Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ШОФЫРЫ РАНЫХАС 1 страница



... Хъуыддæ гтæ бынтон æ нæ нхъæ лæ джы рауадысты. Æ фсадæ й уæ д сыздæ хтæ н. Моторджын хайы службæ кодтон. Уый размæ та дæ с къласы каст фæ дæ н æ мæ уæ д дæ р шофырæ й куыстон. Сидзæ рæ й схъомыл дæ н. Сывæ ллæ тты хæ дзары цардтæ н. Ме ’рдхорд Алыбег Джантурин æ фсадæ й мæ нæ й афæ дз раздæ р сыздæ хт. Рыбачьейы автобазæ йы куыста. Гъемæ йæ м æ з дæ р куы ’рцæ уин. Алыбегимæ æ ппынæ дзух дæ р Тянь-Шань кæ нæ Памирмæ бафтынмæ бæ ллыдыстæ м. Тынг хорз цæ стæ й мæ м ракастысты. Æ мдзæ рæ ны мын бынат радтой. Суанг ма мæ, зæ гъæ н ис, æ мæ ног ЗИЛ-ыл дæ р сбадын кодтой. Иу цъæ ррæ мыхст дæ р ыл нæ ма уыд... Æ мæ мæ машинæ куыд уарзтон, уый та!.. Мæ нæ адæ ймаджы куыд уарзай, афтæ. Ауæ рстон ыл. Ноджы йæ мотор хуымæ тæ джы тыхджын уыд. Раст зæ гъын хъæ уы, йæ хъару цас уыд, уыйбæ рц уæ зæ гтæ йыл арæ х не ’вæ рдтон. Уымæ н æ мæ, Тянь-Шаны фæ ндаг куыд у, уый дæ хæ дæ г зоныс. Дунейы тæ ккæ бæ рзонддæ ртæ й иу, кæ мттæ, рæ гътæ æ мæ æ фцджытæ. Хохы дон, цасдæ риддæ р дæ хъæ уы, уыйбæ рц ссардзынæ, фæ лæ йæ уæ ддæ р адæ ймаг æ дзухдæ р йемæ ласы. Кæ д æ й, мыййаг, æ рхъуыды кодтай, машинæ йы гуыффæ йы рахизварс донæ й дзаг резинæ къæ рта цæ ттæ йæ лæ ууы. Æ взæ р фæ ндагыл мотор уайтагъддæ р стæ вд вæ ййы. Афтæ мæ й ма машинæ йыл уыйас бирæ амад дæ р куы уаид. Æ з дæ р-иу раздæ р мæ хинымæ р дисы бацыдтæ н, цæ мæ й фылдæ р уæ зæ гтæ ласон, ууыл мæ сæ р хостон, фæ лæ мæ бон ницы æ рхъуыды кæ нын баци. Цыфæ ндыйæ дæ р хæ хтимæ тох кæ нын зын у.

Мæ куыстæ й разы уыдтæ н. Кæ м цардтæ н, уый дæ р мæ зæ рдæ мæ цыди. Автобазæ уыди Иссык-Кулы тæ ккæ былгæ рон. Æ ндæ р бæ стæ йæ -иу нæ м туристтæ куы ’рбацыд, уæ д-иу сæ цады былгæ ронæ й дзæ вгар рæ стæ г сæ къах нал хаста. Æ з та-иу мæ хинымæ р сæ рыстырæ й хъуыды кодтон: Иссык-Куль цы диссаг у! Ахæ м рæ сугъд цад дунейы никуы ссардзынæ...

Фыццаг бонты иу хъуыддаг мæ зæ рдæ мæ нæ цыд. Раст зæ гъгæ йæ, рæ стæ г дæ р тынг æ нæ вдæ лон уыд. Уалдзæ г йæ тæ ккæ тæ мæ ны бацыд. Колхозтæ сентябры Пленумы фæ стæ кусынмæ уæ лдай зæ рдиагдæ рæ й бавнæ лдтой, фæ лæ сын техникæ нæ фаг кодта. Нæ автобазæ йы машинæ ты иу хай нын-иу уыдонæ н феххуыс кæ нынмæ арвыстой. Уæ лдай арæ хдæ р та-иу æ рвыстой, æ рæ джы кусын чи райдыдта, уыдоны. Мæ ныл дæ р кæ м ауæ рстаиккой. Куыддæ р-иу рейсыл фæ цахуыр дæ н, афтæ та-иу мæ хъæ умæ аппæ рстой. Хъуыддаг ахсджиаг æ мæ хъæ угæ кæ й у, уый бæ ргæ зыдтон, фæ лæ мæ м мæ машинæ цъыфдзæ стыты скъæ рын тæ ригъæ д каст. Раст мын-иу цыма уыцы хъæ ууон гуыргъахъхъ фæ ндæ гтыл машинæ нæ, фæ лæ мæ хи цæ уын кодтой, уый хуызæ н. Ахæ м фæ ндæ гтæ дæ фыны дæ р никуы фендзынæ.

