Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 14 страница



Кæ д æ мæ Сафирæ т йæ мадимæ цыфæ нды уæ ззау æ мбæ лд фæ кодта, уæ ддæ р алцæ мæ н дæ р вæ ййы кæ рон. Йæ мад æ м судзгæ æ лгъыстытæ æ мæ æ ртхъирæ нтæ систа:

— Адæ мы æ хсæ н нæ æ лгъыстаг, фидиссаг æ мæ сæ рæ вæ рæ н скодтай. Æ нусмæ æ мбисондхæ ссæ н фестæ м!

Сафирæ т, уæ ззау цæ ссыгтæ калгæ, сдзуры:

— Мæ райгуырдыл æ з дæ р цинтæ нæ г нæ дæ н, мæ хъысмæ тмæ æ з дæ р кувгæ йæ мæ фæ дджи нæ бадардтон. Фæ лтау мæ куы нæ ныййардтаис, дæ у аххостæ сты, дзыцца. Ме ’фсымæ р Бибо мæ радта Æ хсарæ н. Æ з æ й уарзтон. Сымахæ н уе ’ппæ тæ н дæ р зындгонд уыд. Уый мæ йæ хицæ н бинойнагыл нымадта. Мах мыггатæ н дæ р æ мæ Фидаратæ н дæ р æ мбæ рстгонд уыд...

Уыцы ныхæ стæ м мад йæ цæ сгомыл йæ къухтæ авæ ры:

— Дæ дæ й, мæ нæ мæ хуылфæ й цы залиаг калм рацыд!

Буцæ тынг æ нцадæ й каст йæ мад æ мæ йæ хомæ. Йæ хинымæ р афтæ мæ сты кодта, æ мæ йæ хойы уыцы сахат хъамайæ куы акъуыхтæ кодтаид, уый дæ р æ й фæ ндыд. Стæ й йæ къухы æ фтгæ дæ р бакодтаид, æ вæ ццæ гæ н, фæ лæ йын йæ зæ рдæ йы уыди карздæ р тæ рхон. Уымæ гæ стæ архайдта мæ мады сабыр кæ ныныл.

— Æ гæ р карзæ й йæ м ма дзур, дзыцца, æ гæ р карзæ й! Хурыхъæ уы Тохты хæ дзары стæ м. Фæ рæ дыди, æ рцыди. Цы ма йын кæ нæ м! Уæ ртæ йæ райгуырæ н къонамæ рацæ уæ д æ мæ йæ уырдыгæ й куыд æ мбæ лы, афтæ мæ й чындзы арвитдзыстæ м. Адæ мæ н дæ р бар сæ хи.

Уыцы курдиатимæ Буцæ баздæ хт Сафирæ тмæ дæ р:

— Цы æ рцыди, уый æ рцыд, раздахæ н ын нал ис. Фæ лæ рацу дæ мæ гуыр къонамæ. Æ фсымæ ртæ, мыггаг дын ис. Уыдон дын фæ ндараст зæ гъдзысты, æ мæ дын цард бантысæ д Фидараты хæ дзары. Бирæ гъ уæ рыкк куы раскъæ фа æ мæ йæ æ рхы тындтытæ куы кæ на, уыйау уыцы цард дæ сæ рмæ ма хæ сс.

Кæ д йæ зæ рдæ йы цыфæ нды маст уыд, уæ ддæ р йæ хи æ вдыста лæ гъзæ й, Сафирæ т ыл куыд баууæ нда æ мæ йæ м куыд разила, уый тыххæ й. Фæ лæ Сафирæ тæ н йæ хъуыдытæ уыдысты бынтон æ ндæ р æ мæ йын сабырæ й æ мбарын кæ ны:

— Буцæ, дуармæ дзыллæ цы хатыртæ агуырдтой, уыдон базыдтам æ ви нæ? Мæ нмæ афтæ кæ сы, цыма ам адæ мы къухы стæ м. Æ мæ цы зæ гъдзысты уыдон, мах нæ хи фæ нд куы тæ рæ м, уæ д?

— Уыдоны мæ т ды кæ ныс, Сафирæ т? Фæ рæ йдзысты æ мæ банцайдзысты. Мах та нæ цард аразын хъæ уы, Сафирæ т бамбæ рста Буцæ йы фæ ндтæ æ мæ йæ дарддæ р нал къахта. Уыцы ныхас Буцæ йы фæ уромæ гау кæ ны æ мæ сдзуры:

— Йарæ би, Æ хсары дæ р ма куы федтаиккам, уæ д кæ рæ дзийы хуыздæ р бамбæ рстаиккам.

