Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 7 страница



— Кæ с ардæ м кæ с! — хъæ р ыл кæ ны. — Уæ дæ æ мбырды стыр зæ рдæ йæ куы дзырдтай. — Халы та канфет. Фæ стæ мæ йæ стыхта. Цалдæ р хатты ма бакодта афтæ, стæ й та йæ м æ й ногæ й бадардта. Лæ г æ й айста, фæ лæ йæ йæ дзыхмæ нал схаста. Дызæ рдыггъуызæ й иу каст канфетмæ кæ ны, иу каст та Базелмæ.

— Кæ д æ гæ р бирæ аиуварс æ рцыд йæ сæ ры магъзæ й, æ мбал Базел? — цыма истæ мæ й тарст, уыйау чъызгæ хъæ лæ сæ й бафарста Боро.

— Фыццаг хатт аразын æ нхъæ л мын дæ ахæ м операци? — тызмæ ггъуызæ й йæ м бакаст йе уæ хсчы сæ рты. — Мыййаг, йæ сæ ры магъз касы къус куы нæ уыд æ мæ мæ цас фæ ндыд, уый бæ рц дзы куы нæ равгæ дтаин. Æ з ахæ м операци кæ цыфæ нды зондцух маймулийæ н сарæ зтаин, уæ ддæ р ма йæ м баззадаид иуцасдæ р бæ рцæ й æ мбарынад. Уый та, Ширмæ куыд дзырдта, ахæ м зондджын адæ ймаг куы уыдаид, уæ д ма йæ м ахæ м операцийы фæ стæ уæ ддæ р хъуамæ баззадаид, Æ нгæ сы адæ мæ й бирæ кæ имæ бакуыстæ уыд, уыдонæ й кæ мæ йфæ нды дæ р фылдæ р зонд. Ныр ма ацы лæ гмæ кæ с, — систа ног канфет. (Уыцы лæ гæ н æ й ныууагъта). Бадардта йæ Зазамæ. Уый йæ м æ виппайды февнæ лдта. Базел æ й фæ стæ мæ аскъæ фта. Заза йæ комы къулты дон нынныхъхъуырдта. Базел райхæ лдта канфет. Фенын æ й кодта, уый фæ стæ ма йæ цалдæ р хатты райхæ лдта æ мæ та-иу æ й батыхта. Æ рæ джиау æ м æ й бадардта. Заза йæ райста. Æ ркæ стытæ йæ м кодта, стæ й йæ æ нæ хæ лдæ й йæ дзыхмæ фæ цæ йхаста, фæ лæ йын Базел лæ дзæ гæ й йæ къух куы ’рцавта, уæ д æ й фæ стæ мæ æ руагъта. Райдыдта архайын йæ райхалыныл. Базел ын йæ фыдæ бонмæ иу дзæ вгар фæ каст, стæ й райста канфет. Иуцалдæ р хатты йæ сындæ ггай райхæ лдта, Заза йæ дзæ бæ х куыд уыдтаид, афтæ йæ батыхта, стæ й та йæ м æ й радта. Заза ма йыл цæ стфæ лдахынæ н чысыл ацархайдта, стæ й йæ райхæ лдта. Иу каст ма Базелмæ бакодта, стæ й йæ ахордта. Базел бацин кодта. Йе уæ хск ын йæ дзæ мбыйæ æ рхоста.

— Бæ дæ йнаг! Æ нгæ сыстæ н, амæ н цыфæ нды бацамон, уæ ддæ р æ й æ вæ стиатæ й райдайдзæ н аразын. Æ нæ уи дæ р сабыр у. Иуæ й-иутæ дзы куыд хивæ нд вæ ййынц, ахæ мтæ й йæ м ницы ис. Кæ с-ма-иу æ ндæ ра дзы æ з мæ цæ хæ радоны кусынæ н куыд спайда кæ нон. Ам куы нæ уон, уæ д-иу æ м дæ хъус дзæ бæ х фæ дар. Уынгмæ дæ р-иу æ й рауадзын кæ н. Æ рмæ ст æ хгæ дæ й æ ддæ мæ ма аирвæ зæ д.

