Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 7 страница



— Кæ й фарс æ рлæ ууон уыцы дыууæ йæ? — дзырдта йæ хинымæ р Хуысинæ. — Цыфæ нды фæ уæ д, уадз æ мæ мыл скæ ной зарæ г, уадз æ мæ æ з уон фидиссаг. Æ з дæ н Бæ тæ йы фыртты фарс. «Нæ й тугæ й æ фсымæ р, зæ рдæ йæ æ мæ æ ууæ нкæ й йеддæ мæ. Æ мæ уыдон кæ мæ уа, æ фсымæ р дæ р уый у», — йæ хинымæ р загъта Хуысинæ. Аслæ нбегитæ Куырттаты комæ й дзæ бæ х кæ й ахызтысты, уый тыххæ й равзæ рстой рæ гъауæ й иу нард хъулон гал æ мæ йæ акусарт кодтой. Куывд стыхджын ис. Комы цæ уджыты дæ р хорз уыдтой сæ куывды.

Адæ м се ’ппæ т дæ р хъæ лдзæ г уыдысты, фæ лæ цæ уджытæ й иу лæ г тынг æ нкъард уыдис, хæ ргæ дæ р нæ кодта, тынг хъыг хуызæ й касти. Фæ комкоммæ йæ м ис Аслæ нбег æ мæ йæ м дзуры:

— Нæ уазæ г, Уастырджийы кусарт куы у, цæ уылнæ дзы саходыс?

— Куыд дзы саходон, Аслæ нбег, — бафарста фæ ндаггон, — мæ нывонд галы мын куы аргæ встай, уæ д?

— Ау, æ мæ дæ гал Хъобаны цы агуырдта?

— Мæ гал Хъаныхъуаты Тъæ рæ смæ бæ рны уыдис.

— Æ мæ йыл цы тыхсыс! Дæ иу галмæ дын мæ нæ Тъæ рæ сы галтæ й дыууæ къоборы. Уæ ддæ р, дæ хорзæ хæ й, бахъæ лдзæ г кæ н дæ хи. Нывонд кæ й уыд, уый нæ зыдтам, æ мæ нын æ й хуыцау бахатыр кæ нæ д.

Лæ г ницы сдзырдта, афтæ мæ й йæ фæ ндагыл мæ стыхуызæ й араст и.

Хорз куы фæ минас кодтой, уæ д Аслæ нбегитæ Тъæ рæ сы рæ гъау балæ ууын кодтой Уæ лладжыры комы.

Уыцы рæ стæ джы Аслæ нбегæ н йе ’рдхорд, ассиаг æ лдар Айдаболты Саулох, уыди Зæ нджиаты Ахмæ тмæ. Аслæ нбег æ мæ Саулох кæ рæ дзийы куы федтой, уæ д се ’хсæ н ахæ м ныхас рауади:

— Аслæ нбег, — загъта Саулох, — ацы рæ гъау мæ н куы уаид, уый мæ иттæ г бафæ ндыд.

— Фосы фæ дыл æ рцæ уы бирæ зæ рдæ худтытæ, — дзуапп радта Аслæ нбег, — фос хæ йрæ джы нымæ т у. Фæ лæ -ма зæ гъ, цы хуызы сæ м хæ ссыс дæ ныфс?

— Уæ бæ хмæ уын — бæ х, уæ галмæ уын — гал. Куы мæ м фæ зынат нæ химæ — раскъæ рдзыстут уæ фосы сæ рмæ æ ндæ р фос. Зæ нджиаты Ахмæ т нæ фысым у, уымæ й фæ стæ мæ ноджы не ’рдхорд дæ р, уый нын æ вдисæ н уæ д.

Разыйы дзуапп радта Аслæ нбег, æ мæ Тъæ рæ сы рæ гъау баисты Саулохы амæ ттаг. Саулох сæ балæ ууын кодта йæ цæ рæ нбæ сты, Аруаны былтыл, Хъасхъатауы губакджыны, Ассийы комы.

