Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 12 страница



— Раст нæ дæ ды, Астемыр. Дæ мызд дын куы нæ бафидон, уæ д мын мæ куырд усы хæ ссынмæ хъавыс? Фыдæ лты æ гъдæ утты сæ рты хизыс? Куыд кæ сын, афтæ мæ й, Астемыр, ды дæ р уыдонæ й дæ.

— Хасæ хъо, дæ рын бахæ рон, байхъус-ма чысыл.

Ам ды дæ хæ дæ г раст нæ дæ. Мæ гуыры дæ химæ бакæ н æ мæ йын фæ кусын кæ, стæ й дын дæ фос абырджытæ тæ рæ нт, æ мæ уый дæ бæ сты адзалмæ бацæ уæ д, йæ хи студжджын кæ нæ д, дæ фос дын æ рыздахæ д, стæ й йын йе рагъ ныххой, цæ угæ дæ хæ дзармæ, зæ гъгæ. Гъе, Хасæ хъо, мæ хур, Æ хсар уыцы фосыл нæ тох кодта, фæ лæ сæ ры кадыл хæ цыдис. Дыккаг та уый у, хуыцау дын хорз ракæ на, Хасæ хъо, æ мæ Æ хсары Сафирæ тæ й зæ рдæ куы нæ уыдаид, уæ д æ м уыцы ныфс не ’рцыдаид. Куыд зæ гъынц, афтæ мæ й Æ хсар чызджы æ фсымæ р Бибоимæ фидыд уыд. Иу ныхасæ й, куырд ын уыди, куырд. Уый Дзылатæ дæ р зыдтой æ мæ æ фсымæ ртæ дæ р. Æ мæ кæ д афтæ у, уæ д Æ хсар ахаста йæ куырд усы. Æ ндæ р дзы диссагæ й ницы æ рцыд!

— Астемыр, Фидаратæ н тæ рхоны лæ г куы фæ уис, уæ д Дзылаты базылын кæ нис. Гъе, дæ хуызæ ттæ сты ардауджытæ дæ р æ мæ æ гъдаухалджытæ дæ р. Ай сыл сæ арв хаугæ æ ркодта, ды та Æ хсарыл къæ м абадын дæ р нæ уадзыс.

— Омæ йыл, Хасæ хъо, цæ уыл тæ вд кæ ныс æ мæ фидистæ м цы фæ дæ? Æ з дзурын фылдæ р уыцы ныхæ стæ, æ мæ адæ мæ й кæ й хъусын. Æ з æ мæ дæ у ныхæ стæ аразгæ дæ р ницы скæ ндзысты æ мæ уромгæ дæ р ницы бакæ ндзысты.

— Уый афтæ фæ уæ д, Астемыр, фæ лæ ды цы зоныс, кæ д цы федтай? Æ з Хасахъо дæ н, уый зоныс æ ви нæ? Уæ ззау туджы тæ рхæ ттæ куы лыг кодтон. Дыууадæ с хъæ уæ н хицау куы уыдтæ н, ме ’вастæ й цъиу куы нæ атахтаид, уæ д кæ имæ дзурыс?!

— Гъе, Хасæ хъо, раджы Æ рыдоны дон хъæ бынтæ ласта, ныр та дзы хуыртæ дæ р нал ис. Фæ лæ æ фхæ рæ н ныхас кæ й кæ ныс, уый дын куы нæ батайа, мыййаг... Уæ здандзинад дæ м рагæ й дæ р нæ й, фæ лæ кæ ддæ ры хъæ уыхицау кæ й нал дæ, уый дæ зæ рдыл куы дарис, уæ д дын хуыздæ р уаид...

Дыууæ зæ ронды мæ стджынæ й сæ хæ дзæ рттæ м ацыдысты.