Иучысыл афæ стиат уæ вгæ йæ, æ ддæ мæ рацыди Тохты кæ стæ р æ фсымæ р Ацæ мæ з æ мæ йын Буцæ бамбарын кодта, Æ хсары фенын æ й кæ й фæ нды, уый. Хистæ ртæ сразы сты æ мæ загътой: «Уæ дæ, уæ дæ, уадз æ мæ феной кæ рæ дзийы æ мæ баныхас кæ ной! »

Æ хсар уыди тынг æ нцад. Йæ бакаст ницы бæ рæ г дардта — нæ дæ р маст, нæ дæ р тарст. Буцæ йæ н йæ цæ сгомы уавæ р æ мæ йæ дзырд æ ппындæ р кæ рæ дзимæ хæ стæ г нæ уыдысты. Йæ ныхæ стæ тыхарæ зт кæ й кодта, уый тынг зынди дардмæ дæ р.

Буцæ фæ лмæ н худæ гхуызæ й сдзуры:

— Уæ, мæ тæ ригъæ дтæ фæ фидай, Æ хсар! Мæ нæ нын барæ й цытæ бакодтай, мæ нæ!

— Æ з дын ницы бакодтон, Буцæ, дæ уæ н дæ р, де ’фсымæ рæ н дæ р æ мæ Хабæ тæ н дæ р. Уæ хойы уын куырдтон æ мæ мын æ й æ гъдауæ й радтат, æ рцыдтæ н æ м хæ ссынмæ. Мæ куырд усы мын хаста Дзылаты Джетæ гъæ з æ мæ йын æ й нæ ауагътон. Æ з æ й мæ хæ дæ г рахастон. Гъеныр æ з цы аххосджын дæ н дæ уæ й дæ р æ мæ Дзылатæ й дæ р, уый не ’мбарын.

Буцæ цы дзуапп радтаид, уый йæ зонд нæ ахста, фæ лæ загъта:

— Уый афтæ фæ уæ д, фæ лæ хуыздæ р куыд уыдзæ н, ууыл ахъуыды хъæ уы, Æ хсар.

— Буцæ, æ з хъуыды цы кодтон, кæ нгæ дæ р уый бакодтон, дæ умæ гæ сгæ кæ д рæ дыд дæ н, уæ д æ й раст та ды скæ н.

Буцæ йæ масты хъуыдытæ артхуыссынгæ нæ гау ныссабыр кæ ны. Иучысыл сагъæ схуызæ й алæ ууы æ мæ æ нцадгай сдзуры, цыма Æ хсаримæ се ’хсæ н ницы æ рцыд, уыйау:

— Зынаргъ Æ хсар, царды цы æ рцыд, уый здахгæ нал у. Алцæ мæ н дæ р кæ рон ис: зынтæ н дæ р, рынтæ н дæ р æ мæ хъизæ марæ н дæ р. Гъе, фæ лæ кæ рон нæ й зæ рдæ йы мысинагæ н æ мæ йын мах хъуамæ скæ нæ м кæ рон. Цытæ æ рцыди, уыдон нæ хъуамæ ферох уой иууылдæ р.

— Буцæ, дæ ныхæ стыл разы дæ н. Уыдон хъуыддагæ й равдисын та дæ къухы ис. Ныхас ныхас у, хъуыддаг та — хъуыддаг. Ды мæ н рæ дыд кæ м хоныс, уым дын æ з зæ гъдзынæ н. Рæ дыд æ з уым дæ н, дæ хойы дын кæ й бауарзтон. Рох дæ ма уæ д, Буцæ, дыууæ уарзон зæ рдæ йы фæ хицæ н кæ нын нæ дæ р карды, нæ дæ р топпы нæ мыджы бон у.

Буцæ цæ хгæ р дзуаппытæ куы бамбæ рста Æ хсары ’рдыгæ й, уæ д йæ ныхасыл дарддæ р нал архайдта, фæ лæ загъта:

— Цæ й, æ з та уæ абæ рæ г кæ ндзынæ н. Хъуыддагæ н хуыздæ р цы уа, уый кæ ндзынæ н.

