Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 6 страница



— Гъе, уæ ууæ й, Будзи: лæ г дæ куы хуыдтон, æ мæ лæ г куы нæ дæ: хъус ракæ нын диссаг уæ д уыди, уыдон æ гас куы уыдысты æ мæ сæ гæ рзтæ сæ къухты цæ хæ р куы калдтой. Ныр сæ хъустæ дæ р æ мæ сæ сæ ртæ дæ р нæ къухты куы сты. Сисут сын сæ гæ рзтæ, æ рытаут сыл сæ нымæ ттæ æ мæ сæ уыдоныл æ рæ вæ рут. Æ вгъау фæ сивæ д уыдысты амæ лынæ н. Иттæ г æ хсарджын æ мæ гæ рзарм лæ ппутæ уыдысты. Рухсаг ут! Мæ рдты-иу уæ хæ дæ г бафидаут Дотчеимæ.

Иу чысыл ма афæ стиат сты Бæ тæ йы фырттæ æ мæ Хуысинæ. Тагъд-тагъд арæ вдз кодтой сæ хи æ мæ рараст сты Хъобанмæ. Иу чысыл куы рауадысты, уæ д сыл сæ мбæ лдысты джизиаг[6] цæ уджытæ. Аслæ нбег сæ баурæ дта æ мæ сын афтæ зæ гъы:

— Бахатыр кæ нут, фæ лæ -иу Битартæ н зæ гъут, уæ фæ сивæ д Бæ тæ йы фырт Дотчейæ н чындзхæ ссæ г ацыдысты, зæ гъгæ. Уæ хæ дæ г дæ р сæ фендзыстут. Битарты мах раййафын куы фæ нда, уæ д нæ раййафдзысты, — цæ удзыстæ м сындæ ггай. Зæ гъут сын-иу, æ з дæ н Бæ тæ йæ н йæ хистæ р фырт Аслæ нбег, мæ нæ уый та мæ кæ стæ р æ фсымæ р Будзи.

Аслæ нбег барæ й нæ бацамыдта Хуысинæ йы, нæ йын сдзырдта йæ ном дæ р. Фæ лæ уый Хуысинæ йæ н фæ хъыг ис, нал баурæ дта йæ хи æ мæ цæ уджытæ н загъта:

— Æ з дæ н Бæ тæ йы фырттæ н се ’ртыккаг æ фсымæ р — се ’рдхорд Хъаныхъуаты Саухуысинæ. Дæ разы бæ рцы бын чи бацыд æ мæ фæ сонтæ й чи ахызт, уый уыдис мæ гæ рах. Бамбарын-иу кæ нут уыцы хабар дæ р Битартæ н.

Æ мæ фæ йнæ рдæ м сæ фæ ндагыл ацыдысты.

***

Рæ стæ г цыди: бон ивта боны, æ хсæ в ивта æ хсæ вы. Дуда сæ нымайгæ дæ р нæ кодта, афтæ мæ й архайдта Бæ тæ йы фырттыл фыдбылызы хæ хтæ амайыныл. Фыццаджыдæ р уый кæ сгон кънйазы сразы кодта, Хазби цы кънйазы амардта, уый туг Бæ тæ йы фырттæ й райсыныл; дыккаджы та уый, æ мæ кæ д Тъæ рæ с цыфæ нды ракæ -бакæ кодта, кæ д разы нæ уыди Хамбечеры хæ ссыныл, уæ ддæ р æ й фæ стагмæ баууæ ндын кодта уыцы хъуыддаджы хорздзинадыл. Афтæ йын уайдзæ ф кодта:

— Цы кæ ныс, Тъæ рæ с? Сидзæ р сывæ ллæ ттæ дын ис: фыдыус фыдрын у. Иу фыдсыл æ рхæ сдзынæ æ мæ дын сæ бахæ рдзæ н. Хамбечер та зæ ды хуызæ н у, худгæ хур, сывæ ллæ ттæ н — фæ лмæ н мад, дæ хицæ н та номдзыд æ мбал. Цæ уыл хъуыдытæ кæ ныс? Кæ мæ й дæ æ фсæ рмыйаг? Цæ лоны фырттæ й? Уыдонæ н сæ бонтæ цыбыр сты: æ з сæ а дыууæ боны зындоны амæ ттаг фæ кæ ндзынæ н.