***

Фæ дис стыхджын. Раст адæ м дыууæ мыггаджы æ хсæ н бацыдысты æ мæ сæ иргъæ вынц. Фидаратæ дæ р сæ хæ стæ джытæ æ мæ хæ лæ рттимæ сæ хи æ рцæ ттæ кодтой. Фæ лæ Дзылаты бынтон бауромын адæ мы бон не сси: Æ хсары мадырвад Саулохы-фырт, æ нæ исты зонгæ йæ, фæ дисæ ттыл хæ рхæ мбæ лд фæ ци. Цы ма хъуыдис расыг, мæ сты Дзылаты? Чи дæ, зæ гъгæ, дæ р æ й нал бафарстой. Гæ рах фæ цыди. Мæ лæ тдзаг цæ ф фæ ци Джетæ гъæ з. Гæ рæ хтæ стынг сты. Чи кæ й æ хста, уый бæ рæ г нал уыд. Иуæ й уыдис талынг, иннæ мæ й та сæ уагæ н ницыуал бæ рæ г хатыдтой. Фæ лæ раст адæ мы фарнæ й фыдбылызы арт чысыл фæ сабырдæ р. Мард дзы фæ ци Саулохы-фырт, уæ ззау цæ ф фæ ци Джетæ гъæ з. Æ зо дæ р фæ мард, фæ лæ кæ й къухæ й, уый не сбæ рæ г.

Дзылатæ гыццыл сæ хиуыл фæ хæ цыдысты. Фидаратæ та сæ хи уæ ндондæ р фæ кодтой. Арт йæ судзынæ й чысыл фæ хъус и. Дзылатæ æ мæ Хабæ тæ чызг агурыныл сысты, фæ лæ йын бæ лвырд йæ фæ д нæ ардтой.

***

Арв уыди æ лхынцъæ рфыг, сагъæ схуыз, цыма истæ уыл арф хъуыдытæ кодта. Æ хсæ в бонырдæ м фæ къул ис, уæ ддæ р ма бартæ уыдысты мæ йдары къухы. Мигъты æ хсæ н сæ уæ хсиды тугвæ д-уадздзæ гтæ разындысты. Æ хсæ вы сабырдзинад хæ лын райдыдта. Уасджытæ уасын систой, цыма истæ уыл фæ дис хъæ р кодтой, уыйау. Хъæ угæ ронæ й хъуысти куыйты рæ йын. «Уымæ л дымгæ уынгты симдта. «Авд хойы» фæ лурсæ й мигъы скъуыдæ й ферттывтой. Урс æ врæ гъты къуымбилтæ базмæ лыдысты хæ хты хъæ бысы, цыма боны рухс хатын байдыдтой æ мæ сæ хи балцмæ цæ ттæ кæ нынц, уыйау. Хъæ угæ ронæ й æ рбайхъуысти бæ хты къæ хты хъæ р. Цас хæ стæ гдæ р кодта, уыйас куыйты рæ йын æ мæ уасджыты фæ дис уаст фæ тынгдæ р. Уыцы уынæ р фехæ лдта æ рдзы сабырдзинад.

Цымæ æ нафоны ацы барджытæ кæ дæ м тагъд кæ нынц? Сæ цинæ й æ ви сæ тыхстæ й?

Уынджы тигъыл цæ хгæ р фæ зилгæ йæ, æ виппайды бæ хты къæ хты хъæ р фенцад æ мæ райхъуысти, кæ йдæ р ехсы бырынкъ кулдуар хъавгæ куыд бахоста, уый. Галуанæ й райхъуысти лæ джы ныхас:

— Кæ цы дæ уый?

— Уазæ гæ н фысым фæ уыдзынæ æ ви нæ?

— Уазæ г хуыцауы уазæ г, табуафси!

Фысым дуæ рттæ уæ рæ х байгом кодта. Уый уыди Тохты Мæ хæ мæ ты галуан. Кæ д барджытæ бирæ уыдысты, уæ ддæ р дзы кæ ртмæ дыууæ йеддæ мæ нæ бацыд. Иннæ тæ архайдтой, цæ мæ й сын сæ цæ сгæ мттæ мачи фена, ууыл. Иуæ й сæ сæ ртыл басылыхъхъытæ тыхт, иннæ мæ й талынг, æ мæ сын сæ хи æ нцон æ фснайæ н уыди. Кæ рты ныхас куы ссыди, уæ д Мæ хæ мæ ты æ фсымæ ртæ иу иннæ йы фæ дыл сæ уæ лхъус æ рбалæ ууыдысты. Сылгоймæ гтæ уайтагъд уæ ттæ афснайдтой æ мæ уазджыты размæ рауадысты. Æ хсар сын бамбарын кодта, цы æ рцыди, уый. Мæ хæ мæ т сындæ г бавналы Сафирæ ты къухмæ æ мæ хъæ рæ й сдзуры:

— Ды абонæ й фæ стæ мæ мæ нæ н дæ мæ чызг, ме ’фсымæ ртæ н та — сæ хо.