Сарæ зта ма Базел ноджы иуцалдæ р фæ лтæ рæ ны. Зæ гъæ м, бæ рзонд ран æ рцауындзын кодта банан, йæ быны йын æ рывæ рдта æ ртæ афтид асыччы. Фыццаг зæ ххæ й сæ внæ лдта. Заза æ мæ иннæ лæ гæ н къухæ й ацамыдта, зæ гъгæ, кæ сут куыд бæ рзонд у. Уый фæ стæ сгæ пп кодта иу асыкмæ. Уæ ддæ р та йæ м не сæ ххæ ст. Уæ д асыччыты бакъуыр-бакъуыр кæ нын райдыдта. Стæ й иуварс ацыд. Заза хъуамæ райдыдтаид банан æ рисыныл фæ лварын. Йæ хи айвæ зтытæ кодта, фæ лæ бæ ндæ нæ й æ гæ р цыбыр баст уыд. Барæ й тæ лфы йæ мидбынаты. Зыд цæ стæ й кæ сы бананмæ. Йæ комы къулты дон цъиры. Иннæ лæ г дæ р рауай-бауай кæ ны бананы бын. Гæ пп кæ ны хæ рдмæ. Асыччытæ й иуы сæ рмæ схызт. Æ вналы уырдыгæ й дæ р. Ницы та, схызт дыккаджы, стæ й æ ртыккаджы сæ рмæ. Уæ ддæ р нæ й. Куы нæ бафтыд банан йæ къухы, уæ д, æ ххормаг хъыбылау, райдыдта хъыс-хъыс кæ нын. Базел ын амоны асыччытæ м. Ногæ й та хизы куы сæ иумæ, куы се ’ннæ мæ: — ницы йын дзы рауад.

— Суадз иннæ йы. — Бардзырд радта Базел Зибайæ н. Уый Зазайы хъуырæ й рафтыдта бæ ндæ н. Куы феуæ гъд Заза, уæ д иудзæ вгар арауай-бауай кодта бананы бын. Схызт асыккы сæ рмæ. Æ вналы. Уый фæ стæ дыккаг асыкк сæ вæ рдта, æ ртыккаг. Уыдон сæ рмæ схызт æ мæ æ нцонæ й æ риста банан. Иннæ лæ г йæ сæ р мæ сты ’нкъуыст бакодта, стæ й иуварс ацыд.

— Куыд дæ м кæ сы, Боро? Мæ нмæ гæ сгæ йæ дарддæ ры вазыгджын фæ лварæ нтæ ницы хуыздæ р фæ стиуæ г ратдзысты амæ й уæ лдай, рæ стæ г ма сыл дзæ гъæ лы цы сафæ м, уый йеддæ мæ.

— Æ з дæ р афтæ æ нхъæ лын. — Лæ мæ гъ дæ лдæ ртæ сæ хистæ рты раз алкæ д куыд фæ кæ нынц, афтæ йæ хн бакъæ лæ сытæ кодта Боро.

— Зиба, акæ н æ й йæ бынатмæ, — Зазамæ ацамыдта Базел.

— Иннæ мæ н та цы чындæ уа? — бафарста Боро.

— Дæ лæ йæ æ ддаг палатæ йы чи ис, уыдонимæ схуыссын кæ нут. Иу чысыл ма йæ м базилут, стæ й йæ иннæ æ нæ пайда адæ мимæ сырддонæ н ауæ й кæ ндзыстæ м. Мæ нмæ гæ сгæ йæ чысыл куы банарддæ р уа ацы егъау, уæ д уæ ззау уыдзæ н æ мæ дзæ вгар æ хца рамбулдзæ н.

XV

Цыдæ р ивындзинæ дтæ ’рцыд лабораторийы. Нырма Бароны клеткæ кæ й хуыдтой, уый систой бынтондæ р. Цы ус æ мæ дзы сывæ ллон уыд, уыдоны Зазаиты клеткæ мæ ракодтой. Уымæ й цъусдæ р адæ м дзы кæ й никæ м уыд, æ вæ ццæ гæ н уый тыххæ й. Зазайæ н иуæ й хъыг уыд ацы хъуыддаг, иннæ мæ й та æ хсызгон. Хъыг ын уымæ н уыд æ мæ нырма сæ къуындæ г клеткæ йы ус æ мæ лæ джы хæ дæ фсæ рм цард кодтой. Заза-иу хатт маст дæ р бакодта, нырма йын фыд суæ выны тыххæ й кæ й ницыма ныфсы нысæ нттæ фæ зынд, уый тыххæ й. Фæ лæ уый дæ р кæ й уыдзæ н искуы, ууыл æ ууæ ндыд. Ныр сæ уыцы хъуыддаджы сæ ног «уазджытæ » кæ й хъыгдардзысты, уый йын йæ зæ рдæ чысыл бакъуырдта. Фæ лæ иннæ рдыгæ й та йæ «ахуыргæ нинæ гтæ » кæ й фæ фылдæ р сты, уый йын æ хсызгон уыд. Стæ й дæ р Генриеттæ тынг кæ й бацин кодта «уазджытыл», уый дæ р ын æ хсызгон уыд.

