Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 3 страница



Æ рталынг, афтæ сæ æ ркодтой иу ныллæ г, фæ лæ тынг дардыл зылд агъуыстмæ. Йæ алыварс бæ рзонд æ мбонд æ ртыхст. Заза дызæ рдыг нал кодта, ай сæ сырддонмæ кæ й æ рластой, ууыл. Æ цæ г дæ р афтæ рауад. Уайтагъд сæ къордтæ -къордтæ й клеткæ ты фæ мидæ г кодтой.

«Еныр гъе, Заза, дæ раны дæ. — Цыдæ ргъуызон æ м хатт худæ г фæ кæ сы йæ уавæ р. — Ныр ацы сырддоны хицау куы зонид, йæ сырдтимæ зæ ххон профессор кæ й ис уый, уæ д цинæ й нæ мæ лид. Æ ппæ т маймулитæ рады слæ ууиккой мæ уынынмæ ». — Æ хсæ вы фæ лладæ й кæ рæ дзиуыл ныккалдысты адæ м æ мæ иууылдæ р, мæ рдтау, ныффынæ й сты. Райсомы сырдтæ м зилджытæ, гориллæ тæ æ мæ шимпанзетæ ’рбахастой егъау тæ бæ гъты цыдæ р касгонд. Клеткæ ты сын: сæ бавæ рдтой. Заза ныр нал баурæ дта йе ’ххормаг æ мæ дзы бахордта. Æ цæ г хæ рзад хæ ринаг уыд, кæ д маймулийы арæ зт уыд, уæ ддæ р.

Зазайы нæ ма ферох сты мæ рдтæ. Клеткæ йы æ ддиау сбадт æ мæ йæ хъус дардта, чи зоны, зæ гъ дзы исты бæ рæ г базонин. Æ мæ æ цæ г базыдта. Домбæ йттæ, бирæ гътæ, стайтæ, рувæ стæ, æ рсытæ æ мæ æ ндæ р сырдтæ цы клеткæ ты уыдысты, уыдонмæ æ рбахастой хæ ринаг голлæ гты. Зазайæ н йæ зæ рдæ йы тугтæ ныттагъдысты, голлæ гтæ й исын куы райдыдтой адæ ймаджы къæ хтæ, къухтæ, фæ рсчытæ, уæ д. Иу сыл гориллæ голлагæ й фелвæ ста булкъдаст сæ р æ мæ йæ баппæ рста домбайы клеткæ мæ. Уый йæ йæ раззаг дзæ мбыты ’хсæ н акодта æ мæ райдыдта æ хсынын. Заза базыдта Морисы сæ р. Дæ лгоммæ ныххауд æ мæ, сабийау, райдыдта сусæ г куыд кæ нын.

Заза цалынмæ сырддоны уыд, уæ дмæ йæ м царды тырнындзинад ницæ мæ уал уыд. Хорзæ й ницæ мæ уал æ нхъæ лмæ каст. Бадт клеткæ йы. Исчи-иу сæ м уынæ г куы бацыд, уæ д-иу, иннæ адæ мау, уый дæ р йæ цонг радаргъ кодта канфет, гъе иу бананы кæ рдих райсыны ныфсæ й, фæ лæ йæ уæ ддæ р физиологийы институты директор Базел иу цалдæ р æ ндæ р адæ ймагимæ куы балхæ дта æ мæ сыл ам алыхуызон фæ лварæ нтæ аразын куы байдыдтой, стæ й сæ царды уавæ ртæ дæ р куы фæ хуыздæ р сты, уæ д та йæ м æ рыздæ хт цардбæ ллондзинад. Ам æ й бакодтой хицæ н клеткæ йы иу сылгоймагимæ (уайтагъд ыл ном сæ вæ рдтой Генриеттæ ). Ныр æ й хæ ргæ -хæ рын иу армыдзаг касыл тох кæ нын нал хъуыд уыйбæ рц адæ мимæ. Бахордтой-иу сабыр, стæ й та-иу кæ рæ дзийы ныхъхъæ быс кодтой.

