араст стæ м. Фæ ндаггæ рон дуканийы Аселæ н цыдæ р дзаумæ ттæ балхæ дтам. Сæ хæ дзарæ й тæ нæ г къабайы куыд рацыд, афтæ мæ й уыд. Ноджы ма балхæ дтам стыр, æ рттиваг, хуызджын кæ лмæ рзæ н. Æ мæ нæ фæ стæ дæ р тынг æ хсызгон бахъуыд. Фæ ндагыл фембæ лдыстæ м ацæ ргæ шофыр Урмат-акейыл. Кæ рæ дзимæ ма дард уыдыстæ м, афтæ мын йæ къухæ й ацамыдта, æ рлæ уу, зæ гъгæ. Æ з æ рурæ дтон. Дыууæ йæ дæ р кабинæ тæ й рахызтыстæ м, кæ рæ дзийæ н салам радтам:

— Салам алейкум, Урмат-аке!

— Алейкум салам, Илас! Де уæ хскыл цы бæ лон абадт, уый фæ рнджын уæ д, — раарфæ мын кодта æ гъдаумæ гæ сгæ. — Амондджын ут, авд лæ ппуйы æ мæ уын иу цъæ х чызг куыд райгуыра.

— Бузныг! Ды та йæ цæ мæ й базыдтай, Урмат-аке? — афарстон æ й уыцы цымыдисхуызæ й æ з.

— Е-е, мæ хъæ бул, хорз хабар дардмæ хъуысы. Фæ ндагыл æ й адæ м кæ рæ дзийы дзыхæ й куы исынц...

— Кæ с-ма, дæ хорзæ хæ й! — ноджы тынгдæ р ныддис кодтон æ з.

Фæ ндаггæ рон лæ ууæ м, дзурæ м, фæ лæ Урмат-аке машинæ мæ хæ стæ гдæ р æ рбацæ уынмæ нæ хъавы, Асельмæ суанг аивæ й бакæ сын дæ р йæ зæ рды нæ й. Хуыцау хорз, æ мæ Асель хъуыддаг фембæ рста æ мæ йæ кæ лмæ рзæ н йæ сæ рыл æ ркодта, стæ й дзы йæ цæ сгом дæ р æ рæ мбæ рзта... Уый бафиппайгæ йæ, Урмат-акейы цæ сгомыл æ хсызгон мидбылты худт фæ зынд.

— Уый æ ндæ р хъуыддаг у! — загъта Урмат-аке. — Бузныг, мæ хъæ бул, де ’гъдауæ й. Ды абонæ й фæ стæ мæ нæ чындз дæ, æ гас автобазæ йы чындз. Хæ ц, Илас, ай дын, чындзы нын кæ й фенын кодтай, уый тыххæ й, — æ мæ мæ м æ хца æ рбалæ вæ рдта. Нæ райсын сæ мæ бон нæ баци, уымæ н æ мæ мæ м фæ хæ рам уыдаид.

Кæ рæ дзийæ н хæ рзбон загътам. Асель йæ кæ лмæ рзæ н йæ сæ рæ й нал систа. Раст цыма æ цæ г киргизаг хæ дзары æ гъдау лæ вæ рдта, уый хуызæ н-иу зонгæ шофыртимæ фембæ лгæ йæ, кабинæ йы йæ кæ лмæ рзæ нæ й йæ цæ сгом æ фсæ рмыгæ нгæ æ рæ мбæ рзта. Иунæ гæ й-иу куы баззадыстæ м, уæ д-иу худынмæ фестæ м.

Кæ лмæ рзæ ны мæ м Асель ноджы рæ сугъддæ р фæ каст.

— Нæ буц æ фсин, комкоммæ ма мæ м æ рбакæ с æ мæ мын аба кæ н! — дзурын æ м æ з.

— Худинаг у, исчи нæ фендзæ н! — дзуапп радта уый æ мæ мын сусæ гæ й мæ русæ н аба кодта.

