Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 9 страница



Рудзынгæ й зынди мæ й. Йæ рæ зты мигътæ дугъы уадысты.

Сæ умæ райсом Асель æ мæ Байтемыр сæ хæ дзары хъуыддæ гты фæ дыл кæ ртмæ куы рацыдысты, уæ д æ з дæ р сыстадтæ н. Цæ уын мæ хъуыд. Сындæ ггай Сæ мæ тмæ бахъуызыдтæ н, ныбба йын кодтон æ мæ тагъд-тагъд рацыдтæ н.

Асель кæ рты дурты уæ лæ стыр аджы дон тæ вдмæ сæ вæ рдта. Байтемыр суг саста. Уый фæ стæ дыууæ йæ машинæ мæ араст стæ м. Тамако дымгæ, æ нæ дзургæ йæ цыдыстæ м.

Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й дысон мæ машинæ скъуырдтон, фæ ндаггæ рон цы æ фсæ нбетон ныллæ г цæ джындзтæ сагъд вæ ййы, уыдоныл. Дыууæ дзы бынтондæ р схаудысты æ мæ машинæ йы раз лæ ууыдысты. Мæ цырæ гътæ й иу ныццæ хх, йæ ных æ мæ йæ базыр мидæ мæ батасыдысты, цалхы сæ мæ н фæ хъыгдард. Уыдон мæ цъис æ мæ дзæ буджы фæ рцы куыддæ ртæ й бацъапп кодтам, фæ лæ уый фæ стæ хурхæ й амардыстæ м. Мотор ныссалд. Картер схъарм кæ ныны тыххæ й нæ фæ скъау æ ндзарын бахъуыд. Уый фæ стæ машинæ йы дæ гъæ л разæ й дыууæ йæ здухын райдыдтам. Не уæ хсчытæ кæ рæ дзиуыл æ ндзæ выдысты, нæ армытъæ пæ нтæ иу æ фсæ йнаг хæ цæ ныл сыгъдысты, кæ рæ дзийы цæ сгæ мттæ м улæ фыдыстæ м, иу хъуыддагыл куыстам æ мæ нæ м, чи зоны, иу хъуыдытæ уыдис. Мотор скусынæ н ницыуал хос уыд. Фæ ллайын райдыдтам. Уалынмæ Асель дыууæ бедрайы тæ вд дон рахаста. Æ нæ дзургæ йæ сæ мæ цуры æ рæ вæ рдта, иуварс ацыд. Æ з дон радиаторы ауагътон. Байтемыримæ ма йæ иу хатт æ рзылдтам, стæ й та дыккаг хатт, æ мæ æ ппынфæ стаг мотор скуыста. Æ з кабинæ йы сбадтæ н. Мотор хорз нæ куыста, ферхæ цыд-иу. Байтемыр капоты бын аныгъуылд цырæ гътæ уынынмæ. Уыцы рæ стæ г тыхулæ фтгæ нгæ æ рбатахт Сæ мæ т, йæ палтойы цæ ппæ ртæ æ нæ вæ рд. Машинæ йы алыварс силлæ г, бадын æ й фæ ндыд. Асель æ й рацахста. Йæ къухыл ын хæ цыд, афтæ мæ й кабинæ йы раз æ рлæ ууыд. Ахæ м уайдзæ фтæ йдзаг цæ стытæ й мæ м æ рбакаст, уыйбæ рц маст æ мæ дзы тæ ригъæ ддзинад уыдис, æ мæ уыцы минут цæ уылфæ ндыдæ р сразы уыдаин, цæ мæ й сæ разы мæ хи сраст кодтаин æ мæ та фæ стæ мæ мæ хи бауыдаиккой, уый тыххæ й. Æ з гом дуарæ й æ ргуыбыр кодтон æ мæ йæ м сабыргай сдзырдтон:

— Асель, нæ хъæ булы дæ р райс æ мæ сбад! Аласдзынæ н дæ, иухатты хуызæ н, æ рмæ ст ныр — æ нусмæ! Сбад! — ныллæ гъстæ йын кодтон æ з.

Асель ницы сдзырдта. Йæ цæ ссыгтæ йдзаг цæ стытæ иуварс азылдта æ мæ йæ сæ р фæ рсæ рдæ м батылдта.