Æ мæ Тъæ рæ с сразы ис.

Иу ахæ мы Бæ тæ йы фырттæ æ хсæ выгон уыдысты сæ гæ нахы.

Будзи фынæ йуарзаг уыди æ мæ хуыссæ джы къухты бахауди. Аслæ нбег йæ мидвынæ йæ фестъæ лф-фестъæ лф кодта. Иу хатт афтæ тынг фестъæ лфыд, æ мæ йæ хуыссæ ны дзуццæ джы абадти. Æ фсæ рмхуызæ й æ нцад йæ цæ стытæ й уæ рæ х акаст йæ алывæ рстæ м, стæ й азылди Будзийы ’рдæ м æ мæ йæ м дзуры:

— Æ взæ р фын федтон, Будзи.

— Хайыр уæ д, хайыр, дæ фын, хъусын дæ м, — загъта Будзи.

— Цыма нæ гæ нахы алыварс æ ртыхстис иу залиаг калм æ мæ йын дыууæ сæ ры уыди: йæ иу дзыхæ й туг калдта, йæ иннæ мæ й та зынг. Æ рбасырдта нæ æ мæ нæ ацахста нæ дымджытæ й, фæ лæ дзы аирвæ зтыстæ м... Цымæ цы уа уый?

— Хурхæ тæ ны та лæ г фынтæ й фылдæ р цы уыны, — бахудти Будзи. — Бафынæ й у, æ мæ дæ туг æ рсабыр уа.

Фæ лæ Аслæ нбег не ’рсабыр ис. Йе уæ хсчытыл йæ кæ рц æ рбакодта æ мæ йæ хи хъуыдыйы æ ддæ мæ рацыди. Гæ нахы дуар нæ ма бакодта, афтæ мæ й цыдæ р уынæ р йæ хъустыл ауади, йæ хиуыл фæ хæ цыд æ мæ зæ рдиагдæ рæ й айхъуыста. Аслæ нбег базыдта, сæ гæ нахы алыварс бирæ адæ мы змæ лд кæ й уыдис, уый. Сындæ ггай баздæ хти фæ стæ мæ, дзуры Будзимæ:

— Цыма, Будзи, нæ гæ нахы алыварс бирæ адæ мы уынæ р цæ уы, афтæ мæ хъустыл ауад.

Уæ д æ м Будзи афтæ сдзуры:

— Аслæ нбег, дæ фынты фæ стæ нæ гæ нахы дуртæ залиаг кæ лмытæ куыд нæ фестдзысты!

Цалынмæ Будзи æ мæ Аслæ нбег уыцы ныхæ стæ кодтой, уæ дмæ æ хсæ вы мæ йдарыл боны рухс комдзог цæ уын райдыдта. Аслæ нбег талынджы хъусгæ кæ й фæ кодта, уый бонырухсыл Будзи йæ цæ стытæ й ауыдта. Баздæ хти фæ стæ мæ æ мæ дзуры Аслæ нбегмæ:

— Æ гас цæ уæ д дæ фын! Къамæ й ма нын куы фæ рсис, уæ д нын дæ сныйад кæ нис.

— Нæ хи мæ т мæ нæ й, исты фæ рæ зтæ кæ ндзыстæ м, фæ лæ цы уыдзысты Гого йæ сывæ ллæ ттимæ, науæ д Огъуыллæ? — сагъæ стæ гæ нгæ, загъта Аслæ нбег. Æ мæ йын Будзи ахæ м дзуапп радта:

— Аслæ нбег, калм фæ ндагыл цыфæ нды къæ дзтæ -мæ дзтæ й лæ сæ д, уæ ддæ р ын йæ хуынкъмæ быргæ йæ йæ хи æ нæ ныррастгæ нгæ нæ й. Мах дæ р цыфæ нды æ мбæ хст куы кæ нæ м, уæ ддæ р æ й боны рухсæ й сæ хуыдтæ г æ мбардзысты. Зæ гъ сын æ й, марадз, æ мæ сын истæ мæ йты зæ рдæ тæ авæ р.

Райсом хур йæ был куы сдардта, уæ д Гогойы рудзынгмæ худгæ хуызæ й йæ тынтæ рудзынджы авгыл ахъазыдысты. Уаты астæ у авдæ ны, йæ къухтæ уæ гъд, сырх хъуымац йæ уæ лæ æ мбæ рзт, афтæ мæ й хуыссыд Сæ лимæ т. Хуры тын налхъуыт-налмасау йæ риуыл хъазы. Сывæ ллон æ й йæ къухæ й хъавы ахсынмæ æ мæ йын куы нæ бакомы, уæ д та фæ лмæ н худт бакæ ны.

