Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Повесть. РАЗНЫХАСЫ БÆСТЫ



 

 

Чингиз Айтматов. Мæ сырхсæ рбæ ттæ нджын рæ сугъд. Повесть.

Уырыссаг æ взагæ й Дзасохты Музаферы тæ лмац.

Рауагъдад «Ир». Орджоникидзе, 1976 аз.

 

 

Чингиз Айтматов

Мæ сырхсæ рбæ ттæ нджын рæ сугъд

Повесть

 

 

РАЗНЫХАСЫ БÆ СТЫ.. 2

ШОФЫРЫ РАНЫХАС.. 5

ФÆ НДÆ ГТЫ МАСТЕРЫ РАНЫХАС.. 35

ФÆ СНЫХАСЫ БÆ СТЫ.. 40

 

РАЗНЫХАСЫ БÆ СТЫ

Газеты хъуыддæ гты фæ дыл Тянь-Шаньмæ арæ х æ фтыдтæ н. Иу уалдзæ г, облæ сты сæ йраг горæ т Нарыны куы уыдтæ н, уæ д мæ м æ нæ нхъæ лæ джы редакцимæ цыдæ р æ хсызгон хъуыддаджы тыххæ й фæ сидтысты. Автостанцæ мæ бæ ргæ батагъд кодтон, фæ лæ автобус нал баййæ фтон: мæ тæ ккæ хæ дразмæ аивгъуыдта. Мæ хинымæ р сагъæ стыл фæ дæ н: иннæ автобусмæ мæ фондз сахаты бæ рц æ нхъæ лмæ кæ сын хъуыд. Мæ сæ рæ н хуыздæ р хос куы ницы ссардтон, уæ д горæ тгæ ронмæ мæ ных сарæ зтон, кæ д стыр соса фæ ндагыл машинæ йыл сæ мбæ лин, зæ гъгæ. Тæ ккæ фæ зилæ ны бензоколонкæ йы цур иу уæ зласæ н машинæ лæ угæ баййæ фтон. Шофыр дзы бензин конд фæ ци æ мæ ма бачы къæ бæ л здыхта. Кабинæ йы рудзынгыл цы бæ рæ ггæ нæ н уыд, уымæ куы фæ комкоммæ дæ н, уæ д бацин кодтон: Рыбачьейы автобазæ йы машинæ разынд. Уырдыгæ й та Фрунземæ дард нал у.

— Тагъд араст уыдзынæ? Дæ хорзæ хæ й, Рыбачьемæ мæ бахæ ццæ кæ н, — æ рхатыдтон шофырмæ.

Уый мæ м йе уæ хсчы сæ рты зулмæ ракаст, стæ й, йæ астæ у сраст кæ нгæ йæ, загъта:

— Мæ бон нæ у, агай[1].

— Фрунземæ мæ м тынг æ хсызгон хъуыддаджы фæ дыл сидынц. Хуыцауæ й курæ гау дæ курын!..

Шофыр мæ м уыцы тыхстхуызæ й æ рбакаст:

— Æ мбарын дæ, агай, фæ лæ мæ м ма фæ хæ рам у. Абон æ ппындæ р никæ й ласын.

Мæ хинымæ р дисы бацыдтæ н, йæ кабинæ йы куы ничи бады, уæ д æ м иу адæ ймаджы сæ вæ рын цас диссаг кæ сы, зæ гъгæ.

— Æ з журналист дæ н. Тынг тагъд кæ нын. Цасфæ нды дæ р дын бафиддзынæ н...

— Хъуыддаг æ хцайыл нæ у, агай! — цæ хгæ р мын мæ ныхас фескъуыдта шофыр æ мæ машинæ йы цалх йæ къахæ й мæ сты цæ ф ныккодта. — Фæ лтау дæ æ ндæ р хатт лæ вар аласдзынæ н. Ныртæ ккæ та... Мæ бон нæ у. Ма мæ м фæ хæ рам у. Рæ хджы не ’ннæ машинæ ты ардæ м хъæ уы æ мæ дзы кæ цыфæ ндыйы дæ р сбаддзынæ, мæ нæ н та хатырæ й фæ уæ д...

«Æ вæ ццæ гæ н æ м фæ ндагыл исчи æ нхъæ лмæ кæ сы», — скарстон мæ хинымæ р.

— Уæ д та мæ гуыффæ йы сæ вæ р...

— Æ мæ цы уæ лдай у?.. Иу хатт ма дæ хатыр курын, агай.

Шофыр йæ сахатмæ æ ркаст æ мæ батагъд кодта.