Автобазæ йы шофыртæ й-иу ныл чи амбæ лд, уыдон-иу арфæ тыл фесты, бирæ тæ та нын фæ ндагыл дидинджыты бæ стытæ дæ р æ ртыдтой, лæ вæ рттæ балхæ нын кæ й къухы бафтыд, ахæ мтæ дæ р дзы разынд. Фыццагдæ р уый кæ й зæ рды æ рæ фтыд, нæ зонын. Æ вæ ццæ гæ н æ й нæ уырыссаг лæ ппутæ й исчи æ рымысыд. Хъæ уты чындзæ хсæ вы рæ стæ г уыдонмæ машинæ тæ дидинджытæ й сфæ лындынц. Æ мæ мах машинæ йыл дæ р сырх, æ рвхуызцъæ х, кæ рдæ гхуызцъæ х лентытæ, дари сæ рбæ ттæ нтæ, дидинджыты бæ стытæ куы сæ рттивиккой. Машинæ цæ хæ ртæ калдта æ мæ -иу æ й, æ вæ ццæ гæ н, суанг дæ сгай километртæ м дæ р базыдтой. Аселимæ амондджын уыдыстæ м. Мæ хæ лæ рттæ й мæ сæ р хуымæ тæ джы бæ рзæ ндты хастон. Æ мбал, дам, зындзинады рæ стæ г рабæ рæ г вæ ййы. Мæ нмæ гæ сгæ, æ мбалы амондджын бон дæ р раиртасдзынæ.

Нæ фæ ндагыл мæ хуыздæ р æ рдхорд Джантурин Алыбегыл дæ р сæ мбæ лдыстæ м. Уый мæ нæ й дыууæ азы хистæ р уыд. Бæ зæ рхыг, дынджырсæ рджын. Хорз лæ ппу у, æ мбаргæ, шофыры куыстмæ дæ р тынг дæ сны. Базæ йы йын иууылдæ р стыр аргъ кодтой. Профкоммæ йæ равзæ рстой. Мæ хинымæ р хъуыдытыл фæ дæ н, уый та мæ м цы цæ стæ й ракæ сдзæ н, зæ гъгæ.

Алыбег æ нæ дзургæ йæ нæ машинæ мæ æ рбакаст, йæ сæ р батылдта.

Асельмæ бацыд, йæ къух ын райста, арфæ йын ракодта.

— Æ ри-ма дæ фæ ндаггон гæ ххæ тт! — æ рдомдта мæ уый. Æ з æ м æ й æ нæ дзургæ йæ радтон. Алыбег йæ дзыппæ й хæ дфысгæ ручкæ систа æ мæ путевкæ йыл ставд дамгъæ тæ й цæ хгæ рмæ ныффыста: «Чындзæ хсæ вы рейс, № 167! » Сæ дæ æ хсай авд — путевкæ йы номыр.

— Цы кусыс? — фæ уыргъуыйау дæ н æ з. — Уый документ у!

— Уадз æ мæ фæ стагæ ттæ н афтæ мæ й баззайа! — загъта уый. — Дæ умæ гæ сгæ бухгалтерийы адæ м нæ бады? Ныр та мæ м дæ къух æ ри! — йæ хъæ бысы мæ æ рбатыхта æ мæ мын ныбба кодта. Мах ныххудтыстæ м.

Машинæ тæ м цæ уынмæ рахъавыдыстæ м, фæ лæ ма мæ Алыбег фæ урæ дта:

— Цæ ргæ та кæ м кæ ндзыстут?

Æ з мæ къухтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рстон.

— Мæ нæ дын нæ хæ дзар! — ацамыдтон машинæ мæ.

— Кабинæ йы? Уæ сывæ ллæ тты дæ р уым хъомыл кæ ндзыстут?.. Цы, уый зоныс? Базæ йы мах фатеры æ рцæ рут. Æ з хицауадимæ бадзурдзынæ н, æ мæ мах нæ хи хæ дзармæ рацæ удзыстæ м.

— Æ мæ дын арæ зт куы нæ ма фæ ци?

Алыбег хæ дзар арæ зта Рыбачьейы, автобазæ йæ чысыл дарддæ р. Уæ гъд рæ стæ г ын-иу æ з дæ р аххуыс кодтон.