Уыцы рæ стæ джы дуар байгом, æ мæ мидæ мæ бацыд Аслæ нбег.

— Дæ райсом хорз, Гого. Нæ гæ нахы алыварс цыдæ р адæ м ис, мыййаг хъаугъа æ ндæ р куы кæ ной, — мацæ мæ й-иу тæ рсут. Сымахыл исты æ рцæ уыны бæ сты æ з мæ хи дæ р æ мæ ме ’фсымæ рты дæ р снывонд кæ ндзынæ н. Фадат мын нæ й бирæ дзурынæ н, нæ ран рæ сугъд нæ у, фæ лæ уын фæ дзæ хсын: тæ рсгæ ма кæ нут.

Аслæ нбег фæ зылд æ мæ рауади, Гого та йæ фæ дыл тарстхуызæ й кæ сгæ йæ баззади.

 

 

Бæ тæ йы гæ нахыл кæ сгон кънйæ зтæ æ мæ Алыккатæ æ ртыхстысты.

Кънйæ зтæ фæ нд кодтой Бæ тæ йы хæ дзарвæ ндаг — Аслæ нбег æ мæ Будзийы уацары ахæ ссын, Алыккаты æ лдæ ртты та фæ ндыди Бæ тæ йы фырттæ й фервæ зын. Дыууæ ты уырнынгæ нæ г та уыди Дуда. Уый фæ ндыди, Аслæ нбеджы уд тагъддæ р куы аскъуыдаид æ мæ дзы йæ маст куы ссыдаид. Фæ лæ хъуыддаг Дудайы фæ ндиаг тагъд нæ цыдис æ мæ тынг тыхсын байдыдта. Тарсти, Бæ тæ йы фырттæ гæ нахæ й куы аирвæ зой æ мæ йæ хинтæ, йæ кæ лæ нтæ куы сæ ргом уой æ мæ йæ уыдоны тыххæ й куы бахъæ уа дзуапп дæ ттын.

Аслæ нбег æ мæ Будзи тыхст уавæ ры кæ й бахаудтой, уый тагъд ахъæ р ис Хъобангомыл, æ мæ фæ дисæ ттæ æ мбырд кæ нын райдыдтой Аспиаты къуыбырмæ. Æ мбырды астæ у Бæ тæ йы фыртты хорз хæ лар Аспиаты Хамырзæ загъта:

— Мæ нæ адæ м, абон Хъобаны астæ у ис стыр фæ дис, стыр æ гæ нон хъуыддаг. Кæ сгон кънйæ зтæ Алыккатимæ æ ртыхстысты Бæ тæ йы гæ нахыл, ласынвæ нд нын кæ нынц не ’хсæ нæ й уацайрæ гтæ н Бæ тæ йы фыртты. Сымахмæ дзурын, Моргуаты Саулох æ мæ Хамырзæ, Бытъаты Уари! Бæ тæ йы фырттæ сты нæ рахиз къабаз. Ныр уыдон мах бынаты куы уаиккой, уæ д сæ цард мах сæ рыл зынаргъ никуы скæ никкой.

Адеты Дзалайы фырт Дзæ рæ хмæ т, Хъаныхъуаты Саухуысинæ, Куындыхаты Габа æ мæ ма чидæ ртæ сдзурынц æ мхуызонæ й:

— Уыцы тыхгæ нджытæ нын Бæ тæ йы фыртты, нывонд стуртау, не ’хсæ нæ й аласой, уый бæ сты нæ хуыцау гагадзагъд фæ кæ нæ д.

Уæ д размæ ралæ ууыдысты Бæ тæ йы мады ’рвадæ лтæ — дыууæ фаззон æ фсымæ ры — Адылджери æ мæ Азæ мæ тджери æ мæ афтæ зæ гъынц:

— Мæ нæ хорз адæ м, иу-дыууæ ныхасы бар. Рухсаг уæ нт нæ фыдæ лтæ, афтæ -иу загътой: æ взæ р тагъдæ й хорз сындæ г хуыздæ р у. Куыд уæ м фæ кæ сид афтæ та: мах стæ м Бæ тæ йæ н йæ мады æ фсымæ ртæ. Кънйазæ й куы ракуриккам, цыма сын хæ рзбон зæ гъæ м Бæ тæ йы фырттæ н æ мæ сыл нæ дзаумæ ттæ куы скæ никкам, кæ д æ ппын æ мæ афтæ мæ й раирвæ зиккой.

