Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 11 страница



Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, цыма доны хъæ р фыццаг хатт фехъуыста, уыйау йæ сагъæ стæ уый æ рдæ м азылдысты. Æ дзынæ г ныхъхъусы доны ’рдæ м. Стæ й хъæ лдзæ гхуызæ й фæ хъæ р кæ ны: «Мæ уд дæ фæ хъхъау, мæ нæ дон, табу де стыр æ хсарæ н! Кæ с-ма, цæ уыл у амæ н йæ мæ сты хъæ р, йæ фæ дис? Æ рдз æ й йæ хицæ н кæ ны кусæ г, цагъар. Уый та йæ хицæ н сæ рибары фæ ндаг агуры. Кæ с-ма, куыд зынтæ æ мæ фыдæ бæ ттæ кæ нгæ йæ къæ ртт кæ ны йæ хицæ н фæ ндаг. Хæ хтæ йæ риуæ й сæ тгæ цæ уы. Кæ дæ м, кæ дæ м у йæ балц ацы донæ н?! Стыр денджызы астæ уы уылæ нтæ м! » Стæ й та, иучысыл афæ стиаты фæ стæ, йæ химæ уайдзæ фгæ нæ гау фæ зилы: «Кæ сыс, мæ зæ рдæ? Ды фæ зм уыцы доны. Хъуамæ цыфæ нды зынтæ й дæ р дæ фæ ндон кæ ронмæ ахæ ццæ кæ най! Цы у цард цагъарæ й! Рæ стдзинад, сæ рибаруарзынад, нæ й дæ у тыххæ й тæ рсæ н нæ дæ р зынтæ й, нæ дæ р мæ лæ тæ й! Кæ сыс донмæ, мæ зæ рдæ? Айнæ г хох йæ риуæ й къæ ртгæ нгæ куыд цæ уы! Уымæ н дæ р нæ у æ нцон. Гъе афтæ мæ й æ фты къухы зæ рдæ йы уарзондзинад! Йæ тухийы æ фсондз ын сæ ттын хъæ уы, йе згæ рæ хыстæ йын атонын хъæ уы!

***

«Авд хойы» æ рбахæ стæ г сты хурыскæ сæ нмæ. Арв æ рбахъулæ ттæ ис, цыма рауарынмæ хъавыд, уыйау, фæ лæ та расыгъдæ г. Райдыдта бон.

Хур бæ рзонд ссыди, уæ ддæ р Æ хсары йæ фын нæ уадзы. Æ вæ ццæ гæ н ма ахастаид дарддæ р дæ р, фæ лæ йæ дыууæ уарзон æ мгары — Темыр æ мæ Хаджумар — хъæ лдзæ г ныхæ стæ кæ нгæ, дуар æ рбахостой. Æ хсар фехъал вæ ййы. Хаджумар æ м худгæ йæ сдзуры:

— Цы афоны хуыст у, Æ хсар? Цыма дысон дæ каистæ м — Хабæ тæ м — сиахсы æ гъдæ уттæ кодтай!

Стæ й ма йæ м Темыр бафтыдта:

— Цы кæ на, мæ гуыр, чызджытæ дзы къафеттæ агуырдтой æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, стыхст. Куыд æ м кæ сын, афтæ мæ й цыма бонæ й æ рбацыд æ мæ схуыссыд.

Иучысыл хъазæ н ныхæ стæ акодтой æ мæ ахудтысты, стæ й рахызтысты уæ ззау ныхасмæ. Темыр сабырæ й, йæ алы ныхасæ н дæ р цыма йæ уæ лдæ йттæ кардæ й лыг кодта, афтæ мæ й райдыдта дзурын:

— Æ хсар, мах стæ м де ’нæ цудгæ æ мгæ рттæ. Махæ н нæ хæ с у дæ у тыххæ й алы зындзинад дæ р бакæ нын.

Ды хъавыс Сафирæ ты аскъæ фынмæ. Уый у ахъуыдыйаг. Ды хизыс судзгæ артмæ. Мах дæ р цæ ттæ стæ м дæ фæ дыл уырдæ м багæ пп кæ нынмæ. Мах дзы нæ хи удтæ æ мæ зынтæ нæ иргъæ вæ м, фæ лæ акæ с дарддæ р. Арт налат у, куы ссудза, уæ д уый растæ й-зылынæ й никæ йуал æ взары.

