Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 2 страница



Мæ маст сфыхт.

— Ногæ й та колхозмæ? Ногæ й та агуыридуртæ æ мæ фаджыс ласынмæ? Нал ацæ удзынæ н! — æ мæ йын йæ путевкæ фæ стæ мæ йе стъолмæ баппæ рстон. — Æ гъгъæ д фæ уæ д, цъыф фаг фезмæ стон, ныр та йæ иннæ тæ бафæ лварæ нт!..

— Цæ уыл арауыс? Æ нæ хъæ н къуыри дын уырдæ м цæ угæ у! Стæ й ма куы бахъæ уа, уæ д ма йæ м ноджыдæ р бафтаудзысты, — рамæ сты Кадича.

Æ з ын сабырæ й, фæ лæ йæ ныхмæ сдзурæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м хъæ лæ сы уагæ й загътон:

— Нал ацæ удзынæ н!

Æ мæ та, уый размæ бирæ хæ ттыты куыд уыд, афтæ Кадича æ нæ нхъæ лæ джы фæ саст:

— Цæ й, хорз. Æ з хицауадимæ аныхас кæ ндзынæ н.

Стъолæ й путевкæ райста.

«Нæ ацæ удзынæ н, — мæ хинымæ р сагъæ стыл фæ дæ н, — æ мæ Аселы æ ппындæ р никуыуал фендзынæ н». Мæ катай ноджы фæ фылдæ р. Цæ рæ нбонты мæ хи фæ смонæ й кæ й хæ рдзынæ н, уый мæ фидарæ й уырнын райдыдта. Цы уа, уый уæ д — цæ уын!

— Æ ри йæ фæ стæ мæ! — æ мæ йын путевкæ йæ къухтæ й раскъæ фтон.

Джантай ныппыррыкк ласта:

— Мæ зæ ронд мадымадæ н-иу дæ салæ мттæ раттын ма ферох уæ д!

Æ з сæ м ницы сдзырдтон. Уæ вгæ та йын йæ хæ мхуттæ ныххафын хъуыд!.. Мæ фæ дыл дуар ныггуыпп кодтон æ мæ æ мдзæ рæ нмæ ацыдтæ н.

 

***

Иннæ бон фæ ндагмæ кæ сынæ й мæ цæ стытæ ныуурс сты. Кæ м и? Рæ хснæ г гæ дыбæ ласау мæ м йæ аив гуырыконд равдисдзæ н æ ви нæ? Мæ сырхсæ рбæ ттæ нджын гæ дыбæ лас. Быдираг гæ дыбæ лас! Резинæ цырыхъхъытæ æ мæ йыл йæ фыды пинджак кæ й ис, уымæ н мур дæ р нæ у. Уыдоны дæ р тынг фидауы. Мæ хи цæ стытæ й йæ нæ федтон æ ви цы?

Мæ зæ рдæ йыл сæ мбæ лди, мæ уды бацыди.

Цæ уын, фæ ндагмæ кæ сын, фæ лæ Асель зынæ г нæ й. Хъæ умæ ныххæ ццæ дæ н. Мæ нæ сæ хæ дзар. Сæ дуармæ мæ цыд фæ сындæ гдæ р. Чи зоны, æ мæ сæ химæ ис? Фæ лæ йæ м куыд бадзы-рдæ уа? Цы зæ гъдзынæ н? Ехх, æ вæ ццæ гæ н ыл никуал сæ мбæ лдзынæ н. Мæ хъысмæ ты афтæ фыст æ рцыд. Дарддæ р ацыдтæ н, машинæ йæ н æ нæ вдæ лонгæ нгæ цы хос уыд. Æ вдæ лонгæ нæ ны дæ р Асель мæ сæ рæ й нæ фæ хицæ н. Иу хъуыддагыл мæ зæ рдæ дардтон: чи зоны, æ мæ йæ фæ стæ мæ цæ угæ йæ фенон. Нæ та йыл сæ мбæ лдтæ н. Æ з дæ р фермæ мæ фездæ хтæ н. Фермæ хъæ уæ й дард у, стыр фæ ндагæ й фæ свæ д. Иу чызджы дзы афарстон. Абон, дам, кусынмæ нæ рацыд. «Æ вæ ццæ гæ н, барæ й нæ рацыд, — мæ сæ ры февзæ рд тæ ссаг хъуыды, — цæ мæ й фæ ндагыл мемæ мауал баиу уа, уый тыххæ й». Уæ нтæ хъилæ й базæ мæ раздæ хтæ н.