Чысыл фæ стæ дæ р йæ мадимæ йе ’мхæ рæ фырттæ м рараст сты. Буцæ йæ н Уыртатæ м цæ угæ йæ йæ фæ ндтæ карзæ й-карздæ р кодтой. Кæ д йæ хъуыдытæ й æ мæ йæ фæ ндтæ й рæ вдыд нæ уыд, уæ ддæ р йæ хи дардта тынг хъæ лдзæ г, цыма ницы æ рцыд æ мæ йæ цыдæ риддæ р фæ ндыди, уыдон йæ къухы уыдысты, уыйау. Йæ фæ ндтæ та сæ ры магъзы кодтой сæ фыдбылызы куыст. Афтæ æ нæ вдæ лон сæ уыд, æ мæ йын Хурыхъæ уы уынгты салам чи лæ вæ рдта, уыдоны дæ р нæ уыдта.

Æ хсар æ мæ Сафирæ тмæ уыдис алыхуызон хъуыдытæ, фæ лæ сæ хицæ н бæ лвырд ныфс цæ мæ й сæ вæ рдтаиккой, уымæ н ницы бындур ардтой.

— Не ’мбарын, Сафирæ т, Буцæ цæ уыл ныйиттæ г ис, ды уæ хицæ й чындзы цæ мæ й ацæ уай, ууыл? Цы дзы æ мбулы æ мæ йæ уый цæ мæ й раст кæ ны, уымæ н ницы кæ рды мæ зонд. Куыд æ й æ мбарыс ды та?

— Æ з дын фыццаг дæ р æ мæ ныр дæ р зæ гъын: йæ хи уд фервæ зыны тыххæ й уый сразы уыдзæ н алцæ уыл дæ р. Хорзæ й нын ницы æ рхæ сдзæ н Буцæ.

— Ехх, Сафирæ т, бирæ зынты дæ бафтыдтон! Цыфæ нды кæ нæ д, дæ уæ н зынты бæ сты алцæ мæ дæ р цæ ттæ дæ н! Куы ныхъхъус дæ?

— Мæ цæ угæ хох, Æ хсар, куыд кæ сын, афтæ мæ й мæ хорз не ’мбарыс. Комытæ фæ й цъити нæ тайы. Куыд дæ æ мбарын, афтæ мæ й мæ ды хæ фс хоныс, æ мæ хъуахъхъ-хъуахъгæ нгæ калмы дзыхмæ хъуамæ мæ хи баппарон. Нæ! Ахæ м Сафирæ т нæ лæ ууы дæ разы. Цыфæ нды зынтæ м дæ р дæ н цæ ттæ!

Буцæ стыр уæ ззау сагъæ стимæ йæ мадимæ дары йæ фæ ндаг Куырттаты коммæ. Йæ сæ ры сагъæ стæ фыдудау тымыгъ æ мæ фæ лдзæ гъдæ н кæ нынц. Бæ лвырд дзы ницыуал уыдис равзарæ н. Йæ цæ стытæ й касти уæ рæ х, йæ цæ сгомы тæ гтыл дæ р ницы уыдис равзарæ н, цыма марды цæ сгом уыд, уыйау. Кæ д Хурыхъæ умæ цæ угæ йæ йæ бæ хмæ мæ сты кодта, размæ йын кæ й не ’нтыст, уый тыххæ й, уæ д ныр та æ гæ р тагъд цыма цыд, афтæ йæ м каст. Цас хæ стæ дæ р кодта хъæ умæ, уыйас Дзылатæ йæ цæ стытыл алыхуызæ ттæ й уадысты. Хаттæ й-хатт æ й æ рфæ нды йæ хъуыдытæ аивын, Дзылаты бынтон йæ зондæ й фæ иуварс кæ нын. «Цы мын кодта Æ хсар? Цæ уыннæ уал мæ ныууадзынц Дзылатæ? Куырдтой мын мæ хойы æ мæ сын æ й радтон. Æ хсар уын æ й ахаста, æ мæ уыимæ дзурут», — сагъæ сты аныгъуылы Буцæ. Стæ й та чысыл фæ стæ дæ р йæ хъуыдытæ фæ иннæ рдæ м вæ ййынц: «Фæ лæ сæ цæ уыл цæ гъдын, цæ? Æ мбойны мын мæ кæ ртмæ æ нæ хъæ н рæ гъау куы æ рбаскъæ рдта Æ зо, уæ д цин куы кодтон, уæ д ныр цы схъиудтытæ кæ нын? Саулохы-фырт, дæ лдæ р ныххау, Джетæ гъæ зы æ ххæ ст чи нæ амардта. Ныр ды марадз, Буцæ, Сафирæ ты æ ркæ н æ мæ йæ æ рчындз кæ н. Афтæ фæ нды Дзылаты. Уый цавæ р æ гъдау у, æ мæ сывæ рджын усы фæ стæ мæ æ ркæ н?.. »

