Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 1 страница



I

Науы цæ ттæ дзинад ма иу хатт бæ стон бафæ лвæ рдта Заза. Бафæ дзæ хста Барон æ мæ Морисы, цæ мæ й дзæ бæ х ахъуыды кæ ной æ мæ мацы ферох кæ ной. Кæ д ма сæ искæ й искуы исты хъуыддаг ис, уæ д сыл æ рзилой. Уыдон дæ р бацархайдтой. Бафснайдтой, науы хуылфы цалдæ р азы фаг сæ хæ ринаг æ мæ дон цы хъуыд, уый. Нывæ рдтой чингуытæ, цалдæ р газет æ мæ журналты фæ стаг номертæ, шахматтæ æ мæ æ ндæ р цы хъуыд, уыдон.

— Нæ дард балцы араст уыдзыстæ м райсом цыппар сахатыл. Ацы изæ р ма уæ цы саразын фæ нды? — Куыд космикон балцы къухдариуæ ггæ нæ г, афтæ бафарста Заза йе ’мбæ лтты; æ взонг математик Морис æ мæ уацхæ ссæ г Бароны.

— Мæ гуырау нæ уаид рестораны абадын дæ р, фæ лæ нын бадын æ мæ ныхас, стæ й минас кæ нынæ н æ гæ р бирæ рæ стæ г дæ р ма уыдзæ нис, — загъта Барон æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Фæ лтау ацæ уæ м театрмæ. Нæ космикон науы, мыййаг, артисттæ куынæ уыдзæ н æ мæ нын уæ лдæ фы пьесæ тæ куы нæ ’вдисдзысты.

— Иттæ г хорз хъуыды, — йæ æ рмтты, æ мдзæ гъдгæ нæ гау, кæ рæ дзиуыл æ рцавта Заза. — Театр, уæ д театр. Цæ уæ м, Морис. Ды æ гæ р æ нкъард кæ ныс, — йе уæ хск ын æ рхоста. — Дæ цахъхъæ ны цы ’фсады ахæ м зын æ мæ тæ ссаг балцытæ й.

— Нæ, куы нæ дæ н æ нкъард. — Йæ хи растгæ нæ гау дзуры Морис. — Æ з хъуыды кæ нын, цы чиныг ма мæ ахсджиагдæ р бахъæ удзæ нис, ууыл.

Космикон науы хæ с уыд Зиптуны тыгъдад сахуыр кæ нын. Цас егъаудæ р у хурæ й æ мæ йæ тæ вдад цас тыхджындæ р у, уый базонын. Искуы ма зæ ххы æ нгæ с планетæ ис æ ви нæ, уый базонын. Ацы фæ стаг хъуыддаг сын иу цалдæ р мæ йы афæ стæ дæ р кодта сæ балцы ацæ уыны æ мгъуыд. Раздæ р науæ н нысангонд цыд бæ рæ г фæ ндаг. Кæ цæ й ацыдаид æ мæ кæ м хъуамæ æ рбадтаид, уый нымад уыд. Фæ стагмæ сæ м æ рцыд æ ндæ р хъуыды: искуы, зæ гъгæ, уæ д та зæ ххы ’нгæ с планетæ йыл фембæ лдыстæ м. Бафæ ндыд нæ йæ фенын. Цы кæ ндзыстæ м? Космикон нау, кæ м дæ фæ нда, уым не ’рбаддзæ н. Куы ’рбада, уæ д та йын сыстæ н нал ис. Уæ д хъуамæ кæ нæ ныууадзæ м уыцы планетæ æ нæ уындæ й, науæ д та уым баззайæ м мыггагмæ.

— Цытæ дзурыс, хуыцау ма зæ гъæ д искуы баззайын. — Цыдæ р тарстгъуыз ахъазыд Морисы цæ сгомыл.

— Æ з, мыййаг, искуы баззайынмæ мæ былтæ нæ хæ рын, фæ лæ балцы æ мгъуыд куы фæ дарддæ р кæ нæ м æ мæ науы куы фæ хуыздæ р кæ нæ м, æ ппæ тæ й дæ р нæ коммæ куыд кæ са, афтæ йæ куы саразæ м, уæ д хуыздæ р уыдзæ нис. — Йæ хъуыды æ ххæ стæ й загъта Заза. Тынг хорз фæ нд фæ каст уый Барон æ мæ Морисмæ дæ р.