Ам цалдæ р уынды фæ кодта Бароны дæ р ног дзаумæ тты. Бæ рæ г уыд йæ дзырдарæ хсты фæ рцы та ам дæ р кæ й аирвæ зт, фæ лæ уый фæ стæ цы фæ цис? Зæ хмæ аздæ хынæ н æ й хъуыд космикон нау. Уый ахæ мтæ н ницы зоны. Æ ндæ р хъуыддаг у Заза, уый куы асæ рибар уаид исчердæ м ацы клеткæ йæ. Кæ д сæ м заводтæ ис, уæ д ын уырдæ мыты сæ рибарæ й бацæ уыны фадат куы фæ уаид, уæ д бæ ргæ сфæ рæ з кæ нид нау. Æ ппыннæ йæ сæ хи нау æ рцагурид æ мæ уый уæ ддæ р сцалцæ г кæ нид.

Гъе, æ мæ сындæ ггай райдыдта ацы стыр бæ ллицаг хъуыддагмæ фæ ндаг агурын.

IV

Бароны хъуыддаг фæ рæ стмæ, уæ вгæ йæ алыгъуызон æ взæ гтæ ахуыр кæ ныныл афтæ зæ рдиагæ й кæ й куыста, уый йын искуы ахæ м стыр хъуыддаджы рабæ здзæ нис, зæ гъгæ, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зыдта.

Цыбыр рæ стæ гмæ маймулиты æ взагыл гæ зæ мæ ты базыдта дзурын. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фыццаг бонты архайдта йæ хи комкоммæ дæ р иннæ адæ мы хуызæ н дарыныл. Уый та йæ уымæ н хъуыд, цæ мæ й маймулиты зæ рдæ йыуаг сахуыр кодтаид. Алкæ уыл æ ууæ ндыдаид æ мæ æ ндæ р планетæ йæ кæ й у, маймулитæ н сæ хийау æ мбаргæ кæ й у, уый кæ мæ н фæ нды дæ р рахъæ р кодтаид, уый йæ нæ фæ ндыд.

Гъе, æ мæ фæ зынд, кæ й агуырдта, раст ахæ м маймули — сыл шимпанзе. Йæ ном хуынд Гелизæ. Уый ахæ м хæ ларзæ рдæ маймули уыд, йемæ йе сменæ йы рæ стæ джы иунæ г адæ ймаджы дæ р никуы бахъыгдардта. Фæ лварæ нтæ аразыны рæ стæ джы тынг зæ рдиагæ й архайдта адæ мæ й искæ мæ чысыл исты æ нкъарынад уæ ддæ р рахатыныл. Æ мæ -иу уый йæ къухы куы бафтыд, уæ д-иу, сывæ ллонау, цин кодта. Тынг арæ х худт, фæ лварæ нтæ кæ уыл арæ зта, уыдонмæ йæ мидбылты. Барон уын размæ дæ р ахуыр кодта Нагъуæ йы мидбылты худын, кæ уын, исты æ нæ нхъæ лæ джы уынæ рæ й фестъæ лфын æ мæ æ ндæ р ахæ мтыл. Ныр иугæ р Гелизæ йы бæ ллиц фæ хатыдта, уæ д фæ тынгдæ р кодта йæ куыст Нагъуæ имæ (иу клеткæ йы уыдысты сæ дыууæ ). Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, куыста сусæ гæ й. Æ мæ йæ къухы æ фтын байдыдта. Нагъуæ мæ -иу йæ мидбылты куы бахудт, уæ д-иу йæ цæ сгомыл мидбылхудт, хуры тынтау, атылд. Йæ цæ стытæ -иу уыцы цинæ нгас цæ хæ р акалдтой. Ахæ м рæ стæ джы-иу йæ хи нал баурæ дта Барон æ мæ -иу ын райдыдта пъатæ æ мæ хъæ быстæ кæ нын.

Иу бон та уыд Гелизæ йы рад, Нагъуæ æ мæ Бароны бакæ нын кодта фæ лварæ нтæ аразæ н хатæ нмæ. Иннæ зонадон кусджытæ й-иу исчи ахæ м фæ лварæ нтæ куы арæ зта, уæ д йæ цуры хъуамæ лæ ууыдаиккой хъахъхъæ нæ г нæ л шимпанзетæ, сæ бырынчъыты цыргъ æ фсæ йнæ гтæ къуырд кæ мæ н уыд, ахæ м лæ дзджытимæ. Чысыл ницæ й тыххæ й дæ р уыдонæ й рæ хойын кодтой адæ мы.

Гелизæ -иу алыхатт дæ р æ ддæ мæ рарвыста уыцы шимпанзеты.