Уыцы хъуыдытимæ бахæ ццæ Буцæ сæ хæ дзармæ.

Ханысиат хъæ умæ, сæ хæ дзармæ куыд хæ стæ гдæ р кодта, афтæ кæ угæ йæ дзуры:

— Æ й-джиди, æ мæ мын мæ хæ дзармæ мæ мард куы баласиккой! Чи та мын хъусдзæ н Дзылаты карз ныхæ стæ æ мæ æ ртхъирæ нтæ м!..

Уæ д æ м Буцæ æ нцадгай сдзуры:

— Цы кæ ныс, дзыцца? Цæ уыл æ фхæ рыс дæ хи? Æ з дын æ гас куы дæ н, уæ д судзгæ цæ ссыгтæ цæ уыл згъалыс? Уагæ ры дын æ з мард куы фæ уин!

— Ды хуыцауы уазæ г у, мæ хъæ бул, фæ лæ нын ацы хъуыддæ гтæ чи бакодта æ мæ кæ ны, уыдоны ныййарджытæ сæ фæ йнæ астæ уыл сæ сафа стухæ нт æ мæ сæ быны лæ дзджытæ сæ къухы райсæ нт!

Дзылатæ цыма цы мигъы хуылфы уыдысты, уый апырх æ мæ сæ кæ рæ дзийы хуыздæ р федтой, афтæ сæ хи мидæ г базмæ лыдысты.

Ныхас кæ нынц сæ хи мидæ г: «Цы нын у ай? Нæ куырд ус — хаст, не ’фсымæ рæ н йæ син — саст. Кæ мæ н цы дарæ м? Ау! Не ’хсар афтæ суæ лæ нгай ис? Хус фаджысты гæ рæ нау ныл рахиз-бахиз куы кæ нынц! » Фыдæ лтæ -иу афтæ акодтой: «Кау ныллæ г кæ м вæ ййы, адæ м ууылты фæ хизынц». Уый та куыд! Адæ мæ й ныллæ гдæ р цæ мæ н у нæ кау? Махæ н никæ имæ ис дзырддаг. Хъуамæ дзуапп радтой Хабæ тæ. Буцæ йæ н цыбырæ й зæ гъын хъæ уы: «Цыфæ нды кæ нæ нт Хабæ тимæ. Сæ бон у, нæ у, — мах хъуыддаг нæ у. Хъуамæ сæ хойы æ ркæ ной сæ хæ дзармæ. Стæ й уый фæ стæ бæ рæ г уыдзæ н. Уый æ фсарм æ мæ æ гъдауæ й куы нæ уа, уæ д ма нæ м кæ д лæ гдзинад ис, уæ д æ й хъуамæ бакæ нæ м æ хсарæ й. Æ гъгъæ д у ныр уыци-уыцитæ й хъазынæ н. Гъеуый уын мæ ныхас, кæ стæ ртæ », — дзырдта Дзылаты хистæ р Мысырыхъо.

Джетæ гъæ з йæ къахыл дзæ бæ х нæ ма лæ ууыдис. Йæ маст тыхджынæ й-тыхджындæ р кодта, цыма царды къардиутыл бахизынмæ фæ ндаг агуырдта, уыйау.

— Æ з хъуамæ райсон мæ туг. Фегад мæ кодта æ нусмæ. Йе уый, йе та æ з. Хъуамæ мах æ рлæ ууæ м лæ гæ й-лæ гмæ, уæ д базондзыстæ м, чи дæ ды, Æ хсар! — æ ртхъирæ н ныхас кæ ны Джетæ гъæ з.