***

Уæ фос скъæ рынмæ -иу уæ д æ мæ уæ д æ рцæ ут, зæ гъгæ, Саулох йæ хæ дæ г цы æ мгъуыд радта, уыцы æ мгъуыдыл, æ рæ гвæ ззæ джы, Аслæ нбег æ мæ Будзи æ рæ мбырд кодтой се ’мбæ лтты: Хъаныхъуаты Хуысинæ, Куындыхаты Габа, Дзалаты Мæ хæ мæ ты æ мæ араст сты Уæ лладжыры комæ й Хъасхъатаумæ. Сæ хæ рзхаст бæ хтæ æ хсæ в цæ уын ахуыр уыдысты æ мæ иттæ г æ нæ зивæ гæ й размæ цыдысты. Цас фæ цыдаиккой фæ ндагыл, чи йæ зоны, фæ лæ уалынмæ æ рхæ ццæ сты Хъасхъатаумæ бонасадæ нтыл æ мæ сæ мбæ лдысты стыр рæ гъауыл. Хуысинæ афтæ дзуры Аслæ нбегмæ:

— Аслæ нбег, цы ма цæ уæ м дарддæ р, мæ нæ ацы рæ гъау фæ къæ ртт кæ нæ м.

Мæ хæ мæ т бахудти æ мæ бафтыдта Хуысинæ йы ныхæ стыл:

— Мæ лæ ты хорз бæ хтæ дзы ис, молло дæ р сæ м нæ фæ лæ удзæ н.

— Нæ, уый сæ рмæ хæ сгæ нæ у, — дзуапп радта Аслæ нбег. — Нæ сын уынут сæ дамгъæ? Уый Айдаболты дамгъæ у: ай ме ’рдхорд Саулохы рæ гъау у.

— Æ мæ Саулохы рæ гъау æ нæ фæ тчиаг у? — бадис кодта Дзæ рæ хмæ т.

— Тынг зын у лæ гæ н йæ хи бауромын адонмæ, — загъта Габа.

Нæ й, нæ сын сразы ис Аслæ нбег. Ссардтой рæ гъаударæ н уæ тæ р æ мæ уым сæ хи æ рфистæ г кодтой. Рæ гъаугæ сæ н бамбарын кодтой: фехъусын кæ н Саулохæ н, дæ ирон æ рдхæ рттæ дæ агурынц, зæ гъгæ. Рæ гъаугæ с ацыди æ мæ Саулохæ н куы бамбарын кодта, уæ д Саулох уыцы æ нæ нхъæ лæ джы хабармæ джихæ й аззади. Иу къорд рæ стæ джы дзургæ дæ р не скодта, стæ й афтæ зæ гъы:

— Ацу, æ мæ сын зæ гъ: ам нæ й, балцы ис.

Рæ гъаугæ с сын ахæ м дзуапп куы æ рбахаста, уæ д Ахмæ титæ кæ рæ дзимæ бакастысты.

— Аслæ нбег, — загъта Габа, де ’рдхорд йæ хи ма бамбæ хсæ д?

— Нæ, ахæ м лæ г нæ у, йæ ныхасæ н хицау у, — дзуапп радта Аслæ нбег æ мæ дыккаг хатт арвыста рæ гъаугæ сы Саулохмæ. Сбæ рæ г кæ ныны тыххæ й Аслæ нбег йæ фæ дыл ахъуызыди. Æ хсæ в уыди талынг, æ мæ рæ гъаугæ с нæ базыдта, Аслæ нбег йæ фæ дыл цæ уы, уый. Рæ гъаугæ с хæ дзармæ куы бацыд, уæ д Аслæ нбег сындæ ггай рудзынджы бын æ рлæ ууыд æ мæ сæ м хъусы.

— Кæ м ма уыдтæ? — фæ хъæ р кодта Саулох рæ гъаугæ сыл.

— Рарвыстой та мæ де ’рдхæ рдтæ: фæ зын, дам, нæ м.

— Ацу æ мæ сын зæ гъ: дард балцы ацыди, дзæ гъæ л æ нхъæ лмæ йæ м ма кæ сут. Ничи кæ сы уыцы хæ рджытæ м! Цæ й фос агурынц мæ нæ й? Ацæ удзынæ н сæ м æ мæ сæ Ассийы хæ хтыл рæ гъаугæ с уацайрæ гтæ н бауромдзынæ н. Уый сын фос! Къæ былатæ! Æ нхъæ лдæ н, сæ дзырддаг кæ имæ у, уый не ’мбарынц!.. Мауал сæ м ацу дæ хæ дæ г дæ р, уадз æ мæ уым дауой.

Аслæ нбег уыцы ныхæ стæ куы фехъуыста, уæ д мæ стæ й афтæ ссыгъд, æ мæ ратонынмæ хъавыди рудзынгæ хгæ нæ н. Хъавыди йæ м бабырсынмæ йæ уатмæ, фæ лæ йæ хи фæ урæ дта, æ виппайды фæ зынд рудзынджы бынæ й æ мæ рараст фæ стæ мæ йе ’мбæ лттæ м.