— Ницы хъыгдары. Чысыл цыдæ ртæ ма дзы аззад. Уымæ й хуыздæ рмæ нырма ма ма æ нхъæ лмæ кæ с. Фатеры хабар куыд у, уый дæ хæ дæ г зоныс.

— Цæ й, бузныг. Мах уымæ й фылдæ р хъæ угæ дæ р нæ кæ ны. Æ з уæ м Аселы рæ стæ гмæ ныууадзынмæ хъавыдтæ н, ды та мын уæ фатер æ нæ хъæ нæ й дæ р дæ ттыс...

— Цыбыр ныхасæ й, нæ химæ ацæ ут. Фæ стæ мæ здæ хгæ йæ -иу мæ м банхъæ лмæ кæ с. Уæ д нæ устытимæ бæ лвырд уынаффæ рахæ сдзыстæ м! — æ мæ Асельмæ йæ цæ ст æ рныкъуылдта.

— Ардыгæ й фæ стæ мæ — æ рмæ стдæ р нæ устытимæ.

— Амондджын фæ уæ д уæ чындзæ хсæ вы балц! — радзырдта ма нæ фæ дыл Алыбег.

Мачи дзы уа! Уый æ цæ гæ йдæ р нæ чындзæ хсæ вы балц уыд! Стæ й цавæ р!

Мах цин кодтам, нæ хъуыддæ гтæ иууылдæ р хорз кæ й цæ уынц, ууыл. Æ рмæ ст мын иу фембæ лд изгарды хос фæ ци.

Иу фæ зилæ ны нæ тæ ккæ размæ фегуырд Джантайы машинæ. Иунæ г нæ уыди, кабинæ йы йæ фарсмæ бадти Кадича. Джантай мæ м йæ къух фæ тылдта. Æ з æ васт фæ урæ дтон. Дыууæ машинæ йы дæ р фæ рсæ й-фæ рстæ м æ рлæ ууыдысты. Джантай рудзынгæ й йæ сæ р радардта:

— Дæ машинæ хъулон-мулон куы афæ лдæ хт! Раст цыма чындзæ хсæ вы дæ!

— Уымæ й ницы мæ нг зæ гъыс! — дзуапп радтон æ з.

— Æ цæ гæ й? — æ нæ ууæ нкхуызæ й мæ м йæ къух æ рбадардта æ мæ Кадичамæ бакаст. — Мах та дæ у агурæ м! — тыххæ й-фыдæ й ма схауд йæ дзыхæ й.

Кадича хорзау нал фæ ци, куыд бадти, афтæ йæ бынаты æ ндзыгæ й баззад, ныффæ лурс.

— Дæ бон хорз, Кадича! — салам ын радтон.

Уый мын æ нæ дзургæ йæ, йæ сæ ры батылдæ й арфæ ракодта.

— Уæ дæ дæ фарсмæ уый дæ усаг бады? — Джантаймæ нырма ныр бахъардтой мæ ныхæ стæ.

— Усаг нæ, фæ лæ ус, — сраст æ й кодтон æ з æ мæ Аселы уæ хсчытыл мæ къух æ руагътон.

— Æ гъгъа, уæ дæ! — Джантайы цæ стытæ фырдисæ й рацæ йбырыдысты. Цин кæ на æ ви хъыг, уый йæ хæ дæ г дæ р дзæ бæ х нæ ма зыдта. — Цæ й, арфæ дын кæ нын, сыгъдæ г зæ рдæ йæ дын арфæ кæ нын...

— Бузныг!

— Хорз сарæ хстæ! Æ нæ ирæ дæ й ус æ ртеу-теу кодтай!

— Фаджыс! — рамæ сты йæ м дæ н æ з. — Дæ фæ ндаг дар!