Ныр дæ р та бакодта афтæ. Барон æ мæ Нагъуæ куыддæ р къæ сæ рæ й бахызтысты, афтæ сыстад. Дуар сæ хгæ дта. Къуыммæ бацыд. Йæ урс халаты дзыппæ й систа рæ гъæ д банан æ мæ сæ м æ й бадардта. Барон лæ ууы æ нцад. Нагъуæ фыццаг Баронмæ бакаст, стæ й бананмæ. Уый фæ хатгæ йæ Гелизæ йæ мидбылты бахудт Нагъуæ мæ æ мæ йæ м банан хæ стæ гдæ р бахаста. Нагъуæ йæ н, æ вæ ццæ гæ н, æ хсызгон уыд уыцы рæ вдаугæ мидбыл худт. Уый дæ р бахудт, куыд зыдта, ахæ м зæ рдиагæ й æ мæ райста банан. Уый фенгæ йæ Гелизæ фыццаг фæ джихау. Æ вæ ццæ гæ н нæ баууæ ндыд, цы федта, ууыл æ мæ ма йæ ноджы иу хатт сфæ лхатт кодта. Уæ ддæ р та куы бахудт Нагъуæ, уæ д æ й Гелизæ фыр цинæ й ныхъхъæ быс кодта æ мæ йын райдыдта йæ цъупп былтæ й пъатæ кæ нын.

Барон сфæ нд кодта, цы фæ нды уа, уæ ддæ р абон йæ хъуыддаг Гелизæ йæ н раргом кæ нын. Нагъуæ йыл цинтæ гонд куы фæ цис Гелизæ, уæ д æ м Барон хæ стæ гдæ р балæ ууыд æ мæ арæ хстгай сдзырдта маймулийы æ взагыл.

— Дис мæ м кæ сы, Гелизæ, иннæ маймулиты хъауджыдæ р ацы æ намонд адæ мыл афтæ кæ й тыхсыс, уый.

Гелизæ йы дзæ мбыйæ фыссæ н сис æ рхауд, йæ тыппыр цæ стытæ фæ ирд сты. Ризгæ хъæ лæ сæ й сдзырдта.

— Ды... ды мæ м æ цæ г дзурыс, æ ви мæ мæ хъустæ сайынц?

— Нæ, — йæ мидбылты бахудт Барон. — Цæ мæ н дæ сайынц дæ хъустæ?

— Дуне скæ нæ г! Мæ нæ цы уынын? — йæ бадæ нæ й сындæ г йæ хи систа тарстгъуызæ й. Зыны йыл, чысыл исты, уæ д фæ дисы хъæ р кæ нын кæ й райдайдзæ н.

— Дæ хорзæ хæ й, Гелизæ, тæ рсгæ мæ ма кæ н, уыдзæ н рæ стæ г æ мæ дын æ ппæ т дæ р радзурдзынæ н. — Йе ’рсабыркæ ныныл архайы Барон.

— Нæ, нæ. Йе ныр мацы дзур. Куыддæ р мæ зонд схæ ццæ. Фæ лтау æ ндæ р хатт. — Йæ фыссæ нтæ афснайдта лагъзы. Чысыл ма алæ ууыд. Æ вæ ццæ гæ н цæ мæ й йæ хуыз йæ химæ æ рцæ уа, уый тыххæ й, стæ й хъахъхъæ нджытæ м фæ дзырдта. Куы сæ кодтой, уæ ддæ р ма Барон аивæ й иу каст фæ кодта Гелизæ мæ æ мæ йын лæ гъзтæ гъуыз мидбылхудтæ й бамбарын кодта, зæ гъгæ, дæ м æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н, ныр та уал дæ дзыхыл хæ ц.

Иу бон залмæ æ рбацыдысты, Базел кæ й хуыдтой, уыцы тызмæ г орангутанг, Гелизæ æ мæ ма иу нæ л шимпанзе. Дыууæ шимпанзейы Барониты клеткæ йы ’рдæ м амонгæ йæ цыдæ р дзурынц орангутангæ н. Уый йæ хи куыд сæ рæ стыр дардта, уымæ й æ нцон рахатæ н уыд, ацы зонадон уагдоны хистæ р уый кæ й у. Бирæ фæ дзурыны фæ стæ, Базел разыйы нысанæ н йæ дзæ мбы ауыгъта æ мæ ацыд. Гелизæ йæ н йæ цæ сгомыл цыдæ р цинæ нгас ахъазыд. Кæ дæ мдæ р ма ауад. Чысыл фæ стæ дæ р æ рбаздæ хт. Йæ къухы уыд бæ ндæ н. Барониты клеткæ йы дуар бакодтой. Бæ ндæ ны иу кæ рон бафтыдтай Бароны ’фцæ джы, иннæ йы та Нагъуæ йы ’фцæ джы.

