Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАЛЦ ÆНÆЗОНГÆ ДУНЕМÆ 6 страница



XII

Базелы хъуыдытæ афтæ ныссуйтæ сты æ мæ дзы райдайæ н-кæ рон бæ рæ г нал уыд. Сæ р хорз æ рымысыд йæ зонадон куыстæ н: «Рæ дыд цæ стæ нгас маймулиты равзæ рды историйы». Хорз у, фæ лæ айдагъ сæ р цы давы. Ныр зонадон æ гъдауæ й сбæ лвырд кæ нын хъæ уы, цы цæ стæ нгасыл лæ уд, у, уый. Уый тыххæ й ныффыссын хъæ уы егъау куыст. Уыцы куыст хъуамæ кæ рæ й-кæ ронмæ, дзæ нгæ лтæ гæ нæ г кардау, кæ рда Ширмæ йы «рæ дыд цæ стæ нгас». Хъуамæ æ ппæ т маймулитæ н бауырнын кæ на, Ширмæ уыцы æ фхæ рды аккаг кæ й уыд, уый. Архайы. Æ рдæ г фыст гæ ххæ ттытæ, фæ ззыгон сыфтæ ртау, згъæ лынц пецы хуылфмæ. Зæ рдæ кæ уыл фæ лæ ууа, ахæ м хъуыды ныффыссын не ’фты къухы. Цонг нал тасы æ ндæ р куыстмæ. Æ нæ хъæ н къуыригæ йтты институт нæ, фæ лæ йæ хи лаборатори дæ р нал абæ рæ г кæ ны. Фæ стагмæ ма йæ зæ рдыл æ рæ фтыд иу хъуыды: хъуамæ денджызы былмæ ацæ уа улæ фынмæ. Æ ндæ р хъуыддæ гтæ й йæ сæ р куы æ рулæ фа, уæ д куыст ныффыссын дæ р кæ й бафæ раздзæ н, ууыл æ ууæ нды.

Æ ниу ахæ м куыст цас зын ныффыссæ н у Базелы хуызæ н стыр ахуыргонд лæ гæ н, фæ лæ... Цыбырдзырдæ й, алы маймулийæ н дæ р йæ хицæ й стырдæ р знаг нæ й æ вæ ццæ гæ н. Зонадон совет куы тæ рхон кодта Бароны чиныг: «Маймулитæ адæ мы рагон фыдæ лтæ », зæ гъгæ, уæ д Базелæ й тынгдæ р ничи дзырдта йæ ныммыхуыр кæ ныныл. Уый æ нхъæ лдта, зæ гъгæ Ширмæ йы фыст у æ мæ йæ нырмæ йы куыстыты цы бæ лвырдгæ нæ нтæ уыд, уыдонæ й уæ лдай ам дæ р ницы уыдзæ н æ мæ йæ м кæ сынмæ цы экземпляр радтой, машинкæ йыл мыхуырæ й, уый йæ дзæ мбытæ м исгæ дæ р никуы ракодта. Ныр иугæ р мыхуыры куы рацыд æ мæ газеттæ, цъиутау, уасын куы райдыдтой, уæ д æ й бакаст, фæ лæ ма цафон. Йæ хи дæ р бæ лвырд уырнын байдыдта уый Ширмæ йы æ рмдзæ ф кæ й нæ у. Ныр фыссын куы райдайы, уæ д та уыцы чиныгæ й исты бæ лвырдгæ нæ н йæ разы, айнæ г къæ дзæ хау, хъен слæ ууы.

Курдиат балæ вæ рдта Æ нгæ сы сæ йраг советы Централон комитеты сæ рдар Орангутангмæ, цæ мæ й йæ дыууæ къуырийы фæ стæ ауадза улæ фынмæ. Уыцы дыууæ къуырийы та йæ хъуыдысты Заза æ мæ «Бароныл» иумиаг фæ лтæ рæ нты руаджы йе ’рмæ г фæ хъæ зныгдæ р кæ нынæ н. Стæ й Бароны чиныг дæ р скуынæ г кæ нинаг у, цалынмæ æ гæ р не спопулярон ис, уæ дмæ.

Зазамæ диссаг дæ р каст, куыд никуы æ рбауайы Базел, уый. Иннæ мæ й та тыхст. Фæ ндыд æ й тагъддæ р куы фенид Бароны. Хатт-иу æ рдæ гæ хсæ в клеткæ йæ йæ цонг ратъыста. Хоста-иу сындæ г, хъахъхъæ нæ г гориллæ куыд нæ фехъуса, афтæ уый клеткæ йы æ нгом къул. Дзырдта-иу Баронмæ йæ номæ й, фæ лæ ницы.

