Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ПРОЛОГ. ФЫЦЦАГ ХАЙ



ПРОЛОГ

Редактор мæ м телефонæ й æ рбадзырдта: «Барон ныр æ ртыккаг бон куысты нæ й. Куы йæ абæ рæ г кæ нис йæ хæ дзары».

Редакторы ахæ м хъуыды хуымæ тæ джы нæ уыд. Барон — æ гъдауыл фидар хæ ст лæ ппу, — æ ртæ боны куыстмæ ма фæ зына, бынтон ницы фехъусынгæ нгæ йæ, уый æ цæ г фæ дисаг хъуыддаг у. Куысты рæ стæ джы-иу тамако æ лхæ нынмæ куы цыд хæ стæ г магазинмæ, уæ ддæ р искæ мæ н æ нæ афæ дзæ хсгæ никуы фæ цис. Æ мæ ныр æ виппайды — æ ртæ боны!.. Уый æ нæ мæ нг ахъуыдыйаг хабар у.

Кæ йдæ рты ’ххуысæ й ссардтон Бароны хæ дзар. Ныллæ г, шиферæ й æ мбæ рзт бæ стыхай. Цæ хæ радоны балбæ лæ стæ сæ тæ ккæ рæ гъæ д кæ ныныл сты. Сæ цæ нгтæ нæ уромынц.

Кулдуар бахостон. Ницы уынæ р хъуысы. Йæ сæ рты ныккастæ н. Уайтагъд ын базыдтон йæ бакæ нæ н. Фыццаг мæ цæ ст цæ уыл андæ гъд, уый уыд дуары сæ рмæ егъау дамгъæ тæ й фыст гæ ххæ тт. Фыст дзы уыд: «Ацы хъусинаг чи бакæ са, уый дуар бакæ нæ д (æ хгæ д нæ у). Фыссæ н стъолыл ис æ хгæ д конверт. Кæ д зивæ г кæ на, уæ ддæ р æ й мæ хатырæ й, адæ ймаджы хатырæ й нæ газеты редактормæ фæ хæ ццæ кæ нæ д. Конверты бын цы фондз сомы ис, уый та у ацы пост ахæ ссæ джы куыстмызд. Барон».

Редактор нæ фæ скуыст стыр дисимæ æ рæ мбырд кодта æ мæ нын хъæ рæ й бакаст Бароны фыстæ г...

НОГ СЫХАГ

Мæ иунæ джы царды бонтæ тонын редакцийы уацхæ сджыты фыстæ джытыл кусгæ йæ æ мæ мæ цæ хæ радоны балты бын чингуытæ кæ сгæ йæ. Сыхагæ й дунескæ нæ г мæ зæ рдæ худт нæ райста. Кæ д иу у, уæ ддæ р бирæ йы аргъ у. Æ мæ йын мæ доны къусæ й дæ р уымæ н фæ кувын. Куыд æ нхъæ л дæ? Ома йын куыд хъуамæ кувин? «Хуыцау, кæ д дæ м лæ джы куывд хъуысы, уæ д мæ Бигуыз-сыхагæ й сиртас». О, афтæ фæ кувын.

Афтæ мачи æ нхъæ лæ д, ома ницы рауадис мæ куывтытæ й: иу хуыцаубоны, мæ м Бигуыз кауы сæ рты æ рбахъæ р кодта:

«Гъей, мæ сыгъзæ рин сыхаг, кæ д тынг æ нæ вдæ лон дæ, уæ ддæ р. мæ м хъуамæ чысыл æ рбауайай».