Ноджы тынгдæ р дисы бацыдтæ н, ме уæ хсчытæ базмæ лын кодтон æ мæ колонкæ йы кусæ г ацæ ргæ уырыссаг зæ ронд усмæ фæ рсæ гау бакастæ н. Уый нæ м æ рдæ бонсарæ й дæ р йæ чысыл рудзынггондæ й æ дзæ мæ й йæ цæ ст дардта æ мæ йæ м ныр куы фæ комкоммæ дæ н, уæ д мын йæ сæ рæ й ацамыдта, ныууадз æ й йæ адыл, зæ гъгæ. Диссаг.

Шофыр кабинæ мæ схызт, бапъироз йæ дзыхы фæ цавта, фæ лæ йæ судзгæ не скодта. Моторы уынæ р райхъуыст. Нырма æ рыгон уыд. Иу-дæ с æ мæ йыл ссæ дз азы цыдаид, гуыбыргомау, бæ рзонд. Мæ зæ рдыл хорз бадардтон йæ нуарджын стыр къухтæ, йæ цæ стыты фæ ллад уæ лтъыфæ лттæ. Машинæ йæ бынатæ й фезмæ лыны агъоммæ лæ ппу йæ армытъæ пæ нæ й йæ цæ сгом æ рсæ рфта, арф ныуулæ фыд æ мæ сагъæ схуызæ й размæ, комы цы фæ ндаг аныгъуылд, уырдæ м акаст.

Машинæ ацыд.

Бензинæ вгæ нæ г сылгоймаг йæ хæ дзаргондæ й рацыд. Зæ рдæ тæ æ вæ рынмæ мын фæ ци:

— Ма тыхс, ныртæ ккæ ды дæ р ацæ удзынæ.

Æ з ницы сдзырдтон.

— Тыхсы, мæ гуырæ г... Йæ хабæ рттæ дардыл дзуринаг сты... Кæ ддæ р ам царди, базæ йы...

Сылгоймаджы ныхæ стæ м мын кæ ронмæ байхъусыны фадат нал фæ ци.

«Победæ » мæ м æ рурæ дта.

Уæ зласæ н машинæ йы æ рæ джиау баййæ фтам, Долоны æ фцæ гмæ ма нæ чысыл хъуыди, афтæ. Мæ лæ ты тагъд æ й скъæ рдта. Тяньшайнаг шофыртæ н сæ ном хъуыстгонд у. Кæ д сæ фæ ндаг зынцæ уæ н къæ дзæ хтыл вæ ййы, уæ ддæ р сæ машинæ тыл цæ ст нæ хæ цы. Ацы лæ ппу та уыдонæ й дæ р диссагдæ р фæ ци. Суанг фæ зилæ нты дæ р нæ сабырдæ р кодта, афтæ мæ й, фæ ндаджы сæ рмæ цы къæ дзæ хтæ æ рзæ бул, уыдоны бынты скъæ рдта, фæ хæ рдгæ нæ ны-иу ссыххуытт ласта, уырдыджы-иу аныгъуылд æ мæ та-иу ногæ й разæ й февзæ рд. Йæ кæ ттаг æ мбæ рзæ н дымгæ мæ йæ гæ ндзæ хтæ цагъта.

«Победæ » та уæ ддæ р «Победæ » у æ мæ йæ æ ййафын райдыдтам. Æ рæ джиау йæ разæ й фестæ м. Æ з фæ стæ мæ ракастæ н. Дисы бацыдтæ н, афтæ тагъд цæ мæ н скъæ рдта, ууыл. Уалынмæ ихæ мхæ ццæ къæ вда ныккалдта. Æ фцæ гыл афтæ арæ х вæ ййы. Къæ вдайы скъуыдтæ æ ндæ хты æ мæ ихы нæ мгуыты æ хсæ н фæ стаг машинæ йы рудзынджы авджы мидæ гæ й ауыдтон фæ лурс хъуынтъыз цæ сгом. Дæ ндæ гты астæ у йæ бапъироз фидар æ лхъывд. Машинæ здахгæ йæ йæ къухтæ рулыл уыцы æ нцонæ й цъыгъгъуытт кодтой. Кабинæ йы дæ р æ мæ гуыффæ йы дæ р ничи бадт.