Чызджытæ æ мæ устытæ бауадысты, амбырд ыл сты æ мæ йæ, сæ хъæ бысты кæ нгæ, уæ ттæ й иуы фæ мидæ г кодтой. Хаджумар ма чысыл афæ стиат æ мæ цæ уыныл ныллæ ууыд, кæ д æ й фысымтæ нæ уагътой, уæ ддæ р.

— Мæ нæ н ам баззайгæ нæ у, — йæ бæ хмæ схизгæ йæ ма сдзырдта Хаджумар. Æ рфæ н йæ фындзыхуынчъытæ й сæ хситт кодта, цыма афтæ загъта: «Хуыцау, дæ уæ й бузныг, æ гайтма Сафирæ т йæ бынатыл дзæ бæ хæ й сæ мбæ лди».

***

Сафирæ т бадти сылгоймæ гты астæ у. Кæ д ын цыфæ нды хъæ лдзæ г æ мæ рæ вдауæ н ныхæ стæ кодтой, уæ ддæ р сын уый бамбарынæ н ницы амал ардта. Цыма фынтæ уыны æ мæ йæ м исчи дард кæ цæ йдæ р дзуры, уыйау æ м кæ сы. Йæ рæ сугъд цæ сгом уыди тарст æ мæ сагъæ схуыз. Йæ цæ стытыл уадысты йæ уæ ззау балцы нывтæ. Сæ ры магъзы алы тар сурæ ттæ кæ рæ дзийы ивгæ зилдух систой. Йæ цæ стытыл ауад йæ хъæ у: æ нкъард, йæ уынгты адæ м сагъæ схуызæ й тагъд-тагъд кæ нынц кæ дæ мдæ р... Мæ нæ йæ райгуырæ н хæ дзар. Йæ алыварс лæ ууынц адæ м. Цæ стытыл ауайы йе ’фсымæ р Буцæ дæ р, йæ цæ сгом, йе ’ртхъирæ нтæ. Чызг æ виппайды фесхъиудта йæ мидбынаты æ мæ йæ сырх уадултыл æ ртылди цæ ссыгтæ. Мæ хæ мæ ты чызг Сериффæ йæ м фæ лмæ нхуызæ й сдзуры:

— Ма тыхсын кæ н дæ хи. Дæ алыварсмæ акæ с: де ’хсæ з æ фсымæ ры æ ндон къулау куы лæ ууынц. Æ нæ хъæ н хъæ уæ н дæ р сæ хо æ мæ сæ уазæ г куы дæ, уæ д цæ мæ й тæ рсыс?..

 

 

Рæ стæ г йæ фæ ндаг кодта. Кæ д Дзылатæ æ мæ Хабæ тæ Сафирæ ты ссарыныл амалтæ кодтой, уæ ддæ р сæ къухы бæ лвырд базонынæ н ницы æ фтыдис. Бонтæ куыд ивтой, афтæ уавæ р дæ р ивгæ цыдис. Буцæ кæ д цыфæ нды зæ рдиагæ й архайдта, уæ ддæ р ын хъуыддагæ н ницы базонын бантысти. «Нæ гæ ндзæ хтæ куы ацæ гъдæ м мах дæ р æ мæ Дзылатæ дæ р, уæ ддæ р ацы æ лхынцъ æ нæ Фидаратæ нæ райхалдзыстæ м, — хъуыды кодта Буцæ. — Цæ й, цы уа, уый уæ д. Мæ амонд ма æ взарын Фидаратæ н сæ сомыгæ нæ н æ фсымæ р Елмæ рзайыл... »

Елмæ рза уыди Дзодзыккатæ й. Амардта Кочынатæ й иу лæ джы æ мæ уазæ гуаты балыгъдис Æ хсары фыд Фидараты Ладимæ. Йæ хи баппæ рста Æ хсары мады хъæ бысмæ æ мæ йын йæ дзидзи йæ дзыхы акæ нгæ йæ загъта:

— Кочынатæ й лæ г амардтон. Æ з уе уазæ г...