— Абадæ м, мамæ! — йæ къухыл ын ахæ цыд Сæ мæ т.

Асель æ нæ фæ стæ мæ кæ сгæ йæ фæ цæ йцыд, йæ сæ р ныллæ г æ руагъта. Сæ мæ т та йæ фæ стæ мæ ласта, машинæ йы цурæ й йæ нæ фæ ндыд.

— Цæ ттæ у! — æ рбадзырдта мæ м Байтемыр, капот æ рæ хгæ дта æ мæ мæ м, цы кусæ нгарзæ й архайдта, уый æ рбалæ вæ рдта.

Æ мæ мæ фæ ндаг адардтон. Ногæ й та руль мæ къухы, ногæ й та фæ ндæ гтæ æ мæ хæ хтæ. Машинæ йæ н та цы уæ лдай уыд — размæ мæ скъæ фта æ мæ скъæ фта...

Гъе афтæ ссардтон Асель æ мæ мæ фырты æ фцæ гыл, афтæ фембæ лдыстæ м æ мæ фæ хицæ н стæ м. Цалынмæ фалæ мæ цыдтæ н æ мæ фæ стæ мæ здæ хтæ н, уæ дмæ хъуыды кодтон, фæ лæ мæ зонд ницы æ рцахста. Æ рхæ ндæ г хъуыдытæ й бафæ лладтæ н... Ныр мын ам лæ ууæ н нал уыд; мæ сæ р мæ искуы бафснайын хъуыд.

Уый фидарæ й акарстон мæ хинымæ р. Ахæ м хъуыдытимæ фæ стæ мæ раздæ хтæ н. Фæ ндаггæ сты бæ стыхайы рæ зты куы ’рбацæ йцыдтæ н, уæ д Сæ мæ ты ауыдтон. Уый иуварс, йæ хицæ й хистæ р чызг æ мæ лæ ппуимæ хъазыди ташкаргонæ й — дуртæ й хæ дзæ рттæ æ мæ уæ тæ ртæ арæ зтой. Чи зоны æ мæ -иу сæ уымæ й размæ дæ р федтон. Алы бон дæ р дæ фырты рæ зты цу æ мæ йæ ма зон. Æ з машинæ æ рурæ дтон.

— Сæ мæ т, — фæ дзырдтон æ м æ з. Йæ фенынмæ мæ былыцъæ рттæ хордтон. Сывæ ллæ ттæ мæ м иууылдæ р ныййарц сты.

— Мах ласынмæ æ рбацыдтæ? — æ рбатахт мæ м Сæ мæ т.

— О, иучысыл уæ аласдзынæ н! — загътон æ з.

Сывæ ллæ ттæ æ мхуызонæ й дæ р кабинæ йы бадынмæ фесты.

— Ай нæ зонгæ лæ г у! — раппæ лыд Сæ мæ т йæ хæ лæ рттæ н.

Æ з сæ дардмæ дæ р нæ аластон, фæ лæ мын уыцы хъуыддаг цæ йбæ рц амонд æ мæ цин æ рхаста! Сабитæ й мын сæ хицæ й æ хсызгондæ р уыд. Уый фæ стæ сæ раргъæ втон.

— Ныр тæ хгæ ут уæ химæ!

Сывæ ллæ ттæ фæ тъæ бæ ртт ластой. Æ з мæ фырты фæ урæ дтон:

— Фæ лæ уу-ма, Сæ мæ т, цыдæ р дын зæ гъон! — зæ ххæ й йæ фелвæ стон, мæ сæ рмæ йæ бæ рзонд сæ ппæ рстон, йæ цæ сгоммæ йын бирæ фæ кастæ н, стæ й йæ мæ риумæ нылхъывтон, ныбба йын кодтон æ мæ йæ зæ хмæ æ руагътон.

— Æ мæ æ хсаргард та кæ м и, нæ мын æ рбаластай? — йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд Сæ мæ тæ н.

— Мæ нæ мæ куыд ферох, мæ хъæ бул, иннæ хатт дын æ рбаласдзынæ н! — зæ рдæ йын бавæ рдтон æ з.

— Нал дæ ферох уыдзæ н? Мах та уыцы ран хъаздзыстæ м.