Хаджумар дæ р æ м йæ ныхасы хай баппæ рста:

— Уырысмæ иу æ мбисонд ахæ м ис: «Авд хатты йæ сбар, иу хатт æ й ралыг кæ н». Уый æ з уымæ н дзурын, æ мæ ацы хъуыддагмæ канд иуæ рдыгæ й æ ркæ сын нæ хъæ уы, фæ лæ алырдыгæ й дæ р. Æ рмæ ст йæ хорзырдыгæ й куы кæ сæ м хъуыддагмæ, уæ д уый у рæ дыд, фæ лæ йæ м йе ’взæ рырдыгæ й дæ р æ ркæ сын хъæ уы, Мах сфæ нд кодтам Дзылатæ н се ’фсармы къул басæ ттын. Иу уый. Дыккаг та, нæ фыдæ лты æ гъдау дæ р кæ й ныннæ рдзæ н, уыцы хабар уæ рох ма уæ д. Зæ гъдзысты: «Ау, уый та куыд у? Æ гъдæ утты сæ рты куыд ахызтысты уыдон? Цæ мæ н нæ бафхæ рдтой? »

— Фыдæ лты æ гъдæ уттæ афтæ ныннæ рæ нт, æ мæ фæ йнæ рдæ м дургай куыд азгъæ лой! Атæ ппæ т фыдбылызтæ, хинтæ æ мæ царды марг уыдоны къæ биц у, — загъта Æ хсар.

— Рæ дыды комы æ хсырф æ мбал!

— Иу ныхасæ й, фæ стæ мæ здæ хгæ нал у.

— Уый дын нæ барын, Æ хсар. Цыма фæ стæ мæ ралыгъдыстæ м, уыйау нæ æ мбарыс. Нæ хи дзы нæ аууон кæ нæ м. Мах нывонд стæ м дæ фæ стæ. Мæ лæ тæ й диссагдæ р æ мæ тæ ссагдæ р ницы ис царды мидæ г. Тынг æ нцонæ й исæ м мах уый не ’мгардзинады тыххæ й.

Æ хсар куыддæ р къуылымпыгæ нгæ йæ райдыдта ныхас кæ нын:

— Æ з цард æ мæ хъысмæ тæ й ме сæ фт уыдтон абоны онг, фæ лæ йæ мæ нæ гъеныр уынын: ис дзы адæ ймагдзинад дæ р æ мæ æ ууæ нк дæ р. Æ мæ адæ ймагдзинад æ мæ æ ууæ нк цы царды ис, уый фæ рнæ йдзаг уæ д. Цагъары цард та у хæ дмæ л, уым ад нæ й. Æ мæ цагъарæ й, хæ дмæ лæ й мæ цард æ рвитыны бæ сты, æ з иттæ г зæ рдиагæ й æ мæ зæ рдæ райгæ йæ хизын уыцы стыр артмæ. Уадз æ мæ царды судзгæ къæ йыл аззайон æ ртхутæ гæ й. Мæ нæ н здæ хгæ нал у! Темыр, дæ хорзæ хæ й, ды ацы фæ стаг бонты Сафирæ ты кæ д федтай?

— Тæ ккæ знон.

— Æ мæ куыд у йæ зæ рдæ йы афæ лгæ ст?

— Æ мæ дæ хъуамæ уый мæ т та цæ мæ н уа? Хæ фс у, калмы дзыхмæ цæ уы, æ мæ кæ д дæ бон у, уæ д æ й фервæ зын кæ н!

— Темыр, мæ ныхас дæ м аипп ма фæ кæ сæ д, фæ лæ денджыз æ мæ сылгоймаджы зæ рдæ фæ ливаг сты.

— Раст зæ гъыс, Хаджумар, фæ лæ денджыз ныртæ ккæ æ нцад у. Фыдуадæ й йын ма тæ рс.

— Цæ й, цы уа, уый уæ д!

Ууыл сæ ныхас фæ ци.

Æ хсæ в. Хабæ ты галуаны Сафирæ ты уатæ й цырагъы рухс цæ уы. Уым стъолы фæ йнæ варс бадынц Сафирæ т æ мæ йе ’мгар Аминæ т. Кæ д сын цырагъ сæ цæ сгæ мттæ м тынг рухс кодта, уæ ддæ р сæ м афтæ касти, цыма талынджы бадынц, Аминæ т ныккæ сы Сафирæ ты цæ стытæ м æ мæ йæ м сдзуры:

— Сафирæ т, цæ ттæ стæ м ныр, фæ лæ ма йыл ахъуыды кæ н иу хатт.