Ахæ м ма дзы цъаммар уыдзæ н! Æ з ма йæ ноджы тынгдæ р бафхæ рынмæ хъавыдтæ н æ мæ мæ сæ р кабинæ йæ радардтон. Кæ сын æ мæ Джантай машинæ йы цур лæ ууы. Йæ æ хсæ рварс æ ууæ рды, хъæ р кæ ны, йæ тымбылкъухæ й Кадичамæ æ взиды. Чызг та фæ ндагæ й иуварс ныццавта, быдырмæ йæ ных сарæ зта. Тахти, тахти, Стæ й йе ’мбæ рцæ гæ й размæ бахауд. Йæ къухтæ й йæ сæ рыл ныххæ цыд. Се ’хсæ н цы рауад, уымæ н ницы зонын, фæ лæ мæ м Кадича тынг тæ ригъæ д фæ каст, цыма йæ разы истæ мæ й аххосджын уыдтæ н, уый хуызæ н. Аселæ н ницы загътон.

Къуырийы фæ стæ мах уæ зæ гты базæ йы æ рцардыстæ м. Нæ хæ дзар чысыл уыд: сенæ æ мæ дыууæ уатгонды. Ахæ м хæ дзæ рттæ дзы цалдæ р уыд. Цардысты дзы шофыртæ æ д бинонтæ, стæ й бензинæ вгæ нæ ны кусджытæ. Йæ ран хорз уыд, фæ ндагмæ хæ стæ г. Ноджы йæ м Нарын дæ р дард нæ у. Цыфæ ндыйæ дæ р облæ сты сæ йраг горæ т. Киномæ дæ фæ нды — табуафси, дуканимæ дæ р — афтæ. Рынчындон дæ р дзы ис. Нæ ног цæ рæ нбынат ма нæ зæ рдæ мæ цæ мæ й цыд: базæ фæ ндагæ н йæ раст æ мбисыл цыд. Нæ рейсытæ н сæ фылдæ р цыдысты Рыбачьейæ Атбашимæ Долоны сæ рты. Фæ ндагыл дæ хи хæ дзары дæ фæ ллад суадзын дæ бон уыд, суанг ма бахсæ виуат кæ нын дæ р. Æ з, зæ гъæ н ис, æ мæ алы бон дæ р Аселы уыдтон. Фæ ндагыл-иу куы бафæ стиат дæ н, уæ ддæ р-иу æ нæ мæ нг нæ химæ æ рбацыдтæ н. Фæ сахсæ вæ рты-иу кæ д фæ зындтæ н, ахæ м рæ стæ джытæ дæ р-иу мыл скодта. Асель мæ м æ дзухдæ р æ нхъæ лмæ каст, тыхсти, ме ’рбацыдмæ -иу бадти. Сындæ ггай цыдæ р дзаумайы муртæ дæ р æ лхæ дтам. Иу ныхасæ й, нæ цард сабыргай бæ стон кодта. Хъуамæ Асель дæ р кусын райдыдтаид. Йæ хи афтæ фæ ндыд: хъæ уы схъомыл, фæ ллойуарзаг уыд. Фæ лæ уалынмæ æ нæ нхъæ лæ джы нæ зæ рдæ барухс: Асель йæ хи уагыл нал уыд.

... Аселæ н сывæ ллон куы райгуырд, уыцы бон æ з Атбашийæ æ рбацæ йздæ хтæ н. Тагъд кодтон, тыхстæ н. Асель хуыссыди Нарыны арæ ндоны. Æ рбахæ ццæ дæ н — лæ ппу! Асельмæ мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ бауагътой. Машинæ йы сбадтæ н æ мæ йæ комы аскъæ рдтон. Зымæ гон уыд уый. Мæ алыварс — æ рмæ стдæ р мит æ мæ къæ дзæ хтæ. Уыцы нывтæ кæ рæ дзийы ивгæ цыдысты: урс миты хъæ пæ нтæ æ мæ тар къæ дзæ хтæ, тар къæ дзæ хтæ æ мæ урс миты хъæ пæ нтæ... Долоны æ фцæ джы тæ ккæ цъупмæ схæ ццæ дæ н. Мæ лæ ты бæ рзонд уыд. Мигътæ зæ ххыл лæ сыдысты, хæ хтæ бынæ й обæ утты йæ стæ дæ р нал зындысты. Кабинæ йæ рагæ пп ластон, мæ рæ уджыты дзаг сулæ фыдтæ н æ мæ мæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодтон:

— Е-ей, хæ хтæ! Мæ нæ н фырт райгуырд!