— Хорз, ныр тæ хгæ татъддæ р!

Автобазæ йы пълотникты æ рмадзы æ ртæ хъазæ н æ хсаргарды самадтон æ мæ сæ мемæ раластон.

Сывæ ллæ ттæ мæ м æ цæ гæ йдæ р æ нхъæ лмæ кастысты. Ногæ й та сæ машинæ йы аластон. Афтæ райдыдта нæ хæ лардзинад мæ фырт æ мæ йе ’мбæ лттимæ. Уайтагъд мыл фæ цахуыр сты. Кæ рæ дзийы сæ рты хаугæ -иу мæ м дардæ й ратахтысты:

— Машинæ, нæ хи машинæ æ рбацæ уы!

Ногæ й та фæ цардхуыз дæ н. Адæ ймаджы хуызæ н та сдæ н. Кусынмæ фæ цæ йцæ угæ йæ -иу мæ зæ рдæ ради: цыдæ р бæ ллиццаг æ нкъарæ нтæ -иу мæ риуы гуырыди, уымæ н æ мæ зыдтон, фæ ндагыл мæ м мæ фырт кæ й æ нхъæ лмæ кæ сы. Йемæ -иу мын кабинæ йы дыууæ минуты абадын дæ р амонды фаг уыд. Ныр ме ’ппæ т хъуыдытæ æ мæ сагъæ стæ дæ р баст уыдысты мæ фырты цурмæ афоныл бахæ ццæ уæ вынимæ. Алы хатт дæ р-иу рæ стæ г афтæ равзæ рстон, æ мæ -иу æ фцæ гмæ бонæ й бахæ ццæ дæ н. Рæ стæ г хорз уыд. Уалдзыгон хъарм бонты сывæ ллæ ттæ иууылдæ р уынджы хъазыдысты, æ мæ -иу сæ арæ х фæ ндаггæ рон баййæ фтон. Æ з мæ хи афтæ амондджын хуыдтон, æ мæ цыма цæ ргæ дæ р æ мæ кусгæ дæ р уый тыххæ й кодтон. Фæ лæ -иу мын хаттæ й-хатт мæ зæ рдæ цыдæ р тас фæ рæ хуыста. Чи зоны, фæ ндаджы хайады зыдтой, æ з сывæ ллæ тты ралас-балас кæ й фæ кæ нын, уый. Зыдтой, нæ зыдтой, уæ ддæ р сæ бон уыд мæ фырты фæ ндаджы былмæ нал уадзын, цæ мæ й мемæ мауал æ мбæ ла, уый тыххæ й. Æ з уымæ й тынг тарстæ н æ мæ мæ хинымæ р Асель æ мæ Байтемырæ й куырдтон, цæ мæ й афтæ ма бакæ ной, кæ ннод уыцы цыбыр фембæ лдтытæ й дæ р æ нæ хай фæ уыдзынæ н. Фæ лæ иухатт хъуыддаг æ цæ гæ йдæ р афтæ рауад...

Фыццæ гæ м Маймæ бирæ нал уыд. Мæ хъæ булы зæ рдæ хъуамæ истæ мæ й балхæ дтаин. Балхæ дтон ын ифтындзгæ машинæ, уæ зласæ н. Уыцы бон автобазæ йы афæ стиат дæ н æ мæ фæ стæ дæ р рацыдтæ н. Тынг тагъд кодтон. Чи зоны, æ мæ уый тыххæ й бахаудтæ н цавæ рдæ р дызæ рдыг хъуыдыты ахæ сты, тыхстæ н, мæ зæ рдæ рысти. Фæ ндаггæ сты бæ стыхаймæ куы бахæ ццæ дæ н, уæ д мæ тыхтон систон æ мæ йæ мæ фарсмæ æ рæ вæ рдтон, мæ цæ стытыл уади, Сæ мæ тæ н куыд æ хсызгон уыдзæ н, уый. Уымæ й йæ м хуыздæ р хъазæ нтæ дæ р уыд, фæ лæ мæ лæ вар хуымæ тæ джы лæ вар нæ у: шофыр суæ вынмæ чи бæ ллы, уыцы гыццыл лæ ппуйæ н æ й радта йæ зонгæ шофыр. Фæ лæ Сæ мæ т ацы хатт фæ ндагыл нæ разынд. Сывæ ллæ ттæ мæ м æ рбатахтысты æ нæ мæ хъæ бул. Æ з кабинæ йæ рахызтæ н.

