Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 2 страница



Йæ дуры уæ лгоммæ схуыссыд. Йæ цæ нгты та йæ нывæ рзæ н бакодта. Йæ рахиз къах систа æ мæ йæ Бароныл æ рæ вæ рдта. Лæ ппу фыр адæ ргæ й нындзыгау. Йæ хинымæ ры аскъуыддзаг кодта йæ царды фæ стаг уысм кæ й æ рцыд. Ныртæ ккæ йын йæ хурх ацахсдзæ н. Фæ дзурдзæ н йе ’мбæ лттæ м æ мæ йæ ныххурх кæ ндзысты. Фæ лæ дзы ахæ мæ й ницы рауад. Фæ хуыссыд иу дзæ вгар, стæ й сыстад. Дон кæ м банызтой, уыцырдæ м ацыд. Иу дзæ вгар рæ стæ джы фæ стæ æ рбаздæ хт. Хъæ бысы дзаг æ рбахаста хъоппæ джы хуызæ н цыдæ р халсæ рттæ. Æ нæ исты сдзургæ йæ сын сæ фылдæ р адæ мыл апырх кодта. Уыдон растадысты æ мæ уæ ззаугай райдыдтой æ ууилын. Чызг йæ хæ дæ г Бароны цур æ рбадт, зæ ххыл æ ркалдта йæ халсæ рттæ æ мæ райдыдта хæ рын. Барон исдуг æ нхъæ лмæ каст, зæ гъгæ, мæ м кæ д исты сдзурид, фæ лæ уый уыцы æ нæ мæ тгъуызæ й куы хордта, уæ д дзы райста иу, зæ гъгæ, кæ д афтæ мæ й хуыздæ р ссарин йемæ иумиаг æ взаг. Чызг хæ ры. Стæ м хатт бакæ сы Баронмæ. Уый йæ м йæ мидбылты гæ зæ мæ бахуды. Чызгæ н дурæ й хъауджы нæ фендæ ргъуызон вæ ййы йæ цæ сгомы хуыз.

Баронмæ æ гæ р сабыр кæ й дардтой сæ хи, уый баразæ нгард кодта Зазаиты. Уыдон дæ р сæ хи сбæ гънæ г кодтой. Уыцы чызг кæ рдæ джытæ кæ м æ ртыдта, уырдæ м ныццыдысты. Фæ йнæ дæ лармы дзаг æ ртыдтой ставд хъоппæ джытæ. Сындæ ггай бацыдысты адæ мы цурмæ. Апырх сыл кодтой хъоппæ джыты, сæ хæ дæ г æ рбадтысты Баронмæ хæ стæ г. Адæ мæ й сæ м чидæ ртæ скæ стытæ кодтой, æ вæ ццæ гæ н сæ, зæ гъгæ, чи ’рбахаста, уый базоныны тыххæ й, стæ й райдыдтой хæ рын. Барон йе ’мбæ лттæ м сусæ гæ й бакаст æ мæ сын бацамыдта, зæ гъгæ, уæ мачи мацы сдзурæ д. Уый йæ фæ хатыдта ацы адæ ммæ æ ппындæ р æ мбарынад кæ й нæ й æ мæ дзурын дæ р кæ й нæ зонынц.

Сæ кæ рдæ джытæ хæ рд куы фесты, уæ д та фæ стæ мæ схуыссыдысты. Барон йæ иу фарсыл æ рхуыссыд чызджы ’рдæ м здæ хтæ й. Уый йæ м хæ стæ г балæ ст. Йæ чъылдым æ м аздæ хта æ мæ комкоммæ йæ хъæ бысы схуыссыд. Барон куыддæ р фендзыгау. Цыма цавæ рдæ р хъахбай сылгоймаг хуыссыд йæ цуры, афтæ йæ м фæ каст. Исдуг йæ хи фидар кодта, стæ й чызджы уæ хскыл йæ арм æ руагъта. Уый фестъæ лфыд. Йе уæ хсчы сæ рты йæ м тызмæ г каст æ рбакодта, стæ й чысыл дарддæ р абырыд.

«Диссаджы адæ ймаг, — хъуыды кæ ны Барон. — Ног, кæ уыл никуыма фембæ лдтæ н, ахæ м адæ ймаг. Ног, хъуамæ йын йæ ном дæ р ахæ м исты схонон. Зæ гъæ м Нагъуæ.