Мæ хæ мæ т æ м дзуры:

— Æ нхъæ лдæ н, Аслæ нбег, де ’рдхорд нын хорз фысым нæ разынди: мæ лæ ты мæ стыхуыз дæ.

Аслæ нбег цы æ рцыди, уый æ ххæ ст нæ бамбарын кодта, фæ лæ йæ загъта цыбырæ й:

— Сайы нæ не ’рдхорд, æ мбæ хсы йæ хи, æ мæ уæ куыд фæ нды? Сайгæ чи кæ ны æ мæ йæ хи чи ’мбæ хсы, уый зæ рдæ худтæ й тæ рсын нæ хъæ уы.

Ахмæ т загъта:

— Куыд уаид, Аслæ нбег, мæ нæ йын йæ хи рæ гъауыл куы ахъæ р кæ никкам, уæ д? Аруаны былæ й Ирыстонмæ афтидæ й куы фæ цæ уæ м, уæ д цы уыдзыстæ м мах? Хъæ риу ныл куы скæ удзæ н.

— Хæ рзаг Саулох йæ мидбылты ныххудид: сæ рæ гъау сын дзæ бæ х куы бахордтон, зæ гъгæ, — загъта Мæ хæ мæ т. Уыцы ныхæ стæ Аслæ нбеджы ногæ й сцырын кодтой, æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Рæ вдз ут, тæ рæ м рæ гъау нæ фосы сæ рмæ. Æ мæ рамбырд кодтой Саулохы рæ гъау, рахъæ р ыл кодтой сæ разæ й. Иу æ намонд уырс рæ гъауы алыварс зылди бирæ гъау æ мæ йæ нæ уагъта скъæ рын. Аслæ нбег фæ хъæ р кодта:

— Гъæ тт, Дзалайы-фырт Дзæ рæ хмæ т, нæ бахъуаджы бон абон у, — не скаст дæ умæ у.

Дзæ рæ хмæ т йæ бæ хæ й агæ пп ласта, йæ бæ х æ д саргъ бауагъта рæ гъауы астæ умæ, йæ хæ дæ г бæ хты аууæ тты бахъуызыд æ нæ домд уырсмæ, йæ барцмæ йын фæ лæ бурдта æ мæ, цъиусурау, йе рагъыл абадт. Æ нæ домд уырс ныммыр-мыр кодта æ мæ йæ цъыхырыты ахаста иуварс.

Рæ гъау куы феуæ гъд и уырсæ й, уæ д цæ уын байдыдта йе скъæ рджыты разæ й.

Дзæ рæ хмæ т æ нæ домд уырсимæ ставд хъамылы æ мæ губакджынты бирæ фæ тухи кодта. Уырс цас нæ архайдта Дзæ рæ хмæ ты аппарыныл, фæ лæ йын ницы бантысти, — йæ хæ дæ г йæ хи бафæ ллайын кодта æ мæ æ рсабыр ис. Дзæ рæ хмæ т дæ р йæ роддзармæ й дзылар сласта æ мæ йыл æ й бакодта. Ссардта рæ гъауы фæ д æ мæ сурын байдыдта йе ’мбæ лтты.

Схæ ццæ сты, Тилыны быдыры, Хъарадзауты æ дде, Æ хсæ рысæ рмæ. Уым бонасадæ н бакодтой.

Габа сдзырдта:

— Уæ лæ ма уыцы бæ рзонд бæ ласы сæ рæ й исчи акæ сæ д, кæ д искуыцæ й исты зыны, фæ дис, мыййаг.

Хуысинæ акасти бæ ласы сæ рæ й, загъта:

— Никуыцæ й ницы зыны, æ рмæ ст иу барæ г, йæ бæ хы комы тæ ф йæ сæ рмæ мигъы къуымбилау бады, йæ бæ хы сæ фтджыты бынæ й зæ хх халæ ттау тæ хы, афтæ мæ й æ рбахæ стæ г кæ ны махмæ.

Аслæ нбег дзуры:

— Куыд æ й амоныс, афтæ мæ й уый Саулох уыдзæ ни. Сымах скъæ рут, рæ гъау, æ з йæ размæ ныууайон.