Науы мидæ г куы ныххызтысты æ мæ герметикон дуар æ нгом куы ныхгæ дтой, уæ д февзæ рдысты мады гуыбыны хуызæ н талынг ран. Чи кæ м бады, уый ма сæ улæ фтæ й кæ д хатыдтой, æ ндæ р цæ стæ й фенæ н ницы уыд. Æ виппайды гæ зæ мæ цæ йдæ р гуыр-гуыр ссыд. Уый фæ стæ науы цыма исты сриуыгъта, уыйау дзаумæ ттæ нынкъуыстысты. Фæ лæ уый уыд иу цæ стыфæ ныкъуылд, стæ й алцы дæ р ныссабыр.

— Заза, дæ хорзæ хæ й, кæ д гæ нæ н ис, уæ д мæ н фæ стæ мæ ахизын кæ н, — талынджы райхъуыст Морисы дзурын, фæ лæ йын дзуапп куы ничи радта, уæ д ма йæ дзырдмæ бафтыдта. — Мæ диссертаци æ рдæ г фыст у, цæ мæ йзон цас ныддаргъ уыдзæ н ацы балц. Мæ нæ н та кафедрæ цы ’мгъуыд радта дохтыры диссертаци ныффыссынæ н, уый рæ хджы фæ уд кæ ны.

— Ныртæ ккæ зæ ххæ й стæ м сæ дæ километры дарддæ р, — бахъуыр-хъуыр кодта Заза, фæ лæ Морисæ н дзуапп лæ вæ рдта, æ ви æ нæ уи афтæ йе ’взагыл æ рбабадт, уый зын рахатæ н уыд.

— Цы дзурыс уый! —йæ дзаумæ тты сыбар-сыбурæ й æ нцон рахатæ н уыд кæ й фестъæ лфыд Морис. — Ды сайгæ кæ ныс, Заза. Нырма зæ ххæ й змæ лгæ дæ р куынæ фæ кодтам.

— Ма мæ хъыгдар, Морис. Æ з сæ рмагонд прибормæ гæ сгæ бæ рæ г кæ нын, зæ ххæ й цас дарддæ р цæ уæ м, уый. Рæ стæ гыл куынæ фæ ивæ м науæ н йæ фæ ндаг, уæ д гæ нæ н ис æ мæ Зиптунмæ æ гæ р хæ стæ г бацæ уæ м. Уæ д æ виппайдæ й æ д нау атайдзыстæ м.

— Заза, æ рмæ ст ма мын рухс фенын кæ н, стæ й дæ кæ дæ м фæ нды, уырдæ м мæ лас, — Барон та рухсыл батыхст.

— Уыдзæ н. Куыддæ р науы фæ ндаг фæ ивæ м, афтæ фæ рссæ гты æ мбæ рзæ нтæ айгом кæ ндзыстæ м. Науæ д мæ прибор рухсмæ хорз нæ уынын кæ ны.

Ныссабыр нау. Канд Морис нæ, фæ лæ Барон дæ р не ’ууæ нды зæ ххæ й фæ хицæ н сты, ууыл, уæ ддæ р нæ хъæ р кæ ны йæ дызæ рдыгдзинад. Уæ д, зæ гъгæ, Морис фидардæ рæ й куы ныллæ ууа йæ фæ ндыл æ мæ куы фехæ ла сæ балц.

Баронæ н йæ цæ стытæ сæ хигъæ дæ й æ рæ хгæ дтой, Морис йæ хинымæ ры рафт-бафт кæ ны.

— Лæ ппутæ, — цыма дард искуыдæ м дзырдта, уыйау хъæ рæ й загъта Заза. — Рæ хджы ахиздзыстæ м æ нæ уæ лдæ ф тыгъдадмæ. Дзаумайæ æ ндæ рæ й иууылдæ р сæ бынæ ттæ й сыстдзысты, фæ лæ уæ тæ рсгæ мачи фæ кæ нæ нт. — Æ ниу уыцы хъуыддаг сахуыр кодтой, развæ лгъау, теорион æ гъдауæ й æ мæ йæ м цæ ттæ уыдысты, фæ лæ сæ Заза уæ ддæ р бафæ дзæ хста, куыд экипажы хистæ р.

— Ау, уæ дæ мын ахизынæ н ницыуал фæ рæ з ис? — бакатай кодта Морис.

— Ацы балцы агъоммæ уæ алкæ й дæ р æ з, æ нхъæ л дæ н æ мæ фаг бафæ дзæ хстон, цæ мæ й фидар ахъуыды кæ на. Саразинаг ын цы ис, уый сараза, стæ й, мыййаг, кæ д йæ хиуыл йæ зæ рдæ нæ дары, уæ д ма рацæ уа. — Мæ сты уайдзæ ф бакодта Заза.

