Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆНДÆГТЫ МАСТЕРЫ РАНЫХАС



Памирмæ мæ цæ уылнæ фæ нды, уымæ й мæ фарстай. Æ з мæ хæ дæ г памираг киргиз дæ н, фæ лæ ардæ м, Тянь-Шаньмæ æ рбафтыдтæ н. Памиры фæ ндаджы арæ зтадмæ бахаудтæ н хæ рзæ рыгонæ й. Фæ скомцæ дисы сидтмæ гæ сгæ ацыдтæ н. Зæ рдиагæ й куыстам, арт уагътам, арт, уæ лдайдæ р та фæ сивæ д. Æ мæ куыннæ, зынвадат Памирмæ фæ ндаг арæ зтам. Раззæ гты æ мрæ нхъ рацыдтæ н, премитæ истон, хæ рзиуджытæ. Уæ вгæ, уыдон хъуыддагмæ ницы бар дарынц.

Уым, арæ зтады, базонгæ дæ н иу чызгимæ. Бауарзтон æ й, тынг æ й бауарзтон. Диссаджы рæ сугъд æ мæ зондджын чызг. Арæ зтадмæ хъæ уæ й æ рбацыд. Уæ ды заман уый киргизаг чызгæ н æ нцон хъуыддаг нæ уыд. Суанг ма абон дæ р æ нцон куынæ у сылгоймаджы фæ ндаг. Дæ хæ дæ г æ й зоныс, зæ ронд æ гъдæ уттæ ма нæ ныр дæ р иуæ й-иу хатт сызмæ лын куынæ фæ уадзынц. Афæ дзы бæ рц рацыд. Фæ ндаджы арæ зтад кæ ронмæ æ рхæ ццæ. Бацæ ттæ кæ нын хъуыд, чи йæ м зылдаид, ахæ м адæ м. Саразын иу хъуыддаг у, уый фæ стæ йæ м цæ ст дарын та — иннæ. Махмæ уыдис иу æ рыгон инженер — Хусаинов, ныртæ ккæ дæ р фæ ндагаразджыты æ хсæ н нымад лæ г у. Хæ лæ рттæ уыдыстæ м. Курсытæ м ацæ уыны хабар дæ р мын мæ хъусы уый бацагъта. Æ нхъæ лдтон, Гульбарайы нал æ рæ ййафдзынæ н, фæ стæ мæ йæ хъæ умæ куы аласой, уымæ й тарстæ н, фæ лæ дзæ гъæ лы: æ нхъæ лмæ мæ м касти. Ракуырдтон æ й æ мæ уым, фæ ндаггæ сты бæ стыхайы, цæ ргæ йæ баззадыстæ м. Хорз цардыстæ м, хæ ларæ й. Хæ хты æ фцæ гыл чи кусы, уыдонæ н хæ лар æ мæ æ муд бинонтæ куы уа, уæ д уæ лдай ахсджиагдæ р у. Уый фæ стæ дæ р мæ хиуыл бавзæ рстон. Мæ куыст цæ рæ нбонтæ м кæ й бауарзтон, ууыл мæ ус дæ р чысыл нæ бацархайдта. Чызг нын райгуырди, уый фæ стæ та дыккаг дæ р. Уæ дмæ хæ ст райдыдта.

Памиры фæ ндаг ивылд донау фестад. Адæ м цыдысты хохæ й æ фсадмæ.

Мæ рад дæ р ралæ ууыд. Райсомæ й иууылдæ р нæ хицæ й рацыдыстæ м. Кæ стæ р чызджы мæ хъæ бысы хастон, хистæ р та мæ фæ рсмæ цыд, фидар мыл хæ цыд, афтæ мæ й. Мæ Гульбара, мæ гуыр Гульбара! Йæ хи урæ дта, хъæ ддых лæ ууыди, мæ фæ ндаггон хызын мын хаста, фæ лæ кæ д йæ хи цыфæ нды сабыр дардта, уæ ддæ р æ й æ з æ мбæ рстон, æ дзæ рæ г хæ хты, дыууæ æ нахъом сабиимæ баззайын цы у, уый. Æ з сæ хъæ умæ мæ ныййарджытæ м арвитынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ Гульбарайы цæ бафæ ндыд. Ницы, дам, нын уыдзæ н, бафæ раздзыстæ м, æ нхъæ лмæ дæ м кæ сдзыстæ м, стæ й, дам, фæ ндагмæ дæ р цæ ст дарын хъæ уы... Фæ стаг хатт ма сосайы был лæ ууыдыстæ м, æ з мæ ус æ мæ сывæ ллæ ттæ м кæ сынæ й нал æ фсæ стæ н, æ ппынфæ стаг сын хæ рзбон загътон. Гульбараимæ ма уæ д хæ рз æ рыгæ ттæ уыдыстæ м, цæ рынмæ уæ д бавнæ лдтам.

Саперты батальонмæ бахаудтæ н. Цæ йбæ рц фæ ндæ гтæ, бахизæ нтæ æ мæ хидтæ сарæ зтам хæ стон зæ ххыл! Нымæ ц дæ р сын нæ й! Доны, Вислæ йы æ мæ Дунайы сæ рты бахызтыстæ м. Их доны-иу уазалæ й мардаис, фæ здæ г æ мæ -иу арты сыгъдаис, нæ мгуытæ -иу дæ алыварс хаудаиккой, хид-иу бомбæ хæ рдмæ фæ хастаид, адæ м-иу мардаиккой, тых дæ м-иу нал уыдаид æ мæ -иу дæ хинымæ р бæ ллыдаис, уæ дæ мæ тагъддæ р куы амариккой, зæ гъгæ. Фæ лæ -иу адæ ймаджы зæ рдыл хиуæ ттæ куы ’рбалæ ууыдысты, хохы йæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц, уый-иу куы ’рбаймысыд, уæ д-иу йæ хъаруйыл ног хъару бафтыд. Æ ндæ р фæ ндтæ -иу æ м сæ взæ рд. «Нæ, — хъуыды кодтон, — ардæ м Памирæ й уый тыххæ й не ’рцыдтæ н æ мæ хиды бын амæ лон». Хиды фæ йнæ джытæ -иу дæ ндæ гты æ ххуысæ й кæ рæ дзимæ телæ й фидар кодтон, фæ лæ уæ ддæ р нæ састæ н... Æ мæ мæ лын нæ бакуымдтон, чысыл ма бахъæ уа, Берлинмæ ма ныххæ ццæ уон.

Мæ ус мæ м арæ х фыста. Ноджы пост нæ тæ ккæ рæ зты ластой. Хабæ рттæ мæ м-иу лæ мбынæ г фыста, фæ ндаджы кой дæ р дзы-иу нæ ферох — мæ фæ стæ мастеры бынаты уый баззад. Зыдтон, зын ын кæ й у, уый, фæ ндаг ма æ ндæ р искуы куы уыдаид, фæ лæ Памиры.

Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м цыппор фæ ндзæ м азы уалдзæ гæ й фæ стæ мæ хабар нал хæ ццæ кодта. Мæ хицæ н зæ рдæ тæ æ вæ рдтон: хæ сты алцыдæ р æ рцæ уы. Æ мæ мæ м иуахæ мы полчъы штабмæ куы фæ дзуриккой. Афтæ æ мæ, дам, афтæ, старшина, фæ хæ цыдтæ, бузныг дæ стæ м, хæ рзиуджытæ райстай. Уæ химæ цæ угæ, ныр, дам, уым æ хсызгондæ р хъæ уыс. Æ з, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, бацин кодтон. Нæ химæ ма тел дæ р ныццавтон. Æ мгъуыдæ й мæ раздæ р цæ мæ н уадзынц, ууыл фырцинæ й хъуыды дæ р нæ акодтон...

Нæ химæ схæ ццæ дæ н. Æ фсæ ддон комиссарадмæ дæ р нæ баздæ хтæ н, баййафдзынæ н æ й, зæ гъгæ.

Хъæ мæ! Тагъддæ р ма нæ химæ куы бахæ ццæ уаин. Уæ зласæ н машинæ мæ æ рбаййæ фта, æ мæ Памирмæ фæ ндагыл фæ хæ рдмæ кодтам.

Йæ цыд мæ м æ гæ р сындæ г фæ каст, æ фсæ ддон машинæ тыл нæ сахуыр дæ н, æ мæ шофырмæ кабинæ мæ хъæ р кæ нын:

— Æ фсымæ р, тынгдæ р-ма йæ бацагай, дæ хъинцгæ нагыл цы ауæ рдыс! Æ ви нæ химæ цæ уын, уый нæ зоныс?

Æ мæ мæ нæ фæ хæ ццæ кæ нын. Фæ зилæ ны фæ стæ — мæ кусæ н бынат. Нал фæ лæ ууыдтæ н. Тæ хгæ -тæ хын машинæ йæ рагæ пп ластон, дзаумæ тты хызын ме ’ккой баппæ рстон æ мæ згъоргæ. Тæ хын, тæ хын, фæ зилæ н фæ сте аззад æ мæ... мæ бон ницыуал равзарын у. Цыма дзы алцыдæ р йæ бынаты лæ ууы: хæ хтæ дæ р сæ фыццаг бынаты сты, фæ ндаг дæ р, фæ лæ хæ дзар нæ уынын. Цъиуызмæ лæ г никæ цæ й зыны. Æ рмæ стдæ р ма дуры рæ дзæ гъдтæ мæ цæ ст æ рцахста. Нæ хæ дзар иучысыл фæ свæ дгомау лæ ууыд, хохы тæ ккæ рæ бын. Хохмæ куы скастæ н, уæ д сагъдауæ й аззадтæ н. Æ муырдыджы миты зæ й раивылд. Йæ фæ ндагыл цыдæ риддæ р уыди, уый бынсæ рфт ныккодта, ницыуал дзы ныууагъта, фахсыл зæ хх рахафта æ мæ йæ уым дæ лæ мæ фæ хаста. Мæ бинойнаг йæ фæ стаг писмойы фыста, арф мит æ руарыд, уый фæ стæ та, æ васт къæ вдатæ фемæ хстысты, зæ гъгæ. Рагацау зæ йуат срæ мудзын хъуыд, цæ мæ й дæ лæ мæ ракалдаид, уый тыххæ й, фæ лæ дын сылгоймаг цы бакодтаид...

Афтæ сæ мбæ лдтæ н мæ бинонтимæ! Мæ лæ ты цæ стытæ м мин хатты комкоммæ кастæ н, зындонæ й æ гасæ й раздæ хтæ н, уыдон та ам хæ рзбын баисты... Мæ мидбынат лæ ууын, мæ бон фезмæ лын нæ у. Ныхъхъæ р кæ нын мæ фæ нды, мæ хъæ лæ сыдзаг ныццарауынмæ хъавын, хæ хтæ куыд нынкъуысой, афтæ, фæ лæ мæ бон нæ у. Цавддурау фæ дæ н, цыма мæ зæ рдæ йæ кусынæ й банцад. Æ рмæ стдæ р мæ дзаумæ тты хызын ме уæ хскæ й куыд æ рбырыд æ мæ мæ къæ хты бынмæ куыд æ рхауд, уый хъусын. Уыцы ран æ й ныууагътон, нал æ й систон. Мæ чызджытæ æ мæ мæ бинойнагæ н лæ вæ рттæ ластон, фæ ндагыл мæ дзаумæ тты хæ ррæ гътæ й цыдæ ртæ къæ ртт сæ кæ рыл баивтон... Бирæ фæ лæ ууыдтæ н мæ бынаты, цыма исты диссаг æ рцæ уынмæ æ нхъæ лмæ кастæ н, уый хуызæ н. Стæ й разылдтæ н æ мæ фæ стæ мæ араст дæ н. Иу хатт ма æ рлæ ууыдтæ н, акастæ н: хæ хтæ сдыууæ рдæ м сты, хъеллау кæ нынц, æ ддæ г-мидæ г ауайынц, рацæ й мыл кæ лынц. Мæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодтон æ мæ лидзæ г фæ дæ н. Лидзын хъæ уы ардыгæ й, ацы æ лгъыст бынатæ й! Æ мæ скуыдтон...

Куыд æ мæ кæ дæ м цыдтæ н, уый нал хъуыды кæ нын, фæ лæ æ ртыккаг бон станцæ йы февзæ рдтæ н. Адæ мы æ хсæ н хъеллау кодтон. Иу цавæ рдæ р афицер мæ м мæ номæ й фæ дзырдта. Кæ сын æ мæ дын — Хусаинов, сæ химæ цыд хæ стæ й. Æ з ын мæ судзгæ фыдтæ фæ дзырдтон.

— Уæ дæ ныр кæ дæ м цæ уыс? — дзуры мæ м.

Æ з æ й мæ хæ дæ г дæ р нæ зыдтон.

— Нæ, — дзуры та мæ м Хусаинов, — афтæ хорз нæ у. Бафæ разын хъæ уы. Æ дзæ ллаг хъеллауы ахæ сты дæ иунæ гæ й нæ ныууадздзынæ н. Тянь-Шаньмæ уал фæ ндаг аразынмæ цом, стæ й уый фæ стæ бæ рæ г уыдзæ н...

