Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæтæйы фырттæ 9 страница



— Агъæ ца, не ’фсин! Чи уыди уыцы сылгоймаг, загътай?

— Фидараты Бибойы чызг, зæ гъгæ, дын куы загътон! — фæ стæ мæ фæ зилгæ йæ йын дзуапп радта зæ ронд ус.

— Бибойы чызг, зæ гъыс? Æ мæ дын цы дзырдта уа диссагæ н? — баздæ хт усмæ.

— Æ хсызгон хабæ рттæ, нæ лæ г.

— Гъы, гъы?

— Далæ Джериханаты лæ ппуйы рынчыны хабар куы зыдтай, æ нхъæ лдæ н: йæ зæ рдæ йæ цалдæ р азы хуыссæ нæ й куы нæ сыстад. Гуыргæ дæ р, дам, зæ рдæ хæ лдæ й ракодта.

— О, мæ гуыр, о. Йæ куывды дæ р уыдтæ н. Цынæ дæ сныйы йын бафарстой, ахæ м куынæ уал баззад, — йæ сæ р батилы дада.

— Дохтыртæ м дæ р æ й бирæ куы фæ ралас-балас кодтой. Фæ лæ йын хос никæ й къухы уыди...

— Æ мæ ныр тыхстдæ р у, зæ гъыс? — фæ тæ рсæ гау кæ ны зæ ронд лæ г.

— Нæ у, нæ у. Бауадз-ма мæ дзурын. Диссæ гтæ, зæ гъгæ, дын куы зæ гъын: сдзæ бæ х ис! Знон, дам, Мæ скуыйæ йæ хæ дæ г ссыди. Сахъ лæ ппуйау цæ уы йæ къахыл.

— Гъы, дæ хорзæ хæ й, куыд æ гъдауæ й, цымæ?

— Куыд æ гъдауæ й, куы зæ гъай, уæ д ын Мæ скуыйы рынчындоны операцæ скодтой йæ зæ рдæ йæ н: цыдæ ртæ, дам, дзы ралыг кодтой, цыдæ тæ йæ м бафтыдтой...

— Ха-ха! Худæ гæ й куы марыс, не ’фсин: искуыма зæ рдæ мæ ныхилæ н ис! — бакæ л-кæ л кодта зæ ронд лæ г.

— Ойс, нæ лæ г! Дæ уæ н фæ нды исты дзур, фæ нды ма... Æ ниу цæ стмæ бавналæ н ис? Фæ лæ ацы совецкæ й власты диссаг ницуал у: дæ хæ дæ г куы зоныс дæ лæ нæ хи Дзыллæ йы мой Абысалы. Уый дыууадæ с азы куырмæ й нæ фæ цард? Ныр æ з æ мæ дæ уæ й цæ стджындæ р у, — дохтыртæ йын йæ цæ стытæ н операцæ скодтой æ мæ та йын дунейы рухс фенын кодтой... А Джериханты лæ ппуйæ н, дам, йæ зæ рдæ ныллæ ууын кодтой æ мæ йын дыууæ сахаты йæ туг змæ лын кодтой машинæ -зæ рдæ йæ...

— О, Абысалы хабар зонын... Фæ лæ уанцон машинæ -зæ рдæ нæ у! Хуыцауы диссæ гтæ, табу йæ хицæ н!.. — йæ сæ р ныттылдта зæ ронд лæ г. — Уæ вгæ, дæ загъдау, диссаг дæ р ницыуал у ныртæ ккæ.

— Æ мæ Джериханты лæ ппуйы зæ рдæ йæ н операцæ чи скодта, уый зоныс? Иу ирон ус. Стыр дохтыр, дам, у. Йæ ном Тутырдзан. Лæ ппу рынчындонæ й куы рацыд, уæ д, дам, сæ м иу къуыри фæ царди сæ химæ.

— Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу! Тутырдзан хуыйны, загътай? Æ мæ кæ цон Тутырдзан у, уый дын нæ загъта? — дисгæ нгæ афарста зæ ронд лæ г.

— Иугыццыл багъæ ц, уыдæ ттæ дын куы дзурын.

— Хорз, хорз, дзур, дæ хорзæ хæ й, — æ нæ быхсон змæ лд бакæ ны дада.

— Ардыгон, дам, йæ хи хуыдта, уæ ртæ Хабæ ты хæ рæ фырт...

Зæ ронд лæ г иттæ г цымыдисæ й фæ хъуыста усмæ æ мæ базыдта ахæ м бæ лвырддзинад.