Бирæ фæ хъуыды кодтой адæ м, стæ й æ мхуызонæ й ууыл сразы сты. Адылджери æ мæ Азæ мæ тджери ацыдысты Бæ тæ йы гæ нахмæ, иннæ тæ та лæ ууыдысты хæ стифтонгæ й. Хистæ р кънйазы размæ куы бахæ ццæ сты, уæ д дзы ракуырдтой, Бæ тæ йы фыртты нын фæ стаг хатт фенын бауадз, зæ гъгæ. Æ мæ сын бар лæ вæ рд æ рцыд.

Аслæ нбегитæ мæ сыгæ й базыдтой Азæ мæ тджери æ мæ Адылджерийы. Дуар сын бакодтой æ мæ сæ мæ сыджы фæ мидæ г кодтой. Иу дзæ вгар аныхæ сты фæ стæ Адылджери загъта:

— Мах уæ м æ рбацыдыстæ м иу хъуыддаджы тыххæ й: сымах хъуамæ скæ нат мах дзаумæ ттæ æ мæ уын мах хуызы бантыса аирвæ зын.

Будзи бадис кодта:

— Æ мæ сымах та уæ д цы фæ уат?

— Мах баззайдзыстæ м ам.

— Сымах ам, мах та нæ удтæ бахъахъхъæ нæ м? Ау, æ мæ ма уæ д цы цæ сгæ мттимæ бацæ удзыстæ м Бæ тæ йы цурмæ? Сымах знæ гты къæ хты бын ныууадзæ м, нæ хæ дæ г та нæ сæ ртæ æ фснайæ г суæ м? Науæ д ма уæ д ахæ м тæ ппуд æ фсымæ ртæ й цы кæ нут? — тызмæ гæ й загъта Будзи. Хъыг уыдысты ныхæ стæ Аслæ нбегæ н дæ р. Афтæ бакодта:

— Адылджери, мах нæ сæ р æ фснайыныл куы суæ м, сымах цъынды куы ныууадзæ м знæ гты къæ хты бын, иу ныхасæ й, нывонд уæ куы ’рхæ ссæ м нæ хи сæ рыл, уæ д мах ахæ м цард ницæ мæ н хъæ уы. Нæ ном фæ чъизи уыдзæ ни, æ мæ нын уый цæ мæ н уæ зæ рдæ аккаг кæ ны?

— Аслæ нбег æ мæ Будзи, байхъусут мæ нмæ дæ р, — загъта та Адылджери. — Æ з уемæ дзурын Хъобаны хистæ рты номæ й: цæ сгом, æ фсарм æ мæ тæ рхон уыдоны къухы сты. Уыдонæ н сæ бон у лæ джы скæ нын кадджын дæ р æ мæ фидиссаг дæ р. Ном дæ р уыдон къухы ис, æ гад дæ р уыдон кæ нынц. Фæ лæ уæ ныр æ гад ницæ мæ й кæ нынц. Хъуамæ сын сæ фæ нд сæ ххæ ст кæ нат. Уыдоны тæ рхон у ацы хъуыддаг, уыдон уæ курынц. Мах стæ м сæ минæ вар сымахмæ. Уыдон уæ кæ д арты, доны æ ппарынц, уæ ддæ р хъуамæ сымах сæ коммæ бакæ сат, сымах тыххæ й дзуапп сæ хуыдтæ г дæ тдзысты. Уæ амонд, уæ хъысмæ т сæ химæ райстой. Рох уæ ма уæ д: дзыллæ йы къухы ис уæ тæ рхон. Ма ахизут дзыллæ йы тæ рхоны сæ рты.