— Сæ мæ т та кæ м и?

— Сæ химæ, фæ рынчын, — дзуапп радта лæ ппу.

— Фæ рынчын?

— Æ гонгæ й, нæ фæ рынчын! — хъуыддæ гтæ æ ппæ тдæ р зындгонд кæ мæ н сты, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й бамбарын кодта чызг. — Йæ мад æ й нæ уадзы ардæ м!

— Цæ уылнæ?

— Нæ зонын. Ма, дам, цу.

Цæ мæ й тарстæ н, уый мыл æ рцыд. Ме ’ппæ т цинты кæ рон ралæ ууыд.

— Гъа, ахæ сс ын æ й, — лæ ппумæ тыхтон радтон, фæ лæ мæ м фæ смон æ рцыд. — Уæ вгæ нæ хъæ уы. — Фæ стæ мæ йæ райстон æ мæ æ нкъардæ й машинæ мæ араст дæ н.

— Йæ машинæ йы нæ цæ уылнæ аласта? — бафарста лæ ппу йæ хойы.

— Рынчын у, — хъуынтъызæ й дзуапп радта уый.

Базыдта йæ. Рынчынæ й фæ фыддæ р дæ н. Æ нæ хъæ н фæ ндагыл мæ сæ рæ й иу хъуыды нæ хицæ н кодта: ау, Асель мæ афтæ йе сæ фт федта? Æ з цыфæ нды ницæ йаг кæ д дæ н, уæ ддæ р мын иучысыл тæ ригъæ д уæ д та куыннæ фæ кодта? Нæ, нæ мæ уырны... Асельмæ ахæ м зонд не ’рцыдаид. Уым æ ндæ р цыдæ р ис. Цымæ цы уыдаид? Цæ мæ й йæ зонын? Мæ фырт, æ цæ гæ йдæ р, иучысыл фæ рынчын, зæ гъгæ, мæ хи уыцы хъуыдыйыл æ ууæ ндын кодтон. Цæ уылнæ мæ хъуамæ уырныдтаиккой уыцы гыццыл лæ ппуйы ныхæ стæ. Фæ стагмæ мæ м йæ ныхæ стæ афтæ æ цæ г фæ кастысты, æ мæ мæ фырт мæ цæ стытыл уади тыхст рынчынæ й — фыртæ вдæ й сæ нттæ цæ гъдын райдыдта. Уæ д та йын исты æ ххуыс хъæ уы. Йе хос ссарыныл тыхсынц, йе та йæ рынчындонмæ аласын хъæ уы. Æ фцæ гыл цæ рын горæ ты проспекты цæ рын нæ у! Мæ мидхъуырдухæ нæ й сфæ лмæ цыдтæ н, мæ уд æ рдуйæ нарæ гдæ р сси. Фæ стæ мæ цæ угæ йæ, мæ машинæ йы тахтыл цæ ст нæ хæ цыд. Цы æ ххуыс ын фæ уыдзынæ н, уымæ н дæ р ницы зыдтон, афтæ мæ й размæ тындзыдтон, цæ мæ й куыд гæ нæ н ис, афтæ тагъддæ р мæ фырты фенон... Кæ й йæ фендзынæ н, ууыл æ ууæ ндыдтæ н, мæ зæ рдæ йæ зыдта. Æ мæ раст цыма фыдæ нæ н уыд, уый хуызæ н мæ бензин фæ ци, базæ йы цур мæ бензоколонкæ йы цур æ рлæ ууын бахъуыд...

***

Ме ’мбæ лццон Илас ныхъхъус. Йæ тæ вд цæ сгом йæ армытъæ пæ нæ й æ рсæ рфта, арф ныуулæ фыд, рудзынджы авгыл тæ ккæ кæ ронмæ схæ цыд æ мæ та — ныр цалæ ймаг хатт — сдымдта.