Чи зоны кæ дмæ нывæ стаид Барон ахæ м сагъæ стæ, æ виппайды, арвы цæ фау, бæ стæ чи сæ мтъеры кодта, ахæ м хъуыддаг куынæ ’рцыдаид, уæ д. Ахх, ахæ м ныв никуы ма федтой нæ зæ ххон бæ лццæ ттæ зæ ххыл...

Нагъуæ Бароны хъæ бысы куы ’рхуыссыд, уæ д Морисы уæ нгтæ цыдæ р ихæ н рызт скодтой. Ахæ м рæ сугъд чызг уый нæ, фæ лæ йе ’мбалы цур кæ й схуыссыд, уый йæ м куыддæ р хардзау æ ркаст. Зæ гъгæ, æ взонг математик, рæ хджы зонæ дты дохтыр чи уыдзæ н, уый цур нæ хуыссы ахæ м зæ дæ нгæ с æ взонг чызг, фæ лæ цавæ рдæ р уацхæ ссæ джы цур. (Хи уæ лдæ р кæ ныны æ нкъарæ нтæ раджы ныббиноныг сты Морисы зæ рдæ йы. Æ мæ йын ам дæ р ферох кæ нын кодтой, цы уавæ ры ис, уый). Ныр Бароны чызджы цæ сты фæ худинаг кæ ныны охыл дæ лгоммæ ныххуыссыд. Йæ цæ нгтæ йæ ныхы бын акодта æ мæ хъæ рæ й сдзырдта.

— Уый дæ р дæ базыдта, Барон, дымыстæ р уацхæ ссæ г кæ й дæ...

Ахх! цыма сæ астæ у арвы цæ хæ ртæ æ ркалдысты, уый схъиуд фæ кодтой адæ м. Бæ стæ хъæ рахст ссис.

Фæ йнæ рдæ м ратæ х-батæ х кæ нынц. Æ рмæ ст диссаг уый у æ мæ дзы иу, чысыл исты нысаниуæ г уæ ддæ р кæ мæ н уыдаид, ахæ м зæ л никæ й дзыхæ й хауы. Сæ хурхы сæ ртæ й уыцы æ мхуызон хъихъхъ кæ нынц цъиахтау. Барон дæ р фестад. Йе ’мбæ лттæ н ацамыдта, зæ гъгæ, уыдон куыд кæ нынц, афтæ кæ нут, цæ мæ й ныл ма фæ дызæ рдыг уой.

Уыцы хъæ р-хъæ лæ ба ахаста иу æ рдæ г сахаты бæ рц. Уый фæ стæ чысылгай сабыр кæ нын байдыдтой. Адæ м хъæ дтæ й фæ стæ мæ здæ хынц æ рдузмæ. Цæ уынц. Æ мбырд кæ нынц. Уыйбæ рц адæ м æ рбамбырд æ мæ уыцы уæ рæ х æ рдузы цæ угæ дæ р нал кодтой. Уæ ддæ р цæ уынц. Се змæ лд, сæ цæ стæ нгас иууылдæ р æ вдисы стыр тасдзинад. Барон аивæ й бакаст Морисмæ. Раст цикъæ йау ныффæ лурс. Йе уæ нгтæ ризынц.

«Гъе, сæ рхъæ н, ай иууылдæ р дæ фыдбылыз уыд», — хъуыды кодта æ мæ цæ стæ нгасæ й уыцы æ мхуызон адæ мы ’хсæ н агурын байдыдта Нагъуæ йы. Куы йæ ссардта, уæ д æ м хæ стæ г бацыд. Уый дæ р уыд Морисау фæ лурс æ мæ йе уæ нгтæ рызтысты. Барон æ м йæ мидбылты бахудын афæ лвæ рдта, фæ лæ чызгæ н йæ лыстæ г даргъ æ нгуылдзтæ куыд æ рбатымбыл сты, йæ дæ ндæ гтæ куыд схъыррыст кодтой, уый куы федта, уæ д иннæ рæ м азылд.

Адæ м налдæ р бадгæ кодтой, налдæ р хуысгæ. Фосы дзуг бирæ гъы фæ лæ бурды фæ стæ куыд сдзолгъо-молгъо вæ ййынц, афтæ фæ кодтой иу дзæ вгар. Уый фæ стæ чысыл къордтæ -къордтæ й апырх сты доны ’рдæ м. Барон йæ хи Нагъуæ йы фæ рсты фæ цæ уæ г кодта, фæ лæ йæ уый хъуыды дæ р нæ кæ ны. Донмæ куы баввахс сты, уæ д Нагъуæ аздæ хт æ мæ райдыдта хъоппæ джытæ хæ рын. Барон цæ стæ нгасæ й ацагуырдта йе ’мбæ лтты. Уыдон нырма æ рдузы лæ ууынц иунæ гæ й. Сæ ахасты зыны, цы бакæ ной, ууыл кæ й тæ рхон кæ нынц. Барон сæ м аздæ хт. Уым хæ стæ г куы ничи уыд, уæ д сæ бафарста ныллæ г хъæ лæ сæ й.