— Гелизæ, дæ хорзæ хæ й, æ взæ р фæ нд мацы æ рымысут? — тарстхуызæ й афарста Барон.

— Тæ рсгæ ма кæ н. Ды загътай, зæ гъгæ, уыдзæ н рæ стæ г æ мæ дын æ ппæ т дæ р радзурдзынæ н. Гъе, æ мæ мæ нæ æ рцыд уыцы рæ стæ г. — Барон нæ л шимпанземæ дызæ рдыджы каст куы кодта, уæ д ма Гелизæ йæ ныхасмæ бафтыдта.

— Ме ’фсымæ р у. Профессор. Тæ рсгæ дзы ма кæ н.

— Иттæ г æ хсызгон мын у, — фæ цырд Барон æ мæ йæ м йæ къух бадардта: — Барон.

— Ширмæ, — загъта маймули дæ р йæ ном. Маймулитæ сæ, æ фсондзы ифтыгъд галтау, сæ рбосæ й кæ й кæ нынц, уый зын уыд Баронæ н, фæ лæ быхста.

Бацыдысты иу чысыл хъæ дмæ. Ширмæ итæ йæ хуыдтой парк. Барон æ нхъæ лдта, зæ гъгæ, парчы бæ лæ сты бын бадæ нтæ куыд нæ уыдзæ н. Цæ стæ нгасæ й агургæ дæ р кодта, фæ лæ дзæ гъæ лы. Алы ран бæ лæ сты цæ нгтыл бадынц маймулитæ. Чи газет кæ сы, чи чиныг, чи та æ нæ уи улæ фы. Ширмæ итæ иу бæ ласы бындзæ фхадыл æ рбастой Барониты, сæ хæ дæ г сгæ ппытæ кодтой æ мæ къалиутыл биноныг æ рбадтысты.

— Дзур йе ныр, — загъта Гелизæ. — Æ рмæ ст æ ппæ т дæ р раст. — Барон лыстæ ггай фæ дзырдта зæ ххыл цы цард ис, уый тыххæ й, стæ й ардæ м куыд æ рбахауд, уыдæ тты тыххæ й дæ р, Шимпанзетæ йæ м хъусынц. Сæ дис æ мæ сæ цинæ н кæ рон нæ арынц.

Барон не ’мбары, йæ ног хæ лæ рттæ — шимпанзеты цин цæ уыл у, уый. Исты йын хинæ йдзæ г хъуыддаг аразынмæ ’рхъавыдысты, мыййаг? Æ мæ ахæ м хæ лар цæ стæ нгæ сты фæ стæ уыйбæ рц хæ рам зæ рдæ куыд æ мбæ хсдзæ нис?

Ацы хъуыддаг нæ хицæ н кодта йæ сæ рæ й клеткæ йы уæ вгæ йæ дæ р. Ноджы цæ йдæ р зонадон советы кой кодтой Ширмæ итæ. Цыдæ р фарст ын цыма йæ разы æ рывæ рынмæ хъавыдысты. Хæ йрæ г сæ базонæ д, Хатт адæ ймæ гты хъуыды дæ р зын рафæ лгъауæ н вæ ййы цæ стæ нгас æ мæ иугай дæ лгоммæ дзырдтæ й, стæ й маймулитæ н чи цы бамбардзæ нис?

Иу бон та йæ Гелизæ фæ лварæ нтæ аразæ н хатæ нмæ куы бакодта, уæ д æ м, рагон хæ ларау, æ хсызгон худт бакодта. Йæ къух ын райста æ мæ сдзырдта.

— Арфæ дын кæ нын, дæ хъуыддаг рæ стмæ кæ й ацыдис, уый тыххæ й.

— Куы нæ дæ æ мбарын? — Дызæ рдыджы каст æ м кæ ны Барон.