Мæ зæ рдæ бамæ гуыр. «Цымæ та цы хуызы æ ппæ лдзысты мад æ мæ фыд сæ цыппар чызгæ й? — дзурын мæ хинымæ ры. — Цымæ та куыд зилæ нтæ кæ ндзысты цыппар чызджы мæ алыварс? » Мад æ мæ фыдæ н уæ лдай нæ у. Æ рмæ ст сæ сиахс бауон, уый йеддæ мæ чызджытæ й кæ й фæ нды ракурон. Чызджытæ уыцы хъуыддагыл нæ фидауынц. Алкæ й дæ р сæ фæ нды, мæ зæ рдæ мæ раздæ р куы фæ цæ уид, уый. Гъе, æ мæ дзы алчидæ р йæ хи стауыныл куы схæ цы, уæ д акæ с æ мæ ды уыдонмæ. Загъдмæ дæ р иу æ мæ дыууæ хатты нæ ахæ ццæ сæ хъаугъа.

Æ мæ сæ м ма бацу, зæ гъгæ, уæ ддæ р цы? Фæ лæ Бигуыз иугæ р иу хъæ р æ рбакодта, уæ д сæ миныл дæ р нæ бауромдзæ н, цалынмæ йæ курдиатыл сразы уон, уæ дмæ.

Ацы хатт мæ тас дзæ гъæ лы рауад. Бигуызы сæ кæ рты лæ угæ баййæ фтон иу лыстæ г даргъ лæ гимæ. Рагæ й æ нæ даст кæ й уыд, уый тыххæ й йæ кар зын рахатæ н уыд, фæ лæ йын æ з дæ с æ мæ ссæ дз азы саккаг кодтон.

Йæ фадыварц ницы уадиссаг цæ стыахадгæ уыд. Дæ рдджын бур пæ лæ зы æ гънæ джытæ суанг хъуырмæ æ нгом æ фтыд уыдысты æ мæ афтæ зынд, цыма голладжы æ вæ рд у. Пæ лæ зы бынæ й зындысты уæ рæ х хæ лафы ихсыд фадгуытæ. Афтæ даргъ уыдысты æ мæ кæ ттаг дзабыртæ н сæ бырынчъытæ, къухы ныхтау, зындысты. Йæ сæ рыл даргъ кепкæ джын худ суанг къæ бутмæ æ рбырыд.

«Базонгæ у, мæ хæ лар, чи зоны ацы джентлмен дæ сыхаг бауа», — загъта мын Бигуыз, йæ хæ дæ г йæ кæ рæ ф цæ стытæ й дæ лæ мæ -уæ лæ мæ бары æ нæ зонгæ лæ джы. Æ з æ нхъæ л уыдтæ н, зæ гъын, Бигуызы былысчъил ныхас æ м уайдзæ фау фæ кæ сдзæ н, фæ лæ йæ уый æ рдумæ дæ р, цыма, не ’рдардта. Мæ къух мын райста. Йæ ном мын загъта, стæ й Бигуызы ’рдæ м азылд.

«Ацы лæ гæ н йæ кувæ ндон балхæ нын мæ зæ рды ис, фæ лæ æ гæ р зындзырд у» — Лæ джы ныхасы уаджы кæ д иунæ г хынджылæ гæ нгæ с зæ л дæ р нæ уыд, уæ ддæ р Бигуызæ н йæ былтæ ракъуырдау уыд æ мæ спыхс.

«Ам дæ хынджылæ ггаг ничи у. Кæ д дæ нæ хъæ уы, уæ д гъæ й кæ н. Æ ниу ды цæ й хæ дзар балхæ ндзынæ? Деддæ цъиутæ тæ рсынгæ нæ н быдыргъыйы хуызæ н куы дæ ».

Ацы хатт æ лхæ нæ г кæ й не смæ сты уыдзæ н æ мæ хыл кæ й нæ самайдзæ н, ууыл ницæ й тыххæ й баууæ ндыдаин, фæ лæ уый, цыма йыл бындз дæ р нæ абадт, уыйау раздæ хт ме ’рдæ м æ мæ мæ бафарста уыцы иугъæ дон хъæ лæ сы уагæ й.