— Аминæ т, мæ зынаргъ æ мгар, ницыуал дзы ис хъуыдыгæ нинаг, иууылдæ р хъуыдыгонд сты. Зæ рдæ йыл гуыдыр куы сæ вæ рай, уæ д уый хуыйны ахст. Уырдæ м ын дæ тт къæ бæ р, æ мæ дын ахæ стоны хицау, цы йæ фæ нды, уый кæ ндзæ н.

— Раст зæ гъыс, мæ зынаргъ хо, уæ ззау сты уыдон иууылдæ р, фæ лæ мæ нæ ныр ды цы сфæ нд кодтай, уый дæ р, рох дæ ма уæ д, рог æ мæ аслам нæ у.

— Уынын æ й, Аминæ т, фæ лæ нæ хи нывондæ н æ рхæ ссæ м нæ хоты цагъардзинады ныхмæ тохы. Уадз æ мæ дзы фесæ фæ м æ з æ мæ ды. Сæ рибар, рæ стдзинад — уыдон къухмæ лæ вар нæ цæ уынц.

— О, Сафирæ т, уыцы ныхæ стæ куы кæ ныс, уæ д дæ цæ сгом цæ й рæ сугъд у! Хæ лæ г дæ м кæ нын. Афтæ мæ м кæ сы, цыма нæ цагъардзинады рæ хыстæ тонгæ æ мæ мургæ нгæ цæ уыс. Цæ ттæ дæ н æ з алцæ мæ дæ р, ды цы зæ гъай, уымæ, Сафирæ т!

Аминæ тæ н йæ ас у рæ стæ мбис, ис ын рæ сугъд, арфхъуыдыджын цæ стæ нгас. Фæ лæ йæ цæ сгомы цъар у уæ лæ нгай хæ буздзыхъхъытæ. Кæ д æ мæ йæ фындз чысыл тъæ пæ нгомау у, уæ ддæ р ын йæ урс дæ ндæ гтæ, йæ аив æ нгас æ мбæ рзтой йæ цæ сгомы хъуагдзинæ дтæ.

Уæ лдайдæ р-иу йæ даргъ цæ стыхаутæ куы фегом сты, уæ д ын йæ сурæ тæ н иттæ г рæ сугъддзинад лæ вæ рдтой йæ дынджыр сау цæ стытæ.

Мæ нæ уатмæ æ нæ нхъæ лæ джы æ рбацыд æ ртыккаг чызг Дзерассæ. Ныллæ ггомау, тымбыл сылгоймаг. Дзылаты хæ стæ г. Уый у ахæ м адæ ймаг, æ мæ уарзондзинадæ н аргъ чи нæ кæ ны, фæ лæ афтæ чи зæ гъы: бахæ рон, бафсæ дон, уымæ й фæ стæ мæ цыфæ нды дæ р уæ д, бар йæ хи. Чызг дуарæ й куы бахизы, уæ д йæ риуыдзаг хус худт ныккæ ны æ мæ сдзуры:

— Цæ й æ нкъардæ й бадут? Дæ бонæ й уай, Сафирæ т, Дзылаты хæ дзармæ чындзы чи цæ уы! Царв æ мæ æ хсыры дæ къухтæ дардзынæ. Ивæ згæ дзыкка дæ зæ рдæ куы æ рцагура — акæ ндзынæ -иу æ й, дзаджджын уæ либæ хтæ... Дæ с хъуджы-иу куы радуцай! Замманай глази къабатæ й къул йæ тæ ккæ дзаг. Цары, фæ ндзгай азтæ кæ уыл цæ уы, ахæ м фиутæ. Цыппар æ фсымæ ры — тиутæ, амæ й-ай хуыздæ ртæ. Цы дын у, сæ дзабыртæ сын-иу сæ рфтæ й райсомæ й-райсоммæ сæ разы авæ рдзынæ. Дæ с хъуджы родтæ сæ рвæ тмæ ратæ рын дæ р зæ рдæ рухсдзинад у. Бон-иу цыппар хъуылæ джы куы цæ гъдай!..