— Ме ’фсымæ р Ширмæ Æ нгæ сы уæ лдæ р зонадон советы уæ нг у. Советы раз æ рæ вæ рдта фарст дæ у клеткæ йæ ссæ рибар кæ нын æ мæ дæ зонады фарстытæ скъуыддзаг кæ ныны хъуыддаджы спайда кæ ныны тыххæ й.

— Æ мæ дзы стæ й цы рауадис? — Йæ зæ рдæ фырцин æ мæ тасæ й сгуыпп-гуыпп кодта.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Æ нгæ сы царды дæ ргъвæ тин æ мæ хъæ зныг истори кæ й нæ ма зоны, ахæ м хъуыддагыл маймулиты ахуыргæ ндты баууæ ндын кæ нын æ нцон нæ уыд. Фæ лæ уæ ддæ р сразы сты иу хъуыддагыл: рæ хджы уыдзæ н зонадон стыр æ мбырд. Уым хъуамæ раныхас кæ най ды. Кæ д дæ ныхæ стæ н зонадимæ исты иудзинад уа æ мæ фæ цæ уой зонадон советы уæ нгты зæ рдæ мæ, уæ д гæ нæ н ис æ мæ ссæ рибар уай клеткæ йæ...

Мыййаг, ын æ й æ нæ гъдау мийыл куы банымайа Гелизæ, æ ндæ ра йын йæ фыдуынд хæ мхудтæ дæ р нал бафаудтаид æ мæ йыл нытыхстаид, райдыдтаид ын пъатæ кæ нын йæ лæ гъзхъуын уадултæ н.

— Уæ ддæ р сæ йрагæ й дзырд цæ уыл цæ удзæ нис уыцы æ мбырды? — Йе ’муд куы ’рцыдис, уæ д æ й бафарста.

— Сæ йраг фарст уыдзæ н маймулиты равзæ рды тыххæ й. Сымахмæ, ды куыд дзурыс, афтæ мæ й, маймулитæ нæ, фæ лæ кæ д адæ м сты зондджын æ мæ размæ дзыд, уæ д сын хъуамæ ахуыргæ ндтæ кусиккой сæ равзæ рды историйыл...

— Махмæ алы скъолайы кары саби дæ р зоны, адæ м маймулитæ й кæ й равзæ рдысты æ мæ маймулитæ адæ мы рагон фыдæ лтæ кæ й сты.

— Уæ дæ махмæ маймулиты равзæ рды тыххæ й ис цалдæ р цæ стæ нгасы. Орангутангтæ, сæ сæ ргъы лæ ууæ г ацы институты ректор, зонæ дты академийы вице-президент Базел, нымайынц, зæ гъгæ, маймулитæ н сæ равзæ рдмæ гæ сгæ адæ мимæ ницы иудзинад ис. Æ ндæ р цæ стæ нгасыл хæ ст сты, шимпанзетæ æ мæ гориллæ тæ й цы стæ м ахуыргæ ндтæ ис, уыдон. Уыдон зæ гъынц, зæ гъгæ, маймулитæ равзæ рдысты адæ мæ й. Фæ стæ дæ р фæ зынд æ ндæ р цæ стæ нгас. Уый автор у ме ’фсымæ р профессор Ширмæ. Ис ын æ рмæ ст иу фарсхæ цæ г. Уый та у йæ хо, биологион зонæ дты кандидат Гелизæ. — Æ фсæ рмы худт бакодта Гелизæ.

— Æ мæ цавæ р цæ стæ нгас у уый та? — бацымыдис кодта Барон.

— Мах иу зонадон-археологон экспедицийы рæ стæ джы ссардтам тынг рагон горæ ты хæ лддзаг. Бирæ дзы уыд цыргъагæ й, стæ й æ хсæ нгарзæ й алы рæ тты цæ фтæ стæ гдартæ. Уый нысан кæ ны æ мæ ацы горæ т сæ фтмæ хæ сты фæ стиуæ гæ н кæ й æ рцыд. Уыйбæ рц бирæ мæ рдты ’хсæ н иу дæ р нæ разынд маймулиты стæ гдар. Бирæ дзы уыд маймулиты царды истори кæ й нæ зоны, ахæ м хæ цæ нгæ рзтæ æ мæ хæ дзарон мигæ нæ нтæ. Уый ууыл дзуры, æ мæ Æ нгæ сы уæ ды æ мбаргæ æ мæ размæ дзыд цардæ нгæ стæ уыдысты адæ м. Орангутангтæ ацы фарсты ской кæ нын дæ р нæ уадзынц. Ныр дæ ныхас уыцы стыр æ мбырды стыр ахъаз хъуамæ фæ уа æ з æ мæ Ширмæ йы цæ стæ нгас зонадон æ гъдауæ й бæ стондæ р бафидар кæ нынæ н.