Стæ й та аджих вæ ййы æ мæ хъуыдыты аныгъуылы. Æ виппайды сдзуры:

— Нæ! Цæ мæ н та цæ уон ногæ й мæ лæ тмæ! Уыцы хæ с, Буцæ, дæ уыл ис. Хъуамæ цардæ й адæ мы ’хсæ н дзуаппæ н кæ рон ды скæ най. Ехх, дуне, цæ й уæ рæ х дæ ды! Цæ й арф дæ, цард, фæ лæ мæ нæ н цæ й къуындæ г дæ! Æ з хуыртыл куы лæ ууын, æ мæ мын дзы фæ зилæ н куы нæ ис!

Æ мæ та уæ ззау ныуулæ фгæ йæ, йæ хинымæ р фæ зæ гъы:

«Диссаг дæ ды, сылгоймаджы зæ рдæ! Цымæ, Сафирæ т, цы ссардта дæ зæ рдæ Æ хсармæ! Æ ппын ницы, фæ лæ Æ хсар мæ нмæ æ ххуырст куы уыди. Уæ вгæ, æ нæ лæ г нæ у Æ хсар. Сæ рæ н, хъаруджын у. Фæ лæ йын нæ батайдзæ н ацы тыхтона. Æ з зонын, Сафирæ т мæ нæ уарзы, уый. Зонын, ныр æ нхъæ лцау кæ й у, уый дæ р. Кад нæ у ахæ м сылгоймаджы курын. Фæ лæ мыл ацы сины састæ й хуыздæ р бон куы нал ис. Кæ й ма хъæ уын! Сафирæ т та уындæ й дæ р æ мæ хъаруйæ дæ р фæ стæ дæ р лæ уд никæ мæ й у... »

Йæ хæ дæ г та хъæ рæ й сдзуры:

— Буцæ, Сафирæ ты мын цы хæ дзары радтай, уырдæ м æ й æ рбакæ н!

 

 

Дзылатæ м Мысырыхъойы ныхæ стæ тынг бахъардтой. Сæ фæ сивæ д сæ гæ рзтæ м бавнæ лдтой.

— Махæ н нæ ныхас у Хабæ тимæ, — дзырдтой уыдон. — Радтой нын сæ хойы, бафыстам ын ирæ д. Кæ м ис нæ уацайраг! Исчи æ й аскъæ фта, искæ й фæ дыл алыгъди, — мах хъуыддаг нæ у. Цом сæ хæ дзармæ æ мæ уым æ рбадæ м: «Мах стæ м чындзхæ сджытæ, æ риут нын нæ чындзы! »

***

Хабæ тæ æ мбырд уыдысты Буцæ йы хæ дзары. Уыдон фарстой Буцæ æ мæ Ханысиаты, цы уавæ ры сты Æ хсар æ мæ Сафирæ т, уымæ й. Цы цæ стæ нгас дарынц уыцы хъуыддагмæ Хурыхъæ у дæ р æ мæ Тохтæ дæ р? Ханысиат ставд цæ ссыг калгæ йæ райдыдта дзурын æ ппæ т хабæ рттæ дæ р.

— Буцæ, ды Æ хсарæ н йæ хи федтай æ ви нæ? — сдзырдта Атто.

— Уынгæ нæ, фæ лæ ма йемæ ныхас дæ р кодтон.

— Гъемæ йæ куыд æ мбарыс? Цы цæ стæ й кæ сы ацы стыр бæ ллæ хтæ м?

— Æ й, дæ бонæ й уай, Атто! Йæ цæ ст дæ р нæ ныкъулы Æ хсар, йæ цæ ст. Никæ мæ й, дам, ницы дарын æ з. Сафирæ т, дам, мæ нæ н уыд мæ куырд ус æ мæ йæ Дзылатæ н нæ ауагътон хæ ссын. Сымахæ й дæ р æ мæ, дам, уыдонæ й дæ р ницы дарын. Мæ бынаты, дам, уæ алчи дæ р афтæ бакодтаид.