Рæ стæ г фæ сæ мбисæ хсæ вæ й раджы фæ фалдæ р. Поезды, æ вæ ццæ гæ н, мах йеддæ мæ ничиуал бадт, иууылдæ р схуыссыдысты. Цæ лхытæ рельсытимæ сæ æ нæ фæ угæ фæ ндаггон зарæ г кодтой. Рудзынгæ й зынди сæ рдыгон æ хсæ в, боныцъæ хтæ кæ уыл фæ бæ рæ г сты, ахæ м сæ рдыгон æ хсæ в. Станцæ ты рухсытæ -иу ферттывтой. Паровоз тæ хгæ -тæ хгæ уасыд.

— Уыцы рæ стæ г мæ м ды æ рбацыдтæ, фæ лæ дæ æ з мæ машинæ йы нæ сæ вæ рдтон. Ныр æ й бамбæ рстай, цæ уылнæ, уый? — уазал худт бакодта мæ сыхаг. — Ды бензоколонкæ йы цур баззадтæ, уый фæ стæ «Победæ »-йы мæ разæ й фестут. Æ з ма уæ ауыдтон... Тахтæ н мæ сагъæ стимæ. Æ мæ дын хуыцау ахæ м хорз ракæ на: Сæ мæ т мæ м æ нхъæ лмæ каст фæ ндагыл. Машинæ ауыдта æ мæ цæ хгæ рмæ ныццавта.

— Шофыр! Шофыр!..

Рынчын нæ у мæ хъæ бул! Цæ й цин ныккодтон, æ вæ дза! Мæ нæ й амондджындæ р зæ ххыл нал уыд.

Æ з æ рурæ дтон, кабинæ йæ рагæ пп ластон æ мæ мæ фырты размæ атахтæ н.

— Цы кодтай? Рынчын уыдтæ?

— Нæ, мамæ мæ нæ уагъта. Афтæ зæ гъы, уыцы машинæ йы, дам, ма бад. Æ з дæ р кæ уын райдыдтон, — рахъаст мын кодта Сæ мæ т.

— Уæ дæ ныр куыд рацыдтæ?

— Папæ йын афтæ зæ гъы, уадз æ мæ, дам, кæ д лæ джы фæ нды, уæ д æ й ралас-балас кæ на.

— Афтæ уыди?

— Æ з шофыр уыдзынæ н, зæ гъгæ, йын загътон...

— Ды æ цæ гæ йдæ р шофыр уыдзынæ, стæ й бæ гуы шофыр! Цы дын æ рбаластон, уый зоныс? — Æ з хъазæ н машинæ систон. — Ифтындзгæ уæ зласæ н. Гыццыл шофыртæ н уымæ й хуыздæ р машинæ нæ й!

Лæ ппу йæ мидбылты бахудт, йæ цæ сгом ныррухс.

— Æ з æ ппынæ дзух демæ цæ удзынæ н машинæ йы, нæ? — лæ гъстæ гæ ггæ гау мæ м æ рбакастысты йæ цæ стытæ.

— Æ нæ мæ нг афтæ! — зæ рдæ йын бавæ рдтон æ з. — Кæ д дæ фæ нды, уæ д Фыццæ гæ м Майы мемæ горæ тмæ цом, нæ машинæ тырысатæ й сфæ лынддзыстæ м, стæ й дæ фæ стæ мæ æ рласдзынæ н.

Афтæ йын цæ мæ н загътон, уымæ н ныртæ ккæ дæ р ницы зонын. Цы бар æ м дардтон, уæ лдайдæ р та мæ ныхæ стыл мæ хæ дæ г цæ мæ н баууæ ндыдтæ н? Ноджы йын афтæ дæ р загътон:

— Дæ зæ рдæ мæ куы фæ цæ уа, уæ д мемæ цæ ргæ йæ баззайдзынæ! — зæ рдиагæ й загътон мæ фыртæ н. — Æ з æ мæ ды кабинæ йы цæ рдзыстæ м. Æ з дæ алы ранмæ дæ р мемæ ласдзынæ н æ мæ дæ никуыдæ муал ауадздзынæ н, нал фæ хицæ н уыдзыстæ м. Фæ нды дæ?

— Фæ нды! — æ васт сразы Сæ мæ т. — Машинæ йы цæ рдзыстæ м! Ныртæ ккæ ацæ уæ м, цæ й!