Канд Æ хсары хæ дзарæ н нæ, фæ лæ æ гас Фидараты мыггагæ н дæ р Елмæ рза сси зынаргъ æ фсымæ р æ мæ йæ фыдбылызæ й хъахъхъæ дтой. Суанг ма йын туг дæ р бафыстой æ мæ йæ бафидауын кодтой йæ туджджынтимæ. Буцæ гъеныр йæ хи кæ ны Елмæ рзайы уазæ г. Куры дзы, цæ мæ й йæ баууæ ндын кæ на Фидаратыл.

— Æ вæ ццæ гæ н, йæ амонд афтæ уыд Æ хсарæ н, — дзырдта Буцæ. — Ныр кæ рæ дзийы куы ныццæ гъдæ м, уæ д ма дзы цы рауайдзæ н? Æ рмæ ст æ гъдауæ н йæ хæ с у нæ хойы бафæ рсын, цы зæ гъы æ мæ йæ куыд фæ нды, уымæ й. Гъе, ацы дзуапмæ æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н дæ умæ, Елмæ рза. Дæ у йеддæ мæ никæ уыл æ ууæ ндын.

— Буцæ, бузныг дæ дæ н, æ гайтма мæ н равзæ рстай. Ацы ран нæ фæ рæ дыдтæ: Фидаратæ мæ ныл куыд баууæ ндой, афтæ сæ кæ рæ дзиуыл дæ р нæ баууæ нддзысты.

— Елмæ рза, æ з дæ н дæ къухы. Фыдбылызыл мæ æ фтауай, амонд мын арын кæ най — бар дæ у, — дзырдта Буцæ.

Гъеуыцы бонæ й фæ стæ мæ Дзылатæ дæ р æ мæ Хабæ тæ дæ р сæ куыст Елмæ рзайы скодтой, æ рхъæ цмæ йыл нал хъæ цыдысты. Буцæ йы козбау ныхæ стæ йæ расыг кæ нын байдыдтой. Зæ рдæ йын цæ мæ й не ’вæ рдта, ахæ м нал уыди: дугъон бæ х уа, æ хца уа, суанг ма йын йæ хæ рæ фырт Мæ динæ ты дæ р лæ вæ рдта. Æ мæ Елмæ рза дæ р æ нувыдæ й бацыди хъуыддаджы. Æ хсæ вæ й-бонæ й уæ гъд нал уадзы Фидараты. Уыдон та йæ сæ хи ахсджиаг æ фсымæ рыл куыд нымадтой, уымæ гæ сгæ дзы ницы æ мбæ хстой. Схъæ р ын кодтой, Сафирæ т Хурыхъæ уы кæ й ис, уый дæ р.

Ныр фондз мæ йы рацыдис, Æ хсар æ мæ Сафирæ т Хурыхъæ уы куы цæ рынц, уымæ й. Хъуамæ сæ м ныр гуырдз фæ зынди. Дзылатæ ма сывæ рджынæ й сæ чындзы хæ ссынц?

Хъуыддагæ н иу кæ рон скæ нын хъæ уы. Уымæ н йæ хос сты адæ м. Фæ нды абон уа, фæ нды райсом, уæ ддæ р æ й адæ мы тæ рхоны къухмæ хъæ уы. Кæ рон ын уыдон скæ ндзысты.

Елмæ рзайæ н йæ хъуыдытæ тынг дардыл аивылдысты. Быцæ угæ нгæ цæ уынц: иуæ рдыгæ й адæ ймагдзинад æ мæ Фидараты æ фсымæ рон æ ууæ нк, иннæ рдыгæ й та Буцæ йы курдиат. Кæ д Буцæ йы Фидараты цур зæ дæ й æ вдыста, уæ ддæ р ыл йæ хæ дæ г дæ р тынг не ’ууæ ндыдис. Фæ лæ йæ зæ рдыл куы æ рбалæ ууынц дугъон бæ х, æ хцатæ, рæ сугъд Мæ динæ т, уæ д та фæ джих вæ ййы. Уыцы хъуыдытæ сæ ры амхæ ццæ вæ ййынц. Ахæ м уавæ ры бахауы, æ мæ цыма бæ рзонд хохæ й рацæ йхауы æ мæ уæ лдæ фы цæ уыл фæ хæ ца, уый нал фæ ары. Нæ зоны, куыд бакæ на. Нæ йæ зондмæ, нæ йæ зæ рдæ мæ ницыуал æ хсар ары. «Дзæ гъæ лы у мæ мæ т, мæ сагъæ с. Æ хсар æ мæ уал Сафирæ ты фенон, — фæ стагмæ загъта Елмæ рза. — Гъе, стæ й бæ рæ г уыдзæ н, цы кæ нон, уый». Гъе ацы сагъæ стимæ Елмæ рза хъуырдухæ нгæ нгæ цæ уы: куы йæ зæ рдæ фенкъард вæ ййы, куы та фæ рухс вæ ййы...