Иу заман та мæ колхозы хъомдонæ н шофер ласынмæ арвыстой. Уыцы хъæ у хохрæ бын уыд. Цæ уын та йæ м быдырыл хъуыд. Фæ ндаг сур кæ нын райдыдта æ мæ мæ машинæ размæ æ нцонæ й лæ гæ рста. Хъæ умæ бынтон куы баввахс дæ н, уæ д æ нæ нхъæ лæ джы иу арыхъхъы ныссагъдтæ н. Фæ ндаг уыцы ран цæ лхытæ афтæ арф ныкъкъахтой, æ мæ дзы теуа куы аныгъуылдаид, уæ д дæ р æ й ничиуал ссардтаид. Æ з машинæ размæ -фæ стæ мæ кæ нын, фæ лæ йын иуæ рдæ м дæ р нал æ нтыст. Ноджы ма йын мæ фыр тыхстæ й йæ руль иуæ рдæ м афтæ тынг фæ зылдтон, æ мæ дзы кæ мдæ р цыдæ р къæ рцц фæ цыд. Машинæ йы бынмæ мын æ нæ ныххизгæ нал уыд. Уæ лгоммæ хуыссын. Уыцы цъыфы мæ хид къоппæ й кæ лы. Мæ хинымæ р фæ ндаг æ лгъитын. Уалынмæ мæ хъустыл æ рцыд къæ хты уынæ р. Бынæ й мæ м зынынц æ рмæ стдæ р резинæ цырыхъхъытæ. Цырыхъхъытæ мæ акомкоммæ æ рлæ ууыдысты æ мæ æ нхъæ лмæ кæ сынц. Мæ маст мæ риуы рафыхт — циркмæ кæ сæ гау мæ м цы кæ сы?

— Никуы ницы федтай æ ви цы? — схъæ р ыл кодтон машинæ йы бынæ й. Йæ къабайы фæ дджи йын ауыдтон, дæ рдвæ д, фаджысæ йдзæ гтæ. Æ вæ ццæ гæ н, хъæ умæ чи цæ уы, ахæ м зæ ронд ус мæ машинæ йы срæ вдзмæ æ нхъæ лмæ кæ сы.

— Дзæ гъæ лы ма лæ уу, зæ ронд ус, — сдзырдтон æ м æ з. — Мæ н нырма ам бирæ æ рдауын бахъæ удзæ н.

Уый мын дзуапп радта:

— Æ з зæ ронд ус нæ дæ н.

Цыдæ р æ фсæ рмыхуызæ й загъта уыцы ныхæ стæ, стæ й цыма худæ гау дæ р бакодта.

— Уæ дæ? — дисхуызæ й йæ афарстон æ з.

— Чызг.

— Чызг? — йæ цырыхъхъытæ м зулмæ бакæ сгæ йæ, загътон æ з æ мæ йæ къахæ гау афарстон: — Æ мæ рæ сугъд дæ?

Цырыхъхъытæ сæ мидбынат базмæ лыдысты, стæ й иуварсæ рдæ м азылдысты. Бæ рæ г уыд, цæ уынмæ кæ й хъавыдысты, уый. Æ з тагъдгомау машинæ йы бынæ й рахылдтæ н. Кæ сын, æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, диссаджы нарæ гастæ у чызг тызмæ гæ лхынцъ æ рфгуытимæ, сырх сæ рбæ ттæ н ыл. Йе уæ хсчытыл, стыр ын чи уыд, æ вæ ццæ гæ н, йæ фыды, ахæ м пинджак. Æ нæ дзургæ йæ мæ м кæ сы. Мæ нæ й рох дæ р ма фæ ци, цъыф æ мæ æ лыгæ йдзæ гтæ й зæ ххыл кæ й бадын, уый.