«Дæ умæ гæ сгæ цасы аргъ у? »

Æ з цыма фыццаг хатт уынын Бигуызы хæ дзар, уыйау æ м скæ стытæ кодтон. Æ цæ г кувæ ндоны хуызæ н кæ й у, уый ныры хуызæ н никуы фæ хатыдтон. Цыппæ рдигъон нарæ г хæ дзар бæ рзонд фæ цыд. Йæ гыццыл фæ рссæ гты æ вгтæ, китайаджы цæ стытау, дæ ргъæ ццонæ й зынынц. Кæ ддæ р кувæ ндон ма уыдаид, зæ гъгæ, уый зын зæ гъæ н у. Уæ дæ горæ ты кæ рон дард быдыры иунæ гæ й цæ рынмæ чи бабæ ллыдаид. (Мах цалдæ рæ й нырма ног æ рцæ уджытæ стæ м). Бигуызæ н дæ р æ й иу цавæ рдæ р æ нæ зонгæ лæ г революцийы рæ стæ джы ницæ йаг аргъыл радта. Ныр æ ндæ р ран балхæ дта Бигуыз хæ дзар æ мæ адон уæ й кæ ны. Куы бафидауиккой, уый мæ тынг зæ рдиагæ й фæ ндыд. Афтæ фидарæ й мæ къух кæ уыл систон (ус ракурыныл), уый кой алыбон нал хъусин, фæ лæ цы зæ гъон? Мæ хи бакъултæ кодтон.

Дзырд дардыл у, фæ лæ бафидыдтой. Æ лхæ нæ г ма, йæ дзыппæ й æ хца исгæ йæ, йæ фæ стаг дзырд загъта:

«Тæ ккæ абон æ й равдæ лон кæ н. Мæ дзаума станцы сты. Хъуамæ сæ æ рбаласон... »

Дзаума йæ м бæ гуы нæ разынд: Дыууæ уæ зласæ н машинæ йы дзаг æ фсæ йнаг æ мæ хъæ дын асыччытæ. Бирæ дзы ахæ м уæ ззау уыд æ мæ йæ фæ ндзгай лæ гтæ й зынæ й змæ лын кодтам.

***

Мæ ног сыхаг... Уæ вгæ й йæ номæ й йæ цæ уылнæ хъуамæ хонон нырæ й фæ стæ мæ. Æ цæ г мæ нæ -мæ нæ бæ лиццаг ном дæ р ын ницы ис, фæ лæ ном фæ стæ мæ фæ кæ сынæ й фылдæ р цæ мæ н у?

Уæ дæ афтæ, Заза мæ лæ ты æ нæ хъыгдард сыхаг разынд. Йæ хæ дзарæ й хæ рз стæ м хатт райхъуысы цавæ рдæ р æ нахуыр гыбар-гыбур, цыма дзы хъомысджын тæ рхытæ скусынц. Уымæ й дарддæ р йæ хи ницæ мæ й базонын кæ ны.

Мæ хуызæ н, иунæ джы цардыл, зæ ронд хæ донау, чи фæ цайдагъ, уый ахæ м сабыр сыхагмæ фæ бæ ллы, æ мæ мæ нæ н дæ р мæ хъул атылд...

Иу хатт мыл цы стыр дис бафтыдта, уый мæ зæ рды никæ мæ н зæ гъын уыд, фæ лæ йæ хи загъдау, мах, журналисттæ исты сусæ гдзинад бауромынмæ лæ мæ гъ стæ м; цалынмæ йæ гæ ххæ тты хай фæ кæ нæ м, уæ дмæ нæ къухтæ дæ р æ мæ не ’взæ гтæ дæ р хъыдзы фæ кæ нынц.

Рагуалдзæ джы боныгъæ д мæ ллæ г удæ й хъауджы нæ у фæ лтæ р кæ нынмæ: куы фыр тæ вд, куы фыр уазал.