Стæ й Дзерассæ уæ ззау ныуулæ фы æ мæ та йе ’мгарæ н фæ зæ гъы:

— Уæ дæ, уæ дæ, Аминæ т. Иуæ й-иутæ м дзы цы амонд æ рхауы! Кæ сыс нæ хи Сафирæ тмæ. Мæ цæ лы цады[9] ленк кæ ны æ мæ ма мах мæ тæ й мæ лдзæ н. Чындзæ хсæ вæ н та дыууæ галы цæ ттæ кæ нынц, нæ ртон фесты сæ лæ вæ рттæ.

Уыцы ныхæ стæ м Сафирæ т мæ сты кодта, фæ лæ йæ хи тыххæ й урæ дта. Стæ й хъазгæ мхасæ нты сдзырдта:

— Тæ рсгæ ма кæ н, Дзерассæ, хъуылæ г-иу иумæ цæ гъддзыстæ м æ мæ дын-иу къæ ртайы дзаг мисыны дынджыр нæ лхæ уæ химæ хæ ссынæ н нысхойдзынæ н.

Йæ хæ дæ г, Аминæ тимæ фемдзаст уæ вгæ йæ, æ нæ бары бахуды.

«Бæ рзæ йдих дæ хуыцау фæ кæ нæ д, кæ д кæ цæ й æ рбахаудтай! » — хъуыды кодта йæ хинымæ р Сафирæ т. Стæ й уалынмæ Дзерассæ мæ кæ ртæ й сæ гыццыл лæ ппу арбахъæ р ласта:

— Дзерассæ, нана дæ м дзуры!

***

Дзылаты Джетæ гъæ зы хæ дзары ис стыр змæ лд. Адæ м хъæ лдзæ гхуызæ й цæ уынц, хуынтæ хæ ссынц.

Залдуз, хæ рзхуыз зæ ронд ус, йæ дадалитæ аив уагъдæ й хуындзаутæ н арфæ кæ ны æ мæ сын сæ хуынтæ исы. Куы сæ сбæ лвырд кæ ны, уæ д устытæ н æ мбарын кæ ны æ ппæ т хуынарæ зт куыд рæ сугъддæ р æ мæ бæ ркаддæ р хуызæ й равдиса, ууыл архайгæ йæ:

— Мæ нæ уый у йæ мадыфсымæ ры хуын, мæ нæ уыцы алæ мæ ты хуын та — йе ’мдзуарджыны...

Залдуз фендджын ус у. Хуыны кад, хуыны ахадындзинад уый хуызæ н ничи сараздзæ н. Йæ къухæ й ахæ м хуынтæ бирæ ацыдис. Канд Дзылатæ м нæ, фæ лæ хъæ убæ сты дæ р куы вæ ййы ахæ м хъуыддаг, уæ д йæ аивгæ нæ г фылдæ р хатт уый вæ ййы. Хæ дзары уыди хистæ р зæ ронд лæ гтæ. Æ мæ сæ м Залдуз бадзуры йæ хуыны цурмæ:

— Æ ркæ сут, мæ хуртæ, мæ нæ Дзылаты хуынмæ Хабæ тæ н.

Бицко æ мæ Гæ был зæ рдиагæ й раарфæ кодтой Залдузæ н. Гæ был ма Залдузæ н зæ рдæ лхæ нæ н ныхас скодта:

— Залдуз, дæ хуын иттæ г нæ ртон у. Тынг кад кæ ныс Хабæ тæ н, бæ рзонд сæ кæ ныс, æ мæ дын хуыцау раарфæ кæ нæ д.

Залдузы фарсмæ лæ ууыд Чесæ ду, тæ нæ гæ фсæ р, цыргъфындз, бæ рзонд къæ схуыртæ сылгоймаг, Джетæ гъæ зæ н йе ’мхæ рæ фырт.

— Гæ был, уæ ддæ р хуынæ н йæ ахсджиагдæ р дзауматæ ам нæ ма сты: кæ сæ мертæ æ мæ урс цыллæ хызтæ, — фæ зæ гъы Залдуз.

— О, уæ дæ ма дзы кæ д уыдон дæ р ис, уæ д æ з фын уынын, фын, Залдуз. Хуыцау, дæ хистæ н, айонг фæ цардтæ н æ мæ ахæ м диссаджы хуыныл никуыма сæ мбæ лдтæ н.

Гæ был æ мæ Бицко тынг буцæ й рацыдысты Дзылаты хæ дзарæ й... Фæ ндагыл сын нозтрæ вдыдæ й ныхас бацайдагъ.