Гъе афтæ æ рбафтыдтæ н ардæ м. Фыццаг азты хидтæ арæ зтон. Рæ стæ г цыди, æ рбынатон афон мын уыд. Уæ дмæ Хусаинов министрады кусын райдыдта. Арæ х-иу мæ м æ рбауад, дæ фыццаг куыстмæ, дам, бацу, фæ ндаджы хайады мастерæ й. Æ з мæ ныфс нæ хастон. Тарстæ н. Арæ зтады иунæ г нæ уыдтæ н, адæ мимæ мын æ нцондæ р уыд. Ног куысты та куыд уыдзæ н, хуыцау йæ зонæ г, мæ т æ мæ сагъæ сы бын фæ уынæ й тарстæ н. Мæ чемы нæ ма ’рцыдтæ н. Ивгъуыд бонтæ мын æ нцой нæ лæ вæ рдтой. Цыма мæ цард фæ цис æ мæ мæ м разæ й ницыуал æ нхъæ лмæ кæ сы, уыйау. Ус ракурыны хъуыды мæ м æ мгæ рон дæ р нæ цыд. Мæ хи Гульбара æ мæ мæ буц хъæ булты æ гæ р бирæ уарзтон. Афтæ мæ м каст, цыма мын сæ никуы ничи раивдзæ н. Æ рмæ стдæ р искæ имæ цæ рыны тыххæ й ус ракурын та мæ м хорз нæ каст. Фæ лтау иунæ гæ й цæ рдзынæ н.

Æ рæ джиау уæ ддæ р сфæ нд кодтон хайадмæ мастерæ й бацæ уын: бафæ лварон, кæ д нæ сарæ хсон, уæ д мæ хи искуыдæ м айсдзынæ н. Куыст мын ам, тæ ккæ æ фцæ гыл радтой. Куыд тарстæ н, афтæ нæ рауад, сындæ ггай фæ цахуыр дæ н. Фæ ндаг зынвадæ тты кæ й цыди, уый дæ р мæ, чи зоны, мæ химæ æ рыхъусын нæ бауагъта. Куыд дарддæ р мæ зæ рдæ йы рис дæ р къаддæ р кодта, фыццагау мæ химæ афтæ тынг нал хъуыстон. Æ рмæ ст-иу хатгай фыны нæ кæ рты февзæ рдтæ н: цавддурау лæ угæ йæ -иу мæ дзаумæ тты хызын ме уæ хскæ й æ рцæ йбырыд... Ахæ м бонты-иу сæ умæ раджы куыстмæ ацыдтæ н æ мæ -иу изæ рдалынгтæ й раздæ р фæ стæ мæ нал æ рбаздæ хтæ н. Афтæ иунæ гæ й цардтæ н. Раст зæ гъгæ йæ ма-иу искуы иу хатт мæ зæ рдæ йы арфы цыдæ р хъуыды базмæ лыд. «Цы нæ вæ ййы, чи зоны æ мæ ма амонд мæ къæ сæ рæ й дæ р æ рбакæ са».

Æ мæ мæ м æ цæ гæ йдæ р æ рцыди. Æ рцыди мæ м зын æ мæ хъизæ майраг амонд, æ ппындæ р æ м æ нхъæ лмæ куынæ уал кастæ н, уæ д.

Иу заман, цыппар азмæ ’ввахс ыл цæ удзæ н, афтæ мæ сыхагæ н йæ мад фæ рынчын. Йæ хи ничердæ м æ вдæ лди: куыст, бинонтæ, сывæ ллæ ттæ, зæ ронд ус та бонæ й-бон æ взæ рдæ рмæ цыди. Гъемæ йæ æ з дохтыртæ м аласын сфæ нд кодтон. Уыцы рæ стæ г хайадмæ фæ ндæ гты управленийы машинæ цыдæ ртæ æ рласта. Уыцы машинæ йы горæ тмæ ацыдыстæ м. Дохтыртæ йæ рынчындоны бауромынмæ хъавыдысты, фæ лæ сæ зæ ронд ус сдзурын дæ р нæ бауагъта, мæ хи хæ дзары, дам, хъуамæ амæ лон. Ам мæ куы ныууадзай, уæ д, дам, мæ тæ ригъæ д дæ фæ дыл æ фтыд уыдзæ н. Æ мæ ма йæ куыд ныууагътаин. Банафон ныл ис. Уæ зæ гты базæ йæ ахызтаиккам, афтæ дын шофыр машинæ æ васт куы фæ уромид. Хъусын, кæ йдæ р куыд фæ рсы:

— Кæ дæ м цæ уыс?

Сылгоймаджы хъæ лæ с ын цыдæ р дзуапп радта, стæ й мæ хъустыл ауад къахдзæ фты уынæ р.

— Сбад! — загъта шофыр. — Цæ мæ ма кæ сыс?

Машинæ йы цурмæ æ рбацыд æ рыгон сылгоймаг, йæ хъæ бысы сывæ ллон, йæ къухы цыдæ р тыхтон. Æ з ын гуыффæ мæ схизынмæ феххуыс кодтон, цæ мæ й йæ дымгæ ма хойа, уый тыххæ й йын кабинæ йы цур мæ бынат радтон, мæ хæ дæ г мæ хи къуыммæ байстон.

Араст стæ м. Хуымæ тæ джы уазал уыди! Уымæ л дымгæ буары иннæ рдæ м хызти. Ноджы ма сывæ ллон дæ р кæ уын райдыдта. Мад æ й йæ хъæ бысы бæ ргæ узта, фæ лæ уый нал æ мæ нал æ нцад. Ахæ м ма дзы сагъуыйгæ уыдзæ н! Кабинæ йы, чи зоны, æ мæ йæ кæ уынæ й фенцадаид, фæ лæ уым та æ рдæ гмард зæ ронд ус бадти. Æ з фырадæ ргæ й сылгоймаджы уæ хскмæ бавнæ лдтон:

— Æ ри-ма йæ мæ нмæ, кæ д, мыййаг, фæ сабыр уаид, ды та дæ хи тынгдæ р ныггуыбыр кæ н, дымгæ дæ афтæ тынг нæ хойдзæ н.

Æ з сывæ ллоны мæ кæ рцы бын бамбæ хстон, мæ химæ йæ нылхъывтон. Уый уайтагъд фæ сабыр, йæ сым-сым райхъуыст. Удыгагайы хуызæ н сывæ ллон. Афтæ йыл иу-дæ с мæ йы бæ рц цыдаид. Æ з æ й мæ галиу дæ ларм бакодтон. Æ мæ дын мæ зæ рдæ куы срæ хойид, базырсаст маргъау куы базмæ лид. Æ нкъард æ мæ хъæ лдзæ г хъуыдыты ахæ сты бахаудтæ н. «Ау, афтæ æ намонд дæ н, æ мæ мын хъæ бул макуыуал уа? » — ахуыдтой мæ хъуыдытæ сæ фæ дыл. Саби та йæ хицæ н æ нцад-æ нцойæ мæ хъæ бысы хуыссыд.

— Лæ ппу у? — бафарстон æ з.