— Цы чындæ уа?

— Æ гæ р сæ сызнæ т кодтам, — мæ стыгъуызæ й дзуры Заза. — Бæ рæ г у адæ ймаджы хъæ рæ й тынг кæ й тæ рсынц. Фæ рæ дыдыстæ м. Ам æ мбаргæ адæ м макуы цæ ра, уый гæ нæ н нæ й. Æ вæ ццæ гæ н сæ уыдон хъыгдарын байдайынц æ мæ уымæ н афтæ тæ рсынц. Ам æ рбадыны агъоммæ уал нæ азилын хъуыд бæ рзæ ндты. Искуы горæ т, гъе, хъæ умæ ’ввахс уæ ддæ р æ рбадтаиккам.

Ацы ныхæ стæ куы кодтой, уæ д сæ м æ рбацыд Нагъуæ. Цыдæ ргъуызон цъæ хснаг хъæ лæ сæ й схъихъхъытæ кодта. Къухæ й сыл ахæ цыд, иннæ тæ чердæ м ацыдысты, уыцырдæ м, стæ й сæ разæ й араст. Ацыдысты уыдон дæ р. Дзурын нал уæ ндынц. Аивæ й къухтæ æ мæ цæ стæ нгасæ й кæ рæ дзийы фæ рсынц, зæ гъгæ, цы бакæ нæ м?

Доны былтыл апырх сты адæ м æ мæ адджынæ н хæ рынц уыцы алыгъуызон халсæ рттæ. Заза йæ цæ стæ й ацамыдта йе ’мбæ лттæ н, зæ гъгæ, дон нуазыны ’фсон азилæ м къæ дзæ хы рæ бынæ рдæ м. Афтæ бакодтой. Куы фæ хицæ н сты, уæ д сын бамбарын кодта, зæ гъгæ, сæ астæ уты аивæ й, куыд ницæ уыл фæ дызæ рдыг уой, афтæ иу дзæ вгар фæ рацу-бацу кæ нæ м, цæ мæ й ныл сæ цæ ст сахуыр уа. Уый фæ стæ скæ ндзыстæ м нæ дзаумæ ттæ. Æ з æ нхъæ л дæ н афтæ мæ й ныл æ рæ ууæ нддзысты. — Цы гæ нæ н уыд? Уымæ й хуыздæ р сæ чи цы фæ нд æ рымысыдаид, уый нæ зыдтой.

Бакодтой афтæ. Алчи дæ р сæ куыд федтаид, афтæ фæ рацу-бацу кодтой адæ мы ’хсæ нты. Кæ уыл-иу сæ хи басæ рфтой, кæ мæ н-иу дзы исчи йæ цонгмæ февнæ лдта, цыма фæ цæ йхаудта æ мæ æ ххуысы ’фсон.

Афтæ куы банхъæ лдтой, зæ гъгæ ныл ныр баууæ ндыдаиккой, уæ д сындæ ггай цæ уынц уæ лæ мæ, сæ дзаумæ тты ’рдæ м. Ссыдысты сæ м. Раздæ р сбадтысты сæ цуры. Уый фæ стæ райдыдтой сæ пысултæ кæ нын. Иннæ ты уæ лдай сæ м Нагъуæ цæ мæ ндæ р тынгдæ р дардта йæ хъус. Æ мæ канд уыдонмæ нæ, фæ лæ -иу иннæ тæ й дæ р исчи куы фæ хицæ н, уæ д-иу æ м ацыд æ мæ, фосы куыд здахай, афтæ -иу æ й æ рбаздæ хта.

Ныр куы фæ хатыдта Зазаитæ кæ й ахицæ н сты иннæ тæ й æ мæ уæ лæ мæ кæ й ацыдысты, уый, уæ д, зивæ ггæ наг фыййауау, сабыр араст сæ фæ дыл. Цалынмæ сæ тæ ккæ цурмæ схæ ццæ, уæ дмæ йæ м бæ ласæ й нæ зындысты æ мæ цыдис кæ рдæ джытæ хæ ргæ. Бæ ласæ й цалынмæ фæ уæ ле, уæ дмæ сæ дзаумæ ттæ æ рдæ г конд уыдысты. Уыцы хуызы сæ куы ауыдта, уæ д иу хъихъхъ фæ ласта æ мæ уырдыгмæ йæ хи аппæ рста, цыма йæ м бирæ гъты бал ралæ бурдта.