Аслæ нбег иу дзæ вгар йæ размæ æ рцыд æ мæ фæ ндаджы фæ зилæ ны иу ран фæ рсырдыгæ й æ рлæ ууыди. Уый æ цæ г разынди Саулох. Куы ’рхæ ццæ, уæ д ын Аслæ нбег салам радта, дзуры йæ м:

— Цæ й тыхстхуызæ й тæ хыс, Саулох? — æ мæ йын фæ хæ цыд йæ бæ хы рохыл. Саулохы бæ х афтæ æ васт фæ лæ ууыди, æ мæ йæ цæ фхæ дтæ цæ хæ р акалдтой хуыртыл.

Цæ хгæ р фæ зылд Аслæ нбеджы ’рдæ м Саулох, мæ стыйæ сдзуры:

— Мæ нгард — дæ салам дæ р, мæ нгард — дæ хæ дæ г дæ р.

— Сабыр, сабыр, бамбарæ м кæ рæ дзийы, — зæ гъы Аслæ нбег.

— Цы ма мын æ мбарын кæ ныс, мæ нгард, удæ гасæ й мæ куы баныгæ дтай, уæ д?

— Мæ нгард уый у, — загъта Аслæ нбег, — æ мæ, хæ дзары бадгæ йæ, уазæ гмæ чи нæ ракæ сы, сайгæ, фæ ливгæ чи фæ кæ ны!

Саулох бамбæ рста Аслæ нбеджы фæ сномыг ныхас æ мæ йын гæ нæ н куы нал уыд, уæ д йæ хи фæ карз кодта æ васт:

— Дуне нын къуындæ г у: йе дзы ды хъуамæ ма уай, йе æ з, — æ мæ йæ гæ рзтæ м бавнæ лдта.

— Уæ дæ фыццаг гæ рах дæ у у, — загъта Аслæ нбег. — Фæ дисон дæ, фæ дисон мæ сты вæ ййы. Цæ в!

Уыцы ныхæ стæ м Саулох æ ргæ рах кодта Аслæ нбеджы. Нæ мыг сæ мбæ лд йæ агъды ставды. Аслæ нбег цъилау ныззылд æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Ард де ’рдыгæ й, Саулох! Фæ кæ с ныр дæ химæ дæ р!

Фæ цыдис гæ рах, æ мæ Саулох асхъиудта йæ бæ хы сæ рты. Æ дзæ ммард фæ цис. Гæ рæ хтæ м уайтагъд æ рызгъордтой Аслæ нбеджы æ мбæ лттæ. Будзи Аслæ нбеджы цæ фæ й куы ауыдта, уæ д ныббогъ кодта æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Йе уæ уу-ууæ й, Аслæ нбег, дзæ гъæ лæ й мæ куы ныууагътай!

— Фидар лæ уу, Будзи, æ нусмæ æ нæ адзал ницы ис.

Æ рæ нкъард сты се ’ппæ т дæ р. Аслæ нбегæ н йæ цæ ф афтæ рысти, æ мæ кæ д йæ хиуыл фидар хæ цыдис, уæ ддæ р йæ хуыз фæ цыд æ мæ гæ зæ мæ зыр-зыр кодта. Уæ д Хуысинæ зæ рдæ авæ рынæ н афтæ зæ гъы:

— Гъæ тт, фидар лæ уу, Аслæ нбег! Дæ фыдæ лтæ -иу стæ гсастæ й хъæ рзгæ нæ кодтой, сау фыды цæ ф та-иу хъæ р нæ кодтой.

Срæ вдз кодтой Аслæ нбегæ н уæ рдон, йæ цæ ф ын бабастой æ мæ рацыдысты Уæ лладжырмæ, ратардтой сæ рæ гъау. Аслæ нбег бады уæ рдоны, хæ ссынц æ м азымтæ:

— Саулохæ н æ гæ р бирæ бартæ радтай, Аслæ нбег. Æ рбахæ ццæ сты Уæ лладжыры комы Бызы бынмæ.

Уыцы рæ стæ джы Бутаты Госга, Бæ тæ йы фырттæ н сæ кæ нгæ мад, рацæ йхаста сабæ ттаг хист кæ нынмæ. Аслæ нбег æ й базыдта дардмæ. Куы схæ стæ г ис Госгамæ, уæ д уæ рдонæ й агæ пп ласта æ мæ йæ м æ нкъардхуызæ й дзуры:

— Цинты цу, мæ зынаргъ мад!

— Цинтæ дыл цæ уæ д, мæ зæ рдæ йы уидаг, ме ’нхъæ лцау лæ ппу, — загъта Госга.