Сылгоймаг, «о», зæ гъгæ, йæ сæ р батылдта. Ихæ нæ й басыди, мæ гуырæ г, тæ нæ г палтойы. Æ з зымæ гон дæ р мæ кæ рцы æ дде уæ лæ фтау фæ хæ ссын, мах куысты æ нæ афтæ гæ нгæ нæ й. Мæ иу къухæ й сывæ ллоныл хæ цын, ме ’ннæ та сылгоймагмæ бадардтон.

— Ахæ ц-ма мын мæ дысыл. Кæ ннод дæ афтæ мæ й уазал бацæ удзæ н.

— Нæ хъæ уы, нæ хъæ уы, дæ хи ма тыхсын кæ н, — загъта сылгоймаг.

— Алас, алас! — бадомдтон æ з. — Дымгæ йæ дзы дæ хи бамбæ рз.

Уæ лæ фтауы йæ хи æ рбатыхта. Æ з ын йæ фæ дджитæ йæ къæ хты бынмæ баппæ рстон.

— Стæ фстæ?

— Ницыуал мын у.

— Уæ хиуыл цæ мæ н банафон кодтат?

— Афтæ рауад хъуыддаг, — сабыргай дзуапп радта сылгоймаг.

Уæ дмæ коммæ бахæ ццæ стæ м. Ам уыдис æ рзæ ткъахджыты поселок. Иууылдæ р схуыссыдысты, рудзгуытæ й рухс нал калд. Куыйтæ машинæ йы фæ стæ рæ йгæ тахтысты. Диссаг мæ м фæ каст, кæ дæ м цæ уы, уый. Æ з цæ мæ дæ р гæ сгæ афтæ æ нхъæ лдтон, æ рзæ ткъахæ нмæ цæ уы, зæ гъгæ, уымæ н æ мæ дарддæ р æ фцæ г æ мæ мах хайад йеддæ мæ ницыуал уыд.

— Æ вæ ццæ гæ н, æ рбахæ ццæ стут? — загътон ын æ з æ мæ кабинæ йы сæ р æ рхостон. — Æ фцæ гмæ бирæ нал баззад, машинæ та дарддæ р нæ цæ уы.

— Ам та цы ис? — бафарста мæ.

— Æ рзæ ткъахæ н. Ау, ардæ м нæ цыдыстут?

— Æ з... æ з ардæ м цыдтæ н, — дызæ рдыггæ нгæ йæ сдзырдта сылгоймаг. Фæ лæ уый фæ стæ цырд фестад, мæ уæ лæ фтау мын æ рбалæ вæ рдта æ мæ йæ сывæ ллоны айста. Уый та ногæ й тъизын райдыдта. Цыдæ р бæ ллæ х ыл æ рцыд, уый бæ рæ г у. Ацы уазал æ хсæ в æ й иунæ гæ й куыд ныууадзон?

— Сымах кæ дæ м ацæ уат, уый уын нæ й! — комкоммæ йын загътон æ з. — Æ взæ рмæ йæ ма бамбар. Æ ри-ма сывæ ллон ардæ м! — Æ з æ й тыххæ йисæ гау ракодтон. — Мемæ сразы у. Ахсæ в махмæ хайады баззайдзынæ, райсом та дæ бар дæ хи. Афтæ! Фæ цæ уæ м! — бадзырдтон шофырмæ.

Машинæ араст. Сылгоймаг йæ армытъæ пæ нтæ й йæ цæ сгом бамбæ рзта æ мæ æ нæ дзургæ йæ бадт. Нæ зонын, хъуамæ кæ угæ дæ р кодта.

— Мацæ мæ й тæ рс! — дзурын æ м æ з. — Ницы æ взæ рдзинад дын сараздзынæ н... Æ з фæ ндæ гты мастер Хъулаты Байтемыр дæ н. Мацæ мæ й мыл дызæ рдыг кæ н.

Нæ химæ сæ æ рбахуыдтон. Кæ рты мæ нгагъуысты иу афтид уат уыд, æ мæ уым хъæ дын сынтæ гыл схуыссыдтæ н. Хуыссæ г мæ æ рæ гмæ æ рцахста. Хъуыдыты аныгъуылдтæ н. Сагъæ стæ мыл сæ уæ з æ руагътой. Рафæ рс-бафæ рс кæ нын мæ м аив нæ каст, стæ й ахæ м хабæ рттæ й ме сæ фт уынын, фæ лæ йæ уæ ддæ р цæ мæ йдæ рты бафарстон, кæ д æ й, мыййаг, исты æ ххуыс хъæ уы, зæ гъгæ. Мæ фæ рстытæ н лæ вæ рдта къуда дзуаппытæ, нæ вæ ндонæ й. Фæ лæ мæ цыдæ р кæ й æ мбæ хсы, уый æ з уæ ддæ р æ мбæ рстон. Адæ ймаджы маст куы бацæ уы, уæ д йæ алы ныхасы дæ р дæ с ныхасы хъуыды вæ ййы. Йæ лæ джы ныууагъта. Æ вæ ццæ гæ н, æ фхæ рд чи ныббара, ахæ м нæ у, сагъæ с æ й кæ й æ ргæ вды, уый бæ рæ г у, фæ лæ йæ хи хъæ ддых дарыныл архайы. Уым диссагæ й ницы ис. Кæ й куыд фæ нды, хъуамæ афтæ кæ на. Йæ хæ дæ г æ й хуыздæ р зоны. Фæ лæ йын уæ ддæ р фæ тæ ригъæ д кодтон, бынтон æ рыгон сылгоймаг уыд. Чызджы хуызæ н, гуырвидауц. Фæ лмæ н адæ ймаг, æ вæ ццæ гæ н, хæ ларзæ рдæ у. Цымæ дзы йæ лæ г уагæ ры цавæ р маст бауагъта? Хуымæ тæ джы куыд сыстадаид æ мæ йæ хæ дзар куыд ныууагътаид? Цæ й, уый сæ хи хъуыддаг у. Райсом æ й иставæ р машинæ йы сбадын кæ ндзынæ н æ мæ фæ ндараст фæ уæ д. Уыцы бон тынг бафæ лладтæ н, æ рфынæ й дæ н, æ мæ мæ цæ стытыл уади, цыма кæ дæ мдæ р машинæ йы цыдтæ н, мæ кæ рцы сывæ ллон тыхт. Стæ фсти, мæ зæ рдæ йы бынмæ йæ хи нылхъывта.

Сæ умæ цъæ хæ й сыстадтæ н. Фæ ндæ гтыл зилынмæ ацыдтæ н, фæ лæ фæ стæ мæ тагъд фездæ хтæ н: мæ уазджытæ м мæ зæ рдæ ’хсайдта. Куыннæ райхъал уой, афтæ арæ хстгай пецы бандзæ рстон, цайфыцæ н сæ вæ рдтон. Дзæ гъæ лы æ нæ уынæ рæ й архайдтон: сылгоймаг ме ’рбацыдмæ сыстад æ мæ йæ хи рæ вдзытæ кодта. Фæ бузныг мæ. Арфæ тыл фæ ци. Æ нæ цай бацымгæ сæ нæ ауагътон. Чысыл ма сæ баурæ дтон. Ме ’нафоны æ мбæ лццон чысыл сывæ ллон замманай лæ ппу разынд. Йемæ ахъазын йæ хæ дæ г бирæ йы аргъ уыд. Цай цымгæ йæ йын йæ мады бафарстон:

— Кæ дæ м цæ ут?