— Уый раст у, фæ лæ... Цæ й, хæ йрæ джы хай фæ уæ д мæ диссертаци дæ р, мыййаг, искуыдæ м куы нæ алидздзæ нис, — Барон зæ рдæ йæ æ нкъары Морис йæ къух куыд ауыгъта, стæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Заза, мæ нмæ гæ сгæ йæ атæ хынмæ алцы дæ р, развæ лгъау, цæ ттæ уыд. Цæ мæ ма у нæ каст? — Уый нæ ма уырны, уæ ддæ р зæ хх дард кæ мдæ р кæ й баззадис, уый, уалынмæ сæ космикон нау цыма искуы къæ дзæ хæ й рахауд, уыйау ныссæ рбихъуырæ йттæ кодта. Барон ауындзæ гауæ й аззад. Йæ къухтæ й йæ алывæ рсты æ рысгæ рста. Налдæ р, кæ уыл бадт, уыцы чингуыты асыкк ис йæ быны æ мæ налдæ р, фæ стæ мæ кæ уыл æ нцой кодта, уыцы хус къæ бæ рты голлаг.

— Уæ хорзæ хæ й, мæ бынæ й мын мæ консервты къопп чи фелвæ ста? — хъуыр-хъуыр кæ ны Морис. Зыны йыл сæ балцывæ ндаджы тыххæ й цыдæ риддæ р сахуыр кодтой, уыдон дзы фыр тыхстæ й кæ й æ рбайрох сты.

— Æ з уæ фæ дзæ хсгæ куы бакодтон, æ нæ уæ лдæ ф тыгъдадмæ кæ й хизæ м, уый тыххæ й.

— Рæ хджы нын рухс фенын кæ ндзынæ, Заза? — Бароны æ ндæ р ницы сагъæ с домы.

— Ныртæ ккæ мæ цъистæ раст кæ нын хъæ уы фæ ндаг фæ ивыны тыххæ й. Æ вæ ццæ гæ н ма уæ æ рдæ г сахат бахъæ удзæ н афынæ й кæ нын, — хъæ лдзæ ггъуызæ й загъта Заза, цæ мæ й сæ зæ рдæ тæ фæ фидардæ р уой. Кæ д æ й ныртæ ккæ бирæ ахсджиаг хъуыддæ гтæ аразын хъуыд, уæ ддæ р ныллæ г хъæ лæ сæ й базарыд, æ хсæ вы цы пьесæ федта, уымæ й цавæ рдæ р зарæ г.

— Уæ дæ зæ ххæ й дзæ вгар радард стæ м, Заза? — афарста та йæ Морис.

— Куыд фæ нды уа, уæ ддæ р дæ м дæ уарзон чызг иал ззынид, æ гæ рыстæ мæ й сæ хæ дзары сæ р куы слæ ууа, уæ ддæ р.

— Мæ катайы сæ р дæ р уый у раст. — Ныххудт Морис.

— Уæ хи æ рцæ ттæ кæ нут газеттæ кæ сынмæ, — цины уацау сын фехъусын кодта Заза.

— Ныртæ ккæ мæ н иууыл тынгдæ р фæ нды шахмæ ттæ й Бароны ам уæ лдæ фы ныппырх кæ нын, — йæ æ рмттæ кæ рæ дзиуыл цины цæ ф ныккодта Морис.

— Уымæ й мæ нг зæ гъыс, — фæ цырд æ м Барон.

— Цы мæ нг зæ гъын? Иу æ мæ дæ дыууæ хатты рамбылдтон?

— Рамбылдтай, фæ лæ уый уыд растдæ р уæ лдæ фы. Ам та æ нæ уæ лдæ ф тыгъдад у.