Аслæ нбег цæ хгæ р «нæ », зæ гъгæ, загъта, фæ лæ уæ д Адылджери фæ мæ сты ис æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Гъæ тт, æ нæ гъдау, æ нæ дзуапп æ фсымæ ртæ! Мæ н æ гас Ирыстоны кæ дæ м нæ фæ хонынц тæ рхоны тыххæ й, ахæ м куы нæ ис, уæ д мæ сымах Хъобаны фæ дисæ тты астæ умæ куыд æ рвитут æ нæ дзуаппæ й? Куыд не скодтат аргъ махæ н дæ р, Хъобаны хистæ ртæ н дæ р, уе ’мгæ рттæ н дæ р? Мæ нæ н мæ цæ сгом нæ бахъæ цдзæ н уыдоны размæ æ нæ дзуаппæ й бацæ уын: æ з мæ хи уæ цуры маргæ кæ нын. — Æ мæ йæ дамбацамæ февнæ лдта. Уыцы февнæ лд Бæ тæ йы фыртты куыддæ р фæ джихау кодта, æ мæ Азæ мæ тджери тарстхуызæ й сдзырдта:

— Уæ, гормæ ттæ, цæ уыл ын йæ хи марын кæ нут? Цæ уылнæ кæ сут йæ коммæ? Раласут уæ цухъхъатæ æ мæ скæ нут мæ нæ мах дзаумæ ттæ.

Бæ тæ йы фырттæ н цыма сæ зонд фæ лыгъд æ мæ расыг уыдысты, уыйау февнæ лдтой сæ гæ рзтæ ласынмæ, æ мæ сын цыдæ риддæ р дзырдтой, уый кодтой. Æ мæ уайтагъд арæ вдз сты.

Бæ тæ йы фырттæ рахызтысты мæ сыджы дуарæ й. Фæ цæ уынц ныр кæ сгон кънйæ зты астæ уты. Уыдонæ н дæ р æ мæ Алыккатæ н дæ р сæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыди, ахæ м хин арæ зт æ рцæ удзæ н, уый. Будзи уыцы æ нæ гуырысхойæ цыди. Уæ вгæ сæ м се знæ гтæ дæ р ницы зæ рдиаг каст кодтой. Сбадтысты бæ хтыл æ мæ иу дзæ вгар куы ауадысты, уæ д араст сты Æ хсæ нгæ рзты[7] хъæ ды ’рдæ м. Раст хъæ дрæ бын Аслæ нбег иу каст фæ кодта фæ стæ мæ æ мæ йæ Цорæ базыдта.

— Уый Аслæ нбеджы змæ лд у! Аирвæ зтысты Бæ тæ йы фырттæ!

Дардæ й ма сæ фехстой топпæ й, фæ лæ уыдон тар хъæ ды аныгъуылдысты.

Кæ сгон кънйæ зты хистæ р, цæ ф арсау, ныббогътæ кодта, стæ й загъта:

— Ракæ нут дзылæ рттæ й, уæ ртæ сæ бæ сты чи ис, уыдоны, æ мæ уыдонæ й райсæ м нæ маст.

Уæ д Хамырзæ фæ хъæ р кодта:

— Гъæ тт, кънйаз, дæ дзылæ рттæ лыстæ г сты, аскъуыйдзысты дын уыдон ласгæ йæ.

Кънйаз загъта:

— Æ з уæ хъомты тард акæ ндзынæ н! Уæ д æ м Бытъаты Уари дзуры:

— Чысыл сты дæ хъомгæ стæ, нæ дын бакомдзыстæ м.

— Зонут, ме ’фсымæ ры туг мын кæ й ныккалдтат, уый: Хазби йæ мæ рдтæ м барвыста.

— Омæ, кънйаз, цæ й диссаг скодтай дæ саджы роды?

Кънйаз загъта:

— Кæ д уый саджы род уыди, уæ ддæ р уын æ стдæ ссион саджы сой слæ удзæ ни!

Уæ д æ м иннæ рдыгæ й бадзуры Кадиты Бæ да:

— Мæ нг фын дын у уый, кънйаз: Хъобаны хъæ д ын иууылдæ р йæ быны куы бандзарай, уæ ддæ р дын дзы иу сойы æ ртах дæ р нал æ ртæ дздзæ ни.

Кънйаз бынтон смæ сты ис.

— Уæ д мæ туг ам ныккæ лæ д, йæ туджы алы ’ртах дæ р уын къæ ртайы дзаг туг куы не слæ ууа!

Æ мæ йын Дзæ гъойты Дзиу дзуапп радта:

— Тугæ й нæ цы тæ рсын кæ ныс, кънйаз? Туг дзы афтæ ракæ лæ д, æ мæ дзы долапи куырой куыд разила.