Цыма хæ хтæ фенкъуысыдысты, афтæ мæ м фæ каст. Мæ ныхæ стæ комæ й коммæ азæ лдысты, æ мæ сын кæ рон нал уыд.

Нæ фырты схуыдтам Сæ мæ т. Æ з ын радтон ахæ м ном. Нæ ныхæ стæ иууылдæ р нæ лæ ппуимæ баст уыдысты: Сæ мæ т, нæ хи Сæ мæ т бахудти, Сæ мæ тыл дæ ндæ гтæ разад. Иу ныхасæ й, æ рыгон ныййарджыты хæ дзары куыд вæ ййы, афтæ.

Цардыстæ м хæ ларæ й, кæ рæ дзийы уарзтам. Фыдбылызы та фæ стæ дæ р бахаудтæ н...

 

***

Бæ ллæ х кæ цæ й фæ зынд, уый ныртæ ккæ зын равзарæ н у. Хъуыддæ гтæ сæ мхæ ццæ сты, æ ддæ г-мидæ г ауадысты. Ныртæ ккæ бирæ цыдæ ртæ бамбæ рстон, фæ лæ ма дзы цы пайда ис.

Уыцы лæ гимæ æ нæ нхъæ лæ джы фембæ лдыстæ м фæ ндагыл æ мæ уайтагъд фæ хицæ н стæ м. Цæ мæ й зыдтам, уый нын фæ стаг фембæ лд кæ й нæ уыдзæ н.

Æ рæ гвæ ззæ джы рейсы фæ цæ йцыдтæ н. Мæ лæ ты æ взæ р рæ стæ г дæ р скодта. Къæ вда уарыд æ ви мит, уый равзарæ н нæ уыд. Хæ хты фæ хстыл бæ зджын мигъ æ рбадт. Фæ ндагыл кæ рæ й-кæ ронмæ мæ рудзынгсæ рфæ нтæ сæ кусынæ й нæ банцадысты, уымæ н æ мæ æ нæ уыдон æ вгтæ хидæ й нал зындаиккой. Хæ хты дзæ вгар бауадаин. Долоны æ фцæ гмæ мæ бирæ нал хъуыд. Ех, Долон, Долон, Тянь-Шаны хæ хтæ н сæ уæ йыгдæ р! Бирæ цыдæ ртæ мын мæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ ныс! Нæ фæ ндагæ н йæ тæ ккæ зындæ р æ мæ тæ ссагдæ р хай. Фæ ндаг калмау хæ рдмæ здыхсгæ хилы. Арвмæ бырыс, æ врæ гътæ цæ лхыты бын цъист кæ ныс. Куы фæ стæ мæ ахауыс, куы та рулæ й дæ хи атонын нал фæ фæ разыс. Æ фцæ гыл рæ стæ г æ рра теуайæ уæ лдай нæ у, сæ рд у æ ви зымæ г, уымæ н ницы раиртасдзынæ. Куы их ныккалы, куы къæ вда, куы та митмæ асайы. Ноджы ма дымгæ куы рацæ уы, уæ д тымыгъы ницыуал ауындзынæ. Ахæ м Долон у нæ Долон!.. Уæ вгæ йыл мах, тяньшайнæ гтæ, сахуыр стæ м æ мæ ма уыцы фæ ндагыл суанг æ хсæ выгон дæ р фæ цæ уæ м. Зындзинæ дтæ æ мæ мæ м тæ ссаг хабæ рттæ ныртæ ккæ хъарынц, фæ лæ кусгæ -кусын уыдоныл хъуыды кæ нынæ н рæ стæ г нæ вæ ййы.