— Ласгæ ут фæ стæ мæ! — фæ хъæ р кодта Заза, фæ лæ цалынмæ сæ хæ дæ тты фæ йнæ дысы æ лвæ стой, уæ дмæ æ мбондау, сæ алывæ рсты æ ртыхстысты уыцы тызмæ г адæ м, сæ хи сыл ныццавтой. Абынæ й сæ кодтой æ мæ сын райдыдтой сæ дзаумæ ттæ бырæ гътæ кæ нын. Сæ уæ лæ дарæ смæ сын чи не ’ххæ ст, уыдон та пырх кодтой, бæ ласы бын ма сын цы уыд, уыдон. Бынтон сæ куы афистæ г кодтой æ мæ сын сæ дзаумæ тты лыстæ г бырæ гъ куы ныккодтой, уæ д сæ суагътой. Иуцастæ р ма сæ м мæ стыгъуызæ й фæ кастысты, стæ й та апырх сты. Сæ цуры ма баззад æ рмæ ст Нагъуæ. Зын рахатæ н нæ уыд уый сын цыдæ р нысæ нттæ м гæ сгæ сæ цуры хъусдарыны тыххæ й кæ й ныууагътой.

Адæ мæ н сæ фылдæ р ацыдысты, Зазаитæ сæ нау кæ м ныууагътой, уыцырдæ м. Хæ стæ г сæ м куы ничиуал уыд, уæ д сæ Нагъуæ басхуыстытæ кодта, æ мæ та разæ й араст, иннæ тæ чердæ м ацыдысты, уыцырдæ м. Ацыдысты æ мæ федтой, ныр сын бынтон сæ ныфс æ мæ сæ хъару чи асаста, ахæ м æ намонддзинад: адæ м нымбырд сты науыл. Пырх æ й кæ нынц. Йæ дуæ рттæ йын ратыдтой. Йæ къухы дзы кæ мæ н цы бафты, уый дуртыл хойын райдайы, цалынмæ ма дзы йæ къухы хæ рз гыццыл мур баззайы, уæ дмæ. Афтæ йæ фæ ратон-батон кодтой, цалынмæ сын дзы исты скъуынын куымдта, уæ дмæ.

Куы ризæ р, уæ д адæ м иууылдæ р æ рымбырд сты доны фаллаг фарс æ рдузмæ. Алчи йæ хицæ н æ рбахаста кæ рдæ джытæ, бæ лæ сты сыфтæ ртæ. Ныккалдтой сæ иу рæ тты æ мæ дыгæ йттæ, æ ртыгæ йттæ й абырыдысты сæ мидæ г. Зазаитæ исдуг нæ зыдтой цæ мæ н сæ хъæ уынц уыцы кæ рдæ джытæ, уый æ мæ афтидæ й æ рбацыдысты сæ фæ дыл. Уæ дæ цы кодтаиккой? Нал ис нау, кæ д ма дзы цыдæ р аззад, уæ ддæ р æ нæ сцалцæ г нал бæ ззы, цалцæ г кæ нынæ н та сæ рибар рæ стæ г æ мæ мигæ нæ нтæ хъæ уы. Уыдонæ й та сæ къухы иу дæ р нæ й. Æ дзух сты цыдæ р æ нæ мбаргæ хъусдарды бын. Нал ис дзаума, ныр сæ цалынмæ исты æ нæ нхъæ лæ джы фыдбылыз æ рæ ййафа, уæ дмæ хъуамæ цæ уой уыцы адæ мы фæ дыл. Кæ ной, уыдон куыд кæ ной, афтæ.

Заза æ мæ Морис уыцы фыдæ бæ тты фæ лладæ й уайтагъд афтид нæ ууыл афæ лдæ хтысты æ мæ хуыссынц. Барон Нагъуæ мæ кæ сгæ йæ афæ стиат. Куы ’рбацыдысты, уæ д Нагъуæ йæ кæ рдæ джыты иу фæ з ран æ ркалдта. Бароныл æ рхæ цыд, ома схуысс, йæ хæ дæ г ацыд. Ноджы ма иу хъæ бысыдзаг æ рбахаста. Уыдон дæ р уым æ ркалдта æ мæ схуыссыд Бароны фарсмæ. Уайтагъд ныффынæ й сты æ мæ бонмæ сæ къах дæ р нал атылдтой.