— Гъемæ уымæ й дæ р раст зæ гъы, раст, Буцæ. Нæ хистæ р æ фсымæ р Бибо куы бафидыдта семæ, суанг ма дзы ирæ д дæ р райста. Ды дæ р дзы дæ сæ рыл бухархуд куы æ рсагътай, Буцæ. Гъе, фæ лæ адон иууылдæ р сты Æ зойы сгуыхтдзинæ дтæ. Зилгæ дымгæ йау не ’хсæ н фæ куыси æ мæ бæ стæ сызмæ ста. Гъемæ дзы цы рамбылдта? Дзæ гъæ л мард фæ ци æ нæ сæ рбæ рæ гæ й. Се ’ппæ тæ й диссагдæ р та Дзылатæ сты. Æ ркæ н сын Сафирæ ты æ нхъæ лцауæ й æ мæ сын æ й къулы æ нцой æ рлæ ууын кæ н. Мах сын æ й барæ й нæ аскъæ фын кодтам. Тых у, æ мæ алкæ уыл дæ р æ рцæ уы. Гъер фыдæ лты æ гъдæ уттæ цæ уыл сфæ дис сты æ мæ кæ рæ дзийы цæ уыл цæ гъдæ м, уый нæ зонын. Дзылаты къулы æ нцой ма куы æ рлæ ууа Сафирæ т, уæ д уымæ й æ гъдæ уттæ фидардæ р фæ уыдзысты æ ви йæ чызг скæ ндзысты?..

Арв стыр уарынмæ йæ хи куы цæ ттæ кæ на æ мæ йыл куы æ мбырд кæ ной, уыйау æ ртæ мыггаджы сæ рмæ стыр бæ ллæ хтæ æ рæ мбырд сты. Кæ д Дзылатæ й адæ м цыфæ нды зæ рдиагæ й куырдтой, Сафирæ ты цæ мæ й ныууадзой, уый, уæ ддæ р æ й уыдон сæ сæ рмæ нæ хастой æ мæ ныллæ ууыдысты йе ’ркæ ныныл. Буцæ йы дардтой азымы: «Афтæ нын куы загътай, чызг дæ р мæ хо у æ мæ хæ дзар дæ р мæ н у, æ з æ й дæ тгæ кæ нын Сафирæ ты. Уæ д кæ м ис ныр нæ куырд чызг? »

Хабæ тæ дæ р ын иууыл уыцы ныхас дардтой йæ цæ стмæ: «Буцæ, хъуыддаггæ нæ г дæ хæ дæ г уыдтæ æ мæ, куыд дзуапп дæ ттыс Дзылатæ н, афтæ ратт... »

Гъе ахæ м алыхуызон ныхæ стæ карзæ й-карздæ р кодтой. Буцæ йы алыварс фыдбылыз æ нгомæ й-æ нгомдæ р тыхсти. Хъуыддаг æ рцыди уымæ, æ мæ хъуамæ æ ркæ на йæ хойы, науæ д та фесæ фа.

***

Тохты хæ дзары цыдæ р змæ лд цæ уы. Сыхæ гты устытæ æ мæ чызджытæ хъæ лдзæ гхуызæ й рауай-бауай кæ нынц. Сæ иу иннæ мæ дзуры:

— Æ з ыл æ вæ рын ном! Иинæ фæ цырд вæ ййы:

— Æ рæ джиауы хорзæ х дæ уæ д, æ з ыл гуыбынмæ куы сæ вæ рдтон ном.

Уæ д, сæ м Мæ хæ мæ т худæ гхуызæ й йæ ныхас баппары:

— Хæ рæ гыл уын æ й сæ вæ рдæ уæ д уæ чызджы. Афтæ æ нхъæ лдтон, лæ ппу уыдзæ н Æ хсарæ н, æ мæ гъа. Цæ й, уæ ддæ р амондджын гуырд фæ уæ д, амондджын бон райгуырæ д Тутыры цыппæ рæ мы.

Мæ хæ мæ ты хæ рæ фырт Гуассæ дæ р сæ м бафтауы:

— Йæ ном та Тутырдзан уыдзæ н. Нæ, Мæ хæ мæ т? Цас Сафирæ ты чызджы райгуырд Тохтæ н циндзинад хаста, уыйас Буцæ йæ н та йæ фыдбылыз карздæ р æ мæ тыхджындæ р кодта. Дзылатæ дæ р куы фехъуыстой чызджы райгуырд, уæ д Хабæ ты ’рдæ м сæ дзуапп фæ тызмæ гдæ р кодтой, цыма уымæ æ нхъæ лмæ кастысты, уыйау. Хуыцау йæ зонæ г, цы хъуыдытæ кæ нынц æ мæ цы аразынц Дзылатæ.

