Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 8 страница



Æ ппæ т адæ мтыл йæ цæ ст куы ахаста Заза, уæ д бакаст сæ хи клеткæ мæ. Бакаст æ мæ фырдисæ й йæ дзых цыдæ р сдзурыны æ ввонг хæ лиуæ й баззад. Артур къуымы бады æ мæ газеттæ рафæ лдах-бафæ лдах кæ ны. Исты ныв куы ссары, уæ д æ м зæ рдиагæ й ныккæ сы, стæ й йæ м æ ркæ сын кæ ны, йæ фарсмæ цы йæ хийас чызг бады, уый дæ р. Заза афтæ æ нхъæ лдта, зæ гъгæ, кæ й бамбæ хста, уыцы газеттæ йын райста Артур æ мæ йæ афарста: — Кæ м дын уыдысты?

— Уæ ртæ сæ уырдыгæ й райстон! — Гуылæ взаг цъæ ррæ мыхстытæ й дзуры Артур, Байри йæ газетты цы дæ лвæ йнæ гмæ баппæ рста, уырдæ м амонгæ йæ.

— Æ мæ сæ нæ агурдзæ н сæ хицау?

— Нæ. Цалдæ р хатты рацыд. Нæ сæ агуырдта. Ноджы йæ м уыд æ ндæ ртæ.

— Ацы чызг дын чи у?

— Гертруд, — чысыл ахъуыдыйы фæ стæ сдзырдта Артур.

— Цæ мæ й йæ зоныс афтæ хуыйны.

— Æ з ыл æ й мæ хæ дæ г сæ вæ рдтон цалдæ р боны размæ. Йæ хæ дæ г дæ р æ й зоны, стæ й мæ ном дæ р зоны. Æ ццæ й нæ, Гертруд? — Йæ цонгмæ йын бавнæ лдта Артур. Уый йæ чысыл къух авæ рдта фыццаг Артуры риуыл æ мæ сдзырдта тынг зынæ й «Алту». Стæ й та йæ йæ хи риуыл авæ рдта æ мæ уый цъус æ нцондæ рæ й загъта «Гелту».

Заза уыцы газетты дæ р райста æ мæ сæ иннæ тимæ бакодта хъæ мпы бын. Ахсæ в уын сæ æ з фенын кæ ндзынæ н, зæ гъгæ.

— Æ мæ Гертруд? — цыдæ р зæ рдæ саст хъæ лæ сæ й бафарста Артур.

— Ницы кæ ны. Сом æ хсæ в æ з Мерийæ н зæ гъдзынæ н. Уыдон клеткæ мæ дæ ауадздзæ нис æ мæ сæ Гертрудæ йæ н уым фенын кæ ндзынæ. — Уыцы хъуыддагыл сразы Артур. Чысыл ма абадт, стæ н йæ цонг ауагъта Гертруды æ фцæ джы. Афтæ бакодта Гертруд дæ р. Кæ рæ дзиуыл ныттыхстысты, афтæ мæ й схуыссыдысты æ мæ бафынæ й сты уайтагъд.

Байри сихор куы хæ рын кодта, раст уыцы рæ стæ джы æ рбацыд Зиба фæ ллад æ мæ æ рхæ ндæ ггъуызæ й...

— Мыййаг дæ кæ д нæ хъыгдардтой ацы сырдтæ? — къулгæ рон цы даргъ бандон уыд, ууыл йæ хи æ руадзгæ йæ бафарста Зиба Байрийы.

— Иу уæ лдай сыбыртт дæ р сæ ничи скодта, — æ ппæ лæ гау загъта Байри.

— Хорз у æ мæ ам нырма сабыр сты. Ох, абон цы диссæ гтæ федтон, уый æ нхъæ л мæ фыны дæ р никуы уыдтæ н. — Байри, цæ мæ й хуыздæ р хъуса Зибайы ныхæ стæ, уый тыххæ й йæ фарсмæ æ рбадт. Заза та кæ д нырма æ ртæ комдзагæ й фылдæ р нæ ахордта сæ касæ й, уæ ддæ р цыма бафсæ ст, уыйау йæ хи айвæ зта, стæ й сыстад. Хæ стæ г бацыд, Зибаитæ кæ м бадтысты, уырдæ м. Астæ рдыл йæ хи ауагъта, цыма сæ хъуыды дæ рнæ кæ ны, уыйау къулы ’рдæ м йе ’ргом сæ здæ хта æ мæ сæ м афтæ мæ й лæ мбынæ г хъусы.

— О, æ мæ сыл цы базайын кодта уыцы базыртæ, уый диссаг нæ у? — Бацымыдис кодта Байри.