III

Заза диссаджы дзæ бæ х фын уыдта. Цыма оперæ йы бады. Цавæ рдæ р æ хцон музыкæ йы зæ лтæ йын йæ хъустæ рæ вдауынц, фæ лæ куыдфæ стагмæ тынгæ й-тынгдæ р æ мæ сæ ртæ гдæ р кæ нынц. Уалынмæ йын цыма чидæ р йæ тæ ккæ хъусы цур йæ тых, йæ бонæ й пианинойы клавиштæ æ мцæ ф ныккодта. Фехъал Заза. Æ нæ хъæ н æ рдузы дзаг адæ м æ мызмæ лд кæ нынц. Алчи дæ р дзы йæ хъæ лæ сы дзаг хъихъхъ кæ ны. Заза агуры йе ’мбæ лтты. Цæ й æ мбал æ мæ цæ й цыдæ р? Афтæ схæ ццæ сты æ мæ дзы куыдз йæ хицауы нал ссардтаид. Æ виппайдæ й адæ м, миты зæ йау, афсæ рстой хъæ ды ’рдæ м. Заза дæ р лидзы. Куы йæ чи скъуыры йæ сынæ гæ й, куы чи. Бæ ргæ æ рлæ ууид. Банхъæ лмæ кæ сид, цалынмæ иууылдæ р йæ разæ й фæ уой, уæ дмæ, фæ лæ йæ сæ разæ й хæ ссынц адæ м.

Хæ йрæ г бамбарæ д цы ’рцыд, уымæ н исты. Баронитæ сæ фезнæ т кодтаиккой æ мæ уæ д цы фесты сæ хæ дæ г? Сæ разæ й лидзынмæ кæ д фесты, мыййаг, фæ лæ кæ й онг лидздзысты?

Хъæ ды уыцы иугуырæ й цæ уæ н нал уыд адæ мæ н. Заза иу бæ ласы фæ стæ фæ цис æ мæ йæ ныууагъта адæ мы зæ й. Уæ ддæ р сæ фæ дыл æ дзæ угæ нæ уыд. Стæ й иу бæ ллæ х та уый у æ мæ фæ стейæ, стæ й сæ алы фæ рстырдыгæ й дардæ й хъуысы цавæ рдæ р уынæ р, мæ нæ цуанонтæ сырдты дзуг сæ разы бадджыты ’рдæ м куы фæ сурынц, уæ д куыд фæ ура кæ ныц, ахæ м хъæ лæ ба. Уыцы уынæ рæ й адæ м афтæ тæ рсынц æ мæ чердыгæ й фæ цæ уы, уырдыгæ й та иннæ рдæ м фессæ ндынц. Лидзы Заза, уалынмæ йæ хъустыл ауад топпы гæ рах. Ау, топпы гæ рах уыд? Æ нæ мæ нг топпы гæ рах. Дыккаг, æ ртыккаг. «Хæ ст уа, æ мæ ацы бæ гънæ г, æ нæ мбаргæ афтидарм адæ ммæ хæ цæ нгарзимæ чи æ рбалæ бурдта, уыдон цавæ р адæ м уыдзысты? — лидзгæ -лидзын хъуыды кæ ны Заза.