 

 

Раджы кæ ддæ р, æ нусы райдайæ ны, Хабæ ты Сафирæ тыл скодта уæ ззау бонтæ. Йæ уынгæ джы царды сау бонтæ йыл сæ дæ рзæ г хæ дон скодтой, сæ сау базыртæ й йын йæ арвы хай сæ хгæ дтой, йæ фæ ндæ гтыл ын уызыны цъарæ й конд гауызтæ байтыдтой. Фæ лæ цардбæ ллон Сафирæ т утæ ппæ т зындзинæ дтæ н сæ ттын нæ бакуымдта: уый сыстад æ нæ раст царды ныхмæ, йæ уынгæ джы сау бонты рохтæ атыдта æ мæ, йæ æ нахъом сидзæ р сывæ ллон йæ хъæ бысы, афтæ мæ й араст и цардагур. Ныфтыди Мæ здæ гмæ. Уым скъолайы ныллæ ууыд æ фснайæ гæ й. Йæ зыны сахат æ м сæ цæ ст дардтой скъолайы зæ рдæ хæ лар ахуыргæ нджытæ. Афтæ мæ й Сафирæ т хъомыл кодта йæ сидзæ р чызг Тутырдзаны. Саби куы байрæ зти, уæ д æ й радта скъоламæ.

Цыдысты азтæ. Ныззылди зæ ронд царды бындур. Æ рцыди Октябры революци, райдыдта сæ рибары дуг. Чызг схъомыл ис, каст фæ ци скъола. Мой скодта йæ ахуыргæ нджытæ й иуы лæ ппумæ, æ мæ дыууæ йæ дæ р дарддæ р ахуыр кæ нынмæ ацыдысты Мæ скуымæ. Сæ дыууæ дæ р дохтыртæ сысты — лæ г сывæ ллæ тты дохтыр, ус та хирург. Цæ ргæ баззадысты Мæ скуыйы. Уырдæ м акодтой Сафирæ ты дæ р.

Тутырдзан сси æ мбисонды дохтыр — зæ рдæ йы дæ сны. Йæ кой дæ рдтыл айхъуысти. Сæ хи дзæ бæ х кæ нынмæ йæ м цæ уынц суанг нæ бæ стæ йы алы кæ рæ ттæ й...

 

 

Ус йæ фехъусæ ггаг таурæ гъ раджы фæ ци конд, фæ лæ зæ ронд лæ г йæ сæ р нал æ мæ нал исы хæ рдмæ.

— Фынæ й бадæ, сæ рæ й? — афæ рсы йæ ус.

— Нæ, — æ васт йæ хиуыл схæ цыд дада, æ рчъицæ гау, — фынæ й хъæ лæ кк нæ дæ н! — зæ гъгæ, фæ кæ ны æ мæ ныттилы йæ сæ р: — Хуыцауы диссæ гтæ, усай, хуыцауы диссæ гтæ! Уæ дæ куыд ивгæ цæ уы цард адæ ймаджы цæ стыты раз! Уæ сызгъæ рин фестай, рæ стæ г! — æ мæ та йæ йæ хъуыдытæ ахастой дард кæ дæ мдæ р.

Ус æ м бакæ сы дисхуызæ й.

— О, усай, о. Диссæ гтæ. — Æ мæ та фæ хъус вæ ййы зæ ронд лæ г. Йæ цæ сгомыл ахъазы цыдæ р уæ ззау хъуыдыты фæ лм, арф фæ лм, арф ныуулæ фы æ мæ сдзуры: — Сызгъæ рин феста уæ ддæ р нæ абоны ног дуг, мах нæ удхар хъæ ддаг æ гъдæ утты æ фсондзæ й чи фервæ зын кодта!

— Цыбырдæ р-ма кæ н, цы зæ гъынмæ хъавыс, уый, — нал æ м фæ лæ ууыд ус.

— Не ’фсин, æ з кæ уыл хъуыды кæ нын ныртæ ккæ, уый тынг даргъ таурæ гъ у, ды цæ рай. Кæ д дæ фæ нды, уæ д мæ м байхъус; ды мын ныртæ ккæ цы хабар ракодтай, гъеуымæ н мæ таурæ гъ та йæ райдайæ н у. Хабæ ты Сафирæ ты хабар искуы æ рыхъуыстай?