— Ницы дын у! Рæ сугъд дæ, — бахудтæ н æ з. Æ мæ æ цæ гæ йдæ р тынг хæ рзконд уыд. — Æ рмæ ст ма туфлитæ хъуаг дæ, — зæ ххæ й стгæ йæ, хъазгæ йæ, загътон æ з.

Чызг цæ хгæ р фæ зылд æ мæ, фæ стæ мæ дæ р нал ракаст, афтæ мæ й фæ ндагыл тагъдгомау араст.

Цы йыл æ рбамбæ лд? Хæ рам мæ м фæ уыдаид? Мæ хицæ н бынат нал ардтон. Иу рæ стæ г æ й асурыныл дæ р ацархайдтон, фæ лæ фæ стæ мæ раздæ хтæ н. Тагъд-тагъд мæ дзаумæ ттæ амбырд кодтон æ мæ кабинæ мæ батæ ррæ тт ластон. Машинæ та сдыууæ рдæ м: размæ, фæ стæ мæ, размæ, фæ стæ мæ... Мæ сæ ры уыдис æ рмæ стдæ р иу хъуыды: тагъддæ р æ й баййафон. Мотор йæ уды быцъынæ г тыдта, машинæ æ мризæ джы рызти, куы-иу иуæ рдæ м фæ цудыдта, куы — иннæ рдæ м, фæ лæ марадз-зæ гъай, кæ д размæ иу къахдзæ ф дæ р ацыди. Чызг та дардæ й-дарддæ р кодта. Кæ мæ дзурыс, зæ гъгæ, мæ исчи куы бафарстаид, уæ д ын дзуапп нæ раттаин, фæ лæ уæ ддæ р, машинæ йы уынæ рыл фæ уæ лахиз уæ вынмæ тырнгæ йæ, мæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодтон:

— Ауадз мæ! Ауадз мæ дын зæ гъын, хъусыс?

Мæ тых, мæ бонæ й акселератор нылхъывтон æ мæ дын машинæ сабыргай куы араст уаид. Мæ цинæ н ма кæ рон кæ м уыд. Лæ гъзмæ куы рахызтæ н, уæ д къухмæ рзæ нæ й мæ цæ сгомы хид асæ рфтон, мæ дзыккутæ афастон. Чызджы цур фæ урæ дтон.

— Табуафси, — сдзырдтон æ з, кабинæ мæ мæ къухæ й ацамонгæ йæ.

Чызг йæ цыд фæ сындæ гдæ р кодта, фæ лæ уæ ддæ р нæ лæ ууы. Мæ æ рдæ боны ныфсæ й ницыуал аззад: æ виппайды æ рбадæ лдзæ х. Ногæ й та йæ баййæ фтон. Ацы хатт дзы хатыр ракуырдтон æ мæ йæ м лæ гъстæ гæ нæ гау сдзырдтон:

— Цæ й, ма мæ м мæ сты кæ н! Æ з афтæ æ нæ уи загътон... Сбад!

Чызг мын ницы дзуапп радта.

Æ з йæ разæ й фæ дæ н. Машинæ фæ ндагыл цæ хгæ рмæ æ рæ вæ рдтон. Кабинæ йæ æ ргæ пп ластон, рахизварсæ рдæ м бауадтæ н, дуар байтыгътон æ мæ мæ къух йæ хæ цæ ныл ауыгъдæ й баззад. Чызг тарстхуызæ й мæ цурмæ æ рбахæ ццæ. Цыма мын йæ цæ стæ нгасæ й афтæ зæ гъынмæ хъавыд: иу ран мæ нал ныууадздзынæ? Æ з æ нæ дзургæ йæ æ нхъæ лмæ кастæ н. Тæ ригъæ д мын фæ кодта æ ви æ ндæ р истæ й тыххæ й уыд — нæ зонын, фæ лæ, йæ сæ р батилгæ йæ, æ нæ ныхасæ й кабинæ йы сбадти.

Араст стæ м.