Гелизæ йæ сахатмæ æ ркаст. Æ гæ р бирæ рæ стæ г кæ й бахарз кодта адонимæ, уый фæ хатыдта æ мæ батагъд кодта сæ арвитыныл, цæ мæ й йыл мачи мацы фæ дызæ рдыг уа, ома мачи зæ гъа, зæ гъгæ, æ мбырды цытæ хъуамæ дзура, уыдон ын амоны.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы æ мбырды раныхас кæ ныны фаг хорз нæ ма зоны Барон маймулиты æ взаг, фæ лæ йæ уый афтæ тынг нæ тыхсын кæ ны. Гелизæ йын баныфс æ вæ рдта кæ сын æ мæ фыссын бацамонынæ й.

— Нырма афтæ тагъд нæ уыдзæ н уыцы æ мбырд, — дзырдта йын иу бон. — Кæ сын æ мæ фыссын куы базонай, уæ д дын æ рбахæ сдзынæ н алыгъуызон дзырдуæ ттæ. Мæ рад куы уа, уæ д-иу баддзынæ ам æ мæ иумæ ахуыр кæ ндзыстæ м æ взаг.

Ныр ма йæ тыхсын кодта, æ рмæ ст уыцы стыр ахуыргонд маймулиты размæ бæ гънæ гæ й куыд рацæ удзæ н, уыцы хъуыддаг. Æ мæ Ширмæ йæ н куы ской кодта, уæ д уый дæ р исдуг фæ джихау.

— Адæ ймаг дзаумæ тты мидæ г. — Йæ хицæ н дзурæ гау сыбар-сыбур кæ ны. — Уый стыр диссаг уыдзæ нис.

— Мæ нмæ гæ сгæ уым диссагæ й ницы ис. Сымах... — «Сымах гæ лиртæ уæ нгтыл хуыд дзаумæ ттæ мæ рæ хснаг уæ нгтыл не сфидаудзысты», зæ гъгæ хъуамæ загътаид, фæ лæ уымæ й Ширмæ йы кæ й бафхæ рдзæ н, уый фæ хъуыды кодта æ мæ фæ зылдта йæ ныхас, — сымах рæ сугъд уæ нгтыл хуыд дзаумæ ттæ мæ фыдуынд уæ нгтыл не сбаддзысты, фæ лæ мæ бакæ н дзæ бæ х хуыйæ гмæ. Æ з ын амондзынæ н, адæ ймаджы дзаумæ ттæ куыд хуыйын хъæ уы, уый.

Фæ стагмæ йæ химæ дæ р куыддæ р аив нал фæ каст Ширмæ йæ н бæ гънæ г лæ джы зонадон стыр æ мбырды размæ ракæ нын, æ мæ сразы Баронимæ...

Зонадон æ мбырдтæ уадзынæ н уыд сæ рмагонд галуан. Æ ддейæ бакæ сгæ йæ ницы уадиссаг цæ сты ахадгæ уыд, фæ лæ мидæ гæ й йæ рæ сугъддзинæ дтæ æ ххæ стæ й фенынæ н иу къуыри дæ р не сфаг уыдаид Баронæ н. Залы бандæ тты бæ сты уыд ставд бындзæ фхадджын ныллæ г, пæ лæ хсар бæ лæ стæ. Рæ стæ г кæ д зымæ г уыд (æ ниу планетæ Æ нгæ сыл мит нæ уары. Æ рмæ ст сур уазал цы фæ вæ ййы, уый йеддæ мæ ), уæ ддæ р ацы бæ лæ стæ уыдысты дидинæ фтыд. Сæ къалиутыл бадтысты бæ стæ ппæ т маймулитæ. Къæ лæ тджын бандæ ттæ дзы уыд æ рмæ ст иу аив фæ лыст къуымы. Уым æ ндæ р маймулитимæ бадтысты Ширмæ æ мæ Базел. Уымæ й Барон базыдта, уыдон зонадон советы уæ нгтæ кæ й уыдзысты.