Æ рдæ гæ хсæ вмæ хæ стæ г хъуынджын, хуылыдз мигътæ нымбæ рзтой арв. Дымгæ митхæ ццæ зæ гъы уæ ззау æ ртæ хты фæ рссæ гтыл хойы. Бонæ рдæ м уарын банцад, фæ лæ уыйхыгъд дымгæ фæ тынгдæ р. Хуыцаубон уыд æ мæ сынтæ гæ й рахизыныл ницы тагъд кодтон. Куы сыстадтæ н, уæ ддæ р мæ хи хъарм сфæ лыстон, афтæ мæ й рацыдтæ н дуармæ. Зазайы кæ рты ’рдæ м арæ х фæ кæ саг нæ дæ н, фæ лæ тыхдымгæ йы бæ ласы къæ с-къæ с кæ й æ рбайхъуыст, уый мæ фæ цыбæ л кодта. Фæ кастæ н æ мæ мæ цæ стытыл нал баууæ ндыдтæ н. Заза бæ ласы бын фæ хсбандоныл бады мадард бæ гънæ гæ й æ мæ цыдæ р чиныг зæ рдиагæ й кæ сы.

Æ з зымæ гон дзаумæ тты зынæ й кæ й уромын, уыцы уазалы уый бады бæ гънæ гæ й. «Зондцух», — ныллыг кодтон мæ хинымæ ры æ мæ йæ ныууагътон. Æ нæ уый дæ р мæ уазал басырдта хæ дзармæ...

Къаддæ р диссаг нæ уыд, дыккаг хуыцаубоны йæ цы хуызы федтон, уый.

Уæ лдæ р куы загътон, зæ гъын рагуалдзæ джы боныгъæ д фæ лтæ ргæ наг у. Хуры тынтæ й мæ м фæ рссагæ й сынтæ гмæ цы фæ лгуыр æ рбахауд, уыдонæ й дæ р бæ рæ г уыд тæ вд бон кæ й уыдзæ нис, уый.

Хæ дзарæ й рацæ угæ йæ мæ ныр Зазайы кæ рты ’рдæ м фæ кæ сынæ н исты уынæ ры сæ р ницæ мæ н уал хъуыд. Алы хатт дæ р цæ стытæ, ме ’вастæ й, йæ кæ рты сæ хи фæ садзынц. Ныр дæ р та хъавгæ бакастæ н, зæ гъын бæ гънæ гæ й та куы бада, уæ д æ й ма фефсæ рмы кæ нон. Цæ й бæ гънæ г æ мæ цæ й цыдæ р? Зæ гъгæ йын йæ цуркæ лвыд зачъемæ бæ стон нæ бакастæ н, уæ д æ й ницæ й тыххæ й фенхъæ лдтаин Заза. Уыцы бæ рзонд лæ гæ н йæ дæ ргъ æ мæ йæ уæ рх иу фестадысты. Цыдæ риддæ р бызгъуыр ссардта, иууылдæ р сæ йæ уæ лæ стыхта. Æ ддейæ сыл иу бур пæ лæ з æ ртъыста. Дыууæ раны йæ (дæ лæ рмтты æ мæ синтыл) синаджы лыггæ гтæ й æ рбалвæ ста. Йæ къæ хтыл бæ зджын валенкæ тæ, æ вæ ццæ гæ н суанг агъды рæ бынтæ м уыдысты. Цæ угæ -цæ уын уæ рджытæ нæ тасыдысты. Сæ рыл хъусджын худ арф æ рфæ лдæ хта. Зæ гъгæ ма худ æ мæ валенкæ тæ нæ зындысты, уæ д ницæ мæ й хицæ н кодтаид, тæ тæ йрæ гтæ бадриджантæ цы дынджыр комхуыд голлæ гты фæ ласынц уæ имæ, уыдонæ й. Æ мбонды зыхъхъырæ й йæ м уыцы цымыдисæ й куы кастæ н, уæ д мæ фæ хатыдта. Бæ ргæ ма амбæ хстæ н, фæ лæ дзæ гъæ лы.

— Дæ райсом хорз уа, мæ хорз сыхаг.

— Кæ й райсом у, уый хорзæ х дæ уæ д.

— Ома хуыцауы хорзæ х, нæ? — бахудт.

— Нæ, цæ мæ н хуыцауы? — фефсæ рмы дæ н.