Ныхас цæ мæ й райдайон, уый нæ зыдтон. Чызджытимæ дзурын мын амонын бæ ргæ нæ хъуыд, иу æ мæ дыууæ хатты куынæ базонгæ дæ н семæ, æ цæ г мыл ацы ран цыдæ р пъæ ззы ныббадт. Цымæ цæ мæ н? Руль здухын, чызгмæ аивæ й бакæ сын. Йæ фæ сонтыл æ ркалдысты сау-сауид аив быд дзыккутæ. Йæ пинджак йе уæ хскæ й æ рхауынмæ хъавы, фæ лæ йыл йæ рæ мбыныкъæ дзæ й æ нгом хæ цы. Цæ мæ й мæ ныл ма андзæ ва, уый тыххæ й чысыл æ ддæ дæ р абадт. Кæ д йæ цæ стытæ тызмæ гхуыз дары, уæ ддæ р бæ рæ г у, хæ ларзæ рдæ кæ й у. Йæ ных æ рбанцъылдтæ кæ ныныл архайы, фæ лæ йын дзы ницы уайы. Æ ппынфæ стаг мæ м йæ хæ дæ г дæ р хъавгæ æ рбакаст. Нæ цæ стæ нгастæ баиу сты. Йæ мидбылты бахудт. Æ з фæ ныфсджындæ р дæ н æ мæ сдзырдтон:

— Машинæ йы цур цæ мæ ’рлæ ууыдтæ?

— Феххуыс кæ нынмæ дын хъавыдтæ н, — дзуапп радта чызг.

— Феххуыс кæ нынмæ? — ныххудтæ н æ з. — Æ цæ гæ йдæ р мын феххуыс кодтай. Ды куынæ уыдаис, уæ д суанг изæ рмæ уым баззадаин... Æ дзухдæ р ацы фæ ндагыл фæ цæ уыс?

— О. Æ з фермæ йы кусын.

— Уый хорз у! — сцин кодтон æ з, фæ лæ уайтагъд мæ ныхас æ ндæ рæ рдæ м аздæ хтон. — Фæ ндаг хорз у! — Уыцы рæ стæ г машинæ цыдæ р къуыппытыл бауад æ мæ хæ рдмæ фесхъиудтам. Ноджы не уæ хсчытæ кæ рæ дзиуыл андзæ вдысты æ мæ мæ хинымæ р ныккæ рзыдтон. Фыр æ фсæ рмæ й асырх дæ н, мæ цæ стытæ цы фæ кодтаин, уый нал зыдтон. Уымæ н та худæ джы хос фæ ци. Æ рæ джиау æ з дæ р мæ хи нал баурæ дтон æ мæ ныххудтæ н.

— Афтæ мæ й та мæ колхозмæ цæ уын нæ фæ ндыд, — сдзырдтон худгæ -худын æ з. — Фæ ндагыл ахæ м æ ххуысгæ нæ гыл сæ мбæ лдзынæ н, уый куы зыдтаин, уæ д ма диспетчеримæ сбыцæ у уыдаин... Гъер дæ у зондæ й бафæ рс, Илас... — мæ хи æ фхæ рынмæ фæ дæ н. — Уый мæ н афтæ хонынц, — бамбарын кодтон æ з.

— Мæ н та Асель...

Хъæ умæ æ рбаввахс стæ м. Фæ ндаг фæ лæ гъздæ р. Дымгæ машинæ йы рудзынгæ й мидæ мæ лæ бурдта. Аселы сæ рбæ ттæ н фæ цæ йхаста, йæ дзыккутæ спыхцыл сты. Æ нæ дзургæ йæ цыдыстæ м, фæ лæ дыууæ йæ дæ р афтæ хъуыды кодтам, цыма ныл стыр хорздзинад æ рцыд. Диссаг у, æ вæ дза. Сахаты размæ дæ р ма зонгæ нæ ма уыдыстæ м. Ныр мæ нæ фæ рсæ й-фæ рстæ м бадæ м, нæ рæ мбыныкъæ дзтæ зына-нæ зына кæ рæ дзиуыл æ мбæ лынц, афтæ мæ й, æ мæ мæ хъуыдытæ баст сты æ рмæ стдæ р ме ’мбæ лццонимæ... Асельмæ цавæ р фæ ндтæ уыд, уымæ н ницы зыдтон, фæ лæ йæ цæ стытæ худтысты... Афтæ цу æ мæ цу, цæ мæ й дзы æ ппындæ р макуыуал фæ хицæ н уай. Фæ лæ уæ дмæ машинæ хъæ уы уынгты сивгъуыдта. Асель æ виппайды тарстхуызæ й сдзырдта:

— Бауром, æ з ахизон!