— Гъе, хæ йрæ джы хъуыдытæ! Ныссуйтæ сты æ нæ арæ хст зæ ронд усы тæ бынау, — рахъаст кодта Морис. Ноджы ма цыдæ р сдзурынмæ хъавыд, фæ лæ Заза цавæ рдæ р кнопкæ фелхъывта. Фæ рссæ гтæ фегом сты æ мæ тыхджын рухс æ рбакалд наумæ. Æ виппайды æ ртæ йæ дæ р æ мхуызон ныххудтысты. Алчи дзы йæ хи уавæ р нæ ма фæ хатыдта æ мæ кæ рæ дзиуыл худтысты. Морис чъылдымæ рдæ м науы царыл сныхæ ст, Баронæ н йæ сæ р бынмæ. Йæ къæ хтæ Морисы риуы комкоммæ, цыма йыл слæ ууынмæ хъавы. Заза фæ рссаггæ рон, хъазы пакъуыйау, уæ лдæ фы гæ зæ мæ змæ лы. Йæ къухтæ й цавæ рдæ р мæ цъистимæ архайы. Дзаумæ ттæ сæ алывæ рсты ленк кæ нынц кæ сæ гтау. Цæ й ныр дæ хи куыд æ нкъарыс, мæ хæ лар? — Заза йæ мидбылты худы Морисмæ. — Æ ппын рахауынæ й нæ тæ рсыс цармæ куы схызтæ, уæ д? — Тынг хорз хатын мæ хи ам. Иууыл бынæ й хæ рдмæ кæ сын дæ р цас бæ ллиццаг у. Иу хатт та адæ ймаг хъуамæ кæ са уæ лейæ бынмæ. — Морис базыдта ныр ын зæ хмæ ахизын афтæ æ нцон кæ й нал у, уый æ мæ йæ хи хъæ лдзæ г дарыныл архайы.

Барон чингуыты асыкк æ рцахста. Йæ химæ йæ æ рбаласта, æ мæ дзы систа, абон райсомæ й цы газеттæ балхæ дта, уыдонæ й иу. Уацты сæ ртæ райдыдта хъæ рæ й кæ сын: «Америкæ йаг негыртæ тох кæ нынц сæ национ хæ дбардзинадыл», «Африкæ йы иуæ й-иу паддзахæ дтæ сфæ лмæ цыдысты колониалон уавæ рæ й æ мæ тох кæ нынц сессæ рибарыл». «Англисы æ гуыст адæ м, растадысты хицауады политикæ йы ныхмæ »...

— Барон, фæ лтау ма, — фæ урæ дта йæ Морис. — Афтæ мæ м кæ сын райдыдта, цыма ныртæ ккæ искуы хæ сты цæ хæ ры бахаудзыстæ м. Фæ лтау ма деттæ Гулливеры сис æ мæ йын йæ балцытæ й истытæ бакæ с. Топпы хъæ рмæ хъусынæ й искуы лилиппуттимæ сæ н нуазын хуыздæ р хабар у...

— Кæ сут-ма, — фæ урæ дта сæ Заза. — Ныртæ ккæ стæ м Зиптуны системæ йы. Афтæ мæ м кæ сы, цыма тæ хæ м цавæ рдæ р, зæ ххау йæ хæ дæ г рухс чи нæ кæ ны, ахæ м планетæ йы сæ рты.

Барон ленкгæ нæ гау бакодта фæ лгæ сæ н хæ тæ лмæ. Йæ дыууæ къухæ й йæ æ рцахста.

— Кæ с-ма, кæ д мæ мæ цæ стытæ нæ сайынц, уæ д дзы зыны хъæ д, хæ хтæ...

— Фæ лæ у. Æ гæ р ма стагъд кæ н хатдзæ гтæ аразыныл. — Иуæ рдæ м ыл ахæ цыд Заза. Йæ хæ дæ г кæ сы.

— Раст дæ. Планетæ йы уæ лцъар у зæ ххы уæ лцъары хуызæ н. Æ гæ рыстæ мæ й дзы тынг егъау фурдтæ дæ р ис...

— Уый кæ д зæ хх у æ мæ уын фæ хæ ццæ ис, — уæ лейæ сæ м æ рдзырдта Морис.

— Уый гæ нæ н нæ й. Хуры системæ йæ раджы рахызтыстæ м. Ныртæ ккæ зилæ м Зиптуны алыварс. — Йæ хъуыды йын аиуварс кодта Заза.

— Заза, — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Барон, — дзæ бæ х ма бабæ рæ г кæ н, кæ д хъæ ды астæ уты искуы уæ рæ х æ рдузтæ ис, уæ д дзы æ рбадиккам. Дардæ й кæ сгæ йæ ницы уадиссаг у цыфæ нды планетæ дæ р.

— Уый гæ нæ н дæ р ис, фæ лæ уал бабæ рæ г кæ нын хъæ уы уæ лдæ фы æ лхъывдад. — Йæ дзырд та æ рæ ппæ рста Морис.