— Кæ ддæ р мын æ й радзуринаг бæ ргæ уыдтæ, — хабармæ байхъусынмæ сцыбæ л ис зæ ронд лæ джы æ фсин.

Лæ г та исдугмæ ныхъхъус æ мæ ныджджих ис зæ хмæ. Йæ цæ сгомы æ вæ рдыл бæ рæ г уыдис, цæ стытыл кæ й уадысты царды стыр фыднывтæ. Уыцы сагъæ стæ йын цыма йæ сæ рæ н уæ з кæ нын байдыдтой, уыйау тыргъы фарсмæ йæ хи сабыргай æ руагъта йæ дурын бандоныл. Йæ сæ ры фæ зынд тынг бирæ алыхуызон хъуыдытæ, кæ цытæ æ нæ рынцойæ ивтой кæ рæ дзийы. Сæ иуæ й иннæ карздæ р, афтæ мæ й уадау згъордтой сæ ры зонды. Афтæ стыхст йæ хи мидæ г, æ мæ адæ ргæ й фелвæ ста йæ лулæ, æ рхоста йæ йæ сагойы хъæ дыл, æ ркодта дзы тамако æ мæ фæ хъæ р кодта.

— Не ’фсин! Рахæ сс-ма мын зынг!

Ус азгъордта æ мæ йын уайтагъд зынг æ рбахаста.

— Уый уыдис мæ рæ стæ джы, — райдайы йæ таурæ гъ дада. — Абоны хуызæ н ма лæ ууынц мæ зæ рдыл. Адæ ймаг куы ахъуыды кæ ны æ мæ куы анымайы азтæ, бонтæ, уæ д йæ сæ рыхъуын хæ рдмæ сысты æ мæ фæ зæ гъы: «Гъей, незаман! Кæ д æ мæ кæ д уыди уый! » Фæ лæ кæ с, æ мæ цыма знон уыдис, уыйау. О, йæ бындур ныззила рæ стæ гæ н, кæ д Саккаты хæ йрæ гæ й тагъддæ р тæ хы, уæ д!.. — Лæ г йæ лулæ сдымдта, фæ лæ дзы фæ здæ г не ссыд. — Зынг мын. Не схæ цыд мæ тамако, — загъта зæ ронд лæ г. Ус та рахаста зынг, йæ лулæ йы йын æ й цæ вæ рдта æ мæ сбустæ кодта:

— Ацы тамако æ мæ ды! Дæ хъæ быс дзы фæ ныкæ й фесафыс, дæ хи дзы басудзыс. Уый куы ныууадзис, æ мæ мæ куы ницы уаид зæ ххыл!

— Гъæ й, дæ бон мын дæ хи фæ ндиаг æ рбауа, не ’фсин! Уымæ й ма мæ хи куы арæ вдауын, — бахудæ гау кодта зæ ронд лæ г. Йæ лулæ куы арæ вдз æ мæ иукъорд тæ ппы куы скодта, уæ д чысыл хъуыдыхуызæ й, цыма йæ ныхасмæ фæ стæ мæ æ рбазилынмæ хъавы, уыйау сдзырдта:

— Уæ дæ, уæ дæ, царды тæ рхæ ттæ н чи цы базондзæ н. Абоны хуызæ н ма мæ зæ рдыл лæ ууынц, не ’фсин! Ныртæ ккæ дæ р ма æ гас у уæ ртæ Фидараты Уане. Стæ й канд Уане нæ уыди, фæ лæ дзы бирæ тæ й уыдыстæ м. Зæ гъæ м: Къаболаты Бабо, абон дæ р ма уæ ртæ Гулийы цæ ры, Гуыриаты Гацыр, цардæ гас, Барзыхъæ уы цæ ры, Хабæ ты Гамбол, Дæ ллагхъæ уккаг, Гæ буты Асæ ге, ныртæ ккæ дæ р ма Дзæ уджыхъæ уы цæ ры, æ мæ бирæ æ ндæ ртæ. Æ ниу дзы Хъулаты Созырыхъо нæ уыд кæ стæ ртимæ. Æ мæ сæ лæ г кæ д фæ уыдзæ н нымад? Сафирæ т чи уыд, уый зоныс? Уый, мæ нæ дын ацы диссæ гтæ чи дзырдта, уый фыд Бибойы хæ рз хо уыд. Фæ лæ уый тыххæ й фæ стæ дæ р... Де ’дде, хуыцау дын хорз ракæ на, уæ д Сафирæ т куырд уыдис Дзылатæ н. Уый размæ та чызгæ н йæ хи æ мæ йе ’фсымæ р Бибойы фæ ндæ й Фидараты Æ хсаримæ бафидыдтой. Фидаратæ сæ сæ рмæ нал æ рхастой ахæ м хъуыддаг, æ мæ йæ Æ хсар куырдуатæ й раскъæ фта. Уый фæ стæ бирæ æ намонддзинæ дтæ æ рцыдис. Суанг дзы иу фондзæ й мæ рдтæ дæ р фесты. Ехх, не ’фсин, уый диссаг уыд, диссаг! Фæ лæ уæ дæ й нырмæ дуг ивы дуджы, алы дуг дæ р йæ фæ д уадзы. Иу дуг иннæ дуджы тæ рхæ ттыл нæ разы кæ ны æ мæ сæ ивгæ цæ уы. Цард хæ ссы тæ рхон, рæ стæ г æ й кæ ны æ ххæ ст. Цард у, не ’фсин, тымбыл цæ г, кæ м райдайы æ мæ кæ м ныллæ ууы — иу бæ рæ г ын нæ й. Нæ й йæ м тæ ригъæ д, нæ тæ рсы зæ рдæ худтæ й, дары йæ фæ ндаг. Чи йын ары, чи, йæ кæ рон! — Зæ ронд лæ г уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ йæ лулæ йæ дзыхмæ схаста. Бæ рæ г уыдис, йæ цæ сгомыл йæ сагъæ стæ кæ й фæ тынгдæ р сты, уый. — О, ме сфæ лдисæ г! Цытæ кæ ныс ды, æ рдз! Цæ й æ нахуыр царды нывтæ уафгæ цæ уыс ды, хъысмæ т! Адæ мæ й чи хъæ здыгæ й тъæ ппытæ хауы, чи та дзы мæ гуырæ й сæ фтмæ цæ уы. Иннæ та дзы фыднизимæ тухи кæ ны...

Уыцы ныхæ стæ кæ нгæ йæ, цæ сгом бынтон ныссагъæ схуыз вæ ййы. Бæ рæ г у, йæ цæ стытыл бирæ уæ ззау цаутæ кæ й уайы, уый.

— О, зæ ронд, сæ нттæ цæ гъдын райдыдтай. Хабæ тæ æ мæ Фидаратæ й райдыдтай, æ мæ уыдон ферох сты, фæ лæ царды стыр цаутæ æ взарыныл ныллæ ууыдтæ. Иу ныхасæ й, дæ хицæ й Санаты Сем аразыс.

Уыцы ныхæ стæ й дада йæ хæ дæ г дæ р фефсæ рмы æ мæ загъта:

— Раст зæ гъыс, не ’фсин, æ цæ г цæ гъдын сæ нттæ, уыйеддæ мæ цард у стыр абухгæ денджыз. Нæ дæ р ын бын ис, нæ дæ р къардиу. Æ мæ царды хъуыддæ гтæ æ взарыныл цы сдæ н, кæ й зонд сыл аххæ сдзæ н? Здæ хын фæ стæ мæ мæ ныхасмæ, не ’фсин. Уыцы хъуыддаг æ рцыдис Куырттаты комы. Мæ зæ рды дын æ й ис тынг лæ мбынæ гæ й радзурын, куыд райдыдта æ мæ цæ уыл ахицæ н, уый. Абон дæ р ма йæ тугвæ д нæ хус кæ ны. Уæ ззау цаутæ уыдысты уыдон. Фæ лæ цард æ мæ рæ стæ гæ н та диссаг цы ис? Хуыцау мæ гæ ды ма фæ кæ нæ д, фæ лæ ацы æ намонд хъуыддаг райдыдта фысæ лвынæ н фыдуанийы стыр цыппæ рæ мы... — Æ мæ зæ ронд лæ г бæ лвырд радзырдта йæ таурæ гъ...