Уый иучысыл сагъæ стыл фæ ци, стæ й загъта:

— Рыбачьемæ.

— Дæ хæ стæ джытæ уым сты?

— Нæ. Мæ ныййарджытæ хъæ уы цæ рынц, Тосоры фале.

— Уырдæ м зындæ р цæ уæ н у. Иу машинæ йæ дæ иннæ мæ рахиз-бахиз бахъæ удзæ н.

— Æ з æ нæ уи дæ р уырдæ м нæ цæ уын. Махæ н хъæ умæ цæ уæ н нæ й, — загъта æ нкъардхуызæ й йæ фыртæ н. — Нæ хæ дæ г стæ м аххосджын.

Æ з æ й куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й чындзы йæ ныййарджыты æ вастæ й ацыд. Æ мæ хъуыддаг фæ стæ дæ р æ цæ гæ йдæ р афтæ рауад.

Цæ уынæ ввонг уыдис, фæ лæ йæ æ з нæ ма уагътон, æ дде сывæ ллонимæ дымгæ мæ лæ ууыны бæ сты уал хæ дзары абад, зæ гъгæ, машинæ та йын æ з дæ р æ рурæ дтаин.

Фæ ндагмæ уыцы æ нкъардæ й цыдтæ н. Сæ фæ стæ та иунæ гæ й кæ й баззайдзынæ н, уый мæ сагъæ стыл æ фтыдта.

Раздæ р машинæ зынæ г нæ уыди. Уый фæ стæ та-иу сæ м мæ къух не сдардтон, ауагътон-иу сæ. Мæ хæ дæ г фæ тарстæ н. Цæ уылнæ сдарын мæ къух? Уыцы ран райдыдта мæ мидхъуырдухæ н. Машинæ тæ мæ рæ зты цыдысты, æ з та мæ бын-аты æ нæ змæ лгæ йæ лæ ууыдтæ н, иннæ машинæ бауромдзынæ н, зæ гъгæ, фæ лæ та-иу мæ къух хæ рдмæ сисын мæ бон нал баци. Мæ хицæ й фефсæ рмы дæ н. Уый мæ м æ нхъæ лмæ кæ сы, йæ зæ рдæ мыл дары, æ з та? Мæ хицæ н фенад дæ н, фæ лæ мæ м машинæ бауромыны хъару нæ уыд. Фæ ндагыл размæ -фæ стæ мæ цæ уын. Мæ хи цæ мæ йдæ рты сраст кæ ныныл архайын, æ фсæ нттæ агурын. Куы-иу мæ м кабинæ уазал фæ каст — йæ рудзгуытæ саст, куы-иу шофыр мæ зæ рдæ мæ нæ фæ цыд — æ гæ р тагъд скъæ рдта, кæ д, мыййаг, нозтджын уыд. Машинæ йы кабинæ йы-иу адæ м куы бадт, уæ д-иу сывæ ллонау сцин кодтон. Æ рмæ ст ныртæ ккæ ма ма ацæ уæ нт, æ рмæ стдæ р ма иучысыл фæ лæ ууæ нт, фондз минуты ма уæ ддæ р абадæ нт нæ хæ дзары. «Стæ й кæ дæ м цæ уы? — ахъуыды кодтон æ з. — Хъæ умæ йын цæ уæ н нæ й, йæ хæ дæ г загъта. Рыбачьемæ? Æ мæ сывæ ллонимæ йæ сæ р кæ м фæ цæ вдзæ н? Зымæ джы сабийыл исты фыдбылыз æ рцæ удзæ н. Уый бæ сты фæ лтау ам баззайæ нт. Иучысыл ацæ рдзæ н, стæ й уæ д йæ хи æ рæ мбардзæ н. Чи зоны æ мæ фæ стæ мæ йæ лæ гмæ раздæ ха. Кæ нæ та йæ лæ г йæ хæ дæ г ссардзæ н... »

Ацы хъизæ мæ рттæ мæ цæ мæ н хъуыдысты! Фæ лтау фæ ндагмæ иумæ куы рацыдаиккам, уæ д æ й афонмæ машинæ йы сæ вæ рдтаин! Иу-æ ртæ сахаты бæ рц дыууæ рдæ м фæ кодтон. Мæ химæ смæ сты дæ н. Нæ, уый бæ сты йæ рахонон æ мæ йæ хи цур машинæ æ руромон. Æ ндæ р дзы ницы рауайдзæ н. Фæ стæ мæ нæ химæ раздæ хтæ н. Къæ сæ ргæ рон ыл амбæ лдтæ н, æ нхъæ лмæ кæ сынæ й бафæ ллад æ мæ рацæ йцыд. Мæ хицæ й фефсæ рмы дæ н, аххосджын чысыл лæ ппуйау æ м бакастæ н.

— Æ гæ р дæ фæ лæ ууын кодтон? — мæ къухы ма уыцы ныхæ стæ сдзурын бафтыд. — Машинæ тæ нæ й. Нæ й, зæ гъгæ, зæ рдæ зæ гъгæ не сты. Дæ хорзæ хæ й, бахатыр кæ н... Мацы ахъуыды кæ н... Хуыцауы хатьцрæ й, иучысыл рæ стæ г ма фæ стæ мæ баздæ х. Тынг зæ рдиагæ й дæ курын!

Уый мæ м цымыдисæ й уыцы æ нкъардхуызæ й æ рбакаст. Æ нæ дзургæ йæ хæ дзармæ баздæ хт.

— Тæ ригъæ д мын кæ ныс? — бафарста мæ.

— Нæ, уый тыххæ й нæ. Цы дын зæ гъон, уый зоныс? Тæ рсгæ уын кæ нын. Зын уын уыдзæ н. Куыд цæ рдзыстут?

— Кусыныл ахуыр дæ н. Кусдзынæ н.

— Кæ м?

— Искуы ныллæ удзынæ н. Фæ лæ фæ стæ мæ нал аздæ хдзынæ н, стæ й хъæ умæ дæ р нæ ацæ удзынæ н. Кусдзынæ н æ мæ цæ рдзынæ н.

Æ з ныхъхъус дæ н. Цы йын загътаин? Уый ныртæ ккæ ницæ уыл хъуыды кодта. Йæ маст æ мæ сæ рыстырдзинад æ й размæ тардтой. Æ цæ г кæ дæ м, уымæ н йæ хæ дæ г дæ р ницы зыдта. «Кусдзынæ н æ мæ цæ рдзынæ н» зæ гъын æ нцон у. Фæ лæ дзы ахæ цын бахъæ удзæ н. Уæ лдайдæ р фыццаг рæ стæ г. Уæ вгæ тыххæ й нæ у. Йæ хи фæ нд сæ йраг у.