Кънйæ зтæ ма бавзыстытæ кодтой, фæ лæ сын хъобайнæ гтæ тæ ндзæ гат куы нæ разындысты, уæ д сæ маст акалдтой Дуда æ мæ Алыккатыл.

Дуда æ ррайы хуызæ н сси æ мæ йæ хинымæ р дзырдта: «Аирвæ зтысты, аирвæ зтысты Бæ тæ йы фырттæ. Мæ зæ рдæ судзы, мæ къухтæ ризынц, мæ сæ р зилы, хуыдуг кæ нын... сæ фдзынæ н: æ ргом кæ ндзысты мæ хъуыддæ гтæ. Мæ зæ рондæ й мæ дывзагон кæ лæ нгæ нæ г схондзысты. Мæ цæ стытæ тартæ кæ нынц, зæ хх мыл зилы, мæ риу арт уадзы, мæ зонд дзæ гъæ л кæ ны... »

Йæ хи дурты цæ ндыл æ руагъта æ мæ фæ йнæ рдæ м йæ алфамбылай акасти.

Адæ м æ м кастысты тызмæ г, мæ сты цæ стæ й.

«Мæ нæ мæ м зæ ронд Хъобаны фыдæ лтæ цы уайдзæ ф хуызæ й кæ сынц! » — загъта ма йæ хинымæ р, стæ й йыл бæ стæ аталынг и, фæ цудыдта æ мæ афæ лдæ хти. Æ рæ вæ рдтой ма йæ нæ ууыл. Æ руагъта йæ хи... Амарди.

Кънйæ зтæ сæ ргуыбырæ й цæ уыныл куы фесты, Алыккатæ та Дудайы мард æ фснайыныл, уæ д Адылджери æ мæ Азæ мæ тджери дæ р раирвæ зтысты æ нæ фыдбылызæ й.

 

 

Хъобаны тынг базмæ лын кодта, Бæ тæ йы фырттæ абырæ г кæ й алыгъдысты, уый. Чи сæ тæ рсгæ кодта, чи та сын æ ххуыс кодта.

Цорæ зилын байдыдта Бæ тæ йы фыртты фæ дыл. Бабадт та иу ран сæ размæ. Се ’хсæ н æ рцыди гæ рæ хтæ. Рог цæ ф фæ ци Аслæ нбег, фæ лæ уыцы ран Цорæ йæ н йæ амонд йæ зæ рдæ худты бацыди: мард фæ ци Аслæ нбеджы къухæ й.

— Нæ дæ агуырдтон, Цорæ, — загъта Аслæ нбег, — размæ дæ м уый тыххæ й нæ цыдтæ н, æ мæ мæ нгардæ й тарстæ н. Лидзгæ дæ акодтаин, æ мæ уæ д та æ гадæ й тарстæ н. Дæ тæ ригъæ дтæ ныр дæ хи уæ нт. — Гæ ны фæ скъæ уттæ систа æ мæ сæ цæ ххы ныттылдта. Йæ цæ ф бабаста æ мæ Будзиимæ тар хъæ ды фæ аууон сты.

Аслæ нбег æ мæ Будзи Хъобанæ й ацыдысты æ мæ æ рæ нцадысты Уæ лладжыры комы, сæ мадырвадæ лтæ — Цæ лойтæ м нæ, фæ лæ Зæ нджиаты Ахмæ тмæ. Аслæ нбегæ н йæ цæ ф байгас ис. Ног хъæ убæ сты æ хсæ н тынг тагъд ссардтой сæ хицæ н æ мгæ рттæ дæ р, æ ууæ нк дæ р. Уæ лладжыры комы, цыма тынг рагæ й цардысты, уыйау сæ уыди кад дæ р, уыйау сæ кодтой уарзгæ дæ р. Фæ лæ сæ зæ рдæ æ ппынæ дзух Хъобанимæ дзырдта. Уым баззади сæ кæ стæ р æ фсымæ р Огъуыллæ æ мæ йæ Алыккатæ æ ххуырсты радтой Хъаныхъуаты Тъæ рæ смæ.