 

 

Бæ рзонд хæ хты æ хсæ н, арф комы тъæ пæ нтæ æ мæ къултыл æ нкъардæ й æ рæ нцад Дæ ллагхъæ у. Къаннæ г хæ ххон хæ дзæ рттæ, чъылдымыздæ хтæ й, тæ ргайхуызæ й кæ рæ дзимæ дæ рддзæ ф лæ ууынц. Хохы цæ гатфахсыл къутæ ртæ мæ гуырхуызæ й комы ’рдæ м кæ сынц. Хохы хуссар фарсыл, куырæ ты æ мпъузæ нтау, дардмæ зынынц хуымгонд зæ ххы гæ бæ зтæ. Уыдоны сæ рмæ, суанг къæ дзæ хты цъуппытæ м хæ стæ г, сæ хи айтыгътой уыгæ рдæ нтæ. Чысыл хосы мæ къуылтæ мæ хъитыл амадæ й, мæ лдзыджыты губаччытау, лæ ууынц фахсыл. Хъæ уы иувæ рсты, комы, хъуына дуртыл йæ хи хойгæ æ мæ фынк калгæ, мæ стыхуызæ й уайы дон. Былмæ хæ стæ г, цыма йыл хъæ у хъоды бакодта, уыйау, фыдæ лтыккон галуан æ нкъардæ й баззад. Уый у Хабæ ты галуан. Ацы ран абон Хабæ тæ тæ рхон кæ нынц сæ чызг Сафирæ ты хъысмæ тыл. Кæ рты алыварс ис дурæ й амад бæ рзонд быру. Ныллæ г тыргътæ сты бур сыджытæ й рæ сугъд сæ рст. Стыр зæ хбын хæ дзары рæ бынæ й, иу къулæ й иннæ мæ чи æ ххæ ссы, ахæ м даргъ бандон. Уымæ н йæ ауадзæ ныл — алыхуызон рæ сугъд нывæ фтыдтæ. Бандоны фарсмæ фыдæ лтыккон фынг, йæ къæ хтæ зырнæ й рæ сугъд тымбыл зылд. Фынджы уæ лхъус бадынц къорд зæ ронд лæ джы. Цалдæ р кæ стæ ры иуварс лæ ууынц æ мæ сæ хи мидæ г ныхас кæ нынц, цыма цæ уылдæ р разы не сты, уыйау. Хæ дзары чысыл рудзгуытæ й æ ддæ мæ хъуысы хистæ рты быцæ у ныхас. Сылгоймæ гтæ й чи артимæ архайы, чи арынгимæ, чи та сугтæ скъæ фы. Хæ дзары фарсмæ чысыл уаты рудзынджы раз иунæ гæ й бады бæ рзондгомау саулагъз, хæ рзконд чызг. Уый уыди Сафирæ т.

Хæ дзары дуар фегом æ мæ дзы райхъуыст нæ лгоймаджы æ над хъæ р:

— Мæ хо у, æ мæ йæ æ з Дзылатæ н дæ ттын!

Уый уыди Сафирæ ты æ фсымæ р Буцæ, мызыхъхъарæ зт лæ ппу. Йæ ныллæ г ных æ мæ йæ чысыл цъæ х цæ стытæ, йæ даргъ фындз æ мæ тæ нæ г æ фсæ ртæ æ вдисæ н уыдысты йæ фыд-зæ рдæ йæ н.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, Сафирæ тæ н йæ даргъ цæ стыхауты æ хсæ нты, фæ лурс уадултыл, зынджы стъæ лфæ нтау, йæ цæ ссыгтæ згъорынц. Сау хъуымбыл дзыккутæ дæ ргъæ й-дæ ргъмæ сæ хи æ руагътой суанг фадхъултæ м, йæ галиу къухы æ нгуылдзтæ й иуыл æ рттывтытæ калдта сызгъæ рин къухдарæ н. Рудзынгæ й зынди: комы рæ бын, доны сæ рмæ, тар ингæ нау, сау мигъ бæ зджынæ й æ рбадт. Уый Сафирæ тмæ афтæ кæ сы, цыма йын йæ зæ рдæ йы уавæ р ноджыдæ р йæ цæ стытыл уайын кæ ны. Чызджы рустыл цæ ссыг тынгдæ р уайын райдыдта. Йе ’рыскъæ фхуыз былтæ кæ рæ дзийæ фæ хицæ н сты æ мæ дзыхыдзагæ й ныббогъ-богъ кодта:

— Уæ, дæ лæ мæ æ рхауай сылгоймаджы раттæ г хуыцау! Фосæ й уæ лдай йын царды куы ницы бар ис, уæ д æ й зæ ххыл цæ мæ н дарыс? Уæ, нæ талынг хъысмæ т, дæ митæ иууылдæ р сты сылгоймаджы ныхмæ. Уæ, мæ амондхор æ фсымæ р Буцæ! Стонг бирæ гъау куы сагъуыдтæ дæ мадызæ нæ гыл. Цæ й дурзæ рдæ йы хицау дæ! Дæ хистæ р æ фсымæ р Бибойы ныхас дæ р куы ницæ мæ уал дарыс...