Æ ппынфæ стаг Базелы фыдуынд хæ мхудтæ æ рбазындысты къæ сæ рæ й. Йæ цæ стæ нгас цыдæ р уæ ззау, æ рхæ ндæ г. Йæ фердæ хт фæ лладгъуыз. Йæ алывæ рсты, æ рмахуыр къæ былайау, зилæ нтæ кæ ны Боро. Бæ рæ г у, Базелы бардзырдæ й донæ й дуртæ хæ ссынмæ дæ р рæ вдз кæ й у. Фæ лæ уый ницы дзуры. Йæ дзæ мбыты йæ синтыл сæ вæ рдта. Цæ сткæ сæ нты фындзы хъæ лыл уырдыгмæ æ рæ ссыдта. Зилы залы. Алы клеткæ йы раз дæ р æ рлæ ууы. Йæ цæ сткæ сæ нты сæ рты дзæ вгар фæ кæ сы æ ддæ мæ.

— Æ вæ дза, æ мбал Базел, ацы адæ мæ н бынтон дзæ гъæ лы хæ рын кæ нæ м. Нырма сыл иу мур медицинон фæ лварæ н арæ зт ницы æ рцыд. — Цыма йыл Базелы хæ ринæ гты мæ тæ й æ хсæ в хуыссæ г нæ хæ цы, уыйау басагъæ с кодта Боро. Базел æ м йе уæ хсчы сæ рты ныккаст. Кæ сы йæ м, æ нæ мбаргæ сабимæ куыд мидбылхудгæ фæ кæ сынц, афтæ.

— Нырма чысыл дæ, Боро. Саби. Сабийы та фæ фæ нды, арт куыд судзы, ууыл æ нæ хъуыдыгæ нгæ йæ йæ гуыл рæ стæ гæ й тагъддæ р куы афыцид, уый. Мæ нæ н уал ныртæ ккæ сæ йраг у, маймулиты рагон фыдæ лтæ н ацы сырдтимæ кæ й ницы иудзинад ис æ мæ адонæ н рæ зты фæ ндагыл слæ ууыны фадат кæ й никуы уыд, уый зонадон æ гъдауæ й сбæ рæ г кæ нын. Уымæ н та мæ м æ рмæ г фаг ис. Рæ хджы уыцы куыст фæ уыдзæ н фыст. Æ мæ уæ д шимпанзеты ахуыргæ ндтæ сæ сæ ртæ æ ркъул кæ ндзысты мæ разы. Ныр та уал... — Йæ цæ ст ахаста залы. — Ам ничи ис санитартæ й?

— Ныртæ ккæ, — цыбыр къахдзæ фтæ й ауад Боро æ мæ уайтагъд фездæ хт иу сыл шимпанзеимæ.

— Зиба, уæ ртæ уыцы нæ л адæ ймаджы, — ацамыдта Зазамæ, — ракæ н арæ хстгай. Йе ’мкъай сыл адæ ймаг ма фезнæ т уæ д.

Зиба бацыд клеткæ мæ. Заза Генрнеттæ йы фарсмæ хуыссы æ мæ йын цæ стæ й амоны, цæ мæ й ма схъаугъа кæ на. Уый кæ д рæ стмæ нæ ма ’мбæ рста Зазайы, уæ ддæ р йæ хи æ нæ мæ т уагъд акодта хъæ мпыл. Зиба йæ рахиз дзæ мбыйæ арæ хстгай бавнæ лдта Зазайы къухмæ. Уый йæ м барæ й æ нæ мбаргæ каст ракодта, стæ й растад. Исты кургæ йæ -иу куыд кодта, афтæ та радаргъ кодта йæ къух. Базел йæ дзыппæ й банан систа. Фыццаг æ й йæ цъупп бырынкъмæ бахаста. Йæ комы дон адджын ныхъхъуырд ныккодта, стæ й йæ бадардта Зазамæ. Уый дæ р йæ комы дон нынныхъхъуырдта æ мæ рауад бананмæ.

—Кæ сыс, Боро, мæ лабораторийы къæ сæ рæ н куыддæ р æ рбахызт ацы лæ г, афтæ йæ м цы рефлекс раззæ рд. Æ з æ мæ ды бирæ цыдæ ртæ сараздзыстæ м адонимæ.