Нарынæ й æ рбаздæ хыны хæ дфæ стæ мæ куысты фæ дыл арвыстой Киргизийы хуссармæ, Ошы облæ стмæ. Журналистæ н æ ппынæ дзух дæ р рæ стæ г чысыл вæ ййы. Ацы хатт дæ р та мæ къухтæ м æ мхасæ нтæ кодтон. Вагзалмæ æ рбахæ ццæ дæ н, поезды арастмæ ма хæ рзчысыл рæ стæ г куы баззад, уæ д. Афтæ тагъд кодтон, æ мæ купемæ куы бахызтæ н, уæ д ме ’мбæ лццоны æ васт нæ бафиппайдтон. Уый, æ вæ ццæ гæ н, хъуыдыты аныгъуылд æ мæ рудзынгæ й æ ддæ мæ каст. Суанг ма мæ м поезды арасты фæ стæ дæ р йе ’ргом нæ раздæ хта.

Радиойæ лæ вæ рдтой концерт. Хъомузæ й цагътой зындгонд киргизаг мелоди. Уыцы зæ рдæ скъæ ф зæ лтæ м хъусгæ йæ -иу мæ цæ стытыл æ дзухдæ р уади быдираг изæ р... Барæ г иунæ гæ й фæ цæ уы изæ рмилты тыгъд быдыры. Фæ ндаг даргъ у, быдыр та — уæ рæ х. Ахæ м заман бæ лццон йæ хинымæ р хъуыдыты ацæ уы. Суанг ма сабыргай дæ р базары. Йæ зæ рдæ йы сагъæ стыл, йæ бæ ллицтыл. Лæ г иунæ гæ й куы баззайы, йæ алфамбылай сабыр куы вæ ййы, йæ бæ хы цæ фхæ дты хъæ р йеддæ мæ йæ м куы ницы уынæ р фæ хъуысы, уæ д æ м иу æ мæ дыууæ хъуыдыйы æ рцæ уы, мыййаг... Хъисфæ ндыры тæ нтæ зарыдысты ныллæ г хъæ лæ сæ й, мæ нæ зæ ронд донвæ ды æ рттиваг дурты æ хсæ нты дон куыд хъаза, уый хуызæ н. Хъомуз зарыди, тагъд хур обæ утты фæ стæ куыд æ рныгъуылдзæ н, æ рвхуызцъæ х сатæ г æ нæ уынæ рæ й йæ хи зæ хмæ куыд æ рисдзæ н, фæ ндаггæ рон скъæ лдзой æ мæ хæ мыцырихийы рыгæ йдзаг базыртæ сындæ ггай куыд базмæ лдзысты, ууыл. Быдыр хъусдзæ н барæ гмæ, хъырндзæ н ын йæ диссаджы зарæ гæ н...

Раджы, чи зоны, ауылты æ цæ гæ йдæ р фæ цæ йцыди ахæ м барæ г... Æ вæ ццæ гæ н, уæ д дæ р ныртæ ккæ йы хуызæ н зæ рæ хсид æ рвгæ роны æ рцæ йхуыссыд, куыдфæ стæ мæ йæ базыртæ фæ лурс бурбын кæ нын райдыдтой, афтæ мæ й. Хæ хты уæ хсчытыл цы миты хъæ пæ нтæ уыд, уыдон раздæ р зына-нæ зына фæ сырх уыдаиккой, стæ й дзы цыма хъаргæ акодта, уый хуызæ н ахорæ н сындæ ггай æ рбайсæ фтаид...

Рудзынджы æ дде згъордтой дыргъдæ ттæ, сæ нæ фсирдæ ттæ тарбынцъæ х бæ рзонд нартхоры хуымтæ. Ног карст кæ рдæ джы бричкæ æ фсæ нвæ ндагмæ фæ цæ йхæ ццæ кодта. Шлагбаумы цур æ рлæ ууыд. Бричкæ йы бадти гыццыл лæ ппу. Йæ уæ лæ, хурмæ йæ хуыз кæ мæ н сивта, ахæ м майкæ. Йæ фадгуытæ — уæ раджы сæ ртæ й уæ лдæ р тылд. Поездмæ уыцы цымыдисæ й каст. Фырдиссагæ й ма уырдыг дæ р слæ ууыд. Кæ мæ дæ р йæ къух фæ тылдта.