Иуæ й-иу хатт стыр адæ ймаг дæ р сывæ ллон фесты. Мах кабинæ йы сбадтыстæ м. Æ з дызæ рдыггæ нгæ машинæ скусын кодтон, стартер нылхъывтон. Сæ мæ тæ н та æ хсызгон у, февнал-февнал мæ м кæ ны, хъазы, бадæ ныл йæ хи хæ рдмæ сæ ппары. Машинæ араст. Сæ мæ ты цин ноджы фæ фылдæ р, худы, цыдæ ртæ мын дзуры, рульмæ, прибортæ м йæ къухæ й амоны. Æ з дæ р ма схъæ лдзæ г дæ н. Фæ лæ æ васт мæ хи æ рæ мбæ рстон, фыркатайæ мæ хид акалд. Цы кусын? Æ руромынмæ хъавын, фæ лæ мæ Сæ мæ т æ рлæ ууын нæ бауагъта.

— Тагъддæ р, тагъддæ р-ма йæ аскъæ р! — домы уый. Æ мæ куыннæ бакастаин уыцы сывæ ллоны амондджын цæ стыты коммæ. Машинæ йы цыд фæ тагъддæ р. Уалынмæ нæ тæ ккæ размæ фæ ци зæ хкъахæ н, сосæ арæ зтой. Зæ хкъахæ н разылд æ мæ нæ комкоммæ æ рбацæ йцыд, йæ фæ дыл та — Байтемыр. Уый фæ зилæ ны белимæ цыдæ ртæ архайдта. Æ з цы кодтаин, уый нал зыдтон, æ рлæ ууынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ ферæ джы: лæ ппуйы æ гæ р дард раластон. Ныллæ гдæ р æ ргуыбыр кодтон æ мæ машинæ тагъддæ р аскъæ рдтон. Байтемыр мæ нæ федта. Уый йæ куыст нæ ныууагъта, стæ й махæ рдæ м дæ р нæ ракаст: фæ ндагыл машинæ тæ й фылдæ р цы цæ уы. Фæ лæ йæ Сæ мæ т ауыдта:

— Уартæ папæ! Цæ й, папæ йы дæ р сæ вæ рæ м! Фæ лæ уу, æ з папæ мæ дæ р фæ дзурон!

Ницы йæ м дзырдтон. Æ рлæ ууæ н мын нал уыд — цы йын загътаин? Сæ мæ т æ васт фæ стæ мæ фæ зылд, фæ тарст, ныхъхъæ р кодта, ныккуыдта:

— Æ з папæ мæ цæ уын! Бауром, æ з папæ мæ цæ уын! Бауром, нал мæ фæ нды! Ма-мæ!

Æ з уромæ ныл ныххæ цыдтæ н. Машинæ къæ дзæ хы фæ стæ мæ баздæ хтон. Мæ фырты сабыр кæ нынмæ фæ дæ н:

— Ма ку, Сæ мæ т, нæ хъæ уы, ма ку! Ныртæ ккæ дæ фæ стæ мæ аласдзынæ н. Æ рмæ стдæ р дæ кæ уын ныууадз.

Фæ лæ тарст лæ ппу æ ппындæ р ницæ мæ уал хъуыста.

— Нæ, нæ мæ фæ нды! Æ з папæ мæ цæ уын! Дуар байгом кæ н! — æ мæ йæ къахæ й дуар ныххоста. — Байгом æ й кæ н, æ з папæ мæ цæ уын! Байгом кæ н дуар!

Ахæ м бæ ллæ хы ма бахаугæ уыдзæ н!

— Ма ку! — лæ гъстæ йын кæ нын. — Ныртæ ккæ дуар бакæ ндзынæ н, æ рмæ ст фæ сабыр у! Æ з дæ мæ хæ дæ г ахондзынæ н папæ мæ. Цæ й, рахиз, цом!

Сæ мæ т зæ хмæ æ ргæ пп ласта æ мæ кæ угæ -кæ уын фæ стæ мæ ныййарц. Æ з æ й фæ урæ дтон:

— Фæ лæ уу-ма! Дæ цæ ссыгтæ асæ рф. Мауал ку. Курын дæ, мæ гыццыл хъæ бул, мауал ку! Дæ машинæ дæ куы ферох. Кæ с-ма. — Æ з хъазæ н фелвæ стон, мæ ризгæ къухтæ й йæ сифтыгътон. — Кæ с-ма, ныртæ ккæ дæ м куыд атæ хдзæ н, рацахс æ й! — машинæ фæ ндагыл ныййарц, дурыл йæ хи скъуырдта, фæ фæ лдæ хт æ мæ сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ иуварс атахт.