Бананы фæ стæ мæ йæ дзыппы нывæ рдта Базел. Заза йæ разы лæ ууы æ мæ йæ м исты раттыны æ нхъæ л кæ сы, кæ д æ й ныртæ ккæ Баронмæ тагъддæ р бафтынæ й фылдæ р ницы ’ндавы, уæ ддæ р.

— Ныр мын Бароны дуар бакæ н, Зиба, æ мæ ан дæ р уырдæ м бауадз. — Сдзырдта Базел. Зазайæ н йæ зæ рдæ цины гуыпп-гуыпп скодта, фæ лæ йæ хи уромы.

Исты æ нæ нхъæ лæ джы æ мбаргæ мийæ йæ хи дæ р æ мæ Бароны дæ р кæ й бабын кæ ндзæ н, уый хаты. Зиба бакодта, Базел ын кæ дæ м бацамыдта, уыцы дуар, Базел та банан систа йæ дзыппæ й. Зазайы разæ й йæ хæ ссы, бæ хы цæ ххæ й куыд фæ сайынц, афтæ. Уый дæ р цæ уы. Цæ уы æ мæ йæ хъус бананы иувæ рсты дары клеткæ йы дуармæ. Тагъддæ р куы ауынид Бароны, уый йæ фæ нды. Уалынмæ бахæ ццæ клеткæ йы дуармæ, мидæ гæ й дзы судзы электроны цырагъ. Бакаст Заза æ мæ фыр дисæ й чысыл ма бахъуыд фæ богъ кæ на. Клеткæ йы рæ бынæ й хуыссы уæ лгоммæ, чъизи хъæ мпыл Барон-иу кæ й дардта, уыцы дзаумайы, Заза бынтон дæ р кæ й никуы федта, ахæ м нæ лгоймаг. Йæ фарсмæ дæ р æ нæ зонгæ сылгоймаг. Заза институты лабораторийы иу уынд кæ й фæ кодта дардмæ, уыдоны дæ р хорз бахъуыды кодта, фæ лæ дзы ахæ мыл нæ фембæ лд.

Базел йæ дзыппæ й систа банан æ мæ йæ клеткæ мæ баппæ рста. Заза ныртæ ккæ банан нæ, фых карчы тыххæ й дæ р нæ бахизид уыцы клеткæ мæ, фæ лæ цыдæ р хæ ццæ хъуыддаг кæ й æ рцыд, уый бамбæ рста æ мæ йæ хи хъахъхъæ ны. Цыма тынг æ ххормаг у, уыйау йæ хи баппæ рста бананмæ. Уый ауынгæ йæ йыл къуымы хуыссæ г иу цъæ хахст фæ кодта. Фестад æ мæ Зазайы иу цæ фæ н дуарæ й раппæ рста, йæ хæ дæ г банан фелвæ ста, Йæ цурмæ чи рауад, уыцы сабимæ йæ авæ рдта, стæ й йе ’нгуылдзтæ стымбыл кодта æ мæ хæ стæ ввонгæ й æ рлæ ууыд. Базел Зибайы къухæ й раскъæ фта цыргъ бырынкъ лæ дзæ г æ мæ дзы рæ хойын райдыдта лæ джы. Уый мæ сты хъысхъысгæ нгæ йæ хи айста къуыммæ.

— Зиба, фæ дзур ма хъахъхъæ нджытæ м. — Базел мæ стыгъуызæ й загъта санитарæ н. Уый ацыд. Заза йæ хи тарстгъуызæ й баласта йæ клеткæ йы цурмæ.

Æ рбацыдысты дыууæ дынджыр гориллæ йы, Базелы раз алæ ууыдысты коммæ гæ с сабитау.

— Уæ ртæ уыцы сырды хъуырыл бæ ндæ н бафтаут æ мæ йæ операцион лабораторимæ акæ нут.

Заза йæ хи клеткæ йы дуармæ балхъывта. Цы йын кæ ндзысты, уый нæ зоны æ мæ фыртæ ссæ й ризы.

Гориллæ тæ бастæ й ракодтой, Барон кæ й хуыдтой, уыцы лæ джы. Уый сæ м лæ буры, фæ стæ мæ йæ хи тоны, фæ лæ йæ цыргъ лæ дзджытæ й куы фæ рæ хуыстытæ кодтой, уæ д æ рсабыр.

— Амæ н та куыд кæ нæ м? — ацамыдта Зиба Зазамæ.

— Бауадз уал æ й йæ бынатмæ. — Загъта Базел æ мæ фæ раст дуармæ.