Æ з фæ урæ дтон.

— Ам цæ рыс?

— Нæ, — цæ мæ дæ р гæ сгæ стыхст, — фæ лæ уæ ддæ р ам хизын, — сдзырдта сагъæ схуызæ й.

— Цæ мæ н? Æ з дæ уæ тæ ккæ хæ дзары дуармæ баласдзынæ н, — сдзурын æ й нал бауагътон æ з æ мæ дарддæ р ацыдтæ н.

— Ам æ рлæ уу, — лæ гъстæ гæ нæ гау сдзырдта Асель. — Бузныг!

— Табуафси! — Æ вæ ндонхуызæ й сдзырдтон æ з æ мæ хъазгæ мхасæ н афарстон: — Мæ машинæ ма райсом дæ р уым куы ныссæ дза, уæ д ма мын феххуыс кæ ндзынæ?

Чызгæ н дзуапп раттыны фадат нал фæ ци. Кулдуар фегом, æ мæ уынгмæ тыхстхуызæ й рауад ацæ ргæ сылгоймаг.

— Асель! — фæ дзырдта йæ м ус. — Кæ м дæ абондæ ргъы, хуыцауы фыдæ х дæ уа! Тагъд дæ дзаумæ ттæ ивгæ, усгуртæ æ рбацыдысты! — бафтыдта ма йæ ныхасмæ сылгоймаг ныллæ гдæ р хъæ лæ сыуагæ й, йæ дзых йæ армытъæ пæ нæ й амбæ рзгæ йæ.

Асель фефсæ рмы. Йæ пинджак йе уæ хскæ й æ рцæ йхауд, йæ фæ сонтыл æ й ацахста æ мæ йæ мады фæ стæ араст. Тæ ккæ кулдуары цур ма фæ стæ мæ ракаст, фæ лæ уайтæ ккæ кулдуар йæ фæ дыл ахгæ дта. Æ з нырма ныр фæ хъуыды кодтон бæ хдоны цалдæ р саргъы бæ хы. Сæ хид калд. Дардæ й кæ й æ рцыдысты, уый бæ рæ г уыд. Æ з рулы сæ рмæ мæ хи сивæ зтон æ мæ æ лыгæ й сæ рст быруйы сæ рты бакастæ н. Кæ рты бæ рæ гастæ у сылгоймæ гтæ аджы уæ лхъус цыдæ ртæ архайдтой. Дынджыр æ рхуы цайфыцæ ны тæ ф калд. Дыууæ лæ джы мæ нгагъуысты дæ лбазыр фыс кусарт кодтой. Иууылдæ р зæ рдиагæ й архайдтой, цæ мæ й минæ вæ рттæ хъæ стагæ й мацæ мæ й баззайой, ууыл. Ме уæ нгтæ куыннæ æ рызгъæ лдаиккой. Æ ндæ р гæ нæ н мын нал уыд, æ мæ мæ машинæ æ вдæ лон кæ нынмæ ацыдтæ н.

Хурныгуылды агъоммæ базæ мæ æ рбаздæ хтæ н. Мæ машинæ ныхсадтон æ мæ йæ гаражы сæ вæ рдтон. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ хинымæ р тыхстæ н. Абоны цаутæ мæ зæ рдæ мæ афтæ тынг цæ мæ н айстон, уый мæ хæ дæ г дæ р нæ ма æ мбæ рстон. Фæ стæ мæ здæ хгæ йæ, мæ хиуыл уайдзæ фтæ й ралæ ууыдтæ н: «Цы дæ хъæ уы? Æ ви бынтондæ р дæ сæ ры зонд фæ цыд? Цы дын бавæ ййы? Дæ уарзон у æ ви дæ хо? Æ нæ нхъæ лæ джы йыл фæ ндагыл амбæ лдтæ, сæ хæ дзары дуармæ йæ баластай. Дæ умæ та афтæ фæ каст, цыма йын дæ зæ рдæ йы уаг райхæ лдтай. Чи зоны, уымæ дæ кой уæ вгæ дæ р нæ й. Æ хсызгон æ й хъæ уыс! Уымæ н йæ мойаг цæ ттæ у, ды та йын мурдæ р ничи дæ. Дæ хуызæ н шофыртæ фæ ндагыл цал æ мæ цал ис, уый зоныс?.. Æ ппындæ р æ м ницы бар дарыс. Кæ йдæ р лæ ппу йæ минæ вæ рттæ æ рæ рвыста, хъуыддаг цæ ттæ йыл нымайæ н ис, тагъд чындзæ хсæ в сараздзысты, ды та ма дзы кæ цырдыгæ й дæ хи тъыссыс? Ныууадз дæ митæ! Уый бæ сты дæ машинæ йыл сбад æ мæ размæ скъæ рыныл архай. Уый дын иу æ мæ дыууæ!.. »