Лæ ппу мæ м йæ хи æ рбайвæ зта. Æ з æ й мæ хъæ бысмæ райстон. Ныбба йын кодтон, мæ хæ дæ г та хъуыдыты аныгъуылдтæ н: «Ех, мæ уды къæ ртт, ныртæ ккæ фæ хицæ н уыдзыстæ м. Мæ хи хъæ булау дæ бæ ргæ бауарзтон... »

— Цæ й, цомут, уæ дæ, — сабыргай загътон æ з.

Сыстадыстæ м. Сывæ ллоны мæ хъæ бысы фæ цæ йхастон. Къæ сæ ргæ рон æ рлæ ууыдтæ н.

— Куыст махмæ дæ р ссардзынæ, — сдзырдтон æ з. — Ам дæ р кусдзынæ æ мæ цæ рдзынæ. Иучысыл фатер дæ р нæ м ис. Æ цæ гæ й зæ гъын, ам баззай. Тагъд ма кæ н. Ацæ уынмæ дын æ рæ джы нæ бауыдзæ н. Ахъуыды кæ н...

Раздæ р мæ фæ нд йæ зæ рдæ мæ нæ цыд, фæ лæ фæ стагмæ сразы.

Афтæ Асель йæ фырт Сæ мæ тимæ махмæ фæ ндаджы хайады баззад.

Кæ рты мæ нгагъуысты уазал уыд æ мæ æ з мæ хи фæ нд атардтон: уырдæ м ацыдтæ н, Асель та йæ фыртимæ мæ хæ дзары æ рцард. Мæ нæ н уым æ взæ р нæ уыд.

Уæ дæ й фæ стæ мæ мæ цард фендæ рхуызон. Æ дде бакæ сгæ йæ, афтæ зынд, цыма ницы æ рцыд. Фыццагау уыдтæ н иунæ г. Фæ лæ та мæ химæ адæ ймаг кæ сын райдыдтон, бирæ рæ стæ г иунæ гæ й фæ уыны фæ стæ та мæ уд стæ фсти, мæ зæ рдæ йы хъарм мæ туджы хъарын райдыдта. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уымæ й размæ дæ р адæ мы æ хсæ н уыдтæ н, семæ хæ ларæ й цардтæ н, куыстон, иумæ йаг хъуыддаг арæ зтам, бахъуаджы сахат-иу кæ рæ дзийы фарсмæ æ рбалæ ууыдыстæ м, фæ лæ царды иу ахæ м фæ зилæ н ис, æ мæ йын баивæ н ницæ мæ й вæ ййы... Сывæ ллоныл фæ цахуыр дæ н. Куыстмæ цæ угæ йæ -иу æ й хъарм батыхтон æ мæ -иу æ й мемæ ахастон. Мæ уæ гъд рæ стæ г иууылдæ р уыимæ æ рвыстон. Ныронг æ нæ уымæ й куыд цардтæ н, ууыл-иу мæ хинымæ р дисы бацыдтæ н. Мæ сыхæ гтæ хорз адæ м сты, Асель æ мæ Сæ мæ тмæ дæ р хорз цæ стæ й кастысты. Сывæ ллоны та чи нæ уарзы? Асель та зæ рдæ хæ лар æ мæ æ ргом адæ ймаг у æ мæ уайтæ ккæ дæ р адæ мимæ фæ лымæ н. Сывæ ллоны мæ зæ рдæ мæ уæ лдай хæ стæ гдæ р та Аселы тыххæ й айстон. Цы йæ ’мбæ хсон, мæ хицæ й бамбæ хсын дæ р æ й мæ бон куынæ баци, уæ д. Аселы бауарзтон. Бауарзтон æ й æ виппайды, æ нусмæ, сыгъдæ г зæ рдæ йæ. Иунæ гæ й цы азтæ фæ цардтæ н, мæ мæ т æ мæ мæ хъизæ мæ рттæ, цæ мæ йдæ риддæ р æ нæ хай фæ дæ н, уыдон иууылдæ р уыцы уарзондзинадмæ аивылдысты. Фæ лæ йын уый мæ бон зæ гъын нæ уыд. Йæ моймæ æ нхъæ лмæ каст. Бирæ йæ м фенхъæ лмæ каст, кæ д æ й æ ддæ мæ не ’вдыста, уæ ддæ р. Мах-иу фæ ндагыл куы куыстам, уæ д-иу арæ х бафиппайдтон, алы машинæ мæ дæ р куыд цымыдисæ й каст, уый. Хатгай та-иу йæ фырты йемæ рахуыдта æ мæ -иу фæ ндаджы был цалдæ ргай сахæ ттæ фæ бадти. Фæ лæ уый никæ цæ й зынди. Чи уыд æ мæ цавæ р уыд, уый æ з нæ зыдтон, фæ рсгæ дæ р æ й никуы бакодтон, стæ й мын йæ хæ дæ г дæ р никуы ницы загъта.

Рæ стæ г сабыргай цыди. Сæ мæ т рæ зыди. Æ мæ хуымæ тæ джы зæ рдæ мæ дзæ угæ сывæ ллон уыд! Исчи йæ сардыдта, æ ви йæ хи хъуыдыйы æ рцыд, нæ зонын, фæ лæ мæ йæ фыд хонын райдыдта. Куыддæ р-иу мæ ауыдта, афтæ -иу, ме ’фцæ гыл атыхсгæ йæ, сдзырдта: «Ата! Ата! » Асель-иу æ м, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, ныккаст æ мæ -иу йæ мидбылты бахудт. Мæ н та-иу ахæ м рæ стæ г маст æ мæ цин иумæ сæ быны скодтой. Йæ фыд уæ вын мæ бæ ргæ фæ нды, фæ лæ цы бачындæ уа...

Уыцы аз сæ рды цалцæ г кодтам нæ фæ ндаг. Машинæ тæ цыдысты нæ рæ зты. Æ виппайды Асель иу шофырмæ ныхъхъæ р кодта:

— Джантай, фæ лæ уу-ма!

Машинæ æ васт фæ урæ дта. Асель шофырмæ батахт. Цæ уылдæ р адзырдтой. Цæ уыл, уымæ н ницы базыдтон, фæ лæ Асель æ васт ныхъхъæ р кодта:

— Сайыс! Нæ дыл æ ууæ ндын! Цæ угæ ардыгæ й! Ныртæ ккæ цæ угæ ардыгæ й!

Машинæ дарддæ р йæ фæ ндаг дардта. Асель та хæ дзармæ атындзыдта. Кæ угæ цыма кодта.