Заза ногæ й Генриеттæ йы цур куы фестад, уæ д ын фыр цинæ й пъатæ æ мæ хъæ быстæ райдыдта.

Бирæ фæ хъуыды кодта Заза Барон цы фæ уыдаид, стæ й маймулитæ уыцы лæ джы Барон цæ мæ н æ нхъæ лынц, куы нæ сæ асы, куы нæ сæ бакасты исты ис иугъуызонæ й, уæ д. Уыцы ’хсæ в Генриеттæ имæ йæ куысты фæ тк дæ р фехæ лд. Алы æ хсæ в дæ р ын амыдта цалдæ р дзырды маймулиты ’взагыл. Маймулиты ’взаг та уымæ н райста, æ мæ Генриеттæ канд Заза нæ, фæ лæ æ ндæ ртæ й дæ р кæ й хъуыстаид, уыцы ’взаг æ нцондæ рæ й базыдтаид. Ныр сагъæ сты аныгъуылд æ мæ дзы кæ д Генриеттæ домдта дзырдтæ амонын, уæ ддæ р. Йæ бон нæ уыд.

XIII

Заза йæ хъус дардта, уыцы лæ гмæ дыууæ боны дæ ргъы, фæ лæ йæ нал æ рбакодтой фæ стæ мæ. Ау, марынмæ йæ акодтой? Æ мæ сæ цы бахъыгдардта. Стæ й йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, операцион хатæ нмæ йæ кæ й акодтой, уый æ мæ уæ д бамбæ рста цыдæ р фæ лварæ нтæ йыл кæ й кæ ндзысты.

Иу бон Зиба æ рбацыд, уыцы лæ джы чи акодта, уыцы дыууæ гориллæ имæ. Сæ иуы къухы бæ ндæ н. Уыдон клеткæ йы раз куы æ рлæ ууыдысты, уæ д Зазайы зæ рдæ бацъæ хтæ -буртæ, фæ лæ цæ мæ й Генриеттæ йы ма сызнæ т кæ на, уый тыххæ й йæ хи сабыр дардта. Зиба бакодта дуар. Гориллæ тæ й иу бæ ндæ нимæ бахызт мидæ мæ. Иннæ даргъ цыргъ бырынкъ лæ дзæ гимæ цæ ттæ йæ лæ ууыд къæ сæ ргæ рон. Зæ гъгæ, загъд самадтой, уæ д сæ хъуамæ райдыдтаид рæ хойын.

Заза, цыма ницы ’рцыд, афтæ дары йæ хи. Йæ хинымæ ры йæ къух ауыгъта цардыл. Йæ мæ лæ ты агъоммæ ма Генриеттæ йы хъизæ мæ рттæ дæ р фена, уый йæ нæ фæ нды. Уадз æ мæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ са. Уадз, ныфс æ мæ бæ ллицтæ й цæ ра йе ’хгæ д клеткæ йы.

Бæ ндæ н ын йæ хъуыры куы бафтыдтой æ мæ йæ клеткæ йы къæ сæ рæ н куы рахизын кодтой, уæ д Генриеттæ сыстад, рацыд дуаргæ ронмæ. Йæ къухтæ й клеткæ йы хъæ дтыл ныххæ цыд æ мæ æ рхæ ндæ ггъуызæ й кæ сы æ ддæ мæ. Заза ма йæ м иу дæ ргъвæ тин цæ стæ нгас баппæ рста. Уым уыд сабыр кæ ныны ’нгас дæ р æ мæ хæ рзбон зæ гъыны хъуыды дæ р. Ныртæ ккæ иууыл тынгдæ р тарст, Генриеттæ загъд куы самайа, уымæ й. Уымæ н æ мæ уый нæ уыдзæ н кæ ддæ рау æ нæ мбаргæ, инстинктон загъд. Уый уыдзæ н цардæ мбалы сæ рыл иу цасдæ р бæ рцæ й æ мбаргæ тох. Кæ ддæ рау нал кæ ндзæ н æ нæ рхъуыды хъихъхъытæ. Ныр хъæ р кæ ндзæ н, кæ й базыдта, уыцы дзырдтæ, кæ д сын сæ нысаниуæ г иууыл хорз нæ ма ’мбары æ мæ сæ грамматикон æ гъдауæ й кæ рæ дзиуыл раст бæ ттын нæ ма зоны, уæ ддæ р. Æ мæ йæ м уæ д та кæ сы Бароны хъысмæ т. Мæ лæ т. (Бароны тыххæ й-иу цытæ хъуыста институты лабораторийы уæ вгæ йæ, уыдоныл хорз куы ахъуыды кодта, уæ д æ рцыд ахæ м хатдзæ гмæ, зæ гъгæ, йæ чидæ р амардта æ мæ йын йæ бынатмæ уыцы лæ джы баппæ рстой).