— Цæ мæ н цæ, хуыцаубон райсом у, — ноджы та бахудт æ мæ рараст ме ’рдæ м. Цыма цæ угæ нæ, фæ лæ цæ лхытыл æ рбатулы, уый хуызæ н зынд.

— Ды мын, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ фадыбарцыл дис кæ ндзынæ, Барон, нæ? — сдзырдта, куы мæ м æ рбахæ стæ г, уæ д.

— Нæ, Заза. Цæ мæ н афтæ æ нхъæ лыс?

— Уымæ н, æ мæ æ цæ г диссаг у. Кæ сыс, ды айдагъ æ нæ дыс хæ доны дæ æ мæ дын уæ ддæ р тæ вд у. Æ з та тайгæ йаг сагдзоныгъыл цæ уæ г бæ лццонæ й хъармдæ р арæ зт дæ н, фæ лæ мæ хи дзæ бæ х хатын.

— Æ мæ... — Ацы «æ мæ » йæ цы зæ гъынмæ хъавыдтæ н, уый мæ хæ дæ г дæ р нæ зыдтон, фæ лæ мæ дзых ныххуыдтаин, уый дæ р мæ м аив нæ каст.

— Ибон-абон дæ р мæ м афтæ цымыдисæ й кастæ...

— Куынæ, Заза, — раст тæ рхоны раз лæ ууæ г æ вæ лтæ рд фыдгæ нæ гау стыхстæ н.

— Фæ хатыдтон дæ, фæ лæ дæ м барæ й ницы сдзырдтон. — Мæ хи растгæ нæ н æ фсæ нттæ мын ницæ мæ æ рдардта.

— Уæ д та мын раргом кæ н дæ хъуыддаг, Заза, кæ д стыр сусæ гдзинад нæ у, уæ д, — мæ хи нал басастон æ з дæ р.

— Цæ мæ й тæ ккæ райсом газеты февзæ рон æ мæ адæ м цъиутау цъыбар-цъыбур кæ ной мæ н тыххæ й, нæ? — Худы æ мæ йæ зачъе гæ пп-гæ пп кæ ны.

— Дæ хи куы нæ фæ нда, уæ д мæ нæ н цы бар ис дæ хъуыддæ гты газеты фыссынмæ? — мæ хи раст кæ нын.

— Ныууадз. Æ ппæ ты фыццаг журналисты дæ сныйад райстон. Уæ туджы хатт цас æ вæ ры сусæ гдзинад, уый ме нæ зонгæ нæ у.

— Кæ с дæ хорзæ хæ й, — бадис кодтон æ з, — кæ д журналист дæ, уæ д нæ газетмæ цæ уылнæ цæ уыс кусынмæ?

— Дыууæ хъуыддагыл цæ рæ нбонтæ м фидарæ й мæ къух ауыгътон, æ мæ уыдонæ й иу журналисты куыст у.

— Уæ д иннæ та цы у, кæ д уый дæ р сусæ ггаг нæ у, уæ д?

— Ус ракурын.

— Ус ракурын зæ гъыс? Уæ д цæ мæ н? — Ацы хъуыддаджы мæ м мæ хи хуызæ н фæ каст æ мæ йæ уæ лдай фарст уымæ н бакодтон.

— Фæ лæ у-ма, ныр афæ дзмæ хæ стæ г ам, цæ рын æ мæ дын дæ хæ дзарæ й никæ й ма федтон рацæ угæ. Кæ м сты дæ бинонтæ? — дзуаппы бæ сты мæ афарста.

— Сæ дæ азы куы цæ рай ам, уæ ддæ р дзы уымæ й фылдæ р никæ й фендзынæ рацæ угæ, кæ д искуы ме ’мбæ лттæ й искæ й, уымæ й дарддæ р.