***

Фынг йæ куыст кодта: хистæ ртæ æ нæ бæ рæ г уавæ ры кæ рæ дзимæ лæ вæ рдтой нуазæ нтæ æ мæ куывтой чызджы амондæ н.

Фынджы бæ рæ четтæ н ныккæ нæ н дæ р нæ уыд, фæ лæ хъæ лдзæ гдзинад æ мæ рухсдзинад не ’вдыста. Фысымтæ æ мæ уазджыты æ хсæ н бирæ радзур-бадзур цыди, уымæ н æ мæ сæ ныхас кæ рæ дзиуыл нæ бадти. Кæ д æ мæ Буцæ карзæ й дзырдта, æ з мæ хойы Дзылатæ н дæ ттын, зæ гъгæ, уæ ддæ р хъуыддаг кодта къуылымпытæ. Фæ сивæ ды æ хсæ нæ й хъуыст ахæ м койтæ, цыма чызг разы нæ у, цыма Фидаратимæ фидыд у. Фæ лæ уазджыты хистæ ртæ домдтой дзуапп:

— Махæ н не ’рбацыдæ н æ гъдау куы нæ уа, уæ д ам хæ рд æ мæ нозты фæ дыл не стæ м. Хъуамæ нын дзуапп уа иуæ рдыгæ й дæ р æ мæ иннæ рдыгæ й дæ р. Хабæ тæ, Дзылатæ уæ сæ хицæ н агурынц ахсджиаг хæ стæ гæ н. Ам тыхæ й, нæ фæ ндондзинадæ й, æ хсарæ й нæ у хъуыддаг. Хъуамæ нæ хъуыддаг райгæ йæ бакæ нæ м. Афтæ куы нæ уа, уæ д хайыр нæ уыдзæ н хъуыддаг.

Уыцы ныхæ стæ кодта уазджыты хистæ р.

— Раст зæ гъы нæ хистæ р. Кæ д æ мæ мыггаджы ’рдыгæ й нæ фæ ндондзинад ис, уæ д мах афтид чызг нæ хъæ уы. Мах хæ стæ гдзинад кæ нæ м Хабæ тимæ, æ мæ хъуамæ уым уа æ фсымæ рдзинад, уарзондзинад. Ныббарут мын æ й, æ гæ р уæ м кæ й бауæ ндыдтæ н, хистæ ртæ, уый, — дзырдта Дзылатæ н сæ кæ стæ рты хистæ р Созырыхъо.

Уыцы ныхæ стæ м фынгыл бадджытæ куыддæ р фæ джих сты, æ мæ Буцæ тарæ рфыгæ й мыггаджы ’рдæ м фæ зылди æ мæ бустæ хуызæ й загъта:

— Кæ й цы хъуыддаг ис? Чызг дæ р мæ хо куы у æ мæ хæ дзар дæ р мæ н куы у.

Мыггагæ н лæ ппуйы уайдзæ ф фæ хъыг:

— Уæ дæ кæ д чызг дæ р дæ хо у æ мæ хæ дзар дæ р дæ у у, уæ д ма мах та ам цы стæ м? Цы нæ æ рæ мбырд кодтай?

Уалынмæ къæ сæ рæ й æ рбахызт бæ рзондгомау, сæ гъбоцъо лæ г. Уый уыди Сафирæ ты мадыфсымæ р Æ зо. Уымæ н йе ’рбакъахдзæ ф æ мæ йæ хъæ р сиу сты:

— Уæ уу, мæ нæ мæ хæ рæ фырты хæ дзар кувæ ндон сси! Ай зæ дты астæ умæ куы æ рбахаудтæ н! Кæ с-ма, уæ ртæ Гулийы зæ д. Буц хистæ р Гацыр дæ р ам куы бады! Уæ уу, мæ нæ Куырттаты зæ ронд Æ фсати Уане дæ р ам ис! Кæ с-ма, Брытъиаты карз Уацилла Тæ тæ рхъанмæ дæ р! Табу, табу уæ хицæ н, æ ндæ р уын цы зæ гъон!

Стæ й Æ зо Созырыхъойы ’рдæ м фæ зилы:

— Уæ, мæ хур акæ най, мæ нæ нæ сызгъæ рин тала Созырыхъо! Рауай-ма, мæ хъæ бысы дæ ныккæ нон.