— Нана, кусæ рттагæ й, нозтæ й æ нæ фсарм дæ?

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ Аслæ нбег туман систа йæ дзыппæ й æ мæ йæ радта Госгамæ, истæ мæ н дæ бахъæ удзæ н, зæ гъгæ.

— О, нана дæ фæ хъхъау фæ уа, дæ зæ ронд нанайы дæ хи къухтæ й куы баныгæ нис! — Уыцы ныхæ сты фæ стæ йын загъта фæ ндараст æ мæ йæ хи уæ рдоны ’рдæ м байста Аслæ нбег. Иу гыццыл куы фæ иртæ стысты, уæ д æ васт фæ лæ ууыд йæ мидбынаты æ мæ фæ стæ мæ фæ зылд Госгайы ’рдæ м, дзуры йæ м:

— Уæ, мæ мады зæ ронд, цæ уын дын дард балцы. Зынг зæ гъынæ й ком нæ судзы, къахдзæ фæ й-къахдзæ фмæ дæ р ис фыдбылыз ссарæ н. Мыййаг мыл исты фыдбылыз куы ’рцæ уа: курын дæ, æ мæ мын дæ фæ ллой схæ лар кæ н.

Госга ставд цæ ссыгæ й ныккуыдта æ мæ дзуры:

— Уæ ме ’хсар, уæ ме стыр ныфс, дæ зæ ронд мады уал банытæ н! Цытæ мын дзурыс, цы дæ зæ рдыл æ рæ фтыд, æ нæ ныгæ дæ й мæ куыд уадзыс!?

Уыцы ныхæ сты фæ стæ йæ ныхъхъæ быс кодта кæ угæ йæ:

— Хæ лар дын уæ д, хæ лар, ме ’нæ зæ рдæ худт лæ ппу, мæ фæ ллой, дæ мады ’хсыры хуызæ н.

Араст сты сæ фæ ндæ гтыл. Схæ ццæ сты Уæ лладжырмæ. Æ рбатардтой рæ гъау дæ р. Аслæ нбег дзуры Ахмæ тмæ:

— Ахмæ т, мæ зæ рдæ мæ хиуыл хорз нал дарын æ мæ мæ фысым ивын: мæ мады ’фсымæ р Цæ лойты Тæ тæ рхъанмæ куы ’рфысым кæ нин, уый мæ фæ нды.

Ахмæ т æ м дзуры:

— Абоны онг дын, æ нхъæ лдæ н, бæ ззыдтæ н фысымæ н. Ныр дæ æ цæ г фысым куы хъæ уы, уæ д дын нал бæ ззын?

— Ма йæ райс, Ахмæ т, æ фхæ рдмæ. Рынчын йе ’гъдауæ й слæ мæ гъ вæ ййы. Дæ хæ дзары та уайсадæ г чындзытæ æ мæ хъомыл чызджытæ ис. Мæ хи, куыд æ мбæ лы, афтæ куы нæ фæ разон дарын, уæ д мæ хицæ н зындæ р уыдзæ н, Цæ лойтæ м та — мæ мады ’фсымæ р, мæ хи хотæ, уым мын чысыл парахатдæ р уыдзæ н. Цыма мыл ничердæ м фæ гуырысхо уыдзынæ, афтæ мæ м кæ сы.

Ницуал загъта Ахмæ т дæ р, сразы ис. Аслæ нбеджы æ рæ вæ рдта Цæ лойты Тæ тæ рхъаны хæ дзары. Аслæ нбегмæ алырдыгæ й рынчынфæ рсæ г цыдысты, алы ран ын агуырдтой дæ снытæ. Цæ лойты Тæ тæ рхъаны хæ дзары стыр змæ лд сси.

Уæ лладжыры ком Айдаболы-фырты рæ гъауыл кодтой стыр дис. Уæ лдай диссагдæ р та сæ м касти йе ’нæ домд уырс, Дзалайы-фырт Дзæ рæ хмæ т кæ й æ рцахста, уый. Зæ ронд лæ гтæ -иу загътой, Аслæ нбеджы цур бадгæ йæ:

— Айдаболы-фырты уырс у сыгъдæ г алыпп, йæ кондæ й бæ рæ г у: бирæ гъварс, сæ гъарм, цыбырастæ у, къуыпных, зылдсæ фтæ г, хуыдзаст.