Хурыхъæ уы уынгты барæ г фæ цæ уы. Ныхасы зæ ронд лæ гты цурты куы æ ривгъуыдта, уæ д уыдон сæ хи мидæ г дзырдтой:

— Уазæ г у, бæ рæ г у! Цыдæ р хæ рзæ фснайд барæ г у...

Уæ ллаг цæ хгæ руынгмæ схæ ццæ. Йæ бæ х фæ уромы æ мæ сдзуры Баймæ таты Ахбердмæ. Уый дæ р ын йæ къухæ й цыдæ ртæ амоны.

Фисыныл дуармæ бадынц иукъорд лæ джы. Барæ г сæ м дæ рддзæ фгомау æ рлæ ууы æ мæ салам ратты, стæ й бафæ рсы:

— Бахатыр кæ нут, Мæ хæ мæ т ам цæ ры? Ныхасы бадджытæ й иу, бæ рзондгомау лæ г, раздæ р ракъахдзæ фтæ кæ ны, рахиз къух уæ лæ мæ сисгæ йæ, салам ратты æ мæ фæ зæ гъы:

— Фысым бакæ н! Мæ хæ мæ ты дæ р ссардзыстæ м! Уыцы ныхæ стæ гæ нгæ йæ йын йæ бæ хы рохтыл æ рхæ цы, æ мæ Елмæ рза дæ р йæ хи æ рфистæ г кæ ны.

Уазæ джы мидæ мæ бахуыдтой, кæ рæ дзийы хабæ рттæ й афарстой.

Мæ хæ мæ т нæ архайы уазæ джы бæ лвырд базоныныл. Уазæ г та æ нхъæ лмæ кæ сы фысыммæ.

Уалынмæ уазæ джы фынг рахæ ццæ. Фæ йнæ арахъхъы куы анызтой, уæ д фæ хъæ батырдæ р сты. Елмæ рза райдыдта дзурын:

— Мæ фысым, иу æ мбисонд ахæ м ис: «Калм фæ ндагыл кæ д цыфæ нды ракъæ дз-бакъæ дз кæ нгæ цæ уы, уæ ддæ р хуынчъы куы быры, уæ д ын æ нæ сраст хос нæ й». Уымæ гæ сгæ мах цыфæ нды куы кæ нæ м, уæ ддæ р нын æ нæ кæ рæ дзийы базонгæ нæ й. Æ з дæ н Фидараты æ рвыст лæ г, Елмæ рза. Фидаратæ мын бафæ дзæ хстой: «Хурыхъæ уы Мæ хæ мæ тмæ уазæ гуаты сты Æ хсар æ мæ Сафирæ т. Дæ хæ дæ г сæ фен æ мæ базон, сæ хъуыддаг куыд у, уый».

— Бузныг, уазæ г, ды кæ д Елмæ рза дæ, уæ д ды дæ Фидараты ахсджиаг æ фсымæ р. Мæ хæ мæ т кæ й хонынц, уый та æ з дæ н. Æ хсар æ мæ Сафирæ т мæ нмæ не сты. Хъусгæ фæ кодтон, ам, Хурыхъæ уы фысыммæ кæ й сты, уый, фæ лæ сæ ссардзыстæ м, фендзыстæ м сæ...

Стæ й уазæ джы райдыдта хабæ рттæ й фæ рсын, уавæ р куыд у, фалейы цы æ рцыд, уыдæ ттæ й. Елмæ рза дæ р ын сæ æ мбарын кæ ны.

Мæ хæ мæ т æ нкъардхуызæ й сдзуры:

— Хорз нæ уыдысты, Елмæ рза, ацы хъуыддæ гтæ, фæ лæ цы æ рцыди, уымæ н гæ нæ н нал ис. Гъемæ сæ зæ рдæ йы ахаст куыд у? Ды сæ м уæ ддæ р хæ стæ гдæ р дæ.