Дыккаг бон дæ р та мæ фæ ндаг уыд хъæ умæ. Цæ уын, фæ лæ ма йыл фембæ лдзынæ н, ууыл мæ зæ рдæ нал дарын. Уæ вгæ йæ хъæ угæ та цæ мæ н кæ нын? Куырд чызджы размæ ма цæ лхдуртæ цæ мæ н æ вæ рын? Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ уæ ддæ р нæ уырны, афтæ фæ хицæ н уыдзыстæ м, уый. Хъæ уты ма абоны онг дæ р бирæ хæ ттыты чызджы æ вæ ндонæ й моймæ раттынц. Уый тыххæ й газетты иу æ мæ дыууæ хатты нæ бакастæ н. Газеты сæ рауадзынц, æ мæ цы? Æ взонг адæ ймагæ н йæ æ нусмæ цард фенад вæ ййы æ мæ ма уый фæ стæ аххосджынты фæ стæ цæ хх кæ н. Цы ма дзы раздахдзынæ? Ахæ м хъуыдытæ мæ сæ ры гуырыди...

Уыцы уалдзæ г бæ стæ дидинæ г фестад. Хохрæ бынты тюльпантæ й азмæ лæ н нæ уыд. Сывæ ллонæ й фæ стæ мæ дæ р уыцы дидинджытæ бирæ уарзын. Нæ фæ лæ уыдонæ й дæ хъæ бысы дзаг æ ртон æ мæ сæ Аселæ н балæ вар кæ н... Бæ ргæ, фæ лæ йæ кæ м ссарон?..

Кæ сын, æ мæ мæ цæ стытыл нал æ ууæ ндын — Асель! Мæ машинæ кæ м ныссагъд, уыцы тæ ккæ ран фæ ндаггæ рон дурыл бады. Раст цыма кæ мæ дæ р æ нхъæ лмæ кæ сы! Æ з тынгдæ р аскъæ рдтон. Машинæ йы хъæ р айхъусгæ йæ, уыцы тарстхуызæ й фестад, стыхст. Йæ сæ рбæ ттæ н фелвæ ста æ мæ йæ йæ къухты æ хсæ н нылхъывта. Ацы хатт йæ уæ лæ уыд хорз къаба, туфлитæ. Ахæ м дард фæ ндагыл бæ рзондзæ вæ тджынты фæ цыд. Фырадæ ргæ й ма цы акодтаин, уый нал зыдтон. Тыххæ йты ма мæ бон сдзурын баци:

— Дæ бон хорз, Асель!

— Дæ бон хорз! — дзуапп мын радта сындæ ггай.

Æ з ын кабинæ мæ схизынмæ феххуыс кæ нынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ уый иуварс азылд æ мæ сындæ ггай фæ ндаггæ рæ тты араст. Мемæ бадын æ й нæ фæ нды. Æ з машинæ скусын кодтон, дуар байтыгътон æ мæ йæ фарсмæ сабыргай цыдтæ н. Уый — фæ ндаджы былты, æ з та — машинæ йы. Ничи нæ ницы дзырдта, стæ й нын дзуринаг дæ р ницы уыд. Æ рæ джиау мæ бафарста:

— Знон фермæ йы уыдтæ?

— Уыдтæ н, æ мæ цы?

— Ницы. Афтæ дæ æ нæ уи фæ рсын. Уырдæ м цæ уын нæ хъæ уы.

— Дæ фенын мæ фæ ндыд.

Ницыуал дзуапп мын радта.

Мæ хъуыдытæ уыцы æ нæ хайыры чындзæ хсæ вимæ уыдысты. Бæ лвырддæ р ын исты куы базонин, æ мæ -гъа! Ме ’взаг мæ коммæ нæ кæ сы. Тæ рсын. Йæ дзуаппæ й йын тæ рсын.

Асель мæ м æ рбакаст.

— Уый æ цæ г у?

Асель йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Руль мæ къухы сдыууæ рдæ м.

— Чындзæ хсæ в кæ д уыдзæ н?