— Нæ мæ хъæ уы! — йæ цæ ссыгтæ ноджы тынгдæ р ныккалгæ йæ, сдзырдта Сæ мæ т æ мæ фæ стæ мæ дæ р нал ракаст, афтæ мæ й азгъордта.

Мæ хъуыр мын цыдæ р ахгæ дта. Скæ уынмæ мæ бирæ нал хъуыд. Фæ сте йæ асырдтон:

— Фæ лæ уу-ма, цæ й, ма ку, Сæ мæ т! Фæ лæ уу-ма, æ з дæ... æ з дæ... Зоныс!.. — фæ лæ ме ’взаг «дæ фыд дæ н» зæ гъынмæ нæ батасыд.

Сæ мæ т фæ стæ мæ дæ р нал ракаст, афтæ мæ й фæ зилæ ны фæ аууон. Æ з ма йæ фæ дыл къæ дзæ хы онг фæ цыдтæ н, стæ й æ рлæ ууыдтæ н. Мæ фырты фæ стæ ма бирæ фæ кастæ н.

Æ з федтон, Сæ мæ т Байтемырмæ куыд батахт æ мæ йыл дардæ й йæ хи куыд баппæ рста, уый. Байтемыр дзуццæ джы æ рбадт, ныхъхъæ быс æ й кодта, йæ химæ йæ фидар нылхъывта. Лæ ппу дæ р ын йæ бæ рзæ йыл æ рбатыхст, мæ нæ рдæ м тарстхуызæ й кæ сгæ йæ.

Уый фæ стæ йын Байтемыр йæ къухыл ныххæ цыд, йæ бел йе уæ хскыл баппæ рста æ мæ дыууæ йæ — стыр æ мæ гыццыл лæ г — фæ ндагыл араст сты.

Æ з сæ м къæ дзæ хы аууонæ й бирæ фæ кастæ н, стæ й фæ стæ мæ аздæ хтæ н. Хъазæ н машинæ йы цур æ рлæ ууыдтæ н. Уый фæ ндаггæ рон уæ лгоммæ фæ лдæ хтæ й баззад... Мæ цæ ссыгтæ фемæ хстысты. «Афтæ -гъе, мæ лымæ н! » — загътон æ з стыр машинæ йæ н æ мæ йын йæ капот мæ къухæ й фæ лмæ н æ рсæ рфтон. Машинæ йы хъарм мыл æ рбакалд. Суанг ма мæ м уый дæ р цыдæ р уарзон фæ каст, мæ фыртимæ мæ фæ стаг фембæ лдæ н æ вдисæ н кæ й уыд, уый тыххæ й.

***

Илас сыстади, тыргътæ м рацæ йцыд.

— Сыгъдæ г уæ лдæ фмæ мæ хи айсон, — сдзырдта ма къæ сæ ргæ ронæ й.

Æ з купейы баззадтæ н. Сæ уæ хсиды рухс арвгæ рæ тты фæ бæ рæ г. Телефоныхъæ дтæ æ ндæ ргтау кæ рæ дзи фæ дыл тахтысты, цырагъы сæ р ницæ мæ нуал хъуыд.

Æ з тæ рхæ гыл хуыссыдтæ н æ мæ мæ хинымæ р хъуыды кодтон, мæ нæ н зындгонд чи уыд æ мæ Илас кæ й нæ зыдта, уыцы хабæ рттæ йын радзурон æ ви нæ, ууыл. Фæ лæ уый нал æ мæ нал зынд. Æ мæ йын æ з дæ р ницыуал радзырдтон.

***

Фæ ндæ гты мастер Байтемыримæ æ з базонгæ дæ н, Асель æ мæ йæ фырт æ фцæ гыл кæ й цæ рынц, Илас уый куы базыдта, уыцы рæ стæ г.