— Куыд загъдæ уа, Мæ хæ мæ т! Тынг зын равзарæ н у. Æ рцыдис дзы лæ джы мæ рдтæ æ ппын æ нæ аххосджынтæ й, фæ лæ уæ ддæ р зæ гъæ н ис афтæ: адæ м тынгдæ р азымджын хонынц мах, ома Фидараты.

— Елмæ рза, æ мæ уымæ й зылын не сты адæ м, уый тыххæ й æ мæ куырд ус сымах рахастат. Æ мæ афтид ууыл куы уаид, уæ ддæ р ма иу у, фæ лæ ма Æ хсарæ н фæ мард йæ мадыфсымæ р. Буцæ йæ н дæ р афтæ. Дзылатæ н та иуæ й сæ куырд усы ахастат, иннæ мæ й Джетæ гъæ зæ н йæ зæ нг асастат. Тынг зын райхалæ н æ лхынцъытæ сты уыдон.

— Раст зæ гъыс, Мæ хæ мæ т, адæ м дæ р сыл сæ сæ р хойынц æ мæ сын ницы кæ рон арынц.

— Аипп ма уæ д, Елмæ рза, кæ й дæ фæ рсын, уый, фæ лæ дæ де ’фсымæ ртæ мæ нмæ куы æ рвыстой, уæ д дын сæ фæ дзæ хст цы уыди, уый мæ бамбарын фæ нды.

— Ме ’рцыд у, Мæ хæ мæ т, мæ нæ н уый: Буцæ йы фæ нды фенын ме ’фсымæ р æ мæ йæ хойы. Бамбарын æ й фæ нды, тыхдзинад æ ви фæ ндондзинад уыди, уый. Æ мæ уыцы хъуыддаг базонын мæ нæ й хæ сдæ р никæ мæ н у. Уымæ н æ мæ Буцæ йæ дæ р Дзылатæ дзуапп агурынц. Адæ мы æ хсæ нмæ исты дзуапп рахæ ссын хъæ уы.

— Раст сты дæ ныхæ стæ, Елмæ рза, фæ лæ куыд хъусын, афтæ мæ й цыма Сафирæ т æ нхъæ лцау у...

— Уым, Мæ хæ мæ т, диссагæ й ницы ис, æ нæ хъæ н авд мæ йы цæ рынц лæ г æ мæ усæ й. Амондджын гуырдз æ й хуыцау фæ кæ нæ д!

— Дыккаг хатт дын æ й зæ гъын, Елмæ рза: мæ нæ дæ уæ лхъус чи лæ ууы, уыдон фондзæ й дæ р мæ кæ стæ р æ фсымæ ртæ сты. Æ мæ ссардзысты Æ хсары. Сымахæ н Æ хсар у уе ’фсымæ р, фæ лæ махæ н та у нæ уазæ г, æ гас Хурыхъæ уы дæ р. Уазæ джы фарн та æ фсымæ ры фарнæ й къаддæ р нæ у. Æ хсар æ мæ Сафирæ ты ам бирæ фæ агуырдтой, фæ лæ ницы ссардтой. Мæ хуры чысыл Елмæ рза, ды Æ хсаримæ иу дзидзийæ хаст дæ æ мæ уыцы дзидзийы æ хсыры ард дæ уæ н дæ тты фæ ндаг. Æ мæ -иу дæ зæ рдыл уый лæ ууæ д.

Уыцы ныхæ стæ гæ нгæ йæ Мæ хæ мæ т се ’хсæ нæ й сыстад æ мæ сæ ныууагъта. Уæ д æ фсымæ рты æ мæ уазæ джы æ хсæ н ныхас фæ тыхджындæ р ис. Æ фсымæ ртæ тынгдæ р дзырдтой Буцæ йы тыххæ й.

— Карз лæ г æ й хонынц, Елмæ рза, уыцы Буцæ йы. Æ вæ ццæ гæ н, йæ сабыр кæ нынæ н бирæ хъуыддæ гтæ хъæ уы.

Елмæ рза дæ р хъуыдыхуызæ й сдзуры:

— Мæ стыйæ лæ г истытæ дзурынæ й фылдæ р цы кæ ны! «Арв куыд нæ ры, цæ вгæ афтæ нæ кæ ны».

— Уый раст у, Елмæ рза. Фæ лæ иуæ й-иу хатт арв кæ д нæ ргæ тынг нæ ныккæ ны, уæ ддæ р цæ вгæ тынг æ ркæ ны. Уымæ й дæ р зæ рдæ сæ вæ рæ н нæ й.