Нæ, Генриеттæ ахæ мæ й ницы сарæ зта. Заза къæ сæ рæ й куы ахызт, уый фæ стæ дæ р ма бирæ фæ лæ ууыд æ дзынæ гæ й, стæ й бацыд къуыммæ. Дæ лгоммæ ныххауд хъæ мпыл æ мæ райдыдта сусæ гæ й кæ уын.

Заза куы ницы тызмæ гдзинад æ вдыста, идадзы бæ хау куы цыд, бæ ндæ ныл чи хæ цыд, уыцы гориллæ ты фæ стæ, уæ д ыл баууæ ндыдысты æ мæ йæ Зибайы бар ауагътой. Уый йæ скодта дыккаг уæ ладзыгмæ. Уæ рæ х, райдзаст калидоры комкоммæ ацыдысты, стæ й фæ зылдысты галиуæ рдæ м. Нарæ г талынг калидоры ма чысыл бауадысты. Уым Зиба иу дуар бакодта æ мæ бахызтысты, цалдæ р фæ лтæ рæ й сынтæ джытæ рæ нхъ æ вæ рд кæ м уыдысты, ахæ м палатæ мæ. Алы сынтæ джы дæ р хуыссы иу адæ ймаг. Чи дзы у фынæ й, чи хуыссы уæ лгоммæ, чи йæ иу фарсыл. Сынтæ джыты ’хсæ нты зилынц æ ртæ сылгоймаджы. Сæ уæ лæ — афтид цъæ х зæ ронд халаттæ. Фæ лæ сыл уыдон кæ й сты, уый дæ р дис фæ каст Зазамæ. Нырмæ Æ нгæ сы планетæ йыл дзаумаджын адæ ймаг нæ федта, ибон æ й клеткæ йæ чи расхуыста, уыцы лæ джы куы нæ нымайа, уæ д.

Сынтæ джыты чи хуыссыд, уыцы адæ мæ й иуы цæ сгомыл дæ р ницы ивындзинад фæ хатыд сæ бацыдæ й. Цыма йæ м комкоммæ чи кæ сы, уыдон дæ р фынæ й сты, афтæ йæ м фæ зынд. Уыйхыгъд халатджын устытæ бауадысты сæ размæ. Иу дзы Зибайы къухæ й райста бæ ндæ н, иннæ тæ кæ цæ йдæ р фелвæ стой фæ йнæ цыргъ бырынкъ лæ дзæ джы. Æ мæ ма уый дæ р ницы, фæ лæ Зазайы стыр дисыл бафтыдта иу хъуыддаг: Зибайы къухæ й бæ ндæ н чи райста, уый йæ бафарста бынтон æ мбаргæ хъæ лæ сæ й:

— Знæ т у?

— Нæ, сабыр у, — загъта Зиба æ мæ араст сынтæ джыты ’хсæ нты мидæ мæ.

Ус Зазайы бакодта иу къуыммæ. Уым къулы цы къæ дз æ фсæ йнаг къуырд уыд, уымæ йæ фидар бабаста, уый фæ стæ Зибайы фæ дыл акаст. Уый иу æ ндæ р дуарæ й куы фæ мидæ гæ й, уæ д сдзырдта тæ ригъæ дгæ нæ г хъæ лæ сæ й:

— Цымæ амæ н та цавæ р операци араздзысты, мæ гуыр йæ бон?

Иннæ устытæ й иу цыдæ р сцæ йдзырдта, фæ лæ уыцы рæ стæ джы сæ цуры сынтæ джы цы фидæ рттæ конд лæ г хуыссыд, уый йæ цæ нгтæ фæ хъил кодта æ мæ сæ райдыдта уæ лдæ фы тилын, искæ мæ лæ бурæ гау. Иннæ буар хуыссы æ нæ змæ лгæ, цыма хъæ ды лыггаг у. Æ рæ джиау ма йæ дзых фæ хæ лиу кодта. Цыма тынг ныхъхъæ р кæ нынмæ хъавыд, уый улæ фт ныккодта, фæ лæ гæ зæ мæ райхъуыст йæ дзурын.