— Хетæ джыстæ н, цард цытæ кæ ны, уый йæ хæ дæ г дæ р не ’мбары, — дзуры Бицко. — Ахъуыды-ма кæ, дæ хорзæ хæ й, Гæ был, утæ ппæ т хъуыддæ гтæ æ мæ бæ ркæ дтæ хуыцау Дзылаты хæ дзармæ куыд сарæ зта!

— О Бицко, алцыдæ р хуыцауæ й аразгæ у.

— Æ мæ цавæ р хуыцау у, уыдоны амонд йеддæ мæ кæ й рæ вдауа, уый нал ис?

— Амонд дæ уæ д, Бицко, амонд, уыййеддæ мæ цыфæ нды дæ р у. Куы ахъуыды кæ най, уæ д диссаджы хъаруджын сты Дзылатæ. Гъер Джетæ гъæ з мæ хæ стæ г у, Фидараты Æ хсар та мын ницы бавæ ййы, фæ лæ Æ хсары раз Джетæ гъæ зæ н баком, уый мæ нмæ тынг диссаг кæ сы. Æ хсар — саджы фисынтыл амад, арты хуызæ н лæ ппу, Джетæ гъæ з та? Йæ конд — хлепайы куырисау. Иу адæ мы хуызæ н ныхас дзы нæ фехъусдзынæ, фæ рæ тхъæ д куы фæ амайы, уæ д дæ р ын авд хæ лды фæ кæ ны.

— Æ ниу ма йын дæ разы йæ цæ стмæ бакæ с: сахъат ын куы у.

— Уæ, дæ бон мын дæ хи фæ ндиаг уа, Бицко! Уыдон, мæ хур, иууылдæ р исбон æ мбæ рзы, исбон. Хъуыддаг мулк у, мулк. Федтай стъолыл? Фæ хсынтæ æ мæ кæ сæ мер къабайæ гтæ й бынмæ æ рцæ йтыдта æ ви нæ? Гъеуæ д, мæ хур, лæ г къуылых дæ р æ мæ сохъхъыр дæ р нал вæ ййы... Сырды арт ратæ ры, зæ рдæ йы цы вæ ййы, уый та нозт зæ гъын кæ ны.

— Гъе, афтæ ныхасгæ нгæ йæ сæ алчидæ р йæ хæ дзарыл сыкъадзæ фæ й сæ мбæ лди.

***

Уыдис изæ рдалынгтæ. Кæ д гыццылгай сæ лфынæ г кодта, уæ ддæ р къуылых мæ йрухс уыди. Фидараты Æ хсары хæ дзарæ й уынæ р цыди, фæ лæ дзы бæ лвырд ныхас нæ хъуысти. Сæ куыдз мæ нг рæ йдтытæ кодта. Иукъорд чидæ ртæ дуарæ й фæ мидæ г сты, фæ лæ сын равзарæ н нæ уыд, æ рмæ ст зындысты сæ сау æ ндæ ргтæ. Сæ уынæ р гыццыл фæ тыхджындæ р. Райхъуысти дзы ахæ м ныхас:

— Цы æ рцæ уинаг уа, уымæ кæ сын нæ хъæ уы, йæ размæ цæ уын хъæ уы. Хъуыддаг æ ргъæ вын хорздзинад нæ хæ ссы. Æ мбисондæ н куы баззад: «Саг æ мгъуыдмæ кæ сгæ йæ æ нæ къæ дзилæ й баззад».

Иучысыл афæ стиаты фæ стæ сæ ныхас карздæ рæ й цæ уын байдыдта:

— Уæ дæ кæ д саг æ мгъуыдмæ кæ сгæ йæ æ нæ къæ дзилæ й баззад, уæ д махæ н дæ р цæ мæ й нæ хъуыддаг æ нæ къæ дзилæ й ма баззайа, уый тыххæ й нын æ й дарддæ р мауал æ ргъæ в, йæ сахат æ рхæ ццæ. Цы зæ гъут, не ’фсымæ ртæ?

Иукъордæ й сдзурынц:

— Йæ рæ стæ г у ныр, нæ хъысмæ т цы скæ рда, уый фæ уæ д.