Æ хст цæ уы иу къаннæ г æ рдузы фалейæ. Адæ м лидзынц уыцы æ рдузыл. Æ вæ ццæ гæ н сын искуы сæ хи бааууонгæ нæ н бынат ис æ мæ уырдæ м лидзынц. Æ рдузы кæ ронмæ бахæ ццæ Заза. Ам адæ м сæ мтъеры сты. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ дзы иу кæ нæ дыууæ алидзы. Чи дзы аирвæ зы, кæ й та æ рбаййафы знаджы нæ мыг. Зазайы бæ ргæ фæ нды, цы хабар у, уымæ й искæ й бафæ рсын, фæ лæ кæ й бафæ рса. Йæ алыварс фосау æ нæ мбаргæ, æ нæ бон адæ м. Чи æ хсы, уыдонæ й искæ й уæ ддæ р куы фенид. Къутæ рты ’хсæ нты хæ стæ гдæ р бабырыд æ рдузы кæ ронмæ. Кæ сы æ мæ... Ау, фын уыны æ ви бынтон сæ рра ис æ мæ йæ цæ стытыл, стæ й йæ хъустыл дæ р цыдæ р диссаджы нывтæ уайы... Нæ, нæ. Уый нæ дæ р фын у, нæ дæ р йæ цæ стытыл исты уайы. Уæ ртæ хъæ дгæ ронæ й фæ хицæ н Морис, уый Морис у æ нæ мæ нг. Йæ булкъдаст сæ рæ й йæ Заза арвы кæ ронмæ дæ р равзардзæ н ацы хъуынджын адæ мы астæ у, уымæ н æ мæ йын æ й йæ хæ дæ г ныддаста науы мидæ г. Ахæ м тахт фæ кæ ны, цыма уæ лдæ фы сыстад. Уалынмæ та гæ рах фæ цыд. Морис йæ мидбынаты цъилау ныззылд æ мæ дæ лгоммæ йæ дзæ хст фæ цыд. Заза исдуг йæ цæ стытæ ахгæ дта, стæ й фæ каст, æ хст кæ цæ й фæ цыд, уыцырдæ м. Дынджыр тæ рсбæ ласы цонгыл бады... Гориллæ... Маймули. Йæ къухы топп æ мæ дзы æ хсы адæ мы. Заза мæ м бæ стондæ р ныккаст, зæ гъгæ, кæ д мæ м æ нæ уи афтæ фæ каст, фæ лæ нæ. Бады маймули, йæ фæ стаг дзæ мбытæ й фидар хæ цы бæ ласы цонгыл. Раздæ гтæ й хæ цы топпыл. Адæ ймаг куы рацæ йлидзы, уæ д та йæ м ныхъхъавы æ мæ йæ багæ рах кæ ны. Зазамæ исдуг худæ г фæ каст, маймули топпæ й куыд рæ вдз æ хсы, уый. Цыма цирчы ис, афтæ фæ хатыдта йæ хи. Хъуамæ йæ хъæ лæ сы дзаг ныххудтаид, маймули затвор куыд фефтыдта æ мæ нæ мыг куыд цырд асагъта лулæ йы, уымæ кæ сгæ йæ, фæ лæ гæ рах куы фæ цыд, æ мæ та иу адæ ймаг куы ’рфæ лдæ хт, уæ д йæ зонд фæ хæ ццæ йау.

Адæ м, æ вæ ццæ гæ н, æ гæ р куы стыхстысты, уæ д уыцы иу гуылф фæ кодтой æ мæ æ рдузы астæ у февзæ рдысты. Маймули фæ тыхст. Мигæ нæ н аифтындзынмæ нал фæ царæ хст æ мæ йын ауындзæ гæ й аззад. Уыцы уавæ рæ й спайда кодта Заза дæ р. Тарст цъиуау фæ пæ ррæ ст ласта. Налдæ р æ вæ лтæ рд къæ хты рис æ рхъуыды кодта, налдæ р фæ ллад. Уайтагъд адæ мы бардзы ’хсæ н февзæ рд. Хъæ дмæ куы баирвæ зт иугæ р, уæ д æ нхъæ лдта, зæ гъгæ, ныр мын кæ д ницыуал кæ нид уыцы маймули, фæ лæ дзæ гъæ лы...

Адæ мы бардз афтæ тæ хы, цыма бындзытæ фестадысты. Заза нал хаты йæ къæ хты бын сыфтæ ртæ. Лидзы. Лидзы, фæ лæ иу ран зæ хх йæ къæ хты бын фæ тасæ гау кодта æ мæ Заза дыууæ сылгоймагимæ нарæ г арф уæ рмы ныммидæ г. Бæ ргæ ма афæ лвæ рдтой схизыныл, фæ лæ ницы.

Цас фæ уыдаиккой уæ рмы, уый чи зоны, фæ лæ иу рæ стæ джы уæ рмы былыл фæ зынд фондз нæ л гориллæ йы. Цыдæ ргъуызон тæ лыджын бæ ндæ нтæ сæ м ауагътой. Тæ лытæ -иу сæ хигъæ дæ й æ рбатыхстысты адæ ймаджы астæ уыл. Афтæ мæ й сæ систой. Æ ндæ р гориллæ тæ сын се ’фцджыты бæ ндæ нтæ афтыдтой æ мæ сæ сæ фæ дыл нывонд фысты ласт акодтой. Иу ран хъæ ды кæ рон лæ ууыдысты кæ ттагæ й æ мбæ рзт уæ зласæ н машинæ тæ. Уыдонæ й сæ иуыл баппæ рстой. Фæ стейæ йæ ставд телæ й хызбыд дуарæ й бахгæ дтой. Машинæ йы гуыфæ йедзаг уыд фæ ллад æ мæ тарстгъуыз адæ мæ й. Заза уайтагъд æ рхауд иу къуымы.