Æ зо йæ цинтæ куы ахицæ н кодта, уæ д цыма хабарæ н æ ппындæ р ницы æ мбæ рста, уыйау сдзырдта:

— Аипп ма уæ д, хистæ ртæ, фæ лæ цыма ам исты хъуыддаджы фæ дыл стут, афтæ мæ м кæ сы... Фæ рсæ г сонт у. Уæ дæ уæ цуры дунейы бæ рæ чет куы ис æ мæ сæ м æ вналгæ дæ р куы нæ кæ нут. Куыд æ мбарын, афтæ мæ й уæ бадт цыдæ р уазалхуыз у.

— Æ зо, мæ хуры чысыл, дзæ гъæ лкъах хистæ ртыл нæ ма банымай. Гуыбыны фæ дыл чи цæ уы, уыдонæ й дæ р не стæ м. Ды фæ рсыс, цавæ р хъуыддаджы тыххæ й æ рбауадыстут, зæ гъгæ. Æ мæ мах ам стыр хъуыддаджы фæ дыл стæ м. Дзылаты фæ нды, Хабæ тимæ хæ стæ гдзинад куы бакæ никкой, уый. Курынц дын дæ хæ рæ фырт Сафирæ ты. Ныр дæ умæ дæ р хъусæ м, Æ зо.

— Уæ, куыд уын амардтæ н, куыд! Чызг йеддæ мæ ма истæ уыл дзурут? Уе ’рбацыды аргъ куы нæ у, æ з æ й кусарты бæ сты нывонд куы скæ ндзынæ н. — Æ зо Хабæ ты ’рдæ м фæ зылди æ мæ сæ м тызмæ гæ й сдзырдта: — Цы хабар у ай, Хабæ тæ? Дзуапп фыдæ лтæ й баззади. Уынут, уæ ле чи бады, уыдоны? Стыр туджы тæ рхон чи лыг кæ ны, уыдон куы сты. Стæ -ма, æ з мæ хойы фенон.

Æ зо фæ мæ сты, йæ хомæ хибар уатмæ бацыди æ мæ йæ м бустæ хуызæ й бадзырдта:

— Цытæ кæ ныс уый, мæ хо? Мæ хæ рæ фырт йæ амонд йæ къахы фындзæ й æ ппары?

— Нæ зонын, дæ рын бахæ рон... Йæ хи хурхытæ кæ ны, коммæ нæ кæ сы... Ууыл ныллæ ууыд: «Йе мæ хи амардзынæ н, йе комгæ нæ бакæ ндзынæ н! » Хæ рæ гыл саргъ нæ фидауы. Зæ й куы сты, зæ й, Дзылатæ! Сæ алыварс иууылдæ р сой æ мæ бæ ркад куы у. Æ ппæ т ком дæ р ма уыдоны мулк æ мæ фосмæ куы хæ лæ г кæ нынц. Гъе уæ ддæ р, дам, уыдонмæ ацæ уыны бæ сты мæ хи доны баппардзынæ н. Йæ цæ сгом афтæ ныддардта, æ мæ йын мæ бон ницы у. Уæ ртæ йæ дæ хæ дæ г дæ р бафæ рс æ мæ йæ кæ д æ рсабыр кæ нис, — афтæ дзырдта Сафирæ ты мад Æ зойæ н.

— Кæ м ис, кæ?

— Уæ ртæ кæ ройнаг уаты бады.

— Стæ -ма, мæ хи мын ауадз, сымахимæ дзурын сасирæ й дон исæ гау у. Æ ниу æ й фæ рсгæ дæ р цы кæ нæ м?

Сылгоймаг та цы у, цы æ мбары? Бакæ с уымæ, цы бартæ м бавнæ лдта! Уый иннæ чызджыты дæ р куы сафы.

Æ зо рацыди Сафирæ тмæ. Чызг йæ уæ ззау сагъæ сы мидæ г йæ хицæ н зæ рдæ æ вæ ры: «Ме ’намондæ н, иннæ хæ ттытæ й хъауджыдæ р, Æ зо дæ р никуыцæ йуал зыны. Таппызарты хай баци. Мæ хи йын ныффæ лдисин, кæ д æ м мæ тæ ригъæ д бахъарид æ мæ мæ кæ д фервæ зын кæ нид. Уый ахæ м хъуыддаджы мидæ г арæ хсаг у».