— Батырадз, раст зæ гъыс. Æ з абон Аминæ ты федтон, æ мæ мын уый бамбарын кодта хабæ рттæ. Райсом, сабаты — йæ хуын, сом æ хсæ в та йæ хæ сгæ кæ ндзысты. Æ мæ уæ д уæ сагыл къæ дзил нæ, фæ лæ хъустæ дæ р нал уыдзæ н. Лæ угæ нын нал у. Нæ хъул цы абада, уый абадæ д, — загъта Хаджумар. — Мах тынг раст кæ нæ м. Хæ с йæ фидынæ й рæ сугъд у. Джетæ гъæ з Æ хсарæ н цы «лæ вар» ракодта, уый йын фæ стæ мæ фидын хъæ уы.

— Ацы фæ стаг бонты Æ зо дзырдкъахæ н кæ ны, — сдзырдта Темыр. Зæ ххыстæ н, цы хъавы — нæ йæ æ мбарын. Ракъахын мæ йæ зæ рды ис, æ вæ ццæ гæ н. Цæ й, уыцы ныхæ стæ ныууадзæ м, æ хсæ в махмæ нæ кæ сы. Алы минут дæ р зынаргъ у!..

Афтæ мæ й иу иннæ йы фæ дыл рацыдысты Æ хсары хæ дзарæ й. Цæ сгомæ й сын равзарæ н нæ уыд, æ рмæ ст зындысты сæ сау æ ндæ ргтæ. Сæ лфынæ г тынгæ й-тынгдæ р кодта, мæ йæ н йæ рухс фæ мынæ гдæ р. Хъæ у уыдис æ нцад-æ гомыг, цыма исты хъуыддагмæ æ рцæ уын æ нхъæ лмæ касти, уый хуызæ н...

Сафирæ т йæ уаты мидæ г къуымтæ змæ нты, цыдæ р агуры, тыхсы. Æ виппайды цыма йæ зæ рдыл цыдæ р æ рбалæ ууы, уыйау æ нæ дзургæ йæ фесты æ мæ тыргъы дуар фегом кæ ны, зæ хмæ æ рхизы æ мæ сæ зæ ронд ердойы уæ лхъус алæ ууы. Фæ стагмæ ныджджих вæ ййы.

Иу цыбыр рæ стæ джы фæ стæ рудзынгмæ спичкæ йы рухс фæ зынди. Цыма йæ уыцы спичкæ йы рухсы стъæ лфæ нтæ зынгау асыгътой, уыйау цæ хгæ р йæ мидбынаты цъилау ныззылди чызг. Йæ уаты мидæ г куы иу дзаумамæ февналы, куы иннæ мæ. Йæ кæ лмæ рзæ н фелвасы æ мæ йæ фехсы. Стæ й та фелвасы йæ мады кæ лмæ рзæ н, ахъæ быс ын кæ ны сывæ ллонау æ мæ йæ йæ сæ рыл æ ркæ ны. Кæ уæ гау сдзуры: «Уæ, мæ зынаргъ ныййарæ г, де ’хсыры хъуыртт мын хæ рам ма скæ н. Дæ хъарм хъæ бысы бæ сты мæ хи дæ кæ лмæ рзæ ны тухын».

Йæ цæ сгом уыди тарстхуыз, йæ цæ стытæ й уæ рæ х касти. Февнæ лдта цырагъмæ æ мæ рудзынгæ й рухс нал дыд. Иучысыл сагъдауæ й алæ ууы, стæ й фæ зилы фæ рсаджы ’рдæ м, фегом æ й кæ ны æ мæ зæ хмæ æ рхизы. Иукъорд къахдзæ фы акæ нгæ йæ, йæ хъустыл хæ дзарæ й æ рцæ уы хъæ лдзæ г ныхас. Йæ сæ рæ й йæ фæ ндтæ атæ хынц, цыма йæ тарф фынæ йæ фехъал. Йе ’фсымæ р Буцæ æ мæ Æ зойы ныхас дзæ бæ х æ мбæ рста. Йæ сæ рæ й йæ къæ хты бынмæ ныррызт æ мæ хинымæ р йæ хи фæ рсы: «Фыны дæ н æ ви æ ргомæ й кæ нын ацы ми? Цы архайын æ мæ цæ мæ цæ ттæ кæ нын мæ хи? Мæ хъару куы басаст, мæ зонд куы сдзæ гъæ л, уæ д цы кусын? Ме ’фсымæ ртæ, мæ хæ стæ джытæ æ нхъæ лмæ кæ сынц Дзылатæ й уазджытæ м. Цы архайын уæ д æ з та? Цы сын аразын сæ цины бонæ н? Фæ дис?.. Топпы гæ рæ хтæ?!.