Аслæ нбегæ н йæ хъысмæ ты стъалы кæ ны мынæ г: кæ д ыл алырдыгæ й архайынц дæ снытæ, уæ ддæ р цæ ф йæ кæ нон кæ ны. Уæ д Дзæ рæ хмæ т фæ цыди курæ г Сохиты Асæ хмæ тмæ, æ ппæ ты хъуыстгонддæ р хъæ дгомдзæ бæ хгæ нæ гмæ.

— Асæ хмæ т, дæ сæ р нæ бахъуыди: дæ къух, дам, æ вдадзы хос у. Дæ фæ ллойæ н тæ рхонгæ нæ г дæ хæ дæ г. Нæ къухы цы уа, — ницы дын бакæ ндзыстæ м хæ лæ г. Фæ цæ ф Бæ тæ йы фырт Аслæ нбег, æ мæ дæ курын, хуыцауæ й курæ гау, Асæ хмæ т, ма нын бахæ лæ г кæ н де ’ххуыс.

— Цæ мæ н зæ гъыс, Дзæ рæ хмæ т, — загъта Асæ хмæ т, — махæ н дæ р не уазæ г куы у, мæ бон цы уа, уый йын мæ зæ рдæ бакомдзæ н. Тæ ккæ райсом сæ мбæ лдзынæ н æ з. Изæ р у ныр, фысым дын стæ м дæ хицæ н дæ р.

— Хъæ здыг фысым у, мæ нæ н цæ угæ у, æ нхъæ лмæ дæ м кæ сдзынæ н райсом, — арфæ ракодта Дзæ рæ хмæ т æ мæ раздæ хти.

Асæ хмæ т йæ хæ дзармæ куы бацыд, уæ д райгæ хуызæ й йæ хинымæ р дзуры: «Сызгъæ рин фестай уыцы нæ мыг, Аслæ нбеджы агъд чи ныммур кодта! Кæ д хуыцауы бафæ нда, уæ д уæ лæ мæ нал сыстдзæ ни. Мæ мæ стытæ дзы ссæ удзысты ныр. Кæ ддæ р ме ’фсин йæ фæ дыл сæ рра ис. Адæ м цыдæ ртæ хъус-хъус кодтой».

Куыд ыл сбон и фырцинæ й, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодта Асæ хмæ т. Æ рмæ ст ма йæ тæ рсын кодта иу хъуыддаг: мæ лæ тдзаг цæ ф куы нæ разына.

Аслæ нбеджы алыварс бадтысты йе ’мбæ лттæ, даргъ æ хсæ в цыбыр кодтой æ мбисæ ндтæ й, таурæ гътæ й, кадджытæ й.

Аслæ нбеджы тынгæ й-тынгдæ р тыхсын кæ нын байдыдта йæ цæ ф, йæ хинымæ р тох кодта йемæ. Кæ д йæ цæ сгомы хуыз ивы, уæ ддæ р йæ зонд æ мæ йæ ныхас фидар уыдысты.

Аивгъуыдта æ хсæ в, хур къæ дзæ хтыл анывæ зта йæ тынтæ, банывæ зта сæ Аслæ нбеджы уатмæ дæ р рудзынгæ й, фæ лæ сæ нæ барухс ис йæ зæ рдæ.

Раст уыцы рæ стæ джы æ рбахæ ццæ ис Асæ хмæ т дæ р. Йæ фæ зынд рынчынгæ сты бахъæ лдзæ г кодта, цыма Аслæ нбеджы фервæ зт йæ къухы æ рбахаста, уыйау.

— Æ гæ ссад уай, Аслæ нбег, — сдзуры Асæ хмæ т, — фесæ фæ нт дæ фыдбылызтæ!

— Дæ хорзæ х нæ уæ д, — дзуапп радта Мæ хæ мæ т, — дæ къухæ й сæ фт æ рцæ уæ нт нæ фыдбылызтæ, дзуарæ н кувæ гау дын куыд кувæ м, афтæ.

— Мæ хæ мæ т, куы фениккам цæ ф, уæ д куыд уаид? — дзуры Асæ хмæ т.

— Дæ хорзæ хæ й, дæ хорзæ хæ й, нæ зæ дыхай, — æ мæ халын райдыдта цæ ф.

Асæ хмæ т кæ сы цæ фмæ, цæ стæ нкъардæ й дзуры:

— Агъды стæ г саст у, магъз сау кæ ны, уидæ гтæ сты лыг, фыд æ мбийы. Стыр амонды сæ р æ й хъæ уы, фæ лæ ма йын ис хос: йæ хи басæ й куы бацымид, уæ д ын уый уаид æ вдадзы хосау, æ ндæ р ын ницы хос ис.