— Тагъд, — дзуапп радта сабыргай.

Æ з, чысыл ма бахъæ уа, машинæ ма фæ цагайон, фæ лæ мæ къах рæ дыдæ й æ ндæ р ран андзæ выд æ мæ моторы дзыгъал-мыгъул ссыд. Асель, мæ гуыр, иуварс йæ хи аппæ рста. Хатыр дæ р ма дзы нæ ракуырдтон. Уæ вгæ ма мæ уыдæ ттæ æ ндæ втой.

— Уæ дæ никуыуал фембæ лдзыстæ м?

— Нæ зонын. Куынæ уал фембæ лæ м, уæ д — хуыздæ р.

— Æ з... æ з дæ уæ ддæ р... фæ нда дæ, нæ фæ нда, агурдзынæ н!

Æ мæ та нæ ничиуал ницы дзырдта. Чи зоны, æ мæ дыууæ йæ дæ р уыцы иу хъуыдытæ уыди нæ сæ ры, фæ лæ не ’хсæ н бæ рзонд сис самадæ уыд æ мæ нын уый бар нæ лæ вæ рдта: мæ нæ н — Асельмæ хæ стæ гдæ р бацæ уынæ н, уымæ н та — мæ машинæ йы сбадынæ н.

— Асель! — тарстхуызæ й загътон æ з. — Дæ хи мыл ма атигъ кæ н. Æ з уæ æ ппындæ р ницæ мæ й бахъыгдардзынæ н. Афтæ уæ м дардæ й кæ сдзынæ н. Дзырд мын дæ ттыс?

— Нæ зонын. Æ вæ ццæ гæ н...

— Ныр та дæ курын, æ мæ сбад.

— Нæ. Ацу. Хъæ у хæ стæ г у.

Уый фæ стæ дæ р ма Аселимæ бирæ хæ ттыты фембæ лдыстæ м. Цыма-иу алкæ ддæ р æ нæ нхъæ лæ джы баиу стæ м, уый хуызæ н. Асель-иу æ дзухдæ р фæ ндаггæ рæ тты фистæ гæ й цыд, æ з та йæ фарсмæ — машинæ йы. Афтæ хорз бæ ргæ нæ уыд, фæ лæ цы сарæ зтаин. Йæ мойагæ й йæ нæ фарстон. Нæ мæ фæ ндыд. Стæ й мæ м аив дæ р нæ каст. Йæ ныхæ стæ м гæ сгæ йæ хорз нæ зыдта. Йæ мадæ н цыдæ р дард хæ стæ г æ ййæ фта. Царди дард ран, хохы, хъæ ды хæ дзарады. Дыууæ бинонтæ рагæ й нырмæ дæ р хæ ларæ й цардысты. Сæ хæ стæ гдзинад фæ лтæ рæ й-фæ лтæ рмæ хастой. Кæ рæ дзийæ бирæ чызджытæ фæ куырдтой. Аселы ныййарджытæ сæ чызджы æ цæ гæ лон мыггагæ н раттыныл ницы хуызы сразы уыдаиккой. Æ з та нымады дæ р никуы уыдтæ н. Чи дæ н? Æ рцæ уæ ггаг, æ нæ хæ стæ г шофыргонд. Стæ й сæ м, æ ргом дзургæ йæ, уыцы хъуыддаджы фæ дыл сым дæ р нæ бауæ ндыдаин.

Уыцы бонты Асель уыд бынтон мадзура. Æ дзухдæ р æ й цыдæ р сагъæ с æ вдæ рзта. Мæ н ницæ мæ й ныфс уыд. Йæ хъысмæ т алыг. Йемæ фембæ лдтытæ дæ р ма мын цы пайда æ рхастаиккой. Фæ лæ уыцы хъуыддаг мах сабитау кæ рæ дзийæ æ мбæ хстам. Æ мбæ лгæ та кодтам уымæ н, æ мæ æ нæ кæ рæ дзи нæ бон нæ уыд. Нæ дыууæ мæ дæ р афтæ каст, цыма æ нæ кæ рæ дзи цæ рын нæ фæ разæ м.

Афтæ мæ й фондз боны аивгъуыдта. Уыцы райсом æ з уыдтæ н автобазæ йы. Мæ хи цæ ттæ кодтон фæ ндагмæ. Уалынмæ дын мæ м диспетчермæ куы фæ дзуриккой.