Долонмæ хæ стæ г комы иу уæ зласæ н баййæ фтон. Абоны онг мæ нæ ма ферох — ГАЗ-51. Æ ййафгæ нæ, фæ лæ уый мæ бацыдмæ дæ р уым лæ ууыди. Дыууæ адæ ймаджы моторимæ цыдæ ртæ архайдтой. Иу дзы сындæ ггай фæ ндаджы астæ умæ рацыд æ мæ йæ къух сдардта. Æ з фæ урæ дтон. Лæ г мæ м æ рбацыд. Йæ уæ лæ — хуылыдз уæ лæ фтау. Йæ гопп йæ фæ сонтыл æ ппæ рст. Иу-дыууиссæ дз азмæ æ ввахс ыл цыдаид — бур рихи. Салдатау йæ сæ рыхъуынтæ — цыбыр æ лвыд. Йæ цæ сгом — хъуынтъыз. Æ вæ лмас цæ стæ нгас.

— Æ фсымæ р, Долоны фæ ндаджы хайадмæ -ма мæ баппар, — дзуры мæ м, — нæ мотор нал кусы æ мæ йæ м трактор æ рбатæ рон.

— Сбад, аласдзынæ н дæ, фæ лæ йын кæ д нæ хи бон исты бауыдзæ н, уæ д та, — загътон æ з æ мæ кабинæ йæ рахызтæ н.

— Цы йын сараздзынæ, уынæ р дæ р дзы куынæ уал хъуысы, уæ д? — гом капот æ рæ ппаргæ йæ, æ нкъардæ й сдзырдта шофыр. Ныцъцъæ х и, мæ гуыр, уазалæ й, ризы. Ацырдыгон нæ у, уый бæ рæ г у, йæ алфамбылаймæ тарстхуызæ й дзæ гъæ лы нæ кæ сы. Фрунзейæ цыдæ р уæ зæ гтæ ластой. Ныр ын цы бачындæ уа? Сонт хъуыды мæ м февзæ рд. Раздæ р уал æ фцæ гмæ скастæ н. Арв — асæ ст, хъуынтъыз, мигътæ ныллæ джыты цыдысты. Фæ лæ уæ ддæ р мæ хинымæ р фидарæ й скарстон. Мæ фæ нд мæ нæ -мæ нæ хæ рзтæ й нæ уыд, фæ лæ мæ м уыцы рæ стæ г тæ ссаг ныббырсты бацæ уыны хуызæ н фæ каст.

— Дæ уромæ нтæ хорз кусынц? — фæ рсын шофыры.

— Уæ дæ?.. Æ нæ уромæ нтæ й цæ уын æ ви цы? Аххосджын мотор у, зæ гъгæ дын куы загътон...

— Рæ хыс дæ м ис?

— Рæ хыс мæ м бæ ргæ ис!

— Рахæ сс æ й æ мæ дæ машинæ мæ фæ дыл бæ тгæ.

Дыууæ йæ дæ р мæ м æ нæ ууæ нкæ й кæ сынц. Иу дæ р дзы йæ бынатæ й не змæ лы.

— Дæ зонд фæ цыд? — сабыргай сдзырдта шофыр.

Æ з ахæ м лæ джы мыггаг дæ н. Хорз у æ ви æ взæ р, уый нæ зонын, фæ лæ иугæ р мæ зонд исты скарста, уæ д ын æ нæ сæ ххæ стгæ нгæ ницы хуызы ис.

— Хъус-ма, æ фсымæ р, рæ вдздæ р бæ тгæ. Хуыцауæ й дын ард хæ рын, аласдзынæ н дæ! — бауырдыг дæ н шофырмæ.

Шофыр мыл йæ къух ауыгъта.

— Ныууадз дæ митæ! Ам сыфцæ й ласæ н нæ й, уый нæ зоныс? Кой дæ р мын æ й ма кæ н.

Тынг æ м рамæ сты дæ н, раст мын цыма ме стыр курдиатæ н «нæ » загъта, уый хуызæ н.

— Сау хæ рæ г куы дæ ай, — дзурын æ м æ з, — тæ ппуд!

Фæ ндæ гты мастермæ фæ дзырдтон. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й иннæ лæ г фæ ндæ гты мастер разынд. Æ з æ й фæ стæ дæ р базыдтон. Фæ ндæ гты мастер мæ м æ рбакаст æ мæ шофырæ н загъта:

— Дæ рæ хыс-ма рахæ сс.