Бæ ллæ х уый уыди, æ мæ мæ м мæ ныхæ стæ й иу дæ р нæ бахъардта. Ницы хуызы мын æ нтысы Аселы ферох кæ нын.

Машинæ йы цур мын ницыуал куыст уыд. Æ мдзæ рæ нмæ мæ ацæ уын хъуыд. Уым хъæ лдзæ г у, сырх къуымы дæ хи аирхæ фсынæ н замманай фадæ ттæ, фæ лæ мæ уырдæ м дæ р мæ къах нæ хаста. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м иунæ гæ й аззайын хуыздæ р каст. Æ з дæ р машинæ йы цалхы уæ лбазыр мæ къухтæ й мæ хицæ н нывæ рзæ н ацарæ зтон æ мæ уæ лгоммæ æ рхуыссыдтæ н. Чысыл фалдæ р Джантай йæ машинæ имæ цыдæ ртæ архайдта. Уый дæ р мах шофыртæ й уыд. Иу рæ стæ джы мæ нæ рдæ м ракаст æ мæ, йæ мидбылты бахудгæ йæ, сдзырдта:

— Цæ уыл ныджджих дæ?

— Æ хцайыл сагъæ с мæ уæ лæ мæ скæ сын нал уадзы, — уыцы мæ стыхуызæ й йын дзуапп раттон æ з.

Ме сæ фт дзы уыдтон. Йæ хицæ й чъындыдæ р адæ ймаг зын ссарæ н уыд. Хин, хæ лæ ггæ наг. Иннæ ты хуызæ н æ мдзæ рæ ны дæ р нæ цард. Иу усмæ фатер баххуырста. Ракурынæ й, дам, ын зæ рдæ æ вæ рдта. Уæ вгæ хæ дзары тыххæ й ахæ м цæ уылфæ нды дæ р сразы уыдзæ н.

Æ з иуварс азылдтæ н. Машинæ æ хсæ ны цур нæ лæ ппутæ æ рæ мбырд сты. Иу дзы кабинæ йы сæ рмæ схызт æ мæ даргъ хæ тæ лæ й шофыртыл дон фæ рсыгъта. Сæ худын хъустæ арыдта. Доны уадздзаг афтæ тынг цавта, æ мæ -иу кæ уыл сæ мбæ лд, уый-иу фæ цудыдта. Лæ ппуйы кабинæ йы сæ рæ й æ рисынмæ хъавыдысты, фæ лæ уый худгæ йæ йæ мидбынат кафыд æ мæ -иу дон кæ мæ н йæ фæ сонтæ м фæ царæ зта, кæ мæ н йæ сæ рмæ. Иу заман доны цыхцырæ г хæ рдмæ фæ цыд, æ мæ дзы изæ ры хуры тынтæ арвæ рдын ацарæ зтой. Кæ сын æ мæ лæ ппуты æ хсæ н лæ ууы Кадича, нæ диспетчер. Уый, чи алидза, ахæ м нæ у. Йæ хицæ н аргъ кæ нын зыдта. Дзæ гъæ л хуымæ тæ джы дын йæ химæ сдзурын дæ р никæ й бауагътаид. Йæ цæ стæ нгасæ й дæ р бæ рæ г уыд, хæ стæ г цæ уæ н æ м кæ й нæ й, уый. Ныр дæ р ницæ мæ й фæ тарст, уымæ н æ мæ зыдта, дон бакалынмæ йæ м йæ ныфс кæ й ничи бахæ сдзæ н, уый. Чызг йæ бынаты æ нцад лæ ууыд æ мæ йæ мидбылты худгæ йæ, йæ сæ р фаста. Доны æ рттиваг лыстæ г æ ртæ хтæ йыл хаудысты, фæ лæ шофыртæ м уый æ гъгъæ д нæ каст æ мæ лæ ппуйы ардыдтой, цæ мæ й йæ м доны цыхцырæ г иууылдæ р сараза:

— Йæ гуыффæ мæ йын æ й фæ цараз!