— Мæ хæ рзæ ггурæ ггаг дæ умæ! — мæ размæ хъæ лдзæ гæ й рауад Кадича. — Долоны фæ ндагмæ дæ ивынц.

Æ з цавддурау фæ дæ н. Фæ стаг бонты мæ м афтæ каст, цыма мæ цæ рæ нбонты дæ р кусынмæ колхозмæ æ рвитдзысты. Долоны сæ рты та-иу иу рейс цалдæ р боны ахаста. Хуыцау йæ зонæ г, Аселы феныны фадат ма мын кæ д фæ уыдаид. Зæ гъгæ дæ р ын мацы кæ н, афтæ мæ й æ васт æ рбайсæ ф?

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й дын æ хсызгон нæ уыд? — бафиппайдта Кадича.

— Æ мæ уæ д колхоз та? — батыхстæ н æ з. — Куыст кæ ронмæ куы нæ ма ахæ ццæ.

Кадичайæ н фырдисæ й йе уæ хсчытæ базмæ лыдысты:

— Дæ хи куы фæ ндыди!

Бандоныл мæ хи æ руагътон. Бадын, фæ лæ дарддæ р цы кæ нон, уымæ н ницы зонын.

Джантай æ рбатахт. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й колхозмæ мæ бæ сты уый æ рвыстой. Джантай, æ вæ ццæ гæ н, не сразы уыдзæ н, уымæ н æ мæ дзы æ хца къаддæ р бакусдзæ н. Фæ лæ уый, путевкæ уыцы хъæ лдзæ гæ й райсгæ йæ, сдзырдта:

— Ды мæ арвы кæ ронмæ куы ’рвитай, уæ ддæ р ацæ удзынæ н. Кæ рог хæ рынæ н фæ бæ ззыд, æ рбаласон-иу дын?

Уалынмæ мæ н ауыдта:

— Хатыр курын. Æ нхъæ лдæ н æ мæ уæ бахъыгдардтон!

— Фесæ ф ардыгæ й! — фæ хъæ р ыл ластон æ з, мæ сæ р уæ лæ мæ не сдаргæ йæ.

— Цæ й, цы ма бадыс, Илас? — ме уæ хскмæ мын æ рбавнæ лдта Кадича.

— Мæ н колхозмæ ацæ уын хъæ уы, арвит мæ, Кадича! — бахатыдтон æ м æ з.

— Сæ нттæ цæ гъдыс æ ви? Мæ бон нæ у, наряд мæ м нæ й! — сдзырдта Кадича æ мæ мæ м тарстхуызæ й æ рбакаст. — Мæ лæ ты хорз дæ м нæ фæ каст.

Æ з ын ницы дзуапп радтон. Уатæ й æ нæ уынæ рæ й рахызтæ н æ мæ гаражмæ араст дæ н. Джантай йæ машинæ йы мæ тæ ккæ рæ зты асыффытт ласта. Йæ цæ ст мæ м æ рныкъуылдта. Чысыл ма бахъæ уа, ма мæ скъуыра.

Æ з барæ й сындæ ггай цыдæ ртæ архайдтон, фæ лæ мын фæ стагмæ æ ндæ р гæ нæ н нал уыд, æ мæ, уæ зæ гтæ кæ м уыдысты, уыцы станцæ мæ ацыдтæ н. Адæ м дзы бирæ нæ уыд, фæ лæ мæ уæ ддæ р æ нхъæ лмæ кæ сын бахъуыд.

Ме ’мбæ лттæ мæ м дзырдтой, тамако уал бадым, зæ гъгæ, фæ лæ æ з кабинæ йæ дæ р нæ рахызтæ н. Мæ цæ стытæ -иу æ рæ хгæ дтон æ мæ та-иу мæ разы Асель февзæ рд... Фæ ндагыл мæ м дзæ гъæ лы æ нхъæ лмæ кæ сы. Иу бон мæ м фенхъæ лмæ кæ сдзæ н, дыууæ, æ ртæ... Куыд ахъуыды кæ ндзæ н? Цы мæ схондзæ н?