Джихæ й алæ ууы, стæ й та сабыргай сдзуры: «Цымæ мæ уд ирвæ зын кæ нын æ ви, уарзондзинад, ацы хъуыддæ гтæ иууылдæ р дæ уыл баст сты? Мæ бон куынæ у мæ зæ рдæ йæ мæ хуры хайы стонын».

Чызг иннæ рдæ м фездæ хынмæ куыд хъавыд, афтæ цæ мæ дæ р фемдзаст, йæ хи фæ урæ дта, йæ цæ стытæ къухæ й асæ рфта, стæ й йæ дзыккутæ фæ стæ рдæ м алæ гъз кодта, цыма йыл ног тыхтæ бафтыд, уыйау йе уæ нгтыл схæ цыд æ мæ комкоммæ ныккаст, хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р æ м цы сау æ ндæ рг кодта, уымæ. Зæ рдæ йы ныфс æ васт сабухта. «Æ з ницæ мæ й тæ рсын, цæ ттæ дæ н цыфæ нды хъизæ марæ й амæ лынмæ дæ р, уæ ддæ р ме ’фсымæ р Буцæ йы фæ нд нæ уыдзæ н, мæ хи нæ бауадздзынæ н фосы æ мсæ р ауæ й кæ нын! » — фæ зæ гъы уый йæ хинымæ р. Фæ лæ та ног йæ хъустыл ауайынц топпы гæ рæ хтæ, йæ цæ стытыл ауайынц адæ ймаджы мæ рдтæ æ мæ йе ’фсымæ ртæ тугамæ стæ й.

Уыцы судзгæ сагъæ стæ й йæ зонд фæ цæ уæ гау кæ ны, хъару асæ тты, йæ фарсмæ стыр къæ йдурыл банцой кæ ны, сæ р ныттилы, зæ рдæ æ рбауынгæ г вæ ййы æ мæ хинымæ р ныккатай кæ ны:

«Цы кусын, цы аразын мæ хицæ н дæ р æ мæ æ ртæ мыггагæ н дæ р? Цытæ цæ удзæ н мæ н тыххæ й мæ фæ стæ? Цы чындæ уа, мæ зонд куы цæ уы бынтондæ р... Нæ, нæ! Æ рра дæ р нæ кæ нын æ мæ мæ зонд дæ р нæ фæ цыд! » Цыма йæ тарф фынæ йæ фесхъиудта, уыйау æ виппайды фæ зылд. Сау æ ндæ рг æ м æ рбахæ ццæ. Сафирæ т сагъдауæ й аззад. Йæ разы æ рбалæ ууыд бæ рзонд, саурихи, хæ рзконд нæ лгоймаг. Гæ рзифтонг, йæ сæ рыл — цъæ х мыстхъуын худ, йæ уæ лæ — цухъхъа, нымæ т. Чызгмæ сабырæ й сдзуры:

— Цæ й, нæ фембæ лд сгуыхт æ мæ æ вæ смон уæ д, Сафирæ т!

Арв ферттивы, уарын тыхджындæ р кæ ны. Сафирæ ты дзыхæ й уддзæ ф дæ р не схауы. Раст цыма ацы хабæ рттæ фыны уыны кæ нæ йæ цæ стытыл уайынц, уыйау æ нæ дзургæ йæ араст вæ ййы лæ ппуйы фæ дыл.

Доны был стыр æ хсынцъы бæ ласы бын цæ ттæ йæ лæ ууынц скъæ фджытæ. Сæ иу бæ хтыл хæ цы, иннæ чысыл æ ддæ дæ р рацыд æ мæ се ’мбалы æ рбацыдмæ æ нхъæ лмæ кæ сы. Сафирæ тмæ хъуысын байдыдта бæ хты къæ хты хъæ р, сæ хуыррыттытæ, се згъæ ллаггæ мтты зыланг. Хаджумар хъæ лдзæ гхуызæ й хæ стæ г æ рбалæ ууы Сафирæ ты фарсмæ. Йæ къух ын райсы, йæ нымæ т фелвасы, чызджы дзы æ рбатухы æ мæ йæ Æ рфæ ныл авæ ры. Иууылдæ р арæ вдз сты. Уæ д Темыр бадзуры:

— Гъæ йтт, Уастырджи, рæ ствæ ндагыл нæ бафтау!..