Уый фæ уыргъуыйау:

— Дзуапп ды дæ тдзынæ, Байтемыр-акс.

— Дзуапп иумæ дæ тдзыстæ м! — радта йын цыбыр дзуапп.

Уый йын мæ зæ рдæ мæ фæ цыд. Ахæ м адæ ймагæ н лæ г уайтæ ккæ дæ р аргъ кæ нын райдайы.

Араст стæ м. Дыууæ машинæ йы кæ рæ дзимæ рæ хыстæ й бастæ й. Раздæ р хорз цыдыстæ м. Фæ лæ Долонмæ фæ ндаг æ ппынæ дзух дæ р хæ рдмæ цæ уы. Мотор ныхъхъæ рзыдта, нынниудта, хъустæ ницыуал хъуыстой. Ницы дын дзы рауайдзæ н, зæ гъын, нæ мæ афæ ливдзынæ, дæ тыхтæ дын иу ранмæ æ рлæ мардзынæ н. Раздæ р куыд бафиппайдтон, афтæ мæ й фæ ндаг цыфæ нды зынцæ уæ н куы уыдаид, уæ ддæ р машинæ йы æ ппæ т хъарутæ й ахæ цын никуы бахъуыд, уымæ н æ мæ -иу ыл уæ зæ гтæ сæ вæ рдтой, цас æ мбæ лд, уымæ н æ рмæ ст йæ æ вдай проценты. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уыцы сахат æ з ууыл нæ хъуыды кодтон. Цавæ рдæ р хъæ ддаг тых мæ размæ схуыста. Æ нæ мæ нг хъуамæ мæ фæ нд мæ къухы бафтыдаид: машинæ йæ бынатмæ баластаин. Фæ лæ уыцы хъуыддаг афтæ æ нцон нæ разынд. Машинæ йыл дыз-дыз бахæ цыд, йæ уды быцъынæ г схауынмæ хъавы. Лæ хъир мит йæ рудзгуытыл ныхæ сы, сыгъдæ ггæ нæ нтæ ма йæ тыххæ й хафын фæ разынц. Кæ цæ йдæ р мигътæ æ рбалæ сыдысты, цæ лхыты бынты фæ ндагыл цæ хгæ рмæ фæ бырынц. Фæ зилæ нтæ й иуæ й иннæ æ мдзæ хгæ рдæ р æ мæ тæ ссагдæ р. Æ ргом дзургæ йæ, мæ хинымæ р мæ химæ хæ цыныл фæ дæ н, ацы хъуыддагыл цæ мæ сбæ ндæ н дæ н, адæ мы дæ р ма фыдбылызы баппардзынæ н, зæ гъгæ. Машинæ дæ р мæ н хуызæ н тынг не стыхст. Мæ дзаумæ ттæ иууылдæ р раппæ рстон: худ, цъында хæ дон, пинджак. Æ рмæ ст тæ нæ г хæ доны ма баззадтæ н, афтæ мæ й мæ хид къоппæ й калд. Æ мæ уый ницы хоныс: машинæ сыфцæ й лас, стæ й уæ зæ гтæ та? Хуыцау хорз, æ мæ Байтемыр машинæ мæ схизæ ныл слæ ууыд æ мæ нын фæ ндаг амыдта. Мæ нæ н ныхасæ й, уымæ н та — къухæ й. Фæ ндаг ноджы февзæ рдæ р. Мæ хинымæ р катайы бацыдтæ н, мыййаг, зæ гъын, Байтемыр куы фæ тæ рса æ мæ агæ пп ласа, зæ гъгæ, фæ лæ уый æ нцад лæ ууыд. Стæ хынæ ввонг цæ ргæ сау кабинæ йыл ныззæ гæ л. Йæ цæ сгом уыди сабыр, дурæ й конды хуызæ н. Доны æ ртæ хтæ йæ рустæ æ мæ йæ рихитыл дæ лæ мæ уадысты, æ мæ мæ нæ н дæ р фенцондæ р.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.