— Иугæ р дзы хъæ д ис, уæ д дзы уæ лдæ фæ н æ нæ уæ вгæ нæ й. — Фидарæ й загъта Заза.

— Æ цæ г цымыдисаг хабæ рттæ ахæ ссиккам уырдыгæ й. Æ ппын нæ, фæ лæ дзы цардæ н уавæ ртæ ис æ ви нæ, уый уæ ддæ р фенид лæ г. — Йæ бæ ллиц фергомдæ р кодта Барон.

II

Науы иу дидинæ гджын фæ зы бæ рзонд наз бæ ласы бын сæ вæ рдтой. Йæ алывæ рсты йын æ рдзы сконд хорз сбæ рджытæ кодтой, зæ гъгæ, мыййаг, куы адзæ гъæ л уæ м исчердæ м, уæ д цæ мæ й æ нцон арæ н уа. Бон уыдис тæ вд. Зиптуны хус тынтæ буар арауæ гау кодтой. Æ нæ уый дæ р Барон æ мæ Морисæ н сæ парахат дон ахуыр буæ рттæ цалдæ р мæ йы дæ ргъы схъыг сты бæ рц донæ й. Уымæ гæ сгæ сфæ нд кодтой дон бацагурын æ мæ сихор дæ р уый цур бакæ нын.

— Æ мæ амы дон нуазынæ н, стæ й зæ ххон доныл ахуыр буарæ н найынæ н дæ р кæ й бæ здзæ н, ууыл фидарæ й æ ууæ ндут, хъуымызбылтæ? — бирæ сæ м фехъуыста, стæ й сæ фелхыскъ кодта Заза.

— Нуазыны дон нырма нæ химæ ис. Мæ н зæ гъын фæ ндыд, цæ мæ й нæ доны сатæ г ацы тæ ппалгæ нæ г тæ вдæ й бахиза. —Йæ хи растгæ нæ гау сдзырдта Барон.

— Цæ й, сымахæ рдыгонау фæ уæ д, —сразы семæ Заза. — Нырма уал дон ссарæ м, стæ й йе сконд сбæ лвырд кæ нын зын нæ у. Йе ’рдзы æ ппæ т миниуджытæ м гæ сгæ ницæ мæ й хицæ н кæ ны зæ ххæ й. Уæ д, æ вæ ццæ гæ н, йæ дон дæ р бæ здзæ нис.

— Иу диссаджы фæ нд мæ м сæ взæ рд, — цалдæ р мæ йы дæ ргъы ма фыццаг хатт фæ зынд райдзаст æ нгæ с Морисы цæ сгомыл.

— Уагæ ры цы уыдзæ н? — Дисгъуызæ й йæ афарста Барон. Бæ стон æ м байхъуыста Заза дæ р.

— Нырма зонадон литературæ йæ н ацы планетæ зындгонд нæ у, мæ нмæ гæ сгæ йæ. Уæ д ын ном дæ р кæ цæ й уыдзæ н. Фæ нды мæ, цæ мæ й йын исты ном радтæ м æ мæ нæ номыл баззайа.

— Нæ у æ взæ р хъуыды, фæ лæ йæ цы схонæ м? — сразы Заза дæ р. Барон дæ р йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

— Зæ ххы хуызæ н кæ й у, уый тыххæ й йæ «Æ нгæ с» схонæ м. — Сдзырдта Морис æ мæ цымыдисæ й кæ сы куы Зазамæ, куы Баронмæ.

— Уæ т афтæ, — йæ къух ауыгъта Заза.

— Разы дæ н, — йæ сæ р батылдта Барон.

Науы дуæ рттæ дзæ бæ х сæ хгæ дтой. Семæ райстой хæ рд, иу авг шампайнаг сæ н, дон. Араст сты æ рдузы, хъæ д бæ зджын кæ м зынд, уыцырдæ м. Цы иунæ г автомат сæ м уыд, уый дæ р райстой. Цы нæ вæ ййы? Æ рдзы айхуызæ н уавæ ртæ кæ м ис, уым гæ нæ н ис æ мæ исты цæ рæ гойтæ уа.

Дон агурын сæ бирæ нæ бахъуыд. Иу ран чысыл къæ дзæ хы дæ ллагхъуырæ й хæ лхæ лгæ нгæ уад æ мбисонды рæ сугъд суадон. Йæ алыварс ногдзыд залмысыфтæ цъæ х дардтой. Уыдонмæ, стæ й бæ лæ сты сыфтæ ртæ æ мæ дидинджытæ м гæ сгæ дæ р зæ гъæ н уыд уалдзæ г кæ й у ацы планетæ йы.