Фыццаг æ хсæ в сын радтой нæ мттæ. Усы схуыдтой Мери, лæ ппуйы та Артур.

Стыр диссаг уыд уыцы æ хсæ в Генриеттæ мæ бакæ сын. Йæ хъæ бысы-иу куы нытыхта Мерийы æ мæ -иу ын куы ныпъпъатæ кодта, уæ д-иу уый цыдæ р тарст хъæ лæ сæ й бахъыс-хъыс кодта. Исдуг сыл æ ууæ ндгæ дæ р нæ кодтой Мери æ мæ Артур, иу къуымы бабукъ сты, карчы сидзæ р цъиутау. Фæ лæ сæ куы æ ррæ вдыдтой æ мæ сыл куы бацин кодтой, уæ д æ рлæ ууыдысты. Заза уый куы базыдта, дыууæ усы кæ рæ дзийæ нал фæ хицæ н уыдзысты æ нцонæ й, уæ д Артуры йæ хъæ бысы бакодта æ мæ фæ лмæ н хъæ мпын лыстæ ныл бафынæ й кодтой.

Райсоммæ Мери йæ хи ном дæ р æ мæ Генриеттæ йы ном дæ р сыгъдæ г дзырдта. Заза сын сæ фæ ллад цæ стытыл рафæ лгъуыдта æ хсæ в-бонмæ сыл цъынд кæ й нæ фæ хæ цыд, ахæ м æ нгæ с. Боны дæ р-иу маймулитæ й лабораторийы куы ничи уыд, уæ д-иу Генриеттæ уайтагъд райдыдта Мерийæ н исты дзырдтæ амонын. Бацамыдта йын Зазайы, стæ й йæ хи фырты ном дæ р. Ныр Мери йæ лæ ппумæ тынг арæ х дзырдта йæ номæ й, цыма дзы куы ферох уа, уымæ й тарст.

Иу бон Боро æ рбацыд лабораторимæ. Иннæ хæ ттыты ахастæ й æ ппын ницы уыд нæ дæ р йе змæ лды, нæ дæ р йе ’ддаг бакасты. Нырма-иу, фæ ллад бæ хау, сæ ргуыбырæ й цыд Базелы фæ дыл. Лæ ггадгæ нæ г сабийау, æ дзух каст уый дзыхмæ. Кæ д ын цы цума зæ гъдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ каст зæ рдиагæ й. Æ гæ рыстæ мæ й, цыма, йæ дзаума дæ р сæ гъы сыкъайы тъыстау сæ хи къуындæ г хатыдтой, афтæ зынд. Ныр уалдзыгон дидинæ гау райхæ лд. Йе уæ нгтæ айвæ зта. Раст, цыма, Зиптуны тыгъдадмæ стæ хынмæ хъавы, афтæ зыны. Иуцалдæ р бардзырды радта Зибайæ н. Хъахъхъæ нæ г гориллæ тæ м фæ дзырдта. Бафæ дзæ хста сæ, цæ мæ й бæ рæ г фæ хуыздæ р кæ ной сæ хъусдард. Фæ дзырдта адæ мæ н хæ ринæ гтæ цæ ттæ гæ нæ гмæ. Уый уыд астæ уккаг кары, фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, фыргуыстæ й, иннæ маймулитæ й бирæ чи фæ къæ дздæ р, ахæ м сыл шимпанзе.

Цыбыр, фæ лæ рог къахдзæ фтæ й бауад Боройы размæ.

— Цы зæ гъдзынæ, æ мбал хистæ р? — хæ рдмæ скаст Боромæ. Уый, Базел-иу куыд кодта, афтæ, фæ рсæ рдæ м æ рлæ ууыд хæ ринаггæ нæ г шимпанземæ. Йæ уæ хсчы сæ рты йæ м æ ркаст æ мæ сдзырдта барджын хъæ лæ сæ й.