— Цы уый зоныс? — Зæ лдаджы хъæ ндилау мæ хиуыл стыхтон, цы хæ ррæ гътæ ссардтон, уыдон. Мæ бон уыйбæ рц лæ ууын нæ у. Хъуамæ сбадон. Кæ д дын рæ стæ г ис, уæ д абад мæ цуры. Нырма мæ нæ н дæ р иу æ рдæ г сахаты бæ рц рæ стæ г ис.

— Ныртæ ккæ царды фыццаг фарст у арвы тыгъдад басгарын, — бандоныл куы ’рбадтыстæ м, уæ д райдыдта. — Цæ мæ йзон, райсом лæ г кæ дæ м фæ раст уыдзæ н æ мæ цавæ р уавæ рты бахаудзæ н. Хъуамæ уазалæ н дæ р æ мæ тæ вдæ н дæ р иугъуызон фæ разон уа лæ г. Уый тыххæ й аразын ацы фæ лтæ рæ нтæ.

Уыцы бон мын лыстæ ггай фæ дзырдта йæ сусæ гдзинæ дтæ, мæ къахы бынмæ дæ р сæ кæ й нæ ныдздзурдзынæ н, уый тыххæ й йын фидар дзырд куы радтон, уæ д. Нырмæ бæ ргæ фæ урæ дтон мæ дзырд, фæ лæ мыл фæ стагмæ фæ тых мæ журналисты миниуæ г, æ мæ иугæ р цæ уæ м, уæ д сæ ныффыстон.

Йæ сусæ гдзинад та уыд уый мидæ г: Заза разынд, æ з куыд æ нхъæ лдтон, ахæ м хуымæ тæ джы лæ г нæ, фæ лæ профессор. Сфæ нд кодта космикон нау саразын æ мæ арвы тыгъдад басгарын. Бигуызы хæ дзар дæ р уымæ н равзæ рста: иуæ й хибар, иннæ мæ й рагон бæ зджын къул, зæ ххы арф ныгъуылд хæ дзарæ й йæ нарæ г фæ рссæ гтимæ æ ддæ мæ уынæ р уыйбæ рц нæ хъуысдзæ н.

Афтæ зæ рдиагæ й дзырдта космикон тыгъдадыл, æ ндæ р æ мæ æ ндæ р планетæ тыл, æ мæ ахæ м балцы хайад райсыны тыххæ й мæ бæ ллиц нал баурæ дтон. Уый исдугмæ нæ разы кодта, фæ лæ йын тынг куы балæ гъстæ кодтон, уæ д сразы. Æ рмæ ст мæ бафæ дзæ хста:

— Иу горæ тæ й иннæ мæ автобусы ауайынау нæ уыдзæ н нæ балц. Чи зоны цыхуызæ н цæ лхдуртыл фембæ лæ м, уæ д азымы куыд никæ й дарай.

— Уый тыххæ й мыл дæ зæ рдæ дар, — мæ циндзинад тыхæ й уромгæ йæ загътон фидарæ й.

Фæ стагмæ ма нæ м кæ цæ йдæ р æ рбамбал иу лæ плулæ г. Математикон зонæ дты кандидат хуыдта йæ хи. Мæ нæ н иуæ й æ хсызгон уыд, иннæ мæ й хъыг. Æ хсызгон уымæ н æ мæ дард балцы дыууæ йæ æ нкъард вæ ййы. Æ ртæ йæ хъæ лдзæ гдæ р у. Хъыг та уымæ н æ мæ мæ м æ гæ р тæ рсаг, лæ мæ гъ адæ ймаг зынд. Мæ хъуыды хъуамæ загътаин Зазайæ н, фæ лæ йæ ныууагътон. Дæ хи дын куы нæ акæ нон, уæ ддæ р цы дæ бон у, зæ гъгæ мын афтæ куы зæ гъа...

Заза мæ м кауы сæ рты æ рбахъæ р кодта, зæ гъгæ, нау цæ ттæ у æ мæ демæ хæ ссинаг цы дæ, уыдон бафснай.

Тагъд кæ нын. Фенынмæ уал. Барон.

ФЫЦЦАГ ХАЙ



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.