***

Кæ д Хабæ тæ æ мæ хъæ убæ стæ тыхджын фæ дис сысты æ мæ алы къуыпп, алы дзыхъхъ, алы тигъ дæ р сгæ рстой, уæ ддæ р дзы ницы зæ рдæ лæ ууæ н ардтой. Æ ппынфæ стаг, донмæ хæ стæ г бæ хты къахвæ дыл бафтыдысты. Фæ лæ уым дæ р бæ лвырд цæ уыл æ рлæ ууыдаиккой, уый нæ ардтой.

Дзылатыл сæ арв æ рхаудта, хæ хтæ сыл рафæ лдæ хтысты. Чи-иу загъта, быдыры ’рдæ м æ й ахастой, чи та дзырдта, хохы ’рдæ м æ й аскъæ фтой, зæ гъгæ.

Ахæ м ныхæ стæ дæ р цыдис:

— Арсæ н йæ хи уыдтой, афтæ мæ й ма йын йæ фæ д агуырдтой. Цом Фидаратæ м æ мæ сын сæ чызджытæ æ мæ сæ лæ гты дæ р рахæ ссæ м. Йе йæ мадырвадæ лтæ м уыдзæ нис æ мбæ хст, йе та — сæ химæ.

Æ зо тынг зæ рдиагæ й архайдта, арт æ ндзæ рста. Йæ дзыхыдзаг хъæ р кодта:

— Сафирæ т, кæ м дæ? Æ з Æ зо дæ н!..

Ахæ м уавæ ры бахаудтой, æ мæ чи кæ мæ лæ бурдта, чи цы кодта, уый нал æ мбæ рстой. Иргъæ вæ гæ й, ардауæ гæ й, лæ бурæ гæ й — иууылдæ р сæ мхæ ццæ сты. Фæ лæ сын хъæ р æ мæ æ ртхъирæ нтæ йеддæ мæ ницы æ нтысти.

Ныхасы бадынц дыууæ зæ ронд лæ джы: Астемыр æ мæ Хасæ хъо. Хасæ хъо, йæ лулæ асхъаугæ йæ, цæ стмæ æ хсидав бахæ ссæ гау, сдзуры:

— Нæ хуыцау ныл рахаттис, Астемыр. Æ фсарм æ мæ æ гъдау нал и. Куыд у уый?! Искæ й куырд усы аскъæ ф! Уый хæ дзарæ й Сафайы рæ хыс рахæ ссæ гау куы у.

— Гъе, Хасæ хъо, раст зæ гъыс! Цытæ ма фендзыстæ м дарддæ р та!

— Хорзæ й ницыуал, Астемыр, уый тыххæ й æ мæ, кæ сыс, гъер мæ нæ Æ хсармæ цы ныфс æ рцыдис!.. Йæ бонтæ Дзылатæ м æ ххуырстæ й куы арвыста. Уыдоны сылытæ й æ мæ къæ бæ ртæ й куы схъомыл ис. Уыдоны фосы фæ стæ ратæ х-батæ хæ й йæ зæ вæ ттæ куы схаудтой. Астемыр иучысыл асагъæ схуыз, хъуыдыты ацыди, стæ й цыма йæ зæ рдыл исты æ рбалæ ууыд, уыйау дзурын райдыдта:

— О, хуыцау дын хорз ракæ на, Хасæ хъо! Мæ зæ рдыл мын сæ куы æ рлæ ууын кодтай. Æ хсар мулкæ й цыбыркъух у, фæ лæ удыхъæ дæ й Джетæ гъæ зæ й фæ стæ дæ р нæ ралæ удзæ н. Хъуыды ма кæ ныс, Хасæ хъо, уæ лæ сын зымæ джы сæ фос куы тардтой, уый? Джетæ гъæ з æ дгæ рзтæ куы ралыгъди. Æ хсар та сæ фæ стейы асырдта, къæ рныхтæ й дыууæ йы амардта æ мæ сын сæ фос раздæ хта. Дыккагæ й та уый, æ мæ йын йæ мыздыл ракæ -бакæ куы кодтой, уæ д сын Æ хсар афтæ куы загъта: «Сымах бирæ хъæ уы æ мæ уын хæ лар уæ нт». Кæ д æ мæ Дзылатæ пихылæ йттæ хæ ссынц, уæ ддæ р лæ гдзинады арт мулк нæ хуыссын кæ ны.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.