— Абонæ й фæ стæ мæ ацы сырдтæ н хæ ринаг дæ ттыны фæ тк хъуамæ цæ хгæ р фæ иват. Дыгай-æ ртыгай клеткæ йы адæ мы-иу рауадзут иумиаг залмæ. Кæ рæ дзимæ -цу сын хæ стæ г æ рæ вæ рут хæ ринаг. Уадз æ мæ ахуыр кæ ной иумиаг цардыл.

— О, фæ лæ... — Цыдæ р сцæ йдзырдта шимпанзе, фæ лæ йыл Боро фæ хъæ р кодта.

— Ныртæ ккæ ам хистæ р æ з дæ н. Цалынмæ Базел денджызы былæ й здæ ха, уæ дмæ æ з куыд дзурон, афтæ кæ нут. — Иуцалдæ р къахдзæ фы дуары ’рдæ м сарæ зта, стæ й фæ зылд æ мæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта:

— Алы ран фабриктæ æ мæ заводты кæ д райдыдтой пайда кæ нын ацы сырдты лæ вар тыхæ й, уæ д мах цæ уылнæ хъуамæ бакæ нæ м афтæ? Кæ цы бонмæ сæ нард кæ нæ м? Хъуамæ сæ фæ цайдагъ кæ нæ м зæ ххы куыстыл. Уадз æ мæ Базелы бирæ зæ ххытæ, стæ й институты зæ ххыты дæ р маймулиты бæ сты кусой адон. Уæ хæ дæ г хорз куы зонут гориллæ ты хъуыддаг. Æ нæ уыдон та сау куыст чи кæ на, ахæ м маймулитæ махмæ хæ рз стæ м сты. — Цыма стыр æ мбырды ныхас кодта, ахæ м хъæ лæ сæ й дзырдта Боро хæ ринаггæ нæ г, Зиба æ мæ ма иу æ ндæ р санитар шимпанзеимæ. Йæ ныхас фæ цис афтæ: — Ацы хъуыддагыл уæ алчи дæ р хъуамæ бакуса хорз, — стæ й ацыд.

— Диссаг мæ м кæ сы ацы арахъхъы гарзы бæ рны куыд ныууагъта Базел дыууæ уыйхуызæ н стыр зонадон æ хсæ нады. — Боро куы ахызт, уæ д бахъуыр-хъуыр кодта хæ ринаггæ нæ г шимпанзе.

— Æ мæ уæ дæ цы бакодтаид? Цавæ рдæ р стыр куыст, дам, фыссы. Уымæ н æ й сæ рибар рæ стæ г хъæ уы. Стæ й дæ р ныр цалдæ р азы улæ фты никуы уыд, никæ уыл æ ууæ ндыд институт. Ныр орангутангтæ й ацы хъуыддаджы иуцасдæ р бæ рцæ й разынд Боро. Кæ д лæ мæ гъ æ мæ нуæ зтуарзаг у, уæ ддæ р Базелы рахиз цонг у. Куы йæ зоныс мах шимпанзетæ йæ цæ сты сындз кæ й стæ м. Медицийæ йы хаххыл Æ нгæ с æ вæ ццæ гæ н Ширмæ йы хуызæ н стыр ахуыргонд нæ ма зоны. Бирæ къаддæ р нæ уыд Гелизæ дæ р. Æ мæ кæ м сты? Сæ кой, сæ хъæ р дæ р нал зыны. Чи зоны сæ искуы маргæ дæ р акодтой. Сæ зонадон куыстытæ ист æ рцыдысты зонадон литературæ йæ. Айразмæ машинæ тæ аразæ н заводы директор, техникон зонæ дты дохтыр шимпанзе иу æ мбырды скодта Ширмæ æ мæ Гелизæ йы æ нæ азымæ й фесæ фты кой. Æ нæ хъуыддаг равзаргæ йын аскъуыддзаг кодтой фондз азы ахæ стон. Йæ бынаты йын баурæ дтой, зонадон кусæ джы ном кæ мæ н уыд, ахæ мы нæ фæ лæ институты фæ саууонмæ чи ахуыр кæ ны, иу ахæ м дыккаг курсон студент орангутанджы... Цы дæ фæ нды? Тыхы дон хæ рдмæ ласы. — Ацы ныхæ стæ Зиба ахæ м æ рхæ ндæ г хъæ лæ сæ й кодта æ мæ канд, чи йæ м хъуыста, уыцы шимпанзеты нæ, фæ лæ Заза æ мæ Генриеттæ йæ н дæ р сæ зæ рдæ тæ суынгæ г сты (Генриеттæ фæ стаг бонты хæ рзаив хъусын райдыдта маймулиты ныхасмæ. Райдыдта сæ æ мбарын).