Аслæ нбег уый куы фехъуыста, уæ д сдзырдта:

— Дæ салам бирæ уæ д, Асæ хмæ т, фæ лæ ма мæ мæ рдтæ м та къуыхтæ й цæ мæ н æ рвитыс?

— Аслæ нбег, — зæ гъы Будзи, — кæ д æ мæ дæ уды фервæ зынæ н дæ хи бас æ вдадзы хос у, уæ д æ й дæ цæ ст дæ хицæ н бауарзæ д.

— Нæ, Будзи, мауал мæ дом уымæ й, ницы дзы рауайдзæ н. Мæ хи фыдæ й мын бас куыд цымын кæ ныс?

— Асæ хмæ т дæ сны у æ мæ цы зæ гъы, уый кæ нинаг у.

Аслæ нбег цасдæ р асагъæ с кодта, стæ й загъта:

— Кæ д уæ афтæ фæ нды, Будзи æ мæ ме ’мгæ рттæ, уæ д уын уæ зæ рдæ худт нæ исын. Æ ри-ма уæ лæ мæ хъамайы бынæ й мæ кард.

Радтой йæ м кард, кардæ й йæ зæ нджы хæ цъæ ф, кæ саджы хуызæ н, æ рлыг кодта.

— Гъа, ме ’мгæ рттæ! Мыййаг афтæ куы зæ гъат искуы, нæ дзырдæ н нын не саргъ кодта. Хос дзы кæ нут, хист дзы кæ нут — уæ бар уæ хи, — æ мæ сæ м ралæ вæ рдта йæ зæ нджы фыд.

Асæ хмæ т касти лæ мбынæ г, йæ хинæ йдзаг чысыл цæ стытæ æ рттывтой цин æ мæ райæ нхуызæ й. Афтæ дзуры йæ зæ рдæ: «Кæ д искуы тагъд-тагъд цыдтæ уыцы къахыл ме ’фсинимæ фембæ лыны тыххæ й — нал ыл слæ удзынæ ныр... »

Æ фсымæ ртæ н кæ д цыфæ нды зын уыди, уæ ддæ р хæ цъæ ф авæ рдтой дурын къусы, афыхтой æ мæ йæ бахастой Аслæ нбегмæ.

Асæ хмæ т йæ чысыл уырыдзæ стытæ ныццавта басмæ æ мæ дзуры:

— Æ риут-ма йæ ардæ м, тæ вд ма уæ д, мæ хæ дæ г æ й фенон раздæ р, — æ мæ басæ й схуыпп кодта, стæ й сабыргай райæ нхуызæ й дзуры Аслæ нбеджы хъусы:

— Аслæ нбег, хъуыды ма кæ ныс, Тъæ рæ сы рæ гъау куы ратардтат, уæ д мын мæ сыгъдæ г дзуарæ н нывонд гал нафы куывдæ н куы аргæ встат, уый? — Æ мæ йæ хи мидæ г схуды. — Ныр дæ йæ азар хорз басыгъта. Хи-хи-хи. Аслæ нбег фесхъиудта йæ бынаты:

— Гъæ тт, мæ гуыр уа дæ бон, цæ й тæ ригъæ ддаг дæ, лæ джы ном дын куыд æ вгъау у, уыйбæ рц марг ныхæ стæ йæ зæ рдæ йы чи фембырд кодта!

Уыцы ныхæ стæ Будзи куы фехъуыста, уæ д къулыл Аслæ нбеджы кардмæ фæ лæ бурдта, Асæ хмæ ты хъавы уымæ й дыууæ фæ кæ нынмæ, фæ лæ йыл Аслæ нбег хуыссæ нæ й йæ хи баппæ рста, цыма дзы æ ппындæ р ницы рысти, уыйау.

— Мæ н дзы амар, Будзи, фæ лтау. Карды фарн стыр у, кард ахæ мты тыххæ й нæ у. Уый куыдз у, куыдзæ н та лæ дзæ г у йæ аккаг.

Æ мæ йын Дзæ рæ хмæ т йе ’хсæ рфарс нырриуыгъта тымбыл къухæ й, иннæ тæ Будзийыл ныххæ цыдысты.

— Тагъд æ й ахъуытты кæ нут ардыгæ й, кæ ннод æ й марын!