Зарæ джы мыртæ тæ хгæ поезды змæ лдимæ мæ лæ ты дзæ бæ х бадтысты. Бæ хы цæ фхæ дты бæ сты хъуысти вагоны цæ лхыты иугæ ндзон уынæ р. Мæ сыхаг бадти чысыл стъолгонды уæ лхъус, йæ къух йæ роцъомæ саразгæ йæ. Афтæ мæ м каст, цыма йæ хинымæ р уый дæ р уыцы барæ джы зарæ гæ н хъырныдта. Сагъæ сты бын аныгъуылд æ ви йæ бæ ллицты фæ дыл адзæ гъæ л, уый æ дде бакæ сгæ йæ зын рахатæ н уыд, фæ лæ мæ м цæ мæ дæ р гæ сгæ афтæ фæ каст, цыма йын йæ зæ рдæ цыдæ р маст æ ууилы. Сагъæ стæ йыл афтæ æ ртæ фстысты, æ мæ ма суанг ме ’рбацыд дæ р нæ бафиппайдта. Йæ цæ сгом фенын мæ тынг фæ ндыди. Цыма йыл бæ лвырд кæ мдæ р сæ мбæ лдтæ н. Цымæ кæ м? Йæ къухтæ дæ р мын цыдæ р зонгæ сты: хурсыгъд, даргъ домбай æ нгуылдзтимæ.

Æ рæ джиау æ й æ рхъуыды кодтон: айфыццаг мæ йæ машинæ йы чи нæ сæ вæ рдта, уыцы шофыр. Дзæ вгар мын фенцондæ р. Чиныг рафæ лдæ хтон. Кæ ддæ ры хабæ рттæ ма йын йæ зæ рдыл цæ мæ н лæ ууын кодтаин. Хъуамæ йæ æ з рох дæ р фæ уыдаин. Иу æ мæ дыууæ фæ ндаггоныл сæ мбæ лы шофыр?

Алчидæ р нæ йæ хи хъуыдыты аныгъуылд, афтæ мæ й ма иуцасдæ р фæ цыдыстæ м. Талынг кæ нын райдыдта. Ме ’мбæ лццонмæ тамако дымын æ рцыд. Йæ дзыппæ й бапъирозтæ систа. Спичкæ ссудзыны размæ уæ ззау ныуулæ фыд. Йæ сæ рыл схæ цыд, уыцы цымыдисхуызæ й мæ м æ рбакаст æ мæ æ васт фæ сырх. Базыдта мæ.

— Салам, агай! — загъта уый æ мæ къæ мдзæ стыг худт бакодта.

Æ з æ м мæ къух радтон.

— Дардмæ цæ уыс?

— О... дардмæ! — сдзырдта лæ ппу æ мæ тамакойы фæ здæ г сабыргай сулæ фыд, иучысыл фæ хъус, стæ й ма йæ ныхасмæ афтыдта: — Памирмæ.

— Памирмæ? Уæ дæ нæ фæ ндаг иу у. Æ з та Ошмæ цæ уын. Æ вæ ццæ гæ н, баулæ фынмæ? Æ ви æ ндæ р ран кусын райдыдтай?

— Афтæ куыддæ р у... Нæ дымыс?

Дыууæ йæ дæ р тамако ссыгътам æ мæ ныхъхъус стæ м. Стæ й, мæ нмæ гæ сгæ, цæ уыл дзырдтаиккам, уый дæ р нын нал уыд. Ме ’мбæ лццон ногæ й хъуыдыты аныгъуылд. Йæ сæ р ныллæ г æ руагъта. Поезд æ й узæ гау кодта. Фыццаг хатт æ й куы федтон, уæ дæ й нырмæ цыма йæ хуыз тынг аивта, афтæ мæ м фæ каст. Фæ къæ схуырдæ р, йæ цæ сгом — фæ лахс, йæ ныхыл æ ртæ хаххы уыцы уæ ззауæ й æ рæ нцадысты. Дыууæ сау æ рфыджы кæ рæ дзимæ хæ стæ г-хæ стæ г æ рбацыдысты. Æ виппайды ме ’мбæ лццон æ нæ бары бахудт æ мæ бафарста:

— Айфыццаг мæ м, æ вæ ццæ гæ н, тынг фæ хæ рам дæ?

— Кæ д уыди уый, куынæ уал æ й хъуыды кæ нын? — уыцы хабар æ рымысын мæ нæ фæ ндыди. Уымæ н æ мæ зыдтон, æ хсызгон ын нæ уыдаид, уый. Фæ лæ йын йæ цæ сгоммæ куы фæ комкоммæ дæ н, уæ д бамбæ рстон, тынг ыл кæ й фæ смон кæ ны, æ мæ ма мын уый фæ стæ цы æ нæ басæ тгæ уыди: — А-а... Уый ма мæ нæ й рох дæ р фæ ци. Мур дæ р ын нæ у. Хъуыды дæ р æ й ма кæ н. Афтæ дæ р рауайы. Нæ фæ лæ ма дæ зæ рдыл куыд хорз лæ ууы?