Уыцы бон сихоры хæ рдыл иумиаг залмæ рауагътой Зазаиты, стæ й ма иу æ ндæ р клеткæ йæ æ взонг нæ лгоймаг, сылгоймаг æ мæ иу дæ с азы кæ уыл цыдаид. ахæ м чызджы. Дыууæ тæ н дæ р бæ зджын касæ й йедзаг тæ бæ гътæ æ рæ вæ рдтой, кæ рæ дзимæ хæ стæ г. Заза æ мæ Генриеттæ, куыд фæ цайдагъ сты, афтæ рахиз къухы æ ртæ æ нгуылдзæ й сисынц кас æ мæ йæ арæ хстгай бакæ нынц сæ дзыхты. Мери æ мæ Артур сæ дыгай къухтæ фæ цавтой касы цонджы хъулты онг æ мæ райдыдтой зыдæ й хæ рын. Генриеттæ мæ уый, æ вæ ццæ гæ н, аив нæ фæ каст: басхуыста Мерийы фарс. Ацы æ нæ арæ хст мийы тыххæ й Заза та цæ стæ нгасæ й бауайдзæ ф кодта Генриеттæ йæ н. Фæ лæ сæ м уæ ддæ р фæ каст Мери. Сæ къухтæ сын афтæ сыгъдæ гæ й куы ауыдта, уæ д йæ хи змæ ст къухтæ м дæ р æ ркаст æ мæ фефсæ рмы. Иу дзæ вгар нал февнæ лдта тæ бæ гъмæ. Каст Заза æ мæ Генриеттæ мæ. Заза йын бамбæ рста йæ хъуыды æ мæ йын аивæ й фенын кодта, куыд хæ рын хъæ уы, уый. Мери дæ р афæ лвæ рдта афтæ. Исдуг ын нæ рæ стмæ кодта, фæ лæ фæ стагмæ фæ цайдагъ. Фæ цайдагъ æ мæ афтæ амонын байдыдта Артурæ н дæ р... Сывæ ллон сæ м уыцы бон уæ ддæ р нæ байхъуыста.

Иумийаг залы сихоргæ нæ г адæ мы къорд бонæ й-бон фылдæ р кодтой. Кæ рæ дзимæ -иу куы балæ бурдтой æ мæ кæ рæ дзи хæ йттæ куы истой, ахæ м хъуыддæ гтæ дæ р дзы уыдис. Уыцы рæ стæ джы цырд лæ ууыдысты цыргъ лæ дзджытæ й хотыхджын хъахъхъæ нæ г гориллæ тæ æ мæ æ нæ ауæ рдонæ й цавтой аххосджынты. Фæ лæ ахæ м цаутæ бирæ нæ ахастой. Цыма сæ иугъуызон хъысмæ т кæ й баййæ фта, уый бамбæ рстой, уыйау фæ стагмæ кæ рæ дзиуыл узæ лын байдыдтой. Фæ схæ рд-иу къулгæ рæ тты цемент астæ рдыл сбадтысты æ мæ -иу кæ рæ дзи сдæ рын байдыдтой.

Иугæ р кæ рæ дзиуыл куы æ рæ ууæ ндыдысты æ мæ кæ рæ дзи куы нал хъыгдардтой, уæ д-иу сæ арæ х æ нæ хъæ н сахаттæ кæ нæ фылдæ ртæ дæ р ныууагътой æ ддейæ. Санитартæ -иу сæ хæ дæ г ацыдысты дуармæ. Бæ рæ г-иу сæ кодтой рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ. Ахæ м уавæ ртæ й пайда кодта Заза. Æ мæ канд Заза нæ, фæ лæ Генриеттæ къаддæ р нæ куыста. Адæ мæ н исты амоныны хъуыддаг рæ вдздæ р æ фтыд уый къухы. Æ вæ ццæ гæ н сын сæ зæ рдæ йы уаг хуыздæ р зыдта.

Зылдысты се ’хсæ н. Кæ рæ дзи сдæ ргæ -иу кæ й федтой, уыдонæ н амыдтой пъа кæ нын. Уыдис дзы, дзурыныл чи фæ лвæ рдта, ахæ мтæ, уыдонæ н та амыдтой хицæ н дзырдтæ.