— Ацы дон нуазынæ н ма бæ зза, уый мæ н ницæ й тыххæ й бауырндзæ н. — Фидарæ й загъта Барон.

— Тагъд ма кæ н. Нырма уал зæ ххон дон баназ, кæ д дæ ком басур, уæ д, — донмæ ныггуыбыргæ нгæ йæ дзуры Заза. Систа дзы йæ армы дзыхъхъы. Дзæ вгар æ м фæ каст, стæ й йæ акалдта.

— Бæ здзæ нис, æ нхъæ л дæ н, нуазынæ н, фæ лæ уал æ м банхъæ лмæ кæ сæ м. Нырма ницы тыхсæ м. Фæ стæ дæ р ын ноджы йе сконд сбæ рæ г кæ ндзыстæ м.

Сихор хæ рыныл æ рбадтысты. Фæ йнæ агуывзæ йы хæ рзад сæ н куы банызтой æ мæ кæ рдзыны къæ бæ ртæ й куы ацаходыдтой, уæ д хъæ дæ й æ рбайхъуыст цыдæ р сыбар-сыбур. Иууылдæ р айхъуыстой. Базыдтой цавæ рдæ р цæ рæ гойтæ уыдоны ’рдæ м кæ й æ рбацæ уынц.

— Бæ ласы аууонмæ! — хæ стон бардзырдау фæ кодта Заза æ мæ йæ хæ дæ г разæ й суад, йæ бындзæ фхад тынг ставд кæ мæ н уыд, ахæ м тæ рсбæ ласы бынмæ. Хæ рыны мæ т ма кæ й уыд? Цы гауызыл уыдысты хæ ринæ гтæ, уым сæ атыхта Морис. Бæ ласы фæ стæ сæ авæ рдта. Барон автомат фелвæ ста. Бæ ласы аууон æ рлæ ууыд æ мæ аивæ й кæ сы, уынæ р кæ цæ й цæ уы, уыдырдæ м.

— Адæ ймаг! —дисгъуызæ й фæ кодта Барон æ мæ йæ сæ рыл æ ддæ дæ р рахæ цыд.

— Æ мбисонды рæ сугъд чызг йæ мады ард бæ гънæ гæ й, — сдзырдта ма æ мæ чызгмæ кæ сгæ йæ баззад.

— Æ цæ г, — Сусæ гæ й акаст Морис æ мæ йæ уый дæ р федта. — Цыдæ р халсардзау фыдуаг чызджытæ сæ хи сбæ гънæ г кодтой æ мæ хъæ ды тезгъо кæ нынц. Æ вæ ццæ гæ н нæ лгоймагыл кæ й нæ фембæ лдзысты ацы хъæ ды, ууыл сæ зæ рдæ дарынц...

— Фæ лæ у! — уырдыгмæ йæ æ рысхуыста Барон. — Кæ с, дæ хорзæ хæ й! Йæ фæ стæ адæ мы æ нæ хъæ н бардз. Нæ лгоймагæ й — сылгоймагæ й иууылдæ р бæ гънæ г.

Заза нырма æ нæ змæ лгæ хуыссыд уæ лгоммæ. Хъуыста йе ’мбæ лтты ныхæ стæ м. Æ гæ р æ вæ джиауы хъуыддæ гтæ куы дзырдтой, уæ д нал фæ лæ ууыд. Сындæ ггай сыстад. Къутæ ры фæ стæ мæ бахылд æ мæ кæ сы. Кæ сы æ мæ не ’ууæ нды йæ цæ стытыл. Адæ м! Æ цæ г адæ м. Бæ гънæ г адæ м. Нæ лгоймæ гтæ н бæ зджын хъуыны ’хсæ нæ й сæ цæ стытæ æ рттивынц. Сылгоймæ гты сæ ры хъуынтæ даргъ æ мæ пыхцыл. Фæ лæ сæ йраг уый нæ у. Заза сын кæ сы се змæ лдмæ, сæ цæ сгæ мтты уавæ рмæ, сæ хъæ лæ сы уагмæ. Иу мур дæ р сæ ницы хаты. Æ рбацыдысты донмæ. Фосау ныггуыбыр кодтой. Банызтой, стæ й аздæ хтысты. Чысыл фалдæ р къаннæ г æ рдузы нæ ууыл ныккалдысты, ривæ дгæ нæ г фосау, æ мæ хуыссынц. Иу бæ рзонд рæ хснæ г чызг сæ алывæ рсты зилы. Алырдæ м хъахъхъæ ны.