Кусын мæ м нал цыди. Уыцы шофыр чи уыдаид? Уагæ ры йын цы загъта? Алыхуызон дызæ рдыг хъуыдытæ æ мæ сагъæ сы бын фæ дæ н. Нал фæ лæ ууыдтæ н æ мæ нæ химæ ацыдтæ н. Асель æ ддæ мæ нæ зынди. Изæ ры йæ м мæ хæ дæ г бацыдтæ н.

— Сæ мæ т та кæ м и? Æ нæ уый мын æ нкъард у!

— Ам ис, ам, — æ рхуымæ й дзуапп радта Асель.

— Ата! — йæ хи мыл æ рбаппæ рста Сæ мæ т. Æ з æ й мæ хъæ бысмæ систон, йемæ хъазын, Асель та ныхъхъус æ мæ æ нкъардæ й бады.

— Цы ’рцыд, Асель? — бафарстон æ й æ з.

Асель арф ныуулæ фыд.

— Цæ угæ кæ нын ардыгæ й, Баке, — дзуапп радта уый. — Ам мын æ взæ р у, уый тыххæ й нæ. Æ з дæ уæ й тынг бузныг дæ н. Фæ лæ мын уæ ддæ р æ нæ цæ угæ нæ й. Кæ дæ м, уымæ н мæ хæ дæ г дæ р ницы зонын...

Куыд æ м байхъуыстон, афтæ мæ й ацæ уын æ цæ гæ й сфæ нд кодта. Мæ нæ н рæ стдзинад зæ гъын йеддæ мæ ницыуал баззад:

— Цы гæ нæ н ис, Асель, дæ у бауромыны бартæ мæ м нæ й. Мæ нæ н дæ р ам цæ ргæ йæ нал у. Мæ хæ дзарæ й мæ сыстын бахъæ удзæ н. Иу хатт ма мыл ахæ м хабар æ рцыди. Уæ д дæ р афтид бынатæ й фæ лыгъдтæ н. Цæ й, цы дын æ й дзурон, Асель, дæ хæ дæ г æ й зоныс. Ды куы ацæ уай, уæ д та мыл, иухатт Памиры куыд уыд, ахæ м цæ ф æ руайдзæ н. Ахъуыды кæ н, Асель... Дæ лæ г дæ м куы фæ зына æ мæ дæ дæ зæ рдæ дæ фæ д-дæ фæ д фæ стæ мæ куы ахона, уæ д дæ ницæ мæ й бахъыгдардзынæ н, кæ ддæ риддæ р сæ рибар дæ, Асель.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ Сæ мæ ты мæ хъæ бысмæ систон æ мæ фæ ндагыл араст дæ н. Бирæ фæ рацу-бацу кодтам. Мæ гыццыл сæ ныкк ницы ’мбæ рста.

Асельмæ цæ уынвæ нд нæ ма уыд. Фæ лæ цымæ цы хъуыдымæ ’рцыд, цы скарста? Æ нхъæ лмæ кæ сынæ й бахус дæ н, мæ цæ сгом ссау.

Иуахæ мы та, æ мбисбон уыдаид, афтæ нæ кæ ртмæ æ рбахызтæ н. Кæ сын, æ мæ Сæ мæ т æ йтт-мардзæ, зæ гъгæ, цæ уыныл архайы. Асель ын йæ къухыл хæ цы, ахауынæ й йын тæ рсы, æ з мæ мидбынат лæ угæ йæ баззадтæ н.

— Баке, кæ с-ма, дæ фырт цæ уын райдыдта! — хъæ лдзæ гæ й йæ мидбылты бахудт Асель.

Куыд загъта, куыд? Мæ фырт? Æ з мæ бел иуварс аппæ рстон, дзуццæ джы æ рбадтæ н æ мæ сывæ ллонмæ, ардæ м рауай, зæ гъгæ, мæ къух фæ тылдтон.

— Га-аа-ккæ й! Рауай, рауай, рауай, мæ карк!

Сæ мæ ты къухтæ ныппака сты.

— Ата! — дзæ лæ пп-дзæ лæ пгæ нгæ мæ м æ рбатæ хы. Æ з ыл фæ хæ цыдтæ н, мæ сæ рмæ йæ бæ рзонд сæ ппæ рстон, рацахстон æ й æ мæ йæ мæ риумæ нылхъывтон.

— Асель! — загътон æ з. — Цæ й æ мæ райсом сывæ ллæ ттæ н «сахсæ н лыг кæ ныны» бæ рæ гбон саразæ м. Сау æ мæ урс къуымбилæ й синаг æ рцæ ттæ кæ н.

— Хорз, Баке, — æ мæ ныххудти.

Æ з бæ хыл абадтæ н æ мæ ме ’рдхорд фосдарджытæ м фæ цагайдтон. Бæ хы æ хсыр æ мæ ногæ ргæ вст дзидза æ рбаластон.

Сæ мæ ты зæ ххыл æ рæ вæ рдтон, йæ къæ хтæ йын синагæ й бабастон. Йæ фарсмæ йын сæ вæ рдтон хæ сгард æ мæ кæ рты иннæ кæ рон сывæ ллæ ттæ м фæ дзырдтон:

— Раздæ р чи ’рбахæ ццæ уа æ мæ сахсæ н чи алыг кæ на, уымæ н тæ ккæ хуыздæ р лæ вар, иннæ тæ н дæ р, чи куыд раздæ р æ рбатæ ха, афтæ. Ратæ хут, сабитæ! — мæ къухæ й æ хсаргардау уæ лдæ ф æ рцъыкк кодтон.

Сывæ ллæ ттæ цыма бæ хтыл дугъы уадысты, уый хуызæ н хъæ рахстгæ нгæ фæ цагайдтой.

Сахсæ н лыггонд куы ’рцыд, уæ д Сæ мæ тæ н загътон:

— Згъоргæ, мæ хъæ бул, ныр! Уемæ йæ ахонут, лæ ппутæ!

Сывæ ллæ ттæ Сæ мæ ты къухыл ныххæ цыдысты. Æ з сæ фæ дыл адзырдтон:

— Хорз адæ м! Мæ æ взистбарц байраг фæ тæ хы! Уадз æ мæ дзы нæ ртон дугъон рауайа!

Сæ мæ т сывæ ллæ тты фæ дыл фæ цæ йтахт, фæ стæ мæ фæ каст, фæ дзырдта мæ м: «Ата! » — æ мæ фæ калд. Мах æ м Аселимæ дыууæ йæ базгъордтам. Сывæ ллоны зæ ххæ й куы систон, уæ д мын Асель фыццаг хатт загъта:

— Мæ уды æ нцой!

... Афтæ нæ цард баиу кодтам.