Уæ дмæ мæ рад дæ р æ рбацæ йхæ ццæ кодта. Мæ хæ дразмæ цы машинæ уыд, уым æ вгæ нын райдыдтой. Иу минут ма, æ мæ æ з дæ р мæ машинæ уæ зисæ н краны бынмæ батæ рдзынæ н. «Хатырæ й мын фæ уæ д, Асель, — сдзырдтон мæ хинымæ р. — Ныббар мын, мæ быдираг рæ хснæ г гæ дыбæ лас! — Уыцы уысм мæ сæ ры февзæ рд æ ндæ р хъуыды: — Цон æ мæ йын зæ гъон. Фæ стæ мæ фездæ хдзынæ н. Рейсмæ мын иуцалдæ р сахаты байрæ джы уыдзæ н æ мæ йын мур дæ р нæ у. Уый фæ стæ автобазæ йы хицауæ н зæ гъдзынæ н. Чи зоны, æ мæ мæ бамбара. Кæ д нæ, уæ д та мæ м загъд кæ ндзæ н. Æ ппынфæ стаг мæ бафхæ рæ д. Мæ бон нæ у! Цæ уын! »

Мотор скуыста. Сыдз-мыдзы рацæ уынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ мæ м иннæ уæ зласæ нтæ афтæ хæ стæ г æ рбацыдысты, æ мæ дзы фезмæ лæ н нал уыд. Уæ дмæ дзаг машинæ дæ р аивгъуыдта, æ мæ мын размæ æ нæ цæ угæ нал уыд.

— Ей, Илас, фынæ й бадæ? — ныхъхъæ р мæ м кодта уæ зисæ ныл кусæ г.

Кран æ д уæ зæ гтæ машинæ йы сæ рмæ æ рбазылд. Хъуыддæ гтæ фехæ лдысты! Тагъдласинаг уæ зæ гтимæ ахæ м цыдтытæ гæ нæ н нæ й. Уый раздæ р мæ зонд куыннæ ’рцахста? Уæ зæ гтимæ цы гæ ххæ ттытæ вæ ййы, уыдон мæ м æ рбахæ ссынц. Æ з фæ стаг рудзынгæ й ракастæ н: контейнер мæ гуыффæ мæ узгæ -узгæ æ рæ ввахс. Æ з мæ хъæ лæ сы дзаг ныхъхъæ р ластон:

— Уæ хи хъахъхъæ нут!

Контейнеры тæ ккæ бынæ й æ ррайау фæ цагайдтон. Фæ сте хъæ ртæ, æ хситт æ мæ æ лгъыстытæ райхъуыст...

Мæ машинæ згъордта скъладты, фæ йнæ джытæ æ мæ æ взалыйы обæ утты рæ зты. Цыма мæ рулыл хуыйгæ бачынди, уый хуызæ н ыл ныххуыссыдтæ н. Зæ хх сызмæ лыд. Æ з æ д машинæ хæ рдты хаугæ тахтæ н. Уæ вгæ ууыл мах дыууæ йæ дæ р ахуыр уыдыстæ м.

Джантайы уайтагъддæ р баййæ фтон. Кабинæ йæ фæ лхæ рстау йæ сæ р радардта: базыдта мæ. Уыны йæ, тагъд кæ нын, уый, фæ лæ марадз-зæ гъай, кæ д мын фæ ндаг дæ тты. Гæ нæ н мын нал уыд, æ мæ æ з дæ р фæ ндаджы иувæ рсты тыгъд быдырмæ рахызтæ н, кæ д афтæ мæ й йæ разæ й фæ уин, зæ гъгæ. Джантай дæ р уыцырдæ м фæ зылдта æ мæ мæ ацæ уын нæ уадзы. Афтæ мæ й скъæ рæ м. Уый — фæ ндагыл, æ з — нæ ууыл. Рультыл ныххуыссыдыстæ м, æ лгъитæ м, фыдызнæ гтау кæ рæ дзимæ кæ сæ м.

— Кæ дæ м цæ уыс? Цæ мæ н? — дзуры мæ м.