Уæ з иууылдæ р Буцæ йыл æ рæ нцад. Йæ цуры æ цæ гдзинад æ рлæ ууыд: «Куыд дæ фæ нды, афтæ кæ н, Буцæ, фæ лæ хъуамæ Сафирæ т дæ хæ дзары уа».

Тынг уæ ззау бынаты ис ныртæ ккæ Буцæ. Йæ сагъæ стæ цæ уынц хъæ бысæ й хæ цгæ. Цард, мæ лæ т, æ ууæ нк, мæ нгарддзинад... Иу иннæ йы ивы йæ сæ ры магъзы. Йæ цæ стытыл ауайы, Тохты кæ рты дзы адæ м куыд куырдтой, Æ хсаримæ куыд ныхас кодта, Мæ хæ мæ т æ м нуазæ н куыд лæ вæ рдта. Мæ хæ мæ ты фондз æ фсымæ ры йæ алыварс цыма лæ ууыдысты... Иннæ рдыгæ й та Дзылатæ, Джетæ гъæ зы цæ стæ нгас, — уыдон иууылдæ р бану сты йæ хъуыдыты. Уыцы хъуыдытæ йæ сыстын кодтой йæ бинонтæ й, æ мæ кæ дæ м цыди, цæ мæ н, уый не ’мбарпæ йæ, йæ саулохаджы уæ лхъус æ рлæ ууыд. Бæ хы йæ цухъхъайы фæ дджийæ асæ рфы, цыма йын лæ гъстæ кæ ны, уыйау. Рахæ ссы саргъ æ мæ йыл æ й сæ вæ ры. Уый фæ стæ йæ цæ cтæ нгас зыдæ й ахæ ссы хæ дзарыл, фæ лгæ сы алырдæ м, цыма сæ фæ стаг хатт уыдта, сæ уындæ й йæ хи бафсадынмæ хъавыд. Бæ хыл сбадт, фæ стæ мæ ма иу зылд фæ кодта, цыма галуанæ н дæ р æ мæ сыхбæ стæ н дæ р хæ рзбон загъта, уыйау, стæ й сабыргай араст.

Хур акъул ис. Буцæ уæ ззау хъуыдытимæ йæ фæ ндаг дары. Цас мæ йдардæ р кодта, уыйас йæ зæ рдæ йæ н та æ нцондæ р уыди.

Æ хсæ вæ ртæ м æ ввахс Буцæ бахизы Тохты кæ рты дуарæ й хъæ лдзæ гхуызæ й. Бæ х фезмæ лын кæ ны æ мæ йæ фæ стæ гтыл ныллæ ууы. Йæ размæ рауайынц Мæ хæ мæ ты æ фсымæ ртæ:

— Æ тт, уыдон лæ джы митæ сты, гъе!.. — æ мæ йæ тынг цинхуызæ й бæ хæ й æ рæ ргъæ вынц.

— Цæ й, чи райгуырд, уый нын амондджын хæ рæ фырт фæ уæ д нæ дыууæ тæ н дæ р, — хъæ лдзæ гæ й исынц кæ рæ дзийы къухтæ.

Диссаг у, куыд фидар æ мæ æ ууæ нкджынæ й æ вдисы Буцæ йæ хи! Йæ маст цæ джджинагау куы фыцы, уæ д куыд ницы фæ д зыны йæ цæ сгомыл!

Сафирæ т кæ сы Буцæ йы митæ м æ мæ Æ хсармæ хæ рзæ ггурæ ггаг фæ вæ ййы:

— Акæ с-ма, Æ хсар. Дæ лæ Буцæ кæ дæ й-уæ дæ й адæ ймаджы хуызæ н у.

Æ хсар дæ р рауайы æ мæ сæ хъæ лдзæ гхуызæ й куы фены, уæ д, йæ цæ сгом фæ рухс кæ нгæ йæ, сæ разы балæ ууы æ мæ сдзуры:

— Æ гас æ рцæ уай, ме ’мкоймаг!

— Ды та ма цæ й ме ’мкоймаг дæ! Хъоды куы бакодтай ды дæ номыл, — фæ зæ гъы Буцæ æ мæ йæ м мидбылты худгæ йæ ратты йæ бæ х.