— Дзæ бæ х-ма йæ æ рудай!

— Дæ химæ кæ с, Кадича!

Лæ ппумæ уыцы ныхæ стæ нæ бахъардтой æ мæ доны уадздзагæ й Кадичайы алыварс хъазыд. Æ з уымæ й куы уыдаин, уæ д чызджы сæ рæ й къахмæ донласт фестын кодтаин, æ мæ мын иу ныхас дæ р нæ загътаид. Фæ худтаид æ мæ ууыл ахицæ н уыдаид. Рагæ й нырмæ дæ р Кадичамæ иу миниуæ г фиппайдтон: мæ нмæ æ ндæ р цæ стæ й каст. Суанг ма йæ ныхас дæ р мæ нимæ лæ гъздæ р уыд. Йæ хи абуцтæ кæ ныныл дæ р-иу архайдта. Хъазгæ йæ -иу ын йæ сæ р мæ армытъæ пæ нæ й куы ’рфастон, уæ д ын-иу хуымæ тæ джы æ хсызгон уыд. Арæ х-иу фæ быцæ у стæ м, загъдмæ дæ р нын-иу ахызт. Цыфæ нды рæ дыд уæ вгæ йæ дæ р-иу мæ фæ ндыл кæ й сразы, уый мæ зæ рдæ мæ тынг цыд. Искуы иу хатт-иу æ й киномæ дæ р ахуыдтон. Сæ хæ дзармæ -иу æ й бахæ ццæ кодтон. Æ мдзæ рæ нмæ цæ угæ йæ, мæ фæ ндаг уыдон рæ зты уыд. Диспетчеры кусæ нуаты-иу æ м æ нæ фæ рсгæ йæ смидæ г дæ н. Иннæ тæ й ахæ м бартæ никæ мæ н уыд. Табуафси, цы дæ хъæ уы, уый рудзынгæ й æ рбадзур.

Фæ лæ ныртæ ккæ ууыл нæ уыдтæ н. Уадз æ мæ сæ хи истæ уыл ирхæ фсой.

Кадича йæ дзыккутимæ архайд фæ ци.

— Æ гъгъæ д фæ уæ д, алцæ мæ н дæ р афон ис! — барджын хъæ лæ сæ й загъта Кадича.

— Хъусын, æ мбал диспетчер! — сдзырдта кабинæ йы сæ р лæ ууæ г лæ ппу æ мæ йæ фондз æ нгуылдзы йæ къæ мисæ нмæ фæ царæ зта. Уыцы рæ стæ г æ м иннæ лæ ппутæ фæ цырд сты æ мæ йæ зæ хмæ æ ристой. Бæ стæ худт æ мæ хъæ рæ й байдзаг.

Кадича та гаражмæ æ рбацæ йцыд. Джантайы машинæ йы раз æ рлæ ууыд. Кæ йдæ р цыма агуырдта. Мæ н нæ ма бафиппайдта. Джантай йæ м йæ машинæ йы бынæ й ракаст æ мæ йын йæ зæ рдæ алхæ дта:

— Æ гас цу, бæ сты рæ сугъд!

— А-а... Джантай куы дæ...

Йæ къæ хтæ м ын мæ лæ ты цымыдисæ й каст. Кадича йæ м рамæ сты æ мæ йыл йе уæ хск акъуырдта.

— Цы мæ м ныккастæ æ ви мæ фыццаг хатт уыныс? — æ мæ йын йæ дзабыры фындзæ й йæ роцъо хъавгæ йæ бакъуырдта.

Æ ндæ р исчи йæ м фæ хæ рам уыдаид, Джантаймæ та хъаргæ дæ р нæ бакодта. Нæ, фæ лæ ма ноджы фæ хъæ лдзæ гдæ р, цыма йын йæ роцъойæ н абачындæ уыд, уыйау æ мæ та фæ стæ мæ йæ машинæ йы бынмæ бабырыд.

Уалынмæ Кадича мæ н дæ р ауыдта:

— Замманай бынат ссардтай фæ ллад уадзынæ н, Илас.