— Чи зоны, æ ндæ р хабар мæ ферох уыдаид, фæ лæ уыцы бон...

— Æ мæ цы ’рцыди? Исты фыдбылызы бахаудтæ?

— Мæ гъа, куыд дын æ й зæ гъон, нæ зонын... — сдзырдта лæ ппу æ мæ исдуг ныхъхъус, цыма йæ хинымæ р дзуаппæ н хуыздæ р дзырдтæ агуырдта, уыйау, стæ й йæ хи тыххæ й схудын кодта. — Ныртæ ккæ дæ арвы кæ ронмæ дæ р аласин, фæ лæ йæ дæ хæ дæ г уыныс: æ з дæ р дæ хуызæ н бæ лццон дæ н.

— Хуыцауы хатыр бакæ н æ мæ мын уый тыххæ й иу ныхас дæ р мауал зæ гъ. Бæ х иу фæ дыл мин хатты ацæ уы. Чи зоны, æ мæ та искуы фембæ лæ м...

— Уæ д дæ мæ машинæ мæ тыххæ й дæ р бæ ргæ баласин.

— Бафидыдтам? — ныхас хъазыны ’рдæ м аздæ хтон æ з.

— Хуыцауæ й дын ард хæ рын, кæ й дæ аласдзынæ н, уый тыххæ й, — дзуапп радта уый æ мæ фæ хъæ лдзæ гдæ р.

— Уæ ддæ р мæ айфыццаг цæ уылнæ аластай?

— Цæ уылнæ, зæ гъыс? — сдзырдта ме ’мбæ лццон æ мæ æ васт фенкъард. Дзæ вгар рæ стæ г йæ дзыхæ й ныхас нал схауд. Йæ цæ стытæ дæ лæ мæ æ руагъта, йæ бапъирозæ й зæ рдæ йы фаг дзæ бæ х сулæ фыд æ мæ иуцъусдуг фæ здæ джы аууонæ й нал зынд. Æ рæ джиау ма йæ бæ ргæ фембæ рстон, дзæ гъæ лы йæ кæ й бафарстон, уый æ мæ æ виппайды фегуыппæ г дæ н. Мæ рæ дыд ма куыд сраст кодтаин, уымæ н ницыуал зыдтон. Уый йæ тамако æ ртхутæ гдоны къулыл ахуыссын кодта æ мæ тыххæ йласæ гау сдзырдта:

— Нæ мæ ’вдæ лд... Уыцы рæ стæ г мæ м мæ фырт æ нхъæ лмæ каст...

— Мæ фырт, зæ гъыс? — цымыдисæ й йæ афарстон æ з.

— О, мæ фырт... Хъуыддаг цæ й мидæ г и, уый зоныс? Куыд æ й бамбарынчындæ уа... — фырадæ ргæ й та ног бапъироз ссыгъта, комкоммæ мæ м æ рбакаст, стæ й йæ царды хабæ рттæ дзурын райдыдта.

Гъе афтæ фехъуыстон шофыры ныхас.

Рæ стæ г бирæ уыд — поезд Ошмæ дыууæ боны бæ рц цæ уы. Æ з æ м лæ мбынæ г хъуыстон. Адæ ймаг йæ хи тыххæ й йæ хæ дæ г куы дзура, уæ д уый хорз у. Ивгъуыд нывтæ та йын сног вæ ййынц, хатгай йæ ныхас æ рдæ гыл фескъуыны æ мæ хъуыдыты аныгъуылы. Æ з шофыры, стæ й цы адæ ймæ гтимæ сæ мбæ лд, уыдоны царды хабæ рттæ й иуæ й-иутæ раздæ р базыдтон. Зонгæ та сæ бакодтон, газеты хъуыддæ гты фæ дыл балцы уæ вгæ йæ, фæ лæ уæ ддæ р мæ хиуыл ныххæ цыдтæ н æ мæ йæ ницæ мæ й бакъуылымпы кодтон. Ранæ й-рæ тты йын йæ ныхас фæ бæ лвырддæ р кæ нын мæ бон уыд, фæ лæ мæ хинымæ р скарстон: уый фæ стæ йын зæ гъдзынæ н мæ хъуыдытæ. Фæ стагмæ уый дæ р мæ зæ рдæ мæ нал фæ цыд. Æ мæ цыма раст бакодтон, афтæ мæ м кæ сы. Мæ повесты архайджытæ н ма сæ химæ байхъусут.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.