— Нæ, куыдзы фырт, кæ д ды маймули дæ æ з та адæ ймаг, уæ ддæ р дын ме ’фхæ рд нæ ныууадздзынæ н. — Иу дзæ вгар ма фæ тылдта йæ цæ нгтæ, стæ й та ныссабыр.

— Цæ й тæ ригъæ д у? — Басагъæ с кодта устытæ й иу.

Заза ацы хатт йæ хи нал баурæ дта. Адæ ймæ гтæ кæ й сты, уый тыххæ й сæ ницæ мæ й тарст, æ мæ бафарста:

— Цы йын сарæ зтой?

Устытæ исдуг джихæ й аззадысты. Тарстгъуызæ й кастысты Зазамæ, стæ й дзы иу ризгæ хъæ лæ сæ й бафарста.

— Ды, маймулитау, æ мбаргæ ныхас кæ ныс?

— Куыд уыныс, афтæ.

— Æ мæ кæ м сахуыр дæ?

— Уый æ гæ р егъау таурæ гъ у, фæ лæ амæ н цы сарæ зтой?

— Уый заводы куыста. Хицау орангутанг æ м цæ уылдæ р фæ мæ сты æ мæ йæ ехсæ й ныццавта. Ай йæ м фæ зылд. Йæ раздаг дзæ мбытæ й йæ ацахста. Станокыл æ й ахæ м цæ ф ныккодта, мæ зæ рде æ мæ дзы уæ нг уæ нгыл дæ р нал фæ хæ цыд. Ныр æ й ардæ м æ рбакодтой. Цыдæ р операцийы фæ рцы йын йе уæ нгтæ бандзыг кодтой. Змæ лгæ ма йын ныууагътой æ рмæ ст йæ цæ нгтæ.

— Дæ у та цæ й тыххæ й æ рбакодтой? — бафарста йæ нырмæ иу ныхас дæ р чи нæ ма скодта, уыцы æ ртыккаг ус.

— Ницы йын зонын.

— Кæ м куыстай?

— Никуы.

— Æ мæ уæ дæ кæ м сахуыр дæ дзурын?

— Уый стыр таурæ гъ у, уын куы загътон. Фæ лтау-ма зæ гъут, ам дыууæ боны размæ, мыййаг, дзаумаджын адæ ймаг æ рбакодтой?

— О, ды Баронæ й зæ гъыс?

— Нæ, уый... О, уымæ й.

— Уый дам афтæ дзырдта, цыма цавæ рдæ р æ ндæ р планетæ йæ æ ртахт, æ мæ цыма уымы адæ м сты амы маймулитау зондджын, маймулитæ та амы адæ мау æ нæ зонд, инстинктæ й фылдæ р кæ мæ ницы ис, ахæ м сырдтæ.

— Ныр цы фæ цис?

— Операци йын скодтой. Кæ имæ дæ р дам сыл иугъуызон фæ лварæ нтæ аразынмæ хъавынц. Ды ма уай? — Тарстгъуызæ й афарста, бæ ндæ н чи бабаста, уыцы ус.

— Нæ йæ зонын.

— Мыййаг, афтæ куы уа, уæ д арæ хстгай архай.

Уыдон куыд фæ нда, афтæ араз. Фылдæ р нæ й. Фæ лтау къаддæ р гæ нæ н ис. Дзургæ — ницы. Кæ д-иу дын исты дзырд фæ лварын кæ ной, уæ д-иу æ й зæ гъ æ рæ гмæ, цыма йыл бирæ фæ цархайдтай.

— Стыр бузныг. Кæ д ма дзæ бæ хæ й раирвæ зон, уæ д уын уæ хорздзинад нæ ферох кæ ндзынæ н. æ рмæ ст, хардзау уæ м ма фæ кæ сæ д, фæ лæ кæ м базыдтат афтæ æ мбаргæ ныхас кæ нын?

— Мах чысылæ й фæ стæ мæ ацы куыст кæ нæ м. Фыццаг уыдыстæ м институты операцигæ нæ н лабораторийы. Ныр нæ ардæ м ракодтой.

— Æ мæ циу уæ куыст?

— Æ ххуыс кæ нæ м, операци чи кæ ны, уыдонæ н. Хæ цæ м баст адæ ймæ гты цæ стытыл. Мæ нæ ацы палатæ йы цы адæ м ис, уыдон бынтæ сыгъдæ г кæ нæ м.

— Æ з æ нхъæ л дæ н, сымахау æ мбаргæ дзырд чи райдайы, уыдонмæ хорз цæ стæ й нæ кæ сынц?