Сæ рдариуæ ггæ нæ г стæ вдтæ фыдуынд конд гориллæ кафедрæ мæ бацыд. Микрофонмæ йæ хæ мхудтæ хæ стæ г бакодта æ мæ хъæ рæ й райдыдта дзурын:

— Зынаргъ æ мбæ лттæ, Æ нгæ сы зонады цытджын минæ вæ рттæ! Ныртæ ккæ уæ разы ныхас кæ ндзæ нис адæ ймаг. Зонады ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæ цæ й цæ уынц, уыцы кафедрæ йæ адæ ймаджы фыдуынд хъæ лæ с кæ й хъуысдзæ н, уый тынг аив нæ у, чи зоны, фæ лæ æ ппæ т дæ р хъысмæ тæ й аразгæ у æ мæ быхсут.

Баронмæ фыны хуызæ н кæ сы, æ ппæ т йæ алыварс цы цæ уы, уый. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, зæ ххыл ма куы цард, уæ д сырддонты цы маймулитæ федта, уыдон. Ныххудынмæ дæ р æ й бирæ нал хъуыд, фæ лæ йæ м уæ дмæ сæ рдариуæ ггæ нæ г гориллæ баздæ хт.

— Нæ л адæ ймаг, мæ нæ уый хуыйны микрофон. Уырдæ м куы дзурай, уæ д дæ ацы залы уæ вæ г маймулитæ иууылдæ р хъусдзысты. — Йæ хæ дæ г иуварс азылд.

... Куыд æ нхъæ л нæ уыд, афтæ аив рауад йæ ныхас Баронæ н. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу бакаст Ширмæ мæ. Кæ д-иу йæ цæ стæ нгас райдзаст уыд, уæ д зыдта хорз кæ й дзуры, уый æ мæ та-иу ноджы зæ рдиагдæ рæ й райдыдта.

Куы фæ цис ныхас, уæ д æ й æ ндæ р хатæ нмæ арвыстой. Уым ын йæ дзаумæ ттæ раластой æ мæ йæ акодтой йæ клеткæ мæ. Куыд фæ каст йæ ныхас æ мбырды уæ вджытæ м æ мæ йын цы тæ рхон рахæ сдзысты, уый нæ зоны, фæ лæ йын ныхас кæ ныны фадат кæ й фæ цис æ мæ фыдуаг орангутангтæ н сæ мæ нг зонадон хатдзæ гтæ хурмæ кæ й ракалдта, уый дæ р йæ хицæ н стыр æ нтыстыл нымайы.

Изæ ры йæ м æ рбацыд Ширмæ, йæ дæ ларм газеты егъау тыхтон, афтæ мæ й.

— Арфæ дын кæ нын, Барон, дæ хъуыддаг кæ й фæ рæ стмæ, уый тыххæ й. — Йæ къух ын зæ рдиаг æ лхъывд ныккодта йæ дзæ мбыйы.

— Дзур тагъддæ р, цы ныхас уæ м уыд мæ фæ стæ, — быхсын нал фæ рæ зта Барон.

— Хъаугъа дзы егъау уыд, фæ лæ дæ пайдайæ н ахицæ н. Æ цæ г дæ м æ дзух цæ стдард уыдзæ н, фæ лæ уый ницы кæ ны.

— Æ мæ ныр куыд?

— Мæ нæ дæ дзаумæ ттæ. Скæ н сæ æ мæ махмæ цæ угæ. Гелизæ разæ й ацыд. Хъуамæ дын иу уат бафснайа æ мæ уал уым цæ рдзынæ.

— Уый хорз у. Уæ дыууæ йæ бузныг, фæ лæ Нагъуæ йæ н та цы бакæ нæ м? Кæ сыс, тагъд ын хъуамæ уа сывæ ллон. Уый уыдзæ н мæ сывæ ллон. Куыд æ й ныууадзон ам?

— Гъе, уый хъуыддаг! — йæ сæ р катайгæ нæ джы тылд бакодта Ширмæ. — Базел дæ у тыххæ й дæ р йæ сæ рмæ марæ н кæ рдтæ хаста. Ныр ма уый куы базона, уæ д бынтон сæ рра уыдзæ н.

— Уæ д мæ нæ н дæ р нæ й цæ уæ н. Куыд ныууадзон, рæ хджы фыд кæ й руаджы хъуамæ бауон, уыцы сылгоймаджы иунæ гæ й? — фидарæ й загъта Барон.