Иу бон Будзи афтæ дзуры йе ’фсымæ рмæ:

— Аслæ нбег, мах ардæ м Гачыны хохмæ хизынмæ æ мæ нæ хи нард кæ нынмæ не ’рбацыдыстæ м: бабæ рæ г нæ кæ нын хъæ уы, уыцы мæ гуыр Огъуыллæ цы фæ ци, уый. Тъæ рæ с æ нцад, æ нæ мæ тæ й йæ хицæ н зары. Уæ д та йын йæ дуары сæ рмæ гæ рæ хтæ фæ кæ нæ м.

Уæ лдай ницуал загъта Аслæ нбег дæ р, сфæ нд кодта Хъобанмæ фæ цæ уын.

Сæ хицæ н æ мбæ лттæ н равзæ рстой Бутаты Мæ хæ мæ ты, Зæ нджиаты Ахмæ ты æ мæ Дзалаты Дзæ рæ хмæ ты.

Фæ хабар сæ м кодта Аслæ нбег, æ мæ æ ртыккаг æ хсæ в Хъобанмæ араст сты. Сæ балц, сæ фæ ндаг уыди тар хъæ ды астæ уты, къæ дзæ хтыл, лæ бырд хæ хтыл. Къодахджыныл схæ рд кодтой æ мæ фидар мæ цкъоры астæ уты сындæ ггай схæ ццæ сты Бæ тæ йы рæ гътæ м.

Бон уыди сыгъдæ г, арвыл иу къæ м нæ зынди. Бæ тæ йы рагъыл сæ фæ ллад уадзгæ йæ, афынæ й сты. Хуры тынтæ тарфæ й кастысты. Аслæ нбег фехъал, рабадтис æ мæ ракасти йæ фыд Бæ тæ йы рæ гътæ й. Чысыл дæ рддзæ ф хызтысты Тъæ рæ сы хъомрæ гъау, Огъуыллæ сæ хызта. Аслæ нбег æ дзынæ г касти æ мæ сагъæ с кодта Огъуыллæ йы фыдæ бæ ттыл. Раст уыцы рæ стæ джы Огъуыллæ йы хъæ р дардæ й æ рбайхъуысти, ниуæ гау.

Уый æ лгъыста рæ гъауы, дарæ г-уромæ г уæ мауал уæ д, зæ гъгæ. Будзи æ мæ Аслæ нбегыл дæ р мæ тæ ригъæ дæ й мæ рдты дуар æ хгæ д æ рцæ уæ д, уæ лæ уыл та сæ дзыхы дзаг дон мауал ссарæ нт, мæ н Тъæ рæ сæ н рæ гъаугæ сæ й чи ныууагъта, зæ гъгæ.

Нал фæ гæ дзæ кодта Аслæ нбег æ мæ йе ’мбæ лтты дæ р нæ райхъал кодта, афтæ мæ й балæ гæ рста æ мæ аууæ тты бахъуызыди Огъуыллæ мæ. Огъуыллæ йыл уыди скъуыдтæ цухъхъа æ мæ куырæ т, фæ смын зæ нгæ йттæ, зæ ронд æ рчъитæ, йæ фарсыл та — стыргомау кард хъæ дын кæ рддзæ мы, йæ астæ уыл архъан тыхт, дзæ къулы та йæ кæ рдзыны къæ бæ р. Аслæ нбег, зæ ххы бынæ й февзæ рæ гау, алæ ууыди йæ уæ лхъус. Огъуыллæ куыддæ р тæ рсæ гау фæ кодта, джихæ й аззади. Фæ лæ йæ Аслæ нбег уайтагъд йæ хъæ бысы æ рбакодта æ мæ йæ м дзуры:

— Мауал тæ рс, нæ мæ гуыр æ фсымæ р. Дæ зынтæ н æ рхæ ццæ сæ кæ рон: мах дæ Тъæ рæ сы мыстрагъ бæ хыл ахизын кæ ндзыстæ м Уæ лладжыры коммæ. Азæ р хур куыд дæ лæ мæ цæ уа, афтæ -иу рæ гъау хъæ дрæ быны ’рдæ м здах. Мах Тъæ рæ сы рæ гъау таппысайраг бакæ ндзыстæ м.