—Æ мæ махæ й цæ мæ й тæ рсынц. Æ хсæ вæ й-бонæ й стæ м ам. Æ ддæ мæ нæ нæ уадзынц.

Зазайы ма фæ ндыд аныхæ стæ кæ нын, фæ лæ мидæ ггаг дуар байгом. Рахызт Зиба. Устыты уыциу ран куы ауыдта, уæ д сыл фæ хъæ р кодта.

— Цы стыгуыр стут уым!

— Тынг сызнæ т. Цæ гъдæ нтæ нæ кодта, цалынмæ йыл лæ дзджытæ й хорз æ ркалдтам, уæ дмæ, — сæ хи бараст кодтой устытæ.

Æ хсызгон уыд Зазайæ н се ’рхъуыдыдзинад.

XIV

Зиба, æ рмахуыр рæ уæ дау, сриуыгътытæ кодта устыты. Йæ цæ стытæ сæ м ахъулæ ттæ кодта. Уый фæ стæ райхæ лдта Зазайы бæ ндæ н. Сылгоймæ гты бафæ дзæ хста, цæ мæ й сыгъдæ гдзинадмæ хорз сæ хъус фæ дарой. Уыцы хъуыддагмæ сæ хуыздæ р сразæ нгард кæ ныны тыххæ й йæ цæ ст хинæ йдзаг ныкъуылд фæ кодта æ мæ фæ сус хъæ лæ сæ й сдзырдта.

— Базел рæ хджы рацæ удзæ н ауылты. Мыййаг, исты йæ зæ рдæ мæ куы нæ фæ цæ уа, уæ д уæ хæ дæ г зонут йæ ахаст. — Ууыл йæ фæ дзæ хст фæ удыл банымадта, зæ гъгæ кæ д бамбарат, уæ д хорз, науæ д Базелы амæ ттаг фæ ут.

Заза йæ зæ рдæ мæ бахаста, цъæ х халатджын сылгоймæ гтæ йын цы бацамыдтой, уый. Зибайы фæ дыл цæ угæ йæ йæ хинымæ р хъуыдытæ кæ ны, цы фæ лварæ нтæ йыл араздзысты æ мæ йæ йæ хи куыд равдисын хъæ уы, уыдæ ттыл.

Заза цалынмæ зæ ххыл цард, уæ дмæ дæ р медицинæ уарзта. Арæ х-иу бацыд медицинон зонæ дты академимæ. (æ ниу техникон зонæ дты дохтыр уыд). Цымыдис кодта, маймулитыл цавæ р фæ лварæ нтæ аразынц, уыдонмæ. Иу цасдæ р бæ рцæ й зонгæ уыд фæ лварæ нтæ аразæ н прибортимæ. Ныр йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, Базелы хæ рзфæ лыст лабораторийы тыххæ й цы фехъуыста, уый, æ мæ аскъуыддзаг кодта, зæ гъгæ цы федтон, уымæ н уæ лдай мæ дисы чи бафтауа, ахæ мæ й цы хъуамæ фенон.

Фæ рæ дыд. Базелы операцион хатæ ны цы федта, уыдонæ н нæ мттæ æ рымысын дæ р йæ бон никæ д бауыдаид. Æ мæ сæ уымæ й дæ р цæ сты иу ахастæ й цы федта, уымæ й уæ лдай йын кæ м уыд уыдæ ттыл хъуыды кæ ныны рæ стæ г. Зиба йæ, нывонд уæ рыккау, ласы йæ фæ стæ, уæ ртæ иу къуымы Базелы куы ауыдта, уæ д йæ зæ рдæ риуы къултыл йæ хи афтæ ныххоста, æ мæ йæ алывæ рсты цы уыд, уый дæ р нал уыдта...

Ацы къуымы дæ р та разынд къулы къуырд æ фсæ йнаг къæ дз. Зазайы ныр фидардæ р бабастой. Уый фæ стæ Базел бардзырд радта дыууæ нæ л гориллæ йæ н, цæ мæ й уыцы къуыммæ æ рбакæ ной «Бароны». Заза нæ зоны Барон цы фæ цис, уый фæ лæ сыл ныр худы, Бароны æ фсон цавæ рдæ р Æ нгæ саг лæ джы кæ й ракæ -бакæ кæ нынц, уый тыххæ й.