— Хæ ст! — цыбырæ й ныллыг кодта Зиба, стæ й ма бафтыдта. — Цалынмæ хæ стæ н кæ рон æ рцæ уа æ мæ Æ нгæ сы планетæ йыл æ ппæ т маймулитæ иумиаг æ взаг ссарой, уæ дмæ ахæ м змæ стытæ н æ нæ уæ вгæ нæ й. Куыд æ нхъæ л дæ? Кæ ддæ р маймулитæ дæ р адæ мау æ нæ мбаргæ уыдысты. Саг рæ зты фæ ндагыл ныллæ ууыдысты сæ йраджы дæ р куысты фæ рцы. Маймулитæ миллионгай азтæ бахардз кодтой, цæ мæ й зонад æ мæ техникæ йы бæ рзæ ндтæ м схызтаиккой. Уымæ н æ мæ маймулитæ н сæ фыццаг хæ цæ нгарз уыд мæ цъис, стæ й цыргъбырынкъ дур. Нæ сын уыд, кæ уыл ахуыр кодтаиккой, ахæ м. Адон та фабрикты, заводты æ мæ вазыгджын механизмтимæ архайынц, ахæ м вазыгджын операцитæ м кæ сынц æ мæ маймулитимæ уыдон дæ р рæ зынц. Нæ кастæ, айразмæ, газеты резинæ -каучукаразæ н заводы иу адæ ймаг цы рационализаторон фæ ндон бахаста, уый тыххæ й?

— Нæ кастæ н, — йæ сæ р банкъуыста Байри.

— Уый бакуыстгонд конструкцимæ гæ сгæ ныр цы резинæ уадзынц, уый раздæ ры резинæ йæ фондз хатты фидардæ р у.

— Кæ с, дæ хорзæ хæ й. Ау, æ мæ маймулиты ахуыргæ ндтæ уый бæ рц дæ р нал сты? — бадис кодта Байри.

— Куысты сæ йраг практикæ у. Уый та, дам, чысылæ й фæ стæ мæ хъомыл дæ р уыцы заводы кодта.

— О, æ мæ сын ныр уый тыххæ й маймулитæ алцы хъуамæ барой?

— Нæ й æ ндæ р гæ нæ н. Маймулитæ й куыстхъом чи у, уыдон хæ сты сты. Адæ мы тыхæ й куы нæ цæ уа пайдагонд, уæ д хæ стмæ чи ’рвиты хæ цæ нгарз? Чи сын æ рвиты хæ ринаг? Орангутангтæ сау куыст сæ сæ рмæ нал хæ ссынц. Сиберы ма фæ стаг гориллæ тæ сты мах хъахъхъæ нджытæ, иннæ тæ Бамбирмæ аивылдысты æ мæ хæ цынц мах ныхмæ. Кæ сыс, абон цы ’рцыд институты? Сиберы зонадон центр уыцы институт у æ мæ дзы директор ссис Боро. Уымæ н та хуымæ тæ джы операци саразын дæ р йæ бон нæ у. Чи дзы уыд, уыдон хæ стмæ ацыдысты. Боро операци кæ мæ н саразы, уый уайтагъд амæ лы. Стæ й иууыл цæ уы расыгæ й. Æ нæ хъуаджы сæ æ фхæ ры, уыдон дæ р нал бабыхстой æ мæ сын ахæ м митæ бакодтой.

— Ныр сын цы сараздзысты?

— Иу мур дæ р ницы. Боро бамбæ рста йæ аххос. Фæ тарст, йæ куыстæ й йæ куы сисой, уымæ й æ мæ ныллæ гъстæ кодта, цæ мæ й йæ ныссус кæ ной.

Заза сывæ ллонау цин кодта, цы цаутæ хъуыста, уыдоныл. Ныры хуызæ н æ м никуы бахъардта абон уа æ ви сом, уæ ддæ р адæ м кæ й ссæ рибар уыдзысты маймулиты дзæ мбытæ й. Кæ й слæ удзысты сæ рæ зты фæ ндагыл.

Æ хсæ вы Генриеттæ, Мери æ мæ Артурæ н радзырдта, цы фехъуыста Зибайæ, уый. Бамбарын сын кодта, кæ д бирæ нæ, уæ ддæ р чысыл, уый сомбоны стыр революцийы райдайæ н кæ й у. Уый фæ стæ хъæ мпы бынæ й раласта газеттæ. Ам дæ р та йæ хинымæ ры стыр бузныг фæ цис Боройæ. Базел æ хсæ в кусджыты ацыдæ й фæ стæ мæ рухсыты судзын нæ уагъта. Боро уыцы фæ тк фæ ивта. Суанг бонмæ рухсытæ кодтой судзгæ. Ныр иугæ р маймулитæ сæ куыст фесты æ мæ ацыдысты, уæ д, дæ хъæ лæ ба дуармæ куыд нæ райхъуыса, афтæ араз, цы дæ фæ нды, уый. (Хъахъхъæ нæ г гориллæ тæ мидæ мæ нæ цыдысты, кæ д-иу исты загъды хъæ лæ ба фехъуыстой, кæ ннод).

Газетты цыдæ риддæ р уацтæ уыд, иууыл дæ р сыл фыццаг йæ цæ ст ахаста. Йæ хинымæ ры бахъуыды кодта цымыдисдæ р æ м дзы цы фæ каст æ мæ раздæ р цы бакæ сдзæ нис, уый. Генриеттæ иты йæ химæ хæ стæ г сбадын кодта. Бафæ дзæ хста сæ, цæ мæ й йæ фарстытæ й ма хъыгдарой кæ сгæ -кæ сын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.