Уыцы зымæ г нæ хъæ булимæ ацыдыстæ м хъæ умæ Аселы ныййарджытæ м. Дзæ вгар рæ стæ г сæ маст не ссыди. Аселимæ нæ алцæ й тыххæ й дæ р дзуапп дæ ттын бахъуыд. Æ з сын хабæ рттæ, куыддæ риддæ р уыдысты, афтæ иууылдæ р æ ргомæ й радзырдтон. Æ мæ Аселæ н ныххатыр кодтой, ныххатыр ын кодтой Сæ мæ ты тыххæ й, нæ фидæ ны тыххæ й.

Рæ стæ г æ нæ зынгæ йæ цыди. Сæ мæ тæ н ныр йæ фæ ндзæ м аз у. Аселимæ æ мудæ й цæ рæ м, æ рмæ ст нæ м иу адæ ймаджы тыххæ й ныхас никуы рауайы, никуы йæ æ рымысæ м, дыууæ йæ дæ р архайæ м йæ иувæ рсты ацæ уыныл, цыма æ нæ дзургæ йæ ныхасгонд стæ м, уый хуызæ н. Цыма уыцы адæ ймаг уæ вгæ дæ р нæ й, нæ хи афтæ дарæ м.

Фæ лæ цард алы хатт зæ рдæ йы фæ ндиаг нæ вæ ййы!

... Фæ ндагыл фыдбылыз æ рцыд. Æ хсæ выгон. Мах æ м мæ сыхагимæ — ме ’ххуысгæ нæ г у — бауадыстæ м, цы ’рцыди, зæ гъгæ. Кæ сæ м, æ мæ уæ зласæ н машинæ фæ ндаггæ рон чысыл цæ джындзтыл йæ хи сцавта. Шофыр иууылдæ р цæ фтæ, йæ хи ма тыххæ йты æ мбары, расыг. Базыдтон æ й, æ рмæ ст мæ йæ ном ферох. Иухатт нæ фыдбылызæ й фервæ зын кодта, æ фцæ гыл нын нæ машинæ сыфцæ й фæ ласта. Уый та æ нцон хъуыддаг нæ уыди. Долоны сæ рты ахизынæ н стыр хъару хъæ уы. Уымæ й размæ йæ м йæ ныфс никуы ничи бахаста. Фæ лæ уый фидар лæ ппу разынд, нæ бынатмæ нæ æ рбахæ р-хæ р ласта. Уæ д мæ зæ рдæ мæ тынг фæ цыд. Уый хæ дфæ стæ ма чидæ р æ фцæ джы тæ ккæ рæ бынмæ гуыффæ имæ æ рбахæ ццæ. Æ фцæ гыл ахизынмæ йæ бирæ нал хъуыд, фæ лæ йæ, æ вæ ццæ гæ н, цыдæ р бахъыгдардта. Гуыффæ фæ ндаггæ рон къанауы ныссагъд.. Шофыр æ й уым ныууагъта, йæ хæ дæ г ацыд. Уæ д дæ р ма йыл ахъуыды кодтон, кæ д нæ, зæ гъын, сыфцæ й чи фæ ласта, уыцы лæ ппу уыд. Хъыг мын уыд, уыцы хъæ батыр гуырдæ н йæ фæ ндæ й кæ й ницы рауад, уый. Фæ лæ уый фæ стæ машинæ тæ æ фцæ гыл гуыффæ тимæ цæ уын райдыдтой. Лæ ппутæ сарæ хстысты.

Æ ргом æ й зæ гъдзынæ н, раздæ р æ й нæ базыдтон, Асель кæ мæ й ацыд, уыцы адæ ймаг кæ й уыд. Куы йæ зыдтаин, уæ ддæ р афтæ бакодтаин. Тыххæ й-фыдæ й йæ нæ химæ æ рбахуыдтон æ мæ хъуыддæ гтæ иууылдæ р рабæ рæ г сты. Уыцы сахат Асель хæ дзармæ сугтæ æ рбацæ йхаста. Куы йæ ауыдта, уæ д йæ сугтæ йæ хъæ бысæ й æ ркалдысты. Фæ лæ нæ хи ницызонæ г скодтам, цыма фыццаг хатт фембæ лдыстæ м, нæ хи афтæ дардтам. Уæ лдайдæ р æ з хъуамæ бафæ рæ зтаин мæ хиуыл хæ цын. Æ нæ рхъуыды ныхасæ й дыууæ адæ ймаджы зæ рдæ йы хъæ дгом куыд нæ фæ цагайдтаин, кæ д, мыййаг, кæ рæ дзи бамбаринаг уыдысты, уæ д сæ куыд ницы бахъыгдардтаин, афтæ. Ацы ран мæ бон ницы уыд. Хъуыддæ гтæ сæ хæ дæ г лыг кодтой. Сæ дыууæ йы æ хсæ н уыди сæ ивгъуыд цард, сæ дыууæ йы æ хсæ н уыд сæ фырт. Уый сынтæ гыл хуыссыди мæ фарсмæ, мæ хъæ бысы йæ нылхъывтон, рæ вдыдтон æ й.

Уыцы ’хсæ в нæ иу дæ р хуыссæ джы цъыртт нæ федта. Алкæ мæ дæ р йæ хи сагъæ стæ уыд.

Аселы бон у йæ фыртимæ ацæ уын. Сæ бар сæ хи у. Сæ зæ рдæ æ мæ сæ зонд куыд зæ гъынц, афтæ бакæ нæ нт. Æ з та... Цæ й, ууыл цы дзурæ м, ныхас мæ ныл нæ цæ уы. Уый мæ нæ й аразгæ нæ у, æ з сæ хъуамæ мацæ мæ й бахъыгдарон...

Ныртæ ккæ дæ р ацы фæ ндагыл дыууæ рдæ м кæ ны. Цымæ ацал-ауал азы кæ м уыди, цы куыста? Уæ вгæ уый афтæ диссаг нæ у. Сæ хи хъуыддаг у...

 

***

Байтемыримæ фæ стæ мæ раздæ хтыстæ м. Æ ризæ р. Уалдзыгон зæ рæ хсид Тянь-Шаны æ рттиваг цъититы сæ рмæ арвыл анхъæ взта. Машинæ тæ фæ ндагыл згъордтой.

— Ахæ м хабæ рттæ, гъе, — загъта Байтемыр æ нкъардхуызæ й, иучысыл æ нæ дзургæ йæ алæ ууыны фæ стæ. — Мæ нæ н ныртæ ккæ нæ хæ дзарæ й цæ уæ н никæ дæ м ис. Асель цæ уынвæ нд куы скæ на, уæ д ын йæ фыртæ н фæ стаг фæ ндараст зæ гъдзынæ н. Мæ хи хъæ булæ й мын зынаргъдæ р сси. Уыдонæ й байсын та йæ мæ бон нæ у... Æ мæ уый тыххæ й никуыдæ м цæ уын. Уæ лдайдæ р та Памирмæ. Уыдон дын газеты фыссыны тыххæ й нæ дзурын. Афтæ дын сæ æ нæ уи дзурын...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.