Заза нæ федта, кæ цæ й йæ ’рбакодтой, уый, фæ лæ куы ауыдта Бароны ивддзаджы, уæ д хорзау нал фæ цис. Дыууæ боны размæ йæ куыд федта, уымæ й йæ м æ ппындæ р ницыуал баззад. Йæ цæ стытæ дзæ гъæ лгаст кæ нынц. Расыгау цуды. Йæ цæ нгтæ ауыгъд лæ дзджытау уæ гъд тæ лфт кæ нынц. Ныр æ й бæ ндæ нæ й дæ р нал кодтой, фæ лæ, наййаг галау, йæ хъусæ й. Уый дæ р цыд. Цыд æ нæ уæ лдай митæ й.

Куыддæ р æ й Зазайы цур æ рлæ ууын кодтой, афтæ Базел йæ хæ дæ г æ рæ внæ лдта фæ лварæ нтæ аразынмæ. Гориллæ ты бафæ дзæ хста, зæ гъгæ, ацыд чысыл дарддæ р. Уым цæ ттæ йæ лæ уут. Мыййаг, дзы исчи хъаугъайы фæ нд куы скæ на, уæ д-иу æ ххуысмæ тагъд зынут.

Базел комкоммæ æ рлæ ууыд «Бароны» раз. Æ рлæ гъзытæ йæ кодта. Иу банан ын йæ хи къухæ й бахæ рын кодта. Уый фæ стæ райдыдта фæ лварæ н. Йæ хи риу цалдæ р хатты йæ дзæ мбыйæ бацавта афтæ дзургæ: «æ з Базел, Базел! » — Уый фæ стæ та райдыдта амонын лæ гæ н йæ химæ афтæ дзургæ: «Ды Барон, Барон» — лæ джы цæ сгомыл иу мур ивындзинад дæ р нæ цæ уы. Æ гæ рыстæ мæ й йæ цæ ст дæ р нæ ныкъулы. Базел цалдæ р хатты сфæ лхат кодта уыцы фæ лтæ рæ н, фæ лæ дзы ницы рауад. Иу зæ л дæ р нæ ратагъд уыцы лæ джы дзыхæ й.

Уый фæ стæ раздæ хт Зазамæ. Райдыдта уыцы фæ лварæ н аразын. Заза устыты фæ дзæ хстмæ гæ сгæ йæ хиуыл хæ цы. Цыма дзы Базел цы домы, уый не ’мбары, йæ хи афтæ дары. Фæ лæ Базел æ гæ р мæ сты кæ нын кæ й байдыдта, уый куы базыдта, уæ д райдыдта цъæ ррæ мыхстытæ й дзурын афтæ.

— Ббба... а... зззе.. е, Барро... Баарро... — Базелæ н йæ цæ стæ нгасыл цыдæ р хъæ лдзæ ггъуыз фæ зынд.

— Кæ сут уый цавæ рдæ р зæ ххæ й æ рцæ уæ г (амоны иннæ лæ гмæ ), шимпанзетæ м гæ сгæ, йæ зонд махмæ йы маймулитау тынг размæ дзыд кæ мæ н у, ахæ м æ мæ йæ м сырды инстикт дæ р нæ й. Ай та (амоны Зазамæ ) æ нгæ саг адæ ймаг æ мæ ма, попугайау, фæ лхат кæ нын уæ ддæ р зоны. —Дзуры лабораторийы кусджытæ н.

Уый фæ стæ райдыдта ног фæ лтæ рæ н. Йæ дзыппæ й систа æ рттиваг гæ ххæ тты тыхт шоколад канфет. Бадардта йæ уыцы лæ гмæ. Базел æ й фæ стæ мæ раскъæ фта, райхæ лдта йæ, афтæ мæ й та йæ м æ й бадардта. Лæ г та йæ м февнæ лдта. Нæ та йын æ й радта. Лæ г æ м ахæ м тæ ригъæ ддаг æ нгæ сæ й каст, цыма йæ царды хъысмæ т иууылдæ р уыцы канфеты мидæ г уыд. Базел æ й цалдæ р хатты райхæ лдта, стæ й та-иу æ й батыхта. Æ ппынфæ стаг æ й бадардта лæ гмæ. Уый йæ айста æ мæ йæ æ нæ хæ лдæ й йæ дзыхы баппæ рста. Базелы зæ рдиаг архайд кæ й фæ дзæ гъæ лы, уый тыххæ й рамæ сты. Ахæ м зæ лланг нылласта лæ джы бæ рзæ йæ н æ мæ йæ канфет йæ дзыхæ й рахауд. Базел æ й систа.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.