Æ з æ м мæ тымбылкъухæ й бавзыстон. Хъæ умæ æ рбахæ ццæ дæ н. Мæ лæ ф-лæ ф ссыд. Тыххæ й ма ме ’муд æ рцыдтæ н. Сæ кæ рты дæ р æ мæ уынджы дæ р иу цъиуызмæ лæ г нæ разынд. Æ рмæ стдæ р кæ рты дард къуымы бæ хдоны лæ ууыди иу саргъы бæ х. Цы чындæ уа? Банхъæ лмæ кæ сынвæ нд скодтон. Машинæ куы ауына, уæ д, мыййаг, кæ д уынгмæ рацæ уид. Мæ моторимæ архайын, мæ хæ дæ г та аивæ й кæ ртмæ мæ цæ ст дарын. Бирæ æ нхъæ лмæ кæ сын мæ нæ бахъуыд: кулдуар байгом æ мæ дзы рахызтысты йæ мад æ мæ иу зæ ронд лæ г, саузачъеджын, стæ вдтæ арæ зт, йæ уæ лæ дыууæ бæ мбæ джджын халаты. Мидæ ггаг — плюш, æ ддаг та — вельвет. Йæ къухы — ехс. Йæ цæ сгом — сырх-сырхид. Æ вæ ццæ гæ н, цай цымд нырма ныр фæ ци. Аселы мад æ гъдæ нцойыл фæ хæ цыд æ мæ зæ рондæ н бæ хмæ схизынæ н феххуыс кодта.

— Бузныгæ й уæ баззадыстæ м! — загъта ус. — Мах дæ р нæ хи дзыхъхъы лæ удæ й нæ равдисдзыстæ м. Нæ чызгæ н ницы бахæ лæ г кæ ндзыстæ м. Табу хуыцауæ н, цыбыркъух не стæ м.

— Æ ппындæ р мацæ уыл тыхс, байбиче[2], — дзуапп радта зæ ронд лæ г уæ лбæ хæ й æ мæ саргъыл бæ стондæ р æ рбадт. — Æ рыгæ тты цæ рæ нбон хуыцау бирæ скæ нæ д. Мулчы тыххæ й та дзурын дæ р ницæ мæ н хъæ уы: исты йæ, мыййаг, искæ й сывæ ллæ ттæ н куынæ дæ ттæ м. Стæ й хæ стæ гдзинады дæ р фыццаг хатт куынæ бацыдыстæ м. Цæ й, дзæ бæ х у, байбиче. Куыд бадзырдтам, афтæ: майрæ мбоны!

— Афтæ, афтæ, майрæ мбоны. Хуыцауы кувæ н бон. Фæ ндараст фæ у. Уæ химæ -иу саламтæ ратт.

«Цавæ р майрæ мбоны кой кæ нынц, — мæ хинымæ р хъуыдыты адзæ гъæ л дæ н. — Абон та цы бон у? Æ ртыццæ г... Ау, майрæ мбоны йæ ахæ сдзысты? Цымæ ацы зæ ронд æ гъдæ уттæ махæ н, æ рыгæ ттæ н нæ цард кæ дмæ халдзысты? »

Зæ ронд йæ бæ х фæ цагайдта æ мæ хæ хты ’рдæ м атындзыдта. Аселы мад, цалынмæ барæ г иудзæ вгар ауад, уæ дмæ банхъæ лмæ каст, стæ й мæ нæ рдæ м раздæ хт æ мæ мæ м уыцы æ цæ гæ лон цæ стæ й æ рбакаст.

— Ды та ардæ м цы фæ цахуыр дæ, лæ ппу? — сдзырдта уый. — Ам дын ривæ ддон у? Ницы дæ хъуыддаг ис ам! Дæ фæ ндаг дар! Цæ угæ дын зæ гъын! Хъусыс, дæ умæ дзурын.

Æ вæ ццæ гæ н мæ йæ зæ рдыл бадардта.

— Мæ машинæ асаст, — фыдæ нæ нгæ нæ гау сдзырдтон æ з æ мæ барæ й мæ астæ умæ капоты аныгъуылдтæ н. Æ ппындæ р мын ацæ уæ н никуыдæ м ис, цалынмæ йæ фенон, уæ дмæ.

Ус ма цыдæ ртæ сдзырдта, стæ й мидæ мæ бацыд. Æ з мæ архайын фæ уагътон, кабинæ мæ схизæ ныл æ рбадтæ н æ мæ тамако сдымдтон. Кæ цæ йдæ р иу гыццыл чызг æ рбатахт. Йæ иу къахыл гæ пгæ нгæ машинæ йы алыварс сдыууæ рдæ м. Иучысыл мæ м Аселы хуызæ н фæ каст. Йæ хо ма уæ д?