Уыцы тыхст хъуыдыты уысмыл, йæ къæ хты хъæ р дæ р ын нæ фехъуыста, афтæ мæ й, цыма дуар йæ хæ дæ г байгом, уыйау æ виппайды Æ зо алæ ууыди йæ уæ лхъус. Сафирæ т йæ мадыфсымæ ры куы ауыдта, уæ д йæ хи баппæ рста йе ’фцæ гыл æ мæ йыл ныттыхсти, цыма йæ тынг рагæ й нал федта, уыйау, стæ й йæ м кæ уынхъæ лæ сæ й сдзырдта:

— Мæ нæ мыл цы хорздзинад æ рцыди, мæ нæ ма Æ зойы федтон! Æ з де уазæ г, Æ зо, æ мæ мæ калмы дзыхæ й фервæ зын кæ н!

Æ зо дæ р æ й ахъæ быс кодта æ мæ йæ афарста:

— Цы кæ ныс, мæ зæ рватыччы лæ ппын, мæ дзывылдар, мæ уалдзæ джы хуры тын? Чи дæ хъыгдары, цæ мæ й тыхсыс, уый ма мын бамбарын кæ н!

— Буцæ мæ Дзылатæ н дæ тты, æ мæ мæ уыцы хъуыддагæ й бахиз.

— Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу, Сафирæ т, иугыццыл дæ зонд дæ химæ æ руадз, æ рсабыр кæ н дæ хи. Сæ рра уæ вынмæ дæ бирæ куынæ уал хъæ уы!.. Тыххæ й дæ ничи ратдзæ н. Æ з афтæ æ нхъæ л дæ н, æ мæ Буцæ йы цæ ст дæ р нæ бауарздзæ н, стæ й йæ зæ рдæ дæ р нæ бакомдзæ н, æ мæ ды калмы дзыхы уай, стæ й де стджытæ арты судзой. Фæ лæ хъуыддагмæ хъуамæ иуæ рдыгæ й ма кæ сæ м, мæ зынаргъ Сафирæ т. Æ ркæ сæ м æ м лыстæ г, равзарæ м æ й биноныг. Зæ гъæ м, æ з цард æ мбарын афтæ. Адæ ймаг зæ ххыл сæ взæ рди цæ рыны тыххæ й æ мæ цас йæ фадæ ттæ хъæ здыгдæ р уой, уыйас йæ бонтæ æ нæ мæ йдарæ й æ рвитдзæ н. Адæ ймаджы фæ ндтæ мулкимæ къухы тынгдæ р æ фтынц. Иннæ рдыгæ й та йæ ныхмæ лæ ууы зæ рдæ, уый та у хивæ нд, гуымиры æ мæ куырм. Цæ уыл сагъуийы, цы йæ хъæ уы — йæ хæ дæ г дæ р æ й нæ зоны. Мах та йæ хонæ м уарзондзинад. Гъеуымæ гæ сгæ, фылдæ р хатт лæ гыл рæ дыд æ рцæ уы, æ мæ уымæ й лæ гæ н йæ хи хъахъхъæ нын хъæ уы. Уарзондзинад кæ й хонут, ныры адæ м, уый царды мидæ г у фыдбылыз, уый ницы хорздзинад хæ ссы адæ ймагæ н. Рухсаг уæ нт нæ фыдæ лтæ, уыдонæ й нын баззадис ахæ м æ мбисонд: «Афтид армы хъыргъы дæ р нæ бады». Уымæ й уый зæ гъынмæ хъавын, мæ зынаргъ хæ рæ фырт, æ мæ æ рмæ ст уарзондзинадæ й цард нæ рæ зы. Адæ ймаг цыбыркъух куы уа, уæ д царды уарзондзинады арт тагъд хуыссы. Æ мæ уарзондзинадæ н йæ арт куы ахуысса, уæ д уый у фыдниз æ мæ ноджы æ нæ сдзæ бæ хгæ нгæ...

Æ зо хин, кæ лæ н, сомы, ардæ й фæ стæ мæ ницæ уылуал хæ цыди Сафирæ ты зæ рдæ йы къардиуыл хид авæ рыны тыххæ й. Уый цас æ нувыддæ рæ й архайдта, уыйас Сафирæ т йæ хъуырыл тыхстис, ацы хъуыддагæ й мæ фервæ зын кæ н, зæ гъгæ. Æ зо уыди зын ран, Сафирæ т ын тæ нзæ рдæ кæ й нæ разынди, уый тыххæ й. Æ мæ хардз кæ ны йæ фæ стаг тыхтæ:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.