Раздæ р-иу сæ сæ бынæ ттæ м кæ нгæ йæ бахъуыд алкæ й дæ р хицæ нæ й ласын: кæ й йæ хъусæ й, кæ й йæ къухæ й. Фæ стагмæ сахуыр сты æ мæ -иу Зиба куы фæ хъæ р кодта: «Уæ бынæ ттæ м» — зæ гъгæ, уæ д-иу алчи дæ р æ вæ ндонæ й, фæ лæ æ нæ хъаугъайæ араст йæ бынатмæ, Базел цы бон ацыд, уымæ н Заза, æ вæ ццæ гæ н, мæ рдты къæ сæ рыл дæ р кувдзæ н. Уый цур-иу иу кæ нæ иннæ клеткæ йæ арæ х акодтой кæ нæ хицæ н адæ ймæ гты, кæ нæ æ нæ хъæ н «бинонты». Фæ стæ мæ -ма-иу дзы æ рæ здæ хт хæ рз стæ мтæ. Кæ дæ м сæ кодтой, уый Заза базыдта, операцион хатæ ны куы уыд, уæ д. Æ мæ уæ дæ й фæ стæ мæ тæ рсын байдыдта; йæ хи кæ д нæ, уæ ддæ р ын мыййаг Генриеттæ йы куы акæ ной. Ныр дзы Базелы ацыдæ й фæ стæ мæ никæ йуал акодтой, æ мæ Зазайы зæ рдæ чысыл æ рсабыр.

XVI

Иу бон Заза аходæ ны хæ рды фæ стæ иумиаг залы дард къуымы фæ рссаггæ рон лæ ууыд Артуримæ. Зиптун арвы тыгъдады иудзæ вгар стылд цæ хæ ркалæ г пуртийау. Йæ тынтæ й иу дæ стæ г æ рбакалд фæ рссагæ й. Адæ мæ й бирæ тæ схуыссыдысты астæ рдыл, раст Зиптуны тынтæ кæ дæ м калдысты, уым æ мæ, уалдзыгон хъыбылтау, сæ гом фæ лурс буæ рттæ тавтой.

— Уый Зиптун у. — Зиптунмæ амонгæ йæ дзуры Заза Артурæ н. Артуры къухы алы дзырд бамбарын дæ р æ нцонæ й кæ й æ фтыд, уый æ хсызгон уыд Зазайæ н, æ мæ зæ рдиагæ й æ рæ внæ лдта йемæ кусынмæ.

Уыцы ныхæ стæ куы кодта Заза Артуримæ, уæ д къæ сæ рыл фæ зынд Зиба. Йæ цæ стæ нгас тыхстгъуыз. Йæ дзæ мбытæ дæ р цыма ризынц.

— Байри!.. Байри! — Ризгæ хъæ лæ сæ й хъæ р кæ ны, Заза нæ зыдта, Байри чи у, уый æ мæ дыууæ рдæ м ракæ с-бакæ с кодта залы къуымты. Уалынмæ хæ ринаггæ нæ ны дуар фегом æ мæ дзы, æ хст нæ мыгау, ратахт хæ ринаггæ нæ г. Зиба йæ размæ бауад. Йе ’взаг йæ дзыхы дыдæ гътæ кæ ны, афтæ мæ й йын дзуры:

— Байри, стыр æ намонд хабар. Институты адæ м растадысты æ мæ пырх кæ нынц, цæ уыл ныдзæ вынц, уыдон. Клеткæ ты дуæ рттæ ныссастой. Ныххурх кодтой хъахъхъæ нæ г гориллæ йы. Операцигæ нæ н хатæ нмæ бафсæ рстой. Боро æ мæ иннæ зонадон кусджыты, стæ й дохтыртæ æ мæ санитарты операцион стъолтæ м ныббастой. Фыдæ бонæ й сæ марынц. Мах иууылдæ р цæ уæ м уырдæ м. Ацы корпус уæ лейæ -бынæ й иуцалдæ р сахаты уыдзæ н дæ бæ рны. Дæ хъус сæ м дар. Хъыг дзы макæ й фæ дар. Ма сæ сæ знæ т кæ н, æ ндæ ра адон дæ р исты фыдбылыз сараздзысты.

— Бацархайдзынæ н, — загъта тыхстгъуызæ й Байри, стæ й Зиба куы ацыд, уæ д ма мæ стыгъуызæ й бахъуыр-хъуыр кодта.