Памиры æ нхъæ лмæ кастысты Киргизийы фæ ндæ гты кусджыты делегацимæ. Уый фæ дыл мын Таджикистаны республикон газет бахæ с кодта киргизаг хæ ххон фæ ндæ гтыл кусджыты тыххæ й очерк ныффыссын.

Делегаттимæ уыдис Хъулаты Байтемыр дæ р, фæ ндæ гты хуыздæ р мастертæ й иу.

Æ з æ рцыдтæ н Долонмæ Байтемырмæ.

Фембæ лдыстæ м æ нæ нхъæ лæ джы, стæ й мæ н куыд фæ ндыд, афтæ. Тæ ккæ æ фцæ гыл нын нæ автобус æ рурæ дта, йæ къухы чысыл тырыса кæ мæ н уыд, ахæ м кусæ г. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й чысыл раздæ р зæ й рацыд æ мæ цалцæ ггæ нджытæ фæ ндаг сыгъдæ г кодтой. Æ з автобусæ й рахызтæ н æ мæ, зæ й кæ м æ ркалд, уырдæ м хæ стæ гдæ р бацыдтæ н. Хæ лд фæ ндаг дыууæ рдыгæ й дæ р æ рæ хгæ дтой. Бульдозер зæ хх уырдыгмæ калдта. Разилынмæ кæ м нæ арæ хсти, уым та кусджытæ белтимæ архайдтой. Йæ уæ лæ кæ ттаг уæ лæ фтау, йæ къæ хтыл та — керз цырыхъхъытæ, афтæ мæ й бульдозеры æ мцыд кодта æ мæ трактористæ н къухæ й амыдта:

— Галиуæ рдæ мдæ р! Ноджыдæ р-ма иу хатт æ рбацу! Афтæ! Æ рлæ уу! Фæ стæ мæ!..

Фæ ндаг срæ вдз. Ацæ уæ н дзы фæ цис. Шофыртæ дыууæ рдыгæ й дæ р хъæ лæ ба систой, æ гæ р бирæ сæ кæ й уромынц, уый тыххæ й, фæ лæ сæ уæ лæ фтауджын хъуыды дæ р нæ кодта, сабыргай трактористæ н амыдта, кæ цырдыгæ й йæ æ рбацæ уын хъæ уы, уый. «Байтемыр у, æ вæ ццæ гæ н. Йæ куыст афтæ хорз æ ндæ р чи зондзæ н! » — скарстон мæ хинымæ р æ з. Æ мæ нæ фæ рæ дыдтæ н. Æ цæ гæ йдæ р Хъулаты Байтемыр разынд. Æ ппынæ рæ джиау фæ ндаг байгом, машинæ тæ базмæ лыдысты.

— Дæ автобус куы аивгъуыдта? — загъта мын Байтемыр.

— Æ з дæ умæ æ рцыдтæ н!

Байтемырмæ мæ ныхæ стæ диссаг нæ фæ кастысты. Мæ къух мын райста.

— Уазæ г — хуыцауы уазæ г!

— Хъуыддаджы фæ дыл дæ м æ рбацыдтæ н, Баке. — йæ ном ын буцдæ рæ й сдзырдтон æ з. — Нæ фæ ндæ гтыл кусджыты хуыздæ ртæ Таджикистанмæ кæ й цæ уынц, уый зоныс?

— Фехъуыстон æ й.

— Гъемæ мæ уæ ацæ уыны размæ демæ аныхас кæ нын фæ нды.

Мæ цыды сæ р ын куыд æ ргомдæ рæ й дзырдтон, афтæ Байтемыры цæ сгом тарæ й-тардæ р кодта, йæ дæ рзæ г рихитæ даудта.

— Кæ й æ рцыдтæ, уый хорз у, — загъта Байтемыр, — фæ лæ æ з Памирмæ нæ ацæ удзынæ н, стæ й мæ н тыххæ й фыссын дæ р нæ хъæ уы.

— Цæ уылнæ, цæ? Куыстæ й дæ не ’вдæ лы? Æ ви хæ дзары истæ мæ й тыхст дæ?

— Мæ куыст мын дæ хæ дæ г уыныс. Нæ химæ та... алы хæ дзары куыд у, махмæ дæ р афтæ... Фæ лæ уæ ддæ р æ з Памирмæ нæ ацæ удзынæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.