— Асель ацыд! — сдзырдта уый, йæ гæ пп-гæ пп кæ нын нæ ныууадзгæ йæ.

— Кæ дæ м? — рацахстон æ й æ з. — Кæ дæ м ацыд?

— Æ мæ йын æ з цы зонын? Суадз мæ! — Æ мæ мæ къухæ й йæ хи атыдта, тæ хгæ -тæ хын ма мæ м йе ’взаг дæ р фелвæ ста.

Капот æ рæ хгæ дтон æ мæ кабинæ мæ схызтæ н. Кæ дæ м цыдæ уа, кæ м æ й агуырдæ уа? Фæ стæ мæ здæ хын афон дæ р мын у. Фæ ндагыл сындæ ггай скъæ рын. Быдырмæ рахызтæ н. Арыхъхъы цур æ рлæ ууыдтæ н. Цы чындæ уа, мæ сæ рæ н ницы хос зонын. Кабинæ йæ рахызтæ н. Зæ ххыл æ рхуыссыдтæ н. Сагъæ сæ й зæ рдæ тоны. Аселы дæ р не ссардтон, рейс дæ р фæ сыкк... Мæ хинымæ р хъуыдыты ацыдтæ н. Уынгæ дæ р æ мæ хъусгæ дæ р ницыуал кæ нын. Афтæ мæ й цас фæ хуыссыдаин, хуыцау йæ зонæ г, фæ лæ иу рæ стæ джы мæ сæ р фелвæ стон. Кæ сын, æ мæ машинæ йы иннæ фарсæ й разындысты чызджы дыууæ къахы туфлиты. Уый у! Уайтæ ккæ дæ р æ й базыдтон. Афтæ æ хсызгон мын уыдис, æ мæ мæ м мæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп райхъуыст. Мæ зонгуытыл æ рлæ ууыдтæ н, фæ лæ мæ бон сыстын нæ у. Хъуыддаг та æ рцыд, æ ппæ ты фыццаг хатт кæ м фембæ лдыстæ м, уыцы ран.

— Дзæ гъæ лы ма лæ уу, зæ ронд ус, — сдзырдтон, туфлитæ м кæ сгæ йæ.

— Æ з зæ ронд ус нæ дæ н, — мæ хъазæ н ныхас фæ цыд Аселы зæ рдæ мæ.

— Уæ дæ чи дæ?

— Чызг.

— Чызг? Рæ сугъд?

— Ракæ с æ мæ мæ фендзынæ!

Мах дыууæ йæ дæ р схудтыстæ м. Æ з цырд фæ гæ пп ластон æ мæ йæ м фæ цагайдтон. Уый дæ р мæ размæ рацæ йтахт. Кæ рæ дзийы комкоммæ æ рлæ ууыдыстæ м.

— Дунейы чызджыты тæ ккæ рæ сугъддæ р! — сдзырдтон æ з. Асель рæ хснæ г гæ дыбæ ласау лæ ууыди йæ цыбырдыс къабайы, йæ дæ ларм дыууæ чиныджы. — Ам дæ н, уый цæ мæ й базыдтай?

— Библиотекæ йы уыдтæ н. Кæ сын, æ мæ фæ ндагыл дæ машинæ йы фæ д!

— Æ цæ гæ й?! — Раст мын цыма, уарзын дæ, зæ гъгæ, загъта, йæ ныхæ стæ мæ м уымæ й тынгдæ р бахъардтой. Йæ зæ рдыл лæ ууыдтæ н. Иугæ р кæ д мæ машинæ йы фæ дтæ агуырдта, уæ д ын æ з дæ р зынаргъ дæ н.

— Æ мæ ардæ м ратахтæ н. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м афтæ фæ каст, цыма мæ м æ нхъæ лмæ кæ сыс!..

Æ з ын йæ къухыл фæ хæ цыдтæ н:

— Сбад, Асель, атезгъо кæ нæ м.