— Бынтон бындзагъд куы скæ никкой ацы орангутангты, уæ ддæ р мæ цæ ст не ’рныкъулин. Уыдон аххосæ й æ рцыд ацы æ намонды хæ ст. Æ мæ уыдонæ н циу? Бацахстой æ ппæ т къухдариуæ ггæ нæ г бынæ ттæ. Сæ фгæ дзы мæ нæ мах шимпанзеты мыггаг фæ кодта. Уас мæ тæ ригъæ дæ й бындурзылд фæ уæ нт.

Иу мæ йы мидæ г сау гæ ххæ ттытæ райстон мæ сæ ры хицау æ мæ мæ дыууæ хъæ булæ й. Ныр сылыстæ гимæ баззадтæ н æ мæ мæ сырдтæ н хæ ринаггæ нæ гæ й хуыздæ р аккаг дæ р не скодтой. — Фæ зылд хæ ринаггæ нæ ны ’рдæ м, фæ лæ цыдæ р ахъуыды кодта æ мæ фездæ хт. Йæ дæ ларм цы газеттæ уыд, уыдон фæ рссаджы дæ лвæ йнæ гмæ баппæ рста.

Æ ххæ ст сугтæ æ рбадавон æ мæ хæ ринаг рæ стæ гыл саразон, æ ндæ ра адон дæ р куы схъаугъа кæ ной, уымæ й æ дас нæ у. Уый зонын, ацы сырдтæ й кæ рты бæ рзонд æ мбондæ й ничи агæ пп кæ ндзæ н. Уадз æ мæ хеццо кæ ной, кæ м сæ фæ нды, уым. — Ауад. Чысыл фæ стæ дæ р фæ стæ мæ фездæ хт суджы хъæ бысыдзаджимæ. Газетты ’рдæ м кæ сгæ дæ р нал фæ кодта, афтæ мæ й фæ мидæ г хæ ринаггæ нæ ны. Заза йæ хи байвæ зта газеттæ м, фæ лæ тарст, зæ гъгæ мæ куы раййафа. Уæ ддæ р дзы дыууæ фелвæ ста. Бауад æ мæ сæ йæ клеткæ йы хъæ мпы бын атъыста, уый фæ стæ Генриеттæ æ мæ Мерийы бафæ дзæ хста, цæ мæ й йын йæ фæ дыл макæ й рауадзой.

— Æ з чысыл дуармæ акæ сон. Иунæ гæ й мæ куы раййафа æ ддейæ, уæ ддæ р ницы зæ гъдзæ н, фæ лæ иууыл куы рацæ уой, уæ д гæ нæ н ис æ мæ фæ дисы хъæ р ныккæ на. — Мери йæ кæ д иууыл хорз нæ ма ’мбæ рста, уæ дæ р Генриеттæ мæ бакаст æ мæ уый куыд сарæ зта, афтæ йæ сæ р разыйы тылд бакота.

Иухатт ма йæ цæ ст ахаста Заза залы къуымты, цыма искуы маймули æ мбæ хст куы уа мыййаг, уымæ й гарст, уыйау, стæ й рацыд æ ддæ мæ. Кæ рты дæ р ахъахъхъæ дта фæ йнæ рдæ м. Куы ничи дзы уыд, уæ д фæ раст ибон æ й операцигæ нæ нмæ кæ уылты скодтой, уыцырдæ м. Аныр асины фыццаг къæ пхæ ныл йæ къах æ рæ вавра, афтæ йыл хæ рхæ мбæ лд фæ цис палатæ йы кусæ г сылгоймæ гтæ й иу. Дыууæ дæ р фыццаг фæ тарстысты, фæ лæ кæ рæ дзи куы базыдтой, уæ д æ й ус афарста.

— Цы хабар æ рцыд, ды дæ р ын ницы хатыс иу маймули змæ лæ г куынæ уал ис ацы сыгъдыйы хæ дзары?

— Зибамæ куыд байхъуыстон, афтæ мæ й сæ бындур æ нкъуысын байдыдта. Раздæ р кæ м куыстат сымах, уым адæ м растадысты. Сæ зонадон кусджыты сын операцион стъолтæ м ныббастой. Ныр уыдонæ н æ ххуысмæ ацыдысты. Ам ма баззад иунæ г хæ ринаггæ нæ г шимпанзе Байри. — Стыр цины хабарау радзырдта Заза усæ н.