Машинæ тæ скуыстой æ мæ араст сты. Заза клеткæ йæ кæ сы, сæ фæ стæ цы машинæ цæ уы, уый кабинæ мæ. Рулыл бады шимпанзе, йæ фарсмæ фæ стæ дзæ г бады ацæ ргæ гориллæ. Йæ сæ рыл цъæ хбын шляпæ. Сау пиджачы бынæ й зыны урс хæ дон, йæ хъуырыл зынгхуыз галстук.

«Гъе, уый дын космикон балц, Заза, — йæ хинымæ ры дзуры. — Хорз уацары куы бахаудтæ. Нæ, фæ лæ мæ гуырæ г Морис. Йæ диссертацийы мæ т ма кодта. Æ вæ ццæ гæ н зæ рдæ хатыдта йæ балцы фæ стиуæ г æ мæ уымæ н ныззивæ г кодта фæ стагмæ. Гъе, фæ лæ Барон та цы фæ цис? Ау, уый дæ р амардаид? » — Ам æ м фæ зынд уыцы машинæ йыл Бароны бацагурыны фæ нд. Адæ мы ’хсæ нты иу цалдæ р цыды акодта размæ -фæ стæ мæ, фæ лæ нæ разынд уым. Ех, — ныр батæ худы кодта Морисы хъысмæ тмæ. Цы фæ уыдзæ нис? Цы ми йын кæ ндзысты ацы маймулитæ? Цавæ р фыдæ бæ ттæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ сы?

Машинæ тæ æ рлæ ууыдысты иу ран. Заза сыстад, клеткæ йæ ракаст. Цавæ рдæ р хъæ у. Машинæ ты алывæ рсты рауай-бауай кæ нынц хорз арæ зт маймулиты лæ ппынтæ. Адæ ммæ æ ппарынц канфеттæ, бананы кæ рстытæ. Адæ м сыл кæ рæ дзи куыд тонынц, уый сæ м худæ г кæ сы. Машинæ йæ рахизын кодтой адæ мы. Бакодтой сæ бæ рзонд æ мбонды мидæ гæ й. Заза иу кæ ронмæ ацыд. Уым лæ ууыд бирæ маймулитæ. Цы ми сын кæ ндзысты, уый йæ м ардыгæ й хуыздæ р зындзæ н. Фæ стаг хатт ма æ рцыд иу машинæ. Йæ гуыффæ йæ йын райстой бирæ адæ мы мæ рдтæ. Тæ ккæ сæ, Заза кæ м лæ ууыд, уым æ мбондгæ рон рæ гъæ й равæ рдтой. Заза уайтагъд ауыдта Морисы. Уый хуыссыд уæ лгоммæ. Йæ цæ нгтæ йæ фæ рстæ м æ рхаудтой. Йæ цæ стæ нгас сабыр, æ нæ мæ тгъуыз, цыма йæ хъысмæ тæ й стыр райгонд у. Зазамæ афтæ фæ каст, цыма йæ уыцы цæ стæ нгас мæ стæ й дæ р мары, ома кæ сыс, мæ нæ н мæ дзул лæ вæ рд фæ цис, дæ уæ н та дæ фыдæ бæ ттæ нырма нæ дæ р райдыдтой. Заза йæ м кæ сын нал фæ рæ зта æ мæ йæ цæ стæ нгас азылдта, мæ рдты ’хсæ н агуры Бароны. Никуы йыл схæ цыд йæ цæ ст. Уæ д йæ зæ рдæ чысыл барухс. Кæ д ыл, зæ гъгæ, фембæ лин, уæ д нын нæ кæ уинаг хъысмæ тыл иумæ сагъæ с кæ нын æ нцондæ р уыдзæ н. Раст æ м уыцы рæ стæ джы чидæ р йæ тæ ккæ хъусы цурæ й æ рбадзырдта йæ номæ й. Заза йæ м фæ зылд æ мæ йæ фыр цинæ й ныхъхъæ р кæ нынмæ бирæ нал бахъуыд. Йæ уæ лхъус лæ ууыд Барон. Чысыл æ ддæ дæ р та лæ ууы Нагъуæ. Зазамæ афтæ фæ каст, цыма сæ ам дæ р хъахъхъæ нгæ кæ ны æ мæ йæ м тызмæ г цæ стæ й бакаст.

— Уадз æ й, Заза, — маймулитæ й йæ куыд ничи фехъуса, афтæ ныллæ г хъæ лæ сæ й бадзырдта Барон. — Ныр нын уымæ й ницыуал тас у, фæ лæ ма ахæ м æ мбисонд дæ р искуы фехъуыстай. Маймулитæ адæ мыл цуан кæ нынц.