— Нæ быцæ у кæ нын уемæ, рæ стæ г зæ гъдзæ н алцы дæ р. Ме ’фсымæ ры уал куы фенин, уæ д хъуыддаг бæ рæ гдæ р кæ нид, — фæ зæ гъы та Елмæ рза.

— Уымæ н ахсæ в нæ къухы ницуал бафтдзæ ни, фæ лæ дæ райсом мах дæ зынаргъ æ фсымæ римæ сæ мбæ лын кæ ндзыстæ м.

***

Æ хсæ в йæ бары бацыди. Бæ стæ бынтон ныссабыр. Гъеуыцы рæ стæ джы Мæ хæ мæ т, Æ хсар, Сафирæ т карз ныхас кодтой иннæ уаты. Мæ хæ мæ т дзырдта:

— Æ з, Æ хсар, де ’фсымæ ртæ м чысыл фæ мæ сты дæ н, сымах кæ м стут, уый афтæ бæ лвырдæ й кæ й бацамыдтой Елмæ рзайæ н, ууыл. Фæ лæ мын æ рæ джиау куы бамбарын кодта, йемæ иу дзидзийæ хаст кæ й стут, уый, уæ д гыццыл мæ хи фæ урæ дтон. Ныр та æ з дæ у фæ рсын, Æ хсар. Чи дын у Елмæ рза æ мæ йыл æ ууæ ндыс æ ви нæ?

— Мæ хæ мæ т, Елмæ рзайæ æ ппыпдæ р тас ницæ мæ й у. Æ з иу мадæ й кæ мæ й райгуырдтæ н, уыцы æ фсымæ ртæ й дæ р ууыл тынгдæ р æ ууæ ндын.

— Ницыуал зæ гъын уæ д æ з, Æ хсар. Уый уын у стыр æ рдхорд æ фсымæ р, фæ лæ дæ уæ ддæ р курын: йемæ дæ хи æ гæ р парахат ма скæ н. Хъахъхъæ нгæ дзуапп дæ тт. Уæ ззау хъуыддаджы кæ й дæ, уый ма рох кæ н. Йæ хи чи хъахъхъæ ны, хуыцау дæ р уый хъахъхъæ ны. Афтæ мæ й уал хæ рзæ хсæ втæ раут, райсомы хуры тынтæ уын амонд æ рбахæ ссæ нт.

Æ хсар æ мæ Сафирæ ты бонтæ афтæ æ рцахуыр кодтой, æ мæ æ рсабыр сты. Цыма ницы ’рцыди æ мæ афтæ æ мбæ лы, уый хуызæ нæ й æ рвыстой сæ бонтæ. Фæ лæ Елмæ рзайы сæ мбæ лд чи у, уый сын сæ зæ рдæ йы сабырдзинад бынтондæ р раивылын кодта. Уыдысты уыцы уавæ ры, цыма фынæ й сты æ мæ сæ фыдфынтæ кæ рæ дзийæ н дзырдтой.

— Куыд æ мбарыс, Сафирæ т, дæ зæ рдæ йы уавæ р? Фæ смонырдæ м дæ æ ви æ вæ смон?

— Æ хсар! Фæ смон æ мæ фæ стæ мæ здæ хын мæ зæ рдыл лæ угæ дæ р нæ кæ ны æ мæ не ’ркæ ндзæ н. Фæ лæ ныр æ з та дæ у фæ рсын, Æ хсар: ды та йæ м цы цæ стæ й кæ сыс, цы ’рцыдис, уымæ? Ам æ мбæ хсгæ йæ мацыуал уæ д.

— О, мæ зынаргъ Сафирæ т, æ з дын мæ зæ рдæ йы уавæ р зæ гъдзынæ н. «Зынг зæ гъынæ й ком нæ судзы», — ахæ м æ мбисонд ис. Дæ ныхас раст у. Æ з æ мæ ды цард, хъысмæ т æ мæ фыдæ лты æ гъдæ утты бозитæ нæ къухмæ райстам æ мæ царды стыр денджызы цæ хгæ рмæ цæ уæ м, ома сæ ныхмæ. Мах лæ ууæ м уыцы ивылд денджызæ н йæ тæ ккæ астæ у. Йе нæ аленк кæ нын хъæ уы, йе та нæ фæ стæ мæ нæ зонгуытыл æ рлæ ууын хъæ уы.