— Заза, циу уый? —дисгъуызæ й йæ фæ рсы Барон.

— Кæ д ма исты зонын, уæ д адæ м сты, фæ лæ сæ м адæ ймаджы миниуджытæ й ницы ис. Ау, иу дзырд дзы куыд никæ й дзыхæ й сирвæ зт. Иу хъазæ н ми дзы куыд ничи ницы сарæ зта? Бæ гънæ г сылгоймæ гтæ æ мæ нæ лгоймæ гтæ иумæ сæ хи куыд бынтон сæ рибарæ й хатынц.

— Зæ ххыл дæ р ма кæ мдæ рты хонынц фæ стæ зад адæ м, — басыбар-сыбур кодта Морис.

— Дзурын чи нæ зоны, ахæ м уавæ ры, хъазынмæ чи нæ арæ хсы, зæ ххыл ахæ м адæ м никуыуал ис. — Уыцы фарстыл цæ мæ й мачиуал ахъуыды кæ на, уый тыххæ й фидарæ й ныллыг кодта Заза.

— Сæ цурмæ бацæ уын хъæ уы. — Зæ гъы Барон.

— Афтæ æ нцæ нттæ й нæ й семæ базонгæ уæ вæ н. Цыдæ р æ рымысын хъæ уы. — Арф ныхъхъуыды кодта Заза.

— Мæ нмæ гæ сгæ та сæ ныхъхъуыдты уадзæ м æ мæ афардæ г уæ м, — тарстхуызæ й зæ гъы Морис.

—Уый раст нæ уыдзæ н. Ау, адæ ймæ гтæ куы сты. Куыд нæ ссардзыстæ м семæ иумиаг æ взаг, — йæ ныхас ын фескъуыдта Заза.

— Мæ нмæ иу фæ нд ис, — фыццаг Морисмæ, стæ й Зазамæ бакаст Барон.

— Зæ гъ æ й, — сдзырдтой æ мхуызон.

— Нæ зонын, цас æ ууæ ндæ н сыл ис, фæ лæ айразмæ бакастæ н иу зонадон фантастикон роман. Зонадон экспедицийы уæ нгтæ бахаудтой цавæ рдæ р хъæ ддаг бæ гънæ г адæ ммæ. Фыццаг сыл цы къорд бамбæ лд æ д дзаума, æ д хотыхтæ, уыдоны нытындтытæ, ныскъуыдтæ кодтой. Уый фенгæ йæ иннæ тæ сæ хи абæ гънæ г кодтой, мигæ нæ нтæ акалдтой æ мæ сæ м афтæ мæ й бацыдысты. Хъæ ддаг адæ м сæ хъуыды дæ р не ’ркодтой...

— Ныр дæ у фæ нды, цæ мæ й мах дæ р уыцы хъуыддаг бафæ лварæ м? — фæ рсæ джы каст æ м бакодта Заза.

— Куыд уæ фæ нды, афтæ, — йе уæ хсчытыл хæ рдмæ фæ хæ цыд.

— Цыбыр дзырдæ й ацы адæ мы цард æ нæ базонгæ йæ махæ н ацæ уæ н нæ й. Уый базонынæ н та ссарын хъæ уы семæ иумиаг æ взаг. Уыцы фæ рæ зтæ й спайда кæ нын дæ р цыма иууыл æ взæ р нæ уаид. Æ рмæ ст сæ м æ мткæ й куы бацæ уæ м, уæ д гæ нæ н ис æ мæ исты рæ дыд æ руадзæ м. Бацæ уæ д уал сæ м нæ иу. Исчи уæ йæ хи барæ й разы кæ ны? Науæ д мæ н ауадзут. — Ныхъхъус сты лæ ппутæ. Уыцы адæ ммæ цæ уын сæ алкæ мæ дæ р каст мæ лæ тмæ цæ уæ гау. Æ рæ джиау Барон фестад.

— Цы уа, уый уæ д. Æ з цæ уын. Æ рмæ ст, мыййаг, исты, уæ д цæ ттæ лæ уут. — Йæ хи зыбыты бæ гънæ г скодта. Йæ сæ ры даргъ хил апыхцыл кодта æ мæ араст.