Иучысыл ма афæ стиат сты, стæ й бацыдысты мидæ мæ. Се ’хсæ н дæ рзæ г ныхас нæ цыди. Буцæ æ ппындæ р нæ архайдта хъуыддаджы ныхас ракæ ныныл. Кæ д Тохтæ дæ р æ мæ Æ хсар дæ р æ нхъæ лмæ кастысты, Буцæ йы æ рбацыды сæ р цæ уыл уыд, уый базонынмæ, уæ ддæ р уый ницы дзырдта. Дардта йæ хи иттæ г æ нæ гуырысхо, цыма уымæ й размæ цы æ рцыди, уыдон иууылдæ р æ ррадзинæ дтыл нымадта, уыйау. Æ рмæ ст-иу арæ х кæ стæ ртæ м сдзырдта:

— Мæ бæ х мын æ ххормагæ й æ мæ æ дзæ ллагæ й ма ныууадзут.

Уалынмæ хуымтæ й æ рбахæ ццæ сты Тохты иннæ æ фсымæ ртæ, бæ хтæ н раттынц æ хсæ вæ ры хæ ринаг. Ацæ мæ з æ фсымæ рты бар фæ уадзы Буцæ йы æ мæ уынджы бадæ ныл æ рбады сæ сыхæ гты лæ ппу Ибрагимимæ.

Тохты кæ д фæ ндыд Буцæ йы æ рцыды сæ р базонын, уæ ддæ р ницы базыдтой. Афтæ мæ й Буцæ йæ бæ хыл сбады, хæ рзбон фæ зæ гъы æ мæ араст вæ ййы сæ химæ. Кæ рты дуарæ й чысыл куы рауайы, уæ д цыма дзы исты ферох, уыйау цæ хгæ р фæ лæ ууы æ мæ сдзуры:

— Хæ дæ гай, Æ хсар, ныхасæ н мæ хъæ уыс. Рауай-ма!

Æ хсар æ м тагъд-тагъд бауайы.

— Мæ нæ дын мæ дамбаца ныууадзинаг уыдтæ н.

— Цы дзы кæ нын дæ дамбацайæ? Æ з мæ хионæ й дæ р тыхсгæ куы кæ нын. Хайыр уæ д дæ хицæ н.

— Гъа, уæ д та дын гилдзытæ, — æ мæ цыма æ нæ бары уыд, уыйау, иукъорд гилдзы зæ хмæ æ рæ ппары. Æ хсар сæ м куы æ ргуыбыр кæ ны, уæ д æ й Буцæ дыууæ гæ рахы фæ кæ ны æ мæ йæ бæ хы ехсæ й æ рцæ втæ кæ ны.

Æ хсар ма дамбацамæ февнæ лдта, фæ лæ йæ бон ницыуал баци æ мæ æ рхауд. Мæ хæ мæ т фæ хъæ р кæ ны:

— Æ тт, мæ нгард Буцæ!.. Мæ гæ рзтæ, мæ бæ х! Ирвæ зы уыцы цъаммар!

Ацæ мæ з, гæ рахмæ фæ кæ сгæ йæ, цæ хгæ рмæ уынджы Буцæ йы размæ фæ ци, йæ хъама фелвæ ста. Йæ бæ хы йын рацахсынмæ хъавыд, фæ лæ йын уый нæ бантыст. Уæ д ма хъамайæ Буцæ йы зæ нджы хæ цъæ ф барæ хуыста æ мæ бæ хы ныссагъд. Буцæ уæ лбæ хæ й æ рæ хста Ацæ мæ зы. Уый цъилау ныззылд æ мæ æ рхауд.

Хурыхъæ у иууылдæ р фæ дис, хъæ р сси. Мæ хæ мæ т æ нæ саргъ бæ хыл, йæ топп йæ къухы, афтæ мæ й фæ сте суры Буцæ йы. Хъуыддаг афтæ æ нæ нхъæ лæ джы уыдис, æ мæ цасдæ р рæ стæ г джихæ й аззадысты. Буцæ йæ н йæ дамбаца йæ къухы, афтæ мæ й хъæ ргæ нгæ тæ хы: «Никæ мæ й ницы дарын! Мæ туджджыны амардтон! »

Уыцы сахат уæ ллаг тигъæ й æ рзыны Мæ хæ мæ т æ мæ æ рæ хсы Буцæ йы. Бæ х ныццуды, йæ цыд гыццыл фæ къуылымпы вæ ййы, фæ лæ уæ ддæ р размæ тындзы. Йæ размæ та ноджыдæ р фæ ци Черыхъо:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.