Аслæ нбег ныууагъта Огъуыллæ йы æ мæ сыздæ хти йе ’мбæ лттæ м. Райхъал кодта йе ’мбæ лтты æ мæ иумæ æ рцыдысты сæ нысан ранмæ. Афтæ сæ м дзуры Аслæ нбег:

— Рæ гъауыл ахъæ р кæ нæ м æ мæ йæ атæ рæ м, уый сæ рмæ хæ сгæ нæ у, уый хуыснæ гдзинад у. Хъуамæ нæ хуыдтæ г нæ хиуыл скæ нæ м фæ дис. Топпы цæ хæ ры бын хъуамæ атæ рæ м рæ гъау: кæ д тых у, уæ д сæ атæ рæ м тыхæ й. Тъæ рæ симæ хъуамæ бавзарæ м нæ лæ гдзинад кард æ мæ топпы дзыхæ й. Дзæ рæ хмæ т, ды хъуамæ ныхъхъæ р кæ най Тъæ рæ смæ, дæ рæ гъау дын фæ тæ рынц Бæ тæ йы фырттæ, зæ гъгæ, æ мæ йæ бынатæ й куы фезмæ ла, уæ д æ й мæ бар уадз.

Аслæ нбеджы фенд Огъуыллæ йы бынтондæ р ногæ й райгуырын кодта. Раст ын Аслæ нбег куыд загъта, афтæ рæ гъау хъæ дрæ быны ’рдæ м сыздæ хта. Иу кæ фойаумæ æ рбамбырд кодтой рæ гъау æ мæ ахсын байдыдтой Тъæ рæ сы мыстрагъ бæ хы, фæ лæ сын исдуг ахсын нæ куымдта. Уæ д Зæ нджиаты Ахмæ т Огъуыллæ йы астæ уæ й райхæ лдта хъисын архъан, бахъуызыди бæ хты аууæ тты æ мæ йæ фехста рæ гъауы астæ умæ. Архъан, залиаг калмау, æ ртыхсти Тъæ рæ сы бæ хыл. Бæ х йæ фæ стæ гтыл ныллæ ууыди æ мæ ныххуыррытт кодта йæ фындзы хуынчъытæ й. Фæ лæ Ахмæ ты къухтæ фæ лтæ рд уыдысты æ мæ йæ змæ лын дæ р нал суагътой.

— Сымах æ з æ мæ Дзæ рæ хмæ тмæ ма кæ сут, фæ лæ уæ разæ й атæ рут рæ гъау, — загъта Аслæ нбег. Æ мæ Будзи, Мæ хæ мæ т, Огъуыллæ æ мæ Ахмæ т фосы рæ гъауыл ахъæ р кодтой, Аслæ нбег æ мæ Дзæ рæ хмæ т та фæ дис хъæ р кæ нынмæ араст сты. Дзæ рæ хмæ т æ рлæ ууыд уæ лдæ р, фæ лæ Аслæ нбег хæ рзхæ стæ г æ рхъуызыди Тъæ рæ сы гæ нахмæ.

— Фæ дис, Тъæ рæ с, дæ рæ гъау дын Бæ тæ йы фырттæ фæ тæ рынц! Дæ мыстрагъ бæ хыл дын Огъуыллæ йы фæ хæ ссынц! — ныхъхъæ р кодта Дзæ рæ хмæ т.

Уыцы рæ стæ джы Тъæ рæ с уазæ гдоны дуармæ бадти æ мæ фесхъиудта йæ мидбынаты.

— Цы хабар у? Уый чи хынджылæ г кæ ны! — фæ хъæ р кодта Тъæ рæ с æ мæ фестынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ Аслæ нбег æ ргæ рах ласта топпæ й. Тъæ рæ с йæ мидбынаты цъилау ныззылди æ мæ афæ лдæ хти.

Аслæ нбегитæ сæ хи рæ гъауы ’рдæ м систой. Хъобан фæ фæ дис сты, фæ лæ цалынмæ уыдон Тъæ рæ сыл ракæ -бакæ кодтой, уæ дмæ иуæ й талынг баци, иннæ мæ й та рæ гъау тар хъæ ды мидæ г аныгъуылд.

Хъобаны цæ рджытæ й уыцы рæ гъауы атæ рын кæ мæ н æ хсызгон уыди, чи та мæ сты кодта. Стыр зын раны уыди Хъаныхъуаты Хуысинæ: уый уыди Тъæ рæ сæ н йæ фыды æ фсымæ ры лæ ппу, Аслæ нбег æ мæ Будзи та уыдысты йе ’рдхорд æ фсымæ ртæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.