Уый æ нæ иу ныхасæ й сразы. Бынтондæ р фендæ рхуызон. Стæ й мæ хæ дæ г дæ р мæ хи хуызæ н нал уыдтæ н. Мæ сагъæ с æ мæ мæ т æ рбайсæ фтысты. Æ рмæ стдæ р ма дыууæ йæ баззадыстæ м, нæ рæ сугъд амонд, арв æ мæ зæ ххимæ. Æ з кабинæ йы дуар байтыгътон. Аселæ н схизынæ н феххуыс кодтон, стæ й мæ хæ дæ г дæ р сбадтæ н.

Араст стæ м. Афтæ æ нæ уи, фæ ндагыл. Кæ дæ м æ мæ цæ мæ н, уымæ н ницы зыдтам. Уæ вгæ уый афтæ ахсджиаг нæ уыд. Фæ рсæ й-фæ рстæ м кæ й бадтыстæ м, нæ цæ стæ нгас-иу кæ й баиу, нæ къухтæ -иу кæ рæ дзиуыл кæ й æ ндзæ вдысты, уый дæ р нын фаг уыд. Асель мын мæ салдатаг худ (æ фсады фæ стæ ма йæ иу-дыууæ азы бæ рц фæ дардтон) мæ сæ рыл иуæ рдæ м фæ зылдта.

— Афтæ мæ й дыл рæ сугъддæ р фидауы! — сдзырдта уый æ мæ ме уæ хскмæ йæ хи æ рбалхъывта...

Машинæ фæ ндагыл маргъау тахт. Дуне иууылдæ р сызмæ лыд. Хæ хтæ, быдыртæ, бæ лæ стæ нæ размæ тахтысты... Дымгæ нын нæ цæ сгæ мттæ хоста. Мах тындзыдтам размæ. Арвæ й хур касти. Дыууæ йæ дæ р худтыстæ м. Уæ лдæ ф хаста скъæ лдзой æ мæ тюльпанты тæ ф. Нæ риуты дзаг улæ фыдыстæ м...

Быдираг цъиусур хæ лддзаг зæ ронд кунбезæ й[3] стахт, йæ базыртæ фæ йнæ рдæ м фæ хаста æ мæ, цыма махимæ дугъы йæ тыхтæ фæ лвæ рдта, уый хуызæ н фæ ндаджы сæ рты ныллæ г аленк кодта.

Дыууæ ба æ джы фыртарстæ й сæ хи фæ йнæ рдæ м аппæ рстой. Стæ й, æ рра хъæ ртæ гæ нгæ, нæ фæ дыл фæ цагайдтой.

— Е-ей, æ рлæ уу! Бауром! — бæ хты цъыччытæ гæ нгæ, дзырдтой уыдон. Чи уыдысты, уый æ з нæ зыдтон, чи зоны, æ мæ сæ Асель зыдта. Уалынмæ рыджы къуыбылæ йтты аныгъуылдысты.

Разæ й цавæ рдæ р бричкæ фæ ндаггæ ронмæ азылд. Цы чызг æ мæ дзы лæ ппу бадти, уыдон, мах ауынгæ йæ, фестадысты æ мæ нæ м кæ рæ дзийы уæ хсчытыл хæ цгæ йæ, сæ къухтæ тылдтой.

— Бузныг! — ныхъхъæ р сæ м кодтон æ з кабинæ йæ.

Быдыр фæ ци, сосамæ рахызтыстæ м. Цæ лхыты бынæ й асфальты сындæ г уынæ р райхъуыст.

Хъуамæ цадмæ дард мауал уа. Æ з фæ ндагæ й цæ хгæ р фæ зылдтон æ мæ зæ рæ стоны къутæ ртæ æ мæ пыхсыты рæ зты мæ машинæ комкоммæ былгæ ронмæ сарæ зтон. Къардиуы цур тæ ккæ цады был æ рурæ дтон.

Урс-æ рвхуызцъæ х уылæ нтæ, цыма кæ рæ дзийы къухтыл хæ цыдысты, уый хуызæ н радыгай бурбын былгæ ронмæ тахтысты. Хур фæ цæ йныгуылд æ мæ дард уылæ нтæ сырхбын дардтой. Кæ мдæ р фаллаг фарсæ й зындысты урссæ р хæ хты цъуппытæ. Фæ ныкхуыз мигътæ нæ сæ рмæ æ мбырд кæ нын райдыдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.