— Уыцы хъуыддаджы нæ Гелизæ йы сæ р хъæ уы. — Иудзæ вгар фæ хъуыдыйы фæ стæ сдзырдта Ширмæ. — Æ нхъæ л дæ н æ мæ, æ нæ фæ разгæ чи вæ ййы, уыцы сылгоймæ гты цыдæ р æ ндæ р уагдонмæ акæ нынц. Чи зоны уырдыгæ й Гелизæ исты сфæ рæ з кæ нид...

Уыцы бон нæ ракуымдта Барон дæ р. Дыккаг бон институты зонадон кусджытæ й радгæ с уыд Гелизæ. Нагъуæ йæ н кæ д афон нæ ма уыд, уæ ддæ р æ й афыста гуырæ н хæ дзармæ. Йæ хæ дæ г ацыдис йемæ дæ р. Гуырæ н хæ дзары директор уыд шимпанзе. Гелизæ йын хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæ д исдуг дызæ рдыг кодта, фæ лæ стæ й сразы уыцы сыл адæ ймаджы Гелизæ йæ н, адæ ймаджы аргъ æ нæ уи циу, уымæ й дывæ р фылдæ рыл ауæ й кæ ныныл.

Нагъуæ тынг зынæ й сахуыр дзаумæ ттæ æ мæ фæ лмæ н хуыссæ нтыл. Цалдæ р хатты йæ къаба ныскъуыдтæ кодта, фæ лæ та-иу ын ног бахуыдтой.

Иу мæ йы фæ стæ йын райгуырд фырт. Бароны фæ ндонмæ гæ сгæ Ширмæ æ мæ Гелизæ фæ хуыдтой сæ хæ лæ ртты æ мæ скодтой номæ вæ рæ н куывд планетæ Æ нгæ сыл хъарм хуыссæ нты фыццаг хатт райгуырæ г лæ ппуйæ н. Йæ ном ын схуыдта сæ æ мбæ лццоны цытæ н Морис.

Ширмæ йы курдиатмæ гæ сгæ Барон ныффыста стыр куыст, зæ ххон ахуыргæ ндтæ адæ ймаджы равзæ рды тыххæ й цы хъуыды кæ нынц, маймулитæ, адæ ймаджы рагон фыдæ лтæ миллионгай азтæ фæ стейæ цæ мæ гæ сгæ баззадысты, уыдæ тты фæ дыл. Ширмæ йæ зонадон советмæ радта бакæ сынмæ, стæ й фарст æ рæ вæ рдта йæ ныммыхуыр кæ ныны тыххæ й.

Ширмæ æ мæ Гелизæ цас тынгдæ р лæ ггад кодтой Баронæ н, уыйас тынгдæ р мысыд йæ райгуырæ н зæ ххы, адæ мы, сырддонмæ бацыд, Зазайы ма уæ ддæ р феныны ныфсæ й. Директор ын загъта, зæ гъгæ йæ физиологийы уæ лдæ р институты директор Базел балхæ дта. Бацыд институтмæ дæ р, иу нæ, фæ лæ цалдæ р хатты. Агуырдта йæ, фæ лæ йæ хæ йрæ г ссарæ д уыцы æ мхуызон æ фхæ рд хъуынджын адæ мы ’хсæ н.

Лæ гъстæ байдыдта Ширмæ йæ н, цæ мæ й йын баххуыс кæ на сæ науы хæ лддзаг ссарын æ мæ йæ сцалцæ г кæ нынæ н.

Иуцалдæ р хатты йæ м цæ угæ дæ р акодтой зонадон экспедицийы æ фсон, фæ лæ ницы сæ къухты бафтыд. Уайтагъд-иу сыл уыцы тызмæ г адæ м æ рæ мбырд сты. Хъæ рахст-иу систой, æ мæ та-иу уыдон дæ р раздæ хтысты. Баронæ н бынтон йæ ныфс асаст æ мæ -иу æ й хатт скæ уынмæ дæ р бирæ нал хъуыд. Уæ лдайдæ р та, йæ фырт куыд стыр кодта, афтæ тынгдæ р райдыдта катай кæ нын. «Куыд цæ рдзæ н? Дæ цæ рæ нбонты дæ м, сæ хæ дæ г æ лгъаг чи сты, уыцы маймулитæ сырды цæ стæ й кæ сæ нт».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.