— Уыдон æ рдзы хынджылæ ггаг митæ сты, æ вæ ццæ гæ н. Нæ, фæ лæ дæ м куыд кæ сы, Барон, цы ми нын кæ ндзысты?

— Æ мæ сын цы бамбæ рстæ уа? Кæ сыс, уæ ртæ уыцы хытъынджын маймулитæ м? Уыдон базар кæ нынц мæ рдтыл. Хæ дæ гай, Морис кæ й амард, уый базыдтай? — фæ рсæ джы каст æ м бакодта Барон.

— Æ намонд Морис. — бахъынцъым кодта Заза, — уæ ртæ ма йæ м бакæ с. Нардæ й йæ уыны уыцы орангутанг, æ ви йын цы ми кæ ны? — Мæ рдты чи рауын-бауын кодта, уыцы тæ нджын орангутанг уыцы рæ стæ джы ’рбахæ ццæ Морисмæ. Кæ ронмæ йын уынд куы фесты, уæ д бацыд, æ рдæ бон шофер-шимпанзейы фарсмæ чи бадт, уыцы гориллæ мæ. Йæ дзыппæ й æ хца систа. Радта йæ м сæ, стæ й мæ рдты райдыдтой æ ндæ р машинæ мæ калын, цæ мæ н сæ хъæ удзысты, уый нæ дæ р Барон хаты, нæ дæ р Заза æ мæ сæ м æ нцад кæ сынц. Уыцы машинæ куы анкъуыст, уæ д гориллæ иу тызмæ г орангутангимæ бацыд кæ ртмæ. Райдыдта æ взарын адæ мы. Йæ къухæ й-иу кæ мæ ацамыдта, уыдон-иу кæ дæ мдæ р акодтой æ ндæ р гориллæ тæ. Акодтой Барон æ мæ Нагъуæ йы дæ р. Заза тынг стыхст, Баронæ й та куы фæ хицæ н, уæ д. Иу цалдæ р хатты, цыма æ нæ нхъæ лæ джы, афтæ -иу февзæ рд, Базел кæ й хуыдта гориллæ, уыцы орангутангы раз, фæ лæ йæ уый хъуыды дæ р не ’ркодта. Базел (фæ стæ дæ р базыдта Заза уый уæ лдæ р физиологийы институты директор профессор Базел кæ й уыд) куы æ взæ рста, адæ мæ й йæ чи хъуыд, уыдон, уæ д та базаргæ нæ гмæ бацыд, мæ рдты чи балхæ дта, уыцы орангутанг. Уый æ взаргæ нæ кодта. Цыдæ риддæ р ма дзы баззад, уыдон иу нарæ г, дыууæ бæ рзонд кауы астæ у фæ ндагыл акодтой, иу вагоны сæ батардтой. Уырдæ м сын банантæ бакалдтой. Адæ м сыл сæ хи уыцы зыд цæ ф ныккодтой. Заза дзы иумæ дæ р нæ февнæ лдта, кæ д ын тынг стонджы уыд, уæ ддæ р. Маймулитæ н æ м сæ хиау сæ хæ ринаг дæ р æ лгъаг зынд. Цас æ мæ сæ цахæ м бынæ тты ластой, уымæ н ницы базыдта Заза, фæ лæ æ ппынфæ стаг æ рлæ ууыд поезд, уырдæ м сæ м æ рбакодтой машинæ тæ. Гуыффæ тæ м сæ бакалдтой. Сæ алыварс лæ ууыдысты стыр нæ л гориллæ тæ даргъ цыргъ бырынкъ лæ дзджытимæ. Исчи-иу дзы агæ пп кæ нынмæ куы хъавыд, уæ д та-иу æ й фæ рæ хуыстой. Ластой сæ цавæ рдæ р стыр æ мæ тынг аив арæ зт горæ ты астæ уты. Хæ дзæ рттæ н сæ фылдæ р фондз — дæ с — фынддæ с уæ ладзыгонтæ. Иууыл сау мраморæ й арæ зт. Уынгтæ фæ тæ н æ мæ лæ гъз, сæ кæ рæ тты егъау бæ лæ стæ. «Кæ д ацы горæ ты маймулитæ сарæ зтой, уæ д уыдон махмæ маймулитæ й не сты. Уæ д уыдон сты хæ йрæ джытæ ». — Хъуыды кæ ны Заза.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.