— Бумбули гобанæ й фæ лмæ ндæ р!

Хæ стæ гдæ р мæ м æ рбацыд æ мæ сабыргай сдзырдта:

— Диспетчеры уатмæ -ма æ рбауай.

— Хорз.

Кадича ацыд. Æ з сыстадтæ н æ мæ цæ уынмæ рахъавыдтæ н. Уыцы рæ стæ г та Джантай йæ машинæ йы бынæ й ракаст.

— Бæ ззы! — сдзырдта уый æ мæ йæ цæ ст æ рныкъуылдта.

— Дæ уæ н дзы ницы пайда ис! — дзуапп авæ рынмæ йын фæ рæ вдз дæ н æ з.

Æ нхъæ лдтон, смæ сты уыдзæ н æ мæ нын загъдмæ асайдзæ н, зæ гъгæ. Æ з хылтæ й ме сæ фт уынын, фæ лæ Джантайы фæ нæ мыныл нæ бацауæ рстаин. Мæ риуы уыйбæ рц маст æ рæ мбырд, æ мæ мæ хицæ н бынат нал ардтон.

Фæ лæ мæ м Джантай нæ фæ хæ рам.

— Ахæ рынæ й анхъæ лмæ кæ сын хуыздæ р у, — бахъуыр-хъуыр кодта лæ ппу. — Цы уыд, уый федтам, цы уыдзæ н, уый дæ р та фендзыстæ м...

Диспетчеры уаты ничи уыд. Ай диссаг нæ у? Уæ дæ цы фæ уыдаид? Фæ стæ мæ фæ зылдтæ н æ мæ Кадичайы мæ риуæ й скъуырдтон. Уый лæ ууыди дуары ’нцой. Йæ цæ стытæ æ рттывдтытæ калдтой. Йæ хъарм комытæ фæ й мæ цæ сгом ссыгъд. Æ з æ м æ рбахъæ быс кæ нынæ ввонг хæ стæ г бацыдтæ н, фæ лæ æ ппынфæ стаг мæ хиуыл фæ хæ цыдтæ н. Уыцы минут мæ цæ стыты раз февзæ рд Асель æ мæ мæ м афтæ фæ каст, цыма йыл гадзрахатæ й цæ уын.

— Цæ мæ мæ м дзырдтай? — бафарстон æ й æ з нæ вæ ндонхуызæ й.

Кадича æ нæ дзургæ йæ лæ ууыд æ мæ мæ м комкоммæ каст.

— Дæ умæ дзурын! — ногæ й бафарстон æ з. Æ рæ гмæ мын кæ й ницы дзуапп лæ вæ рдта, уый тыххæ й йæ м рамæ сты дæ н.

— Цыдæ р гуымиры дæ абон, — сдзырдта уый тæ ргайхуызæ й. — Æ ви дæ искæ й судзгæ цæ стытæ бацарыдтой?..

Æ з, цы сдзырдтаин, уый нал зыдтон. Цымæ мæ цæ мæ н æ фхæ ры? Стæ й йæ кæ цæ й базыдта?

Уыцы рæ стæ г рудзынг æ рбайгом. Джантайы сæ р дзы æ рбазынд. Йæ цæ сгомыл мидбылты худт хъазыд.

— Табуафси, æ мбал диспетчер! — цыма цыдæ р сусæ гдзинад зоны, уыйау йæ хи даргæ йæ, сдзырдта æ мæ рудзынгæ й цавæ рдæ р гæ ххæ тт æ рбалæ вæ рдта.

Чызг æ м тызмæ гæ й бакаст. Мæ нæ н та мæ стджынæ й загъта:

— Дæ бæ сты путевкæ чи райсдзæ н? Æ ви саргъы бæ хыл хонæ гмæ æ нхъæ лмæ кæ сыс?

Кадича мæ йæ къухæ й иуварс ассыдта æ мæ йе стъолмæ бацыд.

— Айс! — æ рбадардта мæ м путевкæ.

Æ з æ й райстон. Ногæ й та мæ цæ уын хъуыд уыцы колхозмæ. Мæ зæ рдæ æ рбауазал: цы ма дзы кусын, Аселы... Стæ й дзы мæ н йеддæ мæ ничи ис? Иударон мæ цы сарæ зтой?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.