— Кæ д мæ афтæ мæ й дзæ бæ х суазæ г кæ ной, уæ д сымах дæ р сбæ гънæ г кæ нут уæ хи. Уый фæ стæ сын бамбарын кæ ндзыстæ м хъуыддаг. — Ацыд. Заза йæ химæ æ рбайста автомат. Морис йæ рахиз къухы фидар нылхъывта финаг карды фистон.

Барон куыд хæ стæ гдæ р цæ уы бæ гънæ г адæ ммæ, афтæ йæ зæ рдæ йы тас фылдæ рæ й фылдæ р кæ ны. Йæ хъус дары фæ йнæ рдæ м аивæ й. Уæ д та йæ м æ виппайды ралæ бурдтой, уæ д æ м цалынмæ æ ххуысмæ зыной, уæ дмæ истæ мæ й хи хъахъхъæ нын хъæ уы. Хъæ ды та ахæ м мæ цъистæ иу æ мæ дыууæ нæ вæ ййы. Æ рмæ ст æ й рагацау куы нæ абæ рæ г кæ на, уæ д лæ г фæ тыхсын дæ р зоны.

Æ рбахызт æ рдузы кæ ронмæ. Барæ й бæ лæ стæ м кæ сы, цыма сыл исты хæ ринаг агуры. Адæ м хуыссынц æ нæ змæ лгæ: чи уæ лгоммæ, чи дæ лгоммæ, чи йæ иу фарсыл. Уæ ртæ кæ ронæ й æ рхуыссыд, Барон фыццаг кæ й федта, уыцы чызг. Йæ буар æ гасæ й мыдадзгьуыз лæ гъз æ мæ æ лвæ ст. Комкоммæ кæ сы Баронмæ. Йæ къуыбыр риутæ сæ вджын риуыл æ нæ мæ тæ й улæ фынц. Йæ уадултæ сырхбын дарынц, цæ стытæ саунæ мыджы æ рттывд кæ нынц. Баронæ н йæ зæ рдæ цыдæ р æ нæ нцой тæ лфт скодта, фæ лæ рæ сугъд чызджы бæ гънæ г буары зæ рдæ скъæ фæ н рæ сугъддзинадæ й, æ ви йæ м комкоммæ кæ й кæ сы, уый тæ ссæ й, уый йæ хæ дæ г дæ р рæ стмæ нæ хаты.

Чызджы цæ сгомыл æ нæ зонгæ лæ джы уындæ й иу нуар дæ р нæ фезмæ лыд. Барон исдуг афтæ дæ р ахъуыды кодта, зæ гъгæ кæ д æ рдзæ й куырм у. Чызг уæ лгоммæ æ рзылд, йæ цæ нгтæ йæ нывæ рзæ н бакодта. Йæ иу къах скъæ дз кодта æ мæ хуыссы æ нцад. Барон фыр адæ ргæ й хус къæ цæ лыл фæ лæ ууыд æ мæ йæ къæ рцц фæ цыд. Иу лæ г æ м йæ уæ хсчы сæ рты ракаст. Хъуынджын цæ сгомæ й йæ м уыцы зынджыстъæ лфæ ны хуызæ н цæ стытæ куы ферттывтой, уæ д Бароны зæ рдæ бауазал. Йæ буар æ нæ нцой тæ лфт скодта. Фæ дисы хъæ р ныккæ нынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, фæ лæ уæ дмæ уыцы тæ ссаг цæ стытæ фæ стæ мæ азылдысты. Бароны зæ рдæ чысыл йе ’муд æ рцыд. Æ ввахс бацыд адæ ммæ æ мæ иу цыбыр хус мæ цъисмæ хæ стæ г æ рхуыссыд. Хъуыды дæ р æ й ничи кæ ны. Йæ «зонгæ » чызг та йæ къах адаргъ кодта. Йæ иу фарсыл æ рзылд æ мæ та комкоммæ кæ сы Баронмæ, цыма йæ бæ рæ г кæ ны. Баронæ н та ногæ й тасдзинад сæ лхъывта йæ зæ рдæ. Фæ лвары чызгмæ йæ мидбылты фæ худын, фæ лæ йын ничердæ м цæ уы. «Куырм у. Æ нæ мæ нг куырмытæ сты иууылдæ р». — Аскъуыддзаг кодта йæ хинымæ ры Барон. Сфæ нд кодта уыцы хъуыддаг бæ стондæ р бафæ лварын. Йæ рахиз къухыл схæ цыд. Амонæ н æ нгуылдз йæ химæ сидæ джы тылд бакодта, чызг æ м æ цæ г бацыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.