Ехсæ й тугæ рхæ мттæ скодтой Асæ хмæ ты æ мæ йæ фыдæ лгъыстытæ кæ нгæ радде кодтой Тæ тæ рхъаны хæ дзарæ й.

Бонтæ цыдысты. Аслæ нбеджы низ тарфæ й-тарфдæ р кодта. Иу бон рабадти йæ хуыссæ ны, дзуры:

— Мæ хæ лæ рттæ, мæ лымæ нтæ, ме ’фсымæ ртæ! Удхæ ссæ г мæ м æ рфистæ г кодта йæ хи. Уыимæ гæ рзтæ й хæ цæ н нæ й, фæ лæ ма, Будзи, æ ри уæ лæ мæ хъисфæ ндыр.

Будзи йæ м æ й авæ рдта æ мæ загъта:

— Гъе, уый дын цæ уы мæ зæ рдæ мæ, ды та мын дæ хи мæ рдтæ м цæ уæ г скодтай.

Аслæ нбег йæ хъисфæ ндырыл фæ лмæ н æ руагъта йе ’рдын. Фæ ндыры тæ нтæ ныррызтысты æ мæ дзы цыма æ ппындæ р ницы риссы, уыйау æ нæ низхуызæ й фæ ндырæ н бахъырныдта æ мæ базарыд:

— Аруаны дон мын церечы хъæ бысы. Гъæ йтт, гъæ йтт, Будзи, Хамбечер нын куы баззадис хъуынджын хъус Тъæ рæ сы хъæ бысы.

Бирæ нæ фæ зарыд Аслæ нбег. Фæ стагмæ йæ хъæ лæ с сабырдæ р кодта, йæ фæ ндыры цагъд — сындæ гдæ р, уæ ззаудæ р. Фæ стаг хатт ма хъисфæ ндыры тæ нтæ, хъарæ ггæ нæ гау ныррызтысты, стæ й фæ ндыр йæ къухтæ й æ рхаудта æ мæ йæ уаты йæ хи ауагъта. Ахицæ н ис.

Бирæ цæ ссыг ыл фæ калдтой адæ м. Се ’ппæ тæ й фылдæ р та йæ кæ нгæ мад Госга. Уый хъарæ гæ й хæ хтæ сæ бындзарæ й рызтысты. Будзийы та æ ппын нал фæ рæ зтой уромын. Адæ м афтæ бирæ уыдысты, æ мæ уæ ларвæ й æ хсидав куы ’рхаудаид, уæ д зæ хмæ не ’рхæ ццæ уыдаид. Уыдоны æ рдиагмæ арв дæ р ныннæ рыди æ мæ райдыдта ставд æ ртæ хтæ й уарын.

***

Бæ тæ йы фырт Аслæ нбегæ н йæ амарды фæ стæ адæ м скодтой стыр кад. Йе ’мгæ рттæ йын цырт ныссагътой.

Цырты уæ лхъус ныккодтой Аслæ нбеджы кады зарæ г. Зарæ г айхъуыст æ ппæ т Ирыстоныл дæ р æ мæ арф бахызт æ фхæ рд, ссæ ст адæ мы зæ рдæ мæ.

Рæ стæ г цыдис æ мæ Бæ тæ йы галуаны бындзарæ й ныууыгъта, йæ фидар тарвæ зтæ йын, стыр дымгæ йау, иу иннæ йыл афæ лдæ хта. Бæ тæ йы галуаны уæ з æ рæ нцади фæ стаг цæ джындзыл. Уыцы цæ джындз уыди Будзи.

Цы у цард? Цæ мæ н у рæ сугъд? Цы дзы агура, цæ мæ хъуамæ тырна адæ ймаг? Цæ мæ н у цагъар, фидиссаг? Ахæ м хъуыдытæ æ взæ рыдысты Будзийы сæ ры, стыр уад денджызы æ хсидгæ уылæ нтæ куыд хæ сса, афтæ, æ мæ бæ лвырд цæ уыл æ рæ нцайдзысты, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зыдта. Уæ ззау сагъæ стæ судзгæ æ хсидæ втæ й калдысты йæ риумæ æ мæ дзы ссыгътой пиллон арт. Фæ ндыди йæ, куы сæ фæ хицæ н уыдаид, уый, фæ лæ йын цыма уыдон дæ р фыддæ радæ н кодтой, уыйау-иу æ нгомдæ рæ й æ ртыхстысты йæ алыварс.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.