— Гъе, уый хъуыддаг у, гъе, — дызæ рдыггъуызæ й йæ сæ р æ нкъусы сылгоймаг. — Цымæ цы уыдзæ нис уæ ддæ р? — Зазайæ кæ д ницы дзуапп райсыны ныфс уыд, уæ ддæ р афтæ æ нæ уи бафарста ус.

— Революци! — цыма баст домбай уыд æ мæ тонгæ ракодта, уыйау рафсæ рста ацы дзырд Зазайы дзыхæ й. Ус ын ницы бамбæ рста. Операцийы рæ стæ джы адæ мæ й бирæ тæ сæ фыртыхстæ й цы иугай æ нæ рхъуыды дзырдтæ сæ ппарынц, ахæ мыл æ й банымадта æ мæ æ нкъардгъуызæ й афтæ бакодта:

— Ибон палатæ йы цы адæ м федтай, уыдонæ н се ’рдæ гæ й фылдæ р æ ртæ боны размæ сырддонæ н ауæ й кодтой. Уым йæ цæ нгтæ чи тылдта, уый дæ р.

— Æ мæ сын цы ми фæ кæ нынц сырддоны? — дисхъуызæ й бафарста Заза, кæ д иу хатт федта, адæ ймаджы фыд сырдтæ н куыд дæ ттынц, уый, уæ ддæ р.

— Æ ргæ вдынц сæ æ мæ сæ хæ рын кæ нынц сырдтæ н.

— Ох, ох. Уый ма никуы фехъуыстон зæ ххыл, — мæ сты тылд ныккодта йæ сæ р Заза.

— Æ мæ зæ хх та циу? — фæ цырд сылгоймаг.

— Ницы... Афтæ æ нæ уый... Фæ лæ у-ма, — ныхас фæ зылдта Заза. — Ныр сымах цы кусут?

— Нæ дын æ й загътам ибон?

— Уый зонын. Рагæ й кусут операцигæ нæ н хатæ ны?

— Хæ рз чысылтæ й фæ стæ мæ.

— Æ мæ кæ д æ ндæ р ницы, уæ д аппараттæ фехалын дæ р уæ бон нæ у? Æ з куыд байхъуыстон, афтæ мæ й уыцы аппараттæ шимпанзеты ахуыргæ ндты арæ зт сты. Ныр сæ ахæ м бæ рнон рæ ттæ м нал уадзынц. Орангутангтæ м, уыдон чи сараза, ахæ м ахуыргонд, æ нхъæ л дæ н, нæ дæ р ис. Базел у æ мæ кæ мдæ р улæ фынмæ ис. Уæ д уымæ й дæ р иучысыл фæ уромиккат адæ мы сæ ры мæ гъзтæ й хынджылæ г кæ ныны хъуыддаг.

— О, фæ лæ...

— Фæ лæ цы? Тæ рсыс?

— Уый дæ р диссаг нæ у.

— Нæ. Æ з зыдтон адæ м, кæ цытæ се ’мхуызон адæ мы сæ рвæ лтау цыфæ нды æ фхæ рдыл дæ р разы уыдысты.

— Æ мæ... нæ, нæ, æ з ахæ м хъуыддæ гтæ м нæ сарæ хсдзынæ н, — цыма йæ стыр фыдракæ ндыл ардыдта Заза, уыйау фæ тарст ус æ мæ алыгъд фæ стæ мæ. Заза йæ м фæ стæ мæ хъуамæ схызтаид, фæ лæ ам æ гæ р афæ стиат. Ныр тагъд исчи куы фæ зына, уымæ й æ дас нæ уыд. Атындзыдта залмæ. Ус йæ зондмæ кæ й нæ байхъуыста, уый йын зын уыд, фæ лæ йæ м мæ сты не ссис. «Ахæ м хъуыддаг æ гæ рыстæ мæ й зæ ххон адæ ймагæ н дæ р зын бауырнынгæ нæ н у! » — уымæ й фæ рог кодта йæ маст.

XVII

Заза куы баздæ хт залмæ, уæ д ма адæ мæ й чи хуыссыд Зиптуны тынты раз æ мæ йæ фæ лурс буар тавта, чи бацыд йæ клеткæ мæ. Фæ лмæ н хъæ мпыл йæ хи ауагъта æ мæ фынæ й кæ ны. Генриеттæ æ мæ Мери иу фæ рссаджы дæ лвæ йнæ гмæ схызтысты æ мæ цæ уылдæ р зæ рдиаг ныхас кæ нынц. Бæ рæ г у, Генриеттæ йын цыдæ ртæ кæ й амоны.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.