Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Авторæй



 

Къæ бысты Зауыр

ФÆ СТАГ МАЙМУЛИ

Фантастикон роман

Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1977

Авторæ й. 2

ПРОЛОГ. 3

ФЫЦЦАГ ХАЙ. 5

БАЛЦ Æ НÆ ЗОНГÆ ДУНЕМÆ.. 5

1 УАЦ Чи кæ мæ й равзæ рд. 26

2 УАЦ Ширмæ йы дыккаг фыдракæ ндон ми маймулиты ныхмæ.. 27

3 УАЦ «Хабæ рттæ фронтæ й». 27

4 УАЦ Фæ сыкк космосы. 27

ДЫККАГ ХАЙ. 43

Цард ивы йæ хуыз 43

Ширмæ йы ныстуан зæ ххон адæ ммæ.. 55

 

Авторæ й

Фантастикæ, куыд литературон жанр, афтæ æ рæ джы нæ фæ зынд, — дунейы стыр адæ мтæ рагæ й æ рæ гмæ ныффыстой ацы жанрыл бирæ цымыдисон уацмыстæ. Уыдон, бæ рæ г куыд у, афтæ мæ й стыр ахъаз фесты зонад æ мæ техникæ йы рæ зтæ н. Мæ н дæ р йæ химæ рагæ й здæ хта фантастикæ, фæ лæ йæ м мæ ныфс нæ хастон. Уымæ н æ мæ уый фыссæ гæ й домы бирæ зонын (ома царды алы фарсонæ й), гъе, стæ й техникон фарстытæ дæ р раст лыг кæ нын.

Ахæ м стыр бæ рндзинад æ нкъаргæ йæ амæ йразмæ ныффыстон цалдæ р, фантастикон гакк кæ уыл ис, ахæ м радзырды, се ’ппæ тимæ чиныгкæ сæ г зонгæ нæ ма у. Уыдонæ й аивадон æ гъдауæ й, мæ хъуыдымæ гæ сгæ, иууыл æ ххæ стдæ рыл нымайын: «Фæ ндоны бæ стæ йы», «Хъамайы таурæ гъ», «Хуыцауы фæ стаг минæ вар» æ мæ æ ндæ ртæ. О, фæ лæ мæ уæ ддæ р зæ гъын цы фæ ндыд, уый мæ къухы æ ххæ стæ й нæ бафтыд æ мæ сфæ нд кодтон чысыл гуырахстджындæ р уацмыс ныффыссын. Схуыдтон æ й «Фæ стаг маймули». Уый размæ дæ р, гъе, стæ й ацы уацмыс ныффыссыны агъоммæ бирæ фантастикон уацмыстæ бакастæ н, фæ лæ мыл се ’гасæ й тынгдæ р бандæ вта францаг фантаст Пьер Булы роман «Маймулиты планетæ ». Ацы роман мыл афтæ тынг бандæ вта, æ мæ, æ гæ рыстæ мæ й, мæ чиныджы иуæ й-иу бынæ ттæ рауадысты, Пьер Булмæ. куыд у, уый æ нгæ с. Фæ лæ уыдон сæ йраг не сты уацмысы æ мæ уымæ гæ сгæ сæ аиуварс кæ ныныл тынг нæ бацархайдтон. Æ рмæ ст францаг фыссæ г йæ разы цы хæ с æ рæ вæ рдта, уый мæ нæ н мæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд.

Уый уымæ н афтæ у æ мæ Пьер Буль капиталистон æ хсæ нады цæ ргæ йæ йæ уацмысы равдыста, уыцы æ хсæ над æ мткæ й адæ ймаджы зонд, йæ хъуыдыкæ нынад къуымых кæ н кæ ны, уый. Уым (уыцы æ хсæ нады) адæ м æ ппæ тдæ р æ ххæ ст кодтой роботтау, механикон æ гъдауæ й. Уыйхыгъд маймулиты цæ ст, цыма, уынагдæ р сси, сæ алыварс цы цæ уы, уымæ лæ мбынæ гдæ р райдыдтой кæ сын, адæ м та уымæ, сæ фыр зивæ гæ й, сæ хъус нал дардтой æ мæ систы, хъæ ддаг сырдау, къуымыхзонд, æ нæ рхъуыды.

Пьер Буль йæ романы фæ дзæ хсы адæ мы: зонад æ мæ уын техникæ уæ зондахастыл хъуамæ æ взæ рæ рдæ м ма ’ндавой, хъуамæ уын уæ зонындзинæ дтæ ма къуындæ г кæ ной.

Мæ нæ н æ ндæ р хæ с уыд мæ разы. Æ з социалистон æ хсæ нады цæ рын, уым та зонад æ мæ техникæ адæ ймаджы зонд къуымых нæ, фæ лæ йын йæ къух рог кæ нынц. Не ’хсæ нады техникæ йы рæ зтимæ адæ ймаг, ахуыргонд уа æ ви хуымæ тæ джы кусæ г, йæ хæ дæ г дæ р рæ зы, фылдæ р кæ ны йæ хъуыдыкæ нынад. Æ ппæ т уыдæ ттæ хынцгæ йæ мæ н æ ндæ р хъуыддаг æ ндæ вта, æ ндæ р æ нкъарæ нтæ мæ баразæ нгард кодтой. Æ мæ уый та у, адæ ймагадæ н хæ ст цавæ р стыр зиантæ хæ ссы, уый равдисын, æ мæ йæ ныхмæ мæ протест зæ гъын. Хæ сты азар стыр у. Фыдыбæ стæ йон хæ сты рæ стæ джы æ з къаннæ г лæ ппу уыдтæ н. Мæ зæ рдæ йæ абон дæ р нæ ма рафтыдысты, хæ стæ й нæ хъæ умæ цы уæ ззау хабæ рттæ хъуыстысты, æ ппæ т уыдон. Уæ дæ й фæ стæ мæ мæ зæ рдæ мæ арф айстон иу хабар. Адæ ймагадæ н зæ ххыл иууыл стырдæ р æ намонддзинад æ рхæ ссы хæ ст. Ныр, ацы чиныг фысгæ йæ, мæ хъуыдыйы ных сарæ зтон уыцы хъуыддагмæ. Æ мæ мын цас бантыст, уый чиныгкæ сæ г йæ хæ дæ г фендзæ н, фæ лæ мæ уæ ддæ р зæ гъын фæ нды: нæ фыдæ лтæ хъаймæ т кæ й хуыдтой, уый кæ д искуы æ рцæ уа, уæ ддæ р хæ сты азарæ й. Уымæ гæ сгæ алы æ мбæ стаджы хæ с дæ р у, цæ мæ й йæ тых, йæ хъару цас амонынц, уымæ й тох кæ на хæ ст мауал æ руадзыныл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.