— Куыд, Æ хсар: фæ стæ мæ, цагъардзинадмæ? Цыдæ риддæ р уæ д, арв æ рхауæ д, хæ хтæ афæ нык уæ нт, дæ ттæ ссудзæ нт, махæ н нæ фæ ндагæ й фæ зилгæ нал у.

Сафирæ т йæ цæ стыдзагæ й бакæ сы Æ хсармæ, æ нцад, фæ лмæ н схудгæ йæ сдзуры:

— Фыранк фæ стæ мæ йæ фæ д-фæ д нæ зилы.

— Тох, хъазуат, нæ ном, нæ кадимæ, кæ ннод та, цагъары бæ сты, æ ргом мæ лæ т! — хинымæ р дзурæ гау, зæ рдæ бынæ й фæ зæ гъы уæ д Æ хсар.

Гъе афтæ, цыма уыцы бон ард хордтой, уыйау сæ кæ рæ дзимæ карз фæ рстытæ æ мæ арф дзуаппытæ лæ вæ рдтой, кæ рæ дзийы фæ лварæ гау. Æ хсарæ н йæ цæ сгом иттæ г рухс уыди Сафирæ ты ныхæ стæ м хъусгæ йæ. Хъæ лдзæ г хуызæ й сдзуры æ мæ йæ фæ лмæ н йæ хъæ бысы æ рбакæ ны.

— О, æ хсары фидар гæ нах! О, æ фсармы æ нæ цудгæ мæ сыг! О, мæ сау боны сыгъдæ г цæ ссыг! Дæ карды тохы цæ хæ ртæ мын мæ зæ рдæ йы арт куы суагътой. Цы у мæ лæ т? Мур дæ р ницы! Чи бауромдзæ н мах?.. Æ ппындæ р ничи! Ды дæ æ нæ хъæ н æ фсад, — ныттыхсти йыл Сафирæ т.

— Цард, хъысмæ т, кæ нут уæ тæ рхон, фæ лæ мах нæ амондæ н йæ кæ рон ссардзыстæ м! — сдзуры Æ хсар дæ р. Исдугмæ аджих вæ ййы, стæ й та фæ зæ гъы: — О, зæ рдæ, цæ й домбай æ мæ хъæ батыр дæ! Чи æ рлæ удзæ н дæ размæ? Мæ лæ т? Фæ лæ дæ уый дæ р куы нæ фæ разы уромын. О, уарзондзинад, цæ й тыхджын у дæ арт! Денджыз дæ р дæ куы нæ фæ разы хуыссын кæ нын...

***

Æ рбабон ис. Бæ стæ уыди тынг рæ сугъд, æ рттывтытæ калдта. Елмæ рза дæ р æ рдзыл йæ цæ ст ахæ ссы æ мæ йæ хинымæ р сдзуры: «Йе Уастырджи, хъуыддæ гтæ ацы боны хуызæ н рæ сугъдæ й ауадз! ».

Æ хсар æ мæ Сафирæ т кæ д Мæ хæ мæ ты хæ дзары уыдысты, уæ ддæ р сарæ зтой афтæ, цыма искæ цæ й æ рбацыдысты: кæ рты дуар бакæ нгæ йæ кæ ртмæ æ рбараст сты. Елмæ рза æ мæ Æ хсар кæ рæ дзийы куы ауынынц, уæ д сæ дыууæ йæ н дæ р сæ цæ сгомы хуыз аивы, мæ рдон фæ лурс авæ ййынц.

Уыдонмæ кæ сгæ йæ, Сафирæ т ставд цæ ссыгæ й ныккæ уы æ мæ къæ сæ рæ й уатмæ бахизы. Мæ хæ мæ т фæ хъæ р ласы:

— Цы кæ ныс, нæ уазæ г, де ’фсымæ ры уындæ й дæ туг куы фæ лыгъди!..

Æ хсар Елмæ рзайы адджын хъæ быс ныккæ ны, æ мæ дыууæ йæ дæ р ныккæ уынц, сæ бон сныхас кæ нын нал у. Æ хсар, йæ цæ ссыгтæ ныхъуыргæ, иу-дыууæ скъуыддзаг ныхасы скæ ны:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.